Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 6 страница



Лези разы уыд йæ лæгæй — хуыздæр исты æрхъуыдыгæнæн ницы уыди — афтæ касти сылгоймагмæ. Уый фæстæ Мисурæтимæ кæрæдзи хорз бамбæрстой, цин кодта Дзерассæ дæр, æмæ йын-иу амал куы фæци, уæд Хасаны амæстæй мардта. Лæппу никуы ницы сдзырдта, æрмæст-иу худти.

Хъуыддаг дыууæ бинонтæй дарддæр нæ ахызти æмæ сыл цыма исты хорздзинад æрцыд, уыйау се ’рхæндæг зæрдæтæм хур ныккасти. Уæлдайдæр та чызджытæ фендæрхуызон сты, кæрæдзийæ сын фæцух нал уыди — куы-иу Æлбегаты уæрдонæй райхъуыст сæ сусу-бусу æмæ худын, куы та Цураты уæрдонæй...

***

Лидзæг адæм бахæццæ сты Батуммæ.

Уыдон федтой денджыз.

Уый анхъæвзта былæй дунейы кæронмæ æмæ дард кæмдæр йæхи хуызæн цъæх арвимæ баиу. Зын раиртасæн уыд, дон кæм фæвæййы æмæ арв кæм райдайы, бæстæ иууылдæр уыциу ахорæнæй ахуырст уыди.

Уæрдæттæ доны ’рдæм фæзылдысты æмæ былмæ хæстæг куы æрæнцадысты, уæд лæппу-фæсивæд атындзыдтой уыцы æнахуыр стыр донмæ. Дон æнцад лæууыд æмæ æрмæст йæ бирæ æвзæгтæй змис былтæ астæр-астæр кодта. Фыццагдæр донмæ чи бахæццæ, уыдон дзуццæджы йæ разы æрбадтысты, сæ армытъæпæнтæй дзы фелвæстой æмæ йæ нуазыныл фесты. Фæлæ уайтагъд дон фæстæмæ тутæгæнгæ сæ дзыхтæй ракалдтой.

— Мæнæ цы цæхджын у, — загъта сæ иу. — Æвæццæгæн, ам исты кодта, æндæр ран æй фенæм.

Федтой дон æндæр ран дæр æмæ та уым дæр афтæ цæхджын разынд. Æмæ уæд сæ кæрæдзиуыл худын райдыдтой.

Адæм тынг кæй бафæлладысты, уымæ гæсгæ бирæтæ дзурын райдыдтой: хорз уаид, ам иу къуыри куы баулæфиккам, уæд. Уайтагъд уыцы фæндоныл иууылдæр сразы сты æмæ денджызы был æрбынат кодтой. Хистæртæ иу ранмæ æрæмбырд сты æмæ сæ раздзогæн загътой:

— Фæцу нын, Ахмæт, сахармæ æмæ нæ хъуыддæгтæн исты базон. Кæд иугæр паддзæхтæ сæ кæрæдзиимæ исты баныхас кодтой, уæд сын амы хицау дæр исты æмбардзæн...

Ахмæт Батумæй сыздæхти дыккаг бон. Йæ алфамбылай лæгтæ æрæмбырд сты æмæ сын уый хабар радзырдта:

— Ам бирæ лидзæг адæм æрæмбырд ис Кавказæй — цæцæйнæгтæ, мæхъхъæлæттæ, кæсгæттæ, Хъæрæсейы бæстæй. Уыдон дæр махау не ’фсымæртæм лидзынц. Амы хицау сæ афæндараст кодта — кæй фæнды, уый бæхуæрдонæй, йæ ныфс чи нæ хæссы, уыдон та денджызыл, фæндæгтæ мын бацамыдта. Гъемæ уæ алчидæр йæ хъуыды зæгъæд.

— Мах ирон адæм стæм æмæ хъуамæ кæрæй-кæронмæ иумæ фæцæуæм, — загъта Мамсыраты хистæр Агуыбе.

Йæ гал кæнæ йæ бæх кæмæн фæзиан, уыдон та æндæрхуызон ныхас кодтой:

— Ардыгæй Турчы арæнмæ, дам, хæхбæстæ у. Цæмæй ацæудзыстæм ахæм дард фæндагыл. Кæд цæуæм, уæд денджызыл.

