Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 5 страница



Хасанæн йæ сæр разылди, йæ хъуыр ахгæдта æмæ йын улæфт нал фаг кодта: афтæ йын никуыма ничи загъта, æнхъæл уыд, æмæ йæ быгъдуан æрмæст йæ мад æмæ йæ хо сты, ныр та... Ныронг кæй нæ зыдта, йæ фыны дæр кæй никуы федта, уыцы адæймаг ыл йæхи фæдзæхсы æмæ фæтарсти, фæтарсти йæхинымæр.

— Цæмæй дын бавæрон зæрдæ, Асиат, уый куы нæ зонын. Фыд, мад, æфсымæртæ дын, уæд æз уыдоны раз цы дæн? Мæ зонд дын кæцырдæм бабæздзæн, стæй дæ мæ фæндиаг чи ныууадздзæн?

Чызг йæ сæр æруагъта.

— Æз уыдæттæ мæхæдæг дæр зыдтон. Фæлæ... — Асиат йæ сæрыл схæцыд, цæстытæ цæссыгтæй уыдысты седзаг. — Мæ зæрдæйæ нал хицæн кæныс, фыццаг хатт дæ куы федтон, уæдæй фæстæмæ... Мæ зæрдæ та мæм афтæ дзуры, цыма ме сæфт æрцыд.

— Асиат!.. — фæсус хъæлæсæй сдзырдта Хасан.

Фæлæ чызг йæ дыууæ къухæй йæ сæрмæ фæлæбурдта, фестъæлфыди, стæй йæ кæлмæрзæн адзæбæхтæ кодта, азылд æмæ сæ уæрдоны ’рдæм ацыд.

Хасан йæ фæстæ кæсгæ баззад...

***

Хур хæхты аууон куы фæци, изæрæндæрджытæ къæдзæхты рæбынтæй куы сыстадысты æмæ комы куы фæзындысты, уæд хъазт райхæлди, куывды адæм дæр фынгты уæлхъусæй сыстадысты æмæ фæкъордтæ-къордтæ сты. Хасан доны былтыл зылди æмæ зылди, йæ фынккалгæ уылæнтыл йæ цæстæнгас æрæвæрдта æмæ йæм афтæ зындысты, цыма цæджджинаджы пæлхъгæнгæ фыцгæ дон у. Рацу-бацу йын ницы феххуыс, йæ хъусты азæлыдысты Асиаты ныхæстæ...

«Цы мыл æрцыди? Цæмæй мæхимæ æркæсын кодтон мæгуыр чызджы, мæхицæй æнамонддæр куы никæй хонын, уæд? Цæмæн мын загъта йæ зæрдиаг ныхæстæ æмæ арф мæ зæрдæмæ цæмæн бахъардтой? — хъуыдыты бын фæци лæппу. — Мæ сæр мæ кой куы сси æмæ ма мыл уый дæр йæхи куы бафæдзæхста. Куыд тынг мыл баууæндыд? Æви кæй рæдийын, уый бамбарын йæ бон нæу? Æз... æз... та?.. Уыцы æууæнчы аккаг дæн? Ау, мæ царды мидæг мыл фыццаг хатт афтæ хи бафæдзæхстæуыд æмæ уый фæсайон?.. Нæ, нæ, фæлтау мæ иу боны цард дæр нал хъæуы, цæйнæфæлтау уæлæуыл æлгъыстаг фæуон, мæрдты та тæригъæдджынæй мæ бонтæ хæрон...»

V

Уæрдæтты хал гакъонмакъонгæнгæ лæсыди нарæг комы. Хъæумæ-иу кæм бахæццæ сты, уым цæрджытæ сæ размæ цыдысты æмæ сæ фарстой:

— Цы фыдбылызы зилгæдымгæ уæ систа йæ уæлныхты æмæ уæ цы бæстæм хæссы?

Æмæ сæ хъысмæтæй хъал бæлццæттæ лидзæг адæмы номæй сæрыстыр дзуапп лæвæрдтой:

— Мах пысылмæттæ стæм, джауыртимæ нын иу зæххыл цæрæн нæй, æмæ не ’мдингæнджытæм Туркмæ цæуæм.

