Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 11 страница



Умар фыццаг рæстæг фæрæзта йæхи бинонты дæр æмæ Хасаны руаджы Цураты дæр кæрæдзиуыл бæттын. Фæлæ Турчы зæххыл куы æрлæууыд æмæ куы федта, цы сыл æрцыд, уый, уæд йæ хъару асаст. Цы ма архайдта, уый дæр æрмæст иннæтæм гæсгæ. Умар бирæ уарзта Хасаны æмæ-иу арæх йемæ ныхæстæ кодта, кæд æргом никуы ницы загъта, уæддæр ын æхсызгон уыд, лæппу æмæ йæ чызджы æхсæн ахæм зæрдæйы уаг кæй ис, уый, йæ хъæбулæн æндæр амондмæ нæ бæллыд.

Хасанмæ гæсгæ Умар тынг рысти — лæппу дæр, йæхи цот дæр, се ’ппæт дæр сæфты къахыл лæуд сты æмæ йæм фæндагыл æгас бон иу хатт дæр не сдзырдта. Хасан раздæр уыцы хъуыддаг нæ бафиппайдта.

Фæлæ ныр давæггаг фысты фыдæй æхсæвæры фæстæ, Умары фарсмæ æрбадти æмæ йын йæ ныхæстæ ракодта:

— Нæ зæрондимæ абыцæу дæн, нæма йæ уырны, турк не знæгтæ сты, уый.

Умар ныуулæфыд.

— Цæмæн ма дзы хъæуы быцæутæ дæр, хæрз сæфт фестæм æмæ фестæм.

Хасан дисы бацыд — ныхæстыл нæ, ахæм ныхæстæ алкæмæй дæр хъуыста, фæлæ — Умар куыд дзырдта, ууыл. Уый дзырдта фæсусгомау, зырзыргæнаг хъæлæсæй. Æмæ йæ цыдæр фæрæхуыста. Фæндыдис æй уыцы хорз, цæстуарзон лæгæн исты дзæбæхдзинад зæгъын, фæлæ хъæугæ ныхæстæ нæ ардта. Æрæджиау ма йæм сдзырдта:

— Мах дæр ма-иу дæ ныфсæй куы аразæнгард стæм...

Умар æй цыма нæ хъуыста, уыйау йæхи дардта:

— Йæ фыдæлты бæстæ чи ныууадза, уый рæствæндаг никуы фæуыдзæн. Кæдæм лыгъдысты нæ дзæнæты хуызæн бæстæй, нæ рæсугъд хæхтæй? — йæ зæрдæ бауынгæг Умарæн. — Нæ хæхтæ ’мæ нæ бæстæ мысгæйæ ма бирæ фердиаг кæндзыстæм æмæ не ’намонд сæртæ æцæгæлон зæххы бафснайдзыстæм, кæд нæ ныгæнæг фæуа, уæд, кæннод та нын нæ мæрдтæ балбирæгътæ бахæрдзысты æмæ нын-иу, кæм цы дзæгъæлхæтæг ис, уыдон сæ гæбæр къæхтæй не стджытæ фæсвæдмæ аппардзысты...

Хасан нæ бамбæрста цæссыгтæ йæ рустыл куыд уадысты, уый, стæй Умар йæ разæй куыд ацыди, — уый дæр йæ цæссыгтæ нал баурæдта. Нæ фехъуыста, Асиат æм куыд дзырдта, уый дæр. Лæппу ныхасмæ куы нæ фезмæлыд, уæд æм чызгæн йæ зæрдæ фехсайдта æмæ йæ размæ бауад. Дзуццæджы æрбадт æмæ федта: йæ уарзоны рустыл цæссыгтæ згъорынц. Чызгæн улæфт нал фаг кодта, фæлæ уæддæр ныффидар, йæ цæссыгтæ йын ныссæрфта, стæй йын йæ къухтæ йæ уæхсчытыл æрæвæрдта. Лæппуйæн йæ сæр æрхаудта æмæ кæд ницы дзырдта, ницы суынæр кодта, уæддæр чызг бамбæрста — йæ уарзон куыдта.

