Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 16 страница



Кæмæн цас амал уыдис, уыйас зæхх исыныл архайдта, фæлæ фылдæр адæм бакъуылымпы сты, цæмæй йæ бакусдзысты, уый кæй нæ зыдтой, уый тæссæй.

Иу бон хъæуы лæгтæ æрæмбырд сты Дзæрæхмæт-хадзыйы дуармæ. Мамсыраты Агуыбе се ’ппæты номæй загъта:

— Хорз уаид, Дзæрæхмæт-хадзы, турк нын мыздыл нæ хæйттæ куы бахуым кæниккой, уæд.

Раздæр æхцайыл нæ дзырдтой, æнхъæл уыдысты, æмæ сын хуым æфстау бакæндзысты. Кæмæ сæ цы капеччытæ уыди, уыдоныл мыггаг æлхæнынмæ ауæрстой. Ныр Агуыбе афтæ куы загъта, уæд чидæр йæ ныхас баппæрста:

— Хорæрцыды æмгъуыдмæ!..

— Фидынæн сын ныр дæр бæргæ исты мадзал уаид, — дзуапп радта Агуыбе. — Æрмæст нын куы сразы уаиккой.

— Æмæ сын ныртæккæ цы бафиддзыстæм?

Уыцы дзурæджы ницæмæ æрдардтой, кæд сæ фылдæр уый уавæры уыдысты, уæддæр: алкæй дæр мæт уыди — куыд бачындæуа хуым?

Туркæгтæ сразы сты, фæлæ адæмы царм астыгътой. Бирæтæм мыггаг балхæныны фаг нал баззад, фæлæ сæм мызд бафидынæн дæр ницуал разынди æмæ уæд стыр лæгъстæтимæ сæ кæрæдзийæ куырдтой.

Фæндаг аразгæйæ цы муртæ райстой, уыдон уыдысты Умармæ. Куы æрбаздæхтысты æмæ зианыл дзæвгар рæстæг куы рацыдис, уæд Умар Хасанæн йæ хай дæттынмæ хъавыд. Фæлæ йæ лæппу ской дæр нæ бауагъта. Умар хуымгæнæггаг бафыста, стæй мæнæуы мыггаг дæр балхæдта. Хæс райсын дæр ма йæ иу чысыл бахъуыди.

Се ’ппæтæй стырдæр хæйттæ райстой Цураты Дзæрæхмæт-хадзы, Мамсыраты Агуыбе æмæ Гуыргъохъо, Карсанаты Мамсыр. «Адæймаджы, кæм цы гæвзыкк ис, уыдон йæ хъуырмæ скæндзысты, уый йеддæмæ лæг уыйас æхца ссарид æмæ дæхицæн исты фос балхæн, фæлæ дыл уæд курджытæ ныккæлдзысты. Æмæ уал банхъæлмæ кæсын хъæуы», — хъуыдытæ кодта Гуыргъохъо, стæй ма дзы уый хуызæн хъуыдыгæнджытæ ноджыдæр уыд.

***

Хуымгæнæнты фæзындис Æлбегаты Бола. Уый бадти дзæбæх бæхыл, хæцæнгарзæй æм ницы уыди. Куыд дзырдта, афтæмæй йæхи ракуырдта: кæд сын исты æххуыс фæуин. Кусынмæ дæр афтæ дзырдæй куы ацыдысты, уалдзæджы фæстæмæ æрбаздæхдзыстæм, зæгъгæ. Йæ хойы амардыл бирæ фæхъыг кодта, стæй куы æрсабыр, уæд цалдæр боны хъæдæй уис фæласта æмæ Умар Хъазиханимæ сæ кæрæттæ сæхгæдтой.

