Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 10 страница



Туркæгтæ Хаирхъызы донмæ куы æппæрстой, уæд бинонтæ æнхъæл уыдысты, æмæ Дзæрæхмæт-хадзы дæр уый мæтæй æрхаудзæн. Æцæгдæр афтæ рауад, æмæ зæронд лæг цалдæр боны уыцы сабырæй фæбадти, никæмæ ницы сдзырдта, æрмæст-иу афоныл ламаз скодта æмæ-иу цыдæртæ загъта... Трапезунды мæзджыты азанхъæргæнæнтæ куы федта, уæд дзурын райдыдта æмæ йæ Хасан куыд бафиппайдта, афтæмæй бынтон æрхауын æнгæс нæ уыд.

Бæлццæттæ Трапезунды науæй куы рахызтысты, уæд сæ бакастæй зæрдæ мæгуыр кодта: чъизи æмæ скъуыдтæ дзаумæтты, фыдæхсæвты æнæ хæринагæй сæ цæстытæ сæ къускты мидæмæ бахаудтой, лæгтæн сæ рихитæ спыхцыл сты. Туркæгтæй уыцы рæстæг уым чи уыди, уыдон сæ сæхи иуварс ластой, сæ цæсгæмттæ зынæрвæссон æнцъылдтæгæнгæ.

«Ехх, ныр уыдоны мах бынаты æрæвæр, цымæ ма сæ цы рауадаид куыйтæй?» — загъта йæхинымæр Хасан æмæ мæстæй тъæппытæ хауди. Уæвгæ мæсты иууылдæр уыдысты, никæмæй ферох сты туркæгты фыдмитæ науы æмæ сæ зынæрвæссон мидбылты худт зæрдæ хуынчъытæ кодта. Æмæ ма уымæн дæр фæразæн уыд — цы нæ бавзæрстой, цы хъауджыдæр ма сын уыд, фæлæ сæ бынтон амардта æндæр хъуыддаг: цыма ахст адæм уыдысты, уыйау, куыддæр зæххыл æрлæууыдысты, афтæ сыл туркаг æфсæдтæ æртыхстысты æмæ сæ уыциу кондæй сахары æддемæ акодтой. Денджызмæ хæстæг лæууыдысты хъамылæй быд æмæ æлыгæй сæрст къæссытæ.

Лидзджытæ æрæнцадысты уыцы хæдзаргæндты æмæ сын туркæгты хистæр бамбарын кодта: иу бон æмæ æхсæв уым фæуыдзысты, райсом араст уыдзысты се ’мбæлтты фæстæ Хъарсы ’рдæм. Гъе афтæ фыццаг хатт фехъуыстой, иннæ бæлццæттæ цы фесты, уый.

Кæд рæстæджы хъæд æвзæр уыди — денджызæй уазал дымгæ дымдта, буар рæхойæгау, æмæ къæвда уарыди, — уæддæр адæмæн сæ фылдæр къæссыты алыварс рацу-бацуйыл фесты, цыма сын зæххыл æрлæууыны фадат кæй фæци, ууыл цин кодтой, уыйау. Фæлæ сæ бакаст цинхуыз нæ уыд: алчи сæ йæхимæ ныхъхъуыста. Æнкъард уыди Хасан дæр. Æппæт бæллæхтæй уæлдай ма йын йæ зæрдæ фæриссын кодта Асиат — дыууæ боны размæ йыл æртæфсти æмæ бонæй-бон фыддæрмæ цыд.

Дыууæ бинонтæ дæр тынг тарстысты, чызг Хаирхъызы хал куы ахæра, уымæй. Фæлæ уæдмæ сæ амондæн был æрбазынди, стæй туркæгтæ ницы базыдтой æмæ аирвæзти. Асиатæн тæрсгæйæ, Хасанæн туркæгтæ афтæ знаг сысты, æмæ сæм кæсын дæр нал фæрæзта.

Иу хатт æм, цæцæйнæгтæй иуты хæдзаргонды рæзты цæугæйæ, чидæр фæхъæр кодта:

— Ей, ирон!

Хасан фæкасти.

Дуарæй йæ сæр радардта иу пыхцылрихи лæг.

— Ды — ирон, мах — цæцæн. Ныхас ис... — иронау æм цъæррæмыгъдтæй дзургæйæ, йæ къух тылдта уый.

