Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆДИСОН. Дыккаг чиныг 1 страница



II

Сывæллонæн йæ мæй йæхи куыддæр фæци, афтæ Нар сæ ныхасмæ æрæмбырд сты, фæлæ, мæгуырæг, Леуаны фыд Елберд ныхасмæ нæма цыди. Уæдæ Къæбер дæр афтæ. Къæбер-иу Елберды Уæллаг Нармæ бакодта:

— Æдзух кæугæ ма кæн, мæ уарзон æфсымæр. Ды куы амæлай, уæд æз дæ фæстæ къуырийы фаг дæр нал суыдзынæн. Айдагъ дæхиуыл ма мæт кæн. Æз дæр хъæбæр фæрыстæн Гуыбаты уæздан чызгыл. Дысон мæ хуыссæны фæкуыдтон. Чындзæхсæвы рæстæг Хъазыбег æмæ Гуыбаты чызджы куыд акафын кодтой, уый мæ зæрдыл æрбалæууыди. Фыдæй фыртмæ дæр Гоцъитæм цæстгæнаг нæ уыди, фæлæ мæм цыма мæ зæрдæ афтæ сдзырдта: «Нæ фæцæрдзæни».

Елберд зæрдæбынæй ныуулæфыд:

— Мæ къæхтæ мын-иу хъарм донæй куы æхсадта, уæд ахæм арæхстджынæй æвнæлдта, æмæ-иу мæ зæрдæйы дуар фегом. Иу хатт та уæлæ Засыхы куывдæй нозтджынæй æрцыдтæн, ды уыцы бон цуаны уыдтæ. Нæ дуармæ куы æрхæццæ дæн, уæд мæхи къæдзæхыл бакъул кодтон æмæ афынæй дæн. Ног чындзæй искæд ма æфсæрмы дæр куыннæ кодтон. Хæдзарæй иу каст ракодта æмæ та фæстæмæ бауад. Æз кæд къæдзæхыл мæхи бакъул кодтон, уæддæр æххæст фынæй нæ уыдтæн. Гуыбаты чызг ай-уый нал фæкодта, фæлæ мæнæ сывæллоны куыд фелвасай, афтæ мæ фелвæста æмæ мæ хæдзармæ баскъæфта. Сынтæгыл мæ æрбадын кодта, куырæтæй, цухъхъайæ — сæ æгънæджытæ сын иу цæсты фæкастмæ феуæгъд кодта æмæ мæ æрхуыссын кодта. Домбай сылгоймаг дæр уыди. Бæрæг уыд, ахæм цæринаг кæй нæ вæййы, уый. Куы фæцардаид, уæд ма Елберды хæдзармæ дымгæ кæнæ къæвда æввахс дæр куыд æрбауæндыдаиккой. Хуыцауæн цы загъдæуа, цы йын кодтон, нæ зонын. Мæ фыды кувгæ æрæййæфтон, уæдæ мæ фыды фыды дæр.

— Мауал маст кæн дæхицæн. Æз æмæ ды уæлæ Нарыхъæуы уæлмæрдты нæхицæн ингæнтæ куы скъахæм, уæд дæр нал райгас уыдзæн.

Къæбер æмæ Елбердмæ Нар сæ ныхасмæ фæдзырдтой:

— Чи амард, уый рухсаг уæд. Хъугърион иу цалдæр хатты ской кодта: «Нæ хицæуттæ, уæ сидзæр сабийыл ном сæвæрын хъæуы. Уæдæ куывдæн дæр цæй æнæ скæнгæ ис. Леуаны сæр дæр нымайын хъæуы. Нæ хицæуттæн хъуамæ æдзух сæ хъусы гукк кæнай, кæннод уыцы зæхмæ хъусгæйæ лæууынц». Бирæ уæззау бæллæхтæ æрцæуы. Хуыцауæн мах амонын кæм хъæуы — мард дæр Хуыцау скодта æмæ дзуар дæр. Æмбисондæн уый баззади — Хуыцауы иунæг лæппуйы, дам, дзуттытæ къулыл фидар зæгæлтæй ныкъкъуырдтой, æмæ Хуыцау адæмы сафгæ хъуамæ фæкодтаид? Кæнæ ма-иу афтæ дæр хъуыстам: Хурæн иунæг лæппу уыди æмæ йын æй Куырдалæгон цæхæры баппæрста. Авд азы, дам, Хур нал ракасти, аууоны бацыд. Фæлæ адæм, мæ хуртæ, афтæ фесафгæ нæ уыдысты, хур дæр та ракаст, мæй дæр. Цæрæг удæн æнæ афтæ цæрæн кæцæй ис? Хуыцау, хатыр бакæн, фæлæ уæ сидзæр сывæллонæн куывд скæнут. Къæбер æмæ Елбердæн дæр æгъгъæд фæуæд сау дарын. Махæн дæр æнцон кæм уыдаид, фæлæ, Хъугърионы загъдау, цардæн ис аивтæ, æмæ уыцы аивтæ аразын хъæуы. Гуыбаты хæрæфырт æнæ мадæй кæй баззад, уый йын æгъгъæд фæуæд.

