Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 7 страница



Дымгæ мусонгтæй бирæты фелвæста æмæ сæ ныддæрæн кодта, йæ хъæлæсы хаста, сæ дзаумæттæй сын кæуыл фæхæст æмæ йæ бон кæуыл цыд, уыдоны дæр. Фæлæ уазалæн чи фæрæзта æмæ та ногæй мусонджы цъупп сæртæ разындысты, адæм та сæхи бааууон кодтой.

Карз дымгæйæн йæ дыккаг бон денджызы дардæй февзæрди цавæрдæр хæдзаргонд, йæ астæуы цыдæр хъилтæ, афтæмæй. «Уый нау у!» — уайтагъд айхъуыст лидзæг адæмыл æмæ фæныфсджындæр сты. Нау хæстæгæй-хæстæгдæр цыди, стæй йæ уæлæ адæм куы фæзынди, уæд иу ран æрлæууыд æмæ йæ уылæнтæ узын райдыдтой.

Наулæууæны фегуырди уырыссаг афицер цалдæр æдтопп салдатимæ. Дзæрæхмæт-хадзы Гыргъохъойы уыдонмæ барвыста, кæд, мыййаг, исты хабар зонынц, уæд æй мах дæр бамбарæм, зæгъгæ. Гыргъохъо куыд базыдта, афтæмæй уыцы нау адæмы ласы, фæлæ фыццаджыдæр æвæрдзысты раздæр чи æнхъæлмæ каст, уыдоны. Уыцы æнхъæлмæгæсджытæ та бирæ уыдысты, ахæм наутæй, дам, иу æртæйы фаг.

Нау денджызы бирæ фæлæууыд, стæй дзы иу бæлæгъгонд донмæ æруагътой, уырдæм æрхызти æртæ лæджы æмæ былмæ рахызтысты. Куы æрбахæстæг сты, уæд сæ дарæсмæ гæсгæ бæрæг уыд, туркæгтæ кæй сты, уый: уыдис сыл фадхъулты цур баст уæрæх хæлæфтæ, цавæрдæр хъулон куырæтгæндтæ, сæ сæртыл чысыл фæсмын худтæ, сæ къæхтыл та цыргъ схъæлфындз дзабыртæ. Уыдон сæхирдыгонау цыдæртæ хъæр кæнын райдыдтой. Уынæрмæ хæстæгдæр хæдзарæй дыууæ саусæрыхъуынджын лæджы разгъордтой, иуы къухы дзы бæндæн, афтæмæй.

Туркæгтæй иу уыди бæзæрхыг, гуыбынджын, йæ цæсгом цыма чъизи фиуæй сæрст уыд, уыйау æрттывта æмæ хъулон дардта. Уый цыдис йе ’мбалæй чысыл раздæр, цыдæртæ дзырдта, йæ къухтæ æнахуыр тылд кæнгæ. Уырыссаг афицеры размæ куы бахæццæ сты, уæд дæрддзæфгомау æрлæууыдысты, тыппыр лæг йæ къух систа æмæ, лæгъстиагхуызæй мидбыл бахудгæйæ, загъта:

— Ай салям алейкум!

Афицер æй бафарста:

— Ноджыдæр та адæм ласынмæ æрбацыдтæ, Махмуд?

Тыппыр лæг йæ цæстытæ фæцъынд кодта æмæ, саусæрыхъуынджын лæгтæй иумæ бакаст. Туркаг куы бамбæрста, уырыссаг æй цæмæй фæрсы, уый, уæд сæрфтбылхуызæй йæ сæр батылдта. Куыд баныхас кодтой, афтæмæй афицеры дзырдмæ гæсгæ науы хъуамæ сбадтаиккой авдыссæдз адæймаджы.

Дыууæ бæлæгъгондæй адæмы ласын райдыдтой наумæ. Кæд бæлццæттæ зыдтой, чи бахаудзæн æмæ чи нæ бахаудзæн, уый, уæддæр схъомпал сты, загъд-замана æмæ-иу кæуын арæх райхъуысти ныххизæнæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй туркæгтæ лидзджытæн семæ уæлæдзаума, хæринаг æмæ дон йеддæмæ ницы уагътой. Цæмæй науы фылдæр адæм бацæуа æмæ фылдæр æхца райсой, уый тыххæй. Йæ рад кæмæн уыд, уыдон сæ фос, сæ мулк уагътой. Æфсонæн-иу алчи йæ зонгæйæн загъта: дæ быгъдуан æй уадзын. Зонгæ та йæ уæвгæ кодтой, уый æрмæст ныхас у, уый йеддæмæ йæхионтæй чи нæ стыхсти, уæдæ йæ цы фæкæнон, зæгъгæ.

