Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 4 страница



Фæлæ фесты ныхæстæ, фæндарасты арфæтæ, бæлццæттæ уæрдæтты сбадтысты — чи æнæдзургæйæ, чи кæугæйæ æмæ бæхтæ фезмæлыдысты. Хъæугæрон чи баззад, уыдон дæр хорзау нал уыдысты, сæ бынæтты гобитау лæугæ баззадысты æмæ сæ бирæ рæстæджы иу дæр йæ бынатæй нал фезмæлыд.

Хасан уæрдоны æрæджиау сбадт, уый цыди фæндаджы иувæрсты æмæ-иу арæх фæстæмæ фæкасти. Алы фæкастæн дæр зæрдæйы æлвæста судзгæ тæлы: дардæй-дарддæр æм кодтой йæ райгуырæн хъæу, йæ бæрзонд бæлæстæ, йæ урскъул хæдзæрттæ, æвзист ронау æрттивгæ дæттимæ.

IV

Бæлццæттæ Терчы фалемæ ахызтысты Дзæуджыхъæуы стыр хидыл æмæ араст сты Мамсыраты хъæуы ’рдæм. Уый раз доны был баййæфтой бирæ адæм, ифтыгъд уæрдæттæ, фысвос, хъомвос.

Цы йæ базонын хъуыд — уыдон уыдысты, Мамсыраты хъæуæй Туркмæ чи лыгъд, уыцы ирæттæ. Сæ фæстæ хъæубæстæ фæндараст зæгъынмæ рацыдысты. Фæндаджы галиуварс тæрс бæлæсты бын даргъ фынгтæ æвæрд, куывд уыди йæ тæккæ гуыппæй. Куыддæр бæлццæттæ сæ цурмæ бахæццæ сты, афтæ уырдыгыстджытæй дыууæ лæджы сæ размæ рацыдысты æмæ сæ фынгты уæлхъусмæ æрбахуыдтой.

Бадты хистæр Куындыхаты Бæтъа сыстад æмæ сæм радзырдта:

— Æгас нæм цæут, нæ буц уазджытæ, æгас нæм цу, Дзæрæхмæт-хадзы! Цы фæндагыл рараст стут, уый уын иунæг кадджын хуыцау амондджын фæндаг фæкæнæд, фæстагмæ дзы æвæсмон куыд уат.

Уазджытæ æмбæлæггæгтæ куы анызтой, уæд сæ сбадын кодтой, иннæ лидзджыты æхсæн, Дзæрæхмæт-хадзыйы та — Бæтъайы рахизварс.

Хасан æмæ иннæ лæппуты ахуыдтой фæсивæдмæ, уыдон бадтысты бæлæсты фале, чи фæбур ис, уыцы кæрдæгыл. Сæ разы уыди чъиритæ, дзидзайы хæйттæ, дурынты арахъхъ æмæ бæгæны. Хасаны нуазын нæ фæндыд, фæлæ йæ уæддæр нæ ныууагътой. Æрмæст нозтæй хъæлдзæгдæр нæ фæци, — бынтондæр нырхæндæг.

Адæм æнцад бадтысты, æрмæст-иу сидты фæдыл исты сдзырдтой. Æмæ гъе уымæн хорз райхъуыст Куындыхаты къуыдипп Бекмырзæйы ныхас. Йæ къухы уыди нуазæнтæ.

— Бахатыр кæнут, нæ буц хистæртæ, нæ зынаргъ уазджытæ. Нæ хъæуы фæсивæд сæрыстыр сты не ’фсымæртæй, махæн не ’мдингæнджытæм фæндаг чи кæны æмæ мах уæндонæй кæй фæстæ ацæудзыстæм, уыдонæй...

— Æрра барæг — дон сгарæг, — бахудт Хасан æмæ йæ чи фехъуыста, уыдон дæр бахудтысты. Стæй бафарста:

— Æвæццæгæн, йæхæдæг нæ цæуы, æмæ йæм уымæн хорз кæсы?!

— Цæмæн ацæуа, — йæ фарс фæци йæ сыхаг лæппу, æдде бакæсгæйæ уый дæр бæлццонарæзт. — Цалынмæ сын Муссæ æгас уа, уæдмæ Куындыхатæн алы ран дæр — фыдыбæстæ.