Æртæ къуырийы æмгъуыдæй кодтой особайы заманты мардæн æртыбоныг, кæнæ-иу æй дыууæ къуыримæ дæр ахицæн кодтой. Фæлæ Гуыбаты чызгæн йæ æртыбоныг æртæ къуыримæ хицæнгонд æрцыди, уымæн, æмæ сидзæр сабийæн авдæнбæттæн дæр нæма скодтой.

Елберд æмæ Къæбер дæр бацыдысты ныхасмæ. Нар иннæ хæттытау хъисфæндырæй нæ цагътой, фæлæ сыл цыма тæдзгæ кодта, уыйау æнкъардæй бадынц.

Къæбер арфæгæнгæ бацыди:

— Фарн уæ ныхасы уæд, Нарыхъæу, уæ зынтæ абонæй фæстæмæ цинтæй куыд иват.

Æрбадтысты.

— Уæ хъæбатыр æмæ домбай Гоцъитæ, уæ сидзæр лæппуйæн æгъгъæд фæуæд æнæ номæй. Сабæттаг нæу, Хуыцауы буц лæвар у. Сабаты гуырдæн, дам, афæдзмæ куывд нæ фæкæнынц. Махæн нæ лæппу цыппæрæмæхсæв куы райгуырди.

Нар сæ ныхасы бауынаффæ кодтой, сæ æхсæны фæллойæ куывд куыд скæной.

Уæлвæз быдыры бæрзонд хохыл уыди Хуыцауы аргъуан, æмæ йæм Нар хастой лæппу сывæллæтты, чызгыл та аргъуыдтой, Нары дзуары бын цы аргъуан уыди, уым.

Куыннæ срæвдз кодтаиккой Нар, сæ куывдæн цы хъуыди, уыдон. Сау зыгъар гал уыди сæ æхсæны фæллойы, æмæ йæ хъуамæ сæ сидзæр лæппуйæн Хуыцауы аргъуаны бын аргæвдой. Галы сыкъатыл зæлдаг синаг бабастой фидар:

— Барст фæуæд!

Æртæ æртæдзыхоны-иу скæнын кодтой æнæ моймæдзыд чызгæн — барстдæр фæуа.

Нарæн уыцы заманты сауджын сæхицæй нæма уыди, фæлæ Хуыцауы аргъуаны уыди бердзенаг сауджын. Сидзæрыл ном дæр уыцы сауджын сæвæрдта. Къоста ном тынг сæ зæрдæмæ фæцыд Нарæн.

— Кæд æнæ мадæй баззадтæ, Къоста, уæддæр амондимæ бахъомыл у. Леуаны худ-иу хæсс, дæ æхсæзæймаг фыды фыд Гоцъийы номæй хайджын куыд фæуай, йæ домбай тыхæй дæм фаг куыд æрцæуа! Хетæгау дæм зæдтæ æмæ дауджытæ æргом куыд цæуой! Зондæй къæдзæх куыд уай! Дæ амонд къуыбырыл куыд нæ барай, фæлæ йæ уæлæ бæрзонд хохыл куыд барай! Нары хæхтæй уæлæ Лиайы хохæй бæрзонддæр æмæ кадджындæр хох нæй — Лиайы хохыл нымад æрцу! Цалынмæ Лиайы хох йæ бынат ива, уæдмæ дæ кой, дæ ном дæ уарзон адæмтæ куыд кæной!

Æртæ хатты йæ заробайыл æрзилын кодтой, аргъуыды доны йæ цынадтой. Дзуар ыл сауджын йæхæдæг бакодта, сыгъдæг сызгъæрин дзуар.