— Æз цæцæйнагау зонын, — фæрæвдз æм ис Хасан. — Мæнмæ дзурыс?

— О, дæумæ, мидæмæ нæм рацу.

Хасан сæ къæсæрæй бахызт æмæ сын салам радта.

Хæдзары бадтысты æртæйæ. Сæ иу, рæбынæй чи уыд, уый йæ бæзджын хъæлæсæй Хасаны бафарста:

— Уыцы туркаг куыйтæ дæ хойæ фæхынджылæг кæнынмæ хъавыдысты? Мах дæ зонæм.

— Уый мæ хо нæу... ме ’мбал у, — фефсæрмы, афтæмæй дзуапп радта Хасан.

— Махæн дæр нæ хойæ ахынджылæг кæнынмæ хъавыдысты æмæ сæ иуæй нæ маст райстам, — дзырдта хистæр, — фæлæ куыдзы тугæй æхсад туркæгтæн уый фаг нæу. Нæ фыд, адонмæ кæсгæйæ, дзæгъæл быдыры амард æмæ йæ дзæгъæл быдыры баныгæдтам. Цы цæсгомæй ма йæм бацæудзыстæм уыцы худинаджы фæстæ?!

— Уæдæ уæ зæрды цы ис? — дисхуызæй бафарста Хасан æфсымæрты.

— Нæ худинаг æмæ нæ маст сын сæ сау тугæй цæхсæм.

Æмæ баныхас кодтой: куы æрæхсæв уа, уæд цыппарæй ацæудзысты наулæууæнмæ, хистæр Хасанимæ хъахъхъæнæг баззайдзысты æмæ бæндæнтыл донмæ сæ дыууæйы ауадздзысты. Уыдон баленк кæндзысты, науæн йæ фындзы ’рдыгæй бынмæ цы рæхыс æрцыд, уымæ æмæ йыл хæрдмæ сбырдзысты. Иугæр уæлæмæ куы сирвæзой, уæд сæ маст райсдзысты, дыууæ хъамайы сæм уыди, сæ бамбæхсын къухы бафтыд.

Хасан æмбæрста — уый уыди тæссаг хъуыддаг, фæлæ дзы тæссаг хъуыддаг та кæцы нæ уыд, денджызы был куы æрлæууыдысты, уæдæй уыцы бонмæ? Æфсымæрты хистæр æмæ Хасан сахары кæройнаг хæдзæрттæй иумæ бацыдысты æмæ дыууæ бæндæны балхæдтой. Архайгæ та афтæ кодтой, æмæ сыл ничи фæгуырысхо, нæдæр сæхионтæй исчи, нæдæр сæ алфамбылай цы туркаг æфсæдтæ рацу-бацу кодтой, уыдон.

Æризæр и. Арвæй æрхауæгау талынг фæзынд æмæ мæгуыр лидзджыты йæ быны анорста. Цыппар лæджы куыд баныхас кодтой, афтæ кæм гуыбыр-гуыбыр, кæм фазыл быргæйæ туркæгты рæзты наулæууæны ’рдæм аивгъуыдтой. Цы нау сæ æрбаласта, уымæ бон-изæрмæ радыгай сæ цæст дардтой, æмæ кæм лæууыд, уый бæлвырд зыдтой. Йæ бакомкоммæ бахæццæ сты. Цæцæйнæгты хистæр æфсымæр æмæ Хасан бæндæнтæ сæхиуыл бабастой æмæ дурастæрдыл сæхи æруагътой. Иннæ дыууæ уайтагъд бынмæ абырыдысты æмæ чысыл фæстæдæр мынæг уынæр æмæ доны цъæпп фехъуыст. Хасан бамбæрста, цæцæйнæгтæй иу бæндæн кæй нæ уадзы æмæ йæ кæй змæлын кæны, уый. Уалынмæ фæстæмæ йæ сæр сзынд.

— Мæ къах цыдæр кодта, дуртыл фæбырыдтæн, — фæсус хъæлæсæй загъта уый.

Хистæр тыхулæфт скодта. Хасан æй бамбæрста æмæ кæстæрæн загъта:

— Сбыр æмæ мæ бæсты хæц.