Бола йæм цы æхцатæ радта, уыдонæй йæ хæстæ бафидын йæ зæрды уыди. Фæлæ ма йæм дзы цы аззад, уыдонæй йæ бафæндыд Асиатæн фынджыдзаг скæнын. Лезийæн уыцы фæнд æхсызгон уыд: фæстаг заман йæ чызджы фыны цынæхуызонæй федта, ахæм нæ уыди. Æмæ йæ дыууиссæдзæм боны хист скодтой. Цас йæ мадзал уыди зæрдæрыст Умарæн, фæлæ йæм уæддæр йæхи хуызæттæ æрбамбырд сты. Хистæрæн бадти Цæлыккаты Дженалдыхъо.

Фынджы уæлхъус бадгæйæ-иу лæгтæ кæрæдзимæ бакастысты. Куыннæ-иу бадтысты хисты раздæр заманты, уым диссагæй цы уыди. Фæлæ-иу уæд бадтысты Иры дзыхъхъы, хи адæмы æхсæн. Ныр та æцæгæлон зæххыл чысыл къордæй æххæст кæнынц ирон марды æгъдау. Дис сæ ничи кодта, мыййаг, цы ис диссагæй, сывæллонæй фæстæмæ цы æгъдауыл сахуыр сты, уым. Кæрæдзимæ кастысты ныфсы фæдыл — алкæй дæр сæ фæндыди фенын — ныр цы ми кæнынц, уый сын чи ’мбæлы, ахæм у æмæ йæ хъуамæ дарддæр дæр ахæццæ кæной. Æмæ сæм уый фаг хъуамæ хъару дæр уа.

Дженалдыхъойы дæр сæ алчидæр уымæн хорз бамбæрста:

— Дунейы фарн! Нæ ныфс, не скаст чи у, уыдонæй иу ацы æнамонд зæххы хуылфмæ ныххызти æмæ рухсаг уæд. Фæлæ нын нæ ныфс ма асæтт, не ’гъдауы домбайдзинад ма фæцудæд æмæ уæд нæ фесæфдзæн нæ ирондзинад дæр...

Уымæн йæ дыккаг бон Дзæрæхмæт-хадзымæ уыдис уазджытæ — Тугъанты Солтан, Тугъанты уæздан Таубийы кæстæртимæ, Олохлымæ цæугæйæ Ханчъалийы чи ацард, уыдон иууылдæр зыдтой хъал Солтаны, æдзух æй уыдтой саргъы бæхыл æмæ-иу дисы бацыдысты: адæм тыхст куы сты, уæд ацы къуыдиппæн йæ зæрдæ куыд комы афтæ тезгъо кæнын. Фæлæ Солтан Солтан у, æндæрхуызон æй ничи фæкæндзæн.

Солтан Дзæрæхмæт-хадзытæм фæцис æмбисбонмæ, стæй фысым арвыста алы хæдзары хистæрмæ дæр.

— Пысылмон адæм æфсымæртæ сты æмæ хъуамæ кæрæдзийы хъуыды кæной, кæрæдзийыл тыхсой, цъынддзæстæй кæсгæйæ — загъта хадзы. — Не ’фсымæртæ нæм Ханчъалыйæ, Тугъантæй, æрвитынц зæрдæбын саламтæ, фæнды сæ, цæмæй ма стыхсæм. Æмæ се ’ххуысы сæр дæр уый мидæг ис: сидынц нæм, мæнæ, дам, мах зæххыл иумæ кусæм æмæ кæд нæхицæн къæбæры фаг амал кæниккам.

Цæлыккаты Дженалдыхъо Дзæрæхмæт-хадзымæ бадзырдта:

— Дæ хорзæхæй, сæ фæндон нын фæбæлвырддæр кæн.

Дзæрæхмæт-хадзы схуыфыд æмæ Тугъаны фыртмæ бакасти. Солтан размæ ралæууыд, сæрыстырхуызæй йæ цæст адæмыл ахаста æмæ цъæхснаг хъæлæсæй загъта:

— Зонут æй, лыгъд адæмæй бирæтæ цыбыркъух сты. Нæй сæм фос, кусæндзаума. Махмæ та ис æмæ... Иу дзырдæй, алкæй дæр йæ бинонты хæссын хъæуы æмæ бакусын кæй фæнды, уымæн мах фадат дæттæм...