— Ацы дзуар æз лæвар кæнын ацы сидзæр лæппуйæн, йæ кад, йæ кой сызгъæринæй кадджындæр куыд уа! Амондджын гуырд, амондджын æмæ амондджын! Нар, уæ кой, уæ ном уын хæссын куыд фæраза!

Нар сæ куывд фондз бонмæ нæ райхæлдтой. Хуынд уазджытæ сæм уыд суанг Урстуалтæй — Томайтæ, Леуанæн дзы зонгæтæ бирæ уыди. Сыгъдæг æнгузæй æртæ къæссайы сæ тæккæ дзагæй рахастой. Уæдæ Джыккайтæ дæр нæл фыс раластой Къостайы цæрæнбонæн. Уæдæ дзы суанг дæлæ Уæлладжырæй дæр уыди хуынд уазджытæ.

Особайы заманты лæппуйæн тынг стыр кад лæвæрдтой. Лæппу райгуырд, уæд уымæй диссагдæр цавæр хорздзинад хъуамæ æрцыдаид мыггаджы æхсæн.

Кæд фæззæг дæр фæзæндар[4] рагацау æркодта, уæддæр фæрæстæг кодта. Æххæст стыр Джиуæргуыбатæ нæма ралæууыдысты, уымæй размæ мит дæр рауарыд. Фæлæ фæззæг диссаджы хуртæ фæкодта. Кæрдæг дæр фæцъæхгонд ис, Нарыхъæуæн цыма фæззæг тæригъæд фæкодта: агъæц, æгæр раджы райдыдтон мæ зымæгон æгъдæуттæ æмæ ныр ногбонмæ мæ хур кæсын нал ныууадздзынæн.

Нарæн сæ кувæндоны уыд стыр æрхуы аг. Уыцы аг, дам, Хетæгæн балæвар кодта Нартубыр. Уæдæ дзы сыгъдæг сызгъæрин тынтæ дæр куыннæ уыдаид. Уыдон иууылдæр æвæрд уыдысты Хуыцауы аргъуаны. Суанг ма дзы уыди сызгъæрин лæдзæг дæр.

Сæрд уырдæм бакæсынæй диссагдæр цы уыдаид: адæмтæ-иу цæуынтæ байдыдтой. Уæллаг Æрчъигæнæнмæ-иу куы ссыдысты, уæд-иу уырдыгæй кастысты чызджытæ. Устытæн Уæллаг Æрчъигæнæнмæ дæр цæуыны бар нæ уыди.

Хуыцауы аргъуанмæ сылгоймагæн фæцæуыны бар нæ уыди. Фæлæ-иу лæппуйыл сауджын куы аргъуыдта, уæд ын мад дæр хъуыди. Къостайæн мад скодтой Хъугърионы.

Сидзæрæн йæ ном сæвæрæг сауджын куы марди, уæд дæр йæ мæлæты размæ Къостайы æрцагуырдта:

— Сыгъдæгзæрдæ сывæллон у æмæ-иу сахуыр кæнæд сауджыныл.

***

Мæгуырау каст нæ уыди Къостамæ Бекатæм. Чендзе хорз рæвдыдта Къостайы, фæлæ йæ Хъугърион дæр арæх бæрæг кодта.

Къоста райдианты тынг мæллæг хæссаг уыд, фервæзын æнхъæл дæр ын ничи уыди. Фæлæ Хъугърион æдзухдæр афтæ дзураг уыди:

— Ма йын тæрсут, æнæсахъат сывæллон у. Фыд æрхæцгæ у, æмæ йæ æхсæз мæйы йæхи куы фæуой, уæд æм кæсгæ кæндзыстут, кæддæра дзы цавæр сывæллон рауаид.

Æмæ нæ фæрæдыд: куыддæр Къостайæн йæ фараст мæйы йæхи фесты, афтæ къахæй ауад. Уæдæ мæллæг дæр нал уыд. Уайтагъд дзурын дæр базыдта. Нары лæгтæ-иу æй æдзухдæр ныхасмæ æрбахæссын кодтой æмæ-иу æй раст сызгъæрин портиау хæрдмæ æппæрстой, сæ къухыл-иу æй слæууын кодтой.

