Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 3 страница



Фæлæ цæмæн? Æхсæвыгæтты-иу нæ бафынæй, йæ хуыссæны йыл-иу рафт-бафтæй сбон ис Хасаныл, сагъæстæ йæ бадомдтой. Ау, иу хæдзар, иу бинонтæ не сты? Фыдæй-фыртмæ, дам, афтæмæй куы фæцардысты. Æви ныр райгуырæн хæдзар скъуындæг ис? Кæд Дзæрæхмæт-хадзыйы ахицæн фæнды йе ’фсымæры бинонтæй, уæд сын æй комкоммæ цæуылнæ зæгъы, цы боны хорзмæ ма йæ дары? Уыдон дæр исты амæлттæй ирвæздзысты. Фæлæ хистæр ницы дзуры, иннæтæ та æнхъæлмæ кæсынц. Хасанæн та хъауджыдæр нæу, æрмæст æй нæ зоны — цард афтæ цæмæн рауайы æмæ дзы бинонты æхсæн «дæу у», «мæн у» цæмæн фæзыны? Фыды æфсымæртæм ахæм зонд кæй уыд, уый та йын дызæрдыггаг нал уыди.

Хасан ахæм адæймаджы мыггаг рауад, æмæ-иу хъуыддагæй цы нæ сарæзта, ууыл дæр бирæ фæхъуыды кодта. Йæ фыды æфсымæрты куы бамбæрста, уæд йæ зонд скарста: «Нæ фыд нæ йе ’фсымæртыл нæ бафæдзæхста, бинонты мæхи бар бакодта, æмæ сæ хъуамæ бахъахъхъæнон». Йæ фæнд уыд афтæ: мæрдты æгъдæуттæ куы фæуой, уæд йæ бинонтимæ ахицæн уыдзæн, зæгъгæ.

Фæлæ хабар афтæ нæ рауад, цард æндæр хъуыддæгтæ бадомдта æрыгон лæппуйæ, æндæр бæллæхтæ бавзарын кодта æгас бинонтæн дæр.

***

Зæрдæвæрæнæй дыууæ къуырийы размæ Дзæрæхмæт-хадзыйы дуармæ æрхызтысты дыууæ барæджы. Уыдонæй иу уыди Цураты дзырддзæугæ Аслæныхъо, иннæ та Мамсыраты уæздан Аццейы фырт Аслæмырзæ. Дзæрæхмæт-хадзы сæ дыууæйы дæр йе ’фсымæртæ хуыдта: Аслæныхъоимæ сæ фыдæлтæ кæддæр иу артæй байуæрстой æмæ уымæй фæстæмæ дæр хæстæг-æрвадиуæг кодтой; Мамсыратимæ та æмхæрæфырты ад уыд се ’хсæн, кæд Аслæмырзæ комкоммæ йе ’мхæрæфырт нæ уыд, уæддæр йæхи чи атигъ кæндзæн Аццейы хуызæн хæстæгæй, гæнæн æмæ йын амал куы уа, уæд!

Барджытæ кæртмæ куы бацыдысты, раст уæд Дзæрæхмæт-хадзы дæр фæзынди.

— Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ хæстæджытæ! — йæ къух размæ фæкæнгæйæ, Аслæмырзæ комкоммæ бацыд Дзæрæхмæт-хадзымæ, цыма йыл стыр хорздзинад сæмбæлдзæн, ахæм хуызимæ.

— Æгас цæут, æгас, нæ буц æфсымæртæ! — йæ мидбылты бахудт Дзæрæхмæт-хадзы æмæ Аслæмырзæйы къух йæ дыууæ къухæй райста, стæй та Аслæныхъойы къух дæр.

Мæцыхъо æмæ Хасан уый хæд размæ æрбаздæхтысты хуымтæй — сæ нартхæрттæ рывтой. Хасанæн йæ зæрды уыдис сæ бæхты дзаумæттæм базилын, фæлæ уазджытæ куы фæзындысты, уæд æй уымæ нал равдæлд. Мæцыхъо йæм уайтагъд бæхты рохтæ авæрдта æмæ йæхæдæг уазджыты фæстæ уазæгуатмæ бацыд. Стæй цалынмæ Хасан бæхтæм зылд, сæ разы сын кæвдæсы ног карст кæрдæг æвæрдта, уæдмæ Мæцыхъо фæстæмæ раздæхт æмæ загъта:

— Уартæ ма зæронды фыстæй иу рацахс æмæ йæ нæ уазджытæн акусарт кæнæм.

