Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 8 страница



— Мæ дунейы рухс, мæ амонд, исты ма мын зæгъ, бынтондæр дæхимæ хъусыныл куы фæдæ, худгæ дæр мæм куы никуал бакодтай.

Хасанæн йæ зæрдæ, æцæгдæр, нырхæндæг, хуры рухс ма-иу æм æрмæст Асиат бауагъта. Чызг-иу ын уыцы ныхæстæ куы кодта, уæд-иу Хасаны фæндыдис йæ уарзоны барæвдауын, фæлæ йын-иу æрмæстдæр тыххæй-фыдæй загъта:

— Цы дын зæгъон, уый нал зонын, Асиат, цардæн дæр ницуал æмбарын. Арæхæй-арæхдæр мæ æрфæнды ардыгæй фæлидзын, фæлæ ме уæнгтæ хъадамантæй баст æрцыдысты, мæ размæ бæрзонд хæхтæ ис.

— Æмæ аргъауы хъæбатыр басгуыхт, дæ хъадамантæ атон, ахиз уыцы хæхты сæрты, — дзырдта Асиат æмæ йæ цæстытæ æрттывтой.

— Æгæр мæллæг уд æмæ ницæйаг стæм мах, уый йеддæмæ æгомыг фосау ацы фæндагыл дæр нæ рацыдаиккам, арф ныуулæфыд Хасан.

Ныхас æгæр карз кодта, Асиаты уарзаг зæрдæ банкъардта, лæппуйæн куыд зын у, уый æмæ йæ хъазынырдæм аздæхта:

— Куы нæ рацыдаис, уæд Асиаты не ссардтаис. Æмæ уæд æз та кæй уарзтаин? Иунæгæй баззадаин æмæ куыдтаин. Тæригъæд нæ уыдаин уæд?!.

Асиат æмæ Лезийы æхсæн ницы сусæгдзинад уыд, æмæ мад уыдта, йæ чызг Хасаны куыд бирæ уарзы, куыд амондджын у, уый. Æртæ мæйы зындзинæдтæ йеддæмæ ницы зоны, афтæмæй уæддæр диссаджы æндæрхуызон фæци чызг: цæсгом æнахуыр рæсугъд сси, йæ тымбыл цæхæркалгæ цæстытимæ цинæнгас лæвæрдта, адæймаджы рæвдыдта, ницæй тыххæй йæм фæлæууыдаид æнæ фæкæсгæ.

«Мæ уд йæ фæхъхъау фæуа, исты амонд ын куы фенин, — хъуыдытыл-иу фæци Лези, фæлæ та-иу æй тас дæр ацахста: — Æгæр амондджын у, ахæм амонд рæстмæ нæ фæвæййы...»

VIII

Райсомæй бæллæхы хабар айхъуыст бæлццæттыл. Æмæ алчидæр атындзыдта уыцырдæм. Уæрдоны бын чи баззад æвæгæсæгæй, уыдоны æхсæн уыд иу цæцæйнаг бинонтæ.

Мæйы размæ лæг æвиппайды фæрынчын, йæ гуыбынмæ лæбурдта æмæ хъæр кодта. Ус æмæ сывæллæттæ фæтарстысты. Сыхæгтæ лæджы фарстой, цы кæныс, зæгъгæ. Уый, кæм ын рыст, уырдæм амыдта, йæ хид калди — æндæр йæ бон ницуал уыд. Стæй куыдфæстæмæ банцади, уæрдоны бын хуыссыди æмæ хæрдмæ гуыффæйы бынмæ касти. Куы фæрынчын, уымæн йæ дыккаг бон амарди æмæ йæ баныгæдтой.

Цæцæйнаджы фæстæ баззади йæ ус, æрыгон, тæнтъихæг сылгоймаг æртæ æнахъом сывæллонимæ, сæ иу — дзидзидай, иннæтæ — хистæр. Мад æхсæвæй, бонæй куыдта, цы ма бакодтаид, уый нал зыдта, фæлæ йæм сыхæгтæ фæкастысты, хæринагхъуаг сæ нæ уагътой — уый ма сæм иу амонд касти — фос базары лæвары хуызæн уыд. Фæлæ куы фæуазал, уæд бæгънæгæй тынг тыхсын райдыдтой. Æмæ гъе уыцы бинонтæ — мад æмæ йæ æртæ сывæллоны, мит куы æруарыд æмæ бæстæ куы ныйирд ис, уæд иууылдæр ныссалдысты.

