Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 14 страница



— Лæггад кæнынмæ æз дæр нæ бæллын, фæлæ афтæ цæрын чи бафæраздзæн, ацы куыстæй бинонты фæдарæн ис? — не сразы йемæ Бола.

— Турк дын нæ фæдардзысты дæ бинонты.

Уымæй цалдæр боны куы рацыд, уæд Бола йæ фæнд Умар æмæ Хасанæн загъта:

— Æз æфсадмæ цæуын. Бавзарон ма уый дæр. Цы уæлдай ма мын у.

— Фæрæдидзынæ, лæппу, æмæ дын йе сраст кæнынæн амал куы нал уа, — загъта Умар.

Хасан бамбæрста, фыд æмæ фырты æхсæн ма раздæр ныхас кæй æрцыд, уый æмæ ницуал сдзырдта.

Бола йæхи фæнд атардта.

Гъе афтæ ацыд Бола Турчы æфсадмæ æмæ йæ уыцы бонæй фæстæмæ мæйæ фылдæр нал федтой.

***

Умар дæр æмæ Хасан дæр сæ бинонты арæх мысыдысты æмæ-иу исты æфсæнтты сæ искæцыйы кой хъуамæ ракодтаиккой. Дыууæйæн дæр сæ зæрдæ æхсайдта Асиатмæ, æнæфæразгæйæ йæ ныууагътой æмæ цы нæ æрцæуы! Зæрдæтæ мæлæтæй афтæ фæрыстысты æмæ йæ койæ дæр тæрсын райдыдтой, цыма сæ куы ферох уа, уæд æй сæхицæй адард кодтой, уыйау. Æмæ кæд сæ сæйраг мæт уый уыди, уæддæр йæ кой нæ рауад. Умармæ хорз нæ каст, йæ чызджы тыххæй ныхас йæхæдæг райдайа, уый. Хасаны та æфсарм нæ уагъта: куы нал æй уыдта, уæд æм ноджы хæстæгдæр фæци æмæ цыма уый йæ цæсгомыл бæрæг дардта æмæ йæ иууылдæр уыдтой, афтæ æнхъæл уыд. «Цымæ мæ æмбары, æхсæвæй-бонæй мæ зæрдæйы ис уый? — хъуыдыты-иу аныгъуылди Хасан. Æмæ-иу арæх касти Умармæ, уымæн йæ цæсгомы цыдæр уыди чызджы æнгасæй. Исдуг æй æвзарын дæр нæ фæрæзта, цы иухуызондзинад сæм ис, уый. Фæлæ иу хатт, Умар тынг куы æрæнкъард, уæд бафиппайдта — фыд æмæ чызгæн сæ цæстытæ уыдысты иухуызон.

«Мæгуырæг, иунæг кадджын стыр хуыцау дын цы хъысмæт равзæрста. Ныр ын кув æхсæвæй, бонæй. Уый куы нæ уыдаид, уæд афонмæ дæ дзæбæх бинонты къордимæ дæ райгуырæн хъæуы цæрис æмæ сын амæлынæй нæ тæрсис», — сагъæстыл-иу схæцыд Хасан, Умары-иу ламазгæнгæ куы федта, уæд. Хатгай та йыл-иу йæхинымæр худти: «Умар ламаз æрмæст иннæтæм гæсгæ кæны, æнæуи дзы ферох вæййы...»

«Кæд хуыцаумæ нæ кувын тæригъæд у æмæ адæм уымæн удхар кæнынц? Нæ, рæстмæ кувджытæ дæр къаддæр бæллæхы не сты, стыр фыдбылызтæ уыдон куы бавзæрстой», — ахицæн-иу сты йæ дызæрдыгдзинæдтæ.

Фæстаг рæстæджы Хасан бафиппайдта: Умар йæ ламаз райдыдта зæрдиагдæрæй. Йæ уæрджытыл-иу бирæ фæлæууыд æмæ-иу цыдæртæ сыбар-сыбур кодта.

Уыцы кувгæйæ-иу йæ цæсгомыл зынди катай, рыст æмæ ныфс. Æппæт уыдæттæ лæгыл афтæ тынг фæзындысты, æмæ бынтон дæр скъæсхуыр, æрмæст ма йæ аууон баззадис. Хасан æй æппындæр цух нал уагъта, æдзухдæр йæ фарсмæ уыд. Хатгай-иу Умар фæцудыдта æмæ-иу лæппуйыл бахауд.

