Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 12 страница



Умар фæтæригъæд кодта Хасанæн. Барæй ис, зæгъгæ, уæд æй йæ разæй никæдæм ауадзид. Фæлæ уыцы бинонтæн сæ хицау Дзæрæхмæт-хадзы у æмæ арсимæ та кæрдо чи цæгъды?

Æппынæрæджиау Умар сразы Хасаны фæндоныл. Æмæ уæд Асиаты зæрдæ йæ судзагæй фервæзти...

***

Бæлццæттæ цы хæдзæртты æрæнцадысты, уыдонæн сæ заууатхуыз цæсгæмттыл царды нысантæ фæзынд; цыма сæ туг сындæггай базмæлыд, уыйау цæстыты хуызæн байгом сты сæ рудзгуытæ. Кæртыты нæлгоймæгтæ зылдысты æмæ алцæмæ кастысты, кæд дзы уыйас ницуал баззад, уæддæр. Хæдзарæй уæлдай ма искуы иу ран йæ чъылдыммæ кæнæ йæ фарсмæ уыди сарагонд хъæмпæй æмбæрзтæй. Уыцы бæстыхæйттæ иууылдæр къæйдурæй амад, хъæды гæбаз дзы адæймаг хæснагæн дæр не ссардтаид.

«Амы бæстæ мæгуыр цард æвзарæн ран у, цы амонд дзы фендзыстæм, нæ зонын, — хъуыдытыл фæци Хасан æнæсæр афтид къултæм кæсгæйæ. Кæддæр, æвæццæгæн, сара уыд. — Сара дæр нæ цæмæн хъæуы, нæ мулк, нæ фосы мæт нæ куы нæ уыдзæнис. Искуы гуыбыны мыздæй мамæлайы къæбæр амал кæн æмæ дæ бон зон», — Хасан йæ къух ауыгъта.

Афтæ хъуыды кодтой иннæтæ дæр: иугæр адæймаг нæ амарди, æппæт уыцы зынтæн бафæрæзта, уæд, æвæццæгæн, дарддæр дæр цæргæ у, цæрдудæй ингæнмæ ничи ныххиздзæн. Æмæ сæ алчи йæ царды хабæрттæ кæныныл æрлæууыд.

III

Цыппурсы размæ хуыцаубоны изæрырдæм мит уарын райдыдта æмæ ахаста къуыри. Бæстæ иууылдæр миты бын фæци æмæ æцæгæлон Турчы, ирон чысыл хъæу Олохлыйы мæгуырдзинæдтæ дæр йæ быны фæкодта: нал зындысты хæдзæртты сæртæ æмæ хæлццаг сараты æрдæгкалд къултæ, хъæуы алывæрсты гæвзыкдзинад æмæ хурæй сыгъд мæнг хæмпæлтæ.

Цыппурсы æртыццæджы лæппутæ æмæ хъомылдæр сабитæ ацыдысты, донмæ хæстæг цы æрхытæ уыдис, уырдæм — цыппурсы æртытæн хус хæмпæл хæссынмæ. Æмæ изæры куы фæталынг, арв йæхи стъалытæй цæхæртæ калгæ уæлоз куы систа, уæд йæ бынмæ сыгъдысты ирæтты стыр æртытæ.

Хасан дæр сæхи раз арт бандзæрста æмæ Æлбегаты ’рдæм ацыдис. Асиат æй куыддæр ауыдта, афтæ зынгтæ раскъæфта. Уайтагъд сæ хæмпæлты анорста, уыдон схæцыдысты æмæ сæ къæр-къæр райхъуыст. Фæлæ йæ къæрццытæ дæр ехсы цæфау, туркæгты хъæрау уыдысты æмæ дзы-иу уæнгтæ сзыр-зыр кодтой.

— Афонмæ нæхимæ хæрзаг хъæлдзæг сты. Ныр сæм искуыцæй бакæс, цымæ цытæ архайынц æртыты цур, — Хасанмæ кæсгæйæ дзырдта Асиат.

Лæппу йæ сæр батылдта:

— Махау мæгуыры хъарджытæ уæддæр нæ кæнынц.

