Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 15 страница



— Эрзерум, Эрзерум, — загъта дуканийы хицау. Загъта ма ноджы цыдæртæ, фæлæ йын дзы лæппу уыцы дзырд йеддæмæ ницы бамбæрста. Уæддæр ын æхсызгон уыд уымæ хъусын æмæ йæ мидбылты худти, уый дæр ын йе уæхскыл йæ къух авæрдта. Стæй бауади æмæ рахаста дзул, дзидзайы кæрдихтæ, авджы мидæг цыдæр сырх дон. Даргъ фынггондыл сæ æрæвæрдта æмæ та цыдæртæ дзырдта...

Хъазихан æй нал æмбæрста. Уæд фысым къæбæр, фыдызгъæл систа æмæ йæм сæ радта. Нуазгæ дæр акæн, зæгъгæ, йын ацамыдта. Лæппу донæй анызта. Туаггомау æмæ адджынгомау æм фæкасти. Йæ хæйттæ дæр ахордта. Лæг ма йын фынгмæ амыдта, фæлæ лæппу нал бакуымдта. Уæд ын уый йæ æрмæфтау райста æмæ хойрæгтæй цы баззад, уыдоны йын уым цæвæрдта.

Хъазихан схъарм, ноджы фæхъæлдзæгдæр. Ай хуыцауы уарзон адæймаг у, — загъта йæхинымæр. — Нæ адæм кæм сты, уый мын куы бацамонид». — Æмæ йæ фæрсын райдыдта, фæлæ йæ æвæццæгæн, уый не ’мбæрста. Æрæджиау йæ зæрдыл æрлæууыд, кæдæм сæ баххуырстой, уый æмæ уæд зæхх Къахæджы архайд афæзмыдта, стæй «Кавказ», «Кавказ» дзырдта.

Уæд æй лæг æддæмæ ракодта æмæ йын дардмæ къухæй бацамыдта.

— Бузныг. Хорз адæймаг дæ æмæ дыл хуыцауы салам сæмбæлæд, — загъта Хъазихан.

Ахæм ныхæстæ фыццаг хатт схаудтой йæ дзыхæй, куы цæры, уæдæй нырмæ. Азырымы уынджы цыди, йæхицæй стыр бузныг уæвгæйæ. Афтæ йæм касти, цыма уал боны цæуыл фæтухи кодта, æмæ цæмæ бæллыди, уый йæ къухы бафтыд æмæ суанг æнæмæтхуыз дæр уыди, йæ хъару, йæ зонд чи зоны, ахæм ас лæгау. Фæлæ йæ хæрзгæнæгæй куы адард и æмæ бæрзонд дурын агъуыстытæ йæ алыварс куы æрæмбырд сты, уæд та сагъæстыл схæцыд...

Хъазихан æмбæлди алыхуызон адæмыл: чи дзы мæгуырхуыз уыд, чи арæзт, æрмæст иууылдæр æнахуыр дзаумæтты, ироны хуызæн дзы ничи уыд æмæ дзы йæ зæрдæ никæмæй срухс, уыцы тарæрфыгæй та размæ лæгæрста æмæ лæгæрста.

Бон йæ цыды кой кодта. Уалынмæ æризæр. Кæд хур уый размæ дæр нæ касти, уæддæр афтæ фенхъæлæн уыд, цыма æрæджы æрныгуылд. Уæлдæфы фæзындысты изæры æндæрджытæ æмæ тагъд-тагъд сæ бынæттæ ивтой, иу ран сын æрлæууыны хъомыс нал уыди. Стæй кæрæдзиуыл æндæдзын райдыдтой, къордтæ-къордтæ фесты æмæ бæстæ фæтардæр, кæд талынг нæма уыд, уæддæр.

Хъазихан цы акодтаид, уый нал зыдта. Кæм ма агура, чи йæ хъæуы, уыдоны? Æмæ уæддæр афтæ æбæрæгæй размæ æфсæрста. Стæй ауыдта: йе ’рбакомкоммæ бирæ адæм æрбацæуы. Чи уой? Лæппу схæйрæг. Уалынмæ йæм фыццæгтæ æрбахæццæ сты. Хъазихан фæндагæй иуварс алæууыд æмæ сæм касти. Уыдон уыдысты алыхуызон дзаумæтты — чи кæрцы, чи цухъхъайы, чи бæмбæджджын куырæты, чи бызгъуырты. Фæлæ иу джиппы уагъдау уыдысты æрмæстдæр сæ æфхæрд, сæ мæгуырæй.