Уыцы ныхас Хасаны рæхойæгау фæкодта. «Адонæн иууылдæр дихгонд куы сты», — загъта йæхинымæр, хъæрæй та дын афтæ:

— Зæронды дзы кæцы у, уый мын бацамон, кæннод сын æз ницы зонын.

Мæцыхъо ацыд агъуыстыты чъылдыммæ, уым хизæнмæ кæй нæ ауагътой, ахæм æртæ фысы уыд. Бакасти сæм æмæ дзы иу цыбыркъах, къуыдыр фысмæ бацамыдта.

Хасан фыццаг хатт бæлвырдæй уæд базыдта, раздæр йæ гуырысхотæ цæуыл уыдысты, уый: мулк æмæ фос — уæрст.

Фыды зианы фæстæ Хасан бинонты æхсæн никуал фехъуыста Туркмæ лидзыны хабар, кæд æй хъæуы цъиутау уасыдысты, уæддæр. Фæлæ та ныр, ацы уазджытæ сæм куы фæзындысты, уæд хабар фæстæмæ сæ хæдзары сног ис. Сæ ныхæстæ сын куы фехъуыста, уæд дисæй марди. Аслæныхъо дзырдта:

— Аслæмырзæ æрæджы æрбацыд Абысалтæй æмæ нæм уац æрбахаста: Хъуырманы бон нæ мæрдтæн се ’гъдау бакæнæм æмæ уый фæстæ Туркмæ афæндараст уæм.

— Бадилатæм æцæг ахæм фæнд ис, æмæ махмæ дæр æрвитынц, — йæ ныхасыл ын бафтыдта Аслæмырзæ.

Гъе, афтæ сног ис, Хасанæй цы хъуыддаг ферох ис, уый æмæ йыл дис кодта. Фæлæ йæ дистæ ууыл нæ фесты, йæ фыды æфсымæры ныхæстæй йæ уæрджытæ фæтасыдысты.

— Мах дæр нæхи мидæг хъуыддаг уыцы хуызы алыг кодтам, — дзырдта Дзæрæхмæт-хадзы. — Нæ мæрдты ингæнтæ æнæ хуыцæутты æхсæн зайынц æмæ ма сын Хъуырманы ком бадарæм, сæ хъуырмалыхъы хай ма сын скæнæм, рухс цæсгомæй сæм куыд бацæуæм. Стæй къуыри-дыууæ къуырийæ фылдæр нал бафæстиат уыдзыстæм.

Базыдта йæ хъысмæты хай Хасан: æнæ хистæр фыды æфсымæры зонд йæ бон дæр æмæ бинонты бон дæр ницы бауыдзæни, уый къухты сты.

«Цымæ цы бакодтаид мæ фыд та? — хъуыды кодта Хасан. — Бинонтæ ме ’вджид куы баззадысты æмæ сын мæ бон куы ницы у, зæйы ныхмæ æрлæууын дæ бон куы нæ уа, афтæ мæ кæйдæр зонд бынæй кæнынмæ куы хъавы æмæ ме уæнджы фаг хъару куы нæ разына... Цы уыдзæн, куыд уыдзæн?..»

Хасан уазджыты нал федта — дыккаг райсом, бон куыддæр хурыскæсæнырдыгæй фезмæлыд, афтæ ацыдысты. Цæмæй зыдта лæппу, мыггагæй æмæ хæстæджытæй æрвыст кæй уыдысты Дзæрæхмæт-хадзымæ, уый хъуамæ сразæнгард кæна хионты, стæй ма хъæубæстæй, ныронг сæ бон кæуыл цыд, уыдæтты дæр: бахъуаджы заман ахæм адæм хорз æххуыс вæййынц. Чысыл бинонты къорд хицæнæй куы баззадысты, уæд йæ мад æмæ йæ хойæн Хасан загъта:

— Не стыр æрвадæлтæ æмæ нæ фыды æмхæрæфырттæ нæ Туркмæ хонынц. Цы уæ зæрды ис? Не ’мдингæнджытæ, дам, нæм сидынц.

— Мæ арт куыд бауазал ис, æмæ кæйдæр æцæгæлон бæсты цы ми кæндзыстæм, чи нæ фæдардзæн? — йæ уæрджытыл хæцгæ баззад Мисурæт.