Чи сæм хъуыста, уыдон, тæригъæдгæнгæ, сæ сæртæ тылдтой æмæ-иу загътой:

— Мæгуырæг, цымæ сæм цы бæллæхтæ кæсы кæйдæр æцæгæлон бæсты?

Æфцæгæй куы ахызтысты, уæд сын зæронд лæгтæ та рагон хабæрттæ кодтой:

— Ма æууæндут туркыл, мæ хæдзæрттæ, æгъатыр сты. Мах æй нæ фыдæлтæй æрыхъуыстам, ам-иу цы фыдмитæ кодтой, уый. Суанг ма сывæллæттыл дæр нæ ауæрстой...

Уыцы ныхæстæ фехъуыста Дзæрæхмæт-хадзы дæр æмæ сæм йæ уайдзæф баппæрста:

— Сымах пысылмон диныл уæ къух систат æмæ уæ хуыцау ралгъитдзæн.

— Мах ирон стæм æмæ нын иу хуыцау ис, куыдфæнды йæ куы хонай, уæддæр, — сæхи раст кодтой фæсхох цæрджытæ.

— Стыр кадджын хуыцау иунæг у, йæ минæвар та — Мæхæмæт-пехуымпар. Сымахæн хуыцау дæр нæй æмæ пехуымпар дæр, — афтæ-иу алыг кодтой сæ уайдзæфтæ бæлццæтты хъалтæ.

Фæсхох ирон æмæ гуырдзиаг хъæутæм хæстæг бæлццæттæ æхсæвиуат нæ кодтой. Рæгъæутты-иу фыстæ балхæдтой æмæ-иу искуы дæрддзæф æрæнцадысты, махæн чырыстæттимæ иумæйагæй ницы ис, зæгъгæ. Æрмæст-иу æхсæвыгæтты сæ уд се ’муд æрцыд, бонæй та-иу тæвдæй æмæ рыгæй сæ хъуырмæ сысты. Уæлдай тынгдæр сфæлмæцыдысты фос — галтæ сцола сты, бæхтæн се ’гъдтæй мидæджырдыгæй чъепыстæ схауди.

Лидзæг адæм иууылдæр куы баиу сты, уæд фыццаг бонты хъæлдзæг уыдысты. Къорды сæйраг сси Цæлыккаты Ахмæт. Уый бадти урскъах саулохаг бæхыл, арæх-иу уыцы рæсугъд бадгæ уæрдæттыл æрзылди æмæ-иу лæгтимæ аныхæстæ кодта, арæх — хъазæн ныхæстæ дæр. Фыццаг бонты-иу æй фенæн уыди фæсивæдимæ æмæ-иу дзырдта:

— Хъуамæ не ’фсымæртæм заргæ бацæуæм. Ау, адæм нæ нæ зарæггæнджытæй куы зонынц, уæд нæ цины заман нæ бон ницуал у?!.

Æмæ зарæг гуырыди, гуырыди стыр зынтимæ, дзырд дзы дзырдыл нæ хæцыди, тых баст цыди, афтæмæй. Ахмæт-иу цы загъта, уый йыл æфтыдтой, зарæг та уымæй рæсугъддæр нæ фæци. Æмæ йæ кæд зарыдысты, уæддæр никæй зæрдæмæ цыд. Уый Ахмæт дæр æмбæрста, фæлæ хистæртæн бузныгхуызæй дзырдта:

— Нæ сахъ фæсивæд æрдхæрæны зарæг сарæзтой!..

Ахмæты цæстмæ чидæртæ раппæлыдысты зарæгæй, æрмæст æм хъусгæ ничи кодта. Фæлæ раздзог фæстаг бонты никуыцæйуал фæзынд. Йæ бæх баст уыди уæрдоны ифтыгъд бæхы фарсмæ, йæхæдæг та йæхи бааууон кодта, гауыз цы уæрдоныл тыгъд уыд, уым. Хур карзæй тавта, никæуыл ауæрста.

Уыцы уавæрты адæм бæллæхæй тарстысты æмæ сæ кæд нæ фæндыд, уæддæр æм æнхъæлмæ кастысты. Æмæ сæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, — фыдбылызæн лæгъстæ нæ хъæуы, уайтагъд йæхæдæг дæ уæлхъус æрбалæудзæн.

