Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 2 страница



— Ницы мын уыдаид, галтимæ цардаин. Дада афтæ куы фæзæгъы, гал, дам, бирæгъы йæхимæ не ’рбауадздзæн.

— Омæ, Къоста, Дадайæн дæр æмæ махæн дæр тæригъæд нæ кодтай, цæмæн ацыдтæ?

— Уæдæ мæ цæмæн ныууагъта хуысгæйæ Дада? Ныр мæ дыккаг хатт нал ныууадздзæн.

V

Леуан-иу куыннæ æрхастаид сывæллонæн зæрдæлхæнæнтæ: кæм гагатæ, кæм та дыргъы хæринæгтæ дæр. Йæ бындар фæуæд, зæнæг адджын у, зæрдæйы уидаг у. Леуанæн та æнæуый дæр йæ зæрдæ Къостайыл лæууыд. Ме знагæн дæр йæ фыццаг амонд ахауæд.

Леуан Гуыбаты чызгыл сусæг цæссыг бирæ фæкалдта. Бон уæлмæрдтæм ссæуын никæд бауæндыд, фæлæ-иу æхвæз иу афоны Нарыхъæуы уæлмæрдтæм сфардæг æмæ-иу фæкуыдта:

— Охх, Гуыбаты чызг, куыд зæрдæниз мын скодтай, уый куы зонис, уæд дæ сау ингæны къæйтæ стонис. Фæлтау мæхæдæг куы амардаин æмæ дæу зын, дæу маст мæ цæстæй куы нæ федтаин.

Цас-иу фæкуыдтаид, чи йæ зоны, фæлæ йæ иу хатт Хайыр бафиппайдта. Иугæр æрæгмæ куы цыди, уæд Хайыр ахъуыды кодта: «Уæлмæрдтæм кæд ацыд». Йæ фыды æфсымæры лæппуйы сыстын кодта йæ хуыссæнæй:

— Фест-ма, Леуаны абæрæг кæнæм. Мæгуырæг, бон нæ фæуæнды, фæлæ искуы иу хатт Нармæ куы æрбацæуы, уæд ын уæлмæрдтæм æнæ суайгæ нæ вæййы, æмæ та сусæгæй ацыди.

Хайыр æмæ Текъо сæ фыды æфсымæры лæппуйы ракодтой æмæ сусæгæй кæсынц. Леуан бады æмæ кæуы. Текъо йæм бацыди:

— Цы кæуыс, Леуан, цы ма æрхæсдзынæ дæ кæуынæй? Кæнæ ахæм афон уæлмæрдтæм иунæгæй рацæуын дæр æнцон нæу. Ме знагæн йæ зæрдæ исты кæнæд, уæд нæ сафгæ куы кæныс æгас Нарыхъæуы цæрæг адæмтæй дæр.

Леуан тынг фефсæрмы:

— Рагæй мæм хъуыстай, Текъо? Иунæгæй æрбацыдтæ ардæм?

— Нæ, иунæг нæ дæн.

— Уæдæ мын бахатыр кæнут, фæлæ йæ Нарыхъæуы цæрæг адæмтæй макæмæн зæгъут. Зæронд лæгтæй куыд никæй хъустыл æрцæуа, афтæ. Къоста мын мæ зæрдæ тынг фæриссын кодта ацы хатт æмæ мæ маст нал баурæдтон, мæ зæрдæ фæйнæрдæм фæцæйтыдта. Нæ фыд хъæдмæ ацыд, Къостайы хуысгæйæ ныууагъта. Куы райхъал, уæд кæуынмæ фæци: «Уæ Дада, кæдæм фæцыдтæ, мæн та уæд кæмæн ныууагътай?» Уыцы къулбæрзæйæ бадти сынтæгыл æмæ куыдта. Æз æм дзурын: «Ма ку», æмæ мæм æввахс нæ цæуы. Рæвдауæнтæ йæм радыгай хæссын. Нæй, нæ лæгъз кæны. Мæнæ цыма йæ мады марæг раст æз уыдтæн. Йæ бындар фæуæд сидзæр, æгæр тæригъæд у.