Æрмæст йæ фондз мæйы йæхи куы фесты, уæд дзидзи нал куымдта. Чендзейы æфсин Бека дæр æмæ иннæ бинонтæ дæр тынг æфсæрмы кодтой. Уæд иу бон Чендзе афтæ зæгъы:

— Ацы сывæллон дзидзимæ хæстæг нал цæуы, фæлæ æдзух йæ хистæр æнгуылдз йæ дзыхы дары æмæ йæ кæд кæны дæйгæ. Мыййаг ыл исты куы æрцæуа, не ’фсин, уæд мæн æфсон фæуыдзæн. Нæ зонын, нырмæ йæ тынг хорз дадта. Кæд мæ зæрдæмæ исты хæссын, уæд мын чи ис, уыдон мауал фæцæрæнт.

— Цытæ дзурыс, дæ хойы хъæбулæн дæ цæст исты мæгуырдзинад куыд бауарздзæн!

Уæд иу бон ныхасмæ ныхасхæссæг фæци: Дзапарты бинонтæ уæззау сагъæсы бацыдысты. Ныхасы лæгтæ хорзау нал фесты.

— Хуыцау, табу дæхицæн, ацы сидзæр сывæллоны тæригъæдмæ нæ ма бакæсын кæн. Кæд исты аххосæй афтæ кæны, уæд дæр æй Къæбер æмæ Елбердæн ма зæгъут, фыр мæтæй зæрдæдихтæ фæуыдзысты. Уæддæр хæргæ цы кæны, æххормагæй кæдмæ йæ бон бауыдзæн?

— Цымгæгонд ын адарæм, фæлæ йæ бон цас цæуы. Мæнæ-мæнæ хорз æй нæ хæры, æмæ уæ сывæллоныл исты куы æрцæуа, уæд Бекаты аххос цæмæн фæуа?

— Нары бæрзонд Уастырджийыл уын фæдзæхст фæуæд. Бас, дам, кæй басудзы, уый йæ донæн дæр фу фæкæны.

— Раст зæгъын хъæуы, кæуаг сывæллон нæу, сабыр у. Райдианты-иу кæугæ дæр акодта, фæлæ ныр уыцы сабырæй фæфынæй кæны. Йæ хистæр æнгуылдз йæ дзыхы бакæны, афтæмæй уыцы æнцадæй фæкæсы авдæнæй.

Куыннæ сын уыдаид ныхасы лæгтæн дæр зын.

— Хъугърион дæр та уæдмæ кæд фæзынид. Дæлæ Мæздæгмæ балцы фæцыд, йæ æфсымæр уæззау рынчын у. Кæд рæхджы нæ фæзына, уæд æм искæй арвитын хъæудзæн ацы сывæллоны тыххæй. Кæннод, кæйдæр загъдау, кæдмæ цæрдзæн, йæ æнгуылдзы æвджид æй куы ныууадзæм, уæд?

Уæдмæ Хъугърион дæр æрбахæццæ. Йæ хæдзары бадгæ дæр нæма æркодта, афтæ Къостамæ цæуынмæ фæци. Цыдæр дзаумæттæ йын хæсгæ дæр æрбакодта, хъазæнтæ.

— Адон мæ сидзæр мæллæг æмæ цæрдæг лæппуйæн æрбахастон. Мысгæ дæр æй хъæбæр кодтон.

Бекатæ Хъугърионæн Къостайы хабар куы ракодтой, уæд афтæ зæгъы:

— Уый мæ быгъдуан фæуæд. Уымæй йын бæргæ тæссаг нæу.

Къостайæн зады хъæрмхуыпп фыцын байдыдтой, ноджы ма йыл стад сæгъы фиу кодтой. Сывæллонæн æвдадзы хос фæци. Бон дзы-иу цалдæр агуывзæйы бацъырдта.

Иугæр къахыл цæуынхъом куы фæци, уæд Дзапартæ загътой:

— Цыфæнды дæр ма уæд, куыдфæнды дæр ма уæд, уæддæр чи кæмæй у, уымæй у. Исты йыл куы æрцæуа, уæд мах азым цæмæн хъуамæ фæуæм? Сывæллон иугæр къахæй цæуынхъом куы фæуа, уæд зындæр хъахъхъæнæн у.