Умар цыма уæды онг фынæй уыд æмæ ныр уыцы ныхæстæй фехъал, уыйау æцæгхуызæй загъта:

— Цæмæн кæнæм мæгуыры хъарджытæ, цæ, Хасан? Æгъгъæд у! Кæннод нын ардыгæй фæстæмæ уый æгуыдзæгдзинад уыдзæни. Цом ма мидæмæ æмæ не ’фсинмæ бакæс — мæгуыр æй нал схондзынæ.

Умармæ хъусгæйæ Лези æмæ Бола дæр ныххудтысты. Хасан раздæр нæ бамбæрста Умары, стæй иннæтæм куы бакаст, уæд бахъæлдзæг, йæ хæд фæстæ Асиаты цæсгом дæр фæрухс.

Æртытæ куы ахуыссыдысты æмæ сæ цæхæр куы бамынæг, уæд адæм сæ хæдзæрттæм бацыдысты. Æдде ирдгæйæ зæххы уæлцъæртты цыдæр зилæнтæ байдыдта, фæнык радав-бадавыл сси æмæ дзы рæсугъд мит чъизи хъулæттæ кодта.

Æлбегаты фынгыл уыди æртæ чъирийы æмæ карк.

— Туркæгтæ æгас куы уой, уæд нын сæ дуканийæ æфстау алцыдæр дæтдзысты, уæддæр сын сæ хæстæ искуы фиддзыстæм, — æцæгхуызæй загъта Умар æмæ фынгыл цыппæрдигъон авджы цыдæр нозт æрæвæрдта.

Æцæгдæр, лыгъд адæм куы æрбынатон сты, уæд хæдзæрттæй иуы туркæгтæ байгом кодтой дукани. Уæййаг дзы уыди дзуллаг, еуу, цæхх, хъуымæцтæ æмæ стæм хатт сапæттæ. Ноджы стæмдæр хатт та дзы-иу фæзынди сойын цырæгътæ, уымæ гæсгæ цырагъ ничи сыгъта, æрмæст ма-иу исты тыхст заман искуы иу хæдзары рудзынгæй разынди бæллиццаджы рухс.

Æхца искуы иумæ йеддæмæ нæ уыдис (уыдон дæр сæ нæ хъæр кодтой), æмæ дуканийы хицау алцыдæр æфстау лæвæрдта: йæ гæххæтты-иу цыдæр ныффыста æмæ-иу адæймагæн исты нысан æрæвæрын кодта. Хъуамæ алчидæр афæдзы æрдæгмæ йæ хæс бафыстаид, кæннод та йæ цотæй искæй радтаид. Æмæ адæм кæд тынг тарстысты, уæддæр сын æнæ исгæ цы амал уыд! Исгæ та æрмæст мамæлайы фаг кодтой, цæмæй къаддæр фæхæсджын уой æмæ сын æнцондæр фидæн уа, уый тыххæй. Алкæй дæр сæ уырныдта, рæхджы исты куыстыл кæй фæхæст уыдзæн, æмæ уæд уыцы ницæйаг капеччытæ бафиддзæн туркæгтæн.

***

Цыппурсы размæ Умар Карсанаты Темболатимæ уыди Хъæрæхъесы, кæд дзы куыст ссарæн ис, зæгъгæ, уый базонынмæ. Уым йæ сызгъæрин æхцатæй иу туркаг æхцатыл баивта æмæ дзы цыдæртæ балхæдта, иу чысыл бæрæгбæттæм нозт дæр — рахъи.

Уыцы хабæрттæ Хасан зыдта æмæ нозтыл дæр нæ фæдис кодта, ахæм адæймаг уыд Умар: цыфæнды фæуæд, уæддæр-иу бинонтимæ бæрæгбоны фынджы уæлхъус бадын уарзта. Фæлæ лæппу не ’мбæрста, куысты тыххæй йæм кæй ницыма фæнд уыди, уый. Афтæмæй та рæстæг размæ цыд æмæ цыд, адæмы хæстыл та фылдæрæй-фылдæр æфтыд.

— Не сфæлдисæг хуыцау, — сидти уыцы цыппурсы æхсæв Умар. — Абон нæ кувæн бонтæй иу у æмæ дæм кувæм, бирæ амæндтæ дæ нæ курæм — нæ кæстæрты нын фыдбылызæй бахиз, нырæй фæстæмæ сæ сындзвæндæгтыл макуал ауадз. Дæ хорзæх нæ уæд, не скæнæг хуыцау.