Цæцæйнаг æцæгдæр йæ рахиз къахыл нал лæууыд. Дзургæ ницуал скодта, фæлæ уый дæр бæндæн йæхиуыл стыхта æмæ æрхуыссыд. Хасан ын йæ хъама райста, йæ дзыхы йæ бакодта æмæ уайтагъд бынмæ йæхи ауагъта. Уым æнхъæлмæ каст иннæ æфсымæр. Куы йæ федта, уæд æнæдзургæйæ донмæ ныббырыд æмæ аленк кодта, йæ фæстæ Хасан дæр. Бахæццæ сты науы рæхысмæ. Цæцæйнаг схылди раздæр, Хасан дзы фæсте нæ зад. Уæле цæцæйнаг фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, стæй къухæй ацамыдта, мынæг рухс кæцæй калд, уыцырдæм æмæ хъæддаг гæдыйау æнæ сыбырттæй уырдæм фæраст и, йæ къухы хъама, афтæмæй. Дуар мидæгæй ницæмæй æхгæд разынд, æрмæст æй рассыдæуыд. Дыууæйæ дæр къæсæрыл бахызтысты æмæ дуар сæ фæстæ сæхгæдтой. Уат уыди стыр, астæуæй — стъол, стъолыл сыгъди тымбыл цырагъ, йæ рухс хауди къулты рæбын хуыссæнуæттæм. Уым хуыссыди æртæ адæймаджы. Уат уыди æнуд — æнахуыр тæф, чъизи, хиды смаг æмæ цавæрдæр нозты хъылма схæццæ сты.

Хасан цалынмæ уыдæттæ фиппайдта, уæдмæ цæцæйнаг, кæронæй чи хуыссыд, уый хъамайæ йæ тых, йæ бонæй ныццавта æмæ æнахуыр хъæр фæкодта. Уынæрмæ иннæ дыууæ дæр фехъал сты æмæ бæрæг уыди, хабар бамбæрстой. Хасан йæ комкоммæ ауыдта, Асиаты роцъомæ бавналынмæ чи хъавыд, уыцы туркаджы, йæ зæрдыл æй хорз бадардта. Уымæн йæ къухы ферттывта стыргомау къæдз кард. Стæй йыл йæ дæндæгтæй фæхæцыд, бандонмæ фæлæбурдта æмæ йæ Хасаныл фехста. Лæппу йæхи фæсайдта, фæкалди æмæ ахауд. «Гъеныр ме сæфт æрцыд, ныртæккæ мын йæ кард ме уæнты ныссадздзæн», — ахъуыды кодта Хасан. Фæлæ фыдбылыз цы хуыдта, уый йæ ирвæзынгæнæг разынд. Туркаг зыдта, йе знаг йæхи къулæй галиуырдæм фæсайдзæн, уый æмæ бандоны хæд фæстæ фехста кард, лæппу та куы ахауд, уæд кард йæ сæрты атахт æмæ дуары арф ныссагъд. Хасаны фестадмæ йæм туркаг дæр бахæццæ æмæ йæ «гъыхъ» фæцыд, къухтæ фæйнæрдæм аппæрста æмæ сындæггай æрфæлдæхт — Хасаны хъама фистоны онг йæ риуы бахызти.

Туджы тæфæй Хасанæн йæ зæрдæ схæццæ æмæ йæ цæстытыл ныххæцыд, йæ хъама та зæхмæ æрхаудта. Цæцæйнаг ын æм фæлæбурдта, туркаджы уæлæдарæсыл æй ныссæрфта æмæ æддæмæ атындзыдта.

Се ’рлæууæн бынатмæ куыд схæццæ сты, уый Хасан нæ бамбæрста. Йе ’мбæлттæй куы хицæн кодта, æрмæст уæд æрчъицыдта. Цæцæйнæгтæ йын йæ къух райстой, стæй йын хистæр æфсымæр загъта:

— Искуы дæ нæ сæр куы бахъæуа, уæд дæ нæхи нæ бамбæхсдзыстæм...

Куыддæр йæ хуылыдз дзаумæттæ аивта, афтæ йæм Дзерассæ бацыд.

— Кæм уыдтæ, дæ хорзæхæй, суанг изæрæй куы æрбайсæфтæ æмæ куынæуал фæзындтæ.

Хасан йе уæхсчытыл схæцыд:

— Ау æмæ ма ахæм адæм дæр ис, æмæ чысыл хъуыддæгтæ чи фиппайы?