Æнамонд бинонты сыхæгтæ æрдиаг кодтой, лæгтæ сæ сæртæ хостой, æхсæвы мæгуыр сидзæр сывæллæтты цæуылнæ бабæрæг кодтам, зæгъгæ, фæлæ ма ахæм фæсмонæй дæр цы рауадаид. Цæцæйнагæй, иронæй — иууылдæр сыл фæкуыдтой æмæ сæ баныгæдтой.

Адæм сахуыр сты мæлæтыл, цал æмæ цал æнамонды амарди сæ цæстыты раз! Ахæмтæ дæр уыдис, æмæ æгады цард дарддæр йæ сæрмæ нал æрхаста æмæ барвæндонæй дунейæ ахицæн. Бæлццæттæн мæлæт сæ хъысмæт сси æмæ сæ зæрдæтæ фæхъæбæр сты. Фæлæ сын сæ уæддæр уыцы æнамонд бинонты сæфт тынг фæриссын кодта.

Сыд бинонты ныгæнгæйæ, Хасан тынг фæдис кодта Асиатыл. Чызг афтæ тынг, афтæ зæрдæуынгæгæй куыдта æмæ йæ чи нæ зыдта, уыдон æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, йæ къабæзтыл исты æрцыд. Дзерассæ йын йæ дæларм хæцыд, сабыртæ йæ кодта, фæлæ йæ басабырæн ницуал хос уыд. Хасаны цалдæр хатты бафæндыд Асиаты размæ бацæуын, фæлæ-иу алы хатт дæр фефсæрмы, æрмæст ма-иу арф ныуулæфыд.

Уæлмæрдтæй куы æрыздæхтысты, уæддæр ма куыдта чызг, сæ хæдзаргонды йæ лыстæны ныддæлгом, афтæмæй, æмæ суанг изæрмæ нал рабадти, æгас бон йæ дзыхмæ къæбæр дæр не схаста. Изæры куы æрталынг ис æмæ лæппутæ уæрдæтты æхсæн сæхицæн арт куы скодтой, уæд сæм рацыди Асиат æмæ Хасаны фарсмæ æрбадт. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты, стæй сæ сæртæ уыдон дæр æруагътой æмæ иууылдæр æнæдзургæйæ бадтысты. Бола цалдæр хатты бафиппайдта, Хасан ын йæ хомæ куыд бакæсы æмæ йæ цæсгом куыд катайхуыз у, уый. Хуыздæр нæ уыди йæ хо дæр — арты рухсмæ дæр раиртасæн уыд, йæ рæсугъд цæсгом куыд ныффæлурс æмæ цæстытæ мидæмæ куыд бахаудтой, уый.

«Ауыл цыдæр æрцыд. Кæд æй исты зæгъын фæнды», — ахъуыды кодта Бола. Стæй сыстад, æхсæвы тармæ аракæс-бакæс кодта æмæ ацыди. Фæлæ Асиат уæддæр нæ фезмæлыди, уыцы иухуызонæй бадти.

— Асиат... — кæцæйдæр, хæрз дардæй йæм фехъуысти Хасаны ныхас æмæ йæ сæрыл схæцыд, цыма уыцы хъæлæс кæй никуал фехъусдзæн, уымæй тарсти, уыйау. — Цы кæныс, цы дыл æрцыд? Абондæргъы дæхи цæуыл хæрыс?

Чызг Хасанмæ разылд, цыма йæ фыццаг хатт федта, уыйау æм æнæ цæстфæныкъулгæ касти æмæ касти. Хасан раздæр куыддæр фефсæрмыгомау уыцы комкоммæ кастæй æмæ бахудти. Асиат иу заман фестъæлфæгау кодта, йæ былтæ фезмæлыдысты.

— Хъусыс Хасан, — æмæ йæ хъæлæсы карздзинад фехъуысти, фервæзын кæн дæхи ацы æнамонддзинадæй. Уадз æмæ æз дæр фесæфон — уæддæр ма аирвæзынæн исты амал скæн. Уæддæр иууылдæр сæфгæ кæндзыстæм, ничиуал ницы фендзæн...

