Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 3 страница



Хакъо-иу кæддæриддæр Къостайыл хъуыдыгæнгæ аззади: «Акæс-ма, дæ хорзæхæй, зæххæй уæлæмæ нæма сзынди æмæ йæм цавæр æрхъуыдытæ ис? Мæнг нæ фæзæгъынц, цад, дам, цаддоны фидауы. Йæ фыд Леуан æмæ йæ фыды æфсымæртæй йæм мацы фæхæццæ уа, уый зын зæгъæн у. Иу бон та мæ афтæ фæрсы: „Хакъо, ныр мæй цæмæн базæронд вæййы, исты мæй лæг у?“ Кæнæ, дам, Нана афтæ куы фæзæгъы, акæсут-ма, кæддæра мæй нæма райгуырд? Уæд мæйы мад чи у, кæнæ мæйы фыд кæцы ран цæры, ссæуæн æм нæй? Уæдæ мæйæн дæр йæ мад дзидзи фæдары кæнæ йын авдæн вæййы? Зæхмæ цæмæн не ’рхауы? Кæнæ ма Нана афтæ дæр куы фæзæгъы: „Акæсут-ма, кæддæра бон ивайын байдыдта? Кæд Авд хойы арвы астæумæ рахæццæ сты, уæд æмбисæхсæвæй бонмæ алæвæрдта“. Диссаг у, Хакъо, арвыл авд хойы куыд цæуынц, уырдыгмæ куыннæ æрхауынц, уый. Изæры æдзухдæр арвмæ фæкæсын, Нанайæн афтæ фæзæгъын: „Нана, æз азæр хъуамæ Авд хойы фенон“. Нана бахуды: „Уыцы Авд хойы дыууæ изæры астæу нæ цæуынц, фæлæ раст æмбисæхсæвæй иу цасдæр куы рацæуы, уæд, мæ карчы цъиу“».

Къоста афтæ зæгъы:

— Хорз уæдæ, ахсæв Дада дуармæ куы рацæуа, уæд æз дæр йемæ рацæудзынæн.

Къоста æхсæв-бонмæ нал бафынæй, йæ фыды фыды хъæбысы тæлфыд æмæ тæлфыд. Елберд сагъæсы бафтыд: «Мæнæ диссаг, ацы лæппу фынæй цæмæн нæ кæны? Изæрсарæй йæ мидбынаты куы катай кæны, уæд цы хабар уа? Кæд дзы, мæгуырæг, исты риссы?» Къостайы афарста:

— Фынæй цæмæн нæ кæныс, Дадайы лæппу? Кæд дæ, мыййаг, исты риссы, кæнæ дын уазал у?

— Ницы мæ риссы æппындæр, уазал дæр мын нæу — Нана нæ кæрцæй дæр куы ныннуæрста, уæд ма мын уазал кæцæй у?

— Уæдæ цы кæныс, уый ма Дадайæн радзур.

— Ницы кæнын, Дада, фæлæ дуармæ куы ацæуай, уæд-иу мæнæн дæр зæгъ.

— Уæдæ уымæн катайы бацыдтæ. Ныртæккæ дæ дзаумæттæй дæ уæлæ исты æрбакæн æмæ цæуæм. Акæс-ма, æддæмæ йæм цæуы æмæ нæ уæнды зæгъын.

— Нæ, Дада, æз æндæр цæуылдæр тыхсын.

— Кæд, мыййаг, дæ гуыбын риссы? Суазал дæ, бон-изæрмæ ихыл бырынæй уæ къæхтæ дæр куыннæ фæллайынц, уый дын æндæр цыдæр. Фест тагъд æмæ цæугæ дуармæ. Дæ гуыбын кæй риссы, уый дæ разы дæ катайæ бæрæг у.

— Нæ, Дада, æз цæмæн нæ фынæй кæнын, уый дын куы зæгъон, уæд-иу мæм ма фæхыл у. Æз ацы æхсæв хъуамæ дæуимæ дуармæ ацæуон æмæ Авд хойы базонон. Нырма сæ æз никуы федтон æмæ сæ ахсæв кæд фенин.