Тугъанты хистæр — Тауби загъта:

— Махæн иунæг кадджын стыр хуыцау цы зæхх скодта, уымæй фæхауæн нæй, хъомыл та хохы сыстæм æмæ нæ фæндаг дæр афтæ дардзыстæм.

Куыдфæстæмæ бæлццæттæ кæрæдзи нал æмбæрстой æмæ сæ алчи йæ бинонтæм мæстджынæй ацыди. Æрмæст иннæ бон сæ къухы бафтыди баныхас кæнын: кæй фæнды, уыдон иу-къордæй дарддæр дæр уæрдонæй ацæудзысты, иннæтæ та, æндæр къордæй денджызыл цæмæй æмбæлы, уымæй.

Абысалтæ, Тугъантæ, Хъаныхъуатæ, Цæлыккатæ цалдæрæй уыдысты уæрдæттæй цæуджытимæ, Æлбегатæ æмæ Цуратæ араст сты Батумæй цæгатмæ доны былтыл...

Цалынмæ денджызы раз уыдысты, уæдмæ лидзæг адæм уыцырдыгон цæрджытæм гæсгæ сæхи найыныл фæцахуыр сты. Æмæ сæ хуры тæвд афтæ тынг нал хъыгдардта, уайтагъд-иу лæууæн æркодтой æмæ та-иу сæхи доны тæнæджы бакалдтой.

***

Бирæ зынты фæстæ сæм афтæ куы фæкасти, зæгъгæ, нæ бынатмæ фæхæццæ кæнæм, уæд бæлццæттæ бафиппайдтой фæззæджы иугай миниуджытæ — бон фæцыбырдæр, бæлæстыл бур сыфтæртæ фæзынди.

«Тагъд кæнын хъæуы æмæ афоныл бынаты сæмбæлæм, кæннод ма нæ ацы тыхстытæй уазалтæ дæр не ’рыййæфтой», — йæхинымæр загъта Хасан дæр. Фæлæ сын размæ цæуынæн ницы æнтысти, рæстæг ивгъуыдта, фæндаг та даргъдæр йеддæмæ цыбырдæр нæ фæци.

Батумæй куы рацыдысты, уый æртыккаг бон, денджызы был цæхгæр кæм фæкъардиу, уым бахæццæ сты иу хъæумæ. Кæд чысыл разынд, уæддæр дзы змæлæг бирæ уыди. Бæлццæттæ базыдтой, цæцæйнаг лидзæг адæм дзы кæй ис, уый. Кæрæдзимæ дæрддзæф æвæрд чи уыди, ахæм цалдæр хæдзары астæу — базар. Ног æрбацæуджытæ хибарæй æрлæууыдысты æмæ дзы иутæ хъæумæ сæхи байстой.

«Ау, æмæ уым цы хъуамæ архайой?» — йæхи фарста Хасан æмæ бæхтæ куы бафснайдта, уæд уый дæр базармæ араст. Æмæ йæ дисæн кæрон нал уыд: адæм уæй кодтой бæхтæ, галтæ, фыстæ, топпытæ, æхсаргæрдтæ. Уæды онг Хасан базары бирæ хæттыты нæ уыд, фæлæ йæм уæддæр æргътæ диссаджы гыццыл фæкастысты: иу цæцæйнаг дзæбæх саргъы бæх уæй кодта фынддæс сомыл, фæлæ йын æй ничи æлхæдта. Уæвгæ дзы æлхæнæг дæр цæй æлхæнæг уыд: цалдæр уырыссаг афицеры, салдæттæ æмæ кæттагхæдонджын хъазахъхъæгтæ. Афицертæм, дам, къазнайы бæхтæ уыди, салдаты хайуан ницæмæн хъуыд, хъазахъхъ та фылдæр кæсагахсыны куыстыл лæуд уыдысты.

Уыцы стыр базары искуы иуæн æфтыд йæ къухы кæнæ гал, кæнæ дуцгæ хъуг, кæнæ фыстæ, ауæй кæнын, уый дæр бынтон асламæй. Искуы иу хатт-иу афицертæй исчи рæсугъд æхсаргард дæр балхæдта.