Бекмырзæ та дзырдта æмæ дзырдта, йæхи ирон адæмы фидæны сæрыл нывондæн чи æрхаста æмæ дард бæстæм чи абалц кодта, уыцы фæсивæды тыххæй.

— Уыдон, нæ буц хистæртæ, сымахæн ам дæр, фæндагыл æмæ дард бæсты дæр уæ ныфс, уæ хъахъхъæнæг сты. Æмæ мын ныххатыр кæнут: сымах номæй æмæ нæ хъæуы фæсивæды номæй сын нуазæнтæ радтон.

Уый фынджы хистæр Бæтъайæн йæхи зондмæ гæсгæ арæзт æрцыд. Æмæ ныр йæ фæнд куы сæххæст, уæд æнæбарыгомау загъта:

— Цу, цу, дæ хъуыддаг кæн.

Дзæрæхмæт-хадзы хабар бамбæрста æмæ, Бæтъайы зæрдæлхæнгæйæ, Бекмырзæйæн арфæ ракодта.

— Дæ цæрæнбон бирæ уæд, дæ цæрæнбон, кад кæмæн кæныс, уыцы хистæрты фæндиаг.

Бекмырзæ йæ худыл уæлдæр схæцыд æмæ кæстæрты размæ бацыд. Хистæрæн сын чи бадт, уымæй фæстæмæ иууылдæр уымæй кæстæр уыдысты, æмæ йын фестадысты.

— Цæмæн стут, бадут, уæ хорзæхæй! Сымах фаг буцдзинæдтæ кæм ис, нæ гуыппырсартæ! — райдыдта та дзурын Бекмырзæ æмæ нал æнцади.

Хасан нуазæнтæ æрбахæссæджы ныхасæй куы стыхсти, уæд иуырдæм азилæгау кодта æмæ сылгоймæгты федта. Уыдон къордтæ-къордтæ лæууыдысты, кæрæдзийæн сæ зæрдиаг ныхæстæ кодтой æмæ ахъуыды кодта: «Мæгуырæг, хæрз бæллæхы бынаты та сымах бахаудтат, афтæ сусæгæй уæм цы ныхас æрхауа, æндæр уын йе сдзурæн ис, йе уæ исчи фæрсгæ бакæны, лæгты фæдыл аууæттау фенкъуыстыстут.

Фынджы уæлхъус цытæ цыд, уыдон лæппу нал æмбæрста, йæхи хъуыдыты аныгъуылд æмæ йæ сыхаг куы басхуыста, æрмæст уæд æрчъицыдта.

— Райс, æфсымæр, нуазæн дæумæ у, — сыкъа йæм бадаргъ кодта Бекмырзæ. — Нæ ныфс, не скаст, мах дæр уæ фæд агурдзыстæм.

Хасан нуазæн райста.

— Хистæрты салам домбай уæд. Мах фыдвæндæгтыл цæуæм, æмæ нæм-иу ма бабæллут.

— У-у, гормон уазæг, уый куыдтæ дзурыс! — хъæлдзæгхуызæй бауайдзæф кодта Бекмырзæ.

Сыхаг Хасаны фарс фæци:

— Сындз зæгъгæ кæн, фæлæ хуыссæнуатæн лыстæн бацагур. Стæй, чи зоны, цы уыдзæн, афтæ куы фæзæгъынц: фæндагæн йæ дæргъæй йæ уæрхæй хъауджыдæр нæй.

Бекмырзæ ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæта Хасан йæ ныхас райдыдта:

— Хистæртæн мах номæй раарфæ кæн, цыфæнды куы уа, уæддæр сæ дзæгъæл нæ ныууадздзыстæм, зæфцы фыдæй сыл ницы æрцæудзæн...

Цалынмæ фынджы уæлхъус бадтысты, уæдмæ Хасан базонгæ йæ сыхаг лæппуимæ. Уый уыд Æлбегаты Бола.