Лидзджытæ Гуырдзыйы зæхмæ куы бахызтысты, уæд сæ æрбамард цалдæр галы. Æргæвдын дæр сæ къухы никæй бафтыд. Уый фæстæ бæлццæттæ боны æмбис бафæстиат сты — хистæртæ тæрхæттæ кодтой, дарддæр цы уыдзæн, ууыл. Бирæ фæдзырдтой æмæ æрæджиау бафидыдтой: уæгъд галтæ кæмæ уыд, уыдон сæ радгай дæтдзысты, бæллæхы чи бахауд, уыдонæн.

Афтæ уыд фыццаг зианы фæстæ. Алчидæр æнхъæлдта, æмæ фыдбылыз æваст æрцыд. Фæлæ та уымæн йæ дыккаг бон цалдæр галы амард, амард Æлбегаты бæхтæй дæр иу. Уый уыд фыццаг бæхы зиан. Æмæ уæд иууылдæр фæтарстысты, — сæ фосыл ауæрдын райдыдтой. Æмæ цы гæнæн уыди — галы хицау йæ уæрдæттæй иу дзæгъæл быдыры ныууагъта, йæ дзаумæттæ йын иннæ уæрдоны бафснайдта.

Æлбегатæн дæр сæ хъуыддаг афтæ рауадаид, фæлæ адæймагмæ хатгай цыдæр амонд фæкæсы. Хабар Хасан куы фехъуыста, уæд Мисурæтæн загъта.

— Нæ бæх сын куы нæ радтæм, уæд цы фæуыдзысты уыцы тыхстæй?

— Мæгуыр сæ бон, — батылдта йæ сæр мад, — æцæг тæригъæд сты, фæлæ сын цы бачындæуа, дæ фыды æфсымæры бафæрс.

Æмæ йæ лæппу бафарста. Уый йын дзуапп радта, æндæрæрдæм кæсгæйæ:

— Фæндагыл цы нæ æрцæуы, нæхæдæг та цы уыдзыстæм?!.

— Фыдбылыз йæхи дзыхæй ничи агуры, рагацау ыл нæ сæртæ цы риссын кæнæм?

Хасан уыди фидарвæнд æмæ цæмæй зæронд мацуал дзурын сфæраза, уый тыххæй бацыд уæрдонмæ. Бæх халгæйæ мадæн загъта:

— Иу бинонтау сыстæм, иу хъысмæт нæ æвзарын хъæуы æмæ сыл сау бон нæхи куыд атигъ кæнæм? — йæхæдæг цæмæндæр фæсырх æмæ, кæд мад йæ чъылдымырдыгæй уыд, уæддæр æй цыма уый бафиппадта, афтæ йæм фæкаст.

Хасан бæхы рохыл ахæцыд æмæ йæ Боламæ бакодта, фыд уыцы заман уæрдæтты раз нæ уыди.

— Мæнæ уал ацы бæх сифтындзут, дзæгъæл сæпп-сæппы бæсты уадз æмæ исты æххуыс фæуа.

Бола куыддæр фæкъæмдзæстыгхуыз, фæлæ йæ цæсгом фæрухс æмæ йын йæ къух райста:

— Бузныг, Хасан!

Ныхæстæ мад фехъуыста, æмæ, йæ уадултыл цæссыгтæ, афтæмæй Хасаны размæ рацыд.

— Дæ мад дæ хуртæй бафсæдæд æмæ дæ хуыцауы салам уæд. Кæд афтæ æнамонд нæ разыниккам æмæ уын уæ дзæбæхдзинæдтæ искуы бафидиккам.

Хасан уырдыгæй куы раздæхт, уæд уæрдоны фæстæ ауыдта Асиаты. Уый лæууыди æнцад, йæ сæр æруагъта æмæ йæ лыстæг даргъ æнгуылдзтæй йæ кæлмæрзæны хаутимæ архайдта. Лæппу чысыл фæфæстиат, исты йын зæгъон, зæгъгæ, фæлæ æрмæст сфæрæзта:

— Дæ бон хорз, — æмæ аивгъуыдта.

Изæры Болайы фыд Дзæрæхмæт-хадзымæ арфæтæм æрбацыди.