Хасан ын йæ ныхас айста:

— Цæмæй фæтарстæ, ахæм диссагæй куы ницыма æрцыд, уæд. Гуыргæ чи ракæны, уый мæлын дæр зоны, — фæлвæрдта лæппу Асиаты басабыр кæныныл, фæлæ йæ хъæлæс йæхимæ дæр бынтон æцæгæлон фæкаст, йæхæдæг дæр ыл нæ баууæндыди.

— Нæ, нæ, лидзгæ ардыгæй, кæннод дæуæн дæр де сæфт æрцæудзæн!

Хасан дæр стыхсти, фæлæ уæддæр чызджы сабыр кæнынмæ фæци:

— Ма тæрс, мæ хуры хай, нæ дыууæйæн дæр ницы уыдзæн, æвзаринагæй нын цы ис, уый та иумæ æвзардзыстæм. Мæнæ куыддæр æрбынатон уæм, афтæ чындзæхсæв сараздзыстæм æмæ нæ никуы ничиуал фæхицæн кæндзæн, — ахæм ныхас фыццаг хатт схауд йæ дзыхæй, лæппуйæн.

Фæлæ Асиаты ницуал уырныдта.

— Æнамонд адæмæн бынат нæй. Нæ хæдзæрттæ ныууагътам æмæ нæ уад йæ хъæлæсы рахаста. Фæлæ дзы ды дæхи бааууон кæн. Лидзгæ фæстæмæ нæхимæ, цалынмæ ма амал ис, уæдмæ. Нæ урссæр рæсугъд хæхтæ куы фенай, уæд-иу мæн дæр æрымыс, афтæ дæм-иу фæкæсæд, цыма дæ разы лæууын æмæ сæм-иу мæ бæсты дæр кæс. Хъусыс?!

— Хъусын, мæ хур, хъусын, æз дын дæ алы улæфтмæ дæр хъусын, цыма мæхæдæг улæфын, афтæ, — рæвдаугæ хъæлæсæй дзырдта Хасан. — Æмæ гъе уый тыххæй дæр никуыдæм ацæудзынæн. Цалынмæ ацы дунейыл цæрæм, уæдмæ мын дæ уындæй хъуамæ хай уа. Стæй, цæй æмæ лидзыны тыххæй мауал дзурæм, нæ иуæн дæр нæ алидзæн нæй, нæ фæдыл къодæхтæ баст ис.

Асиат йæ зондæй дзырдта Хасанæн, алидз, зæгъгæ, цæмæндæр æм афтæ каст, цыма сын æнæ фесæфгæ нæй. Фæлæ зæрдæ та йæхи риуы къултыл хоста, хъæр кодта: мæн дæр акæн демæ æмæ лидзæм ардыгæй, стыр бæллæхæй фервæзæм! Стæй лæппуйы фидар ныхас куы фехъуыста, уæд февзæрди ирвæзынгæнæг хъуыды цыфæнды æрцæуæд, уадз æмæ фесæфæд, уæддæр мæнæ афтæ, йæ уарзоны цур, æмæ йæ фæндыди Хасаны æгасæй дæр йæ зæрдæмæ æрбайсын, кæнæ уый хуызы бацæуын, иууылдæр æй куыд уыной æмæ дзурой — уæртæ Хасан æмæ Асиат, хицæнтæй сын сæ нæмттæ куыд нал дзурой.

Хасан тæригъæд кодта чызгæн: «Цы федта нырма царды æмæ цас зынтæ бавзæрста, цас тухитæ йын фæриссын кодтой йæ рæвдыдуарзаг зæрдæ. Цалынмæ нысанмæ хæццæ кæнæм, уæдмæ куы аирвæзæм, уæддæр афтид стджытæ суыдзыстæм».

Уыцы бонæй фæстæмæ фендæрхуызон ис Асиат, йæ цинхуыз æрттиваг цæстыты æнахуыр карздзинад фæзынд, сæ даргъхаутæ цъиуы базыртау фæйнæрдæм фæтахтысты. Уыдæттæ æрмæст Хасан бафиппайдта, æмæ сæ йæ зæрдæмæ райста.