— Æмæ нын нæ фыды хæдзары рæстмæ бынат куы нал ис, уæд ма нæ турк сæ сæры цъуппыл сæвæрдзысты?! — бакатай кодта Дзерассæ дæр.

— Хъарджытæй ницы пайда ис: тæрсын, цæуын нæ куы бахъæуа, — йæ сæр батылдта Хасан.

Хо йе ’фсымæрмæ фæци:

— Ма баком, мæ зæрдæдарæн. Фæлтау ардыгæй уæлæ пыхсджыны ’рдæм алидзæм, кæд нæ стыхстысты, уæд æмæ уым нæхицæн сахъари хæдзар сараздзыстæм. Мæгуырæй цæрынæн исты самал кæндзыстæм, уæддæр ам, бабайы ингæны раз, нæхи ирон адæмы æхсæн уæм.

— Æмæ нæ фыды æфсымæр та цы зæгъдзæн? Адæм уый зондмæ куы хъусынц, уæд мах та уый ныхасы сæрты ахизæм? Цымæ нæ цы схониккой, уæд? — арф ныуулæфыди Хасан.

Мисурæт æмбæрста йæ цоты катай, уæвгæ йæхи зæрдæ дæр ахæм катайы уыди, фæлæ фырты ныхæстæ раст уыдысты — хæдзары сæ уынаффæйы бар никæмæ хауы, Дзæрæхмæт-хадзы куыд скæрда, хъуыддаг афтæ алыг уыдзæн. Æмæ уæддæр ныфсæвæрæгау загъта:

— Чи зоны, мах алидзыны сæр дзы ницæмæн бахъæудзæн, уырдæм, æцæг хæдзар чи у, уыдæттæ цæудзысты, мах хуызæн мæгуыртæ цы паддзахы бахъæуой, уый дæлæмæ ныххауæд!

Хасан бахудт:

— Диссаг дæ, дзыцца, æлгъитынмæ. Де ’лгъыстмæ адæймаг æнæ схудгæ нæ фæлæудзæн. Кæй нæ лидзын кæндзысты, уый дæ бауырнæд. Искуы фехъуыстай, Дзæрæхмæт-хадзы йæ фæнд æрдæгыл ныууагъта, зæгъгæ. Гъе уæдæ уый комкоммæ загъта: махæн, дам, хъуыддаг лыггонд у, Хъуырманмæ ма кæсы, стæй, дам, фæндаджы кой кæндзыстæм.

Дзыхъхъынног мæрдджынты бадт фæкодтой бинонтæ, сагъæстæ сыл фыдфынау æртыхстысты, æмæ сæ зæгъын дæр ничи ницы сфæрæзта...

***

Бонтæ цыдысты. Дзæрæхмæт-хадзы æмæ Мæцыхъо куыддæр фæхицæн сты æмæ æдзух уыцы хъуыддагхуыз уыдысты. Хасаны-иу арæх базонын фæндыд, хæдзары цы хъуыддæгтæ цæуы, уыдонæй истытæ, фæлæ сæ уымæн чи дзырдта! Æрмæст иу хатт, Хъуырманы бонмæ ма къуыри куы баззад, уæд ын Дзæрæхмæт-хадзы Мисурæты цур загъта:

— Райсом нæ адæмимæ Дзæуджыхъæумæ ацу æмæ уыцы фосæн сæ уæлдæйттæй ауæйтæ хъæуы. Балцы æхца хорз у.

Мад лæппумæ бакасти.

Хасан сфæнд кодта, ныр æй цалдæр боны æнцад цы хъуыддаг нал уадзы, уый йæ фыдыфсымæрæн комкоммæ зæгъын:

— Цы нæ бон суыдзæн махæн ахæм дард бæстæм алидзынмæ. Ам куы баззайæм, уæд кæд аирвæзиккам.

Дзæрæхмæт-хадзы йæм æлхынцъæрфыгæй бакасти, цыма йæ йæ цæстæнгасæй ахуынкъ кæнынмæ хъавыд, афтæ.

— «Мах» кæй хоныс? Æви ме ’дзард æфсымæры бинонты ам дзæгъæлæй ныууадзон? Йæ ингæны къултæ куыд стона, афтæ! Хорз зондыл лæуд нæ дæ, лæппу. Фæлтау дын цы загъдæуа, уымæ дæхи барæвдз кæн.