— Афынæй уал кæн, кæд дæ рисгæ ницы кæны, уæд. Æз цафон фæцæуын, уыцы афонмæ нырма бирæ ис — æхсæв афæдзæй даргъдæр куы у, уæд зымæгон æхсæв-бонмæ хъуамæ ма бафынæй кæнай? Райсомæй дæ сæр кæй рисдзæн, уый нæ зоныс, куы нæ бафынæй кæнай, уæд? Æз мæ афон зонын æмæ дæ райхъал кæндзынæн.

— Нæ, Дада, иу хатт хос ласынмæ куы цыдтæ, уæд мæ куы нæ райхъал кодтай, тæригъæд мын фæкæныс.

— Дада дæ фæхъхъау фæуа, хос ласынмæ нырма гыццыл дæ. Куы фæхъомылдæр уай, уæд-иу дæ акæндзынæн уæлæ хæстæгдæр æфтауцмæ æмæ мын галты сæрбосыл хæцгæ дæр кæндзынæ, сæ разæй цæугæ дæр кæндзынæ. Хос ласынхъом мын куы фæуис бæргæ, уæд ма мæн уымæй хуыздæр цы хъæуы. Дадаимæ-иу куы араст кæнай заргæ фыццаг кæркуасæнты, уæд дæуæй лæгдæр кæм уыдзæн æгас Нарыхъæуы. Уæ, байрæзай, байрæзай, Дадайæн йæ мæллæг лæппу, кæд цæуылты дæхи æнæ хуыссæг кæныс.

Нал фынæй кæны Къоста, дард кæдæмдæр фæлыгъд йæ хуыссæджы хай.

— Мæн хуыссæг ницæмæн хъæуы, фæлæ мæ Авд хойы базонын фæнды.

Зорон Къостайæн фæтæригъæд кодта:

— Рауай, мæ лæппу, æз дын сæ базонын кæнон, афонмæ уæртæ Скæсæны сæрмæ рахæццæ уыдаиккой. Нырма куыройы бæласы сæрмæ нæма рахæццæ уыдаиккой, фæлæ цы хъауджыдæр у, фæнды сæм куыройы бæласы сæрмæ скæс, фæнды сæм Семсайы сæрмæ скæс, фæнды Скæсæны хъæуы сæрмæ. Рабад æмæ цæуæм. Дысон-бонмæ, мæгуырæг, йæхи æгъуыссæг куыд фæкодта, мæ фæрстæ дын атоной.

— Уæ Нана, дæхи ма æлгъит. Ды куы амæлай, уæд ма мын кæрдзын чи кæндзæн? Хайыр тæригъæд у, æдзух кæрдзынтæ фæкæны, Текъо та хуыйгæ фæкæны. Кæмæн нæ бахуыйы æгас Нарыхъæуæй, иу дæр ма ахæм вæййы? Дæлæ ма йæм Тоборзайæ дæр куы æрхæссынц. Æз ацы хатт нал æрбауадздзынæн, нæ куыдз Къуыбыры сыл хорз сардаудзынæн. Уыдонæн афтæ хъæуы, сæ саунæмгуытæм нæ куы нæ фæуадзынц сæрд.

Къоста йæ фыды мадимæ рацыд дуармæ.

— Уæлæ, уæлæ, мæ лæппу, Авд хойы, сæ хорзæхæй мын афтæ хайджын куы фæуид дæ сидзæр уд.

— Нана, уыдон стъалытæ куы сты, уæд сæ хотæ цæмæн хоныс?

— Афтæ сæ хонынц рагæй фæстæмæ дæр.

— Омæ сæ хотæ цæмæн хонынц, кæнæ авдæй иумæ цæмæн цæуынц?

— Нана дын цард æмæ бон феста, уæларвы Куырдалæгонæн иунæг лæппу уыди æмæ уæларвæй зæххон адæммæ бæрæггæнæг æрцыди. Иу чызджы бауарзта — Косораты Дорæханы — æмæ йæ аскъæфта уæларвмæ. Дорæханæн райгуырди авд чызджы æмæ иунæг лæппу. Авд хойы сæ иунæг æфсымæрæн иу бонмæ уæйлаг нымæт арæвдз кодтой æмæ æмбисондæн баззад. Зæххон адæмы хæрæфырттæ кæй сты, уый тыххæй æххуыс кæнынц, кæд æмæ цафон рабадын хъæуы. Баззад ахæм æмбисонд: раджы бадаг, дам, æвæсмон у.