Изæрдалынгтæм наумæ адæм ласт фесты. Уæдмæ дымгæ ноджы фæкарздæр, денджыз бынтондæр базмæлыд йемæ-иу йæ уынæргъынæй не ’нцад. Нау цыма æхсныф уыд, уыйау æй дымгæ раппар-баппарыл нæ ауæрста, фæлæ уæддæр уыцы лæууæн бынатæй нæ фæхицæн.

Былыл чи баззад, уыдон сæхимæ хъусыныл фесты æмæ дымгæйæ аууæтты бадтысты. Чидæртæ дзы йæ хуыссæнуат дæр бацагуырдта, кæд бадын сæ бон нæ уыди, уæддæр. Дымгæйы æрра футтытæй не змæлыди æрмæстдæр æхсæвы тар, уый бæлццæттыл йæхи уыцы уæззауæй æруагъта цыма сæ бассæндынмæ хъавыд, уыйау. Æмæ бæстæ бамыр, азæлыд ма денджызы хъуырдухæны.

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ былыл чи баззад, уыдон зæрдæскъæфт фесты: мæйдары денджызы ’рдыгæй æрбайхъуысти фæдисы хъæр. Хъæр хъуысти тынгæй-тынгдæр. Науæй цы мынæг рухс æрттывта, уый та хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Адæм былыл сæ бынæтты сызмæлыдысты, сæ фылдæр фæгæппытæ ластой æмæ былы ’рдæм базгъордтой. Дымгæ дæр нал ауæрста æмæ нау къардиумæ куы æрбахæстæг, уæд æнахуыр ниуд скодта, райхъуысти цæйдæр гуыпп, йæ хæд фæстæ та ногæй цъæхахст.

Бердзенæгтæ сæ хæдзæрттæй рагæппытæ ластой, æхсидæвтау цыдæртæ ссыгътой æмæ тахтысты былгæронмæ. Науы хъæр тынгæй-тынгдæр кодта, уæлдайдæр сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты хъæр.

Уый фæстæ адæм куыд дзырдтой, афтæмæй уад науы йæ рæхысæй атыдта æмæ йæ къардиуыл ныццавта. Адæм науы нæма æрсабыр сты, афтæ та йыл дымгæ йæхи бауагъта, райхъуыст цавæрдæр хъыррыст. Стæй фезмæлыди æмæ йæ стыр уылæнтæ сæ хъæлæсы ахастой. Уæле цы туркæгтæ уыд, уыдон хъæр кæнын райдыдтой æмæ цыдæртæ дзырдтой. Бæлццæттæ фæтарстысты, фæндыдис сæ фезмæлын, фæлæ алы ран дæр уыди къуындæг, адæм дуртау сцæнд сты.

Стæй æрцыди, лидзæг адæм æппындæр æнхъæл кæмæн нæ уыдысты, ахæм бæллæх.

Знæт дымгæ науы размæ тардта æмæ тардта. Цыма гæды мыстимæ хъазыд, уыйау æй раппар-баппарыл схæцыд, хатгай-иу фæкъул, æмæ-иу бадджытæн сæ удтæ ауадысты, мæнæ ныртæккæ фæфæлдæхдзæн, зæгъгæ-иу, ныцъæхахст ластой стырæй, чысылæй. Фæлæ та-иу фæстæмæ сраст ис, йæхи бацæгъдæгау-иу базыр-зыр кодта æмæ та йæ дымгæ размæ, денджызмæ йæ хъæлæсы хаста.

Цас рæстæг рацыд, уый йæ фыртарстæй чи раиртæстаид, фæлæ сæм сæ тухитæ æнæкæрон фæкастысты лидзæг адæммæ. Ноджы сæ тарстæн та бауромæн нал уыд. Чысылгæйтты сæ алчидæр йæхицæн цыдæр æфсоны æнцой ссардта æмæ æнхъæлмæ кастысты, уæдæ мæнæ ныр æрсабыр уыдзæн æмæ сæ хъаймæты æхсæв фæуыдзæн.