«Цымæ цæмæн афтæ доны æппарæгау сæ мулк ауæйыл ныллæууыдысты?» — хъуыды кодта Хасан. Уазитæм арæх уæвгæйæ, мæйгæйттæ дæр дзы-иу афæстиат, Хасан хорз базыдта цæцæйнаг æвзаг æмæ йын ныр куыд хорз бабæззыд. Афæлвæрдта цæцæйнæгтимæ ныхас кæныныл, фæлæ уыдонæн сæ хабæрттæ æгæр дардыл уыдысты, комкоммæ йын ницы загътой, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый тыххæй, æмæ сæ уый дæр ныхъхъуытты уагъта. Хасан бамбæрста æрмæстдæр иунæг хабар: алкæй дæр сæ фæндыди йæ уæйгæнинагæй фервæзын.

Фæстæмæ сæ уæрдоны размæ куы æрбаздæхт, уæд Хасан федта: Умар æмæ Бола æрбаластой базарæй замманайы бæх, йæ бакаст — ахæцын арæзт.

— Аст сомæй йæ балхæдтам, — раппæлыд ын Бола.

«Ам цыдæр ис», — фæгуырысхо Хасан æмæ изæрырдæм, базар куы ахæлиу, уæд цæцæны фысымуатмæ ацыди, æмæ базыдта хабæрттæ.

Иу цæцæйнаг ын радзырдта: уыцы ран денджызы былмæ цæуынц туркаг наутæ æмæ лидзæг адæмы æхцайыл иннæ былмæ ласынц, æрмæст арæх не сты, лассæггаг та бирæ агурынц. Наулæууæнты цавæрдæр туркæгтæ фæзынд æмæ гæртæмттæ домынц — мах, дам, уæ аласын кæндзыстæм. Чи сыл æууæнды, уыдоныл сайынæй нæ ауæрдынц. Цæцæн ныр дыккаг къуыри æнхъæлмæ кæсынц æмæ нырма дыууæ чысыл науы йеддæмæ нæма фæзынд. Адæм та бирæ æрæмбырд, былтыл ныххæлиу сты.

Хасан хъуыста æнæ фезмæлгæйæ, стæй цæцæйнаджы бафарста:

— Уæдæ махæн ацæуын кæд бантысдзæн, кæд дзы афтæ бирæ адæм ис, уæд?

— Ам куы баззайат, уæд уын тагъд рæстæг нæ бантысдзæн. Дарддæр ацæут æмæ уæ амонд уым бавзарут, — дзуапп ын радта цæцæйнаг.

Хасан фенхъæлдта: цæцæйнаг барæй афтæ дзуры, цæмæй ир ацæуой æмæ сæ уыцы къуындæг ран ма хъыгдарой. Чи зоны æмæ раст уыд, фæлæ дыккаг райсом йæхи цæстæй федта: чысыл хъæугонды уыди бирæ адæм, се ’ппæт дæр лидзджытæ. Цæцæйнаджы ныхæстæ Дзæрæхмæт-хадзыйæн ракодта. Абысалтæ æмæ Тугъантæй куы фæхицæн сты, уæд, кæд ыл адæм нæ бадзырдтой, уæддæр хистæрæн цæмæндæр рауад Дзæрæхмæт-хадзы æмæ йæм мыггæгты лæгтæ уынаффæмæ цыдысты. Алчи йæхинымæр хъуыды кодта: хадзы у æмæ дингæнæг Турчы кадджын уыдзæн, кæд йемæ нæ фесæфиккам.

Дзæрæхмæт-хадзы мыггæгты хистæртимæ бауынаффæ кодта дарддæр ацæуын, æндæр ран туркаг наумæ банхъæлмæ кæсын. Бирæ ауайын сæ къухы нæ бафтыд — сæмбæлдысты та лидзæг адæм иу къордыл, уыдон дæр цæцæйнæгтæ. Уым Дзæрæхмæт-хадзы федта Кунары хъæуккаг цæцæйнаг Буртаханты Гирма-хадзыйы. Рагæй зыдтой кæрæдзи, суанг Чабæмæ фæндагыл куы сæмбæлдысты, уæдæй фæстæмæ.

— Иунæг кадджын стыр хуыцау уын бахатыр кæнæд, рæстзæрдæ дингæнæг цæцæн, — арфæ йын кодта Дзæрæхмæт-хадзы, — æмæ йæ цытджын пехуымпары руаджы бынатыл дзæбæхæй сæмбæлут.