Æндæр ницуал ныхас рауад се ’хсæн. Мыггаг æй сæхицæй куы æддæссон кæной, зæгъгæ, мад дæр Хасанæн лæгъстæмæ фæци, æмæ бинонтæ алидзынмæ сæхи цæттæ райдыдтой. Хасан куыд æнхъæл нæ уыд, афтæ Дзæрæхмæт-хадзы алцыдæр уыдта, фæндагмæ цы хъæуы, уыдæттæй æмæ сын амыдта. Хъуырманы боны хæд размæ æвиппайды рабæрæг — Мæцыхъо йæ бинонтимæ нæ лидзы, иуæй йе ’фсин æнхъæлцау у, иннæмæй та хортæ бафснайа, ауæй кæна хæдзарæй, фосæй, маргъæй æмæ иннæ аз уый дæр йе ’мдингæнджытæм фæцæудзæн.

Хасан раздæр дисы бацыд: Мæцыхъо уымæй хъауджыдæр цæмæн хъуамæ баззайа, йæхицæн бинонтæ куы ис, цот. Мад æй бамбæрста æмæ йын зын уыди лæппуйы тыхст. Зæгъгæ дæр ын уымæн афтæ кодта:

— Цы уыдзæн дард фæндагыл Дзæнæтхан, тæригъæд нæу?..

Хасан нæ зыдта ахæм бæлвырддзинад æмæ мады ныхæсты фæстæ æргомæй ницуал загъта. Фæлæ йын уæддæр хъыг уыди, Мæцыхъо кæй нæ лидзы, уый: хадзы зæронд, фæкæсынхъуаг æмæ æгас хæдзары хъуыддæгтæ дæр йæхи æккойы баззайдзысты.

***

Хъазмæхæмæт куы æрсади, уæд ма сæм Уази цалдæр хатты рынчынфæрсæг уыд æмæ-иу Хасанæн ныфсытæ æвæрдта. Бæрæг уыд, йæ фыды фæстæ бинонтæй фырты йас кæй никæй уарзы, уый. Зиан бавæрыны бон нæ сæмбæлд, дыккаг бон изæрырдæм фæзынди æмæ йын хъыг уыд, йе ’фсымæры мард ын æнæ йæхи кæй баныгæдтой, уый. Фæлæ Дзерассæ йæ разы куы хъарæг кодта, ме ’рцыдмæ дæр нал фæкастысты, мæ фыдбылызы къæхтæ мæ нæ хæдзарæй ахастой, зæгъгæ, уæд ницуал загъта, æрмæст ма сау ингæныл ныддæлгом æмæ бирæ фæкуыдта.

Фæстаг хатт сæм куы уыди, уæд, Дзæрæхмæт-хадзыимæ ныхасгæнгæйæ, загъта: уыдон цæттæ сты æмæ дыууæ-æртæ къуыримæ рараст уыдзысты. Сæ иутæ дæр нæ зыдтой, уыцы алидзыны уынаффæ иу ранæй кæй цыдис æмæ се ’мгъуыдтæ иухуызон кæй сты, уый. Уазийы фæндыди фæндагыл кæнæ Турчы арæнмæ хæстæг сæмбæлæн, æмæ йе ’рдхорды бинонтæм йæ цæст фæдарын. Уый Хасанæн дæр зындгонд уыд æмæ йыл йæ зæрдæ дардта, Дзæрæхмæт-хадзыйы ныхасыл цæхгæр уымæн нал ныллæууыди. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад.

Хъуырманы размæ цыппæрæмы изæрырдæм къæвда рацыди. Хасан, æдде цы уæрдон баззад, уый сарайы бынмæ батылдта æмæ уым цыдæртæ архайдта. Уæдмæ æрталынг. Уыцы цъусдуг ауыдта дуармæ барæг, йæ уæлæ сау нымæт, афтæмæй, æмæ йæ размæ рауад. Барæг бæхæй æргæпп ласта æмæ дуар кæнынмæ фæци. Хасан æм тагъддæр фæцарæхст æмæ кæрты куы фæмидæг сты, уæд æрбацæуæджы базыдта.

— Æгас цу, Уази!