Цы амал уыд, уымæй Хасан ауæрста Умарыл, куыста йæ бæсты, фæлæ-иу арæх афтæ сси, æмæ йæхицæн дæр æрхауынæй тарсти. Фыццаг сæ дыууæ дæр хуыр хастой. Фæлæ Умар куы æрлæмæгъ, уæд Хасан туркагæн балæгъстæ кодта æмæ сæ къахынмæ арвыстой. Хасан гъæйттæй архайдта, уæдæ, кæд ме ’мбалы йæ фæллад чысыл фылдæр уадзыны бон фæуид, зæгъгæ.

Хасан йæхи афтæ дардта, цыма лæгæн æппын ницы ауæрдæн ми кæны. Фæлæ йæ Умар бамбæрста. Цы йын загътаид — йæ удыхъæд ахæм у, æндæрхуызон нал фæуыдзæн. Зын ын уыди, лæппу уый тыххæй йæхи кæй хæры, уый, уымæн æмæ йæхæдæг дæр хуыздæр ран нæ уыди.

Хасан дæр тынг скъæсхуыр: йæ рустæ мидæмæ бахаудтой, йæ цæсгом ныддæргъæццон, фындз ныццыргъ.

— Уæдæ нæ туг куыд фæлыгъди! — загъта Умар, арты фарсмæ бадгæйæ, йæ сæр æруагъта, афтæмæй. — Ныр нæм Асиат искуыцæй куы æрбакæсид, уæд нæ нæ фæтæрсид?

Фыццаг хатт скодта йæ чызджы кой Умар æмæ йæм Хасан дисгæнгæ бакаст: цымæ цæмæн?

— Цы нæ бавзæрстам, ахæм нын нал баззад. Асиат дæр сыл ахуыр у, нал нæ фæтæрсдзæн, — загъта Хасан æмæ арф ныуулæфыди.

Умар æй цыма нæ фехъуыста, уыйау дарддæр дзырдта:

— Ныр æй цалдæр æхсæвы мæ фыны уынын. Мæ зæрдæ йæм тынг æхсайы... Куыд цæрынц? — йæ сæр батылдта уыцы тардзæсгомæй. — Уæ гæныстон æрбауай, цы бæстæ дæ!..

Умар иунæг нæ уыд, уыцы ран чи куыста, уыдон иууылдæр куырмæджы цардысты: нæдæр сæм исты хабар хæццæ кодта, нæдæр сæхицæй исты хъуысти. Уæвгæ сæ исчи исты куы фехъуыстаид, уæддæр æй кæмæн радзырдтаид, кæй æвдæлди хъусынмæ? Зыдтой æрмæстдæр сæ куыст æмæ сæ лæууæн бынат.

Афтæ каст алкæмæ дæр, афтæ хъуыды кодта раздæр Хасан дæр. Фæлæ йæ алфамбылаймæ цас лæмбынæгдæр каст, уыйас фиппайын райдыдта: нæ, адæм нæ бакуырм æмæ нæ бакъуырма сты. Диссаг сæм фæкастысты: цыма сæ тынг исты риссы, чысыл ма сæ хъæуы, сæ бон нал бауыдзæн æмæ уæд «фæдис» хъæр кæндзысты...

***

Æмæ, æцæгдæр, фæдисы хъæр райхъуыст.

Адæм фæкъордтæ-къордтæ сты æмæ се ’хсæнæй знæт ныхæстæ цыди. Ирæттæ хабар цæцæйнæгтæй базыдтой: фылдæр бакуыстой, афтæмæй сын æхца та къаддæр радтой.

— Нæ мызд нын æххæстæй бафидут, кæннод нал кусæм! — азæлыди алы æвзæгтыл.

Дзуапп та сын лæвæрдтой иунæг æвзагыл, хуыцауы минæвар, пысылмæтты ирвæзынгæнæг солтан кæмæн уыд, уыдоны æвзагыл:

— Ныртæккæ хъуыддагыл куы нæ æрлæууат, уæд иууылдæр тард æрцæудзыстут!