— Æмбал кæмæн нæй, уыцы стыр хуыцауæй арфæгонд ут, Иры пысылмон адæм, æмæ сымах дæр Мæхæмæт-пехуымпары æвзæрст фæндагæй фæсмонгонд ма фæут, — дзуапп радта Гирма-хадзы.

Уый фæстæ дыууæйæ дæр сæ къухтæ сæ риутыл æрхастой, сæ алчидæр сæ загъта: «бисмиллай рахим рахман» æмæ кæрæдзийы къухтæ райстой. Стæй дыууæ хадзыйы адæмæй сæхи фæхибар кодтой æмæ сыл зæрдиаг ныхас адаргъ и. Дзæрæхмæт-хадзы ирæтты размæ куы бацыд æмæ куы федта, адæм æм æнхъæлмæ кæсынц уый, уæд хиуылхæцгæ, æнцадгай загъта:

— Ам дæр цæцæн æрбынат кодтой, уыдон дæр не ’мхуызон дингæнæг адæм сты æмæ сæ ма бахъыгдарæм.

Æмæ та дарддæр араст сты бæлццæттæ.

Бирæ цæуын сæ нæ бахъуыди ацы хатт дæр — уайтагъд та сæмбæлдысты ног къордыл, уый иннæтæй ноджы стырдæр уыди. Адæм доны былтæм хæстæджыты алцæмæйты цатыртæ сарæзтой æмæ сæ разæй фæздæг калди. Къонагондты цур цыдæртæ архайдтой сылгоймæгтæ, цыма сæ хæдзæртты сты, уыйау æнæ гуырысхойæ. Бæрæг уыди, уым фыццаг бон кæй не сты. Лидзджытæ уыдысты ногъай, шапсугтæ, хатуккатæ, абадзехтæ, абазинтæ æмæ ма цавæрдæр мыггæгтæ, уыцы бæстæмæ ’хæстæг чи царди, ахæмтæ. Куыд дзырдтой, афтæмæй дыууæ мæймæ æввахс æнхъæлмæ кастысты туркаг наутæм.

Уыцы адæмы æхсæн уыди хæрз зæронд лæгтæ, уыдоны уырныдта стыр кадджын хуыцау æмæ Мæхæмæт-пехуымпары рæстдзинад, стæй цы сфæнд кодтой, уый кæй схъабыл кодтой, уый дæр. Гъе, уымæн-иу, кæстæртæй искæмæ йæ фыртыхстæй фæстæмæ сæ райгуырæн бæстæм цæуыны кой куы рауади, уæд ыл-иу сæ маст акалдтой:

— Фæлтау ам денджызы был амæлдзыстæм, цæйнæфæлтау ногæй джауыртимæ æрцæрæм, нæ дзырд хуыцауы раз фæсайæм.

Зæрæдтæн ма сæ зæрдыл лæууыди, æрæджы сын паддзахы æфсæдтæ сæ райгуырæн бæстæ куыд ныддæрæн кодтой, уый: сыгъдысты хъæутæ, хæххон урс дæттæ сырх фестадысты хъæбатырты тугæй, адæм сæ мæрдтæ æфснайын нал фæрæзтой æмæ сын тыгъд быдырты сау халæттæ сæ цæстытæ къахтой.

Ахæм хабæрттæ цал æмæ цал хатты дзырдтой хистæртæ æмæ-иу, уыдонмæ хъусгæйæ, бирæтæ мæстæй рафыхтысты.

Дзæрæхмæт-хадзыйы бафæндыд искæй размæ арвитын æмæ уымы хабæрттæ базонын, кæннод адæм сфæлмæцыдысты, уæлдайдæр дзæгъæл рацу-бацуйæ.

Сæхи фæндонмæ гæсгæ араст сты Хасан, Бола æмæ Мамсыраты Гыргъохъо, уый уырыссагау цыдæртæ зыдта, уыцы рæтты та уырыссаг афицертæ æмæ салдæттæ арæх уыдысты.

Нæ фæрæстмæ сæ балц æртæ бæлццонæн — алы ран дæр уыди бирæ лидзæг адæм, наутæм æнхъæлмæ кастысты. Гуыргъохъо цалдæр раны уырыссаг салдæттимæ аныхæстæ кодта æмæ уыдоны дзырдтæй цыдæртæ бамбæрста.