Дыууæ æрыгон адæймаджы ахастдзинæдтæ хатыдтой адæм дæр æмæ ма суанг Дзæрæхмæт-хадзы дæр. Иу бон йе ’фсымæры лæппуйæн йæ мады раз загъта:

— Хуыцауы æвастæй ницы бакæнæн ис, лæппу, æмæ дæ бинонты хъуыддаг кæн — хæдзары лæгæн баззадтæ.

Хасан бамбæрста зæронды æлхыскъ, йæ маст рафыхти, кæд йæхиуыл хæцыди, уæддæр ын дзуапп радта:

— Цы хæдзар фехæлд, лæгæн уымæн баззадтæн æви дзы мæ аккаг æндæр хæдзар нæ уыди?!.

Дзæрæхмæт-хадзы иуцасдæр ницы сдзырдта, стæй æндæрырдæм кæсгæйæ загъта:

— Хуыцау, иунæг кадджын стыр хуыцау тагъд нæ кæны, зын ын ницы ис...

Фæлæ йæ ныхас кæронмæ нал фæци, Хасан йæхи нал баурæдта:

— О, уыцы хуыцауæн зынæй ницы ис, адæм цагъды кæнынц, сидзæргæс æд æнахъом сывæллæттæ зæфцы фыдæй фесæфти, адæмы тугæй денджызы дон схъулон ис — æмæ уыдæттæ хуыцауæн зын не сты, тагъд дæр нæ кæны. Кæдæм тагъд кæна, исты ам, æцæгæлон бæсты, æгъатыр дымгæ уый балхъывта, зæрдæ уынгæг кæмæй кæны, уыцы денджызмæ!..

Дзæрæхмæт-хадзыйæн йæ цæсгом бынтондæр ныссау ис, йе ’фсымæры фыртмæ ахæм æнæуынон цæстæй бакасти, цыма йæ ныртæккæ фæнык фестын кæндзæн, уыйау, фæлæ æнæ иу ныхасæй азылди æмæ ацыд.

— Цæмæн æм афтæ дзурыс, гормон! Нæ йæ зоныс?.. Цæмæн æй къахыс, æнæуи дæр ныл мæлæты тыхст куы нæ у? — мад лæппумæ фæци:

— Баст куыдз дæр æм нæ фæлæудзæн. Адæм уымæ æнхъæлмæ кæсынц зондмæ. Уый сын исты зæрдæ бавæрыны бæсты хуыцауæй таурæгътæ хæссы æмæ уыдон дæр фосы хуызæн сысты — уæларвмæ æнхъæлмæ кæсынц.

— Хуыцауы ном арын хъæуы, лæппу, æнæ хуыцау нæ фыдæлтæ дæр нæ цардысты.

— Нæ фыдæлты митæ нал кæнæм, дзыцца, уый йеддæмæ абон ацы ран сæфтмæ нæ цæуиккам. Цы гуыбынниз нæ рахаста нæ райгуырæн бæстæй? Уырысæй нын тæрсæн сарæзтой. Дæ зæрдыл ма лæууы, Саукуыдз-иу куыд дзырдта: ир æмæ уырыс, дам, раджы заман кæрæдзиимæ æмбæлдысты æмæ тугызнаг никуы уыдысты. Турк та... Æрмæст сæ бакаст дæр дызæрдыггаг у. Стæй уыдон цавæр æмдингæнæг сты — адæмæн семæ куы ницы хæссын уадзынц, сæ царм астигъыныл сын куы нæ ауæрдынц.

— Уæддæр ныхмæ ма дзур, мæ къона, иннæ æнамонддзинæдтæ нын æгъгъæд сты, дæ фыды æфсымæры та ма дæхимæ цæмæн хæрам кæныс? — не ’нцади мады зæрдæ, уый йæ хъæбулæн тарсти.

Хасаны цæстæнгас фæфæлмæндæр æмæ мадмæ комкоммæ бакаст:

— Мæсты цæуыл у, уый бамбæрстай?

— Бамбæрстон, бамбæрстон, — ныуулæфыд Мисурæт. — Уый бынаты дын алчидæр афтæ зæгъид, нæ зоныс ирон æгъдæуттæ?

— Ды дæр, дзыцца?

— Мæнмæ дзы уыдæттæ нæ хауы, æз мад дæн. Ныййарæгæн æхсызгон вæййы йæ цоты дзæбæхдзинад, уымæн цæры цæргæ дæр. Æз та дæу дæр æмæ Асиаты дæр ницы рæдыдæй уынын...

