Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 13 страница



Æмæ лæппу, кæд ницы архайдта, уæддæр туркæгтæ йæ цæстысындз фестадысты. Исдуг йæ хъуыдытæ никæмæн дзырдта, стæй балымæн Цæлыккаты Дженалдыхъойы фырт Тæтæриимæ. Уый дзы уыди иу-дыууæ азы хистæр. Дзæбæх ыл куы æрæууæндыд, уæд ын йæ фæндтæ схъæр кодта. Тæтæри йæм байхъуыста:

— О, сты знæгтæ, — афæзмыдта йæ уый — Æмæ иууылдæр афтæ куы дзурынц не ’мдингæнæг, не ’фсымæртæ сты.

Хъазиханæн та Хасаны ныхæстæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты æмæ фидарæй загъта:

— Не сты не ’мдингæнæг, уыдон хуыцауæн нæ кувынц, фæлæ дæлимонтæн æмæ не знæгтæ сты.

Тæтæри иуцасдæр йе ’мбалимæ разы нæ уыд, фæлæ йын уый сæ хабæрттæ куы æрымысыд, уæд æй бауырныдта.

Дыууæ лæппуйы кæрæдзи афтæ хорз базыдтой, афтæ кæрæдзиуыл æууæндыдысты æмæ сæм се ’хсæн сусæг ницуал уыди. Иубон Хъазихан Тæтæрийæн загъта:

— Ахсæв туркæгтæм цом æмæ сугæн амал скæнæм.

Тæтæри бамбæрста Хъазиханы. Фæлæ давгæ?! Йе уæнгты цыдæр уазал абадт. Хи хъæуы ма, чи зоны, ехсæй дыл æрцæудзысты æмæ фæци. Фæлæ сæхицæн знæгтæ кæй хонынц, уыцы туркæгтæ та сын цы бакæндзысты?

Лæппу æрæгмæ куы ницы дзырдта, уæд та Хъазихан райдыдта:

— Суг фос нæу, скъæты йæ нæ дарынц, мыййаг. Цæмæй тæрсыс? Бирæ нæ бафæстиат уыдзыстæм.

Нæ фæндыд Тæтæрийы йе ’мбалы коммæ бакæсын, уадз æмæ йæ зæрдæхудты дæр бацæуæд... Фæлæ йыл тæппуды ном куы сбада...

Уæдæй фæстæмæ дыууæ лæппуйы сæ бинонтæн суг амал кодтой. Фыццаг æхсæвты тынг тарстысты, кæд ыл кæрæдзи раз нæ састысты, уæддæр. Куыдфæстæмæ Хъазихан сахуыр. Тæтæри ма цæмæндæр тарсти. Хъазихан архайдта хинæй — туркæгты сугтæй-иу афтæ систа æмæ сыл ничи фæгуырысхо уыдаид, æвнæлд сæм ис, уымæй.

Æмæ, æвæццæгæн, сæ хуыснæгдзинад уыцы чысыл хъуыддагыл фæуыдаид, æндæр хабæрттæ куы нæ æрцыдаид, уæд. Цæвиттон, Асиат æрсади. Æхсæв-иу йæ хид йæ къæхты бынæй акалди, йæ дзаумæттæ йын Лези цалдæр хатты ивта æмæ къорд бонмæ бынтондæр баруад, ныффæлурс и. Мад тыхсти чызгыл, кæд ын хæринаг исты феххуыс уаид, зæгъгæ-иу бæргæ скатай, фæлæ цы?.. Хъæуы дуканийы смаггæнаг ссад æмæ еуу йеддæмæ ницы уыд, æнæуи та æлхæнгæ кæм цы æмæ цæмæй бакæндзынæ?

Хъазихан æмбæрста ныййарæджы мæт, уыдта йæ хойы уавæр æмæ йæхицæн бынат нал ардта.

«Цы бачындæуа? — сагъæстыл фæци лæппу. — Сæрхъæмысмæ ацыдæуид æмæ дзы истытæ бакус... Фæлæ уый кæд уыдзæн? Низ æмгъуыд нæ зоны. Уæдæ уæд цы бачындæуа?» — Æмæ æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыд, Хасан цæцæйнæгтимæ туркæгты фыстæ куыд радавта, уый. Уайтагъд æм ног хъуыды фæзынд æмæ йæ Тæтæрийæн загъта.