VIII

Уæллаг Нарыхъæуы хæд комкоммæ иу бæрзонд къæдзæх ис, бирæ æнусты чи фæцард, ахæм æндон, фидар къæдзæх. Фидарæн та ма йын æнусон цъæнут[8] дæр баххуыс кодта. Уæдæ йын рæсугъдæн та алыхуызон хæххон дидинджытæ баххуыс кодтой. Йæ хæрз цъуппыл иуырдыгæй хæххон тыртытæ æрзадысты, аннæрдыгæй та — дурвæткъуы. Фæззæгмæ æввахс-иу уыцы фæткъуы срæгъæд ис, йæ зæрдæисгæ адджын тæф-иу дардмæ былтæ цавта. Æгъгъæд хæрзад дæр уыди, мæнæ раст æрсмыдæй[9] адджындæр. Æрмæст æм зын бахизæн уыди — æндон къæдзæх, къах æрæвæрæн дæр дзы никуы. Уымæ гæсгæ йæм йæ ныфс ничи хаста. Зæронд лæгтæ-иу кæд Уæллаг Нарыхъæуы доныбыл бадтаиккой, уæд-иу лæппутæй дурвæткъуымæ цæуынмæ чи хъавыдаид, уыдоныл-иу схъæр кодтой:

— Ма бацæут! Къæдзæхæй уæ чи рахауа, уый йæ сæр дойнаг дуртæм куы æрхæсса, уæд дзыхъмард фæуыдзæн.

Зæронд лæгтæ тынгдæр Уарданæн тарстысты, фыдуагдæр кæй уыди, уымæ гæсгæ.

Уыцы дурвæткъуыйыл-иу ныхас дæр цыди:

— Ралыг æй хъæуы, кæннод кæстæртæй искæй фесафдзæн. Лæппутæй дурвæткъуымæ кæцы смондаг уа, уый йæм лæсдзæн æмæ къæдзæхы сæрæй рахаудзæн.

Фæлæ-иу æй сæ зæрдæ нæ батардта:

— Нæ буц фыдæлты сагъд бæлас у, æмæ йæ кæй цæст уарзы алыг кæнын.

Уæд иу бон аходæнафон лæгтæй алкæмæ йæ цоты барвыстой сæ мадæлтæ:

— Ацæут æмæ уæ фыдæлты æрбакæнут аходæн хæрынмæ. Алцæмæн дæр афон ис. Сихорафон хæрын хъæуы, кæннод хъару сæтгæ кæны, æмæ ме знаг хъарусаст æмæ дих фæуæд.

Къоста акæстытæ кодта, æмæ фæзы иу лæг дæр нал бады, æрмæст ма Алыкси бады æмæ цыдæртæ зары.

Къоста афтæ зæгъы:

— Цалынмæ Алыкси йæ уынаг цæстæй кæса, уæдмæ æз дурвæткъуыйæ мæхи хорз фендзынæн. Уый дын хауд æмæ æнæ хауд.

Къоста баирвæзт фæткъуымæ. Хæргæ дæр дзы куыннæ бакодтаид. Хъæбæр зад дæр уыди, йæ худ йæ былтæй акалди.

— Иу амонд уыди, æмæ Уардан балцы фæцыд. Ацы хаттæй рæгъæддæр никуы уыди, уæдæ йæ фыр задæй зæхмæ зæбултæ куыд кæны.

Фæстæмæ куыд рацæйцыди, афтæ фæбырыд æмæ къæдзæхæй рахауд. Йæ амонд уыди æмæ дойнаг дуртæм йæ сæр не ’рхаста, фæлæ нæумæ æрхауд. Къæдзæхæй ма дуртæ дæр æркалди, æмæ уыдон та донмæ бакалдысты. Дурты гыбар-гыбур Алыкси фехъуыста. Къостайы ауыдта.

— Æллæх, Нарыхъæу, Сыласы фæндиаг фестут — Къоста къæдзæхæй рахауд! Тагъд кард, æмæ йын йæ алывæрсты хахх акæнут!

Къоста ма ноджыдæр карды койæ фæтарст æмæ загъта йæхицæн: «Кард уымæн агурынц æмæ мын хæдмæлæй тæрсынц». Фестад æмæ хъæдмæ лидзынмæ фæци йæ фындзы туг кæлгæ. Лæппутæ йæ ссурынц:

— Ма тæрс! Ма тæрс!

