Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 9 страница



Хур скасти цæхæртæ калгæ. Цыма уыцы бирæ бонты барæй нæ касти — йæхи рæсугъд кодта, уыйау æм адæймаг кæсынæй не ’фсæсти, кæд дзы цæстытæ рыстысты, уæддæр. Рагъæй, хъæдæй — æппæтыл дæр апырх сты тынтæ, цыма сыл æрттиваг къæвда æрцыд, уыйау.

Уырыссаг салдæттæ былмæ хæстæг никæй ма уагътой æмæ бæлццæттæ дæр дардæй кастысты.

«Не сæфт æрцыд, æвæццæгæн, æмæ ма нын хуыцау нæ зæрдæтæ фæлмæн кæны, мæнæ ма раст фосæн æргæвдыны размæ цæхх афтæ адарынц», — хъуыды кодта Хасан туркаг наумæ кæсгæйæ. Хасан æрмæст хъуыдытæ кодта, фæлæ Дзæрæхмæт-хадзы та адæмы æхсæн хъæрæй дзырдта:

— Иунæг кадджын стыр хуыцау тагъд никуы кæны. Нæ хъуыддæгтæй цыдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ ныронг нæ тæригъæдтæ фыстам. Ныр нæ фæндаг рухс у йæ хорзæхæй æмæ йæ фæндæй абон араст уыдзыстæм.

Аходæнафон сси, уæддæр науы сбадыны тыххæй ницыма хабар уыд, стæй та фехъусын кодтой: хъуамæ адæм иууылдæр æвæрд æрцæуой, нау æндæр нал уыдзæн ардыгæй уалдзæгмæ, хæссын та уадздзысты æрмæст хæринаг æмæ дон.

Уыцы ныхасы фæстæ та базар ногæй стынг. Ирæттæ æмæ цæцæнæй фæстæмæ дзы уыдысты уырыс, сомихæгтæ, бердзенæгтæ æмæ туркæгтæ. Фос æмæ хæцæнгарз ницуал аргъ кодтой, мæгуыр лидзджыты уæлдай дзаумæттæ та никæй хъуыдысты. Цыппар сомы йæ бæхæн чи агуырдта, уымæн былысчъилгæнгæ цыппар абазийы лæвæрдтой æмæ-иу искуы иу хатт сомыл бафидыдтой.

Кæд хайуан дæр æмæ хæцæнгарз дæр никæйуал хъуыди, уæддæр бирæтæ рацу-бацу кодтой иу цæцæйнаджы фæстæ. Уый йæ фæдыл ласта æнахуыр рæсугъд æдсаргъ бæх. Саулохаг æфсургъ йæ сæр бæрзæндты хаста, йæ гуыр ахæм æлвæст уыди, æмæ йæм адæймаг кæсынæй не ’фсæсти. Идон, саргъ æмæ иннæ дзауматæ дæр уыдысты æвзистæй арæзт. Лæгæн йæ къухы — рæсугъд æхсаргард æмæ хъама, дыууæ дæр æвзистæй арæзт, кæрдты фистонтæ — сызгъæрин доны тылд.

Цæцæйнагæн йæ цæсгом уыди æнкъард, цыма йыл стыр зиан æрцыд, уыйау. Иууылдæр ын тæригъæд кодтой — лæг хицæн кодта, йæ царды фылдæр цы уарзта, уыдонæй. Нæдæр ын уыцы лидзджыты æхсæн бинойнаг уыд, нæдæр хæстæг; зыдтой йæ æрмæст йæ номæй.

Æнкъардæй куыд рацу-бацу кодта, афтæ йæ размæ фæци уырыссаг афицер. Йæ бæх куы федта, уæд æрлæууыд, йæ худыл уæлдæр схæцыд æмæ хайуанмæ дисгæнгæ касти, стæй цæцæйнаджы дысмæ бавнæлдта:

— Гъей, мæ лымæн, цас кæныс дæ... уæлдай дзаумæттæ?

Лæг фестъæлфыд, уайтагъд йæ цæсгомы хуыз аивта æмæ фæрсæгмæ знæт каст фæкодта. Иуцасдæр куы ницы дзырдта, уæд адæмы æхсæнæй чидæр фезмæлыд, уый афицеры фæнд загъта цæцæйнагау.