Иутæ дзырдтой: ныр кæм æрæнцадысты, уымæй æууæнкджындæр бынат дзы нæй, зæгъгæ, уырдæм, дам, цыдысты рæстзæрдæ туркæгтæ æргомæй æмæ мызд дæр адæмы мыггаг истой. Фæлæ фæсвæд рæттæм цы туркæгтæ цæуы, уыдон та, дам, абырджытæ сты, лæджы царм астигъыныл нæ бацауæрддзысты.

Бирæ фæтæрхæттæ кодтой бæлццæттæ æмæ æппынфæстаг бирæмыггаг адæмы фарсмæ æрæнцадысты. Сæ сыхæгтæм гæсгæ ирон бинонтæ дæр сæхицæн мусонгтæ сарæзтой, уæрдæттæй сæ дзауматæ райстой æмæ уайтагъд сæ мусонгты разæй фæздæг скалди. Кæд бæлвырд ничи зыдта, уæддæр алчидæр æнцонæй сулæфыд — уал боны фæцæуынæй чи нæ бастайдзæн æмæ схъыг уыдзæн, æмæ сæм уæрдоны нæ фæбадын диссаг касти.

Æнцад æрмæст Дзæрæхмæт-хадзы нæ уыди, — ууыл мæт æртыхсти — куыд рауайдзысты йæ хъуыддæгтæ? Æгæр куы ныффæстиат уой ацы дзæгъæл быдыры? Рæстæджы хъæд нырма хорз у, фæлæ фæззæг æрлæууыд. Хуыцау бахизæд, ацы тыгъд бæстæйы сыл куы фæуазалтæ кæна, уæд цы уыдзæни, æнæуи дæр æй æндыснæг куы хъыгдары? Æмæ алы бон дæр кæнæ бонцухæй алырдæмты æрвыста бæрæггæнæг, адæм цы дзурынц, уый базонынмæ. Фæлæ уыдон дзырдтой æрмæст сæ катайтæ, æмæ сæ ныхæстæй зæрдæ æнкъардæй-æнкъарддæр кодта. Тыхсын байдыдтой ирæттæ дæр, цалдæр боны куы ацардысты æмæ хабæрттæ куы ницы бæлвырддæр кодтой, уæд.

***

Уыцы бонты уæлдай хæстæгдæр фесты Æлбегаты æмæ Цураты бинонтæ. Хæларзæрдæ Умары бафæндыди Дзæрæхмæт-хадзыимæ кæрæдзи хуыздæр куы бамбæрстаиккой, фæлæ дзы фæфыдæнхъæл — уый хуыцауы кой йеддæмæ ницæуыл уыд æмæ йын адæймаг йæ зонд ницы хуызы раиртæстаид. Æмæ уæд бынтондæр Хасанимæ балымæн.

Уый бауарзта лæппуйы йæ домбай зонды тыххæй, лæджы зæрдæмæ цыдысты йæ хъуыдытæ, йæ ныхæстæ. Арæх-иу кæрæдзийæн раргом кодтой дыууæ æмгары хуызæн сæ мæттæ, сæ катайтæ. Арæх-иу Умар йæхинымæр фефсæрмы, Болайы ныхæстæ-иу куы æрымысыди, уæлдайдæр та лæппу сæ цуры фæци, зæгъгæ, уæд.

Хасан йæ зæрдæмæ хæстæг æрбайста хæд-зонд, бонзонгæ Умары, йæ цæстуарзондзинады тыххæй. Стæй ма Асиаты фыд кæй уыдис, уый дæр дзы исты ахадыдта. Æрмæст ахадгæ нæ: Асиат лæппуйæн сси йæ цард, йæ амонд, цы бон-иу æй нæ федта, уыцы бон æм-иу дуне уæлдай тардæрæй разынди, адæм та йæм-иу стыр мæрддзыгойау кастысты, цыма уайтагъд ныккæудзысты, нынниудзысты, уыйау.