***

Адæм сæ фысымуаты куы æрсабыр сты, уæд Бола Хасанмæ фæдзырдта:

— Цом æмæ уал нæхи аирхæфсæм, кæд дæм хуыссын нæма цæуы, уæд.

Хасан зæрдæбынæй ныуулæфыд:

— Æз ныр цалдæр æхсæвы æппындæр нал фынæй кæнын, фыдбылыз фыдбылызы æййафы æмæ нæ фидæн цы уыдзæн, уый мæ зонд нал ахсы.

— Уымæй раст зæгъыс, Хасан, æнамонд фæндагыл рараст стæм, фæлæ нын дзы фæстæмæ здæхæн нал ис, чи ма æрхæсдзæн худинаг йæ сæрмæ!

— Ехх, худинаг, худинаг!.. — йæ къух ауыгъта Хасан. — Рæдыд сраст кæнын та нæ сæрмæ нæ хæссæм. Ехх, ныры зонд æмæ ныфс мæм мæ рацæуыны заман куы уыдаиккой! Фæлæ ныр, дæ загъдау, адæймаг алцæуыл дæр хъуыды кæны. Стæй нæ алчидæр йæ хъузджы бабырыд. Æвæццæгæн, афтæ æмбæлы.

— Нæ, Хасан, афтæ не ’мбæлы, хъуамæ тасы рæстæг кæрæдзиуыл æнувыддæр уæм, кæрæдзи хъахъхъæнæм, — фæндвидарæй дзурын райдыдта Бола, стæй фæхъус. Цасдæр йæ къæхты бынмæ фæкаст æмæ æрæджиау йæ ныхасыл бафтыдта:

— Абон махæй куы ацыдтæ, уæд Асиат мæ разы нæ мадæн загъта...

Хасан йæ бынаты дзыхълæуд фæкодта.

— Ма бафхæр дæ хойы, рæстзæрдæ адæймаг у...

Афтæ бæргæ загъта, фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста.

Бола та, цыма йæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау дзырдта:

— Цытæ дын загъта, уыдоныл дæр басаст. Æмæ дæм æз уый тыххæй æрбацыдтæн.

Хасан уыцы ныхæстæм не ’нхъæлмæ каст æмæ сæ уæзæй куыддæр фæуыргъуыйау, дзургæ дæр ницуал скодта.

— Æз мæ хойæ разы дæн, — æмæ йæ къух Хасаны уæхскыл сæвæрдта. — Æз дæр дын басæттон: фыццаг сæмбæлдæй фæстæмæ дæ æз дæр райстон мæ зæрдæмæ. Ацы æнамонд фæндаджы размæ дæм иу хатт куы байхъуыстаин, уæд нæ фæрæдыдаин. Æмæ иугæр зын фæндагыл кæм æрлæууыдыстæм, уым нын, æвæццæгæн, амондæй ницуал хай ис. Уый æрмæст зондæй ахсæм, фæлæ зæрдæ уæддæр йæхионтæ кæны. Мæ хойæн дæр уымæн ницы загътон, кæд æм, мæгуыр, æндæр ницуал хауы цардæй, уадз æмæ йæ уыцы амонды цъыртт уæддæр тава.

— Раст зæгъын хъæуы, æз дзырдтон дæ хоимæ æмæ мæ стыр катайы бафтыдта, — загъта Хасан Болайæн. — Ахæм бæллæхы смидæг у, уæд адæймаг цæуыл фæхъуыды кæны? Æрмæст фидæныл-иу куы уаид йæ сагъæс, уæд исты амал чындæуаид хи фервæзынæн. Фæлæ сæйрагдæр хъуыдытæ ивгъуыд цардыл вæййынц, адæймаг йæхи риумæ хъама саразы — цæмæн, цæй фæдыл? Æмæ уый адæймаджы хæры. Æз дæр афтæ уыдтæн, фæлæ мын мæ уд фервæзын кодта дæ хо. Ныббар, Бола, ныры царды нын æнæ æргом ныхасгæнгæ нæй, стæй йæ нæхицæй дарддæр кæмæн ракæндзыстæм. Дæ хойы фæрцы байгом сты мæ цæстытæ, цард куыд адджын у, уый нырма ныр бамбæрстон. Куыд дын æй зæгъон?..