Ацу æмæ Къоста баууæндæд:

— Нæ мæлын, нæ мæлын, ма мæ æргæвдут!

Тæригъæд дæр ын куыннæ кодтаиккой. Цæвиттон, особайы заманты афтæ уыди: былæй хаудæн йæ алывæрсты кодтой кардæй хахх, цæмæй ма амæла.

Къостайы æрсабыр кодтой æмæ йæ æрхастой.

IX

Къоста æмæ Дауыт æрæгвæззæджы Къæберы бæсты хъомы рад хизынмæ ацыдысты Биасты уæлвæзмæ. Кæд æрæгвæззæг уыди, уæддæр ма хур ранæй-рæтты хъарм дардта. Зæхх уыди салд æмæ уымæл.

Къоста иу ранмæ бауад. Кæсы, æмæ иу мыст æхсæр æхсыны раст йæ уæрмы дуармæ. Къостамæ диссаг фæкасти: æхсæрæн йæ кой, йæ хъæр дæр ацы ран куы нæ ис, уæд æй мыст кæцæй æрбахастаид? Уалынмæ та бауад йæ уæрммæ æмæ та иу æхсæр раскъæфта. Уæд Къоста Дауытмæ фæдзырдта:

— Дауыт, ардæм-ма рауай тагъддæр, мæнæ мысты æвæрæн ссардтон.

Дауыт афтæ зæгъы:

— Ацы ран мыст цы хъуамæ нывæра? Æхсæр ардæм дард у, уæдæ дурвæткъуы дæр афтæ. Уæд хоры нæмгуытæй цы хъавæм?

Къоста йæ лæдзæгæй зæхх къахынмæ фæци. Иу дзæвгар æй ракъахта æмæ дзы диссаджы æвæрæнтæ ссардта. Сатæг æхсæртæн мыст мæнæ хорз хæдзардарæг лæгау иу кулгонд сарæзта. Æхсæртæ уыцы хусæй лæууынц.

Къоста æхсæр акъæрцц кæны, æмæ аппæй йæ тæккæ дзагæй лæууы. Раст мыды ад кодтой. Дауыт Къостамæ æрбауад:

— Мæнæ диссаг, ацы ран æхсæр æввахс куы нæ зыны, уæд сæ кæцæй хъуамæ æрбахастаид? Кæс-ма, мыст куыд зондджын у æмæ йæхицæн зымæгмæ æвæрæнтæ куыд кæны.

Æхсæртæй сæ дзыппытæ айдзаг кодтой.

Уæд Къоста афтæ зæгъы:

— Фæуадзæм-ма йын дзы, тæригъæд у.

Дауытмæ худæг фæкасти:

— Мыстæн цы тæригъæд кæныс, Къæберы дыууæ басылыхъы куы бахордта.

— Дадайы карды фистон дæр бахордта. Фæлæ йæ уæддæр уазал зымæджы æххормагæй куыд ныууадзæм? Диссаг у, уыйбæрц йæ бон æрбахæссын дæр куыд баци. Хъуамæ сæ ахæм дард ранæй дæр не ’рбахастаид.

— Уый сæ уæртæ Æрсбадæн адагæй фæхастаид.

Къоста æмæ Дауыт мыстæн сæ кæрдзынтæ ныммуртæ кодтой æмæ йын сæ йæ хуынчъы нывæрдтой, æхсæртæй дæр ма ныууагътой, сæхæдæг хъом Æрсбадæн адагмæ баздæхтой.

Æрсбадæн ададжы æцæгдзинад-замманайы æхсæры къутæртæ æмæ цъуйтæ. Æхсæр азгъæлди, фæлæ диссаджы адджын æмæ рæгъæд цъуйтæ мæнæ-мæнæ кодтой, сæ тæккæ хæрыныл уыдысты. Куыннæ дзы æртыдтаиккой. Раст дзы куыристæ бабастой. Сæ цинæн ма кæрон кæм уыди. Хъомы мæт дæр сæ нал уыд.