Хасан йæ сæр систа, бакаст Асиатмæ, сыстад æмæ, чызгыл æнцойгæнгæйæ, арвмæ скаст, азылд цæгатырдæм æмæ загъта:

— Уæ нæ хæхтæ ’мæ нæ бæстæ! Цæй æнамонд фестæм мах, нæ фыдæлты зæхх! — Стæй дæлгоммæ ахауд, дзаг æфсир куырис куыд ахауы, афтæ.

II

Хъарсы сæрмæ уад тымыгъ хаста. Цæуыл хæст кодта, уыдоныл йæхи цавта. Адæмы цæсгæмттæ йыл сахуыр сты, кæд цыфæнды æнад уыд, уæддæр, фæлæ суанг дзаумæтты бынмæ дæр кæй хъардта, уымæй лидзæг адæм тынг тыхстысты. Цъыф фæндагыл хæдбынты, сæрак æмæ хæцъил дзабырты цъæпцъæпгæнгæ цыдысты бæлццæттæ æмæ сæ къæхтæ уыдысты донласт, фæлæ йæ ничи ницæмæ дардта. Уæрдоны чи бадт, уыдон дæр хуыздæр ран нæ уыдысты, æнæрынцойæ гæртт-гæртт кодтой. Тынг тыхсти Асиат, Хасан йæ разæй иуварс нæ цыди. Дзæрæхмæт-хадзы дæр æй ницуал хъыгдардта.

Кæд сæ туркæгтæ сæ хъæутæм нæ уагътой, уæддæр Хасан йæ цæцæйнаг æрдхæрдтимæ хæринæгтæ амал кодта æмæ сæ мадмæ лæвæрдта. Мисурæт сусæгæй, йæ тиу ыл куыд нæ фæгуырысхо уа, афтæ Асиатмæ касти, рохы дзы нæ задысты иннæтæ дæр.

Хасанæн йæ зæрдæ куы бахъарм и, уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр сæнувыд Асиатыл, йæ цурæй никуыдæмуал цыд æмæ-иу æй афарста, куыд дæ, зæгъгæ. Чызгæн цыма исчи стыр лæвар ракодта, уыйау схъæлдзæг, æмæ кæд йæхи уромыныл архайдта, уæддæр йæ цæстытæй бæрæг уыд, куыд амондджын та сси, уый.

Хъарсы сæ размæ рацыд Цæлыккаты Ахмæтæй æрвыст лæг — Тугъанты Мæджит æмæ дыууæ туркаджы. Мæджит бæлццæттæн салам радта æмæ сын бамбарын кодта: ам уал, Хъарсы хъæугæрон, сæ фæллад суадздзысты, стæй ирæттæ Сæрхъæмысмæ ацæудзысты, цæцæн та ноджы дарддæр — Мус, зæгъгæ, уыцы бæстæм.

Уымæй размæ æрмæст цæсгомæй чи зыдта кæрæдзи, иу ныхас дæр кæй æхсæн никуы æрцыд, уыдон ныр кæугæ æмæ ниугæйæ мыггагмæ хицæн кодтой.

Кæд, кæрæдзийæн дзыхæй цы дзырдтой, уый не ’мбæрстой, уæддæр сæ зæрдæты иу катай, иу рис уыди, æмæ сæ уый алчидæр æнкъарта.

Хасан бацыдис йæ æрдхæрдтæм. Цæцæйнæгтæ йын радыгай йæ къух райстой æмæ йын сæ иу загъта:

— Ды махæн не ’фсымæр дæ, мах Алхантæй стæм, æз — сæ хистæр Алба. Кæддæриддæр дæ бахъæуæм, — фехъусын нын-иу кæн. Мах Мусы бæсты æрæнцайдзыстæм æмæ алы кавказагæн дæр дзурдзыстæм, кæм æрæнцайдзыстæм, уый. Ссардзынæ нæ. — Стæй йе ’фсымæртæм фæзылд: — Æууæнк!

Кæстæр æфсымæры къухы хъама ферттывта. Хистæр æй райста æмæ дзы йæ къух фæлыг кодта, стæй йæ иннæтæм радта. Уыдон дæр се ’фсымæры бафæзмыдтой. Хасан уыцы цæцæйнаг æгъдау зыдта. Кæстæры къухæй хъама райста æмæ дзы уый дæр йæ къух фæлыг кодта. Æфсымæртæй йæ алкæй лыгыл дæр авæрдта æмæ сæ туг схæццæ ис. Алба Хасаны уæхск æрцавта æмæ ацыд, ацыд дыккаг дæр. Кæстæр бафæстиат æмæ куыддæр къæмдзæстыгхуызæй бакаст йæ ног æфсымæрмæ. Хасан бахудт, бакъахдзæф æм кодта æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта.