Хур акъул, афтæ адæм фынгтæй сыстадысты, фæстаг фæндараст ма загътой æмæ бæлццæттæ фезмæлыдысты. Æвиппайды бæрæг нæ уыд, цæуæг чи у æмæ фæндараст зæгъæг чи у, уый. Фæлæ куыдфæстæмæ фæндаджы фæйнæфæрсты, фыццаджыдæр сылгоймæгтæ, стæй та нæлгоймæгтæ, къордгæйттæй лæугæ задысты. Æппынфæстаг ма дзы чи баззад, уыдон дæр, къуылдымы цур фæстаг фæндараст загътой æмæ, иу ран лæугæйæ, бæлццæтты фæстæ кастысты æмæ кастысты.

Кæд раздæр хъæлдзæг ныхæстæ цыди бæлццæттæ æмæ фæндарастгæнджыты æхсæнæй, уæд ныр хъуысти æрмæстдæр уæрдæтты хъинц-хъинц, бæхты хуыррытт, кæнæ-иу исчи фосыл куыд схъæр кодта, уый. Галуæрдæттæ æмæ бæхуæрдæттæ цыдысты æмхæццæйæ æмæ бæхтыл æдзухдæр фæстæмæ хæцын хъуыд.

Æлбегаты уæрдæттæ Мамсыраты хъæуы бæлццæттæн сæ хæд фæстæ цыдысты, Дзæрæхмæт-хадзыйы уæрдæтты хæд разæй. Æртæ уæрдоны бадтысты Болайы фыд Умар, йæ мад Лези, йæ дыууæ æфсымæры æмæ йæ хо. Бæрæг уыд, Бола цотæн се ’ппæты хистæр кæй у, уый.

Цыма рагацау ныхас бакодтой, уыйау Хасан æмæ Бола араст сты фистæгæй, фæрсæй-фæрстæм, æмæ уыдон дæр иннæтау ницы дзырдтой, æдде бакæсгæйæ афтæ зынд, цыма кæрæдзи нæ уынынц. Кæд сæ алчидæр йæхиуыл сагъæс кодта, уæддæр сæ хъуыдытæ иу уыдысты — кæдæм цæуæм? Цы хуыздæр цардмæ æнхъæлмæ кæсæм æцæгæлон бæсты? Æмæ сæ иу дæр дзуапп нæ ардта, кæд æй цыфæнды тынг фæндыд йе ссарын æмæ йыл цыфæнды тынг архайдта, уæддæр.

Бæлцæттæ бирæ нал рауадысты, афтæ æризæр. Хасан ма йæхинымæр афтæ дæр загъта: «Уыцы чысыл рауайыны номыл Мамсыраты хъæуы дзæгъæлы нæ ныллæууыдыстæм, не ’хсæв дзы арвыстаиккам. Ныр нæ æхсæвиуат кæнын бахъуыд дзæгъæл быдыры астæу». Хасаны фæндыдис Æлбегатимæ иумæ æрлæууын, фæлæ Дзæрæхмæт-хадзы баиу йе ’рвадæлтæ æмæ йæ хæстæджытимæ. Цалынмæ бæхтæ уагътой, фосæн хæринаг амал кодтой, уæдмæ æрталынг æмæ Хасан нал ардта Æлбегаты бинонты хъæуы йас æрлæууæны. Болаимæ куы сæмбæлдысты, уæд Хасан бахудти:

— Æлдары хъæу дæр ма фæрсгæйæ куы ссарынц, фæлæ ам адæймаг куы фесæфа, уæд йæ фæд дæр нал фæзындзæн.

— Иу иннæуыл нæма сахуыр æмæ уымæн афтæ рауад, уый фæстæ-иу цъындæй дæр базондзыстæм кæрæдзи, — хъазгæмхасæн ын дзуапп радта Бола.

Хасæнæн йæ мидбылты худт уайтагъд айсæфт æмæ æнкъардæй йæ ныхасыл бафтыдта, фæстаг рæстæг цæуыл хъуыдытæ кодта, уыдон:

— Мæнмæ гæсгæ та нæ хал, нæ бæндæн фæхауди, æмæ кæрæдзи нал æмбарæм, æцæгæлон бæстæм хæлæф кæнæм, фæлæ уым та кæрæдзийæн бынтон æцæгæлон фестдзыстæм, Бæдзейы фысты хæлиу ныууыдзыстæм æмæ ма кæд не ’взаг баззайа, уæд хорз.

Бола йæ басхуыста:

— Мæлæты цæхджын æй фæкодтай, афтæмæй адæм та æндæр ныхæстæ кæнынц. Уый зонгæйæ, чи лыгъдаид Туркмæ.