— Ацы цъуйтæ изæрæй Хъугърионæн куы авæрæм, уæд нын цы хорз аргъæуттæ ракæндзæн, уыдон мæ хъустыл уайынц. Æхсæртæ дæр нæм кæд баззайа, фæлæ сæ ардыгæй изæрмæ хæрд куы фæуæм.

— Нæ сæ фæуыдзыстæм, уанцон нæу. Иу сæ нывæрæд.

Къоста афтæ зæгъы:

— Æз сæ нæ бахæрдзынæн. Дæумæ цы æхсæртæ ис, уыдон нæ дыууæйы фаг дæр сты уæлдайджынтæй.

Сæ кæрæдзийæн ныхæстæ кæнынц. Сæ цъуйты куыристæ сæ æккой скодтой.

Уалынмæ хъомы богъ-богъ цæуын байдыдта. Хъом фæйнæрдæмты лидзынц, чи хаугæ кæны, чи — кæлгæ.

Кæсынц æмæ сæ уæлæ цъæх бирæгъ скъуындæг кодта. Къæбермæ иу стыр хъилсыкъа гал уыди, Хъулон æй хуыдтой. Йæ сыкъатæ уыдысты тынг даргъ. Иу хатт ын сæ Къæбер лыг кодта, æмæ сæ Къоста æмæ Дауыт нæ бауагътой, куыдтой:

— Ма йын сæ алыг кæн, Хъулон тæригъæд у. Æгас Нарыхъæуы хъом Хъулонæй куы фидауынц.

Къæбер Къостайы кæуынæн нæ быхста, ныууагъта сæ:

— Гъа, уæ ныхас фæуæд. Фæлæ иннæ галтæй кæмæ фæмæсты вæййы, уыдоны йæ сыкъатæй фыд над фæкæны. Мæнæ зыгъар галæн йæ сыкъатæ ныппырх кодта, йæ тæнтæ дæр ын фæхуынкъ кодта. Йæ сыкъатæй æфсæйнаг дæр фæхуынкъ кæндзæн. Хъулон хъæбæр тыхджын у. Иу хатт мæ хъуццытæй иуы фелвæста æмæ йæ кæвдæсы баппæрста. Хъуг фæхæдмæл. Мæхимæ дæр куы фæмæсты вæййы, уæд йæ сæр нынкъусы. Хуыцау, дæу номардыстæн, тæрсгæ дзы фæкæнын. Хорз у, æмæ сылгоймæгтæм нæ хæццæ кæны цæвынмæ, æндæр сæ амарид.

Уæд Елберд афтæ зæгъы:

— Нæ сæ ныццæвдзæн. Уый дын дæхи тæрсын фæкæны: хуыздæр æм кæсай æмæ йæ æфсадай.

Къоста кæсы, æмæ бирæгъ Хъулонимæ фæныхмæ. Цæвиттон, бирæгъы Хъулон йæ разæй скодта. Бирæгъ Къоста æмæ Дауытмæ æрбацæуы уыцы къæпкъæпгæнгæ.

— Æллæх, бирæгъ нæ хæрдзæн!

Дыууæ лæппуйы кæуынц:

— Уæ Къæбер, кæм дæ?! Мæнæ нæ бирæгъ хæргæ кæндзæн!

Хъулон иугæр Къоста æмæ Дауыты кæуын куы айхъуыста, уæд быргæ-кæлгæ бирæгъы йæ разæй скодта, хæстæг æй нæ уадзы. Уæд æй гал йæ сыкъатыл фелвæста: Хъулоны цыргъ сыкъатæ бирæгъы гуыбыны баныхстысты. Цъæх бирæгъ ниуы æмæ йæ ниуынæй уынгæг кæмттæ нæрынц.

Хъулон æнцад лæууы; бирæгъы туг уырдыгмæ сахатæ кæны. Гал йæ сæр нынкъусы, фæлæ ацу, æмæ бирæгъ рахауæд.

Фæззыгон бон ныккæс æмæ скæс у. Æризæр. Хъомæн се ’рдæг æрцыдысты, аннæтæн сæ кой, сæ хъæр нæй.