— Гъей, мæ лымæн, фыс радавын суджы къодах радавынау нæу. Чи сдзурдзæн ам нæ сæрыл?! — не сразы Тæтæри.

Хъазихан арф ныуулæфыд.

— Мæнæн æндæр гæнæн нæй. Бавзарон... — æмæ сæхимæ ацыд.

Куы æрталынг, уæд Хъазихан рæвдз уыди цæуынмæ, æрмæст ма æнхъæлмæ касти, бинонтæй рохуаты цæмæй баззайа, уымæ. Æмæ уыцы цъусдуг æрбахъæр кодта Тæтæри:

— Хъазихан, ам дæ?

Лæппу йе ’мбалы размæ фæци.

— Цы хабар у?

— Цом... — цыбыр дзуапп радта Тæтæри.

Хъазихан йæ дзаумæттæ акодта æмæ Лезимæ бадзырдта:

— Æз Тæтæриимæ цæуын... Чысыл бафæстиат уыдзынæн.

Æхсæв уыди мæйдар, арвæй рухсы цъыртт нæ зынди. Хъызт фæлæмæгъдæр æмæ фæндаджы мит æрфæлмæн, къæхты бынæй йæ хъыррыст нал хъуысти.

Дыууæ лæппуйы цыдысты туркæгты хъæуы ’рдæм. Талынг сæ æмбæрзта. Йæхи мидæг сæ алчидæр хъуыдыты аныгъуылди. Æвæццæгæн сæ дыууæйы дæр иу мæт уыди — куыд хуыздæр сæ къухы бафтдзæн сæ фæнд сæххæст кæнын. Æнæ сæххæстгæнгæ та йын нæй. Тæтæри-иу бакаст йе ’мбалмæ, фæлæ йæм æндæрг йеддæмæ ницы зынд æмæ уæд загъта:

— Ахсæв хуыснæджыты æхсæв у... Æрмæст ма цы давæм, уымæн йæ бынат куы зониккам.

Хъазихан ын дзуапп дæттæгау ныфс бавæрдта:

— Æз ын йæ бынат дæр зонын, иу кæрт мæ зæрдыл хорз бадардтон...

Дыууæ лæппуйы хъæуы иувæрсты æрзылдысты æмæ бацыдысты иу быруйы размæ. Уый уыди калд бæлæстæй арæзт, йæ бынты — æнцон бабырæн, йæ сæрты дæр уыди бахизæн. Хъазихан æмæ Тæтæри балæсыдысты быруйы бынты æмæ бахæццæ сты, кæрты алыварс цы кау быд уыд, уымæ, Тæтæри уайтагъд фæхъуыды кодта, ам ма кæй уыдысты æмæ скъæты фæстейæ сугтæй кæй адавтой, уый.

Хъазихан ссардта кулдуар, Тæтæри æргуыбыр кодта, йæ уæхскыл абадт æмæ йæ уый куы систа, уæд æхгæнæн къæбæл мидæджырдыгæй æрзылдта. Дуар куы фегом, уæд скъæты фæмидæг. Тæтæри æдде баззад æмæ цы уыд, уымæй иууылдæр хъустæ фестад. Скъæтæй цыдæр чысыл уынæр ссыд, уалынмæ фæзынд сау æндæрг. Уый уыди Хъазихан, йæ хъæбысы фыс, афтæмæй.

Цæхæрадонмæ куы рахызтысты, уæд Хъазихан йе ’мбалы хъусы бадзырдта:

— Нæ фæстæ фæд хал.

Цалынмæ фæндагмæ нæ рахæццæ сты, уæдмæ Тæтæри йæ къæхтæ митыл хафгæ хæлиу хаста æмæ йæ фæйнæрдæм пырх кодта. Хъазихан фæндагмæ рахызт, сыдзмыдзы цыма исчи Олохлыйæ нæ, фæлæ иннæрдыгæй æрбацыди, уыйау.

Æрдæгвæндагыл куы уыдысты, уæд мит тъыфылæй уарын райдыдта. Хъазихан фыс æрæвæрдта æмæ æрмæст уæд бамбæрста, йæ буар æгасæй дæр зыр-зыр кæй кæны, уый.

— Мит нын хорз фæдæмбæрзæг у, — фæсус хъæлæсæй загъта Хъазихан, æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæ хъуыры цыдæр мастгæнаг фæбадти æмæ йæ сулæфын нæ уадзы.