— Ды мæ куы æмбарай, уæд мæ æндæр никæй мæт ис, кæй цы фæнды, уый дзурæд. — Хасан ын айста йæ ныхас.

— Афтæмæй цæрын нæ бафæраздзынæ, мæ хур, уымæн стыр ныфс хъæуы.

— Ехх, исты хуызы ма куы æрбынатон уаиккам, уæд мæм ныфс цæмæ нæ разынид, ахæм ацы дунейыл ницы ис. Фæлæ ма хæццæ дæр кæдæм фæуыдзыстæм, ам ныл куы æрзымæг кæны æмæ тагъд нæ бынæй рухс куы ссæудзæн.

Уыцы ныхæстæм Мисурæт сæ хæдзаргондмæ бауад, иу чысыл дзы афæстиат æмæ цыдæр чысыл тыхтон рахаста.

— Ацы сызгъæрин æхцатæ мæм дæ фыд радта, искуы, дам, уыл мæгуыры бон куы акæна, уæдмæ, зæгъгæ. Гъа, мæ къона, дæуæй хуыздæр никæй бахъæудзысты, мах дæр ма дæуыл нæ зæрдæ куы дарæм.

Куыд бузныг фæци Хасан йæ фыдæй! Цыма йæ зонгæ кодта, ахæм къуырццæвæны бахаудзысты, уыйау сыл рагацау бамæт кодта æмæ сыл ныр æхца нæ бафидыны тыххæй ницуал фыд æрцæудзæн. Ацы фыдбылызы фæндагыл цас фæцыд, уымæй Хасан бамбæрста, æхцайы цас тых ис, уый. Æхцайы тыххæй бирæтæ сæ мулк донмæ калæгау лæвæрдтой, арæх-иу цалдæр капеччы тыххæй быцæугæнджытæ хъаматæм бавнæлдтой.

Адæм кæрæдзимæ сызнæт сты алы хъуыддæгтæй. Ахæмтæ уыди, æмæ туркæн лæгъстиаг уыдысты æмæ сын аргъæй уæлдай гæртæмттæ дæр лæвæрдтой, мæн раздæр алас, зæгъгæ. Фæлæ уый бирæты бон нæ уыд æмæ-иу уæд сæхи нал баурæдтой.

Хистæртæ тарстысты сæ кæстæртæн — тæвдтуг адæймаг йæ масты фæдыл цæуы æмæ ма æппæт фыдбылызтæй дарддæр ноджыдæр исты бæллæх куы æрцæуа. Кæд се ’ппæтмæ нæ уыд, уæддæр сæ фылдæрмæ фæстæмæ раздæхыны зонд æрцыди, се ’мдингæнæг туркмæ сæ сæ къах нал хаста. Уый тыххæй фыццаг дзурын райдыдтой бинонты æхсæн, стæй та мыггаджы, æппынфæстаг, уымæй размæ кæрæдзи чи нæ зыдта, уыдон дæр дзырдтой — сæ балц хуыцауы зæрдæмæ кæй нæ цæуы æмæ уый тыххæй нæ фесты фæндараст.

Уыцы ныхæстæ-иу Дзæрæхмæт-хадзымæ бахæццæ сты, фæлæ йæхи афтæ дардта, цыма ницы хъусы. Бæлццæттæ та уымæ æнхъæлмæ кастысты.

Дзæрæхмæт-хадзы сабыр хъæлæсы уагæй адæмæн бамбарын кодта:

— Хуыцауы хъуыддæгтæ ничи зоны, зæххон адæм уыдон æвзарæг не сты. Иунæг кадджын стыр хуыцау нын амоны — фæрæдыдыстæм йæ разы, нæ сæртæ йæ нывонд уой, æмæ ныр ацы фæндагыл нæ тæригъæдтæ фидæм. Удфидар ут, мæ хуртæ, хуыцауæй тæрхонгонд хъысмæтæн фæразын хъæуы...

— Æмæ кæд хуыцау нæхи хуыцау у, уæд нæ ацы тыхст ран цæмæн исы йæ мæстытæ? Дзæнæты бæстæ — Туркмæ уал нæ бауадзæд æмæ йын сæ уым бафиддзыстæм, — чидæр загъта фæстейы лæуджытæй, фæлæ йæм Дзæрæхмæт-хадзы, ницы сдзырдта, цыма йæ нæ фехъуыста, йæхи афтæ дардта.