Дымгæ уæдмæ фæиннæрдæм: ныр былы ’рдыгæй нал дымдта, уый кæмдæр фæстейы баззад æмæ йæ бæсты фæзынд æндæр, фыццагæй ноджы хъæхъхъагдæр денджызæн йæхи хуылфы, æмæ æгъатырæй йæхи науыл ныццавта. Нау æнæдомд бæхау хъен ныллæууыди, райхъуыст йæ хъыс-хъыс, стæй йæ мидбынаты ныззылд æмæ был кæцырдыгæй уыд, уыцырдæм, йæхи сарæзта. Дымгæ дæр æй фæсте схуыста æмæ схуыста...

Бæлццæттæ цы кодтаиккой, уый нал зыдтой, денджызæй нал тарстысты, былæй тарстысты — чи бауромдзæн уыцы тæхгæ науы, бæх куы нæ у, мыййаг, кæнæ сур зæххыл куы нæ цæуы? Сæ зæрдæтæ къуындæджы бахаудтой, алкæй дæр сæ фæндыди науыл баныхæсын, фыдбылызæй удаистæй. Æмæ уыцы уавæры куыд уыдысты, афтæмæй нау йæхи йæ тых, йæ бонæй къардиу былыл скъуырдта. Уæле чи уыд, уыдонæй бирæтæ атахтысты донмæ. Сæ фылдæр ныххаудтой науæй къардиуы æхсæн æмæ ныцъцъæл сты. Дзыхъмард чи нæ фæци, уыдон та дæлдон фесты — æхсæвы тары цы кодтаиккой, йе уый не ’мбæрстой, йе ленк кæнын нæ зыдтой, йе сæ ирвæзынгæнæг нæ фæци.

Нау цыма уыцы бæллæхæй фæтарсти, уыйау йæхи фæстæмæ денджызмæ сарæзта, кæд адæм уырдыгæй хъæр кодтой, уæддæр: бирæтæн дзы сæ бинонтæй фесæфти уыцы зындоны æмæ йæ куыд ныууагътаиккой. Фæлæ йын былмæ æрбацæуæн нал уыд, дымгæ йæ фæстæмæ ахаста. Райсомæй раджы ма иу чысыл афæстиат иу бынаты, стæй йæ сæрмæ кæттæгтæ айтынг сты æмæ æнахуыр тагъд ацыди денджызмæ, цыма судзаджы мæрдтæ цы былыл уыдысты, уымæй лыгъдис, уыйау.

Уым та бæлццæттæ бердзенæгты æххуысæй агуырдтой змæст доны сæ мæрдты. Ничи ацыд нæлгоймагæй, сылгоймагæй, зæрондæй, сывæллонæй къардиуы цурæй. Йæ бон кæмæн куыд уыд, афтæ йæхиуыл нæ ауæрста.

Ирæттæ кæйдæр бæллæхмæ раздæр дардæй кастысты, фæлæ куыдфæстæмæ иннæтимæ баиу сты. Хасан æмæ Бола бердзенæгты бæндæнасинтæ рахæсгæ куы федтой, уæд дзы иу райстой æмæ йын йæ иу кæрон донмæ ауагътой, иннæ йын Бола райста; Хасан та бынмæ йæхи ауагъта. Асиат дæр сæм бацыд, уый дæр-иу февнæлдта бæндæны кæронмæ, Болайæн йæ тугдадзинтæ куыд дымстысты, уый куы федта, уæд. Стæй азгъордта æмæ уайтагъд фæстæмæ ирæттæй цыппар лæппуимæ æрбаздæхт. Уыдон дæр Болаимæ ныххæцыдысты бæндæны кæроныл, Асиат та бынмæ каст.

Денджызы уылæн-иу къардиуыл йæхи куы сцавта, уæд-иу Хасан пырхæнты бын фæци, суанг ма дзы-иу Асиатыл дæр сæмбæлди æмæ-иу æй судзæгау акодтой. Бирæ фæцархайдта доны Хасан æмæ æрæджиау иу мард бафиппайдта. Донæй йæ куы сласта, уæд федта — уый уыди зæронд, урсбоцъо лæг, йæ цæсгом фæлурс, йæ рахиз къæмисæны йæ буар стыр скъуыд, скъуыды кæрæттæ цъæхгомау систы.