— Мæн нæ уырны, Турчы мах бæстæй хуыздæр уыдзæн, уый, — цыма хорз цы хъуыддаг зоны, ууыл ныхас кæны, уыйау загъта Хасан.

— Уæдæ ма уæд адæмы æндæр цы хъæуы? — дисгæнгæ бафарста Бола.

— Цуанон цы ком нæ басгары, уый сырдджын хоны, — дзуапп ын радта Хасан. — Ацы хъуыддаджы æз иу хабар бамбæрстон, æмæ мæм диссаг фæкаст: адæмæн хатгай æрмæст «уист» зæгъын хъæуы, æмæ сæхи арты дæр баппардзысты, цыма сæ цæстытæ атартæ вæййынц æмæ ницуал фæуынынц, уыйау.

Бола цыдæр ныхъуырæгау акодта æмæ Хасанæн йæ цухъхъайы дысмæ бавнæлдта:

— Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй, ницуал дын æмбарын. Сбадæм ма æмæ мын дæ ныхæстæ дзæбæх ракæн.

Хасан багуым-гуым кодта, стæй сбадти зæххыл æмæ йæ рахиз рæмбыныкъæдзыл йæхи æруагъта.

— Цыма æз Санаты Сем дæн æмæ хъуыддæгтæ иууылдæр зонын, уыйау мæ куыд фæрсыс!

Бола дæр æрбадти.

— Зоныс, æвæццæгæн. Ды цытæ дзурыс, уыдæттæ æз нырма никæмæй фехъуыстон, бауырнæд дæ, — загъта Бола.

— Йæхинымæр сæ алчидæр кæны, — йæ ныхас ын айста. Хасан. — Дæ зæрдæйæ, чидæр афтæ куы загъта, Туркмæ не ’мдингæнджытæм алидзæм, уæд уый цы амоны, ууыл бирæтæ ахъуыды кодтой? Нæ, уайтагъд сæм сæ райгуырæн бæстæ сындзджын быдыр фæкаст, сæ алфамбылай та цыма джебогъджын уырыссæгтæ æртыгуыр сты, уыйау Туркыл ныххæцыдысты. Ныр куы сыстадысты, сæ цæрæн бынæттæ куы ныууагътой, уæд сæм хъарын райдыдта æмæ уыныс — куыд цæуæм? Адæм ма марды фæдыл фæцæуынц афтæ.

— Æмæ сæ исчи тыххæй тæры?

— Ныхас загътой æмæ сæ сæрмæ нал хæссынц ам баззайын. Бавзарон æй, зæгъы алчидæр, æмæ махмæ иу дæр йæ хæдзар нæ фехæлдта, йе йæ дзæгъæл нæ ныууагъта, йæ бинонтæй, йæ къабæзтæй дзы исчи цæргæ баззад, уымæн æмæ ма йыл йæ зæрдæ дары. Сымахмæ та куыд у, Бола, чи ралыгъди, уыдонæй исчи йæ хæдзар ауæй кодта кæнæ йыл арт бандзæрста?

Бола дзуапп уайтагъд нæ радта. Йæ сæр æруагъта æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Хасан æй нæ хъыгдардта æмæ йæм æнæдзургæйæ касти. Бола æрæджиау загъта:

— Æнхъæлдæн, йæ хæдзар дзы дзæгъæлы ничи ныууагъта, уæйы кой дæр нæ фехъуыстон. — Бола нæ радзырдта, сæхæдæг дæр сæ хæдзар сæ хæрæфыртты бар кæй ныууагътой, уый тыххæй.

Фæстагмæ ма Хасан афтæ:

— Уæвгæ, адæм иухуызон не сты. Бирæтæ не ’ууæндынц ацы хъуыддагыл, турк сæм уырысæй ницæмæй хуыздæр кæсынц, æцæгæлон адæм, дам, нын сты не ’мдингæнджытæ, уырысимæ та кæддæриддæр ис бафидауæн.