Къоста уыд тынг цæрдæг сывæллон æмæ-иу кæуылты рауад, уый зонгæ дæр нæ бакодтой, хаугæ дæр иу хауд æмæ дыууæ хауды, мыййаг, нæ ракодта. Хорз, æмæ Бекатæн сæ хæдзар афтæ бæрзонд нæ уыд. Фæлæ Хъугърион тынг бæрзонд ран царди. Йæ хæдзар уыди Уæллаг Нарæн сæ мæсыджы тæккæ рæбын иу бæрзонд къæдзæхыл арæзт, æмæ йæм уыд нарæг фæндаг. Сæр дзы зилгæ кодта, ахæм бæрзонд къæдзæх уыди. Аннæмæй та фæндаг уыди рахауынмæ тæссаг: дыууæ адæймаджы дзы нæ бацыдаиккой фæрсæй-фæрстæм.

Ныхасы лæгтæ иу æмæ дыууæ хатты дзурæг нæ уыдысты:

— Худинаг у Бекатæй — сывæллон зын хъахъхъæнæн у. Кæд мады хо у, уæддæр.

Раст зæгъын хъæуы, хъæбæр уæздан разынди Чендзе, фæхъомыл кодта Къостайы. Æнцон архайæн кæм уыдаид дыууæ дзидзидай сывæллонимæ, кæм февнæлд дæр хъуыди, кæм хуым кæрдын дæр. Хуыммæ-иу авдæнтæ дæр ахаста.

III

Æртæ азы фæцарди Къоста Бекатæм. Æртæ азы куыддæр йæхи фесты, афтæ Елберд æмæ Къæбер бацыдысты Дзапартæм. Стыр арфæтæ куыннæ ракодтаиккой Туаты чызгæн Елберд æмæ Къæбер. Бекайæн балæвар кодтой Нары хъугомæй номы хуым.

— Сывæллон зын хъомылгæнæн у, — загъта Къæбер. — Æртæ азы æртæ боны не сты, мыййаг, æмæ мах хъуамæ ацы хорздзинад ма ферох кæнæм.

Елберд æмæ Къæбер иугæр Къостайы хæссыныл куы ныллæууыдысты, уæд Чендзе йæ æфсинмæ бацыди, мæнæ Елберд йæ лæппуйы хæсгæ кæны, зæгъгæ. Бырнацты чызг уыди Чендзейы æфсин Бека. Бырнацон загъта:

— Уæ фæхъхъау фæуон, мæнæ дыууæ лæджы, кæд æмæ йæ бахъахъхъæндзыстут, уæд æй ахæссут. Хуыцау æй ахæм амондджын скæнæд, æмæ йæ кой дардыл куыд айхъуыса, раст дзы Мамиаты Хъарадзауы хуызæн кадджын лæг куыд рауайа. Хуры хуызæн сывæллон у. Кæд æй мæхи байрæзинагæй хуыздæр нæ рæвдыдтон, уæд мын мауал схъомыл уæд.

— Цæмæн сомы кæныс, зонæм æй...

— Уæлдай тынгдæр мын ацы сывæллон мæ зæрдæ фæриссын кодта, йæ мады мад куы фесæфти, уæд.

Цæвиттон, Къостайæн йæ мады мад авдæны дзаумæттæ барæвдз кодта. Джинатæй рацæйцыди, сывæллоны абæрæг кæнон, зæгъгæ, æмæ йæ раст Камахы бын зæй фæласта. Йæ бинонтæ цæмæй хæйрæг уыдысты, æмæ зæронд ус Нармæ нæ фæхæццæ: æртæ æхсæвы зæйы бын фæци.