Уый бамбæрста, уырыссаг ын йæ бæх дæр æмæ хæцæнгарз дæр кæй фæрсы, æмæ цыбыр дзуапп радта:

— Дыууæ туманы!

Адæмы æхсæнæй уынæр ссыд. Кæд раздæр федтой, сæ лидзæг æмбæлттæ лæвары хуызæн фос дæр æмæ дзаума дæр уæй кодтой, уый, уæддæр сæм уыцы аргъ бынтон ницы фæкаст.

Афицер аргъ куы фехъуыста, уæд зынæрвæссонæй бахудт:

— Фондз сомы, мæ лымæн, кæннод сæ чысыл фæстæдæр лæвар уадзын бахъæудзæн. — Фæлæ æнæуи та афтæ хъуыды кодта: «Фæхæст дæн, цы мæ хъуыд, ууыл. Ахæм бæх æмæ æхсаргардæн дыууиссæдз туманы раттын дæр æвгъау нæу». Æмæ нæ бафиппайдта, цæцæйнаджы цæсгом куыд афæлурс, æрфгуытæ карз æнгас куыд равдыстой, уый.

Цæцæйнаг сындæггай йæ рон райхæлдта, бакодта йыл æхсаргард æмæ хъама, уыдон фыддæрагæнау цухъайы цъæх фæсмыныл сæрттывтой. Цæстыфæныкъуылдмæ саргъыл абадти. Бæх йæ быны скафыд, стæй ма йыл ехсæй рог цæф куы ’руади, уæд йæхи размæ уыциу æппæрст аласта. Барæг ма йæ ноджыдæр фесхуыста æмæ митатады фæстæ цы фæндаг бахус, ууыл йæ тъыбар-тъыбур ссыди.

Адæмæй базар айрох æмæ диссагæн йæ фæдыл кастысты. Уыдон федтой, бæхы уыцы тæхгæ-тæхын æваст йæ фæстæгтыл алæугæйæ. Барæг йæ бæхы ногæй адæмы ’рдæм фæзылдта æмæ та дымгæйау уади. Стæй куы ’рлæууыд, уæд бæхы уырыссаг афицермæ комкоммæ батардта.

— Цас ын ратдзынæ? — бафарста уый.

Афицер ын йæ фарст куы бамбæрста, уæд бахудт æмæ та загъта йæ фыццаджы аргъ. Уыцы рæстæджы ничи федта, ничи бамбæрста, цæцæйнаджы æхсаргард хурмæ куыд ферттывта, уый. Афицеры рахиз бæхбæттæн дзы æрдаудта æмæ йæ раст астæумæ дыууæ фæкодта: сæр галиу риуы фарсимæ иуырдæм æрхауд, рахиз фарс та иннæрдæм. Барæг бæх фесхуыста æмæ йæ къардиумæ сарæзта. Дзыллæйы цæстытæ атартæ сты... Цæцæйнаг ма цыдæр ныхъхъæр ласта æмæ, дугъоныл бадгæ, йæхи денджызмæ аппæрста.

Уырыссæгтæ афицермæ фæфæдис сты, иннæтæ та сæхи былгæронмæ акалдтой, фæлæ ницуал федтой, æрмæст ма, къардиуы рæбын хъуырдухæн цы уылæнтæ кодтой, уыдонмæ æдзынæг кастысты.

Уырыссæгтæ фæцагуырдтой цæцæйнаджы бинонты, тынг архайдтой, уæддæр сæ бон ницы баци. Чи ницы аххосджын уыди, уыдоны дæр ма бирæ фæтухийæ мардтой.

Æппынфæстаг, сихормæ æввахс, адæмы наумæ уадзын райдыдтой. Алчи æнхъæл уыд, йæ ласæггаг æй уайтагъд фидын хъæуы, зæгъгæ, æмæ æхцатæ сцæттæ кодтой. Фæлæ туркæгтæй уый кой никæмæ ма уыд.

Чи куыд хызти бадынмæ, афтæ хуыздæр бынат бацахсыныл архайдта. Уайтагъд æхгæд бынæттæ сæ тæккæ дзаг баисты, афтæмæй ма былыл адæм бирæ баззад. Æмæ уæд иннæты уæле, гом ран, æвæрдтой. Ирæттæн сæ фылдæр баззадысты уæле.