Изæрæндæргтæ сарæхдæр сты æмæ уыцы адæм Хъазиханы цæстыты сиу сты, æппындæр сæ кæрæдзийæ нал иртæста. «Махонтæ дæр ам уыдзысты æмæ мын ирвæздзысты», — фæтарсти Хъазихан æмæ хъæр кæнын райдыдта:

— Бола!.. Хасан!.. Бола!.. Хасан!..

Фæндагыл цæуджытæ йæм фæкæс-фæкæс кодтой, фæлæ йæм ничи сдзырдта: чи йæ æмбæрста, цавæрдæр лæппуйы цы хъæуы, уый? Фæлæ уæддæр Хъазихан не ’нцади:

— Хасан!.. Бола!.. Хасан!.. Бола-а-а!..

Умар æмæ Хасан цыдысты фæрсæй-фæрстæм. Хасан се ’ппæтæй раздæр фехъуыста хъæр æмæ йæ хистæрмæ фæкаст.

— Нæ дыууæ Болайы номæй нæм чидæр сиды, — стæй йæ алфамбылайыл йæ цæст ахаста æмæ сæ хъæуккæгты куы федта, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Цымæ чи уа уый?

Уыцы хъуыддаг диссаг фæкаст Хасанмæ æмæ хъæр кæцæй цыд, уырдæм æвæды атындзыдта. Цалынмæ йæ хæд размæ нæ бахæццæ, уæдмæ йæ нæ базыдта.

— Хъазихан!..

— Хасан!

Хъазихан æм йæхи баппæрста.

Хъæбыс-хъæбыс хæцгæ сæ æрбаййæфтой Умар æмæ се ’мбæлттæ. Иууылдæр æй сæ хъæуы, сæ бинонты хабæрттæй фæрсын райдыдтой, æмæ сын уый дæр цъæррæмыгъд дзуаппытæ лæвæрдта.

Æхсæвы куы банафон, æрмæст уæд баззадысты сæхæдæг æртæйæ æмæ уæд фыд фырты бафарста:

— Ацы фыдбылызы фæндагыл дæ цы хуыцау рахаста?

Хъазихан йæхиуыл фæдис кодта, куыд дзы ферох ныронг дæр йæ хабар æмæ йæ комкоммæ загъта:

— Асиат тынг тыхст у æмæ мæ дæумæ, — аздæхт Хасанмæ, — рарвыста, тагъд, дам, фæзын.

Цыфæнды хабар куы фехъуыстаид Хасан, уæддæр нал фæдис кодтаид — бирæ зынтæ бавзæрста. Фæлæ йын ныр Асиаты тыххæй цы загъдæуыд, уымæй йæ буар ауазал, улæфт ын нал фаг кодта. Цыдæр тых ма йæ йæ бынатæй систа æмæ йæ æддæмæ рахаста. Куыддæр къæсæрæй рахызт, афтæ йæ уæрджытыл æрхауд æмæ мит зыдæй хæрын райдыдта, нал æй æмбæрста, афтæмæй.

Хъазихан уади йæ фæстæ æмæ цы кусы, уый куы федта, уæд йæ разы æрлæууыд, йе уæхскмæ йын бавнæлдта, фæлæ дзурын ницы сфæрæзта, кæд ын бирæ цыдæртæ зæгъынмæ хъавыд, уæддæр. Хасан æрæджиау фестъæлфыд, цыма фехъал, уыйау æмæ Хъазиханы тарстæй афарста:

— И?

— Уæлæмæ сыст.

Хасан сыстад, йæ сæрыл схæцыд. Дуне уыди æмыр. Нæдæр сыбыртт, нæдæр рухсы цъыртт. Хъазиханы уæхскыл, ныффидар, фæлæ къах айсын нæ фæрæзта. Лæппу йæ бамбæрста, цы йæ фæнды, уый æмæ сæ бынаты ’рдæм араст и. Йæ фарсмæ цыди Хасан дæр. Умары размæ куы бахæццæ сты, уæд æрбадти. Бирæ рæстæг фæбадтысты æнæдзургæйæ се ’ртæ дæр, талынджы кæрæдзи дæр нæ уыдтой.

Æхсæвы Умар загъта:

— Нæ мызд исынмæ ма дыууæ боны ис. Стæй ацæудзыстæм.