Бæрæг уыд, кæд Солтан хъайтарæй дзурын райдыдта, уæддæр йæ хъуыдытæ комкоммæ нæ загъта.

Умар йе ’ргом Солтанмæ аздæхта:

— Æвæццæгæн, уазæг, афтæ зæгъынмæ хъавы: цъысымы бахаудтат, ницуалгæнæн уын ис æмæ нæм æххуырсты рацæут. Нæ?

— Цы байтауай, уый æркæрддзынæ, — йе уæхсчытыл схæцыд Солтан, — Лæвар дæр уын чи ратдзæн?

Адæм исдугмæ ницуал дзырдтой. Цы хабар фехъуыстой, уый сыл уæззау къæдзæхау æрæнцад æмæ сæ йæ быны æрнорста, ныцъцъист сты сæ зæрдæтæ. Уый размæ алцæуыл дæр хъуыды кодтой, фæлæ сæхионтæм æххуырсты бацæуыны зонд сæ иумæ дæр никуы фæзынд. Æмæ ма кæд Дзæрæхмæт-хадзы даргъ ныхæстыл ахæцыди, стыр хуыцауы ном та сын æрымысын кодта, уæддæр ничиуал ницы загъта.

Хасан дæрддзæф лæууыди æмæ æдзынæг хъуыста.

Æмæ адæмы æдзæмæй куы федта, уæд йæ зæрдæ срысти: «Æгомыг фосы уавæрмæ нæ æртардтой. Сдзурынæн дæр ничиуал у. Уæ, мæгуыр нæ бон, цымæ ма нæм цытæ кæсы?..»

***

Ныллæууыдысты уалдзыгон бонтæ. Хуымгæнæджы къабæзтæ бæллыдысты зæхмæ, сæхи ивæзтой, уый та сæ дардмæ лыгъди. Æмæ чидæртæ араст сты Ханчъалымæ, Тугъантæм æххуырсты бацæуынмæ. Уыцы хъуыддаг Мамсыраты Гуыргъохъо куы федта, уæд йе ’рвад Агуыбемæ бацыд æмæ йын загъта:

— Адæм Тугъантæм ауырдыг сты, мах та нæхи суæздан кодтам.

— Æмæ дæ зæрды цы ис?

— Куыдз æрцæвæн къæцæл кæмæ нæй, уыдоны та зæхх цæмæн хъæуы? Фæлтау уыцы æнæбонты нæхимæ райсæм, фæйнæ цалдæр бæхы кæнæ галы ма самал кæнæм æмæ... Мах дæр Тугъанты бафæзмæм, Тугъанты!

Агуыбе ницы дзырдта, иу ранмæ æнæзмæлгæйæ касти, стæй Гуыргъохъомæ аздæхт:

— Дзæбæх асагъæс хъæуы, ме ’фсымæр, уæхст дæр куыд нæ басудза æмæ физонæг дæр.

Нæ дæ æмбарын, Агуыбе?

— Амы зæххы хъæд нæ зонæм: куыд вæййы, цы вæййы, куы нæ фæфыдæнхъæл кæна. Нæхицæн ницы тас у, фæлæ нæм чи куса, уыдон бахæринаг куы домой. Æххормаг лæгæй тæссагдæр хуыцау йæ быны ницы скодта.

Гуыргъохъойы цæсгомыл фæзынд хинæнгас.

— Адæймаджы йе ’нæбоны сахат куы нæ æртасын кæнай, уæд æнæуи хъæхъхъаг у. Рæстæг нын æрцыд æмæ рæвдз фæлæууæм...

Цураты Дзæрæхмæт-хадзы, Мамсыраты Агуыбе æмæ Гуыргъохъо, стæй Карсанаты Мамсыр, хъæуы цæрджытæй æнæ бæх, æнæ кусæнгарз чи уыд, уыдонæн дзырдтой: «Искуы рахау-бахауы бæсты ам иумæ кусæм».