Тæтæри ницы дзырдта, уæвгæ æмбаргæ дæр ницы кодта, æрмæст йе ’мбалмæ касти æмæ касти. Афтæ бирæ ахаста. Стæй цыма йæ фынæйæ райхъал, уыйау базмæлыд æмæ хъуыдытыл фæци. «Ай кæм дæн, ацы фыдæхсæв?» Стæй федта Хъазиханы æмæ йæ уайтагъд базыдта.

— Ам цы архайæм?..

Хъазихан фестъæлфыди. Йæхимæ куыд хъæбатыр каст, афтæ нæ разынди.

— Чысыл нæ фæллад суадзæм...

Дыууæ лæппуйæ дæр фыс ферох. Фыццагдæр æм фæкомкоммæ Тæтæри. Цы ’рцыд, уый бамбæрста, бамбæрста ныр сын ницуал гæнæн ис. Æмæ ма йе ’мбалы æнæбары бафарста:

— Йæ уынæр куыд нæ райхъуысти?

— Йæ сæр ын стыхтон, йе ’фсæртæ баст сты...

Бирæ нал бафæстиат сты фæндагыл æмæ хъæумæ бахæццæ сты. Раздæр куыд бадзырдтой, афтæ фысы бакодтой Цæлыккатæм. Уыдонæн сæ хæдзары фарсмæ уыди арф æхгæд уæрм. Лæппутæ уырдæм ныххызтысты, кард æмæ сойын цырагъимæ, стæй сæ фæстæ дуар — къæйдур æрфæлдæхтой. Рухс куы ссыгътой, уæд æй Хъазихан æрбаргæвста. Цал æмæ цал хатты федтой кусартгæнгæ! Уæддæр сын тыххæй-фыдæй стыгъд дæр фæци, тъæнгтæ æмæ уæцъæф хуылфæй ракалдтой.

— Адонæн та цы бачындæуа? — бафарста Тæтæри.

Цыма йæ дзуапп рагацау цæттæ уыд, уыйау ын Хъазихан дзуапп авæрдта:

— Мæнæ уæрмы иу къуымы дзыхъхъ скъахæм æмæ сæ уым баныгæнæм, куыд ницы фæд баззайа, афтæ. Уалдзæджы сæ аппардзыстæм.

Тæтæри сразы æмæ уæд кардæй æмæ къухтæй зæхх къахын райдыдтой, стæй дзы хуылфыдзаумæттæ ныккалдтой æмæ сын сæ сæрмæ сыджытæй сæмхуызон кодтой...

Хъазиханы сæхимæ дуар иу хатт йеддæмæ хойын йæ бахъуыди. Лези йæм æнхъæлмæ кæсгæйæ нæ бафынæй. Лæппу мидæмæ куы æрбацыд, уæд мад хæлиудзыхæй аззад, фæтарстис йæ уындæй: уымæн йæ къухтæ æмæ йæ цæсгом уыдысты тугæй æмæ цъыфæй ахуырст, йæ дæлармы — дзидза, бахудти æмæ йæ фынгыл æрæвæрдта.

Лæппу сугтæ хæссын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ мад фæгуырысхо, Хъазихан цыдæр сусæг хъуыддæгтæ кæй кæны, ууыл æмæ йын тарсти, давыныл куы фæцалх уа, зæгъгæ. Фæрсыныл дæр-иу æй афæлвæрдта, фæлæ та-иу йæ ныфс нæ бахаста. Ныр афтæ æрæгмæ куы æрбаздæхти, уæд бамбæрста, цæмæй тарсти, уый йыл кæй æрцыдис...

— Уый цы хуызæн дæ, Гази! — бафарста сабыр хъæлæсы уагæй Лези æмæ æрбадти.

Хъазихан йæхимæ æркасти.

— Уæртæ... дзидза... Асиатæн ма дзы сфыц...

— Мæ бон бакæла, кæм дын уыд, кæ? — фæхъæр ласта мад.

Хъазихан ницы дзырдта, стæй Асиат райхъал æмæ йæм куы бакаст, уæд йæ сæр æруагъта, Лези ныккуыдта:

— Нæ быныхъæр нын куы цæуын кæныс, гормон, куы нæ басудздзысты æмæ нын нæ фæнык дымгæмæ куы ныддардзысты! Уæуу, æнамонд!..