— Уый та цы хоныс? Мад дын уæддæр нæй, мæ кой мауал кæн, фæлæ. Афтæ акæнынц: «Хойы зæрдæ — æфсымæрмæ, æфсымæры зæрдæ — хъæдмæ».

— Æмбисæндтæ хæссынмæ та фæдæ.

Дзерассæ йын йæ хъазæн ныхæстæ ницæмæ æрдардта.

— Асиат дæр дæ цалдæр хатты фарста.

— Куыд у, куыд?

— Тæфсæгау та йыл кодта æмæ фæрсылæй лæууы...

Æхсæвы æрæгмæ нæ бафынæй Хасан. «Асиаты маст дæр æмæ мæхи маст дæр райстон туркæгтæй... Фæлæ нæ уымæй кæмæн фенцондæр? Нæдæр дзы бинонтæн хорздзинад саразын мæ бон у, нæдæр дзы Асиат адзæбæх уыдзæн. Нæ, уыдæттæ ницы сты, турк цагъды куы фæуой, уæддæр нын нæ рæдыд ничиуал сраст кæндзæн. Ехх, ныры зонд!.. Уæвгæ цы бакодтаин æз Дзæрæхмæт-хадзыйы ныхмæ, ныхасы бар дæр мæм куы нæ æрхаудтаид, уæд? — ныуулæфыд Хасан. — Таурæгътæ æмæ фæсмонтæ дæр ницæмæнуал хъæуынц, фæлæ бавналын хъæуы æмæ иу чысыл нæ къæхтыл лæууынхъом фæуæм».

***

Райсомæй аходæнафон бæлццæттæм æрбацыдысты туркæгтæ æмæ загътой: «Хицауады дзырдмæ гæсгæ лидзæг адæм хъуамæ араст уой Хъарсы ’рдæм, уым сты кавказаг мухаджиртæ иууылдæр. Цæуыл? Туркæгтæ æхцайыл аласынмæ рæвдз сты æмæ сын ссарæн дæр ис». Æмæ æцæгдæр фæзындысты сæ галуæрдæттæ. Фæлæ сæ чи баххуырстаид! Æрмæст рынчынты, зæрæдты æмæ сывæллæтты сæвæрдтой уæрдæтты, иннæтæ фистæгæй ахал сты æдзæллагхуыз фæндагыл хуыздзыд хуры бынты. Цыдысты сæ сæртæ æруадзгæйæ... Сагъæс цæуыл кодтаиккой, уый сын уыди: цы фæуыдзыс ты ацы æцæгæлон бæсты, ныридæгæн сæм фыдыусау куы фæкаст, уæд?

Æлбегатæ æмæ Цуратæ иу уæрдон баххуырстой. Сбадын дзы кодтой Дзæрæхмæт-хадзы æмæ Асиаты, стæй ма дзы бавæрдтой, цы мæнг дзаумæттæ сæм баззад, уыдон. Хасан, йæ фыды æфсымæрæй æфсæрмыгæнгæ, уæрдонмæ хæстæг нæ цыди, кæд æм-иу Асиат арæх æрбакаст, уæддæр. Чызджы цæстытæ уыдысты тарстхуыз, Хасан ын сæ уæды йас стырæй никуы федта. Уыдон æм дзырдтой, лæгъстæ йын кодтой, æмæ-иу фыртæригъæдæй йæ улæфт фæкъуыхцы. Хасанмæ афтæ каст, цыма йын æрмæст тæригъæд кæны. Йæ тыхстæй йæ не ’мбæрста, æндæр цыдæр дзы кæй уыд: зæрдæ йæхи риуы къултыл хоста, тырныдта чызгмæ; фæндыдис æй йæ уæлныхты сисын æмæ тугæрхæмттæ цы зæрдæ фæци, уымæ уарзоны æрбалвасын.

Цы хъæутыл цыдысты лидзæг адæм, уым-иу туркæгтæ, фылдæр лæгтæ, сæ размæ фесты æмæ дисгæнгæ кастысты æнæзонгæ æфхæрд мæгуырхуыз бæлццæттæм. Арæх-иу кæрæдзимæ цыдæртæ дзырдтой æмæ, лидзæг адæммæ къухæй амонгæйæ, худтысты. Хасан æмæ йе ’мбæлттæ æмбæрстой, уыдон зынæрвæссон кæй кæнынц, уый, фæлæ йæ мур дæр ницæмæуал дардтой, хъыг-иу кæмæн уыд, уымæй дæр уайтагъд ферох, алчидæр æй зыдта, кæм æмæ цы бынаты ис, уый.