Хасан дæр сразы.

Æрмæст уый фæстæ Хъазихан бафарста Болайы тыххæй æмæ йын хабар куы радзырдтой, уæд ницы дзуапп радта — нæ йæ æмбæрста, хорз бакодта æви æвзæр.

VII

Лези тынг тарсти йæ чызгæн. Асиат афтæ слæмæгъ, æмæ ма йæ цæстытæй тыххæй касти. Æхсæвыгæтты-иу мад афтæ æнхъæлдта, æмæ йæ улæфт фæкъуыхцы уыдзæн, бынтон-иу ныссабыр. Æмæ-иу уæд йæхи зæрдæ дæр ныллæууæгау кодта. Фæлæ-иу уалынмæ йæ уынæр хæрз чысыл райхъуыст æмæ та-иу сыл хур скаст. Боныгон хъæлдзæгдæр уыдысты, йæ мидбылты ахудыныл-иу афæлвæрдта æмæ-иу Лезийы афарста:

— Хасанæй ницыма хабар ис?

— Тагъд сæ ардæм хъæуы, мæ къона, никуы бафæстиат уыдзысты, — басабыр-иу æй кодта мад.

— Сæрвасæн æмæ ма мын айдæн ратт, кæннод мæ афтæ пыхцылæй куы ’рбаййафой.

Лези-иу чызджы рабадын кодта. Уый йæ дзыккутæ лæгъз ныффаста. Кæсæны-иу Асиат йæхи нал зыдта, чи йæм зынд, цыма уый æндæр исчи уыди. Цыдæр фæцис йæ тымбыл цæсгом, сырх уадултæ, йæ рустыл цы дзыхъгæндтæ уыд, уыдон дæр фесæфтысты. Бавзыдысты йæ æрфгуытæ, йæ цæстытыл цавæрдæр фæлм æрбадт æмæ тар къуырфыты арфы æрæнцадысты...

Асиат та уыцы бон дæр (уыди æртыццæг) йæ сæр фаст куы фæци, уæд бафæллад æмæ йæ йæ мад хуыссæны арæхстгай æруагъта. Йæ улæфт къуыхцы кодта, фæлæ куы фæхуыздæр, уæд Лезийы бафарста:

— Нæхионтæ куы æрбаздæхой, уæд сын хæринагæн цы кæндзынæ?

Йæ кæуын йæ былалгъыл, афтæмæй йæ мад сабыр ныфсытæ æвæрдта:

— Алцыдæр мæм ис, мæ къона, цары мын æнæхъæн фарс хусæй куы лæууы. Дæуæн дæр дзы афыхтон, ахæр-ма, æмæ дын фенцондæр уа.

— Мæнмæ хæрын нæ цæуы.

— Ахæр, мæ къона, кæннод нæ адæм цы зæгъдзысты, æххормагæй дæ куы æрбаййафой, уæд.

— Куы æрбацæуой, уæд иумæ бахæрдзыстæм.

— Уыдон нырма тагъд не ’рбацæудзысты, — æнæнхъæлæджы сирвæзт мады дзыхæй, æмæ фæлтау йе ’взаг куы ахаудаид, уæд ын æнцондæр уыдаид.

Асиаты цæсгом фæтар:

— Уæдæ афтæ куы загътай, тагъд æрбацæудзысты.

— Тагъд æрбацæудзысты, тагъд, мæ къона.

Асиат иу чысыл ахордта.

Бонæй та йæм æрбауади Дзерассæ æмæ рынчыны хуызæй йæ зæрдæ фæрухсдæр. «Уæ хуыцау, кæд фæдзæбæх уаид, йæ уд куы нал у мæгуыр», — ахъуыды кодта Дзерассæ æмæ чызгимæ дзурыныл фæци.

— Лези афтæ зæгъы, Хасан, дам, абон æрбацæудзæн. Сымах дæр æй зонут? — бафарста йæ Асиат.

Дзерассæйы нæ уырныдта, Хъазихан Хасаны ссардзæн, уый. Агурæг сæм куы ацыди, уæд ыл Мисурæтимæ бирæ фæкуыдтой, фесæфдзæн мæгуыр лæппу, зæгъгæ. Фæлæ уыдæттæ рынчынæн хъæргæнæн нæй, æнæуи дæр цъус æнамонд нæу. Тыххæй схудти, афтæмæй йын зæрдæ бавæрдта:

— Тагъд æй ардæм хъæуы, уый дын искуы фæстиат комы!