Леуаны ракодтой. Йæ хабар ын Нарæй ничи фехъуыста. Йæ хæдæфсарм ын зонгæ кодтой йæ хотæ, уый тыххæй никæмæн ницы ской кодтой, фæлæ-иу æй хъахъхъæдтой.

— Иунæгæй æхсæвыгон ма цу, Леуан, афтæ не ’мбæлы. Алкæмæн йæ æмбисонд йæхи фæуæд: дæ мады æрвад Сардион уæлмæрдты фæтарсти æмæ сæрра. Уый хуызæн хорз лæг æррайæн æгæр æвгъау уыди. Бæргæ йæ зонæм, зын дын у. Къостамæ дæр дæ зæрдæ ма æхсайæд: æгас Нарыхъæуæй ахæм нæ зонæм, æмæ Къостайы чи нæ барæвдаудзæн.

— Зонын æй, фæлæ зæрдæ хивæнд у, чи лæууы зæнæгæн йе скуыдыл? Уæлдайдæр, æгæр-мæгуыр, мады рæвдыдæй æнæ хай фæци. Уæдæ йæ мадæй дæр иу тызмæг ныхас уæд та мæ зæрдыл куы дарин. Иу чысыл нæ иумæ рацæрыны бон уæддæр куы фæуыдаид.

— Уыдæттæ бæргæ æмбарæм, фæлæ тæрхонгæнæгæн цы загъдæуа, раст тæрхон чи нæ хæссы? Гуыбаты уæздан чызгæн йæ фæдыл кæсынæй уæд та куы бафсæстаиккам. Йæ койæ дæр нæ зæрдæтæ куы бауазал вæййынц. Æхсæв ма йæ фыны иу уынд уæддæр куы фæкæниккам. Махмæ кæцыфæнды чындз куы æрбацæуа, уæддæр нын Гуыбаты чызджы ад нал скæндзæн.

VI

Къоста Хъугърионы афтæ тынг уарзта, æмæ чысыл рæстæг дæр æнæ Хъугърион йæ бон нæ уыди. Нарыхъæуы йын мады хо дæр царди, фæлæ йæ мады хойы дæр Хъугърионы бæрц нæ уарзта. Хъугърионы æнæ ахуыйæн кæрдзын дæр ын уæлибæхы ад кодта. Рынчын-иу куы уыди, уæд дæр-иу йæхи Хъугърионмæ ласын кодта, кæнæ-иу Хъугърионы кæрдзыныл куыдта. Æмæ та-иу уæд йæ фыды хотæ цыфæнды афоны дæр Уæллаг Нарыхъæумæ цæуынмæ фесты:

— Уæ Хъугърион, Къоста нын тæргæйттæ кæны, дæумæ йæхи ласын кæны.

— Уæ, йæ фæхъхъау куыд фæдæн, дзуарæй рынчын кæд у. Мæнæ ацы ран дæр дзуарæй рафастой сабитæ. Уæ хорзæх уæд, мæ чызджытæ, æмæ къахæджы фыдæй уæхи бахъахъхъæнут. Æз æй ардæм бæргæ æрбахæссин, фæлæ хидыл фæтæрк кæндзæни æмæ йын уæд æвзæрдæр уыдзæн. Дзæгъæл цæуæг дæр æм ма уадзут. Æз дæр æм абон бауайдзынæн. Тагъд, зæгъ, адзæбæх уыдзынæ æмæ, зæгъ, уæд алы æхсæв дæр Хъугърионы кæрдзынтæ хæрдзынæ. Мæнæ йын ахæсс фæззыгæнды лауаситæ. Абон сæ суарæй ракодтон æмæ ногцагъд къуымбилæй фæлмæндæр сты. Туаг цыхт дæр ын ахæсс — уыйбæрц дæр куы хæрид.

— О Хъугърион, махæн нæхимæ бæргæ ис алцыдæр. Къостайы разæй махæй йæ дзыхы комдзаг дæр кæцы хъуамæ акæна? Фæлæ уæддæр дæу кæрдзынтыл кæуын абон райсомæй райдыдта.

— Ахæсс ын, ахæсс, уымæй мæнæй æппындæр æфсæрмы ма кæнут. Уæхи хæдзар у, мæ хуртæ. Æз æрцæуæггаг дæн, сымахæн та уæхи мæгуыр къуым у.