— Æз Цураты Хасан дæн, дæ зæрдыл мæ-иу бадар.

— Мах дæ зонæм, — загъта цæцæйнаг. — Фæлæ ды дæр мæ ном ма ферох кæн — Елбыздыхъо, æз дæ никуы ферох кæндзынæн...

— Хорз, ме ’фсымæр.

Уый дæр Хасаны уæхск æрцавта æмæ йе ’фсымæрты фæстæ ацыд, фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæ.

Цы нæ бавзæрста Хасан, уæддæр, æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ фæрысти æфсымæртæй фæхицæны фæстæ. Уæд та йæм дзургæ куы нал скодтаиккой, уæд ын æнцондæр уыдаид.

Фæлæ йын йæ зæрдæйы иу хай семæ ахастой æмæ ма уый туг пырхкалгæ риуы дыууæрдæм кодта.

***

Хъарсы фæстæ туркæгтæ лидзæг адæммæ хуыздæр цæстæй кæсын райдыдтой. «Æвæццæгæн а Тугъаны-фыртимæ цы туркæгтæ ис, уыдоны хатырæй», — ахъуыды кодта Хасан æмæ та йæм æбæрæг ныфс фæзынд.

Кæд уыцы ныфс хæрз чысыл уыд, уæддæр ын зынгæ фенцондæр æмæ йын, авджын дзаумайæн æрхауынæй куы тæрсай, уыйау тарсти. Искуы иу искæцы туркаг хъæуы исты дызгъуын ныхас куы рауади, уæд та-иу йæ уд ауад. «Цы тæппуд сдæн, алы хæппæй дæр тæрсын райдыдтон», — æрхудти-иу йæхиуыл Хасан.

Сæрхъæмысæй дарддæр иу чысыл хъæу Ханчъалы, зæгъгæ, уым бæлццæттæ цæргæ баййæфтой Тугъанты мыггаджы. Уыдонæй алкæмæн дæр йæхицæн уыди хæдзар, сæ фосæй ма цыдæртæ баззад æмæ чысылгай цæрæгхуыз фесты. Сæ хистæр Тауби Дзæрæхмæт-хадзыйы æрбацыд куы фехъуыста, уæд æм йæ фырттæй иуы рарвыста æмæ йæ сæхимæ æрбахуыдта. Дзæрæхмæт-хадзы сæм æрфысым кодта Мисурæт, Дзерассæ æмæ Хасанимæ. Æлбегатæй фæхицæн сты æмæ бинонтæ иууылдæр фæуыргъуыйау сты: «Ау, уый та куыд?.. Уыйас иумæ æппæт зынтæн бафæраз, иумæ цæхх æмæ кæрдзын фæхæр æмæ афтæ ахицæн у!».

Мæрдджынау баззадысты Æлбегатæ дæр, фæлæ сæ ничи ницы сдзырдта. Уæвгæ æрмæст дзургæ нæ, фæлæ сæ ахъуыды кæныны бон дæр никæй баци. Бынтон джихæй та Асиат баззади...

Фæлæ Хасан цы кæндзæн, ууыл сæ никæй сагъæс уыд.

Мад æмæ хойы куы æрбынатон кодта, уæд дын Хасан Мисурæтæн афтæ:

— Дзыцца, мæнæн («махæн» зæгъынмæ хъавыд, фæлæ цæмæндæр фæкъуыхцы) хæс нæу Æлбегаты... ныууадзын, — æмæ бафиппайдта, куыд ныссуйтæ, уый.

Мисурæт æнæ иу ныхасæй дæр бамбæрста йæ хъæбулы.

— Цу, цу, махмæ дæ зæрдæ мауал æхсайæд. О, хæдæгай, кæд хорз ран нæ уой, уæд-иу Асиаты ардæм рахон.

Фыды æфсымæр цы уаты уыд, Хасан уыцырдæм бакаст æмæ арф ныуулæфыд...

Фæлæ йæ Мисурæт сабыр кæнынмæ фæци:

— Алкæй дæр йæхи бинонты мæт ис.