Кæд Туркмæ ралидзыны размæ кæрæдзи нæ зыдтой, уæддæр та цыма сыхæгтæ уыдысты, афтæ ногæй-ногмæ мысыдысты, сæ алчидæр-иу сæ хъæзтытæм куыд цыди, уалдзыгон-иу сыхы ног чындзыты доны былмæ куыд акодтой, уым-иу куыд хъæлдзæг уыди, уыдæттæ, ныхас кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ, царды нывтæ сæ цæстытыл уайын кодтой. Æрмæст иу хъуыддагæй кæрæдзийы не ’мбæрстой: Асиаты фæндыди, Дзерассæ йын Хасаны кой цæмæй ракæна, уый, хо та йæ æндæр ныхæстыл дардта, — тарсти, йæ зæрдыл та куы æрлæууа, уæд та йæ фæрсыныл ныллæудзæн æмæ та йæ рынчынæн гæды ныхæстæ кæнын хъæудзæн.

Йæ зæрдыл та æрлæудзæн!.. Хасан Асиаты зæрдыл æрлæудзæн?!. Æмæ дзы цымæ искуы цух фæци, суанг ма фыны дæр. Лезимæ афтæ дæр ма кæсын райдыдта, æмæ Хасан нæй дунейыл, зæгъгæ, уæд чызг афонмæ раджы æрæнцадаид. Æрмæст ма йæ уыцы тых ныббаста рухс дунемæ æмæ йыл хæцы, хæцдзæн ыл, цалынмæ фæраза, уæдмæ.

Изæры Асиат фæсæрæнхуыз, хæринаг дæр бацагуырдта. Куыддæр хæрд фæци, афтæ йæм Мисурæт æмæ Дзерассæ рынчынфæрсæг æрбауадысты. Зыдтой йæ, чызг хорзау нал у æмæ йæ бон цалдæр хатты бæрæг кодтой. Фæлæ йæ ныр дзæбæхдæрæй баййæфтой æмæ йæ разы бирæ дæр нæ абадтысты.

Мисурæтитæ сæхимæ куы здæхтысты, уæд сын Асиат загъта:

— Хасан махмæ куы бафæстиат уа, уæд-иу ма тыхсут.

Мисурæт йæ цæссыгтæ аныхъуырдта æмæ йæ мидбылты бахудт:

— Хорз, хорз, мæ хур.

Асиат уыцы хъæлдзæгхуызæй баззад.

Лезийæн чызджы уындæй йæ зæрдæ чысыл фæфидардæр æмæ хæдзары цыдæртæ архайдта. «Мæ уд дæ фæхъхъау фæуа, хуыцауы хорзæх дыл куы сæмбæлид æмæ ма дыл æнæнизы бон куы скæнид», — дзырдта йæхинымæр мад.

Асиатæй мад ферох, æнцад уæлгоммæ хуыссыди æмæ цармæ касти. Хъуыды дæр ницæуыл кодта. Хатгай-иу риуы цыдæр хъарм уылæн фезмæлыди æмæ-иу æддæмæ фæндаг агуырдта. Фæлæ ницы амал ардта æмæ-иу уæд йæ хæр-хæр сыхъуысти. Куыдфæстæмæ уыцы уылæн рынчыны тыхсын кæнын райдыдта, фæлæ йын фæрæзта. Куы-иу ахицæн, уæд та йыл хъуыды дæр нæ кодта.

Йæ уыцы уавæр бирæ нæ ахаста. Иу заман уылæны фæстæ хæр-хæр нал банцад. Асиаты фæндыди мадмæ фæдзурын, Лези йын йæ хъуыр асæрфта, цыдæртæ йын дзырдта. Фæлæ йæм чызг æрмæст дзагъырцæстæй касти. Стæй фæсахсæвæр цæстыты рухс ахуыссыд...

***

Райсомраджы бæлццæттæ хъæуы уынгмæ куы æрбахæццæ сты, уæд Æлбегаты дуармæ федтой адæмы къорд. Умар æмæ Хасан хабар бамбæрстой. Бамбæрста хабар Хъазихан дæр, ныббогъ-богъ ласта æмæ атахти, йе ’мбæлтты фæуагъта, афтæмæй.