Кæд ыл иууылдæр нæ баууæндыдысты, уæддæр та æнхъæлмæ кæсын райдыдтой. Фæлæ сын уый бирæ нæ ахаста. Иу æнамонд хабар адæмы бынтондæр сызмæста, æппындæр кæрæдзи нал æмбæрстой. Карсанаты Быдзыго æмæ йæ ус нырма æрыгон уыдысты. Лæгæн Туркмæ лидзын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис, æрæджы фæци йæ хæдзар конд æмæ гъеныр цæрын райдайа, зæгъгæ, афтæ йæ йæ каистæ, Мамсыратæ, йæ быны бабырыдысты, сидзæр дæ, иунæгæй зын у æмæ фæлтау махимæ уæлæуыл дзæнæты бæстæ — Туркмæ цом, зæгъгæ. Исдугмæ нæ разы кодта, фæлæ йе ’фсин цæгаты фарс фæци, æппынфæстаг Быдзыго дæр ницуал загъта. Фæндагыл бонтæ куы адаргъ сты æмæ Быдзыго тæвднизæй куы æрсади, стæй сыл ноджыдæр фылдæр рæстæг куы æртыхст, уæд бинонтæ бамбæрстой — арв куы фæнæры, уæд алчи йæхи гоны фарс хойы.

Быдзыго нал сæрæн кодта æмæ куыдфæстæмæ йæ маст усыл калдта, ацы ’ппæт фыдбылызтæ дæ аххос сты, зæгъгæ. Куы фæуазал, уæд бинонтæ бынтон æдзæллагæй баззадысты æмæ сæ дыууæ сывæллоны дæр фæрынчын сты. Залдуз фæтарсти, æртæ рынчыны æхсæн йæхи раппар-баппар кодта. Арæх æм-иу афтæ дæр касти, цыма йæ сæррамæ бирæ нал хъæуы — адзæгъæл-иу æмæ-иу æндæр исты хъуыдытыл ахæцыд. Æхсæв æм хуыссæг хæстæг нал цыд, æрмæст-иу ын боныгон арæдзæ-мæдзæ бантыст.

Иубон фынæйæ куы фехъал æмæ йæ сабиты куы асгæрста, уæд дзы æнахуыр цъæхахст райхъуысти — сывæллæттæ ныууазал сты. Хъæрмæ адæм фæдисы фесты æмæ федтой: Залдуз йæ дыууæ мард хъæбулыл ныддæлгом æмæ æрдиаг кодта. Цалдæрæй йæм бауадысты æмæ йæ сыстын кодтой, стæй зынгхуыстытæм куы фесты, уæд йæхи атыдта æмæ сыл йæхи баппæрста.

— Мæхæдæг сæ схъарм кæндзынæн æмæ мын адзæбæх уыдзысты! — дзынæзта Залдуз æмæ сæ йæ хъæбысмæ фелвæста: сæ иу — дыууæаздзыд, иннæ — дзидзидай.

Æд сывæллæттæ алыгъди Залдуз, Лези ма йæм бæргæ дзырдта, дзырдтой йæм иннæ устытæ дæр, фæлæ уый удаистæй фæстæмæ кæсгæйæ, размæ цыди. Исчи йæм-иу куы сдзырдта, уæд та-иу ныхъхъæр ласта:

— Мæхæдæг сæ схъарм кæндзынæн æмæ мын адзæбæх уыдзысты!

Иу чысыл куы ауади, уæд йæ бынаты дзыхълæуд фæкодта, ныррызти æмæ йæ дзыхы дзаг ныцъцъæхахст ласта.

— Фæдис!.. Лидзгæ ут!.. Турк æрбацæуынц!..

Йæхæдæг никæмæуал фæкасти æмæ денджызы ’рдæм азгъордта.

— Исты фыдбылыз сараздзæн йæхицæн, донмæ йæ ма бауадзут, лæппутæ! — сдзырдта хистæртæй чидæр.