— Уæ Хъугърион, Хуыцау дæ рæвдауæг фæуæд. Ды махæн алкæмæн дæр мадиуæг кæныс, уый бæргæ зонæм, фæлæ дын хорздзинад фæуын та нæ бон циу?

— Хуыцау уæ сæрæгас æмæ æнæнизæй уадзæд. Мæнæн адджын куы нæ уыдаиккой нæ хицæуттæ, уæд мæ фынддæс азæй мæ сæры сурсмæ се ’хсæн нæ базæронд уыдаин. Мæ тыхджын цæгатæй дæр ма мæхи куы фæхицæн кодтон. Дæдæдæй, кæнгæ дæ кæнæм-иу куы загътой, уæд-иу æхсæв-бонмæ нал фынæй кодтон, мæхи-иу кæуынæй фæмардтон: «Уæ Хуыцау, ныр Нарыхъæуæй уазал хицæнæй куыд хъуамæ араст кæндзынæн? Æндæр ранмæ ма куыд фæцæудзынæн æмæ мын цы ад хъуамæ скæндзысты? Фæлтау мæгуырæй дæр цæрдзынæн мæхи фыццаг уарзон Нарыхъæуы. Йæ дон дæр мын раст сæкæры ад кæны».

— Хуыцауæй арфæгонд фæуæд дæ домбай цæгат. Хорз æй хъуыды кæнæм: куы-иу æрбацыдысты, уæд-иу Къæбер æмæ Елберд кæуынмæ фесты: «Нæ чындзыты хуыздæрмæ та йæ æфсымæртæ æрбахæццæ сты. Æгæр æвгъау уыди Хъугъриаты чызг мах æхсæн фæцæрынмæ, Хуыцауы цæст нын æй нæ бауарзта. Нæ хорз æфсымæр дард Туркмæ фæцыди, æмæ йæ кой, йæ хъæр нал райхъуысти. Кæд æй исчи амардта, уæддæр цы бæрæг ис».

— Нæ, мæ ходыгъдтæ, æз æй зонын мæ фынтæм гæсгæ: сæрæгас у, фæлæ йæ иу сылгоймаг хъæбæр бирæ бауарзта. Хæрзконд лæппу уыди уе ’фсымæр.

— Мæгуырæг, Хъугърион, уæддæр æй цы бирæ уарзыс! Ноджы ма йæ дæ фынтæй дæр зоныс, кæйдæр чызг æй йæхицæн кæй сæмбал кодта, æмæ йæм мæгуырау зæрдæ куыннæ дарыс.

— Нæ, мæгуырау зæрдæ йæм бæргæ нæ дарын. Мæнæй хуыздæры аккаг уыди. Уый æдчиныг лæг уыди, дардыл йæ кой айхъуысти.

— Хъугърион, æмæ ма дæуæй рæсугъддæр чызг уагæр афтæ цавæр чызг ракуырдтаид? Стыр Мæздæгмæ дæм цæмæн фæцыдысты уæдæ Къæбер æмæ Елберд, кæд йæ аккаг нæ уыдтæ, уæд? Афтæ куы фæзæгъынц, Стыр Мæздæджы, дам, Хъугъриаты чызгæй диссагдæр чызг нæ уыди. Бирæ усгуртæ, дам, æм цыдысты, фæлæ йæ махæн радтой.

— Усгуртæ амондæн æппындæр ницы ахъаз сты. Иунæг усгур дæр чи никуы раздæхта, уыдонæн дæр сæ амæндтæ мæнæй бирæ хуыздæр фесты, æмæ цæттæ хæдзæрттæй цæрынц. Ацу, дæ фæхъхъау фæуон, æз мæ ныхæстæ фондз бонмæ дæр конд нæ фæуыдзынæн, бирæ рæстæг сын хъæуы.