Гъе афтæ Умар дæр æххуырсты бахауд Гуыргъохъомæ. Раздæр Дзæрæхмæт-хадзымæ цæуынмæ хъавыд, стæй йæ фæнд аивта: йæ чъындыдзинад ын зыдта.

Дзæрæхмæт-хадзыйæ стыр хуыцауы хъуыддæгтæ рохауы аззадысты, йæ зæрдæ зæхмæ ахсайдта. «Æй-джиди, ныр дæ бæллицтæ сæххæст уæнт. Балхæн фос дæр, дзаума дæр æмæ гъæйтт-зæгъгæ бынтæ скæн», — ахæм хъуыдытæ уыди хадзымæ. Стæй сфæнд кодта: цыфæнды уæд, уæддæр фæззæджы йе ’фсымæры лæппуйы Мæцыхъомæ арвитдзæн — хъуамæ уалдзæджы ам уа...

***

Умар бинонтæн ницы загъта, афтæмæй йæхи Гуыргъохъойы хæдзары кусыныл баифтыгъта. Лези лæджы катай æмбæрста, йæ зæрдæ рысти, фæлæ йæ бон ницы уыд: иуæй йæ хъару асаст Асиаты зианы фæстæ, иннæмæй та нæ зыдта, цы йæ саразын хъæуы, уый. Стæй тарсти: йæхи уынаффæгæнæг куы скæна, уæд Умарæн хъыг уыдзæн. Хъыг ын куы нæ уа, уæддæр ын зын уыдзæн. Æмæ ницы змæлыд Лези.

Чи зоны, ус исты куы сдзырдтаид, уæд йæ лæджы хуыздæр бамбæрстаид, уымæн йæ зæрдæйы æлхынцъ тагъддæр суæгъд уыдаид. Уыцы æлхынцъ цы ныхас райхæлдта, уый æрцыди фыд æмæ фырты, Хъазиханы æхсæн. Иу изæр Умар фæлладæй куы æрбаздæхти, уæд ын лæппу йæ къухтыл дон кодта æмæ бафиппайдта, йæ фыды фæллад æмæ æфхæрд хуыз. Цыдæр æй фæрæхуыста, бафæндыд æй исты хорз бакæнын:

— Æз дæр райсом демæ цæуын, дæ куыст дыууæйæ кæндзыстæм, — фæндфидарæй загъта Хъазихан.

Умар æм бакаст, бакаст æнкъард, сæ рухс кæмæн ахуыссыд, уыцы цæстытæй. Стæй йæ сæр æруагъта æмæ иннæрдæм азылди.

— Ды ма баззадтæ нæ разы... Фæлтау уал банхъæлмæ кæсæм.

Хъазихан уæддæр йæ фыдимæ цæуын райдыдта. Æдзух цырд лæууыд æмæ-иу ын амал куы фæци, уæд йæ бæсты алцыдæр кодта. Фыд та йыл ауæрдгæ кодта...

Хур йе скастæй йæ аныгуылынмæ æрттывта æмæ æрттывта. Адæм тыхстысты, фæлæ фæрæзтой. Хуым кæнын æрæгмæ райдыдтой æмæ хъуамæ тагъд фæуой, кæннод хортæн æвзонг уыдзæн. Æххуырсгæ чи бакодта æмæ æххуырст чи уыди, уыдонæй æнхъæлмæ каст алчидæр, къуыбаргай гутоны фæстæ цы æлыгджын зæхх хауди, уымæ.

IX

Лезийæн йæ къухты æнгуылдзтæ æддæг-мидæг ауадысты, афтæмæй касти Умар æмæ Хасанмæ. Уыдон бадтысты æнæдзургæйæ æмæ зæхмæ ныджджих сты. Уыцы бадт сын дзæвгар ахаста. Стæй Умар йæ сæр уæлæмæ систа, йæ цæстытæн, цыма сыл мигъ æрбадт, уыйау сæ гагуытæ нæ зындысты.