Асиат дæр кæд цыфæнды зынтæ уыдта, уæддæр рæсугъд дидинæгæн йæ сыфтæ куы райхæлой, уыйау йæ хуыз скалдта, цæсгом уыди амондджын, цинхуыз. Хасан-иу йæ разы куы нæ уыд, уæддæр æй уыдта, йæ уарзоны: фæтæнуæхск, бæрзондгомау, чысыл дæргъæццон саулагъз цæсгомыл æрвхуыз цæстытæ зондджын, сабыр каст кодтой, роцъойы дзыхъгондæй цæсгом æдзухдæр уыцы схудынæввонгхуыз, æрмæст-иу даргъ сау æрфгуытæ æддæг-мидæг куы ауадысты, уæд-иу йæ чемы нæй, уый бæрæг уыд. Æмæ йыл цъæх тынæй цухъхъа та куыд фидыдта, куы! Асиатмæ уæддæр афтæ касти, цыма йын йæхæдæг куы бахуыид цухъхъа, уæд та йыл ноджы хуыздæр фидауид. Уыцы хъуыдытæгæнгæ дзы-иу ферох ис, йæ дунейыл дæр цухъхъа кæй никуы бахуыдта, уый.

Афтæ уыди фæндагыл. Ныр, ам, сæ фæстаг лæууæн бынаты, Асиат фендæрхуызон, фенкъарддæр. Æмæ йæ зæрдæйы ахаст бинонтæм дæр бахæццæ.

Хасаны йæ фыды æфсымæр хабар зонæг арвыста цæцæйнæгтæм, æвзаг зоны æмæ кæд исты ногдзинад æрхæссид, зæгъгæ. Æмæ æнæхъæн дыууæ боны нæ фæзынди. Катай кодта мад, тыхсти хо, фæлæ Æлбегаты бинонтæ дæр къаддæр хъуырмæ нæ уыдысты. Цал æмæ цал хатты бауади Асиат Дзерассæмæ!

Чызджы дæллагхъуыр-иу ныттыхсти, йæ судзгæ цæссыгтæ-иу æркалдысты. Стæй йæ бон нал уыд, йæ зæрдæ ныттыппыр æмæ мусонгæй æддæмæ нал цыд.

Дзерассæ фæдис кодта, куыд никуыцæйуал зыны Асиат, зæгъгæ, æмæ йæм бæрæггæнæг бауад. Асиат йæхи нал баурæдта æмæ ныккуыдта. Бирæ куы фæкуыдтой (Дзерассæйæн дæр йæ зæрдæйы катай басусæг кæнын йæ бон нал баци), уæд Асиат загъта:

— Болайæн балæгъстæ хъæуы æмæ йæм ахсæв агурæг цом. Нæ къухтæ нæ дæлæртты, афтæмæй баззадыстæм?!

— Æмæ кæдæм фæцæудзыстæм агурæг дыууæйæ? Райсом кæд лæгтæ исты бауынаффæ кæниккой.

Уыцы ныхас рауад сихæрттыл, изæрырдæм йæхæдæг фæзынди Хасан. Æмæ фырцинæй зæххыл нал хæцыд Асиат: мусонгæй-иу рауади, фæлæ-иу æваст фæлæууыд æмæ та-иу фæстæмæ уым фæмидæг, скуыдта-иу, стæй та-иу ныххудт æмæ ногæй æддæмæ разгъордта, стæй атахти Цураты мусонгмæ.

Лези касти йæ чызгмæ æмæ кæлмæрзæны кæронæй йæ цæссыгтæ сæрфта.

Цураты мусонджы Хасан æмæ Дзерассæ йеддæмæ ничи уыд. Мисурæт йæ фырты федта æмæ хистæр файнустмæ ауади. Хаирхъыз æнæфæразгæ хаста æмæ йын йæ мигæнинæгтæм фæкасти. Асиат куыддæр фæмидæг æмæ йæ Хасан ауыдта, афтæ йыл йæхи баппæрста... Дзерассæ бахудт æмæ æддæмæ ахызт...

Хасаны фæзынд Умарæн дæр тынг æхсызгон уыд æмæ Лезимæ басидти:

— Не ’фсин, æртæ чъирийы-ма скæн, бонтæн дæр ницуал зонæм, кæд нын абон бæрæгбон у, уæд та.

Лези уæларынг балæууыди. Асиат та хъæбæр цыхт карста. Умар æнæхъæн фысы фарс рахаста, чысыл дарддæр арт бандзæрста æмæ йын йæ цæхæрыл физонæг кæнын байдыдта.

Лези Хаирхъызæн дзаджджындæр чъири скодта æмæ йын æй йæхæдæг бадавта, иу та дзы Асиат Мисурæтæн бахаста. Стæй фынг æрæвæрдтой.