Хъугърион Хайырмæ хæринæгтæ радта:

— Адон уал ын ахæсс æмæ йын зæгъ: абон æм фæссихор фæцæуын мæхæдæг дæр. Уартæ куыройыл къæлуайаг бавгæдтон æмæ йын дзы къæлуа[5] скæндзынæн. Мæнæ йын дзы ногцагъд къæпыимæ[6] фæхæсдзынæн. Ма, зæгъ, ку, алчи дæр дзы афтæ рынчын у, Дæллаг Нарыхъæуæй Уæллаг Нарыхъæумæ æмкалд ныккодтой. Уды зианæй дæр дзы тæссаг у. Мамысон дзы цагъды кæнынц, уартæ Зыруг, уæдæ дзы Захъа дæр хъæбæр арæх ныгæнынц. Цæрдæг лæуут, мæ хуртæ, уæ амал, уæ фæрæз сыгъдæгдзинадыл архайут, кæннод куы фæтæрк кæна, уæд уæззаудæр рауайдзæн.

Хайыр рацыди.

Къоста кæуы:

— Æххормаг мын у, цы бахæрон?

— Уæ Къоста, мæнæ дæ разы фынгыл хæринæгтæ. Цы ма дæ хъæуы, уый зæгъ æмæ дын æй скæнæм.

— Ницы мæ хъæуы сымахæй. Хъугърионы конд хæринаг мæ кæй хъæуы, уый цал хатты загътон.

Уалынмæ Хайыр дуарæй æрбахызти:

— Мæнæ дын Хъугърион йæ хæйттæ æрбарвыста. Ахæр, ныртæккæ йæхæдæг дæр æрбахæццæ уыдзæн. Уæлæ ма дын кæд куыроймæ фæхæссы къæлуайаг.

— Къоста йæ кæуынæй фæсабырдæр:

— Æриут мын мæ хæйттæ, æмæ сæ ахæрон. Сымахæн уæ хæринæгтæ маст кæнынц.

— Уый, Къоста, дæ дзых афтæ маст кæны. Лæппутæй хуысгæ рынчынтæн сегасæн дæр сæ дзыхтæ маст фæкæнынц.

Къоста ахордта æмæ афтæ зæгъы:

— Нæу Хъугърионы хæринаг æппындæр маст. Афонмæ æз Хъугърионмæ куы хуыссыдаин, уæд бынтондæр бæргæ адзæбæх уыдаин. Æмæ та хъæдмæ сфардæг уыдаин. Афонмæ хъæды къæбырттæджытæ срæгъæд сты, æмæ сæ Захи иууылдæр æртондзæн мах фыдæнæн.

— Ма тæрс, нæ сæ æртондзæн: Захи дæр уæззау рынчын у. Йæ ус Зали афтæ зæгъы, нæ лæг, дам, хистаг куы фæуа, уымæй, дам, тæссаг у.

— Захи никæд амæлдзæн, фæлæ Хъугърион кæд æрбахæццæ уыдзæн? Райсоммæ куы адзæбæх уаин, уæд куыд хорз уаид.

— Ахæр. Хæргæ куы кæнай, уæд тагъд адзæбæх уыдзынæ. Низæн хæрын знаг у, æххормаг та йæ фарс лæууы. Лæмæгъ кæны рынчын, хæргæ куы нæ кæна, уæд.

Къоста бахудти æмæ афтæ зæгъы:

— Хайыр дæр йæхицæй Хъугърион куыд аразы, йæ ныхæстæ йын куыд кæны. Афтæ Хъугърион куы фæдзуры æдзухдæр.

— О, æмæ æз дæр Хъугърионæй кæй фехъуыстон, уыдон куы дзурын.

— Æмæ дæхæдæг цæмæннæ истытæ хъуыды кæныс?

— Æз дæр уал Хъугърионы бæрц куы рацæрон, уæд æз дæр кæндзынæн исты хорз хабæрттæ.

— Нæ, ды Хъугърионы сираг бæхыл дæр нæ аййафдзынæ.

Хайыр дæр æмæ Текъо дæр худæгæй куыннæ амардаиккой.

— Акæс-ма, дæ хорзæхæй, Къостайы сæры цас зонд æмæ хъуыды ис ныридæгæн. Дæу мах хуызæттæ нæ амбулдзысты, Хъугърионы лæппу.

Къоста мæлæты æхсызгонæн хæры. Хайыр æмæ Текъо сæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой:

— Мæнæ диссаг! Уыйбæрц адджын ын у Хъугърион, æмæ йын йæ хæринаг дæр æндæр ад кæны. Мæнæн уæлибæх, уымæн та лауаситæ сты, уæддæр сæ куыд адджынæн хæры.