— Афтæ гъе, мæ хур Хасан, фæззæг дæр нын æрцыд, æмæ кæд уалдзæгмæ мамæлайы къæбæрæй аирвæзæм, уæд хорз. Исты æндæр амæлттæ дæр бæргæ хъæуы, фæлæ ацы æлгъыст бæсты лæг цы сараздзæн!

— Уалдзæгмæ нæ чи нæ аирвæздзæн, ахæмтæ дæр дзы бирæ ис, — йæ къух ауыгъта Хасан.

— Ау æмæ уæд сæ сæрæн цы хос ссардзысты? — йæхи нал баурæдта Лези.

— Не ’мдингæнæг æфсымæртæ нæ афтæ æдзæллагæй нæ ныууадздзысты, — мæстыйæ бахудт Хасан. — Бодзаты хъæумæ, дам, туркæгтæ æрбацыдысты æмæ адæмы æлхæдтой. Хосонты Хъæвдын, авд сывæллоны йын, йæхи ауæй кодта, мæ бинонтæн, дам, æхца бакусон.

— Æмæ кæдмæ ирвæздзысты уыцы æхцатæй, туг сыл ныууара сæ фенамондгæнджытыл, — йæ цæссыгтæ сæрфгæ загъта Лези.

Хъазихан къуымы ныллæг бадти æмæ ныхæстæм æдзынæг хъуыста. Афтæ фенхъæлæн уыди, цыма йæм улæфт дæр нал ис.

— Иу заман сæ ардæм дæр хъæуы, — Умары хъæлæс ма тыххæй райхъуыст. — Махуæттæ дæр сæ нæ аирвæздзысты.

Æвиппайды Хъазиханы цæстытæ æнахуыр ферттывтой, йæ бынатæй фестад:

— Ардæм куы æрбацæуой, уæд æз мæхи ауæй кæндзынæн. Хор дзы балхæндзыстæм. Æз уæддæр алидздзынæн.

Умар фестъæлфыд, уый дæр фæгæпп ласта, арацу-бацу кодта æмæ, цыма йæхицæн дзуры, уыйау загъта:

— О. Цъус æнамонд стæм, æмæ ма ноджы нæхи уæй кæнын куы райдаиккам.

Кæд ныхас ууыл фæци, уæддæр Хъазихан цы загъта, уымæй се ’ппæты зæрдæтæ дæр фæрыстысты. Уæззау хъуыдытимæ ацыди сæхимæ Хасан. Æмæ, æвæццæгæн, уымæн нæ бадис кодта, Дзæрæхмæт-хадзыйæ цы фехъуыста, ууыл.

— Дæхи барæвдзытæ кæн, лæппу, æмæ фæстæмæ аздæх... Уалдзæгмæ ам куыд уат, афтæ, — дзырдта Дзæрæхмæт-хадзы, зæхмæ кæсгæйæ.

Хасан ын куыдфæндыйæ дзуапп радта:

— Æвæццæгæн, афтæ æнцон ауайæн нæу, уый йеддæмæ ма исчитæ ацæуид, сæ сæртæ уæддæр бафснаиккой.

— Уыдон æнæзакъонæй æмæ æнæ æхцайæ сæ ныфс нæ хæссынц, фæлæ дæу барæвдз кæндзыстæм.

Хасан ницуал загъта æмæ ууыл ныхас фæци, цыма йын йæ фыды æфсымæр йæхи ныхасмæ æнхъæлмæ каст, уыйау. Цалдæр боны фæстæ хабæрттæ йæ мадæн радзырдта.

— Мæ хæдзар фехæлд! — йæ уæрджытыл хæцгæ баззад Мисурæт. — Æмæ нæ царæфтыд кæны? А-дыууæ боны зымæг куы ралæудзæн, уæд куыд уыдзынæ уыцы æнамонд фæндагыл?!