Бæндæны кæроныл уæле чи хæцыд, уыдон æй хæрдмæ сластой æмæ Хасан марды зæххыл куы æрæвæрдта, уæд æм ногъайæгтæ æрбацыдысты æмæ йæ ахастой.

Суанг сихæрттæм фæцархайдта Хасан доны, фæлæ йæ бон ницуал баци. Кæд уæллæгтæ кæрæдзийы ивтой, уæддæр уый нæ бакуымдта, сымах та ма уæхи цы донласт кæнут, зæгъгæ. Уæвгæ фæллайгæ тынг бакодта, ноджы йæ хуылыдз дзаумайæ тынг стыхсти. Йæ зæрдæ куынæуал дардта æмæ уæлæмæ схизынмæ куы хъавыди, уæд æм донæй цыдæр сау фæзынди.

Хасан йæхи ноджы дæлдæр æруагъта æмæ федта: уыцы æндæрг адæймаг уыди. Цалдæр æвнæлды йæм фæкодта, фæлæ та-иу мард æндæргау æрбайсæфти. Лæппу тыхсын райдыдта æмæ йæм æппынфæстаг фæлæбурдта, йæхæдæг дæр доны бын фæци, афтæмæй, æмæ йыл фæхæст.

Хасан марды донæй сласта æмæ йæ куы федта, уæд афтæ фæсонт ис, æмæ йын фæстæмæ фæцæйхауд. Уый уыди æрыгон сылгоймаг, йæ къухтæ гыццыл дзидзидай сывæллоныл сæндзыг[1] сты, афтæмæй. Сывæллон дæр æмæ сылгоймаг дæр уыдысты æнæхъæн, æддейы бакæсгæйæ сыл цæфтæ нæ зынди. Хасаны хæрдмæ куы систой, уæд уый мæрдты хъавгæ хус кæрдæгыл æрæвæрдта.

Адæм уыцы æбуалгъ марды куы федтой, уæд бамыр сты, суанг ма мæрдджынтæ дæр сæ кæуынæй фенцадысты æмæ иууылдæр æнамæндты алфамбылай æмбырдтæ кæнын райдыдтой. Хасан лæууыди йæ уæрджытыл мæрдты раз æмæ сын дзаумæттæ сæ уæлæ дзæбæхтæ кодта. Стæй бавнæлдта сывæллонмæ, фæлæ йæ мад не суагъта.

«Цавæр диссаджы хъару йæ афтæ фидар ныххæцын кодта йæ хъæбулыл? Уый, æвæццæгæн, уæларвон тых у, кæрон дæр ын уымæн нæй», — ахъуыды кодта Хасан.

Мард сылгоймаджы бирæтæ федтой, фæлæ йæ ничи базыдта. Æвæццæгæн, йæ хъæубæстæ, йæ хæстæджытæ науы баззадысты. Куы ничи зынд, уæд размæ рацыд Умар æмæ загъта:

— Хасан, мæ хур, мах ирон адæм стæм æмæ бæллæх кæуыл æрцæуа, уый нын æфсымæр у. Дунейыл дзидзидарæг мадæй кадджындæр ницы ис, æмæ ацы æбуалгъы зиан нæхæдæг бафснайæм.

Цалынмæ уый афтæ дзырдта, уæдмæ Бола ерджен æрбахаста æмæ йæ мæрдты раз æрæвæрдтой. Стæй Умар æмæ Хасан сывæллоны мадæй фæхицæн кодтой æмæ уæд сылгоймæгтæ сæхи нал баурæдтой, сæ цъæхахст райхъуыст æмæ зæрдæтæ тъæппытæ хаудтой.