— Æгас дæ хуыцау уадзæд! Мæ бæх мын бааууон кæн, — æмæ Уази йæ нымæт саргъыл баппæрста.

Хасан хайуан скъæтмæ баласта æмæ йæ кæвдæсыл бабаста, бæлæгъы холлаг конд уыд. Йæхæдæг нымæт айста æмæ кæртмæ рацыд. Уази уазæгуаты раз рацу-бацу кодта. Лæппуйы афарста:

— Дæ мад уæхимæ ис?

— О, уæртæ хæдзары. Цом мидæмæ.

— Нæ, уæртæ йæм уæхи уатмæ бадзур, дæхæдæг дæр рацу.

Хасан нырма ныр бамбæрста, Уазийы цыдæр стыр хъуыддаг кæй ис, уый — йæ хъæлæсы уаг бынтондæр аивта. Æртæйæ уатмæ куы бахызтысты æмæ Мисурæт бæрз цырагъ куы ссыгъта, уæд Уази цыбырæй загъта:

— Муца фæмард ис...

— Мæ хæдзар куыд фехæлд!.. — йæ уæрджытæ æрхоста Мисурæт æмæ ныккуыдта.

Уази йæ сабыр кæнынмæ фæци:

— Ма ку, мæ хо, йæ туг ист нæма у, нырма йæ мæрдтыл нæ нымайæм.

— Хæдзары хицауæн зæгъын хъæуы æмæ мæрддзыгоймæ арвита...

— Нæ хъæуы, Мисурæт, къуырийы размæ йæ баныгæдтам, йæ марæг та нырма зæххыл цæуы. Æрмæст нæ туг куы райсæм, уæд ыл фæхъыг кæндзыстæм, — мæстæлгъæдæй дзырдта Уази.

Мисурæтæн фыртæссæй йæ зæрдæ риуы къултыл йæхи ныххоста, цыдæр æнамонддзинад æм фехъуыст уыцы ныхæстæй.

— Æмæ фыдбылыз та, Уази. Хъамайы коммæ лæбурæн нæй, дыууæрдыгæй дæр цыргъ у.

— Хъамайæн йæ фистонмæ лæбурын хъæуы æмæ йын йæ ком знаджы зæрдæйы нытътъыс!

— Фидыд хуыздæр у, Уази, де ’рдхорд дæр-иу афтæ дзырдта.

Уазийы дæндæгты къæс-къæс ссыд, стæй загъта:

— Машар никуы уыдзæн! Æдзух мæм Муцайы ныхас хъуысы: бахус уыдзæн мæ сау ингæны сыджыт æмæ дæ ферох уыдзынæн, мæ мад; стæй уыцы чысыл обаугонд кæрдæджы бын фæуыдзæн æмæ йæм фæндаг нал ссардзынæ, мæ фыд; дæуæй дæр ферох уыдзынæн, басур дын кæндзæн рог дымгæ дæ цæстысыгтæ, мæ хо, æмæ атайдзæн дæ зæрдæйы хъыг дæр. Фæлæ ды, мæ хистæр æфсымæр, никуы ферох кæндзынæ мæн, цалынмæ мын мæ туг райсай, уæдмæ дæ уæлæ уыдзæн, адæм дæм къухæй амондзысты — кæсут-ма йæм, уæртæ уый йе ’фсымæры туг нæ райста! Нæ, мæ хо, машар нæ уыдзæн, уый мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн æмæ мæ иунæг æфсымæры туг мыггагмæ мæ уæлæ хæссон... Фæлтау цыфыддæр æгады мард дæр акæндзынæн.

Цавддурау лæууыди Хасан æмæ æнæ цæстфæныкъулгæ касти Уазимæ. Уый йæ фæхъуыды кодта, бацыд æм æмæ йын йæ къух йе уæхскыл сæвæрдта:

— Абонæй фæстæмæ ме ’фсымæр дæ, дæу йеддæмæ мын ничиуал баззад. — Стæй аздæхт Мисурæтмæ. — Сымах нал бафæстиат уыдзыстут, хуыцау уæ фæндараст фæкæнæд. Æз дæр уæ иннæ аз феййафын. Æмæ цыфæнды куы уа, уæддæр уæ ссардзынæн, сымахæй мын фæхауæн никуыдæмуал ис.