Бола джихæй бадгæйæ баззад. Иунæг уыцы изæр йе ’мбæлццон æнæзонгæ адæймагæй цас дызæрдыггаг хъуыддæгты тыххæй фехъуыста, уыйас никуы ницы фехъуыста. Йæхи куы базыдта, уæдæй фæстæмæ уæтæрты æнæмæтæй фæцарди æмæ цард афтæ бирæ къабазджын кæй у, уыцы хъуыды йæм никуы æрцыди. Æрмæст зыдта уæнгдыхæй архайын æмæ уæгъд рæстæг, хистæртæ рагон хабæрттæ æмæ таурæгътæ куыд кодтой, уымæ хъусын. Бола зыдта, Ирыстоны чи кæд фесгуыхти, зарæг куыд счындæуы, кад æмæ æгъдауы фæдыл чи куыд марди, йæ туг лæджы хуызæн чи райста, уыдон се ’ппæты дæр. Фæлæ йæ даргъ рыг фæндагыл хъысмæт кæимæ сæмбæлын кодта, уыцы адæймаг ын æндæр хабæрттæ ракодта, царды æргомæй чи нæ зыны, фæлæ зæрдæты арф æвæрд чи вæййы йæ рæстæгмæ, ахæмтæ. Фæлæ уыдон бамбарыны йас зонд кæмæ ис, адæймаджы зæрдæ арф æвæрд у, мæнгæй нæ акæнынц — зæрдæйæ-зæрдæмæ ныккæсæн нæй.

Бола æхсæвæр дæр нæ бахордта, афтæмæй, уæйлаг нымæт йæ быны бакæнгæйæ, йæхи æруагъта. Фæлæ йæ хуыссæг нæ ахста. Уый касти стъалытæй цæхæр арвмæ æмæ йæм цыма дардæй зынди цавæрдæр æдзæрæг, æцæгæлон бæстæ. «Турчы бæстæ ма уæд?!» — хъуыдытыл фæци Бола æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта, фынæй нæ баци.

***

Уыцы æхсæв лидзæг адæмæн уыди, райгуырæн хæдзæрттæй куы фæхицæн сты, уыцы фыццаг æхсæв. Куы-иу уæрдоны бынæй иу сыстад æмæ рацу-бацу кодта, куы иннæ — афтæ ахаста боныцъæхтæм. Стæй æрдз куы базмæлыд, уæд, сывæллæттæй фæстæмæ, иууылдæр сыстадысты. Иуæй-иу уæрдæтты цурæй фæздæг скалди, чи та йæ аходæн уазалæй хордта.

Бæхтæ уыдысты ифтыгъд æмæ уæрдæтты даргъ хал фенкъуысти Уæлладжыры комы ’рдæм. Чысыл ауадысты, афтæ хур тынг æндавын байдыдта, бæхты фæрстыл фæзынди хиды хъулæттæ. Уæрдæттæй бирæтыл уыди уистыл гауызтæ кæнæ нымæттæ тыд æмæ сылгоймæгтæ уыдоны бынмæ сæхи ластой. Лæгтæй чи рæтæнагъдыл бадт, йæ къæхтæ быноз æруадзгæйæ, чи та рагъхъæдтыл цæхгæрмæ æвæрд фæйнæгыл æмæ уæрдоны змæлдмæ йæ сæр дзедзырой кодта. Зæрæдтæй чидæртæ дзаумæттыл сæхи ауагътой æмæ фæндаджы дæргъмæ кастысты. Фæсивæдæй бирæтæ цыдысты фистæгæй. Хасан дæр уыди семæ.

Бæхты къæхтæй рыг стади æмæ афтæ зынд, цыма уæрдæтты халы бын æнæзмæлгæйæ лæууыд, æнад хус смаг кæнгæйæ. Дымгæйы уддзæф никуыцæй улæфыд æмæ хъуыр æхгæдта...

Хасан-иу арæх фæстæмæ фæкасти, райгуырæн хъæу кæцырдыгæй баззад, уыцырдæм, фæлæ æнахуыр, æгъуыз быдыр иу ран арвимæ баиу æмæ йæм нал разындысты йæ уарзон бынæттæ, сæ рæсугъд нывтæ. Æмæ-иу уæд лæппу йæ сæр æруагъта, арф-иу ныуулæфыди.