Хасан ницæмæй тарсти, исты амæлттæ скодтаид. Йæ зæрдæ æндæр цæмæдæр æхсайдта: цы уыдзысты йæ мад æмæ йæ хо. Йæ фыды æфсымæры фæстаг рæстæджы куыд æмбарын райдыдта, афтæмæй йыл тынг æууæндæн нæй, йæхи пайдайæн алцыдæр сараздзæн. Кæд цы æрцæуинаг у, уый нæ зыдта, уæддæр æнцад нæ уыд, æмæ хъуыдытæ кодта: «Уый мын ницы зонд у. Мæ мæгуыр мад æмæ ме ’намонд хойы ацы зындоны иунæгæй нæ ныууадздзынæн, — стæй арф ныуулæфыд æмæ йæ сæрыл ныххæцыд. — Фæлæ уæддæр афтæ бадæн нæй, исты æрхъуыды хъæуы... Ау, нæ райгуырæн бæстæй нæ тæргæ куы нæ ракодтой, куы ницы аххосджын стæм, уæд нæ фæстæмæ куыд нæ ауадздзысты?»

Уыцы сагъæс фидар бынат æрцахста Хасаны сæры æмæ йæ иу ран нал уагъта. «Цы бачындæуа? Цы бачындæуа? — фарста йæхи æмæ йыл бонтæ ивгъуыдтой. — Иунæгæй ницы саразæн ис, фæлæ ма уыцы бæллæхты фæстæ дард балцмæ кæд йæ ныфс исчи бахæссид, адæм сфæлтæрдтой, кæд ма дзы искæмæ разынид ахæм зонд».

— Нæхи æгæр æруагътам, — дзырдта Хасан Умарæн, — уынаффæ дæр нæм нал ис æмæ ныфс дæр, уый йеддæмæ, дам, цæцæнæй чидæртæ фæстæмæ сæхимæ ацыдысты.

Умар стъæлфæгау фæкодта æмæ Хасанмæ комкоммæ бакасти.

— Дæ рынтæ бахæрон, Хасан, адæймагæн ма ды фæзæгъыс зæрдæвæрæн ныхас. Æмæ куыд, куыд? Куыд фервæзæн ис ацы æнамонд бæстæйæ?

— Цæцæны бафæзмæм. Сыстæм æмæ ацæуæм... — Хасан тынг тыхсти, аздæхыны хъуыддагæн бæлвырдæй кæй ницы зыдта, уый тыххæй. Умар дæр афтæ.

***

Хасан ссардта ног зæрдæниз, æмæ йæ иу ран нал уагъта. Уый йæ фæтардта Бодзаты хъæумæ. Раджы фехъуыста Таутиаты Саулæджы хабар: фендджын, чиныджы бакаст адæймаг æй хуыдтой, амы хабæрттæ дæр, дам, хорз зоны.

Бодзаты хъæуы Хасан уæды онг никуы уыди. Уæвгæ Олохлы чи федта, уымæ Бодзаты фенд цас диссаг фæкастаид.

Таутиаты Саулæг карджын уыд, фæлæ уæддæр лæппуйы йе ’мгары хуызæн сбуц кодта. Уазæджы хабар сыхæгтæ дæр фехъуыстой æмæ Саулæгатæм æрбацыдысты: сæ алкæй дæр Олохлыйы ирон адæмы тыххæй исты базонын фæндыди. Хасан йæ фысымтæм базыдта Хосонты Алимырза, Рубайты Саукуыдз, Бедойты Арысхан æмæ Хъæммæрзаты Дæхцыхъойы. Кæстæртæй дæр ма дзы чидæртæ уыд, фæлæ уыдонмæ ныхасы бар не ’рхаудта, фæстозгомау лæууыдысты.

— Нæ уазæг дæр нын, нæхæдæг цы хъуыддагыл катай кæнæм, уыдæттæ дзуры, — загъта сын Саулæг. — Нæ буц уазæг, Бодзаты дæр уыцы мæт ис æмæ цæттæ стæм фæстæмæ нæхимæ аздæхынмæ.