Фæлæ йæ ныхас дарддæр йæ къухы нал бафтыд, æхсæвы тары фæзындис æндæрг æмæ сæм хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Дыууæ лæппуйы дæр æй базыдтой.

— Асиат!.. Ды дæ?

Хасан ницы сдзырдта, æрмæст йæ сæр æруагъта.

— Æз... æз сымах агуырдтон, — Асиаты хъæлæсы зыр-зыр хъуыст.

Чызджы ныхас куы фехъуыста, уæд Хасанæн йæ ныфс, йæ хъару йæхимæ æрцыдысты æмæ фæндвидарæй загъта:

— Кæд Асиат йæ ныхæстыл нæ фæфæсмон кодта, уæд ын мæ уд нывондæн æрхæсдзынæн.

Чызг, къухтæ размæ фæкæнгæйæ, фæцудыдта Хасаны ’рдæм æмæ æрмæст загъта:

— Хасан!..

Иунæг дзырд!.. Фæлæ дзы цас уыд цин дæр, катай дæр æмæ æууæнк дæр! Бола фæтæригъæд кодта йæ хойæн æмæ йæ галиу къухæй æрбахъæбыс кодта.

— Ме ’намонд хо! Мæ бон цæуыл цæуа, уымæй дын ницы бахæлæг кæндзынæн. Мæ зæрдæйы «æфсымæр» кæмæй загътон, уый мын дæхицæн райстай æмæ дæ нæ уромын. — Стæй лæппумæ баздæхт: — Хасан, ды — ме ’фсымæр, Асиат — мæ хо, кæрæдзийæн хайыр ут, кæд уæм исты амонд хауы, уæд мæнæй æхсызгондæр никæмæн уыдзæн.

Асиат, цыма уымæ æнхъæлмæ каст, уыйау Хасанмæ азылд, стæй йæ сæр æруагъта æмæ æнæзмæлгæйæ лæууыди — цыма йæм улæфт дæр нал уыди, афтæ.

Бола æмæ Хасан кæрæдзимæ кастысты, Бола йæм йæ къух бадардта æмæ йын æй куы райста, уæд æй тынг сæлхъывта, стæй фæзылд æмæ ацыд.

Хасан сындæггай йæ армытъæпæнæй чызджы сæр æрсæрфта, йæ дзыхы дзырд нал бадти æмæ цы акодтаид, уый нал зыдта. Уыцы рæвдыдæй Асиат æрсабыр ис æмæ лæппуйы цæсгоммæ скаст.

— Цытæ бакодтон, уый исчи куы базонид, уæд зарæггаг фæуин. Чызгæн афтæтæ æмбæлы!.. Æццæй?

Хасан бахудт.

— Раст ныхас æмбæлы, уый зонын, иннæ хъуыддæгтæм дæсны нæ дæн.

— Цымæ цы уыдаин афонмæ, æцæгæлон мын куы разындаис, уæд? — бафарста Асиат æмæ йæ ныхасы уагæй лæппуйы зæрдæ фæрæхуыста.

Хасан тынг стыхсти.

— Адæймагæн йæ амонд цы уа, уымæй йын фæхауæн нæй, уый йеддæмæ ацы фæндагыл дæр нæ сæмбæлдаиккам...

Кæм ма уыдис Асиатæй тæхудиагдæр!

VI

Дыууæ къуырийы дæргъы сусæны мæйы тæвды фыдвæндæгтыл сфæлмæцыдысты бæлццæттæ. Баулæфынмæ арæхæй-арæхдæр лæууыдысты æмæ-иу уæд фæсмоны ныхæстæн кæрон нал уыди.

— Нæ хуыцауы хай ныл рахатти, уый йеддæмæ нæ цы фыдбылыз рахаста нæ райгуырæн бæстæйæ, цæуыл схæйрæг стæм.

— Ай нын фыдбылызы фæндаг у, Турчы фæсмойнаг фæуыдзыстæм.

— Нæ урссæр хæхтæ куы нал уынæм, уæдæй фæстæмæ нæ хал, нæ бæндæн фæхауди. Фæстæмæ нæ здæхын хъæуы, цалынмæ нын нæ февзонг ис, уæдмæ. Æрлæууæм нæ зонгуытыл нæ бæрзонд хæхты раз æмæ дауджытæм бакувæм, хатыр сæ ракурæм.