Цуратæ куы бадтысты, уæд туркæгтæ Хаирхъызыл рынчынæй фæгуырысхо сты, рынчынты та æвæргæ нæ кодтой. Фæлæ куы федтой, хадзы йæ сæрыл дзуры, уый, уæд сæ бауагътой. Æлбегатимæ иумæ фæсте стыр цæджындзы рæбын бынат æрцахстой, æмæ Хаирхъыз æрфæрсыл, бынтон æрхуыссын æй Дзæрæхмæт-хадзы нæ бауагъта, туркæгтæ хъуыддаг базондзысты, зæгъгæ.

Куыдфæстæмæ нау адæмæй афтæ байдзаг, æмæ дзы фезмæлæн нал уыд. Тынг тыхстысты, уæлдайдæр сылгоймæгтæ. Сывæллæттæ куыдтой, сæ цъæхахстæй зæрдæ фæйнæрдæм тъæппытæ хаудта. Фæлæ æцæг бæллæхтæ, нау куы араст, уæд райдыдтой.

Былæй кæсгæйæ, денджызы уылæнтæ стыр нæ зындысты, стæй знæтхуыз нæ уыдысты. Фæлæ нау куы адард и, уæд ахæм егъаутæ фестадысты, æмæ-иу сæхи науы ’рдæм куы сарæзтой, уæд-иу адæм фыртæссæй сæ цæстытæ бацъынд кодтой. Фæлхъæзæнæн йæ цæлхъ науы фарсыл фæцыди, æмæ-иу уый дæр бакатай кодта, цыдæр дзы-иу схъыс-схъыс ласта æмæ-иу херыйау сдыууæрдæм. Адæмæй бирæтæ нæ фæрæзтой уыцы уыгъдæн æмæ омдтой. Раздæр се ’ппæты зæрдæтæ дæр хæццæ кодтой. Сæ бон фезмæлын нæ, фæлæ иннæрдæм азилын дæр нæ уыд æмæ куыдфæстæмæ уыдæттæ ницæмæуал дардтой. Науы рахау-бахауæй адæм кæрæдзиуыл сæхи цавтой, бынæй-иу чи фæци, уайтагъд-иу уыдоны æрдиаг ссыди, фæлæ сæ мæт никæй уыд. Былтæм хæстæг чи бадти, уыдонæй цалдæр донмæ атахти æмæ ма кæд се ’рдиаг цыди, уæддæр сæм никæй равдæлд, стæй сын сæ бон цы уыди!

Уыцы бæллæхтыл ма æхсæвы бафтыдысты уазал æмæ талынг. Суанг бонмæ ничи бафынæй. Хаирхъыз уæззау хъæрзт кæнын райдыдта, хатгай-иу йæ зонд цыдæрхуызон фæци. Дыууæ бинонтæ ууыл сысты, æмæ Æлбегаты кæстæр лæппу куыд æррæдзæ-мæдзæ кодта, уый ничи бафиппайдта. Нау, цыма йæхи истæуыл скъуырдта, уыйау хæрдмæ фæхауди æмæ та бæлццæттæ æддæг-мидæг ауадысты. Æлбегаты размæ цы адæм уыд, уыдон фæстæмæ рахаудтой, цæнд ралæбырæгау, æмæ бинонты сæ быны акодтой. Ничи йæ бамбæрста, фынæй лæппуйы куыд ассæстой, уый, йæ хъæр дæр нал райхъуыст, афтæмæй.

Æрмæст æй ныййарæджы зæрдæ базыдта. Лези зæхмæ æрхауд æмæ йæ къухтæй сгæрста. Куы йæ ссардта, уæд лæппу нал змæлыд, уыди ранæй-рæтты тугæй уымæл. Æмæ мад сæрдиаг кодта. Фæкуыдтой Æлбегатæ æмæ Цуратæ æдзард лæппуйыл аходæнмæ, стæй йæ туркæгтæ денджызмæ аппæрстой. Куыд нæ атыдтой сæ зæрдæтæ бинонтæн!

Хасан ууыл хъуыды кодта æмæ æрæджиау йæхинымæр загъта: «Ныддур сты нæ зæрдæтæ ацы бæллæхтæй æмæ адæймаджы хуызæн дæр нал стæм. Уагæр ма не ’мдингæнджытæм куы бахæццæ уæм! Ацы гæвзыккæй нæ сæ хъарм хъæбысты куыд нæ ныккæндзысты!»