Бынтон фендæрхуызон Хасан фæстаг бонты. Кæд æм æрцыдаид йæ мадæн ахъæбыс кæныны зонд, уыйас лæгæн уыдæттæ фидауынц! Фæлæ ныр Мисурæты рахиз къухæй æрбахъæбыс кодта.

Бирæ мæйты дæргъы Мисурæты зæрдæйыл фæлдæхтæй цы уæззау дур лæууыди, уый ахаудта æмæ йæм хуры тынтæ бакастысты.

Æлбегатæ æрæнцадысты Тугъанты Исламы хæдзары. Фысым бæлццæтты хорз суазæг кодта. Æлбегатæн Цураты ацыды фæстæ сæ хъыджы æлхынцъ нæма райхæлд, афтæ фæзынди Хасан. Æмæ йæ дуары раз худгæйæ лæугæ куы федтой, уæд иууылдæр бахудтысты. Æрмæстдæр Асиат скуыдта æмæ йæ цæсгомыл ныххæцыд.

Хасанмæ афтæ фæкаст, цыма ныртæккæ чызг ахаудзæн, йæ уд ницæуыл уал хæцы. Æмæ йæ сæр æруагъта йæ риуыл. Иууылдæр фæсонт сты. Хæдзары хицау ницы æмбæрста æмæ куы бинонтæм каст, куы дыууæ æрыгон адæймагмæ...

Бæлццæттæ Ханчъалы хъæуы Тугъантæм фæцардысты дыууæ боны. Дарддæр куы цыдысты, уæд Умар фысымæн арфæ ракодта:

— Дæ салам бирæ уæд, Ислам, тынг ныл бацин кодтай, æмæ дыл хуыцау бацин кæнæд.

Хæдзары хицау фефсæрмы ис:

— Ныббарут, ницæмæй сарæхстыстæм, æвæццæгæн, нæ уазалы тæфæй стыхстаиккат, — æмæ арф ныуулæфыд. — Лæг цыбыркъух куы уа, уæд алы ран дæр — мæгуыр. Ардæм дæр, æнхъæлдæн, дзæгъæлы хæлæф кодтам...

«Адæм се ’ппæт нæ, фæлæ ма суанг иу мыггаг дæр иухуызон не сты», — ахъуыды кодта Хасан, уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ. Уæвгæ æнæуи дæр хорз уыдта, Тугъанты Тауби æмæ Тугъанты Ислам куыд цардысты, уый. Æмæ кæд цыфæнды уыд, уæддæр Хасан фæбузныг Æлбегаты фысымтæй — уыцы цалдæр боны Асиат йæ хуыз скалдта, йæ уадултыл сæнт сырх ахорæн апырх æмæ сæрттывтой.

***

Æвæццæгæн, иумæйаг зыны хуызæн адæмы кæрæдзиуыл ницы бæтты, æмæ уæд ахæм хæлардзинадæй домбайдæр ницы вæййы. Фæндаджы тухитæн иумæ фæразгæйæ. Лези æмæ Мисурæт хотау сæмуд сты. Хаирхъыз куы фесæфти, уæд Мисурæтæн йæ цот æмæ Лезийæ хæстæгдæр ничиуал уыд. Хатгай-иу хъазгæйæ, Асиаты мæстæй мардта, мæ чындз дæ, зæгъгæ, æцæгæйдæр æй йæ зæрдæйы сныв кодта йæ хъæбулæн. Дыууæ бинонтæ схæлар сты, уымæн сæм кастысты Хасан æмæ Асиаты æхсæн цы зæрдæйы уаг уыд, уый чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг. Кæд Асиатыл сдтæс азæй фылдæр цыд, уæддæр сывæллоны хуызæнæй баззад: уыди рæвдауаг, зул ныхас дзы никуы ничи фехъуыста. Уæвгæ бинонтæ иууылдæр афтæ рахастой: мад æмæ фыд сæ цоты зæрдæтæ никуы ракъахтой æмæ сыл сахуыр сты, алцæмæй сæ фæзмыдтой.