Лæппуйы бахæццæимæ райхъуысти лæгты хъæрæй куыд. Умариты бахæццæимæ фегуыппæг сты. Лæгтæ сæ размæ рацыдысты, сæ къухтæ сæ риутæм схастой æмæ дуа скодтой. Хистæр загъта:

— Рухсаг уæд æдзард сылгоймаг, хуыцау ын бахатыр кæнæд.

Умар æмæ Хасан кæртмæ бацыдысты. Умар куыдта, фæлæ лæппу цы уыд, уый дæр не ’мбæрста, æрмæст йæ цæссыгтæ донау мызтысты. Устытæ сæ размæ, æрдиаг кæнгæ рахызтысты. Карсанаты зæронд Дзыгойы хъарæгæй адæмы зæрдæтæ скъуыдысты.

— Уæ мæ бон куыд бакалд, Умар, дæ хъæбул йæ рухс дунейæ куы ахицæн æмæ йын йæ фæстаг ныхас дæр куы нал фехъуыстай! Цардбæллон саби амондагурæг хауæггаг куы фæци æмæ йын кæйдæр æцæгæлон бæсты хуыздæр бынатæн сау ингæн куы баззад!..

Хъарæгмæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй — иууылдæр богъ-богъ кодтой. Мардæй уæлдай ма алчидæр йæхи бæллæхтыл, йæхи фыдбылызтыл, йæхиуыл куыдта. Хъæуы куы æрæнцадысты, уæдæй фæстæмæ Асиаты зиан фыццаг уыди æмæ бирæ рæстæджы сæ зæрдæты цы хъыгдзинæдтæ сæмбырд ис, уыдон риуы гуыдыр ратыдтой æмæ зæйау раивылдысты.

Дзыго баздæхти Хасанмæ:

— Уæ, бецау Хасан, дæуыл та цы саубон æртæфсыди, царды дæхицæн рæсугъдæй цы сныв кодтай, уый дын хурхортæ куы аныхъуырдтой!.. Уæ мæ бон, цардæй куы ницыма федтай æмæ дæ рахиз къабаз куы ахауди, де стъалы куы æрбатар, уæд ын куыд бафæраздзынæ?!. Цæй уды фидар дын ис, йæ рухс цæсгом дæр ын куы нал федтай, йæхæдæг дыл æрхъæцмæ дæр куы нæ хъæцыди!..

Хасан йæхи æрæмбæрста æмæ йæ сæрыхъуын уырдыг слæууыд... Æвиппайды йæ хъустыл ауади æнахуыр цъæхахст.

Уый уыд Дзерассæ. Дыууæйæ йын йæ дæлæрмтты хæцыдысты, афтæмæй рацыд хæдзарæй. Хасан æм фæкаст æмæ фæтарст: йæ дзыккутæ уыдысты пыхцыл, йæ тымбыл къухты — сæ бындзыгтæ, йæ русты туг цæсгомыл уади æмæ къабайы риумæ тагъди.

— Куыд æрæгмæ фæзындтæ, Хасан, Асиат дæм æнхъæлмæ куы касти, йæ фæстаг ныхасæй дæр ма дæ кой куы скодта, ныртæккæ, дам, æрбацæудзæн æмæ-иу ма тыхсут, мæ разы куы бафæстиат уа, уæд. Куыд нæ йæ фехъуыстай?!.

Ныдздзынæзта Хасан æмæ ма æрмæст бамбæрста — арв æрбатар æмæ фезмæлыд, стæй уыцы тарæй зилын райдыдта æмæ зæххыл йæ гуыпп фæцыди...

Бирæ фæкуыдта Хасан. Стæй йæ бакодтой марды размæ. Асиат хуыссыд хæдзары астæу зæххыл, йæ быны — ерджен. Йæ разы лæууыд Хъазихан æмæ йе ’рдиагæй не ’нцади. Æндæр никæй бафиппайдта Хасан. Уæд Асиаты цæсгоммæ фæкомкоммæ. Уый фыццагау уыди рæсугъд, йæ сæр — лæгъз фаст, хъусты уæле дзыккутæ чысыл фæкъæбæлдзыггомау. Йæ былтæ афтæ æвæрд уыдысты, цыма ныртæккæ сдзурдзæн. Хасан æм бацыд æмæ йæ разы æнцад æрлæууыд.

— Асиат... — сдзырдта уый æмæ йын йæ уадулыл йæ къух æрхаста. — Ныббар мын... Байрæджы кодтон...

Хъазихан хъæрдæрæй скуыдта:

— Уый æз байрæджы кодтон... Раздæр мæ цæуын хъуыд...