Хасан фынгмæ æрмæст æфсонæн æвнæлдта, цæмæй иннæтæн фылдæр баззайа уæлибæхтæ æмæ каркæй, уый тыххæй.

Иу чысыл ма куы абадтысты, уæд Умар загъта:

— Хъæрæхъесы Тугъантæй иу лæгыл сæмбæлдыстæм, уым туркæгтимæ цыдæр æмдзæхдон сси. Темболат æй зоны æмæ нын уый радзырдта: ардыгæй иу-æхсæзыссæдз версты дарддæр ис стыр сахар — Азырым, зæгъгæ. Уым æрæджы аразын райдыдтой цавæрдæр æнахуыр егъау фæндаг æмæ, дам, уырдæм лæгъстæйæ агурынц кусджытæ. Мызд дæр дзæбæх фидынц. Гъемæ, мæ хур Хасан, махмæ лæппуимæ уырдæм цæуынвæнд ис, кæд адæмымыггаг цард иу чысыл фениккам. Кæрдзыны къæбæрыл тох хъæуы, æндæр ма нын цы гæнæн ис!..

Ныр хъуамæ Хасан ацæуа Азырымы сахармæ, цыфæнды куыст дæр уæд, æмæ йæ бинонты дара, ракура йæ цардамонд Асиаты.

Мисурæтæн зын уыди, лæппу йын йæ фæндон куы загъта, уæд. Цы кæна мады зæрдæ, кæд æй хорз зыдта, æндæр йæ фыртæн ницыгæнæн ис, уый, уæддæр! Тиумæ цæмæй дарддæр уыдаиккой, уый йæ фæидыди æмæ, хицæн хæдзары куы æрцардысты, уæд уыди йæ цин. Фæстаг заманы Дзæрæхмæт-хадзы æндæр цæстæй кæсын райдыдта йæ чындзмæ, иу хатт йæ сæры цы хъуыды сæвзæрд, уый дзы никуал ферох...

«Ацы лæппуйы æфсадмæ арвитын хъæуы, уадз æмæ нæ паддзахæн иузæрдионæй лæггадгæнæг уа. Чызджы дæр иу дзæбæх туркагæн ратдзынæн, уадз æмæ нын дзы къабæзтæ уа, — ахæм хъуыдытæ уыди Дзæрæхмæт-хадзымæ æмæ йæхинымæр скарста. — Цомартон дæр ма кæдæм фæлидздзæн æмæ мæнæ мæ хæдзары æфсин суыдзæни. Йæ сæрыл, мыййаг, дзурджытæ куы нæ ис — уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр Дженалдыхъо».

Фæлæ уал рагацау йæ уыцы бæллицтæй иу нæ рауад — Хасан сфæнд кодта Азырыммæ куыстагур фæцæуын. Уый фæдыл сæм рауад ныхас.

— Алкæй дæр йæ цард аразын хъæуы, — дзырдта Хасан, — æмæ ацы быгъдæг ран та аргæ ницы скæндзыстæм.

— Æмæ уыцы Азырымы цы ссарынмæ хъавыс? — бафарста йæ Дзæрæхмæт-хадзы, йæ хъæлæс фендæрхуызон, афтæмæй.

— Адæм цы кусой, æз дæр уымæй нæ амæлдзынæн. Ныртæккæ, дам, дзы цавæрдæр фæндаг аразынц æмæ дзы æхца бирæ ис.

— Мах уал бафæраздзыстæм. Уæдмæ Мæцыхъо дæр хæццæ кæндзæнис æмæ нын иунæг кадджын хуыцауы фæндæй ницуал тас уыдзæн.

— Хæрæг ма амæл — сæрд дын æрцæудзæн...

Дзæрæхмæт-хадзы иуцасдæр не сдзырдта — йе ’фсымæры лæппу йæм ныр фæстæмæ дзурын куыд райдыдта, афтæ никуы уыди. Æмæ йын цы зæгъа? Къахын æй нæ хъæуы. Сабырæй йын зонд амонын райдыдта:

— Дæлæмæ цы уæрдон тула, уый цалхмæ ма æвнал, фæлæ уæлæмæ цы уæрдон цæуа, уый цалхмæ лæбур. Уæд дæ къухы исты бафтдзæн. Мах туркимæ нæхи бæттын хъæуы, ды та, лæппу, нæхионтæй гæвзыкдæр чи у, уыдонимæ сæмдзæхдон дæ.