«Уымæ бацу æмæ йын йæ хæмхудтыл бату кæн, — мæстæй тъæппытæ хаудта Хасан æмæ-иу йæ къухтæ æрбатымбыл сты, фæлæ йын уый бирæ нæ хаста. — Уæвгæ нын афтæ хъæуы, нæхионтæ нæ куы сцыбæл кодтой ацы ранмæ, уæд ма дзы исчи та цы у?.. Ехх, хуыцау, куыд нæ ныл фæхæцыдтæ, ацы рæдыд фæндагыл куы цыдыстæм, уæд. Ам ир дæр, цæцæн дæр куы нал уыдзыстæм, ацы цъаммар сырдты æхсæн куы фесæфдзыстæм, уæд дæм тæригъæддзинад куыд нæ разынд?»

Хасан Турчы зæххыл арфæй-арфдæр куыд цыд, афтæ хуыцауæй дарддæр кодта. Раздæр-иу лæгтæ уый, йе та пехуымпар Мæхæмæты кой куы райдыдтой, уæд-иу йæ зæрдæ спарахат ис, дунейыл уыдонæй стырдæр кæй ницы ис, уый йæ уырныдта. Хасан уарзта, хуыцаумæ-иу куыд куывтой, уый. Алы бæрæгбон, бирæтæ та алы хæрды размæ дæр хуыцауы ном ардтой сæ цæхх, сæ кæрдзынæй æмæ сын уый дæр йæ дзæбæхдзинæдтæ лæвæрдта. Лæппу йæ зæрдыл хорз бадардта: иу хатт хъæуы къæвда нæ уарыд. Уæд бавдæлдысты æмæ моллойы дзырдмæ гæсгæ хъæугуывд скодтой. Зæронд лæгтæ хуыцаумæ скуывтой, æмæ уыцы æхсæв къæвда рауарыд.

Раст зæгъын хъæуы, æндæр хæттыты-иу афтæ дæр уыдис, æмæ куывдтæй ницы рауад æмæ-иу уæд йæ фыды æфсымæр загъта: хуыцауы зæрдæхудт райстой адæм, æмæ сын сæ куывд нæ исы.

Уыдæттæ иууылдæр раздæр уырныдтой Хасаны. Фæлæ ацы фæндагыл цас фылдæр рæстæг ис, уыйас æм къаддæр хъарынц. «Уый куыд раст хуыцау у, æмæ сывæллæтты мæлæтмæ чи каст, сæ мады сæррайæ чи нæ фæтарст æмæ йæ уазал денджызмæ чи басхуыста? Æви кæд мыггамæ æлгъыст стæм?! Ау æмæ нæ уæд иу ранмæ хуыцау барæй æрæмбырд кодта?! Нæ, ам цыдæр ис, æз цы нæ æмбарын, ахæм хъуыддæгтæ цæуы», — гъе ахæм хъуыдытæ гуырыдысты лæппуйы сæры æгас бон дæр æмæ йæ дзыхæй иу дзырд не схаудта. Афтæ уыдысты бæлццæттæ иууылдæр.

Изæры бахæццæ сты иу доны былмæ. Туркæгтæ сæ галтæ баурæдтой, æрæмбырд сты æмæ сæхирдыгонау ныхасыл фесты, стæй сæ иу цъæррæмыгъдтæй бамбарын кодта: лидзæг адæмæн хъæумæ цæуæн нæй, ам баззайæнт æмæ та сæм райсом фæзындзысты.

«Ау, уый та куыд, ацы ихæны ам хæхты тæфæй цæрдзыстæм?» — афтæ сдзурджытæ фæци, фæлæ сын туркæгтæ сæ дзаумæттæ уæрдæттæй раппæрстой æмæ хъæумæ фæраст сты.

Æрæнцадысты дыууæфондзыссæдз адæймагæй фылдæр уым уазал сау арвы бын æмæ-иу кæрæдзимæ бакастысты, цыма афтæ фарстой: ай нын цы у, цæмæн фидæм нæ зындоны хъиамæт уæлæуыл, уыйас цæмæй фæтæригъæдджын стæм?