Лæппу йæ хойы йæ мидбылты схудгæ куы федта, уæд фæныфсджын æмæ мадæн загъта:

— Хасан дæр афтæ бакодтаид æмæ ам нæй, зæгъгæ, уæд Асиат рынчынæй æххормагæй сæйа?!

Асиат рабадт æмæ йæ къухтæ йе ’фсымæры ’рдæм радардта, йæ цæстытæ ферттивгæйæ.

— Гази...

Хъазихан æм бацыд. Асиат ын йæ сæр йæхимæ æрбалвæста...

Лези сæм кæсгæйæ баззад.

— Уæ зонд фæцыд æви цы? Ды дæр æм хæцгæ нæ кæныс, фæлæ... — йæ къух ауыгъта сæ мад æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта.

— Хасан у, Хасан, уæдæ йæ цы хоныс? — йæ худын нæ урæдта Асиат. Стæй йе ’фсымæрмæ бакаст æмæ йын загъта: — Кæд Хасаны уарзыс, уæд мацуал радав. Банхъæлмæ йæм кæсæм, цымæ нын цы зæгъид.

— Хорз, — сразы лæппу æмæ бахуыссыд...

***

Дыккаг бон Дзæрæхмæт-хадзымæ уыди туркаг уазджытæ. Хъæуы цæрджытæй ничи зыдта, цæмæ æрбацыдысты, уый — зæрондмæ адæмæй фылдæр цы цæуы! Фæлæ уыдон иннæ цæуджыты хуызæн нæ уыдысты: фарстой хадзыйы, уæ лæгтæй, дам, давынмæ йæ хъус чи дары. Дзæрæхмæт-хадзы дисæй амард — хъæуы цалдæр зæронды æмæ сывæллæттæ йеддæмæ куы ничиуал баззад.

— Кæд нæм исчи уаид къæрных, уæддæр ныртæккæ ам ничи ис. Æмæ исты хабар æрцыд?

Дысон, дам, фыс адавди.

Уый фæстæ Дзæрæхмæт-хадзы, хъæуы лæгтæй чи баззад, уыдонæн мæстджынæй дзырдта — туркæгтæ сыл гуырысхо кæнынц, сæ ракъахын та пайда нæу. Хабар хæдзæрттыл ахæлиу. Æрмæст дыууæ адæймаджы куыдтой, катайы бахаудысты: Хъазихан æмæ Тæтæрийы мадæлтæ...

Уыдæттæ ма гъа, адæм сыл-иу аныхæстæ кодтой æмæ та-иу ферох сты. Сæ зæрдæ æндæр хъуыддæгтæм æхсайдта; сæ мæт, цæргæ куыд кæндзысты, ууыл уыди. Фæндыдис бæстыхæйттæ æмæ зæххæн сæ бæлвырд зонын.

Туркæгтæм Дзæрæхмæт-хадзыйæ хæстæгдæр ничи лæууыди æмæ-иу æй лæгтæ фарстой. Мамсыраты Агуыбе, Гуыргъохъо, Карсанаты Мамсыр, ныхæстыл кæй дарай æмæ кæй асайай, ахæмтæ нæ уыдысты. Æмæ сын-иу комкоммæ загъта, ницы зонын, зæгъгæ.

Йæ уазджытимæ-иу арæх уыцы койтæ райдыдта, фæлæ туркæгтæ ныхас иннæрдæм здæхтой...

Адæм тыхстысты. Азырымы дæр сæ бинонтæ уалдзæгмæ æмгъуыдæй сты, алчи сæ зæхмæ æнхъæлмæ кæсы, зæххы кой та рохуаты баззади. Бæлццæтты ацыдыл авд къуырийы куы раивгъуыдта, æрмæст, уæд сæргом сты туркæгты фæндтæ: хæдзæртты тыххæй къазнамæ хорæрцыды рæстæджы бафидын хъæудзæн, цы аргъгонд сын уа, уый. Зæхх кæй хъæуа, уымæн хай дихгонд уыдзæн, уый дæр хорыл — цы дзы æрцæуа, уымæн йе ’мбис. Кусæнгарз, бæх, гал — уыдон дæр хорыл.

— Иу дзырдæй, æрмæст ма дæм дæ куыстæй мамæлайы къæбæр куы баззайа, уæд цинæй мæл, — арф ныуулæфыди Карсанаты Мамсыр.