Фендджын адæймаг уыди Рубайты Саукуыдз дæр. Уый зыдта Ирыстоны дзырддзæугæ лæгты, уыди æндæр бæстæты. Уынаффæгæнгæйæ-иу йæ хъуыдытæ æваст нæ загъта. Ныр дæр та ныхæсты бæсты Хасаны бафарста:

— Æмæ уæд уæхи Дзæрæхмæт-хадзы та цы зæгъы, цы фæндтæ ис уымæ та?

Хасан сдзурынмæ хъавыд, хадзыты адæмы мæт нæй, зæгъгæ, фæлæ ахъуыды кодта — искæй раз хистæры фауын хорз нæу æмæ йæ ныхас иннæрдæм аздæхта:

— Дзыллæ цы зæгъой, уымæ чи нæ байхъусдзæн!

Саукуыдз, йæ фæрсын уайтагъд чи ныууагътаид, ахæм нæ уыд æмæ Хасанмæ аздæхт.

— Адæм дæр зондджын лæгмæ фæхъусынц, уынаффæ сын хъуамæ æдылытæ ма кæной. Ау, адæм бæллæхы кæй бахаудысты, ууыл йæ зæрдæ нæ риссы!?.

«Нæ риссы, нæ риссы» — йæхинымæр æрбамæсты Хасан æмæ уæд йæ фыды æфсымæрыл нал бацауæрста:

— Уымæн йæ хъуыддæгтæ хуыцауимæ сты, адæмæй разы нæу: иунæг кадджын стыр хуыцаумæ, дам, нал кувут, æмæ ацы ’ппæт бæллæхтæ дæр уый тыххæй цæуынц.

Бедойты Асырхан мæсты худт бакодта:

— Æмæ ма зындоны та хуыцаумæ чи фæкувы?

Цыма йæ нæ фехъуыстой, уыйау Асырханы ныхасмæ йæ хъус ничи æрдардта: æгæр рæстдзинад уыд. Хъæммæрзаты Дæхцыхъо Саулæгмæ баздæхт:

— Бахатыр кæн, фæлæ мæнæ фæззæджы Сæрхъæмысы куы уыдтæ, уæд цыдæр хабæрттæ дзырдтой, фæлæ дæм нæ фыртыхстæй хорз нæ байхъуыстам. Цавæрдæр бæлццæты кой куы кодтай.

— Ахæм хабар уыдис, — дзуапп радта Саулæг. — Сæрхъæмысы æнахуыр бæлццæттæ уыд — францусæгтæ сæ хуыдтой. Кæцæй цыдысты, — хуыцау сæ зонæг, фæлæ ам Кавказæй лыгъд адæм ис, уый куы базыдтой, уæд сæ хабæрттæй фæрсын райдыдтой. Кодзырты Муради, Сæрхъæмысы цæры, уый семæ тæлмацимæ фæныхæстæ кодта, туркæгтæй нæ раппæлыд.

Уыдон дисы бацыдысты: Стамбулы, дам, Уырысы паддзахæй минæвар куы ис, уæд уымæ цæуылнæ бахъаст кæнут. Æмæ уæд махонтæ дæр базмæлыдысты. Лæгтæ та дзы куыд нæ ис, разагъды лæгтæ: Кодзырты Муради, Бзарты Хæчъассæ, Батиаты Афæхъо. Бавдæлдысты, æмæ хъаст ныффыссын кодтой æмæ йæ бæлццæттæм радтой, уæдæ йæ Уырысы минæварыл сæмбæлын кæнут, зæгъгæ. Гъемæ æнхъæлмæ кæсынц. Мах дæр æнхъæлмæ кæсæм. Уæдæ цы бачындæуа!