Мæллæг сывæллæттæ æххормагæй куыдтой. Скæуынмæ бирæ нал хъуыд хистæрты дæр. Кæмæ ма цы муртæ баззад, уыдонæй æхсæвæр сфыцыныл архайдтой. Искуы иу ран æртытæ фæзынди.

Хур куы æрныгуылд, уæд Хасанмæ йæ зонгæ цæдæйнаг æфсымæртæй иу æрбацыди.

— Адæм сыдæй мæлынц. Цом æмæ исты самал кæнæм.

Хасан йæ бинонтæм бакасти: федта Асиаты фæлурс цæсгом, мады тарст цæстытæ æмæ ницуал сдзырдта, афтæмæй цæцæйнагимæ ацыд. Иннæ æфсымæртæм куы бахæццæ, уæд ын уыдон йæ къух райстой æмæ хистæр загъта:

— Нæхи куы æруадзæм, уæд нæ ацы джауыртæ сæхицæн фос скæндзысты æмæ хынджылæггаг суыдзыстæм. Нæй махæн ам æфсымæр дæр æмæ æмдингæнæг дæр, ам хуыцауæн нæ, фæлæ дæлимонтæн кувынц æмæ не знæгтæ сты. Ма бакомут сæттын...

Гъе афтæ Хасан фыццаг хатт фехъуыста, æгас фæндаг цы нæ æмбæрста, уый: туркæгтæн сæхи хуыцау ис, махмæ дæлимон чи хуыйны, уый, кæд сæм мæзджыттæ ис, уæддæр. Пысылмон адæмимæ æмдингæнæг не сты...

Цæцæйнæгтæ æмæ Хасан уæлоз цæугæдоны былыл ссардтой фосдарæн. Уым уыдис фыстæ. Кауты сæр бацæуын зын нæ разынд, фæлæ фыййау куыйтæн сæ хъустæ арц бадтысты, ноджы сæ иу арæх былы ’рдæм уади.

Æфсымæртæн сæ астæуккаг доны бауад, чысыл къардиуы рæбын æрæмбæхст æмæ йæ кæрц раласта. Куыдз уайтагъд йæ размæ æрбазгъордта. Дымгæ лæджы ’рдæм кодта æмæ куыдз иу чысыл æрлæууыд, ницы бамбудыдта, стæй фæзылд æмæ йæ уыцы рæстæг лæг кæрцы бын атыхта æмæ донмæ ныггæпп ласта. Уæдмæ йæм иууылдæр базгъордтой æмæ куыдзæн йæ хъыпп-сыпп дæр нал ссыд, афтæмæй ныххурх. Кæстæр æфсымæр æмæ Хасан уайтагъд кауты сæрты бахызтысты æмæ фæйнæ фысимæ фездæхтысты.

— Куыдзæн ам уадзæн нæй, уæд ныл фæгуырысхо уыдзысты, — загъта хистæр æмæ куыдзы мард йæ фæдыл аласта. Доны был иу ран пыхс уыд, æмæ йæ уым аппæрста, стæй хуыр хæссын райдыдтой æмæ уайтагъд фæбынæй ис.

Дыууæ фысы дæр акусарт кодтой, сæ цæрмттæ, сæ хуылфыдзаумæттæ сын баныгæдтой, дзидза адæмæн байуæрстой. Æмæ бæлццæттæ бирæ бонты фæстæ хъарм хæринагæй фæхъæстæ сты. Нæ йæм бавнæлдта æрмæст Дзæрæхмæт-хадзы, бамбæрста, кæцæй фæзынд, уый æмæ Хасанæн бауайдзæф кодта:

— Дæ митæ хуыцауы зæрдæмæ нæ фæцæудзысты, лæппу.

Хасан æм ацы хатт æнцадæй нæ хъуыста:

— Амы хуыцауы зæрдæмæ куы нæ фæцæуой, уæд ницы кæны, нæхи хуыцау та ардыгæй дард у, адоныуонмæ хæстæг нæ цæуы.

— Мах пысылмон стæм æмæ иу хуыцауæн кувæм, — цыма йæ ахуыр кодта, уыйау дзырдта Дзæрæхмæт-хадзы.