Адæм нæ басабыр сты. Кæмдæрты æртхъирæнтæгæнджытæн се рæгътыл абырыдысты æмæ фæлыгъдысты. Хъæлæба нæ къаддæр кодта, кæд, кæимæ дзырдтаиккой, уыдонæй сæ разы ничиуал уыди, уæддæр. Æддейы бакæсгæйæ дæр афтæ знæтхуыз, хæстмондагæй зындысты, æмæ адæймаг загътаид — уый æфсад у, гъе!

Умар æмбæрста, туркæгтæ се ’фхæрд кæй нæ ныууадздзысты æмæ Хасанæн тарсти. Ирæттæ цæцæнимæ уый зондæй баиу сты æмæ дзы бирæтæн, кæд кæрæдзи не ’мбæрстой, уæддæр сæ ныхас къаддæр нæ фæци.

Æфсонмæ-æфсонты Умар Хасаны адæмы æхсæнæй расайдта æмæ йæ ныхæстыл дардта... Æвиппайды Азырымы ’рдыгæй фæндагæй фæцыд тъыбар-тъыбур.

Се ’ппæт дæр уынæрмæ фæкастысты æмæ федтой — барджыты стыр къорд тахти уыдонмæ æмæ уайтагъд сæ цуры æрбалæууыд. Уыдон уыдысты туркаг æфсæддонтæ. Сæ разæй чи цыд, уый кардæлвæстæй ныхъхъæр ласта. Бæхджынтæй фæхицæн сты, æххуырстытимæ цы хицæуттæ уыд, уыдон æмæ адæмы схуыстытæ райдыдтой, кусынмæ бавналут, зæгъгæ.

Бирæтæ хорзау нал фесты, æфсæддонты куы федтой, уæд. Сæ алкæй фарсыл дæр сæ уыди æхсаргард, сæ алкæй æккойы дæр — топп. Æмæ сæ зæрдæтæ катайыл сысты, фæлæ сæ сæртæ не ’руагътой. Фæдисæтты хистæр йæ æнахуыр хъæртæй не ’нцад, æмæ йæ куы ничи ницæмæ дардта, уæд дæлдæртæм фæсидти. Уыдон се ’фсургъты æрцъыччытæ ластой æмæ дзыллæйы æхсæн скуыси сты. Тæвд бæхтæ иу ран нал лæууыдысты, кæй сынæгæй цавтой, кæй сæрæй, кæй къахæй.

Æвиппайды фехъуыст цæф арсы богътæ. Иууылдæр уый æрдæм фæкастысты. Æфсæддонтæй иу ехсæй ныццавта кæсгоны. Лæг барæгмæ фæлæбурдта æмæ йын йæ æхсаргард æд кæрддзæм æррæмыгъта. Фæцъортт æй ласта æмæ дзы йæ тых, йæ бонæй туркаджы срæхуыста. Барæг æрфæлдæхти. Кæсгонæн ма, æвæццæгæн, йæ зæрды ноджыдæр иннæтæй искæмæ фездæхын уыд. Фæлæ йæ къухы нал бафтыд — барджытæй йын иу фæстейы йæхи æрдаудта къæдз кардæй æмæ йæ сæр дыууæ дихы фæци.

Хистæр уый куы ауыдта, уæд та цыдæр фæтъæлланг ласта æмæ барджытæ ехсытæй адæмыл ралæууыдысты.

Адæм цоппайыл, ралидз-балидзыл сысты, фæлæ сæ «æгъдауæвæрджытæ» æййæфтой, ехсытæ сын сæ мæллæг буæрттæй чъепыстæ æппæрстой, иуæй-иутæ та дзы бæхты къæхты бын фесты. Æрæджиау ма æфсæддонтæн сæ раздзог æхсаргардæй æвзидгæйæ цыдæртæ загъта æмæ, сæ мард семæ айсгæйæ, ацыдысты.

Уыцы бон æххуырстытæй йæ къух никæмæнуал ницæмæ батасыд. Кæсгæттæ сæ зиан баныгæдтой, иннæтæй та алчи йæ цæфтæ æмæ йæ тугтæ æхсадта.

Æхсæз лæджы зæххыл баззадысты уæззау цæфтæй. Хъуысти сæ хъæрзын. Бирæ нал ахастой. Се ’мбæлттæ сæ, тæригъæдæй скъуынгæ, баныгæдтой.