— Рухсаг уæд, мæгуырæг, мæ чындзы мад хорз ус уыди, фæлæ тæрхонгæнæг цы стæрхон кæна, уымæй чи аирвæздзæн? Сывæллон дæсны вæййы. Уыцы æртæ æхсæвы Къоста фынæй нал кодта, йæ хъæрæй хæдзары бацæуæн нал уыди. Мæнæ диссаг, кæд, зæгъын, йæ гуыбын риссы, фæлæ та-иу афынæй. Уæд иу æхсæв йæ къухтæ райхæлдта æмæ, мæнæ хорз æмбаргæ лæг йæ уæззау судзаг фыдыл куы æрæнкъард уа, уыйау фынæй кæны уыцы бæрзæйкъулæй, йæ чысыл къухтæ йæ хъуыры рæбын батымбыл кодта. Æз иу афон рабадтæн, сывæллоны, зæгъын, куы асгарин: кæд, мыййаг, йæ къухтæ райхæлдта, уæд суазал уыдзæни. Уыцы æнкъардæй йæ куы ауыдтон, уæд афтæ зæгъын: «Уæ дæ ныййарæг амæла, æмæ дæ ныййарæг дæр куы амарди». Къул бахостон — мæнæ цы диссæгтæ ис. Чындз æрбауад æмæ йæм куы ныккаст, уæд ын уый дæр куыннæ фæтæригъæд кодтаид. «Мæнæ диссаг, не ’фсин, цымæ цæмæн афтæ къулбæрзæйæ фынæй кæндзæн?» Уалынмæ райсомæй нæ чындзы æфсымæр æрбацыди: «Нана ардæм нæ рахæццæ?» Раст марды хуызæн фестæм. Мæнæ диссаг, мæнæ цæй уæззау бæллæхтæ цæуы ацы сывæллоны райгуырды фæстæ.

Елберд æмæ Къæбер сывæллоны рахастой.

Къостайы уындæй хуры рухс тынтæ куыннæ бакастаиккой Елберды æнкъард хæдзармæ. Сывæллоны йæ куыстуатмæ дæр хаста йе ’ккойы. Елберд-иу хъæдмæ куы цыди, уæд дæр, абабау, Къоста хæдзары ма фæлæууа: хъæлæсыдзагæй-иу цъæхахст кодта, æз дæр цæуын, зæгъгæ. Суанг ма-иу рады хъомгæс куы цыди, уæд дæр-иу æй ахаста йе ’ккойы. Куывдмæ, хистмæ дæр æй хаста йе ’ккойы. Никæдæм куымдта Къоста йæ фыды фыдæй:

— Дада мæн у, æз æй никæмæн ратдзынæн. Мæнæн мæ Дада хорз у. Дада мæнæн хистæй дæр æмæ куывдæй дæр хæйттæ æрбахæссы.

Къостайы райгуырæн хæдзар арæзт уыди бæрзонд къæдзæхыл, йæ бынмæ — Захъагомы дон. Уыцы гуылфæй йæхи дуртæ æмæ къæдзæхтыл хоста. Сæрдæй, зымæгæй Захъагомы доны хъæрæй Дæллаг Нары адæмæн сæ хъустæ къуырма кодтой. Иуæй, ивылгæ дон уыди, аннæмæй та йын къæдзæхтæ фæндаг нæ лæвæрдтой.

Къоста хæдзары кæм бадтаид. Иугæр Уæллаг Нармæ цæуынхъом куы фæци, уæд æй Дæллаг Нары æлхæнынмæ дæр ничиуал ардта.

Елберд-иу Уæллаг Нармæ æрбацæуаг уыди æмæ-иу Къæберы афарста:

— Нæ гуырд ам ис?

— Мидæмæ рауай, мæнæ не ’фсин замманайы карз арахъ куы рауагъта. Хæргæ дæр акæнæм, фæйнæ дæр аназæм. Æз ма дæм мæхæдæг цæуинаг уыдтæн. Лæппуйæн цæмæй тæрсыс? Мæнæ мах мæлинагимæ хъазынц. Хуыцауæй дæ бауырнæд, кæд абон райсомæй сæ зардмæ нæ райхъал дæн. Раст чындзхæсджытæ куыд зарой, афтæ ныззарыдысты. Мæ зæрдæйы кæрон дæр не ’рлæууыд, уыдон афтæ зардзысты, уый, фæлæ не ’фсины афарстон: «Дæ хорзæхæй, æфсин, уыцы диссаджы зард кæцæй хъуысы?» Мæнæ, дам, нæхи хæдзарæй. Къоста æмæ, дам, йе ’мбал зарынц.

Цалынмæ скъоламæ бацыдысты, уæдмæ сæ куыд фæндыд, афтæ хъæлдзæгæй æрвыстой сæ цард Къоста æмæ Къæберы фырт Дауыт. Фæлæ иугæр ахуыр кæнын куы райдыдтой, уæд сын ахæм уæгъдибар цæуæнтæ нал уыд.

IV

Бинонтæй хæдзары ничи уыд, сæрвæтмæ фæцыдысты ссивынмæ, тæккæ куыстафон уыди.