Уыдон цалдæрæй азгъордтой сылгоймаджы фæстæ. Залдуз къардиумæ куы бахæццæ, уæд æрлæууыд. Йæ фæдыл згъорджыты куы ауыдта, уæд та ныхъхъæр кодта:

— Уыдон турк сты, турк!.. — æмæ бæрзонд былæй денджызмæ йæхи нывзылдта.

Адæм ныххæррæтт ластой уыцырдæм æмæ былмæ куы бахæццæ сты, уæд æй нал баййæфтой, æрмæст ма уылæнты астæуæй иу хатт фæзынди.

Былмæ æрбацыди Быдзыго дæр. Бирæ фæкасти донмæ, стæй фæстæмæ аздæхт. Æрлæууыд сæ уæрдоны раз, иуцасдæр уым афæстиат. Адæм æм дзырдтой, уæлдайдæр та йæ каистæ, фæлæ уый цыма къуырма уыд, уыйау цавддурæй лæууыди. Стæй фезмæлыд æмæ ацыд, йæ чъылдым денджызмæ саразгæйæ. Цыдис сындæггай æмæ чысыл куы адæрддзæф, уæд чидæр загъта:

— Раздахын хъæуы мæгуыр лæджы, искуы фесæфдзæн.

— Цы у, уымæй фыддæр нал фæуыдзæн, ауадзут æй, — загъта Хасан æмæ даргъ къахдзæфтæй тагъд-тагъд йæ фæстæ ацыд. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ йæ баййæфта. Йæ уынæр ын куы фехъуыста, уæд Быдзыго æрлæууыд æмæ лæппумæ бакаст. Хасан ницы сдзырдта, йæ хæлафы дзыппæй тыхтон систа, райхæлдта йæ æмæ сызгъæрин æхцатæй Быдзыгойæн радта. Лæгæн йæ фæлурс рустыл ставд цæссыгтæ цалдæр æрхауди, лæппуйы æрбахъæбыс кодта æмæ скуыдта. Стæй йæ йæхицæй схойæгау акодта æмæ ацыди фæстæмæ иу хатт дæр нал фæкаст, афтæмæй.

Хасан фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд адæмы баййæфта хъæлæбагæнгæ.

— Кæдмæ цæудзыстæм фосау ацы фыдбылызы фæндагыл? — дзырдтой иутæ.

— Цалынмæ бынсæфт фæуæм, уæдмæ, — дзуапп сын лæвæрдтой иннæтæ.

Цæуыл ахицæн уыдаид сæ быцæу, хуыцау йæ зонæг. Фæлæ æвиппайды кæйдæр хъæр фæцыд:

— Нау!

Æмæ иууылдæр денджызмæ фæкастысты. Æцæгдæр, арв æмæ денджыз кæм баиу сты, уым фæзынди цавæрдæр нау. Адæм дзы сæ цæстæнгас нал истой æмæ сæ денджызы былæй суанг изæрмæ ничиуал ацыд.

Нау разынди стыр, уæды онг сæ ахæм ничи ма федта. Йе ’рбахæццæмæ наулæууæны фæзынди бирæ уырыссæгтæ — афицертæ æмæ салдæттæ.

Бæлццæттæн бамбарын кодтой, уыцы нау се ’ппæты дæр кæй сæвæрдзæн, уый, æмæ ирæттæй уайтагъд сæ быцæутæ ферох сты, ногæй та сæ ныфс бацыди, ногæй та цæуылдæр сæ зæрдæ дарын байдыдтой.

IX

Хурыскасты размæ арв мигътæй расыгъдæг, дымгæ та æхсæвы фæсабырдæр, стæй денджызы кæмдæр æрныгъуылди. Хъæды рæбын æрбадти тæнæг, хызау фæлм æмæ рæгътæ фæчъиллонхуыз сты, уæлдайдæр та, зайæгхал кæуыл уыд, уыдон. Гæмæхтæ уыдысты рухсдæрхуыз, стæй хур куы скаст, уæд афтæ зынд, цыма уыцы рухс сæхицæй цæуы — сæ алыварс сæхицæй ирддæр уыди. Базмæлыдис хъæд, бæлæсты уæлæ ма цы мæнг цъæхгомау сыфтæ баззад, уыдон бур сыфтимæ хъулон-мулон дардтой, куыд дæлдæр та бур сыфтæ фестæмдæр сты æмæ хъæд хъулон нал уыд. Æмæ афтæ цæстгай æрттывта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.