Хъугърион рауай-бауай кæны:

— Къоста æмæ Дауыт ацы афонмæ дзæгъæлы æнæ цæугæ не сты, кæмдæр сыл цыдæр æрцыди. Дæдæдæй, фæззыгон бирæгътæ сыл, мыййаг, Æрсбадæнæй ма рацæуой. Нæ хицæуттæн сæ зæрдæ цъæх дæр ницæмæй кæны, иу хатт æмæ сын дыууæ хатты нæ бахæрынц сæ хъомы дæр æмæ сæ дзугты дæр. Ацæут æмæ уыцы дыууæ лæппуйы бацагурут.

Къæбер афтæ зæгъы:

— Ма тæрс. Æвæдза та хъазыныл фесты, сæ кæрæдзийы куы ссарынц, уæд сыл хур ракæсы. Æхсæв-бонмæ дæр сыбар-сыбур фæкæнынц, цытæ фæдзурынц — Хуыцау сæ зонæг фæуæд.

Иугæр куы нæ зындысты, уæд Нарыхъæу фæфæдис сты.

Дыууæ лæппуйы, мæгуыртæг, хъæр кæнынц æмæ сæ хъæр нал хъуысти. Фыр диссагæй зыр-зыр кæнынц.

— Гал бирæгъы йæ сыкъатæй бахордта! Хъулон нал цæуы нæхимæ. Уæ Хъулон!

— Кæм ис, кæм, хуыздæр ма нын бамбарын кæнут уæ ныхæстæ. Ма тæрсут. Цомут, кæм ис Хъулон? Махæн æй фенын кæнут.

Къоста æмæ Дауыт уыцы зырзыргæнгæ сæ разæй цæуынц.

— Уалæ мысты æвæрæн кæм ссардтам, уырдæм æввахс уыди Хъулон.

Ацу æмæ йæ базон, уыдон мысты æвæрæн кæм ссардтой.

Уалынмæ Æрсбадæн адагмæ фæхæстæг сты. Хъомтæ дæр сыл иугæйттæй-дыгæйттæй æмбæлын байдыдтой: чи хъæдæй богъ-богъ кæны, чи та — фæтæнтæй. Аннæрдыгæй бирæгъ Хъулоны сыкъатыл сагъдæй лæууы.

— Мæнæ диссаг! — загътой Нарыхъæуы фæсивæд.

Гъæйтт лæппутæ Хъулонмæ хæстæг бацæуын нæ уæндынц, фæлæ галы сæ разæй скъæрынц:

— Цæугæ, Хъулон!

Хъулон размæ цæуы. Иугæр Нары дзуары размæ куы æрхæццæ, уæд æй Уæллаг Нарыхъæуы устытæ ауыдтой æмæ джихауæй аззадысты.

— Уæлæ алæмæты диссæгтæ! Цæрынæй уæд хæрынмæ ахæм æмбисонд никæд ничи федта.

Къоста æмæ Дауыт афтæ ныффæсус сты, æмæ сæ ныхас нал хъуысти: иуæй тæрсгæ дæр фæкодтой бирæгъæй, аннæмæй та хъæр кæнынæй сæ бон дæр нал уыди. Æмбисондæн баззади: цæуыл ныффæссус дæ, исты дæ бирæгъ фæсырдта?

Къоста-иу галыл йæхи баппæрста:

— Уæ Хъулон, бирæгъ дын дæ сыкъатæ куы бахордта, уæд ма дын сыкъатæ кæм уыдзæни?

— Ма тæрс, мæ лæппу, уый бирæгъы маргæ акодта. Сызгъæрин фестæд Хъулоны рафæлдисæг фосы Фæлвæра.

Иугæр бирæгъы Хъулоны сыкъатæй куы раппæрстой, уæд ма йæ гал ноджыдæр фехста.

X

Гуыбатæй иу зæронд лæг фæзиан, Басил, зæгъгæ, йæ ном. Нармæ хабархæссæг фæци. Нар усæй, лæгæй сæхи рарæвдз кодтой. Уæд Къоста Дауытмæ фæраст:

— Дауыт, Басил амарди. Мæрддзыгой цæуын хъæуы. Куы нæ бацæуæм, уæд худинаг æмæ æрдиаг.

Дауыт акатай кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Мæнæн, мæ къæхтыл цы скæнон, уый нæй. Зиан та — æгæр дард. Фаронау бæгъæввадæй куы бацæуæм, уæд та нæ къæхты иуæй сындзытæ ныхсдзысты, аннæмæй нын сæ дуртæ риссын кæндзысты. Фæлтау ма ацæуæм. Дæ къæхтыл цы скодтай ды?