Æмæ кæд уый афтæ катайыл фæци, уæд бынтон æвадæттæ та ма цы ми кæндзысты? Ахæм хъуыдытæ цух нæ уагътой адæмæн сæ фылдæры. Зын уыди уыцы хабар Дзæрæхмæт-хадзыйæн. Фæлæ уæддæр иуырдыгæй разыйæ баззад — хъæуы лæгтæй сдзураг чи у, уыдон Азырыммæ ацыдысты æмæ туркæгты ныхмæ æргом ничи сдзырдта, кæннод цæуыл фæуыдаид сæ хъуыддаг.

Дзæрæхмæт-хадзы хъуыдытыл фæци: цалынмæ бæлццæттæ здæхой, уæдмæ æрсабыр хъæуы иннæты æмæ сæ уавæрыл сахуыр уыдзысты, исты фæндтæ сæм фæзындзæни æмæ сæ зæрдæты судзаг ацæудзæн. Тæвдтуг адæмæй чи сыздæха, уыдон дæр тагъд æруазал уыдзысты.

***

Хъæуы цы хабæрттæ уыд, уыдон Æлбегатæм нæ бахъардтой: иуæй сæ бамбарын сæ бон нæ уыд, иннæмæй та Асиат бынтонæр æруæззау æмæ уый тыххæй бинонтæ удаист фесты.

Фæстаг бонты чызг хуыссæнæй нал стади, арæх уæлгоммæ хуысгæйæ, цармæ касти æмæ-иу æй йæ бинонтæй исчи истæмæй куы фарста, уæддæр-иу уадзыджы хуызæнæй баззади. Лези тынг старсти, æхсæв дæр фынæй нал кодта, рынчыны алы фезмæлдмæ дæр-иу уайтагъд йæ разы алæууыд. Асиат æмбæрста мады катай, æмбæрста иннæты тарст дæр, тарст кæй уыдысты, уый та бæрæг уыд, сæ кастæй.

Фылдæр хатт чызг дзургæ дæр нæ кодта, цыма йæ риуы цæмæдæр хъусы, уыйау. Йæ низ ын ничи иртæста, æрмæст мады зæрдæ æхсайдта, йæ хъæбул тархъæнджын кæй у, уымæ — хуыфгæйæ-иу йæ уадултыл сæнт сырх зиллаччытæ фæзынд, стæй-иу æрбацыдæр сты.

Лези-иу Асиатмæ арæх сдзырдта:

— Исты-ма зæгъ, мæ къона, бынтондæр дæхи куы æруагътай.

Чызг-иу бахудынмæ хъавыд, фæлæ та-иу ын хуыфæг йæ хурхы уадындзтæ ацахста. Йæ фæлурс былтыл-иу туджы æртæхтæ дæр фæзынди æмæ иу хатт стыхсти:

— Куы ма йæ фенин... Чи мын æм фæуыдзæн хабархæссæг?

Уыцы ныхæстæ фехъуыста Хъазихан æмæ йæ зæрдæ суынгæг. Стæй мад куы ницы сдзырдта, æрмæст йæ цæссыгтæ куы асæрфта, уæд лæппу цыдæр тыхныхъуырд акодта æмæ хъæрæй загъта:

— Æз цæуын Азырыммæ!..

Уымæй стырдæр хорз ничи фæуыдаид рынчынæн — ферттывтой Асиаты цæстытæ, йæ цæсгом фæрухс. Лези лæппумæ сдзурынмæ хъавыд, къулбадæг ныхæстæ ма кæн, зæгъгæ, фæлæ йæ чызгмæ куы фæкомкоммæ, уæд йæ бон ницуал баци.

Уыцы изæр Асиат Хъазиханæн афтæ:

— Æрмæст-иу Хасанæн зæгъ — æнхъæлмæ дæм, зæгъ, кæсы... Хъусыс, бафæлладтæн, зæгъ, æмæ мæ низ нал уадзы...

— Хорз, Асиат, зæгъдзынæн.

Асиат тагъд-тагъд сулæфыди.

— Мæ низ мын, зæгъ, асур... Дæу йеддæмæ никæмæн бакомдзæн фæтæрын...