Хасан бамбæрста, йæ фыды æфсымæр цы зæгъынмæ хъавыд, уый æмæ æрбамæсты, фæлæ ницуал сдзырдта.

Дыууæйæн дæр сæ ныхас ууыл нæ фæци. Цы бон æрцыд, уымæн йæ дыккаг бон Дзæрæхмæт-хадзы Хасанæн йæ фæндон комкоммæ загъта:

— Амы хицæуттимæ баныхас кæнæн ис æмæ æфсадмæ ацу... Бинонтæн дæр пайда уыдзынæ.

Хасан ма уый размæ дæр фехъуыста, зæгъгæ, турк мыздыл æфсадмæ исынц æмæ фыртыхстæй кæйдæрты фæнды ацæуын. Фæлæ уыдон дæр æрмæст дзыхæй дзырдтой кæуæгау.

— Æмæ уыцы æфсады мæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæндзынæн æви мын мæ фыдæлтæ цы хæзнатæ ныууагътой, уыдон?!

— Бинонты фæдарæн дзы ис, стæй лæг хъуамæ дардыл хъуыды зона, — цыма Хасаны æлхыскъ нæ бамбæрста, уыйау йæ ныхæстыл ахæцыд Дзæрæхмæт-хадзы.

Хасаны ма фæндыди йæ фыды æфсымæры истæмæй бафхæрын, фæлæ ахъуыды кодта: мад æмæ хойы раз уый баззайдзæн æмæ сæ йæ маст куы иса. Æрмæст ма бафтыдта:

— Бинонтæн æндæр хуызы дæр ис фæдарæн, туркимæ та нын нæ фыд иу аджы куы сфыцай, уæддæр нæ бас не схæццæ уыдзæни.

Дзæрæхмæт-хадзы бамбæрста, йæ фæндæй кæй ницы рауад, уый æмæ уæд ногæй сагъæсыл фæци: «Уæдæ ма йын цы бачындæуа?». Раздæр хъавыди афтæ: Хасаны арвитдзынæн Мæцыхъойæн æххуысмæ, уадз æмæ дыууæйæ хæдзæрттæ, фос ауæй кæной, æхца бирæ куы уа, уæд асламæй фæндагыл алцыдæр æлхæд æрцæудзæн. Чи зоны, æрратуг лæппу уыцы фæндагыл мауал рацæуа æмæ баззайа. Фæлæ туркæгтæй фехъуыста, зæгъгæ, иу-дыууæ азы æрбалидзыны дзырд нал уыдзæн, цалынмæ уал дзы чи ис уыдон æрбиноныг уой, уæдмæ. Æмæ та йын уый дæр уыди масты хос, æппындæр йæ хъуыддаг кæй нал цæуы.

Уыцы рæстæджы ма Дзæрæхмæт-хадзы базыдта иу хабар: Кавказы адæмтæй чидæртæ Турчы бæстæй лидзынц Сирийы бæстæм, уым, дам, хуыздæр у, уæлдайдæр хъæздыг у зæххæй æмæ дзы æнцонæй самалгæнæн ис. Бацæгъдын хъæуы уыцы хъуыддаг Умары хъусты æмæ кæд сразы уой, уæд сын Хасаны дæр бæрæггæнæг семæ фæраст кæндзæн æмæ уæд уыдонæй нал раздæхдзæн. Гъе уый тыххæй хъавыд лæппуйæн Æлбегаты чызджы ракурынмæ æмæ сæ йæхиуыл æрæууæндын кæнынмæ.

Хъæуы лæгтæй йæ амал кæмæн уыд, уыдон æмæ фæсивæд Азырыммæ куы цыдысты, уыцы бон Дзæрæхмæт-хадзы йе ’фсымæры фыртæн загъта:

— Бацархай, лæппу, æмæ хæдзар йæ къахыл слæууа... Ныр дын бинонты хъуыддаг дæр кæнын хъæуы.