Къоста хæдзары фынæй кодта. Елберд сабийы йæ æрвадыл бафæдзæхста:

— Мæнæн нæзы цырагъмæ æнæ цæугæ нæй, фæлæ Къоста фынæй кæны æмæ-иу æй абæрæг кæн, кæннод куы райхъал уа, уæд мæн агурдзæн. Æрмæст ын ма схъæр кæн, хъæдмæ кæй рацыдтæн, йæхи кæуынæй амардзæн.

Æрвад дæр-иу куыннæ абæрæг кодтаид. Фæлæ Къоста æваст фехъал. Зонгæ йæ бæргæ кодта, йæ фыды фыд хъæдмæ цæуинаг уыди, уый, æцæг кæцы ран хъæдмæ ацыди, уымæн та цы бамбæрстаид. Раст сæ бакомкоммæ Сау хъæдмæ цæуынмæ фæци. Æрвад ма бæргæ бауад — æмæ Къостайæн йæ кой, йæ хъæр дæр нал ис. Æрвад катайгæнгæ рауай-бауай кæны: иу уынæг дæр æй куыннæ фæуыдаид?

Къоста уæлæмæ цæуынмæ фæци. Суары сæрмæ галтæ кæм хызтысты, уырдæм схæццæ. Цас æмæ цас фæкуыдтаид, Хуыцау йæ зонæг. Уæдмæ хур дзæвгар акъул. Къоста бацыд æмæ дыууæ галы æхсæн схуыссыд, тæссæй уайтагъд афынæй. Йæ амонд уыди æмæ хъомгæс галтæ бæрæггæнæг æрбацыд. Къостамæ куы ныккаст, уæд æй уайтагъд бамбæрста æмæ йæ фæрсы:

— Ардæм кæимæ æрбацыдтæ?

Къостайæн йæ бон фыр куыдæй сныхас кæнын дæр нал уыди.

— Нарæй Суары сæрмæ куыд схæццæ дæ? Бæгуы ран нæ фесты афонмæ Нарыхъæу — хæрзаг сау марой та кæнынц.

Хъомгæс Къостайы йæ æккой скодта.

Нар сæ кæрæдзимæ хъæр хъæры уæлæ систой:

— Асаты Леуаны лæппу фесæфти! Кæд æй дон фæласта, уæддæр цы бæрæг ис? Кæд æй искуы хъæды бирæгътæ бахордтой, уæддæр цы базонæн ис?

Хайыр æмæ Текъо сæ рустæ тонгæ рауай-бауай кæнынц. Уæд хъомгæс Малхарайы къуыппæй ныхъхъæр кодта:

— Мауал уæхи хæрут æмæ æргæвдут, уæлæ йæ Суары сæрмæ ссардтон æз. Дыууæ галы æхсæн фыр куыдæй тæгæр фынæй аци.

Хъомгæсмæ уайынмæ куыннæ фæуыдаиккой.

— Уæ, Хуыцауы хорзæх дыл куыд сæмбæлди, уый нæ ирвæзынгæнæг Хуыцауы хай куы разындтæ. Кæдмæ йæ хъуамæ ссардтаиккам? Суары сæрмæ фæцыди, уый фыны фенгæйæ дæр кæй зæрдыл хъуамæ æрлæууыдаид? Хуыцау хорз æмæ хъомгæсæн йæ гал радзæгъæл æмæ уый бæрæггæнæг рацыд. Суары сæрмæ йæ цæргæс фæхастаид æви йæхæдæг фæцыди?

Къоста афтæ зæгъы:

— Мæн цæргæс нæ ахаста, æз мæхæдæг фæцыдтæн Дадайы агурæг. Хъæр æм кодтон: «Уæ Дада, кæм дæ?!» Фæлæ мæ бон кæуынæй куы нал уыди, уæд галмæ бацыдтæн æмæ бафынæй дæн. Мæхицæн загътон: кæд мæ бирæгътæ нæ бахæриккой галты æхсæн.

— Акæс-ма, дæ хорзæхæй, уый та уæд куыд æрхъуыды кодтай? Афтæ уæлиау цæмæн фæцыдтæ, фæстæмæ цæмæн нæ раздæхтæ? Иугæр дæм Дада куы нæ цыди, уæд ма хæрдмæ цæмæн цыдтæ? Хуыцау хорз, æмæ мæнæ Хаситы хъомгæсæн йæ гал галтæм бацыди, æндæр цы фæуыдаис?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.