Куыдфæстæмæ Хасанæн туркæгтæм кæсын йæ бон нал уыди. «Уæвгæ цы аххосджын сты, нæхи къахæй куы рацыдыстæм?» — кæйдæр фæрсæгау фарста, фæлæ сæ куыд федта, уымæ гæсгæ йе ’нæуынондзинад тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Æмæ чысыл ма бахъæуа, уый тыххæй фесæфа.

Сихорафон туркæгтæ зилын райдыдтой ласæггаг мыздыл. Къуындæджы сын размæ ницы æнтысти æмæ-иу зæххыл чи бадт, уыдоныл дæр къахæй æрлæууыдысты, хъауджыдæр сын нæ уыди. Сдзурæн та сæм ницы уыди — уайтагъд-иу сæхи æвзагыл сдыгъал-мыгъул кодтой æмæ-иу сæ хæцæнгæрзтæ стылдтой. Уæвгæ сæ хæцæнгарз дæр цæмæн хъуыд — адæм афтæ суынгæг сты, афтæ сфæлмæцыдысты æмæ уыцы æбæрæгхуызæй кастысты размæ.

Куыд сбæлвырд, афтæмæй ацы науы туркæгтæ иннæтæй мызд дыууæ хатты фылдæр истой. Æмæ уæд бæлццæттæ фæйнæ-фæйнæ ныхасы райдыдтой. Тæлмац сын æмбарын кодта — кæй нæ фæнды, уый бар ис, зæгъгæ, æмæ-иу донмæ ацамыдта. Уæд адæм дæр æрсабыр сты. Æхца фаг кæмæ нæ кодта, уымæй истой дзаума — лæджы уæлæйæ-иу кæрц дæр раластой.

Æлбегатæ ласæггаджы аргъ куы фехъуыстой, уæд сæ зæрдæтæ бауазал сты — уыдонмæ æгасæй уыди дыууæ адæймаджы фаг. Уый агъоммæ афтæ дзырдтой, сывæллæттæн, дам, фидын нæ хъæуы. Цалынмæ катайыл уыдысты, уæдмæ туркæгтæ сæ размæ æрбабырыдысты. Тæлмац къухæй бацамыдта æмæ бафарста:

— Бинонты хистæр чи у?

Умар йæ бынаты базмæлыд.

— Æз бæргæ дæн, — æнæбары дзуапп радта лæг.

— Цал стут?

Умар фæкъæмдзæстыгхуыз.

— Мæнæ не ’фсинимæ, стæй ма æртæ... цот.

— Дæс туманы бафидут.

Умар, цы цыппар туманы йæм уыди, уыдон систа.

— Мæнæ нæм адон ис æхцайы мыггагæй...

Тæлмац йе ’мбалмæ бакасти æмæ йын цыдæртæ загъта. Туркаг уыди рæстæмбис, фæтæнуæхск, гуымирыхуыз. Тæнæг рихиты сæрмæ къæдзфындзы фæрстæ алы улæфтæн дæр змæлыдысты. Æрфгуытæ æддæг-мидæг ауадысты. Уый тæлмацы ныхас куы фехъуыста, уæд йæ саулагъз цæсгомы цъар ноджыдæр фæтардæр æмæ хъæхъхъаг куыдзы рæйд скодта.

— Хицау смæсты... Уæд, дам, дæ цæуын нæ хъуыди, — Умарæн бамбарын кодта тæлмац.

— Цы чындæуа, мæ хуры чысыл, денджызы был сымахмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ дыууæ мæйæ фылдæр ныддаудтам. Уыдон дæр ма нæм куыд сты! — æрбамæсты Умар.

Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ туркаг хицау Асиаты бафиппайдта æмæ йæм комкоммæ ныккаст. Йе ’рфгуыты æлхынцъ хæлди æмæ йæ цæсгомыл фæзынди æнад мидбылты худт: тæнæг былтæ ныззылын сты, фындз бынтондæр æркъæдз æмæ йæ уадултыл арф æнцъылдтæ фæбæрæг. Стæй тæлмацы басхуыста æмæ, Асиатмæ бацамонгæйæ, цыдæр загъта.

— Хицауæн уæ чызджы раттут æмæ уæ уæд æхца фидын нал бахъæудзæн, — бамбарын кодта бинонтæн.

Уыцы ныхæстæй иууылдæр цавддуртау фесты. Æрмæст Хасан бамбæрста, цы æрцæудзæн, уый. Æмæ сæм йæ дæндæгты хъыс-хъыс ссыд:

— Адон не ’мдингæнджытæ сты! Куыйтæ!..