Хасан, стæй йæ мад æмæ йæ хо дисæй амардысты уыцы ныхæстыл — Дзæрæхмæт-хадзы æргомæй уыди лæппуйы хъуыддаджы ныхмæ, æдзухдæр-иу йæхи знæтхуыз дардта, цыма сыкъайæ хæцынмæ хъавыд, уыйау.

Бинонты ноджы стырдæр дисы бафтыдтой, зæронд лæг Умарæн цытæ дзырдта, уыдон:

— Дæ хорзæхæй, махонмæ дæр-иу фæкæс, даргъ балцы хистæры зонд кæстæртæн хорз у. Лæппу, дæ рынтæ бахæрон, рæдиаг вæййы. Мах та кæрæдзийæн исчи куы нæ стæм, мыййаг.

Умарæн æхсызгон уыдысты Дзæрæхмæт-хадзыйы ныхæстæ, уый сæ кæй загъта, уый тыххæй нæ, фæлæ æнæуи бирæ уарзта, адæмы зæрдæмæ чи цыд, ахæм ныхæстæ. Æмæ йын дзуапп дæр уыцы æхсызгонхуызæй уымæн радта:

— Уый дын мæ быгъдуан, Дзæрæхмæт-хадзы, лæппуты рæдийын ницæмæй бауадздзынæн.

Адæм бирæ фæлæууыдысты хъæугæрон æмæ бæлццæтты фæдыл кастысты. Фыдвæндæгтæй сæ алкæмæн дæр йæ зæрдæ сцъæх æмæ гъе уымæн тарстхуызæй кастысты, сæ къабæзтæ дардæй-дарддæр куыд кодтой, уымæ æмæ сæ алчидæр хъуыдыты аныгъуылди: цымæ цы бауыдзысты, куыд рауайдзæн сæ фæндаг, кæд, æмæ цæимæ сыздæхдзысты?

Умар ма фæстæмæ бæргæ дзырдта:

— Тутыры бонты нæм æнхъæлмæ кæсут.

Уæвгæ сæ алкæмæ дæр ахæм зонд уыд: мах хуымгæнæг адæм стæм æмæ хъуамæ зæххы куыст кæнæм.

Исты хуызы самал хъæуы бæхтæ кæнæ галты фаг æхца æмæ уæд уалдзæджы нæхи хъуыддæгтæ кæндзыстæм.

Афтæ бæргæ дзырдтой, фæлæ адæмы ницыуал уырныдта, царды фыддзинæдтæй скъуымых сты.

Мисурæт, йæ тиу, Хасан æмæ Умаримæ цытæ дзырдта, уыдон куы фехъуыста, уæд æм йæ зæрдæ фæфæлмæндæр — йе ’фсымæры цот æй хъæуынц æмæ сыл тыхсы, уæдæ сæ йемæ хъыгдарыны хосæн рахуыдта ацы дард бæстæм? Йæхæдæг дæр æмæ Дзерассæ дæр æфснайд дардтой зæронды хæдзар, чындз ма йын хæринаг дæр кодта, ноджы йæм туркаг уазджытæ арæх цыди.

Дзæрæхмæт-хадзы-иу Мисурæтимæ иунæгæй куы баззад, уæд ын-иу фæлмæн дзыхы уагæй сæ царды фæндтæ дзырдта:

— Лæппуйы амонд конд у, уыдоны кæрæдзийæ фæхауын кæнын тæригъæд у.

Æмæ æрхаста ахæм æмбисонд.

— Иу лæг æмæ усæн цот нæ уыд, æмæ тынг сæхи хордтой, æвæд цæмæн фестæм, зæгъгæ. Дон, къæбæр сæ дзыхмæ нал хастой, æнæ хуыцауы ном ссаргæйæ, фæлæ сын уый уæддæр сæ куывд нæ иста. Бирæ сæм фæкасти, стæй сæм иу заман зæрватыччы æрæрвыста. Уый сын хуыцауы фæндон загъта: тæригъæдджын сты æмæ цæмæй сæ тæригъæдтæ бафидой, уый тыххæй хъуамæ сæ ис, сæ бонæй хæрд, нозт саразæнт, цыппар фæндаджы астæу фынгтæ æрæвæрæнт æмæ иу адæймаджы дæр æнæ фæхынцгæ ма ауадзæнт. Лæг хуыцауы минæвармæ байхъуыста, æмбисонды бæркад æрæвæрдта цыппар фæндаджы астæу æмæ иуы дæр æнæ хорз фенгæ нæ уагъта.