Уази æвиппайды фегуыппæг, цыма йæхæдæг нæу, фæлæ йе ’ндæрг тар дары, уыйау лæууыд. Стæй фестъæлфыд, хъама фæцъортт ласта:

— Ард уын хæрын ацы хотыхæй, хуыцау мын æй йæ кæрддзæмæй макуал сласын кæнæд, кæд æз ме ’фсымæры бинонты æцæгæлон бæсты иунæгæй ныууадздзынæн! — Стæй хъама куы нытътъыста, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Ныр та уал мыл уæ зæрдæ ма фæхудæд...

— Цæмæн зæгъыс, Уази, нæ хъуыддæгтæ аразæг хуыцау у; цы нын сныв кæна, уый æвзардзыстæм, — арф ныуулæфыд Мисурæт.

Фæлæ уыцы ныхæстæ Хасанмæ нал бахъардтой, уый æрмæстдæр фехъуыста «æцæгæлон бæстæ», Уази Турчы афтæ схуыдта æмæ, æвæццæгæн, æцæгæлон бæстæ у...

Æмбисæхсæвты уазæг ацыди. Хасан хъæуæй иу чысыл йемæ ауад, стæй йын Уази йæ бæхы рохтæ рацахста æмæ æрлæууыдысты.

— Аздæх фæстæмæ, Хасан. Лæджы сæр мæ куы хъæуид, уæд дæуæй раздæр никæмæ бадзурин, фæлæ мын нырма иунæгæй æнцондæр у, — æмæ йын уæлбæхæй ахъæбыс кодта.

Хасанæн йæ зæрдæ суынгæг, исты дзæбæх ныхæстæ зæгъынмæ хъавыд, «æфсымæр» æй чи схуыдта, уыцы хъæбатыр лæгæн, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд, æрмæст йæ фæстæ каст æмæ уый æхсæвы тары куы аныгъуылд, уæддæр ма уыцы иу ран бирæ фæлæууыди, афтæ æнхъæлдта цыма йæм фæстæмæ раздæхдзæн...

Мæй куы сног, уæд бинонтæ Хъуырманы ком ныббастой. Йæ фыды удыбæстæйы тыххæй ацы хатт Хасан дæр иннæты бафæзмыдта. Фараст боны фæстæ сæ ком суагътой æмæ алчи хъуырмалыхъ скодта. Дзæрæхмæт-хадзыйы фæндонмæ гæсгæ фынджыдзагæн гал аргæвстой. Хасан йæ ком куы суагъта, уæд, ламаз кæнын кæй нæ зыдта, уый тыххæй æхцæмы ламаз афон йæ уæрджытыл слæууыд æмæ хуыцаумæ скуывта:

— Иунæг кадджын хуыцау, дæу тыххæй ниет зæгъын æмæ цы рæдийон, уый мын-иу бахатыр кæн, ламаз кæнын нæ зонын æмæ мын уæддæр мæ куывд айс. Йæ рухсаджы ном нæ хъуырмалыхъæй кæмæн ссардтам, уый бинонты мæныл бафæдзæхста æмæ мын мæ ныфс асæттын ма бауадз. Хъуыддæгтæ аразæг ды дæ, стыр хуыцау, æмæ мæн дæр рæствæндæгтыл араз.

Ком суадзыны дыккаг къуыри бинонтæ сæ дзаумæттæ цæттæ кæнын райдыдтой. Дзæрæхмæт-хадзыйы уынаффæмæ гæсгæ фæндаггæгтæ сæвæрдтой хицæн уæрдоны, иннæ уæрдæтты та хъуамæ сбадтаиккой йæхæдæг, Хаирхъыз, Мисурæт æмæ Дзерассæ. Фæндаггæгты уæрдоны къæхтæбастæй, сæвæрдтой дыууæ фысы, иннæйы фæдыл ма бабастой дыгæрдыг.

Уæрдæтты ифтыгъд бæхты фарсмæ ма бабастой фæйнæ бæхы — дард фæндагыл цы нæ æрцæуы! Фыды æфсымæры уæрдоны дзаумæтты бын батъыстой топп æд гилдзытæ.