Бирæ цыдæртæ ма йын бафæдзæхсынмæ хъавыд Асиат, фæлæ бафæллад æмæ хуыссæны йæхи ауагъта. Æрмæст ма йæ мæллæг къух систа æмæ йæ йе ’фсымæры сæрыл æрæвæрдта.

Лези, йæ цæссыгтæй йæхи æхсгæйæ, уыцы æхсæв йæ лæппуйы балцмæ цæттæ кодта.

Хъазихан кæд схуыссыд, уæддæр нæ бафынæй, касти, йæ мады зырзыргæнгæ къухтæ куыд архайдтой, уымæ æмæ йын фæтæригъæд кодта. Тæригъæд кодта йæ хистæр хойæн дæр, бынтон æнæныфс кæй сси, уый тыххæй. Æмæ йæхинымæр ард бахордта — цалынмæ йæ хойы фæндон сæххæст уа, уæдмæ нæ ныллæудзæн.

Дыккаг бон сæумæрайсом Лези, йæ зæрдæйы тугтæ калгæ, йæ хъæбулы балцы арвыста.

V

Куыд дзырдтой, афтæмæй фæндаг раздæр аразын райдыдтой хурныгуылæнырдыгæй. Уый фæстæ куысты хицæуттæ фæзындысты Азырымы дæр æмæ уыдоны ныхасмæ гæсгæ сахарæй хурныгуылæнырдæм цыдæр нысæнттæ сарæзтой. Фæззæджы та адæм æххуырсын райдыдтой дуртæ, хуыр æмæ змис ласынмæ. Уыцы лæгтæй бирæтæ уыдысты азырымæгтæ, фæлæ дзы æрцæуæггæгтæ дæр дзæвгар уыд — цæцæйнæгтæ, кæсгæттæ, мæхъхъæлæттæ, ногъайæгтæ, ирæттæ — Кавказæй чи ралыгъд, ахæмтæ, ноджы туркаг курдæгтæ, иуцасдæр та — сомихæгтæ.

Æххуырстытæ цардысты иумæ, алчидæр йæхи адæмыхаттимæ фæкъорд ис, афтæмæй. Цардысты, кæддæр Азырымы цы фидар уыд æмæ ма æрмæст йæ къултæ кæмæн баззадысты, уым цы сарагондтæ сарæзтой, уымыты. Уыдон-иу æхсæв-бонмæ радыгай арт æндзæрстой æмæ-иу æрмæст иу чысыл афынæй сты.

Кусынмæ цыдысты сæумæйæ æмæ-иу æрбаздæхтысты талынгтыл. Хуыр æмæ змис хæссынæй-иу сæ бæхбæттæнтæ фæцæйтыдтой, тыххæй-фыдæй ма-иу æрбахæццæ сты сæ лæууæн бынатмæ. Сæ амонд ма уыд, æмæ æхсæвтæ даргъ уыдысты æмæ-иу сæ фæллад цъус ссыди.

Мызд истой алы къуыри дæр, фæлæ дзы никуы никæй зæрдæ барухс.

— Афтæ нын куы дæттой æхца, уæд тагъд схъæздыг уыдзыстæм, — хынджылæгæй дзырдта Хасан йе ’мбæлттæн, фæлæ хъазæн ныхæстыл ничи худти.

Уæвгæ сæ худынмæ дæр не ’вдæлди. Дихтæгонд уыдысты дæсгæйттыл æмæ сын сæ фæллой туркæгтæ хыгътой... Фæлæ йæ ничи зыдта, уыцы хъуыддаг мыздыл исты хуызы зыны æви нæ. Исчи-иу куы бафæлвæрдта бафæрсын, уæд ыл-иу хицæуттæ сæхи сцагътой, цыдæртæ хъæргæнгæ. Уæддæр адæм архайдтой фылдæр саразыныл, — æхца фылдæр райсыныл сæ зæрдæ дардтой. Стæй хæринагæй дæр сæхи не ’фсæстой, сæ капеччытыл ауæрстой, — сомихæгтæм-иу тæнæг лауаси, фæныкæйдзæгтæй æлхæдтой æмæ уый хордтой, сæ ахуыйæн та — дон.

Олохлыйы ирæттæ уыдысты æртæ къорды, цардысты иумæ, цæцæйнæгты фарсмæ. Уыдоны Хасаны руаджы æмбæрстой, уый-иу семæ арæх ныхасыл фæци. Иу заман сæм боныгон, хуыр куы хастой, уæд иу ирон æрбацыд. Дзырдта дыгуронау æмæ сын амыдта, йе ’мбæлттимæ кæм кусынц, уый, фæлæ сæ уыдонмæ не ’вдæлди...