Умарыл бирæ цæфтæ нæ ауади, афтæмæй йын тынг фæрыстысты. Уæддæр сын бафæрæзта, йæхицæй зындæр ран чи уыд, уыдонмæ кæсгæйæ. Дзурын ницы сфæрæзта, сау хъуыдытæ йæ уаргъау сæ быны скодтой. «Ау дингæнæг адæймагæн хайуаны над скæнæн ис ехсæй? Хайуаны дæр æдзух цæст ныццæвын куы нæ уарзы, — хъуыдытæ кодта Умар, фæлæ йын уый тыххæй æнцондæр нæ фæци.

Хасаныл фылдæр цæфтæ æруад. Йæ цæсгом бынтондæр ныттар. Афтæ йæм каст, цыма дзы мидæгæй риуы цыдæр аскъуыд æмæ хъеллау кæны.

— Ай куыд дингæнæг стæм, дæ рынтæ бахæрон Хасан, уый нал æмбарын, — дзырдта Умар сæ бынаты. — Нæ былыцъæрттæ адонмæ хордтам, адонмæ хæлæфгæнгæйæ ныууагътам нæ бæстæ, нæ ис, нæ бон, уæдæ нæ бахъахъхъæндзысты, зæгъгæ, адон та нын нæ зæронд устыты доны æппарынц, нæ цотæй нын хынджылæг кæнынц, сыдæй нæ марынц, стæй нæ фосау нæмынц... Ау, пысылмон уæддæр не сты?

Уыцы уавæртыл Хасан йæхæдæг дæр бирæ фæхъуыды кодта, фæлæ цæмæн афтæ у, уый бæлвырд нæма æмбæрста. Ныр æй, æнхъæлдæн, хатын байдыдта:

— Афтæ мæм мæ зæрдæ дзуры, æмæ ацы динтæ гæды митæ сты. Кæм ис хуыцау, а æппæт бæллæхтæ цæмæн уадзы? Кæд, æцæг, нæ хадзыйы загъдау, иунæг у, уæд æм алыхуызон куывдæй цæмæн кувынц, адæмæн кæрæдзи цæмæн цæгъдын кæны? Туркаг пысылмон нæ, фæлæ пехуымпар фестæд, уæддæр не знаг у.

— О дунейы фарн! Раст куы разынай, уымæй дын тас у, Хасан, — ныккæрзыдта Умар. — Æвæццæгæн, цы диныл хæцæм, уый æцæг сайæн у. Æмæ дзы æцæгæлонæй никæй сайæм, фæлæ дзы нæхи æмæ нæ къабæзты сайæм, сæфтмæ дзы нæхи æртардтам.

— Æлгъыст фестæм, æлгъыст, æрмæст æнæсæрфат динтæ æмæ хъуыдыты тыххæй. Фæлæ ма цы бачындæуа, цы? — фарста Хасан.

Цы кæнын хъуыд, уый та сæ ничи зыдта. Нæ йæ зыдта Умар дæр æмæ йæ бон ницы дзурын баци, цыма æдзæм мард уыди, уыйау æнæ фезмæлгæйæ лæууыд. Хасаны та фæндыд, исты йын куы загътаид, фæлæ дзæгъæлы æнхъæлмæ каст. Куыдфæстæмæ сæ алфамбылай ныссабыр. Æмæ уыцы сабырдзинад æвиппайды йæхи лæппуйы хъустыл ныццавта æмæ йын йæ сæры зонд атар кодта, бамбарын дæр æй йæ бон нал баци, куыд афынæй ис, уый. Уæвгæ фынæй баци? Нæ, уый фынæй нæ хуыйны, — зонд нал бафæрæзта уыцы æппæт æнамонд хъуыдытыл катай кæнын æмæ æвиппайды ахуыссыд, мæнæ къуындæг хæдзары цырагъ бирæ куы фæсудза æмæ фæстагмæ уый куыд ахуысса, афтæ...

