Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 17 страница



Ныр дæр лæппу цæугæйæ банкъардта, мидбылты худы, уый, æмæ уайтагъд йе ’рфгуытæ кæрæдзийы ацахстой. Йæ цæстытыл ауад сæ хæдзар. «Нæ хæдзар... Цымæ ма йæ искуы афтæ схондзыстæм? Нæ фыдæлты зæхх. Куыд фидар баст дыл у адæймаджы зæрдæ! Йæ бæттæнтæ атонын куы нæ комынц... Кæд ма нæм исты амонд кæсы, уæд нын уыцы æцæгæлон бæлццæттæ исты куы баххуыс кæниккой æмæ ирон адæмы курдиат бынатыл куы сæмбæлид», — афтæ хъуыдытæгæнгæ йыл рæстæг аивгъуыдта æмæ йæ даргъ фæндагæй не стыхсти.

Олохлымæ куы бахæццæ, уæд ногæй бахъæлдзæг — адæмæн сæ зæрдæтæ барухс кæндзæн, йæ ныхæстæ сæ хъару бауадздзысты. Æмæ æцæгдæр афтæ рауад. Уый бæрæг уыди, Умар цы загъта, уымæй дæр:

— Афтæ йын æнæ уæвгæ дæр нæй, мæ хур Хасан, æвæццæгæн, алкæмæй дæр ферох стæм, уый йеддæмæ уыйас хъиамæттæ мах хай цæмæн фæуыдаиккой, кæмæн уыйас цы ракодтам? Ныр хуыцауы уарзон адæм федтой нæ бæллæхтæ æмæ сæ хицæутты раз радзурдзысты...

Олохлыйы цæрджытæм фæзынди ныфс, мæйдар æхсæв дард, кæмдæр рухсы цъыртт куыд фæзыны, афтæ. Фæллад бæлццон æрбамбырд кæны йæ фæстаг тых æмæ хæлæф байдайы размæ — фæуырны йæ, йæ зынтæ фæуыдзысты, уый. Ахæм уавæры бахаудтой лыгъд адæм дæр. Афтæ æнхъæлмæ кæсгæйæ та сыл аивгъуыдта зымæг, ралæууыд уалдзæг. Бирæты уырныдта: сæ аздæхыны хъуыддаг уалдзæгмæ срæвдз уыдзæн æмæ сæ хуым кæныны мæт нал уыдзæн ам, æцæгæлон æмæ æнæуынон зæххыл.

Уалдзæг тынгæй-тынгдæр йæ тæмæны цыди. Стамбулæй ирæттæм ницы хабар хъуысти. Æмæ уыдон дæр æрсагъæс кодтой: цы бачындæуа? Цы уыдзæни? Æмæ хабар фæззæгæй раздæр куы нæ уа, уæд куыд аирвæздзыстæм?..

— Гъæ-гъи, Хасан, нæ хъуыддаг мæгуырау куы разына, уымæй тас у. Æвæццæгæн, уыцы адæмæй дæр, хуыцауæй куыд ферох стæм, афтæ рохуаты баззадыстæм. Фæлтау та Гуыргъохъомæ цон, мæ худ ын сисон — дæ хорзæхæй æххуырсты мæ айс, зæгъгæ, — сагъæсхуызæй дзырдта Умар.

Æмæ Хасаны зæрдыл уæд æрбалæууыдысты Рубайты Саукуыдзы ныхæстæ, ацы хатт æй бынтондæр бауырныдтой:

— Уырысы минæвар, дам, мах хуызæтты нæ, фæлæ йæ цард ам дæр хорз кæмæн у, уыдоны фæрсдзæн.

— Зондджын лæг у æмæ хъуыддæгтæ æмбары, — алыг кодта Умар.

***

Адæм сæ хортæ куы бафснайдтой æмæ сыл хъызт зымæг йæ маст калынæй куы нал ауæрста, сæ мæттыл мæт æфтын куы райдыдта, уæд сæ ныфс дæр ахуыссыди æмæ чи кæуыл æууæндыд, уымæн йæ сусæгтæ дзырдта. Ахæм ныхас рауад Умар æмæ Хасаны æхсæн дæр.

— Цæцæйнæгтыл сæмбæлдтæн. Уыдонæй къордгæйттæ сæхи ардыгæй айстой. Аирвæзтысты. Мах дæр исты амал кæнын хъæуы, — загъта лæппу.

Умар исдугмæ ныхъхъус. Хасан æм касти æмæ йæ зæрдæ срысти: «Цы фæци кæддæры хæларзæрдæ, цардбæллон адæймаг? Цыма йæ уд йæ мидæг нал ис, уыйау уæлхъæдæй куы бахус».

— Ехх, Хасан, ахæм хъару ма кæм и?.. Лæппу та кæм ис, ам æй куыд ныууадзиккам, æнæуи дæр нæ хъуырмæ куы стæм... Нæ зонын, нæ зонын, нæ фæндтæ бынтон æдылы куы рауайой...

— Цæмæн зæгъыс, Умар, уæдмæ Бола зындзæн, уый дæр немæ сразы уыдзæн. Хъазихан — æнæхъæн лæг. Исты амал скæндзыстæм.

Нæ барухс Умары зæрдæ, афтæ, йæ хуылфмæ хъусгæ, æнæзмæлгæйæ, бадти.

— Боламæ банхъæлмæ кæсæм, æмæ уæд фæстиат гæнæн нал ис. Царды алцæуыл дæр сфæлтæрдтам, æмæ цæмæн нæ бафæраздзыстæм! Æппын ницы, фæлæ нæхимæ куы здæхæм...

Хасан йæ хъуыды загъта мадæн дæр.

— Иунæг кадджын хуыцауы куы бафæндид, — бацин кодта Мисурæт. — Фæлæ уайтагъд не ’ппæт куыд ацæудзыстæм? Фæлтау дæхæдæг исты сараз, фæндаггаг бамбырд кæндзынæ, нæ бынтæй ма дзæвгар куы ис... Æмæ уæд... уæд ма уын уыцы хорздзинад куы фенин...

«Дзыцца уымæй раст зæгъы. Боламæ банхъæлмæ кæсон æмæ уæд Уастырджи не ’мбал», — ахæм фæндыл ныллæууыд Хасан, Кавказы адæмтæ цы «дзæнæты бæстæм» бæллыдысты, уырдыгæй алидзыны тыххæй...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.