Ханчъалæй куы раивгъуыдтой, уæд та дыууæ бинонтæ баиу сты, ацы хатт сын ноджы хуыздæр уыд — Дзæрæхмæт-хадзы Таубийы хæдзары сæмбæлди, семæ цы туркæгтæ цыд, уыдоны хистæримæ æмæ ныр уый уæрдоны бадти. Сæ фæндаг кæй æрцыбыр, сæ фæллад кæй суагътой æмæ сæ Дзæрæхмæт-хадзыйæ æфсæрмы кæнын кæй нал хъæуы, уыдæттæй бинонтæ схъæлдзæгхуыз сты. Æппынæдзух катæйтты æмæ хъарджыты бæсты сæм ныр æндæр ныхæстæ фæзынди.

— Иу хæдзарæн уал исты амал скæндзыстæм æмæ куыддæр æрбынатон уæм, афтæ нæ хъуыддæгтæ дæр дардмæ нал аргъæвдзыстæм, цыфæнды куы фæуа, уæддæр нæ цæрын хъæуы, — дзырдта Мисурæт.

— Мæ бон бакæла, — йæ сæр батылдта Лези, — ацы рыстытæ ма мын искуы ахицæн уой, адæймаг ницæуылуал æууæнды. Цæй æнамонд фестæм!

— Нæ, Лези, уæддæр ма нæм цыдæр амонд кæсы, бынтон бæллæхтæй нæ хуыцау бахызта.

— Дæдæдæй, нырма рыст дæн!.. Стæй, уырны дæ, Асиатмæ мæ зæрдæ æхсайы, æгæр арæх хуыфы.

— Цытæ дзурыс, йæ рынтæ йын ахæрон, ныр ын ницуал у! — стæй бахудти. — Тагъд дын æй нæхирдыгæй куы фæкæнæм, уæд ма-иу æм бакæс, цымæ йæ цæсгомæй хуртæ æмæ мæйтæ нæ кæсиккой.

Æмæ-иу уæд дыууæ сылгоймаджы ахæцыдысты чызг æмæ лæппуйы хабæрттæ дзурыныл. «Иу хатт мын чысылæй, дзидзидай ма уыди, афтæмæй доны былмæ куыд бабырыд æмæ малы куыд фæцæйхауд», — загъта сæ иу. Иннæ йын йæ ныхас иста: «Иу хатт мын хъуырнизæй куы æрбарынчын, уæд ма йæ, мæ къона, тыххæй фервæзын кодтон». Мадæлтæ куыд дзырдтой, афтæмæй сæ сабитæ алцæмæй дæр иухуызон уыдысты, суанг ма конд æмæ уындæй дæр.

***

Сæумæрайсом Ханчъалы сæрмæ фæзынди мигътæ. Æмæ кæд дыккаг бон тымыгъ нал хаста, уæддæр бæстæ уыди уымæл æмæ æргъæфст. Алфамбылаймæ акæсгæйæ, адæймаджы зæрдæ ницæмæй рухс кодта: арыхъхъытæ, къуыппытæ-дзыхъхъытæ, фæлвыххуыз зæххы гæппæлтæ мæгуыргомауæй æнæулæфгæйæ лæууыдысты. Сæ райдиан кæм уыд æмæ фæугæ кæм кодтой, уый ничи æвзæрста: арв сыл йæ хъуынджын кæрцы фæдджитæ æруагъта æмæ фæбынæй сты.

«Цæй мæгуыр бæстæ дæ, цæ! — загъта йæхинымæр Хасан, уыцы быдыртæм кæсгæйæ. — Хъæутæ дæр дзы, æвæццæгæн, уымæн арæх не сты, æмæ дзы хор нæ, фæлæ кæрдæг дæр адæмымыггаг нæ зайы. Ам лæг цæмæй фæцæра, кæд дзы æндæр исты амæлттæ гæнæн нæй, уæд?»

Рæстæг сихорафонтæм куы фæцæйхæццæ, уæд арвы хъуынджын кæрц иу ран фæтæнæгдæр æмæ хуры рухсы фæрсудзын райдыдта уыцы æфхæрдхуыз бæстæмæ. Быдыртæ дæр чысыл базмæлыдысты æмæ уæд æвзистау се ’хсæнæй сæрттывта доны таг. Бирæ цæуын сæ нал бахъуыд. Доны рахиз был уыди бæрзонддæр, йæ къардиуы фæстæ барæг йæхи бааууон кодтаид. Алы ран дзы схизæн нæ уыд, фæлæ йын туркæгтæ йæ ауайæн зыдтой æмæ йæм комкоммæ бацыдысты.