— Лæппу!.. — схъæр ыл кодта Дзæрæхмæт-хадзы.

Тæлмац бахудти:

— Кæнæ æхца кæнæ чызг. Лæвар ничи ласы.

Уыцы рæстæг туркаг хицау йæ къух бадаргъ кодта Асиаты роцъомæ, фæлæ чызг йæхи иуварс фæзылдта. Се ’хсæн февзæрди Хасан. Дыууæ лæджы кæрæдзимæ афтæ бакастысты, æмæ сæ цæстыты туг фæбадти. Хасан йæ дзыпмæ цæвнæлдта. Туркаг фенхъæлдта: хæцæнгарзмæ æвналы, æмæ йæ ронæй дамбаца раласта. Стæй Хасаны къухы цыдæр тыхтон куы бафиппайдта, уæд æй фæстæмæ батъыста. Туркаг сызгъæрин æхцатæ куы федта, уæд дзы Асиат дæр ферох, тагъд-тагъд сæ йæ дзыппы авæрдта æмæ дарддæр ацыдысты.

Æмæ æрмæст уæд æрчъицыдтой бинонтæ дæр æмæ сæ алыварс чи бадти, уыдон дæр. Лези ныккуыдта æмæ йæ сæр йæ уæрджытыл æрхауди. Умар æм кæсын нæ бафæрæзта æмæ иннæрдæм азылд аивæй йæ дысы кæронæй йæ цæстытæ асæрфта. Бола йæ къухы фыд дæндагæй стыдта æмæ йæ туг калди, Дзерассæ ма йын æй бæргæ баста, фæлæ уымæн дæр йæ къухтæ зыр-зыр кодтой æмæ нал арæхсти. Асиат та... Цыма цы цæджындзы æнцой лæууыд, уый нызгъæлæнтæ, уыйау йæхи мидæг æрæмпылд, фæлæ йæ Хасан рацахста æмæ йæ Мисурæты хъæбысмæ æруагъта...

Афтæ аивгъуыдта дыккаг бон лидзджытыл. Науы алфамбылай зынди æрмæст сау дон, йæ сæрмæ сау арв — æндæр дунейыл ницуал уыд. Ссау сты сæ зæрдæтæ дæр æмæ сын сæ дзыхтæ бамыр кодтой — хъыпп-сыпп никæмæйуал хауди.

Денджыз науы алыварс хъуыр-хъуыр кодта, цыма йæ зæрдæмæ нæ цыдис æмæ йæ æрбадæлдзæх кæнынмæ хъавыди, уыйау. Донæн йæ арфæй хæрдмæ лæбурдтой сау уылæнтæ. Цыма сæ дæлимонты паддзах æнамонд адæмы удтæм æрвыста, уыйау уæлæмæ сæвнал-сæвнал кодтой. Раст балбирæгътау сагъуыдысты науы фæстæ æмæ дзы чи бадт, уыдон сæхимæ кастысты мæгуыр, дунейыл чи никæй хъæуы, ахæм мæлинæгтæ.

Куы æризæр, стæй бынтон куы æрталынг, уæд нау фæцух уыцы сау уылæнтæй, уыдон нал згъордтой йæ фæдыл. Фæлæ та æхсæвы тары фæзындысты, сæхи мидæг сæ цыдæр рухс февзæрд æмæ сæ уый наумæ арæзта. Нау хъæрзыд æмæ уынæргъыд, æндæр бæстыл ницы уынæр хъуыст. Æрмæст æмбисæхсæв фæцыд сылгоймаджы цъæхахст, цавæрдæр хъæлæба æмæ уыцы æрра сау уылæнтæ кæйдæр аскъæфтой. Стæй фæдисы уынæр банцад, æрмæст ма хъуысти иугай ныхæстæ æмæ уыдон дæр боныцъæхтыл бамынæг сты.