Хасанæн уымæ хъусгæйæ йæ зæрдæ цыдæр æрбалвæста:

— Уыцы хорз хабар махæй ничи зыдта, уый йеддæмæ сæ зын фæрогдæр уыдаид...

Арысхан йæ ныхас баппæрста:

— Ахæрынæй æнхъæлмæ кæсын хуыздæр у.

— Ды йæ, Арысхан, хъазгæйæ зæгъыс, — дзуапп ын радта Рубайты Саукуыдз, — фæлæ æнхъæлмæ кæсын чи нæ зоны æмæ фæразы, уый царды ницы хорздзинад фендзæн.

— Уæллæгъи, Саукуыдз, нæ хъазын. Мæхицæй дын æй зæгъын: æз, æнхъæлмæ кæсгæйæ мæ зæрдæ цæуылдæр куы нæ дарин, уæд афонмæ мæ сæрæн исты æрхъуыды кодтаин...

***

Зæрдæхъæлдзæгæй сæхимæ тагъд кодта Хасан. Рубайты Саукуыдз ын цытæ фæдзырдта, уыдон дæр ма дзы ферох сты, курдиаты хабар ын афтæ æхсызгон уыд: «Бамбардзæн нын уыцы минæвар нæ бæллæхтæ, нæ удтæ цы уынгæджы сты, уый æмæ нæ фæстæмæ нæ бæстыл сæмбæлын кæндзæн». Фæлæ дзы Саукуыдзы ныхæстæ куы нæ ферох уыдаиккой, куы сыл ахъуыды кодтаид, уæд æй бамбæрстаид, цинæн ын рæстæг кæй нæма æрцыд, уый. Саукуыдз та йын афтæ загъта:

— Саулæг саглæг у, адæмы хорздзинад æй фæнды. Фæлæ мах заманы зонды æвзаг нæ, фæлæ мулчы æвзаг кæрды. Уырысы минæвар дæр искæй куы фæрса, уæд Тугъанты фæрсдзæн, кæнæ Хъаныхъуаты, кæнæ та Цæлыккаты Ахмæты. Мах хуызæттæм дзы рад не ’рхаудзæн. Мах сæ фæдыл фосау рацыдыстæм æмæ ам дæр фосы цард кæндзыстæм. Уыдонæн та ам дæр ницы у, аз, дыууæ азы фæстæ та сæ гаччы абаддзысты...

Æвиппайды Хасанмæ афтæ фæкаст, цыма Саукуыдз рæстытæ дзуры, рагæй йæ зæрдæ цæмæ æхсайдта, фæлæ йæ бон æрцахсын цы нæ уыд, уый йæм æвиппайды æрвæрттывдау фæзынд, æмæ уайтагъд ахуыссыд; йе уæнгты æнхъæлмæ кæсыны ныфс бацыд æмæ æппæт иннæ хъуыдытыл, æнкъарæнтыл фæтыхджын ис, йæ быны сæ акодта, баныгæдта сæ...

Хур нæ каст, фæлæ митимæ цавæрдæр æнахуыр рухс хъазыди, суанг ма адæймаджы цæстытæ дæр рафæлив-бафæлив кодта. Дымгæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ ныффутт ласта, миты уæлцъар-иу ахылы-мылы кодта æмæ та-иу искуы хъæпæны фарсмæ йæхи æруагъта. Хасанæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты кæддæры хабæрттæ. Хаирхъыз-иу хæдзары цъындатæ кодта æмæ-иу йæ къуыбылой зæхмæ куы æрхауди, уæд-иу дзы гæды хъазын райдыдта. Йæ раззаг дзæмбытæй йæ ахста æмæ æрæнцад, зæгъгæ, уæд та-иу истæй фæстæ амбæхст, къуыбылоймæ æдзынæг кæсгæ. Стæй та-иу Хаирхъыз хал сивæзта, къуыбылой фезмæлыд æмæ та-иу æй гæды рацахста. Уыцы митæ ус ницæмæ дардта, фæлæ сыл-иу Хасан бирæ фæхудти.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.