— Æз дæр рынчын куы вæййын, уæд Хъугърионы хæринаг фæмысын. Уæлдайдæр йæ цæхдоны сконд, кæнæ йæ туаг æхсыр, кæнæ йæ къæлуайы быламыхъ[7] æдзухдæр мæ зæрдыл фæлæууынц. Мæхæдæг ма Къостайыл дис кæнын.

Къоста уарзта йæхи буц кæнын. Рæвдауæн æмæ фæлмæн ныхасæй æндæр æй ницы хъуыди хæрды разæй дæр. Иу чысыл дæр ыл бустæ ныхас скодтай, уæд-иу йæ цæстытæ доны разылдта æмæ-иу йæ сæр фæгуыбыр кодта, мæнæ йæ цыма исчи нæмгæ фæкодта кæнæ схойгæ. Хæйттæ уаргæйæ дæр-иу бирæ хæттыты фæтæргай куывды кæнæ чындзæхсæвы.

Йæ мады ’рвадæлтæм-иу куы бафтыди, уæд æдзухдæр йæ зæрдæмæ сæ æгъдау нæ цыд: сæ зæронд лæг хæйттæ уаргæйæ алкæмæн йæ хай йæ къухмæ лæвæрдта. Сивыры-иу уыдысты къуыдырфых дзидзатæ æмæ-иу сæ фынгыл уыди æрæвæрæн, фæлæ хæйттæ йæ къухæй лæвæрдта алкæмæн дæр:

— Гъа, мæнæ дын хай, мæ лæппу!

— Гъа, мæнæ дын хай, мæ чызг!

— Мæ хæрæфырт!

Иу хатт ын Къоста афтæ зæгъы:

— Хæйттæ къусы кæнæ сивыры куы æрæвæрис, уæд хуыздæр нæ уаид? Лæппутæн — иумæ, чызджытæн та — иумæ, устытæн дæр иумæ, лæгтæн дæр иумæ. Ды та сæ алкæмæн йæ къухмæ цæмæн фæдæттыс? Махæн Къæбер æмæ Дада афтæ куы нæ фæуарынц.

Зæронд лæгæн мæлæты зын фæци Къостайы ныхас:

— Айс æмæ бахæр, кæд дæ хъæуы, уæд. Къæбер æмæ Елбердæн уæхи хæдзары бацамон зонд, мæнæн зонд амонын нæма хъæуы.

Къоста ницуал сдзырдта.

Уæд та зæронд ус дæр уæлибæхтæ уаргæ рацæуы, алкæмæн йæ уæлибæх йæ хъæбысы æрæвæры.

— Гъа, мæ хур, мæ хæрæфырт, мæнæ дын замманайы уæлибæх. Нарыхъæуы ахæм нард уæлибæх никæд бахордтаис. Раст зæгъын хъæуы, дзуллаг ссадæй Нары уæлибæхтæ бирæ хуыздæр вæййынц, фæлæ нардæй та Уаччейы уæлибæхтæ бирæ нарддæр вæййынц.

— Уæдæ, уæдæ. Нарыхъæуы уæлибæхтæм ма уæ бирæ цыдæртæ хъæуы. Сымахæн уæ уæлибæхтæн сæ цыхт æддæмæ ракæлы; хъæбæрхоры ссадимæ уæ дзулладжы ссад схæццæ кæнут.

Зæронд лæг æмæ ус кæрæдзимæ бакастысты:

— Нарæн сæ ныхас хæрæг уаргъæн нæ фæразы. Акæс-ма, дæ хорзæхæй, нырма зæххæй уæлæмæ нæ зыны æмæ цытæ дзурын зоны. Уæд цымæ цæмæн афтæ зæгъдзæн, цы йæ зæрдæмæ нæ фæцыди? Лæппу, раст куы нæ зæгъай, уæд дын Дада амæлæд: цы дæ зæрдæмæ нæ фæцыд дæ мады ’рвадæлты хæдзары æгъдæуттæй?

— Цы, куы зæгъат, уæд алкæмæн йæ хæйттæ йæ хъæбысы цæмæн æвæрут? Мах афтæ нæ фæхæрæм.