Райсомы адæм хъус-хъусæй дзырдтой: туркæгтæ æхсæвы иу цæцæйнаг чызджы сæ уатмæ ахæссынмæ хъавыдысты, фæлæ йе ’фсымæртæ фехъал сты æмæ уæд къæрныхтæ сæхи айсынмæ систы. Бæлццæттæй бирæтæ фæгæппытæ ластой æмæ хабар бамбæрстой. Чызджы æфсымæрты фарс фесты æмæ туркæгтимæ фæбыцæу сты. Хъуырдухæны сын сæ иуы чидæр тынг асхуыста æмæ науы кæрон хæцæны сæрты донмæ атахти. Туркæгтæ афтæ фенхъæлдтой, æмæ бæлццæттæй исчи ахауд æмæ лидзынмæ фесты. Сæ агъуыстгонды куы фæмидæг сты, уæд, æвæццæгæн, бамбæрстой, цы сыл æрцыд, уый. Фæстæмæ ма рауадысты цыдæр тымбыл цырæгътимæ, фæлæ сæ рухс уайтагъд ахуыссыд, стæй адæмы сæ разы сау къулæй лæугæ куы федтой, уæд фæстæмæ сæхи бааууон кодтой.

Суанг райсомæй фæстæмæ туркæгтæ уыдысты ардыд куыйтау, комкоммæ нал кастысты, афтæмæй фæндаггонтыл зылдысты — агуырдтой, æхсæвы кæимæ фæхъаугъа сты, уыдонæй искæй. Фæлæ сæ адæм иугæйттæй се ’хсæн бамбæхстой. Кæд талынг уыд, уæддæр сын уыцы гуымирытæй тарстысты. Æмæ гъе афтæмæй турк бафиппайдтой Хаирхъызы. Сылгоймаг науы куы сбадти, уæдæй фæстæмæ йæ сæрæн нал сси, бонæй-бонмæ тади, ницуал дзырдта.

Хаирхъызы туркаг куы федта, уый хæд фæстæ сæ размæ æрбацыдысты цалдæрæй. Сæ иу уыди тæлмац. Бинонтæм радыгай бакæстытæ кодта æмæ Дзæрæхмæт-хадзыйæн загъта:

— Науы ахæм рынчынæн дарæн нæй. Иннæтæн дæр тас у.

Дзæрæхмæт йæ бынаты базмæлыд:

— Иунæг кадджын стыр хуыцау ын цы саккаг кодта, уый æвзары. Иууылдæр уæлладжы къухы стæм.

Туркæгтæ æмæ тæлмац цыдæртæ адзырдтой æмæ та тæлмац загъта:

— Хицау зæгъы: дуа йыл скæн æмæ йæ денджызмæ аппарæм.

Дзæрæхмæт-хадзы уый æнхъæл нæ уыд æмæ ма йæ цæстытæ фæтъæбæртт-фæтъæбæртт кодтой, цалдæр хатты йæ дзых дæр схæлиу. Стæй туркагимæ се ’нгастæ куы сæмбæлдысты, уæд араббагау цыдæртæ йæ фындзы бын хъуыр-хъуыр байдыдта. Иууылдæр бамбæрстой, æцæг дуа кæны, уый. Дзерассæ Хаирхъызмæ бабырыд, ныттыхст ыл æмæ ныккуыдта:

— Нана, мæгуыр нана, цы кæнынмæ дын хъавынц, цы?!

Туркæгтæй, хицау кæй хуыдтой, уый æдзух йæ цæст дардта Хасанмæ æмæ йæ роны дамбацайы хъæдыл хæцыд.

Хаирхъызмæ дзырдта Лези дæр, фæлæ зæронд ус нал змæлыд. Стæй Дзæрæхмæт-хадзы йæ дуа куы фæци, уæд туркæгтæ зæронд усмæ февнæлдтой. Хасан сæм йæхи фæцæйæппæрста, хицау ын йæ риуыл дамбаца авæрдта. Ныррызти фырмæстæй лæппу, йæ цæстытыл мигъ абадти æмæ Хаирхъыз йæ дунейæ куыд ахицæн, уый дæр нал ауыдта. Æрмæст ма фехъуыста бинонтæн сæ цъæхахст, се ’рдиаг...

Хасан куыд фестад, афтæ лæугæ баззад æмæ йæ уд йе ’муд куы æрцыди, уæд ныхъхъæр ласта:

— Хорз адæм! Гъе уыдон не ’мдингæнджытæ сты æмæ сын-иу сæ дзæбæхдзинæдтæ уæ зæрдыл дарут!

Дзæрæхмæт-хадзы бадти сæргуыбырæй æмæ лæппуйы ныхасмæ ницы загъта...