Хасан йæ мидбылты мæстыйæ бахудт:

— Махæн турк не ’мдингæнæг сты? Нæ, уыдон махæн не знæгтæ сты. Адæймагæн фыдмитæ знаг кæны, уый йеддæмæ ахæм æфхæрд сылгоймæгты æмæ сывæллæтты хъæумæ ма бауадз æмæ сæ афтæ дзæгъæл хæтæг куыйты хуызæн фæндаджы астæу уазалмæ аппар...

Мисурæт фæтарст, кæрæдзимæ æгæр куы сдзурой, уымæй æмæ лæппуйы цалдæр хатты басхуыста. Хасан йæхæдæг дæр бамбæрста, зæронд ма йын исты куы зæгъа, уæд ын сæ иууылдæр кæй зæгъдзæн, уый æмæ, йæ къух ауигъгæйæ, иуварс ацыди.

«Кæм цы абырæг ис, уыдоны ахæсты бахауди æмæ, æвæццæгæн, фесæфдзæн. Стыр кадджын хуыцауæн зын ницы ис, йæ хъуыддæгтæ та йын рагацау зонгæ ничи бакæндзæн. Цы æрцæуы, уый та хуыздæры тыххæй вæййы», — сагъæс кодта Дзæрæхмæт-хадзы. Йæхæдæг дæр æй не ’мбæрста, куыд-иу рауад, фæлæ арæх йæ сæры æвзæрди иу хъуыды — æфсины хуыцау йæхимæ фæхаста, цот ын нæй... Йе ’фсымæры бинойнаг сидзæргæсæй баззад, йæ цæгат нæ бацагуырдта... Фæлæ йын адæмы зæрдæмæ фæцæудзæн?.. Уæвгæ адæм та ма цы ’мбарынц, фосау сысты... Фæлæ йæ чындзы цот, а Хасан, йæ зонд фисынмæ у, цыдæр æрра туг æм ис... Уæд та йын Умары æдзæсгом чызджы йæ разæй фæчындæуид. Æмæ мæ йæ мады бынтон куы ахицæн кæна...

Кæд ыл Дзæрæхмæт-хадзы йæхи мидæг дæр æргом нæ саст, уæддæр сфæнд кодта йе ’фсымæры бинойнаг Мисурæтимæ бацæрын — ирон æгъдаумæ гæсгæ цы йæ бон зæгъын уыдзæн сылгоймагæн! Нæ йæ зыдта — кæнæ йæ йæ цæгатмæ цæуын хъуыд, кæннод та лæджы мыггагæй искæмæ мой скæнын. Раст зæгъын хъæуы, уæд сæм ахæм лæг нæ уыд, æмæ Мисурæт йæ цоты тыххæй баззад. Фæлæ дзы ныр ис — Дзæрæхмæт-хадзы йæхæдæг.

Бинонтæй ничи æмбæрста зæронды хъуыдытæ. Уæвгæ уыдонмæ дæр иннæ адæмау афтæ касти, æмæ се сæфты къахыл лæуд сты, баззади ма сын нымад бонтæ. Никæмæй зæрдæ рухс кодта, суанг ма-иу ныфсытæ чи æвæрдта, уыцы зæрдæхæлар Умар дæр йæхимæ æрыхъуыста æмæ йæ бауырныдта, йæ царды кæрон кæй æрхæццæ ис, уый. Йæхинымæр-иу дзырдта: «Ей, æнамонд адæм, цæмæн ныл нæ хуыцау рахатт, цæмæн нæ фæхауын кодта нæ бынатæй? Цæй мæгуыр стæм, цæ, ам кæйдæр дзæгъæл фæндæгтыл бынсæфт чи кæны. Уæ нæ хæхтæ ’мæ нæ бæстæ. Уæ фæстæ нын цард куы нал ис».

Ахæм сау катайтæ æууылдтой адæмы риутæ, æмæ сын уæлдай зын уыди, сæ радзурын сæ бон кæй нæу, уый. Кæмæн цы зæгъдзынæ, алчи йæхæдæг йæ хъуырмæ куы у, уæд? Бæллæх кæуыл æрцæуы, уыдонмæ ма кæд исты амонд фæкæсы, уæд кæрæдзиуыл фæхæцынц, кæрæдзи æмбарынц. Фæлæ сæм уый куы нæ разыны, уæд бынтон ныддагъытъайлаг вæййынц, уæд сæ ныфс дæр айсæфы, æмæ арвæй зæххы æхсæн хъеллаугæнгæ баззайынц.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.