VI

Хъазихан Олохлыйæ куы рараст, уæд доны ’рдæм фæзилæнæй фæстæмæ æрмæст иунæг каст фæкодта. Миты рагъыл сау дардта Лезийы æндæрг. Мад куыдта. Лæппу йæ зыдта æмæ йæхи зæрдæ дæр суынгæг. Цыма йæ исчи уыны æмæ фæхудинагæй фæтарст, уыйау фæгуыбыр æмæ тагъд-тагъд къардиуы фæндагыл доны былмæ аивгъуыдта. Дон ныйих, йæ уæлæ цы мит уыд, уый дымгæ здухæнтæ кодта. Хъазихан æм касти, фæлæ йæ бон равзарын нæ уыд, ацæуæн ыл кæм ис, уый.

Фæстиаты бон æй нæй, уый зыдта лæппу æмæ йыл комкоммæ бауад. Их фидаргомау разынд, фæлæ уæддæр ранæй-рæтты йæ къæр-къæр ссыди æмæ Хъазихан йæ цыдыл бафтыдта. Уайтагъд доны сæрты фæфале æмæ фæндагыл фæцырд.

Фæстаг заман æхсæвыгæтты ирд рахаста æмæ рæстæджы хъæд фæуазал. Мит уыди хæмпус æмæ рог. Хæхтæй дымдта уазал дымгæ, уый йæ фæлдзæгъдæн кодта, фæндаджы фæйнæфарс æй зылдта, стæй-иу æй искуы лæнкаумæ бакалдта. Хур нæ зынди, уæддæр бон рухс уыди. Арвыл æнæзмæлгæйæ лæууыдысты тæнæг æврæгътæ æмæ сæ аууонæй хуры фæлурс цалх зынди. Гъе уый тыххæй арв дæр уыди æргъæфстхуыз.

Хъазихан куыд фылдæр цыди, афтæ йын хъармæй-хъармдæр уыди. Чысыл фæхъæлдзæгдæр. Раздæр йæ зæрдæ Олохлыйы кæй ныууагъта, уыдонимæ дзырдта, сæ алчидæр сæ-иу йæ цæстытыл ауад, тынгдæр та — Асиат. Æмæ-иу уæд йæ цыдыл бафтыдта. Иу заман æм афтæ фæкаст, цыма бирæ фæцыд æмæ йæм йæ фæллад суадзыны фæнд фæзынди. Æрбадти фæндаджы уæлхъус цыдæр цъупгондыл. Йæ зæрды уыдис ахæрын дæр, æрмæфтауы йын Лези цы нывæрдта, уымæ дæр фæцæйæвнæлдта, фæлæ уайтагъд ахъуыды кодта:

«Мыййаг баба æмæ Хасаны æххормагæй куы баййафон, уæд та? Нæ, фæлтау уал бафæраздзынæн», — æмæ æрмæфтауы баст нал райхæлдта. Ныр ма сæ агурын хъæуы, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Зыдта æрмæстдæр уый, æмæ сын æнæ ссаргæ кæй нæй, Асиаты Хасан хъæуы, агуры йæ. Æмæ та йæ цæстытыл ауади йæ хо, уый йæм цыма æнкъардæй касти æмæ йæм дзырдта: «Цу, ма фæстиат кæн, ссар мын æй».

Цыма уыдæттæ æцæгæй уыдысты, уыйау Хъазихан фестади æмæ даргъ къахдзæфтæгæнгæ араст и æцæгæлон бæстæйы. Тугъантæ кæм цардысты, уыцы хъæумæ схæццæ æмæ Исламы хæдзар бацагуырдта. Сæ кæддæры фысымтæ йæ базыдтой æмæ йыл фæцинтæ кодтой. Уыцы бон æй нал рауагътой, æхсæвы цы фæуыдзынæ, зæгъгæ. Æмæ йæ кæд цыфæнды тагъд ацæуын фæндыди, уæддæр лæппуйæн бирæ лæгъстæ нæ бахъуыди.

Райсомы йæ Ислам хъæугæронмæ афæндараст кодта. Уым ын йæ уæхскыл хæцгæйæ загъта:

— Ам уæлæмæ комкоммæ цу. Сихорафонтыл Хъарсы фæндагмæ ахæццæ уыдзынæ æмæ-иу рахизырдæм нæ, фæлæ галиуырдæм фæзил, кæннод Хъарсы балæудзынæ. Уым уæрдонджынтæ арæх вæййы, кæд дæ исчи сæвæрид. Бæргæ уадзинаг нæ дæ ацы тыхст заман, фæлæ ахæм хъуыддаджы фæдыл æдзæугæ дæр кæм ис! Мæхи та уыйас не ’вдæлы...