Хатгай Хасан афтæ æнхъæлдта, цыма йæ быны змæлынц кæйдæр къæхтæ, йæхæдæг та йæ мидбынаты лæууы, цыма зæхх та кæдæмдæр фæстæрдæм цыди, йæ райгуырæн хъæумæ. Лæппуйы фæндыди уыцы зæххыл ныддæлгом æмæ ныффидар уæвын, кæд æй уырдæм фæхæссид. Фæлæ-иу йæ сæнттæ бирæ нæ ахастой, йæ сæрыл та-иу схæцыд æмæ федта: судзгæ хуры æмæ æлыгдоны хуызæн арвы бын атъанг сты уæрдæттæ, рыг сын æнæвгъау сæ цæлхытыл тыхсти æмæ се ’нæрынцой хъинц-хъинц хъуыст.

«Лидзынц. — Сагъæсы аныгъуылд, Хасан. — Кæдæм?! Цыма ныл рын сыстад æмæ уымæй бамбæхсынмæ хъавæм».

Афтæ уыдис дыккаг бон æмæ æртыккаг бон райсомæй изæрмæ. Адæмæй, фосæй — иууылдæр бафæлладысты æмæ сын размæ ницуал æнтысти. Æрмæст цыппæрæм бон бахæццæ сты иу стыр тъæпæнмæ. Уынгæ ницыма фæкодтой, фæлæ сæм уырдыгæй райхъуысти зарыны, фæндыры уынæр æмæ йæ рог дымгæ комæй бæлццæтты размæ хаста.

Фæз уыди йæ тæккæ дзаг дзыллæйæ, бæхуæрдонæй, фосæй. Уыдон уыдысты Абысалты, Тугъанты, Цæлыккаты, Таухъазахты æмæ Карсанаты лидзæг адæм, сæ уæрдæттæ, сæ фос. Фæндагæй Знæтдоны æхсæн сын фынгтæ арæзт æмæ уырдыгæй сæ зарын цыди, къæдзæхрæбын та фæсивæд гуыпп-хъазт сарæзтой æмæ хæрдмæ хаудысты, арæх-иу се ’хсæнæй райхъуысти иугай гæрæхтæ.

Нæ, уыдон нæ бæлццæтты хуызæн нæ уыдысты, афтæ фенхъæлæн уыд, цыма цыдæр зындонæй раирвæзтысты æмæ ныр сæ амонды фæндаг ссардтой.

Чысыл фæстæдæр бынаты уæвджытæ æмæ ног æрбацæуджытæ сæмхæццæ сты æмæ сæ ницуал хъауджыдæр уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст æддейы бакæсгæйæ, æмæ Хасанмæ дæр афтæ фæкаст раздæр. Фæлæ уайтагъд бамбæрста — суанг ма сæхи хистæр — номдзыд Мамсыраты Дадо дæр лæгъстæхуыз уыди Тугъанты æмæ Абысалты раз, уыдон та сæхи афтæ дардтой, цыма адæмы æхсæн кæй бадынц, уымæй сын стыр хæрзиуæг ракодтой.

Ног æрбацæуæг фæсивæды дæр уайтагъд хъазтмæ бахуыдтой. Фæлæ Хасан йæхи асайдта æмæ дæрддзæфты зылди. Стæй иу ран къæдзæхдурыл куы банцой кодта, уæд бафиппайдта, Болайы хо Асиат æм куыд æрбацæйцыди, уый. Хасан фæстæмæ дæр ма фæкаст: афтæ фенхъæлдта æмæ чызгæн йæ арæзт æндæр кæмæдæр у. Фæлæ куы никæй федта, уæд дисыл фæци.

Куыд æм хæстæгдæр цыд, афтæ Хасанмæ бæлвырдæй-бæлвырддæр зынди чызджы рæсугъд, тымбыл цæсгом, уый мидбылты худти, йæ цæстытæ æртæхæфсæст сау хъæлæрдзытау æрттывтой, йæ рустыл та æнахуыр дзыхъгæндтæ фæзынд. Урс цыллæ кæлмæрзæн йæ сæрыл фæстæмæ абырыд æмæ йæ хæмпусгомау дзыккутæ уддзæфæй змæлыдысты. Йæ нарæг астæуæй куыдуæлæмæ суади хæрзконд гуыр, риутæ уыциу æмдымбылæй кæрдæгхуыз разгом къабайыл рахæцыдысты.