Мæрдты æрæвæрдтой Æлбегаты æмæ Цураты мусонгты раз. Иууылдæр афтæ зæрдæскъæфт уыдысты, æмæ сæ Дзæрæхмæт-хадзыйы дæр ничиуал бафарста. Бола цалдæр лæппуйы йемæ ингæн къахынмæ айста, мæрдты та сылгоймæгты бар ныууагътой. Уыдон сæ цынадтой, иронау куыд æмбæлы, афтæ сылгоймагæн йæ сæр ныффастой æмæ йыл урс дзаумæттæ скодтой. Уый цыма йæ мæрдон хуыз аппæрста æмæ æрмæст фынæй, баци, уыйау йæ хуыз скалдта, уадултыл цавæрдæр сырхгомау ахорæн фæзынд æмæ цæсгом æгасæйдæр йæ рухсæй сæрттывта. Фæсырхгомау сты йæ былтæ дæр, æхгæд цæстыты сæрмæ сæхи бæрзондгомау систой сау къæлæт æрфгуытæ. Чысыл фындзы фæрстыл æмæ фындзы бынмæ фæзындис хиды æртæхтæ.

Базылдысты сывæллонмæ дæр. Уый уыди лæппу, иу-8–9-мæйдзыд. Йæ тæнæг фæлурсгомау сæрыхъуынтæ æхсады фæстæ скъæбæлдзыг сты. Йæ мадæй уæлдай уымæн йæ пух цæсгом уыди нарстхуыз æмæ йæ бакастæй зæрдæ уæлдай тынгдæр рысти.

Мæрдтæм уынæг цыдысты лидзæг адæм иууылдæр. Сылгоймæгтæ сæ разы æрæмбырд сты æмæ сусу-бусу кодтой, арæх-иу се ’хсæнæй райхъуысти кæуын дæр. Лæгтæ лæууыдысты дæрдзæфгомау, сæ сæртæ æруагътой, афтæмæй. Стæй Бола куы æрбаздæхт æмæ куы фехъусын кодта, ингæн цæттæ у, зæгъгæ, уæд мæрдты размæ бацыд Дзæрæхмæт-хадзы. Бирæтæ фæдис кодтой — хадзы йæхæдæг дуа скодта æнæзонгæ сылгоймаг æмæ йæ сывæллоны мардыл. Мæрдты фæстæ дæр ацыди, йæ ацæуыны размæ Мисурæтмæ фæсидти æмæ йын загъта:

— Ацы мæгуыр удтæн фынджыдзаг скæнут, лæппуйæн зæгъ æмæ æлхæд фыстæй иу аргæвда.

Мæрдтæ баныгæдтой, тулдз цырт сын ныссагътой, стæй сын хисты «рухсаг ут, мæгуырæг, рухсаг» загътой æмæ адæм сæргуыбырæй, сæ хуылфытæм хъусгæ, сæ бынæттæм фæцыдысты.

Уыцы бæллæхы фæстæ адæм сæ сæртыл уæлæмæ нал схæцыдысты, арвæй зæххы æхсæн се ’ндæргтæ хъеллау кодтой. Афтæмæй сыл бонтæ ивгъуыдтой. Фæззæг дæр цыди æмæ фæуынмæ хъавыд. Тынг фæуазал ис, бæлццæттæ рынчынтæ кæнын райдыдтой, хуыфæг дзы кæуыл нæ уыд, ахæмтæ дзы стæмтæ баззад. Алчидæр æй æмбæрста, фыдбылыз сыл тынгæй-тынгдæр кæй тыхсы, уый.

Æмæ мыггæгты хистæртæ Дзæрæхмæт-хадзымæ цыдысты, кæд сын исты зæгъид, уæддæр та уый фендджын лæг у. Фæлæ сын цы загътаид Дзæрæхмæт-хадзы, йæхи зæрдæ дæр рыст куы уыди, уæд? Мæйæ фылдæр йæ бинойнаг æнæфæразгæ у, цы йын кæндзæн ахæм зын фæндагыл, йæхи ныфс дæр ма цыдæр мæнгудыл хæцы.

Дзæрæхмæт-хадзы æмбæрста, бæлццæттæ йæм уынаффæ æнхъæлмæ кæй кæсынц, уый æмæ йын аив нæ уыд ницы дзурын. Æппынфæстаг мыггæгты хистæртæн загъта:

— Ай æнамонд, æлгъыст ран у. Иунæг кадджын стыр хуыцау, бахатыр кæн дæ дингæнджытæн! Цæмæн тъыссæм тыххæй нæхи ацы цъысымы? Цы нæ уромы ам? Цомут фæстæмæ.