— Бузныг... Мæхæдæг исты амæлттæй фæхæццæ уыдзынæн.

— Уастырджи де ’мбал, мæ хæдзар. О, хæдæгай, фæстæмæ здæхгæйæ нæм-иу æрбауайут æмæ уын уæ хабæрттæ базонæм...

Хъазихан фæцыдис æгас бон. Йæ амонд уыдис, æмæ хъæутæ фæндагæй иуварс уыдысты, æрмæст æм сæ хæдзæртты сæртæ зындысты æмæ хъуысти сæ куыйты рæйын. Ничи йыл сæмбæлд. Уæрдонджын нæ, фæлæ фистæг адæймаг дæр. Æмæ лæппу ууыл дæр тынг нæ тыхсти, кæннод æй туркæгтæ истæмæй фарстаиккой æмæ сын йе æмбаргæ цы бакодтаид, йе дзуапп цы радтаид?

Æризæр. Хъазиханæн йе уæнгтæ барызтысты, уазалæй нæ — тагъд цæуынæй стæвд, тас дзы дзæгъæл быдыры баззайыны мæтæй бацыд, хæхбæсты, дам, балбирæгътæ æхсæвыгон холы агурæг разил-базил байдайынц. Чи йæ базондзæн, цы фæци, уый? Стæй Хасанæн чи зæгъдзæни, Асиат æм куыд тынг æнхъæлмæ кæсы, уый, æмæ рынчын тæригъæд у.

Хъазихан йæ алфамбылаймæ æдзынæг касти, фæлæ йæм æрмæст хæхтæ зындысты, уыдон дæр дардæй. Æмæ та йæ санчъехтыл ноджыдæр бафтыдта.

Куы æрталынг, уæд лæппумæ фæндаджы галиуварсырдыгæй æрбайхъуысти куыйты зивæггæнаг рæйын. «Хъæу... — бамбæрста уый. — Цыфæнды куы фæуа, уæддæр мын уырдæм æдзæугæ нæй, искæй сарайы боныцъæхтæм фæбаддзынæн, стæй та мæ фæндаг дардзынæн». Иу чысыл ма куы ауади, уæд над митмæ гæсгæ бафиппайдта, хъæумæ фæндаг кæй фездæхт, уый. Æмæ йыл фæраст. Иу чысыл та ауад, æмæ фæсвæд ауыдта цыдæр рагъ. Балæгæрста йæм. Уый разынд хъæмп.

«Амæй хуыздæр бынат ма мæ цæмæн хъæуы?» — загъта Хъазихан æмæ афæлтæрдта рагъы сæрмæ схизыныл. Фæлæ йæ бон нæ баци, йæ къухтæ ихмитыл басыдысты. Афтæ дæр ма йæм фæкаст, цыма сæ туг кæлы. Куы бафæллад, уæд иу чысыл абадт æмæ рагъы хуынкъ къахын райдыдта.

Йæ бынат сцæттæ. Уым уыди æнуд, рыг фындзмæ цыди æмæ Хъазихан æхснырста. Стæй фæцахуыр æмæ йæхи ауагъта. Куыддæр æрцæйфынæй кодта, афтæ йæ хъустыл цæйдæр уынæр ауади.

«Бирæгътæ» — фестъæлфыди лæппу æмæ арфдæр абырыди. Йæхи куы æруагъта, уæд æм хъуысти æрмæстдæр хъæмпы сыр-сыр. Стæй та фæцыди æндæр уынæр дæр.

Ноджы фенхъæлдта, цыма рагъы раз чидæртæ рацу-бацу кæнынц...

Уыцы æхсæв Хъазихан нæ бафынæй. Цалдæр хатты скасти хуынкъæй æмæ иу рæстæджы бон цъæхтæгæнгæ куы федта, уæд рахылди, йæхи ацагъта æмæ дарддæр араст и. Йæ къухы бирæ ацæуын нæ бафтыди. Уæвгæ йæхимæ афтæ каст, цыма тынг тагъд цæуы, фæлæ йыл фæллад æмæ, æнæхуыссæг кæй фæци, уыдон фæзындысты. Цалдæр уæрдонджыны дæр ыл сæмбæлд, «сбад» та йын сæ ничи загъта. Иу хатт йæ зæрды уыди иу лæджы уæрдоны сбадын — исты амæлттæй йын къухæй бацамыдтаид æмæ йæ куы æрбаййæфта, уæд æм сдзурын йæ сæрмæ нал æрхаста.