Сæ дыууæмæ дæр афтæ каст, цыма уыдон куы нæ байрæджы кодтаиккой, уæд чызгæн ницы уыдаид. — загъта сын чидæр.

Хасаны кæртмæ рахуыдтой æмæ уæдæй фæстæмæ цы ’рцыд, уымæн ницуал бамбæрста. Зианы фæстæ уæлмæрдмæ дæр ацыди, мæрдджынты дуармæ дæр ма фæлæууыди. Бонæй цытæ федта, уыдон æхсæвы, йæ сынтæгыл уæлгоммæ хуысгæйæ, ногæй йæ цæстытыл уадысты. Мад ын цалдæр хатты хæринаг лæвæрдта, фæлæ йæм лæппу ницы сдзырдта...

***

Дыккаг бон та лæгтæ бадтысты мæрдджынты дуармæ. Хасан дæр уыдис уым. Йæ фарсмæ лæууыд Хъазихан. Раздæр æй нæ бафиппайдта, стæй фемдзаст сты æмæ, цыма ныхас бакодтой, уыйау уæлмæрдмæ араст сты.

Асиаты ингæн сау дардта. Хасан æмæ Хъазихан æм ныджджих сты, Хасан йæхинымæр сдзырдта:

«Ныууагътам дæ иунæгæй... Хуыцауы бар дæ бакодтам... Де ’гас æй нæ хъуыди, ныр ын дæ мард баззад...»

Хасан бакаст лæппумæ, уый куыддæр ныккука, раздæры сæрæндзинадæй йæм ницуал баззад. Йæ хойы зиан ыл тынг фæзынди, уæлдайдæр кæй барæджы кодта (йæхимæ гæсгæ), уый тыххæй. Иу заман Хъазихан фестъæлфæгау кодта æмæ Хасаны ’рдæм фæзылд. Уый дæр йæ сæр æруагъта æмæ æнæдзургæйæ рацыдысты...

***

Асиаты размæ зиантæ тарст æмæ бæллæхты мидæг æрцыдысты лидзæг адæмыл, уымæ гæсгæ-иу сæ бон нæ баци сæ зиан кæронмæ бамбарын. Ныр ацы мардæй сæ зæрдæтæ ныттыппыр сты се ’ппæт стыр хъыгты тыххæй дæр. Бинонтæй фæстæмæ уæлдай зын уыди Цуратæн: Хасанæн ма йæ аууон баззади, Дзерассæйæн йæ хъару асаст æмæ куыддæр фæдзæгъæлау. Мисурæтæн Асиатыл йæ зæрдæ цы фæрысти, уымæй уæлдай ма рысти йæ цотыл дæр æмæ дывыдон арты сыгъди. Иу хатт æй фæндыди семæ аныхас кæнын, фæлæ йæ хъару не сси, йе ’взаг йæ коммæ нæ бакасти.

Хасан ын раздæр йæ уавæр не ’мбæрста. Фæлæ бонтæ куы рацыди, уæд æй хатын байдыдта. Йæ разы æрбадти, йæ мидбылты æнкъардæй бахудти.

Гъе афтæтæ цæрæм, дзыцца... Цы стæм, уый дæр нал зонæм...

Мисурæт ын хорз бамбæрста йæ уды уавæр. Фæлæ йын цы акодтаид? Æрмæст ын загъта:

— Дæхи ма хæр, мæ къона, царды мидæг куы уай, уæд дзы цы нæ æрцæуы... Нырма дæ цæрдтытæ разæй сты.

«Цыма мын ис разæй? Ныронг кæй нæма бавзæрстон, уыцы бæллæхтæ? — ахъуыды кодта Хасан. — Бирæ æнхъæлмæ кæсын сæм нæ бахъæудзæн».

Хасан æмбæрста, мад æй кæй сабыртæ кæны, уым Асиаты номимæ дæр цыдæр баст ис, кæд æй æргомæй нæ загъта, уæддæр. Афтæ зынди, цыма чызджы ном сдзурынæй алчидæр тæрсгæ кæны: — уадз æмæ уым уæд та æрсабыр уа йæ уд, ацы дунейыл куы ничи бацауæрста, куы ничи йыл тыхст æмæ йæ мæлæтæй бамбæхсæг куы нæ фæцис.