Уыдæттæ иууылдæр бафиппайдта Хасан, кæд æй æмбæрста, сылгоймагмæ комкоммæ кæсын хорз нæу, уæддæр. Æмæ йæ цыма фыццаг хатт федта, уыйау ын рауад — уæды онг ын йæ миниуджытæй никуы ницы рахатыдта, йæ æнахуыр рæсугъд цæстытæ йеддæмæ.

Асиат æм куы бахæццæ, уæд фæсырх, фæлæ ацы хатт йæ сæр не ’руагъта, бахудти æмæ лæппумæ афтæ фæкаст, цыма йæ алыварс уæлдæф рухсдæр фæци. Фæсырх Хасан дæр æмæ йæ цæмæй чызг ма бафиппайа, уый тыххæй сдзырдта:

— Хъазтæй куы ралыгътæ, Асиат.

— Сæ фылдæр уæздæттæй сты æмæ сын сæ къуыдипп митæй стыхстæн.

Уыцы миниуæг бадилатæн Хасан дæр бафиппайдта, дард нæ уыд хъазтмæ æмæ йæм сæ ныхæстæй бирæ хъуысти.

— Сæ конды цы ис, уымæй архайынц, — цы загътаид уый нал зыдта Хасан.

Асиат æм касти æмæ йæхиуыл дис кодта: никуы йæ бауырныдтаид, искуы сныфсджын уыдзæн, æмæ искуы лæппумæ комкоммæ бакæсдзæн, йæ зæрдæмæ цыфæнды тынг куы цыдаид, уæддæр. Фæлæ йæм ныр фæразæнгард. Хасан æм иннæ фæсивæды хуызæн нæ касти, Бола исты куы фæдзуры, уæд Хасан йæ хуыздæр фæхæцæг, уый дæр, дам, афтæ зæгъы. Стæй æфсымæр Хасанимæ куы базонгæ, уæдæй фæстæмæ фенкъарддæр, æдзух цæуылдæр хъуыдытæ кæны.

Уый размæ бон та йæ фыдмæ фæстæмæ сдзырдта, æмæ чысыл ма бахъæуа, фæхыл уой. Фыд куы фехъуыста фæндаджы хъиамæтты тыххæй, уæд бинонты сабыр кæнынмæ фæци — Турчы, дам, махæй нæ бирæ зындзинæдтæ ферох уыдзысты. Æмæ йын уæд Бола афтæ зæгъы: чи зоны æмæ, дам, дæм Турчы хъиамæтты раз дæ царды æппæт бæллæхтæ дæр ницуал фæкæсдзысты.

Уыдæттæ Асиат йæ зондæй хъуыды кодта. Фæлæ йын йæ зæрдæйыл та цы низ сагъуыди? Æгоммæгæс цæстытæ, æппындæр кæй никуы федтой, æдзух уыцы лæппуйы цæмæн агуырдтой? Уый зыдта чызг æмæ йæ катайæн дзуапп æнхъæлмæ Хасанмæ касти. Ныр дæр æргомæй уымæн загъта:

— Ацы æнамонд царды мæ сусæг катай кæмæн радзурон, уый мын нæй, æмæ мæм ды уæддæр байхъус, ды мæ уæддæр бамбар...

Хасан чызгмæ комкоммæ бакаст: цæй диссаджы рæсугъд æм фæкасти йæ сагъæсхуыз цæсгом! йæ цæстытæ ныртæккæ уыдысты тарст, фæлæ уæддæр се ’рттывд нæ бамынæг, нæ фæлæ ма сæ гагуытæ фестырдæр сты æмæ сæ фæзынди фæндфидардзинад.

— Æз дæм... æз... алцæмæдæр байхъусдзынæн... Æрмæст мын зæгъ, цы бакæнын хъæуы...

— Мæхи дыл фæдзæхсын, Хасан, кæд дæ хъæуы, уæд абонæй фæстæмæ мæ цард дæу... — Чызг фæкъуыхцы æмæ иуцасдæр ницуал сдзырдта. — Бахатыр кæн, æргом кæй дзурын, уый. Фæлæ йæ мæ зæрдæ зоны — æнамонд фæндагыл рацыдыстæм, æмæ мæ сагъæстæ ныр куы нæ зæгъон, мæ хуылфы куы баззайой, уæд мæрдты дыккаг мард кæндзынæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.