«Адон не знæгтæ сты», — æрлæууыдысты лæппуйы зæрдыл Хасаны ныхæстæ æмæ уыдис йæ балцы койыл. Тыххæй-фыдæй йыл бон баизæр æмæ куыддæр иуварсæрдыгæй сарагонд ауыдта, афтæ йæм йæхи сарæзта.

Сарагонд, æвæццæгæн, кæддæр фосдарæн бынат уыди. Хохдурæй амад къултæ уыдысты æрдæгкæлдтытæ, миты бын фесты. Æрмæст дзы иу ран къуымы ссардта хус ран, уыцырдæм мит нæ бахæццæ. Дуаргонды дуртæ самайгæйæ, Хъазихан йе ’хсæв уым арвыста.

Хæрз чысыл афынæй лæппу — цалынмæ хъарм уыд, уæдмæ. Стæй бынтон дæр суазал, йе ’фсæртæ кæрæдзиуыл нал хæцыдысты. Йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ кæрæдзиуыл хоста, ратæх-батæхыл дæр-иу фæци, фæлæ нал тæфсти æмæ уыцы ихæнризгæнгæйæ цыппæрæм бон йæ фæндаг дардта.

Лæппу иу чысыл куы ауади, уæд фæхъыртхъом.

Æмæ та касти йæ алывæрстæм. Ныронг æм дардгомау цы хæхтæ уыдысты, уыдон куыдфæстæмæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой. Хъазихан сæ куыд бафиппайдта, афтæмæй цыдæр æнтъыснæгхуыз уыдысты. Иу бæлас, иу къудзи сæ никæцæй зынд. Æгасæй — митæй æмбæрзт, фæлæ сын уый дæр, цы хæхтыл сахуыр, уыдонау нæ уыди — цæст сæхимæ нæ сайдтой, зæрдæ сæм кæсын дæр нæ куымдта.

Сихорафонты Хъазиханмæ разынди стыр хъæу. Уый лæууыди уæрæх комы, йæ алфамбылай уыцы хæхтæ, афтæмæй.

Уый уыди хъæу нæ, фæлæ туркаг сахар Азырым. Дардмæ бæрæг дардтой йæ мæзджытты æмæ фидæртты цъуппытæ. Лæппу цас хæстæгдæр кодта сахармæ, уыйас æм диссагдæр касти.

Митнад фæндаг бацыди нарæг уынджы æмæ къæдзтæ-мæдзтæй кæдæмдæр згъордта. Йæ фæйнæфарс — дурын агъуыстытæ. Хъазихан ахæм бæрзонд хæдзæрттæ никуыма федта, суанг ма Хъарсы дæр. Иуæй-иутæн дзы — æддæрдæм рудзгуытæ, уыдон дæр — чысылтæ, уæле куыддæр зылдгæндтæ. Бæстыхæйттæн сæ фылдæр сæ чъылдымтæ раздæхтой æнтъыснæг уынгмæ, цыма йæм тæргай сты кæнæ йыл не ’рвæссынц, уыйау. Сæ сæртæ дæр æнахуыр, цыма сæ калгæ ачындæуыд.

Хъазихан иу ран æрлæууыди. Уалынмæ иу дуарæй æддæмæ рахызт саурихи ныллæггомау лæг. Хъазиханы куы ауыдта, уæд æм сдзырдта. Фæлæ йæ лæппу нæ бамбæрста. Лæг æм йæ къух батылдта æмæ уый йæ размæ бацыд.

— Тюрк?

Хъазихан ныхъхъус.

— Черкес?

Уæд æй бамбæрста æмæ йæ сæр батылдта. Мидæмæ йæ бахуыдта. Уым разынди дукани. Æрмæст дзы йæхæдæг уыди. Цавæрдæр æнахуыр æвзагыл ын цыдæртæ дзырдта, стæй йæ риу бахоста:

— Кавказ, Кавказ...

Хъазихан фæныфсджын æмæ æнахуыр лæджы бафарста иронау:

— Ацы хъæу Азырым у?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.