Уыдон æрмæст ныхæстæ уыдысты. Дзырдтой, фæлæ уæддæр размæ цыдысты. Стæй иу райсом лидзæг адæмыл айхъуысти: цалдæр лæджы сфæнд кодтой фæстæмæ аздæхын. Ныхас бахæццæ Цæлыккаты Ахмæтмæ. Уый уайтагъд фæзынд йæ саулохаг бахыл:

— Худинаг, худинаг! Гал, дам, стыгъдæуыд æмæ кард йæ къæдзилыл асасти. Искуы ма уый дæр уыди?!

Æмæ уæ Ирмæ цæуын нæ хъæуы? Худинаджы зарджытæ уыд куы скæндзысты!..

Уалынмæ чидæртæ фæзындис Тæгиатæй æмæ Мамсыратæй, æмæ сæ рæхуыст ныхæстыл нæ бацауæрстой. Адæм фæсмонгæнджыты алыварс уырдыг слæууыдысты æмæ æппынфæстаг уыдон дæр сæ фæнд аивтой.

Уыцы хабары фæстæ бæлццæттæ ноджы тынгдæр фенкъард сты. Ахæмтæ уыдис, æмæ фырæрхæндæгæй хæринагмæ дæр нал æвнæлдтой. Сæ царм се стджытыл ныхъхъæбæр, ныссау, цæстытæ мидæгоз бахаудтой æмæ ма уырдыгæй мæнгæрттывд кодтой. Скъæсхуыр Хасан дæр. Йæ раздæры катæйттæ йыл тынгдæр æртæфстысты æмæ сæ уæзæй фæгуыбыр ис. Йæ царды мидæг æм фыццаг хатт цы æнкъарæн фæзынд, уый йын цины хос нæ фæци, нæ фæлæ ма йæ бынтондæр амардта. Æнæ Асиат зæрдæ йæхи риуы къултыл хоста, иннæмæй та йын фидæны æбæлвырддзинад йе уæнгтыл хъадамантæ сæвæрдта æмæ сæ уазал рæхысау бонæй-бонмæ тынгдæр æлвæста.

«Ныр мæ бар мæхи куы уаид, уæд мæ чи ацæуын кæнид ацы фæндагыл? Мæхи айсин Асиатимæ — Иры бынат бирæ ис, науæд та мæ фыды æрдхорд Уазимæ, æрмæстдæр нæ урссæр хæхтæ цæмæй уынон æмæ нæхимæ уæлдæфæй улæфон», — хъуыдытыл-иу ахæцыд Хасан æмæ йæм-иу æхсæвыгæтты арæх æрцыд ахæм зонд. «Цон æмæ Асиатмæ фæдзурон æмæ лидзон ацы æнамонд адæмæй». Фæлæ-иу ахæм сагъæсты сахат йæ цæстыты раз æрлæууыдысты йæ мад æмæ йæ хо: «Цы фæуыдзысты, уыдон та, дзæгъæлæй куы баззайой, уæд? Лæмæгъ кæрдæджы халау сæ тыгъд быдыры хойдзысты къæвда æмæ дымгæ, судздзæни сæ æцæгæлон хур, иу заман сæ мæрдон хъызтæй бынсæфт фæуыдзысты. Нæ, афтæ лидзæн нæй! Хъысмæт мын цы сныв кодта, уый кæронмæ бавзарон, куы дзы сæфон, уæддæр. Кæннод мæрдтæм мæ фыды размæ цы цæсгомæй бацæудзынæн?» — афтæ-иу ахицæн сты æдзухдæр йæ бирæ мæттæ лæппуйæн.

***

Кæй зондæй уыд, уый нæ зыдта, фæлæ уæддæр Хасан æмбæрста, Æлбегаты бинонтæ йæм фæстаг рæстæджы бынтон æндæр цæстæй кæсын кæй райдыдтой, уый. Сæ хистæр Умар уыди сабыр, хиуылхæцгæ лæг, Бола йæ раст цæрмыстыгъд бакодта. Хорз адæймаг уыди сæ мад Лези дæр, йæ рæвдауæн ныхæстæ зæрдæмæ хъардтой.