Цыма сын бæллæхæй фервæзынæн рад æрцыд, уыйау сæ дзаумæттæ æмбырд кæнынмæ æмæ сæ уæрдæттæ æфснайынмæ фесты. Кæд кæрдæг фæбур, уæддæр фæллад, мæллæг бæхтæ дзæбæх сæ хуыз аивтой, фыдхъуын нал уыдысты, арæх-иу чъыллиппæй хъазыдысты. Æмæ сæ ныр ногæй ифтындзын райдыдтой.

Разæй цыдысты Дзæрæхмæт-хадзыйы уæрдæттæ æмæ йæ фæрсгæ дæр ничи бакодта, кæцырдæм рараст стæм, зæгъгæ. Хъауджыдæр сын нæ уыд, кæдæмфæнды дæр уæд, æрмæст уыцы æнамонд бынатæй аирвæзыныл архайдтой. Дзæрæхмæт-хадзы та равзæрста, цы фæндагыл æрбацыдысты, уый æмæ цæцæнимæ иумæ æнхъæлмæ кæсы туркаг наумæ.

Ир фенкъуысыдысты сæ зæронд лæууæн бынатæй райсомæй раджы æмæ фæцыдысты суанг изæрмæ, цалынмæ цæцæны лидзæг адæммæ нæ бахæццæ сты, уæдмæ. Дзæрæхмæт-хадзы та бацагуырдта Буртаханты Гирма-хадзыйы æмæ йемæ бирæ фæныхас кодта. Стæй йе ’мбæлттæм куы раздæхт, уæд загъта:

— Ам æрбынат кæнæм, ацы адæм абонæй райсоммæ æнхъæлмæ кæсынц ацæуынмæ, наутæ, дам, дзы вæййы.

Æмæ ирон бæлццæттæ цæцæны фарсмæ æрæнцадысты. Рахау-бахауæй тынг чи сфæлмæцыди, уыдон сæхицæн арф дзыхъхъытæ скъахтой, уæле ма йæм хъæдтæ бафтыдтой æмæ сын дзы талынг ныккæндтæ рауади. Сылгоймæгтæй чидæр иу ран æлыг ссардта æмæ дзы хæссын райдыдтой, змæстой йæ æмæ дзы сæ ныккæндтæ æддейы-мидæгæй сæрстой.

Фыццаг бонты уыцы «хæдзаргæнджытыл» худтысты, æвæццæгæн, ам цæрынвæнд кæнут, зæгъгæ, æмæ бирæтæ сæ бонтæ рог мусонгты æмæ халагъудты æрвыстой, ахæмтæ дæр дзы уыди, æмæ сæхи уазал дымгæйæ уæрдæтты бын аууон кодтой. Сывæллæттæ кæмæн уыд, уыдоныл уæлдай мæгуыры бон акодта: уазал æмæ стонгæй сабитæ куыдтой, ноджы дзы бирæтæ фæрынчынтæ сты. Цæцæн кæм æрæнцадысты, уырдыгæй чысыл уæлдæр рагъыл фæзындис уæлмæрдтæ...

***

Цæцæн куыд дзырдтой, афтæмæй сæм æрæджы иу нау æрбацыди æмæ иу-астыссæдз адæймаджы бæрц аласта. Фæлæ ма ноджыдæр кæд æрбацæудзæн, уый ничи зыдта. Уыцы ран дæр туркæгтæ науы бадджытæн семæ ницы хæссын уагътой, дзаумæттæ, хæринаг æмæ дон йеддæмæ. Нæдæр фос, нæдæр хæцæнгарз хæссæн уыд. Уый тыххæй загътой бæлццæттæн рагацау æмæ алчидæр хæлофæй йæ «уæлдæйттæ» ауæйыл сси. Базар стынг. Бæхтæ, галтæ, топпытæ, æхсаргæрдтæ, алыхуызон фос, хæдзары дзаумæттæ, — алцы уæййаг фенæн дæр дзы уыд. Æлхæнджытæ та уыдысты стæм: уырыссаг афицертæ, бердзенæгтæ æмæ сомихæгтæ. Сомихæгтæ æрæджы фæзындысты, уыдон æлхæдтой æрмæст фос. Лидзæг адæмы уавæр куы базыдтой, уæд сæхи не ’лхæнæг[2] скодтой, фос лæвары хуызæн сæ къухты цæмæй æфта, уый тыххæй.