Уæд дын иу барæг тæхгæ уадæй лæджы рæзты куы æривгъуыид. Уый йæм дзуры: мæнæ хуыцауы куывдæй дæхи хорз фен. Фæлæ йæм барæг кæм хъусы. Лæг та йын ноджыдæр лæгъстæ кæны. Уый уæддæр нæ лæууы æмæ йæ уæд фæсте тæрсæн гæрах фæкодта. Барæг бæхы сæрæй асхъуидта æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыд. Лæг æм батахт æмæ, дæ фыдгул афтæ, — нæмыг йæ зæрдæйы ахызти. Æнамонд лæг сæрдиаг кодта; хуыцæутты хуыцау, ацы тæригъæд та ма мын цæмæн бавзарын кодтай! Фæлæ йæм зæрватыкк æртахт æмæ йæм дзуры: кæй амардтай, уый дыууæ уарзаг уды хъуыддаг халынмæ тындзыдта. Ды сæ фервæзын кодтай æмæ дын ныр хуыцауы раз дæ тæригъæдтæ хатыр...

— Ноджы дыууæ уды хъуыддаг иннæтæн дæр адджын куы уа, уæд, — бафтыдта ма-иу йæ ныхасыл Дзæрæхмæт-хадзы.

Тиу йæ чындзæн цалдæр хатты æхца дæр авæрдта, чындзагæн исты балхæнут, зæгъгæ. Æмæ дзы разы уæвгæйæ, Мисурæт дæр йæ амал цæмæй уыд, уымæй йæхи рæвдзытæ кодта.

Дзæрæхмæт-хадзыйы фæндыдис, йæхи туркæгтимæ æнгомдæр куы сбастаид, уый æмæ алы хуызты архайдта, цы уазджытæ йæм цыд, уыдон Дзерассæйы цæмæй феной, ууыл. «Уадз æмæ нын дзы къабæзтæ уа, уæддæр ардыгæй никуыдæмуал фæхауинаг стæм. Стæй æз дæр мæ бонтæ афтæ иунæгæй кæдмæ æрвитдзынæн?

Мисурæтæн Дзерассæйы тыххæй дæр дзырдта, кæд æм уыйас æргом ныхас аив нæ каст, уæддæр.

— Нæ алкæй мæт дæр нæ кæнын хъæуы, æмæ чызг дæр афтæ бирæ нæ фæбаддзæн... Нæ алыварс туркæй хорз адæмтæ бирæ ис... Нæ хæрзгæнджытæ... не ’мдингæнæг адæмимæ бахæстæг уæвын æвзæр нæу, хуыцауы зæрдæмæ дæр фæцæудзæн, нæ сæртæ йын нывонд уой.

Мисурæт-иу, уыцы ныхæстæ хъусгæйæ, йæ сæр æруагъта æмæ æнæзмæлгæйæ лæууыди, нæ цыдысты йæ зæрдæмæ чызджы тыххæй ахæм ныхæстæ, туркагимæ куыд бахæстæг уæвæн ис, уый та æппындæр æмбаргæ дæр нæ кодта. Куыддæр ын-иу гæнæн æмæ амал фæци, афтæ-иу тиуы разæй йæхи айста æмæ-иу æнцонæн суылæфыд.

Нæ, суанг ма йæм æфхæрды хуызæн дæр фæкастысты Дзерассæйы тыххæй ныхæстæ мадмæ, йæ хъустæ-иу ссыгъдысты. Фæлæ Мисурæт чызгæн ницы ской бауæндыди — цæмæн ын кæна ахæм зæрдæниз, æнæуи дæр алы хъыгæй сæ хъуырмæ куы сты, уæд. Кæдæй-уæдæй йæм рухсы цъыртт бахъардта — чындзмæ æнхъæлмæ кæсы — æмæ та йын ног маст сараза. Нæ, фæлтау мацы зонæд, зæронд адæм цардмæ иу цæстæй кæсынц, ныры адæм — æндæр цæстæй æмæ ацы æбæрæг ран чи уыдзæн сæ фидауæг. Æвæццæгæн, кæмæн куыд йæ амал уа æмæ арæхса, афтæ архайдзæн, ирон æгъдæуттæ мысгæйæ. Сæ ном ма кæд баззайа, æндæр мæнæ бæласы, йæ ахуыр ранæй куы скъахай, æндæр ран æй куы ныссадзай æмæ куыд бахуыскъ уа, афтæ суыдзысты.