Хасан бирæ уарзта бинонты, цалынмæ Асиатимæ уыцы ныхас се ’хсæн не ’рцыд, уæдмæ-иу семæ арæх уыди — цæугæ-цæуыны дæр æмæ лæууæн бынаты дæр. Фæлæ Асиатимæ кæрæдзимæ сæ зæрдæйы уаг куы сæргом ис, ноджы куы базыдта, мад æмæ йæ Бола дæр зонынц, уый, уæд Хасан бинонтæм хæстæг нал цыд, æфсæрмы сæ кодта, цыма йыл гакгонд уыд æмæ йæ зæрдæ æддæмæ зынд, уыйау. Æмæ йыл-иу Умар куы сæмбæлд, уæд ын-иу æнæ бауайдзæфгæнгæ нæ фæци:

— Гормон, Хасан, фæндагыл цас дарддæр кæнæм, уыйас нæ дæхи дардæй-дарддæр ласыс, — æмæ-иу йæ сæр батылдта.

Бола дæр-иу сæ разы куы уыд, уæд-иу лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ-иу бахудтысты.

Бола йæ хо æмæ Хасаны зонд куы базыдта, уæд æй йæ фыдæн зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ къухы не ’фтыд. Асиат æй бамбæрста æмæ йæ ской дæр нæ уагъта. Уæвгæ йæм нæ байхъуыстаид, æфсымæры фæндыди, цæмæй дыууæ мыггаджы дæр хъуыддаг зоной æмæ æгъдауыл нымад уа. Æмæ уæддæр иу изæр йæ фæнд сæххæст кодта, йæ фыдæн загъта:

— Мæнмæ гæсгæ, баба, Туркмæ нæхи марынмæ нæ цæуæм, алчидæр йæхицæн ныфс æвæры — уæдæ дзæбæх ацæрон, æмæ нæ сомбонæн фæндтæ кæнын хъæуы.

Умары зæрдæмæ йæ фырты дæлгоммæ ныхæстæ нæ фæцыдысты æмæ йын дзуапп радта:

— Лæппу, ныр лæг дæ æмæ-иу дæ хъуыды комкоммæ зæгъ, дардыл таурæгъты бæсты. Уæртæ Хасан дæр де ’мгар йеддæмæ нæу... Ууыл та куыд нæ сахуыр дæ?..

Бола фæныфсджындæр:

— Асиат сывæллон нал у. Ацы фæндаг нæ уыд, зæгъгæ, уæд, чи зоны, афонмæ йæ амонд ссардтаид.

— Æмæ ныр минæвæртты ды аздæхтай?

Бола фыдæн хабар радзырдта, ноджы йыл бафтыдта, йæхæдæг дæр разы кæй у, уый. Умар бирæ рæстæг æнæдзургæйæ фæбадтис. Уыдис талынг æмæ кæдæмдæр тары иу ранмæ ныккомкоммæ. Стæй сыстад æмæ загъта:

— Хуыцау нæ ралгъыста æмæ зæрондæй, ногæй иууылдæр фенамонд стæм. Уымæн дæр ма цы бакæнон?..

Лези Болайы фæндтæ æмæ ныхæстæ куы фехъуыста, уæд, кæд йæ чызджы зонд зыдта, уæддæр йæ цæссыгтæ йæ фæлурс рустыл æркалдысты:

— Мæ бындур ныззылд, уыцы æнамонддзинад та ма нæм кæцæй касти, ацы бæллæхы цы чындæуыдзæн?

Уыцы æхсæв лæг æмæ усмæ даргъ ныхас рауади сæ чызджы тыххæй. Æниу цæй ныхас уыд уый — алчи сæ йæ зæрдæйы катай иннæмæн дзырдта.

Бирæ арф улæфтыты фæстæ Умар Лезийæн загъта:

— Адæмы зонд иухуызон нæу — иутæ дæ бамбардзысты, иннæтæ дыл худдзысты. Ацы хъуыддаг нын бирæты зæрдæмæ нæ фæцæудзæн — адоны се сæфты фæндагыл æндæр ницуал мæт ис, зæгъгæ, фæлæ дыууæ уды ныхмæ тох кæнын дæр тæригъæд у, скæйных уыдзысты æмæ уæд адæймаг фæрæдийын дæр зоны. Уæд та лæппуйы мадимæ кæрæдзи бамбарут...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.