Дыццæджы аходæн афон æрæмбырд сты лидзæг адæм хъæуы сæрмæ хæрис бæлæсты бын доны был. Æгасæй баисты авд хæдзары — æстдæс уæрдоны. Адæм сæ фæстæ рацыдысты стырæй, чысылæй. Чи худгæ кодта, чи та нозтджынæй зарыныл дæр фæлвæрдта, фæлæ уæддæр кæуджытæ фылдæр уыдысты. Хъæуы сылгоймæгтæ цæуæг сылгоймæгты се ’хсæн бакодтой æмæ кæрæдзийæн, цæссыг калгæ, хъарæггæнæгау дзырдтой. Ас нæлгоймæгтæ уыдысты хъуыддагхуыз æмæ бæстон ныхасыл схæцыдысты. Æрмæст сæ фæстæ бæхтыл цы фæсивæд рацыд, уыдон архайдтой бæлццæтты хъæлдзæг дарыныл.

Хасан цыди лæппутимæ æмæ йын кæд уыдон хъазæн ныхæстæ кодтой, уæддæр сæ уый не ’мбæрста, уымæн æмæ йæм нæ хъуыстысты. Уый кастис йæ алфамбылаймæ æмæ йæхинымæр дзырдта: «Куыд никуы бафиппайдтон, нæ хъæу цы рæсугъд у, уый! Кæс-ма, уæртæ Теркæй цы таг æрбазылди хъæуы сæрты æмæ Хуымæллæджы доны ’рдæм куыд афардæг — цыма кæрæдзимæ цингæнгæ сæ къухтæ радтой, уыйау. Кæннод уæртæ уыцы обау! Йæ бæлæстæ куыд рæсугъд сты, дымгæ семæ куыд дзæбæх хъазы. Æниу хъæу йæхæдæг — йæхи ауагъта цъæх сыфтæрты æхсæн æмæ хуры рухсмæ куыд худы!.. Мæ райгуырæн хъæу...»

Хасанæн йæ цæстытыл ауади, уалдзыгон-иу йæ фыд Хъазмæхæмæтимæ хуымтæм куы цыди, уæд-иу, уæрдоны фæстæрдæм бадгæйæ, сæ хъæумæ куыд касти, уый: хуры рухс тынты-иу цыма бæрзонд йæ базыртæ систа æмæ уайтагъддæр атæхдзæн, афтæ зынди. Искуыцæй хæдзармæ здæхгæйæ-иу Хасан æрхъæцмæ дæр нал хъæцыд сæ уынгты æруайынмæ. Арæх æм афтæ каст, цыма сæ хъæуы куы нæ уыдаид, уæд а дунейыл дæр нæ цæрид.

— Хасан! Хасан! — тылдта йын чидæр йæ къух. — Иннæ аз дæ мах дæр феййафæм. Турк дæ куы фæрсой махæй, уæд-иу сын зæгъ: «Ардæм сæ хъæуы».

Хасанæн йæ сагъæстæ тарст цъиутау фæтахтысты. «Кæдæм хæлæф кæнут райгуырæн хъæуæй? Æдылытæ, кæм ма ис ахæм рæсугъд бæстæ зæххы цъарыл, зæрдæ дзы фæхицæн кæнын куы нæ комы», — ахъуыды кодта уый лидзджыты тыххæй.

Хистæртæ радыгай «фæндараст» дзырдтой бæлццæттæн æмæ куыдфæстæмæ арæхæй-арæхдæр адæмы æхсæнæй хъуысти кæуын. Хатгай-иу æрдиаджы хуызæн, цыма судзаджы зианыл дзыназынц, уыйау рауад æмæ та-иу уæд дзурæг йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодта:

— Басабыр ут, уæ хорзæхæй, фæндараст сын зæгъын хъæуы, мах та сыл мардыл кæуæгау кæуæм.

«Æмæ мæрдтæй хуыздæр стæм? — ахъуыды кодта Хасан. — Мах дæр нæ дунейæ хицæн кæнæм».

Æппындæр та Дзерассæйæн бауромæн нал уыд. Йе ’мкар чызджыты астæу йæ зæрдæ цалдæр хатты бахъарм. Куы-иу æрчъицыдта, уæд-иу йæ ниуын райхъуысти. Сылгоймæгтæ дæр куыдтой уымæн тæригъæдгæнгæйæ, нæ йæм фæрæзтой кæсын нæлгоймæгтæ дæр æмæ дзы бирæтæ хъуыды кодтой: «Куыд фæндараст фæуыдзæн, ахæм зæрдæимæ йæ Туркмæ чи ласы, уый, йæ тæригъæд ын адæймаджы царм куы нæ уромы?»



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.