Нау аласта æнхъæлмæгæсджыты иу хай, фæлæ базар баззади æмæ йæм адæм алы бон дæр æмбырд кодтой, алы бон дæр уыцы иу дзаумæттæ кæнæ фос уæйыл уыдысты, фæлæ дзы ахæм амондджынтæ бирæ нæ уыд, йæ къухы-иу исты ауæй кæнын кæмæн бафтыд.

Ирон лидзæг адæм куы æрбахæццæ сты, уæд уыдон дæр уыцы базар йæ тынгæй æрбаййæфтой. Хъуыддæгтæ бамбæрстой æмæ сындæггай сæ дзаумæттæ сæ фос уырдæм тæрын райдыдтой. Дзæрæхмæт-хадзы Хасаны арвыста дыгæрдыг æмæ дыууæ уæлдай бæхимæ уæймæ. Цалдæр боны йæ ничи бафарста. Стæй йæм саурихиджын лæг бацыд æмæ йын лæвæрдта — дыгæрдыгæн æртæ сомы, бæхтæн фæндзгай сомтæ. Хасан æрмæст бахудт æмæ иннæрдæм аздæхти. Уымæн йæ дыккаг райсом дыгæрдыгæн дыууæ сомы дæр ничиуал лæвæрдта, бæхтæм та йæ хъус ничиуал æрдардта — ныхас айхъуысти нау, дам, æрбацæуы.

Баззадысты йæ фос æнæуæйæ Дзæрæхмæт-хадзыйæн. Уæдмæ та науæй дæр ницуал хабар хъуыст æмæ та адæмы ныфс асасти. Æмæ сын иу фыдбылыз æгъгъæд нæ уыд, хæрз бæллæхтæ сыл уазалимæ æртыхстысты. Рæстæджы хъæд тынг февзæр, дымгæ бæлццæтты сæрмæ сау мигътæ тардта æмæ тардта, къæвда уарын райдыдта. Къæвда дыууæ боны ахаста, стæй хуылыдз миты тъыфылтæй бæстæ — уæлдæфæй, зæххæй — урс-урсид адардта. Мит уарын райдыдта фæссихор æмæ фæсахсæвæртæм уыцы калдæй фæкалдта, стæй фæсабыр. Арв расыгъдæг, стъалытæ уыцы уазалхуызæй разындысты æмæ бæстæ ныйирд. Дымгæйы къуыс-къуыс цыд. Ныккæнд хæдзар кæмæн уыд, уыдон куыддæртæй ирвæзтысты, мусонджы æмæ уæрдæтты бын чи баззад, уыдон сæфтысты, цы ма акодтаиккой, уый нал зыдтой. Сæ амонд ма уыдис, æмæ хæстæгдæр хъæдмæ цыдысты, суг хастой æмæ арт æндзæрстой.

Хасан дæр ныккæнд бæргæ сарæзта, фæлæ дзы йæхицæн æмæ йæ бинонтæн бынат нæ уыди: Хаирхъыз æруæззау, арæх-иу сыстынæн дæр нал уыди æмæ йæм иудадзыг кæсын хъуыд. Уæдæ Дзæрæхмæт-хадзы та зæронд лæг у. Æмæ дзы хæдзары бынат нæдæр Хасанæн уыд, нæдæр йæ мад æмæ йæ хойæн. Лези сылгоймæгты сæхимæ ахуыдта. Уæд лæгтæ сæхицæн уæрдæтты æхсæн халагъуд сарæзтой æмæ-иу изæрыгæтты, стæй æхсæв арт æндзæрстой.

Асиат æддæмæ арæх рауай-рауай кодта æмæ-иу йæ фыд лæппуты раз нæй, зæгъгæ, уæд сæм-иу базгъордта.

— Нæ басыдыстут? Цомут, махимæ уал абадут, нырма нæма схуыссыдыстæм.

Фæлæ лæппутæ нæ куымдтой, кæд-иу хатгай Бола ацыди, уый йеддæмæ. Уæд-иу Асиат райста Хасаны къухтæ æмæ-иу кæд уыдон не суазал сты, уæддæр сæ-иу йæ комы тæфæй хъарм кæныныл архайдта, æмæ-иу арæх дзырдта:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.