Бæлццæттæ фаллаг фарсмæ куы ахызтысты, уæд сын туркæгтæ чысыл дарддæрмæ бацамыдтой:

— Олохлы, Олохлы!

Олохлы уыди хъæуы ном. Уымæн арвы рухсæй æрттывтой йæ хæдзæртты уымæл сæртæ, кæд сыджытæй æмбæрзст уыдысты, уæддæр. Бæрæг дардтой сæ æлыгæй цагъд чъизи дурын къултæ. Зындысты стæм бæлæстæ цæнкуылты хуызæнæй.

Туркæгтæ сæ кæрæдзийæн цыдæртæ адзырдтой стæй чи йæ галтыл схъæр кодта, чи йæ хæрæгыл æмæ та араст сты. Фæссихор бæлццæттæ бахæццæ сты, туркæгтæ Олохлы кæй хуыдтой, уырдæм. Æрлæууыдысты хъæугæрон æмæ Дзæрæхмæт-хадзы уæрдонæй куы рахызти, уæд æм лæгтæй бирæтæ бацыдысты — алкæй дæр фæндыд, æвзаринаг ма сын цы ис, уый базонын.

Дзæрæхмæт-хадзы хорз æмбæрста, цæмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц, уый, фæлæ уыдонæн исты зæрдæтæ бавæрын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Уый сындæггай адæмыл йæ цæст ахаста, сындæггай йæ рихитыл йæ къухтæ æруагъта, сындæггай цыдæртæ азарæгау кодта, йæ фындзы бын хъуымхъуымгæнгæ æмæ æрæджиау загъта:

— Иунæг кадджын стыр хуыцауæн зын ницы ис — сæрæгасæй бынатыл сæмбæлдыстæм. Ацы хъæу нын Турчы паддзах цæрæнбынатæн дæтты, йæ амонд бирæ уа æмæ хуыцауы хæрзтæй хайджын уа!

— Буцæй фæцæр, Дзæрæхмæт-хадзы, фæлæ та адæмы фæсдуæртты рахау-бахау кæндзыстæм? — бафарста Цæлыккаты Дженалдыхъо. Уый рацыд йæ мады æрвадæлтæ Хъаныхъуатимæ, кæд ыл сæхионтæ Сæрхъæмысы сæмбæлдысты æмæ йæ урæдтой, уæддæр. Бирæ мæстытæ сæ федта — сидзæрæй куы баззад йæ ныййарæджы амарды фæстæ, уæд сын æхсæны цума уыд, цалынмæ йæ йæ мады æрвадæлтæ нæ акодтой, уæдмæ. Хъомыл дæр æмæ лæг дæр уыдонмæ сси, стæй йын сæ фарсмæ иу чысыл хæдзар скодтой, ус ыи ракуырдтой æмæ æрбæстон. Фæлæ иннæтау уый дæр сæрра (афтæ дзырдта æгас фæндагыл дæр) æмæ схæтæгхуаг ис.

Дзæрæхмæт-хадзы, Дженалдыхъо йæ куы бафарста, уæд туркæгтæм бакаст æмæ загъта:

— Не ’мдингæнджытæ нын сæ цæрæнуат ныууагътой. Афтæ сын бафæдзæхста хуыцауы кадджын минæвар, пысылмæтты сæрхъуызой Турчы солтан.

— Æмæ уыцы минæвæрттæн фидын ницы бахъæудзæн? — бафарста та Дженалдыхъо.

— Уæдæ дын ахæм хуыцау кæм ис, æмæ æнæ фынддæс сомы хæрæг кæмæй рантыса, — Дзæрæхмæт-хадзыйы бæсты дзуапп радта Карсанаты Мамсыр, бæрзондгомау, хъоппæгцæстджын лæг.

Хъæуы уыдис иунæг уынг, æрмæст ма астæуæй уынджы чъылдыммæ дыууæрдыгæй дæр лæууыдис къорд хæдзары. Кæрт æмæ дзы кæрон бæрæг нæ зынд, адæймаг дзы куыдз æрцæвæн къæцæл дæр не ссардтаид.