Умар Боламæ фæсидти:

— Дæ разы ма нæ сыхагмæ уæд та фæдзур, хуыцаумæ бакувæм. — Хасан куы æрбацыди, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Мах дæр, зæгъын, Хасан, кувæг адæм стæм æмæ лæг йæ сыхагæй хуыздæр йе ’ртæ чъирийы кæимæ скувдзæн? — стæй бахуыфыд æмæ Лезийы ’рдæм аздæхти. — Не ’фсин, дæ разы ма дзы иу дурын куы ис, рахæсс-ма йæ, хуыцауы ном дзы ссарæм.

Лези рахаста нарæгхъуыр дурын, сусхъæд къæбæл дзы фидар тъыст, афтæмæй, æмæ йæ Боламæ радта. Лæппу къæбæл феппæрста, æмæ сыкъайы арахъхъ рауагъта.

Умар бакуывта:

— Хуыцау, дæумæ кувæг мæгуыр адæм стæм æмæ нæ фыдбылызæй бахиз. Кæд истæмæй фæрæдыдыстæм, уæддæр нын æй ныббар. Хуыцауы арфæ дæумæ, Хасан.

«Цæй уæлоз дæ, хуыцау, — хъуыдытыл фæци Хасан, — лæг дæм йæ дзыхмæ къæбæр кæнæ дон схæсгæйæ дæр куы кувы, райсомæй куы райхъал вæййы кæнæ изæр хуыссæны йæхи нæма æруадзы, уæддæр дæ ном куы ссары, æрмæст дæуыл куы æууæнды, уæд æй куыд нæ хъусыс, куыд нæ йын æмбарыс йæ катай, куырмау куы цæуы... Куыд ницæмæ йæ дары. Æви исты аххосджын стæм?!»

— Цæй, Хасан, фыдбылызæй хызт у, ам дыл бинонтæ дыууæ боны сæхи фырмæтæй хордтой. Дæ хуртæй бафсæдæнт, Мисурæты фæндиаг фæцæр!

Æй-джиди, уыцы рæстæг Хасан Асиаты цæсгоммæ куы бакастаид! Куыд ферттывтой дыууæ диссаджы цæстытæ, куыд фендæрхуызон ис цæсгом! Уым уыди, стыр хорздзинад кæуыл æрцыд, фæлæ йæхиуыл хæцын чи бафæрæзта, ахæм адæймаджы цæсгом, уымæн æмæ ахæм заман уый дунеты хицау вæййы, йæ амонд та — домбай, æмæ уд ссары, æппындæр æм чи никуы уыди, ахæм æнцойдзинад, домбай удыхъæдджын адæймаджы æнцойдзинад.

VII

Лидзæг адæмыл Сау денджызы был бонтæ ивгъуыдтой. Денджыз уыд æцæг сау. Кæд раздæр цъæх каст адæммæ æмæ рог дымгæйы бынмæ узæлæгау кодта, уæд фæззæджы ныллæудимæ базмæлыд, бауынæргъыд æмæ ссау ис. Кæцæйдæр доны арфæй, хæрдмæ цыдысты тызмæг уылæнтæ, тахтысты æмæ сæхи къардиуыл цавтой. Сæ риуыгъд-иу афтæ домбай рауади, æмæ йæ пæлхъ дардмæ хъуысти, йæ пырхæнтæ та-иу хæрдмæ бæрзонд фæхаудысты. Раздæры сыгъдæг дон счъизи ис æмæ æлыджы ахорæн сау доны бурхъулон дардта.

Цæгатæй уазал дымгæ денджызы ’рдæм иугæндзонæй футт ласта æмæ йæ къуыззиттæй хъустæ æмыр кодтой, йæ уазал та уæнгты иннæрдæм хъардта; былгæрæтты мæллæг тулдз, кæрз æмæ æхсæр бæлæсты сыфтæртæ фæйнæрдæм фæхаста æмæ уыдон уайтагъд абæгънæг сты, æрмæст ма катайгæнгæ сæ къалиутæ кæрæдзиуыл хостой, цыма сыл судзаджы мард æрцыд æмæ йыл сæхи æргæвдынц, уыйау. Катай кодтой арвыл сау мигътæ дæр. Знæт дымгæ сæ гæбазгай тыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.