Мад дæр æй зыдта: лæппу йæ æмбары æнæ номæй дæр. Æмæ сын гъе уымæ гæсгæ æнцон дзурæн уыди. Мад æдзынæг касти Хасанмæ æмæ федта: йæ сæр бынтондæр сурс ис, йæ цæстыты гагуытæ ныггыццыл сты...

***

Хасан алы бон дæр цыдис Æлбегатæм. Бинонтæ æдзухдæр уыдысты æнкъард — исты архайой, æви æнцад бадой — хъауджыдæр нал уыди. Фæлæ-иу уый къæсæрæй куы бахызт, уæд-иу базмæлыдысты, сæ цæсгæмтты æвæрд дæр-иу фендæрхуызон.

— Асиаты ад мын кæныс, дæ фæхъхъау фæуон, — дзырдта йын Лези.

Иннæтæ ницы дзырдтой, фæлæ сæ лæппу хорз æмбæрста.

Сæ кæуынæй куы банцадысты, уæд Умар загъта:

— Мæ аххосæй бафæстиат стæм мызд райсыны тыххæй... Бæргæ ма йæ æрбаййæфтаиккам, фæлæ...

Кæд-иу бинонтæ æмæ Хасан цыфæнды ныхасыл уыдысты, уæддæр-иу Асиаты кой æнæ скæнгæ нæ фесты. Умар куы дзырдта, туркæгтæ сæ ехсытæй куыд надтой, уый, уæд Лези йæ ныхас айста:

— Асиат уæ-иу йæ фыны дзæгъæлы нæ уыдта.

Кæнæ Хъазихан куы дзырдта, хъæмпы рагъы хуынчъы куыд бамбæхст æмæ хæринæгтæм куы нæ æвнæлдта, куыд сыл ауæрста, уый, уæддæр та йæм Лези фæцырд:

— Асиат сæ æрмæфтауы йæхæдæг цæвæрдта.

Иу бон та Лези Умарæн афтæ:

— Цары нæм фарс ис фæздæгмæ ауыгъдæй. Чызг мын-иу æдзухдæр дзырдта: «Се ’рцыдмæ йæ уадз...»

Бинонтæ æмæ Хасанæн Асиат цæргæйæ баззад, кæд се ’хсæн нал уыд, уæддæр...

Лези йæ лæгæй Болайы хабар куы фехъуыста, уæд æм фыццаг цæмæндæр нæ бахъардта. Æрмæст хъæбулыл æрæджиау риссын райдыдта йæ зæрдæ æмæ-иу кæуын байдыдта.

— Ма йыл æрдиаг кæн, не ’фсин, уый дæр, мæгуыр, йæ сæрæн цы хуыздæр уыд, уый бацагуырдта. Иу заман æй йæ хæдзармæ хъæуы.

Фæлæ мадæн ахæм ныхæстæй басабыргæнæн ис!

Æмæ Лезийыл уыцы бæллæхтæ фæзындысты. Мæнæ фæззæг цъæхæй цы сыфтæр баззайы, æмæ халас кæуыл æрæвæры, уыйау руадис.

«Гæныстон фæуай Турчы бæстæ, уæлхъæдæй куы бахус стæм, куы ницæмæнуал бæззæм зæрондæй, сабийæ! Ингæнмæ нæ куы ныккæсын кодтай, — хъуыдытыл-иу фæци йе ’фсинмæ кæсгæйæ Умар. — О, хуыцау, бирæ дын куы фæкуывтам, уæд нын æппын дæ цæст чысыл æнцойдзинад дæр куыд нæ уарзы, мыггагмæ æлгъыст нæ цæмæй ракæнай, ахæмæй дæр куы ницы зонæм нæ сæрæн!?»

VIII

Кæд лыгъд адæм зæрдæсаст уыдысты æмæ сæ ницуал уырныдта, уæддæр бафиппайдтой — Турчы уалдзæджы миниуджытæ фæзынди. Бон фæдаргъдæр, миттæ дон фестадысты æмæ хуры хъармæй фæныкхуыз зæххы тæф калди.

Олохлыйы ирон цæрджытæ фæхъыртхъомдæр сты, бирæтæ сæхицæн лæгуæрдæттæ сарæзтой æмæ дард хъæдæй уистæ ласын райдыдтой. Алчи йæхицæн бырутæ кодта æмæ хæдзæрттæ иу чысыл фæцæрæгхуыз сты. Къордгай Хъæрæхъесæй чъыр хастой. Сæ хуыз скалдтой бæстыхæйттæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.