Зæронд ус æмæ лæг та сæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой:

— Акæс-ма, дæ хорзæхæй, куыд раст зæгъы. Куыд æй æрхъуыды кодта æмæ йæ куыд раст бамбарын кодта. Нырма йæ сывæллоны бонты мидæг лæууы, иу чысыл куы рацæра, уæд уагæр афтæ тæрхоны лæгæн дæр бабæздзæн.

Раст зæгъын хъæуы, Къоста йæ мады ’рвадæлты уарзгæ бирæ кодта, фæлæ уыдысты фæсæфцæггаг адæмыл нымад. Нарæй куыддæр иувæрсыг кæй уыдысты, уый тыххæй Нары æгъдауæй цухгонд уыдысты. Ома мæгуырау адæм нæ уыдысты, сæхи мидæг цардæй кæнæ фæллойæ цух нæ уыдысты, фæлæ сæ царды уавæртæ бынтон æндæрхуызон æййæфтой. Мæнæ афтæ кæй фæзæгъынц: иу хæдзарæй иннæ хæдзармæ дæр æндæр æгъдæуттæ вæййы.

Къостайы мады ’рвадæлтæн сæ цæрæн бынæттæ Нарæй зындæр нæ уыдысты сæхи мидæг, фæлæ Нарæй дæр æмæ иннæ хъæутæй дæр æфцæгрæбынмæ хæстæгдæр цардысты. Нарæн сæ хосгæрст уыди Джинатмæ æввахс. Сæрдæй, зымæгæй Нарæн сæ куысты фæдыл Джинатмæ цæй æнæ бацæугæ уыдаид.

Нарæн сæ хосгæрст иу бæрзонд ран уыди, йæ бакомкоммæ хæрдаив уыд иу хъæу. Комы бынæй скæс Камахмæ, уæд дзы лæджы сæр разылдаид, ахæм бæрзонд ран цардысты.

Къоста кæсы Камахмæ. Хъомгæс хъом æрбатæры æмæ иу хъуг хохы сæрæй расхъиудта æмæ комы бынмæ æрхауди, дыууæ дихы фæхауд. Замманайы дуцгæ хъуг, йæ фæздонæй йæ æхсыр тагъд. Камахмæ иугæр хъуджы рахауды хабар куы байхъуысти, уæд ус, мæгуырæг, йæхи хойгæ ракасти:

— Æллæх, мæнæ бæллæх, нæ хæдзар хæлдæй куыд баззади! Тæккæ сæрдыгон урсаг афон мæ хъуццытæн сæ хуыздæрæй æнæ хъугæй куыд аззадтæн!

Уыцы хъынцъыммæ Къоста бирæ фæхъуыста æмæ хистæрмæ бадзырдта:

— Ныр Камахæн фæзмæ иу чысыл хæстæгдæр æрцæрæн нæ уыди, сæ хъом хохæй кæм нæ хаудаиккой, ахæм ран? Гъа, хуым дзы бакæн, хос дæр дзы æркæрд, фæлæ йыл куыннæ ахъуыды кодтой, уыцы бæрзонд ран фыццагдæр дур куы æвæрдтой, уæд? Кæнæ уæртæ мæ мады ’рвадæлтæ тæккæ æфцæгрæбын куы нæ æрæнцадаиккой, уæд сын иу чысыл дæлдæр æрцæрæн нæ уыди? Дæлæ Мæсджыны кæнæ Дæллаг Джинаты бирæ аивдæр уыдаид: иуæй лæгъздæр у, аннæмæй та Нармæ æввахсдæр.

Иу цасдæр ахъуыды кодта хистæр, зæрдæбынæй ныуулæфыд æмæ афтæ зæгъы:

— Нæй сыл, æвæццæгæн, бахудæн, сæ цардæн æндæр хуыздæр мадзал нæ цыди. Кæй кæм фæнды, уыцы ран ын æрцæргæйæ нæ уыди. Уæд ахæм зынцæрæн фадæттæ дæр кæй нæ бацагуырдтаиккой, уый æцæг у. Æз куыд æмбарын æмæ уынын, афтæмæй Камахæн уыди дæлдæр æрцæрынмæ бынæттæ. Дæлæ комы ис хорз бынæттæ, сæ куырой кæм ис, уым сæ хъæуæн дæр уыдаид саразæн. Фæлæ, дам, сæгъ бæрзондæй куы нæ кæса, уæд æй сæгъ нæ хонынц, фæлæ у фысыл нымад.