— Фосау сыстæм, мæ хур Хасан, — дзырдта æхсæвы Умар йе ’мбалæн. — Галтæ дæр ма афтæ сты — бон-изæрмæ хорз фæкусынц, æхсæв та сынæр цæгъдынц, æмæ бафынæй вæййынц. Дæ иубæстон адæммæ ма бакæс, ма сæ фен.

— Не ’ппæтыл дæр ахæм бон ис, уый йеддæмæ нæм æниу сæхæдæг фæлæуиккой, — дзуапп радта Хасан.

Умар куы ныхъхъус, уæд лæппумæ афтæ фæкаст, цыма йæ сыхаг фынæй баци, æмæ йæхи куы æрнорста, уæд та ныхас ссыд:

— Ныр авд къуырийы кусæм, уæдæ мæм нæ сывæллон дæр фæкаст æмæ нæ мыздæй цымæ дуканийы хæстæ дæр бафиддзыстæм?

Хасанмæ диссаг фæкасти, Умар Болайы кой кæй скодта, уый. Мæйæ фылдæр уый ном йæ дзыхæй нал схауд. Хасан ма йæ цалдæр хатты æрымысыд æмæ-иу уæд лæджы æрфгуытæ ныттар сты.

Азырыммæ куы æрбацыдысты æмæ уæззау куыст куы райдыдтой, уæд Болайæн йæ хъару асасти æмæ-иу йæ хъуыр-хъуыр цыди... Арæх-иу бел зæххыл ныццавта кæнæ-иу хæссæн аппæрста æмæ-иу сбадти. Хасан æмбæрста, уымæн куыд зын у, уый. Мыййаг æй йæхи удæй нæ зыдта, йæхи дæр-иу бирæ нал бахъуыд ахауынмæ. Æмæ йын-иу уæд зæрдæтæ æвæрын райдыдта:

— Чысыл-ма бафæраз, Бола, сахуыр уыдзыстæм æмæ нын кæд фенцондæр уаид. Бирæ нæ нал хъæуы.

Умар тæригъæд кодта йæ фыртæн, фæлæ йын хъыг уыди, иннæтæй уæлдай лæмæгъ кæй разынд, уый. «Хасан дæр ахæм лæппу куы у, уæд уый куыд фæразы, куыд ницы дзуры», — хъуыдытыл-иу фæци лæг, дыууæ кæстæрмæ кæсгæйæ. Фæлæ Боламæ никуы ницы сдзырдта, æргом уайдзæф ын никуы загъта.

Бола-иу æрсабыр, æнæбары-иу сыстад æмæ та-иу кусын райдыдта. Фæлæ бирæ нæ фæрæзта.

Иу-дыууæ къуырийы бæрц сыл куы раивгъуыдта, уæд æххуырстыты æхсæн фæзындысты хицæуттæ æмæ загътой: «Кæй фæнды, уыдоны Турчы солтан йе ’фсадмæ исы дзæбæх мыздыл». Æмæ уæдæй фæстæмæ арæхæй-арæхдæр цæуын райдыдтой хонджытæ.

Боламæ раздæр сæ ныхæстæ хъуысгæ дæр нæ фæкодтой. Фæлæ сæ иу æхсæв хуыссæнуаты æрымысыд.

«Цымæ цы хъауджыдæр ис æфсадæй амы цардæй? — загъта йæхицæн. — Уым хæринаг уæддæр уыдзæн, фыргуыстæй дзы туг хъæлæсæй уæддæр нæ кæлдзæн. Уæд та йæ бавзарин? Мæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, уæд алидздзынæн, æнæуи дæр иу заманы лидзгæ кæндзыстæм, ацы бæсты бирæ фæцæрæн нæй».

Райсомы йæ хъуыдытæ радзырдта Хасанæн. Уый йемæ не сразы.

— Нæ адæммæ ахæм знаджы цæстæй чи кæсы, уыдонæн лæггад кæнын сæрмæ хæссинаг нæу. Адон та сæ бакастмæ гæсгæ хæстмондагæй мæлынц, æмæ дæу хуызæтты тæрдзысты цъысыммæ...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.