— Æз Хъугърионы иударон дзабыртæ скодтон.

— Уæдæ æз дæр Дадайы æрчъитæ скæндзынæн. Æрмæст ма нæ иу æмбал уæддæр куы уыдаид. Уарданы акæнæм, кæннод та нын фаронау Гуыбаты саубæрзæй лæппутæ нæ хæйттæ куы байсой, уæд ма нæ фыдæбон цæуыл уыдзæн? Цæуæм Уарданмæ æмæ уый дæр йæхи арæвдз кæнæд.

Уардан сæм былæй кæсы, æмæ йæм Къоста дзуры:

— Уардан, уæртæ Джинатмæ цæуæм. Фехъуыстай — Басил амард? Æви дын æй ничи фехъусын кодта?

— Æз ницы фехъуыстон.

— Рацу уæдæ, цæуæм ныртæккæ. Нарыхъæуы устытæ дæр нæ раййафдзысты, мах уал сæ разæй нæхи фæкæнæм. Кæннод та нæ семæ нæ ауадздзысты. Уалæ Джиоты Пыхси уе ’нæзонгæ у? Алы ран дæр йæхи хицау акæны. Хистæн дæр Пыхси хицау у, уæдæ, йæ бындар фæуа, куывдæн дæр Пыхси у хицау. Чындзæхсæвы дæр йæхи хæйттæ уарæг скæны æмæ Джиоты лæппутæн хæйтты хуыздæртæ авæры: «Ацæут ныр нæхимæ, уæ хæйттæ уын мачи байсæд». Мах дæр Хъугърионмæ нæхи хæстæг байсæм æмæ нын хæйттæ куы фæдæтты, уæд Пыхсийы хъуыр-хъуыр фæцæуы: «Хъугърион хосдзау лæгты дæр йемæ хистмæ ракæны æмæ фынгтæ афтидæй аззайынц: гъа, Къоста, гъа, Дауыт, гъа, Уардан, гъа, иннæ». Тæхудиаг, æмæ Пыхси уæд та куы амæлид. Знон уæртæ хидæй бæргæ фæцæйхауд. Адæлгом. Кæд цыди хæлд хидыл, æрмæст ма дзы иунæг хъæд баззади, аннæты дон аласта. Уыцы иу хъæдыл мæлæты рæвдз дæр фæцæйцыди. Уалынмæ доны астæумæ куы бахæццæ, уæд йæ сæр разылди æмæ хъæр кæны: «Æллæх, мæнæ бæллæх! Мæ къона хæлы — доны æд уаргъ хаудзынæн! Мæхи мæт мæ бæргæ нæй, фæлæ мын дон ме ’ргъом ласдзæн æмæ мæ уый маргæ кæны. Кæм дæ, Къæбер, рæвдздæр мæм рауай!» Къæбер дæр æм бацыд æмæ йæ фервæзын кодта.

— Куы нæ йæ фервæзын кодтаид, уæд хуыздæр уыдаид, — ныффæсмон кодта Уардан. — Абон хист хæриккам, æмæ нæ уæд дардмæ цæуын дæр нал хъæуид.

Æртæ лæппуйы мæрддзыгойы разæй цæуынмæ фесты. Суары фæзмæ бахæццæ сты æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Суарæй хорз бануæзтой æмæ хъазынц.

— Ныр кæд æрбахæццæ уыдзысты Нарыхъæуы устытæ? Нæхæдæг афардæг уаиккам æмæ нын хæйттæ куы нæ раттой.

Уалынмæ устытæ æрбахæццæ сты, Хъугърион сæ разæй, афтæмæй.

— Æз та ма сымах агуырдтон, уæ адæмы хуыздæр фæуат! Къостайæн йæ мады æрвад у Басил, æмæ йæ æз хъуамæ мемæ бакæнон.

— Алæ, Хъугърион, æгæр сæ кæныс алы ранмæ дæр. Уый Басил йæ мады æрвад у Къостайæн, фæлæ сæ уалæ Тоборзамæ куы бамидæг кæныс, уæд адæм худгæ фæкæнынц. Хосдзау лæгтæ сты æмæ сын устытимæ цæуын не ’мбæлы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.