VII

Зорон-иу йæ фырттыл тыхсти:

— Æгæр дард ранмæ фæцыдысты сæ куысты фæдыл. Æз цот уымæн схастон, æмæ цы рæстæджы сæ сæр бахъæуа, уыцы бахъуыды заманты хъуамæ мæ разы лæууой.

Иу заманты Хъазыбегæй уæззау рынчыны хабар æрыхъуысти, ницуал пайда дзы ис, фæдыууæйыл, зæгъгæ. Зорон кæугæ рауай-бауай кодта:

— Уæ, цы кæнон-фæкæнон.

Къоста Зороны фарсмæ бабадти æмæ йын лæгъстæ кодта:

— Ма ку, ницы йын уыдзæн, адзæбæх уыдзæни. Чи фæрынчын уа, уыдон сегас мæлгæ нæ кæнынц.

Зорон-иу хæринаг куы нæ хордта, уæд-иу Къоста дæр нал куымдта хæрын.

Иу хатт та Зорон кæуын райдыдта, йæ уæрджытæ хойы:

— Мæнæ цы раны фæдæн! Халон мæймæ кæдæм нæ ахæццæ уыдзæн, ахæм ранмæ фæцыд мæ фырт, æмæ та ныр дыккаг дæр уырдæм цæуыны фæнд скодта.

Къостамæ диссаг фæкаст: ау, халон мæймæ тахт кæдæм нæ фæуыдзæн, ахæм бæстæм уæд лæг хъуамæ цал азы фæцæудзæн? Кæй дзы хъуамæ бафæрсон? Хъуамæ Хакъойы бафæрсон.

Райсомæй раджы фестад æмæ Хакъойы дуæрттæ ныххоста:

— Хакъо, дуар-ма бакæн, мæнæ диссаг фехъуыстон æмæ дæм фæрсынмæ æрбацыдтæн. Дысон-бонмæ мыл хуыссæг дæр нал æрхæцыди.

Хакъомæ диссаг фæкаст: уанцон нæу, ацы лæппу ахæм афон ардæм хуымæтæджы кæй не ’рбацыдаид, уый æцæг у.

— Мидæмæ рацу æмæ дæ цы зæгъын фæнды, уый зæгъ.

Къоста афтæ зæгъы:

— Цы зæгъын цы хоныс? Æз æй нæ зонын æмæ дын æй ныртæккæ зæгъон. Халон мæймæ кæдæм нæ фæтæха, ахæм дард бæстæ ис æви нæй?

— Кæмæй та йæ фехъуыстай? Уæлæ ацу æмæ халонæн йæхи бафæрс.

— Халон дзурын нæ зоны, куыд æй бафæрсон? Ды мын æй зæгъ.

Хакъо афтæ зæгъы:

— Халон мæймæ кæдæм нæ фæхæццæ уа, ахæм бæстæтæй фылдæр цы ис. Фурды сæрты тæхын бахъуыди халоны, уæд мæймæ нæ фæхæццæ уыдзæн, уымæн æмæ ис ахæм стыр фурдтæ: зæххæй дон æртæ хатты фылдæр у.

— Мæнæ диссаг! Æмæ уæд дон адæмы нæ фæбынæй кæндзæн? Чысыл дон дæр куы раивылы, уæд хидтæ æмæ куырæйттæ куы фæласы.

— Ма тæрс, ахæм ран нæй уыцы стыр фурд, æмæ адæмы фесафа.

Къоста чысылæй цы фехъуыстаид, уыцы ныхас куы нæ бамбæрстаид, уæд цафон фæнды дæр ма уыдаид — Хакъомæ цыди кæддæриддæр: ахуыргонд лæг у æмæ бирæ зоны. Уæдæ Дада æмæ Къæбер кæм уыдысты æмæ цы зонынц? Къæбер зоны цуаны хабæрттæ — цуанон лæг æндæр хъуамæ цы зона? Уæдæ Дада та зоны рагон хабæрттæ, аргъæуттæ кæнæ æндæр истытæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.