Дзерассæ йæ нал æмбæрста, афтæмæй йæ цæссыгтæ хуыздзыд рустыл уадысты æмæ уадысты. Æрмæст бафиппайдта, йæ къухты æнгуылдзтæ куыд тынг зыр-зыр кодтой, уый. Сæ бауромын æй фæндыдис, фæлæ сын ницы амал ардта.

«Бацарæфтыд нана, æбуалгъы мардæй йæ амардтой, — йæхи хордта чызг. — Негасмæ дæр уыцы хъысмæт кæсы, саубон сыл акæна!

Дзерассæ куы фæсабырдæр, уæд сæ бинонты ивгъуыд цард ирддæрæй зынди, йæ цæстытыл уади Хаирхъыз. Хæдзары хистæр сылгоймаг уæвгæйæ, уый се ’ппæтæн дæр уыди мады хуызæн. Ноджы цингæнаг адæймаг, æмæ йыл иууылдæр æнувыд уыдысты. Дзерассæ ма сывæллон уыд, афтæ рæвдыд Хаирхъызæй зыдта. Мисурæты йæ цотмæ æвдæлгæ дæр нæ кодта хæдзары куыстытæй. Суанг ма йæм нæлгоймæгты хъуыддæгтæн дæр сæ иу хай хаудта.

Хаирхъыз уæлдай иузæрдион чызгыл уыди, раст йæхи хъæбулы хуызæн. Райсомæй-иу куы сыстади, уæд ын-иу йæ сæр ныффаста, сбыдта йын-иу йæ дзыккутæ æмæ йын-иу йæ фæлмæн хъæлæсы уагæй алцы амыдта. Арынджы уæлхъус-иу куы балæууыд, уæд-иу сабийы къухтæ дæр арынджы фегуырдысты. Фæлæ йæ Хаирхъыз никуы атардта йæ разæй, никуы йæм хæцыди. Нæ фæлæ ма йын кæрдзын кæнын амыдта.

Афтæ Хаирхъызы дæлбазыр байрæзыди Дзерассæ. Куы фестырдæр, уæд ын йæ мадæн загъта:

— Чызг ми кæнынмæ йæ хъус дары æмæ йæм фæкæс, дæ рынтæ бахæрон.

Зæронд ус хорз зыдта, Мисурæт къухæй куыд рæвдз у, уый æмæ йæ фæндыд саби дзы фæсте куыд нæ баззадаид.

Дзерассæйæ нæ ферох, Хаирхъыз ын йæ фыд, йæ мад æмæ йе ’фсымæрмæ дæр цы зæрдæ дардта, уый. Æцæгæлон никуы фенхъæлдтаид, æмæ сæ иутæн дæр йæ ныййарæг нæу.

Ныр уыцы бæллæхы фæстæ бинонтæн се хуыз фæцыд, сæ зæрдæты катай сыл афтæ зынди, æмæ, кæд сæ алфамбылай адæм сæхæдæг тыхст уыдысты, уæддæр сын тæригъæд кодтой.

Мисурæт та йæ тиумæ мæстæй тъæппытæ хаудта: цардæгас адæймагыл мæрдтæм барвитыны размæ дуа куыд скодта? Не ’мбæрста: «Уый ма цымæ æцæгæлонæн та цы бакæнид?! Тобæ, тобæ, хуыцау, куыд фæразæм», — ууыл ныллæууыд сылгоймаг æмæ сæм сæ сыхæгтæ цы тарст цæстæй кастысты, уый дæр хатыдта...

Дыккаг хай

I

Æхсæзæм бон бæлццæттæ рахызтысты Трапезунды. Денджызы мидæг ма былæй дард уыдысты, афтæ сæм разындысты мæзджыты азанхъæргæнæнтæ. Дзæрæхмæт-хадзы йæ рихитыл йæ къухтæ æрхаста æмæ райгондæй загъта:

— Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг кадджын стыр хуыцау, дæ фæрцы æрбахæццæ стæм не ’мдин, не ’мтуг æфсымæртæм. Бузныг дæ сты пысылмон кувæг адæм.

«Ныр та не ’мтуг дæр куы сысты, нæ рынчынты нын донмæ чи æппæрста, нæ чызджытæй нын хынджылæг чи кодта, уыцы цъаммар туркæгтæ», — йæхинымæр дзырдта Хасан, йæ фыды æфсымæрмæ хъусгæйæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.