Туркæгты хистæр йæ уæрæх хæлафы дзыппæй сласта цыдæр бур гæххæтт æмæ йæ райхæлдта. Уым уыд араббаг дамгъæтæй хъулæттæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы фыст уыдысты лидзæг адæмы нæмттæ. Туркаг мыггæгтæ нымадта æмæ сæ алкæмæндæр амыдта хæдзар. Цæрæнбынæттæ æдде бакæсгæйæ уыдысты иууылдæр иухуызон. Къуырма æмæ куырм адæймаджы хуызæн лæууыдысты, æрмæст дзы йæ дуар гомæй кæмæн баззад, уыдон цыма искæмæ сидти, рацу æмæ сæ сæхгæн, зæгъгæ, афтæ сæхи тылдтой дымгæйæ.

Хъæуы астæу уыди цалдæр хæдзары, сæ уынд, сæ конд иннæтæй рæвдздæр. Уым туркаг æрцæрын кодта Дзæрæхмæт-хадзы, Мамсыраты Агуыбейы, Мамсыраты Гуыргъохъойы æмæ Карсанаты Мамсыры. Дзæрæхмæт-хадзы йæ фарсмæ цæрæнбынат самал кодта йе ’фсымæры бинонтæн, уыдонæн дæр иннæ хæдзæрттæй хуыздæр рауади. Фæлæ сын зын уыдис, Æлбегатæ сæм дард кæй æрцардысты, уый.

«Ай нын зæронды уынаффæ у, нæ цæуынц Умары бонзонгæ бинонтæ йæ зæрдæмæ, — бамбæрста фыды æфсымæры Хасан. — Фæлæ дын дзы ныр ницы рауайдзæн, мах дыууæ бинонты кæрæдзийæ ничиуал фæхицæн кæндзæн». Асиатæн дæр афтæ загъта:

— Ноджыдæр ма мæ фондзыссæдз Туркмæ куы арвитой, уæддæр ныр æдзухдæр иумæ уыдзыстæм.

Æлбегатæн дæр хъыг уыдысты Дзæрæхмæт-хадзыйы митæ, фæлæ ницуал загътой. Хуыздæр æнхъæлмæ ницæмæ кастысты, æрмæст сæ, иу бинонтау кæимæ сысты, уыдонæй фæиппæрд уæвын нæ фæндыд.

Мисурæтæн йæ фылдæр сагъæс Æлбегатыл уыди. Кæд ын Лези никуы ницы радзырдта, уæддæр æй зыдта, сæ рæбынæй сæм райсинаг кæй ницуал ис, уый. Æмæ хæдзармæ куыддæр бацыдысты, афтæ Хасанæн загъта:

— Лæппу, дæ фыд дæр, уыцы æхцатæй ды цы сарæзтай, æндæр ницы сарæзтаид, — Мисурæт аивæй йæ цæссыгтæ асæрфта. — Кæд ма дæм дзы исты ис, уæд сæ Умарæн ратт: тыхстæй сæ ныууагътам.

Хасан бафиппайдта, мад йæ цæссыгтæ куыд асæрфта, уый, æмæ йæхи зæрдæ дæр бауынгæг.

— Ницы кæны, дзыцца, ныр исты амал кæндзыстæм, кæд ацы дыууæ къухы дæр бафæразиккой, — æмæ йæ армытъæпæнтæм æркасти...

Умар сызгъæрин æхцатæ нæ куымдта.

— Бузныг, Хасан, æнæуи дæр дын дæ хæрзтæ кæд бафиддзыстæм? Уæхи бахъæудзысты ацы тыхст заман.

Асиат ныхас хъуыста æмæ йын цыдæр тас йæ зæрдæ æрбалвæста. «Æвæццæгæн, нæ бинонтæ хицæн кæнынц, баба дæр Хасанмæ фыццагау куы нал дзуры. Æмæ уæд æз та!?»

Фæлæ йын цыма Хасан йæ сусæг катай бамбæрста, уыйау Умарæн загъта:

— Æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ иу бинонтæ стæм, иу цард нын ис... мыггагмæ дæр, — æмæ фæкъуыхцы, йæ сæр æруагъта. Стæй фестъæлфыд. — Ау, Умар, уæдæ мын-иу зæрдæтæ куы ’вæрдтай æмæ дæ руаджы мæ ныфс асæттын куы никуы бакуымдта, уæд дæ ныр ахицæн уæвын фæнды?..



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.