Афтæ хъуыды кодта Мисурæт. Уый не ’мбæрста, йæ хистæр тиумæ цы фæндтæ ис æмæ æгъдау, куы бахъæуы, уæд кæй стыхджын вæййы, уыдæттæ.

Дзæрæхмæт-хадзы йæ уайсадæг чындзмæ ницы дзуапмæ æнхъæлмæ каст, уый зыдта — ис фæтк дæр æмæ хистæр дæр æмæ бакæндзæн хистæры куыд фæнда, афтæ. Æрмæст туркмæ йæ зæрдæ æхсайдта — хъуамæ уыдонимæ уа æнгом баст, æнæ уыдон ам ницы рауайдзæн, архайын та хъæуы — уæзданæй ничи райгуыры, адæймаджы уæздан йæ мулк скæны æмæ уый фæстæ уыцы ном баззайы йæхиуыл дæр æмæ йæ фæстагæттыл дæр. Мулк къухы бафтынæн та амал ис — нырма лыгъд адæм бирæ нæма сты, стæй тынг хъыгдард баййæфтой, смæгуыр сты æмæ сын сæ рохтыл æнцонæй æрбахæцæн ис.

Гъе афтæ иунæг кадджын стыр хуыцаумæ кувæг Дзæрæхмæт-хадзы сфæнд кодта йе ’мдин туркæгты бæстæйы йæ цард саразын.

IV

Æлбегатæм нæлгоймагæй хæдзары хицауæн баззад æхсæрдæсаздзыд Хъазихан. Фыд æмæ хистæр æфсымæры раз лæппумæ цумайæ дарддæр ницы мæт хаудта. Фæлæ ныр иунæгæй куы баззад, уæд ын мад фæтарсти — цы кæндзæн бинонтæн? Йæхæдæг у æмæ йæ æндыснæг фылдæр хатт сызмæлын нæ уадзы. Асиат дæр фæстаг бонты йæ сæрæн нал кæны. Иу заман бæргæ фæхорз, фæлæ сæ адæм Азырыммæ куы ацыдысты, уæдæй фæстæмæ йе уæнгтæ кæрæдзиуыл нал хæцынц.

Лæгтæй хъæуы чи баззад, уыдоны суджы сагъæс йеддæмæ ницы мæт уыди, æмæ бон-изæрмæ доны былты адæгты æмæ арыхъхъыты хæмпæлдзуан зылдысты. Сæрæндæр чи уыд, уыдон та æндæр рæтты хæрджытæ æххуырстой æмæ кæцæйдæр хъæдæй суг ластой.

Лези куыд æнхъæлдта, Хъазихан ахæм лæмæгъ æмæ тæппуд нæ разындис. Иннæ лæгты къухы цас æфтыд, уый дæр уыйас хæмпæл хаста, фæстæдæр никæмæй зади. Ныллæггомау, фæтæнуæхск лæппу æдзух касти æлхынцъæрфыгæй, цыма йæ дунейыл никуы схудти, уыйау зынди. Асиаты цæсгомы хуызæн уымæн дæр йæ цæсгом тымбыл уыди, фæлæ йæ рустæ фæмил сты æмæ йын йе ’лхынцъ æрфгуытимæ йæ цæстæнгас карздæрæй æвдыста.

Хъазихан æппæты фылдæр уарзта Хасаны. Уый йæм касти хъæбатыр, зондджын. Фидар къахдзæфгæнгæ-иу куы цыд, уæд æй йæхинымæр фæзмыдта, ныхас-иу куы кодта, уæд ын йæ алы дзырд дæр йæ зæрдæмæ иста. Æдзухдæр йæ хъустыл уад йе ’фсымæры фæдзæхст: «Нæхи дæлæмæ ма æруадзæм! Туркæгтæ не знæгтæ сты æмæ сын сæттын ма бакомæм!».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.