Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 2 страница



Дзæрæхмæт-хадзы Муссæ кæй схуыдта, уый дæр нæ састи:

— Цас кад нын уыдзæн, нæ фыдæлты ингæнтæ ам куы ныууадзæм æмæ, джауыртæ кæй хоныс, уыдон сæ зæххимæ куы сæмвæз кæной, уæд? Нæ, хорз адæм, æнæзонгæ бæстæм дæ сæр дзæкъуылы авæр æмæ афтæмæй алидзын зондджын ми нæу. Фæлтау нæ царды кой ам кæнæм.

Дзæрæхмæт-хадзыйы фарсмæ ны зæронд лæг бадт, уый хъуымхъуымгæнгæ йæ дзырд баппæрста:

— Уæдæ дæумæ гæсгæ уырысимæ æмдзæхдон суæм, нæ? Сæ джауыр дин сын райсæм?

— Сæ дин дын ничи исын кæны, — дзуапп радта Муссæ, — фæлæ нын ам баззайын хуыздæр у.

— Муссæ раст зæгъы, — фæцырд сты чидæртæ.

Дзæрæхмæт-хадзы йæ бынатæй сыстад:

— Кæмæн йе ’фсарм куыд уа, афтæ архайдзæн. Ардыгæй сæрдмæ бирæ бонтæ ис, æмæ алкæмæн дæр йæ цард йæхимæ кæсы. Иу иннæйы дарæг нæу, алчидæр йæ хæдзарæй лæгæн рацыди. — Стæй адæмæн «хæрзизæр» загъта.

Дзыллæ ныхасæй æнафонмæ ахæлиу сты. Уырдыгæй хъуысти быцæу. Чи хадзыйы фарс уыд, чи та Муссæйы фарс. Фыццæгты нымæц куыдфæстæмæ къаддæргæнгæ цыд æмæ фæстагмæ мæстджынæй сæ хæдзæрттæм апырх сты.

II

Дыккаг бон уазæджы цинæй æмæ диссаджы хабæрттæй Хъазмæхæмæтмæ никæй равдæлд, йæ уавæр никæй зæрдыл æрлæууыд. Уый æхсæвы иу афон райхъал, ихæнриз ыл бахæцыд, йæ сæр ын цыма тæлыйæ æрбалвæстæуыд, уыйау къуымых рыст кодта. Райсомы ламазмæ бирæ куы нал хъуыд, уæд тыххæйты рабадт, йæхи мидæг барызти æмæ йæ уæлæдарæсмæ бавнæлдта. Ламазы фæстæ йын йæ хистæр æфсымæр загъта:

— Уазæджы кой дæр хъæуы; дæлæ йын далыстæй иу аргæвдут.

Хасан æрмæст кусартимæ архайгæйæ бафиппайдта йæ фыды зырзыргæнгæ рахиз сырх къух.

— Дæ къух хæлын арæзт у, баба.

— Æвæццæгæн... Стæй ма ууыл дæр куы баззаин, — дзуапп радта Хъазмæхæмæт æмæ йæм бакаст.

Хасан федта: йæ фыды цæстытæ мидæмæ бахаудтой æмæ сæ алфамбылай цъæхгомау тæлм фæзынд. Фæтæригъæд ын кодта, фæлæ йын цы фæуыдаид, уый нæ зыдта æмæ æрæджиау афтæ:

— Ныр мын æй мæхи бар уадз.

Лæппуйæн бацамыдта, кусарт куыд ауæнгтæ хъæуы, уый æмæ хæдзармæ ацыд.

Уым сылгоймæгтæ йеддæмæ ничи уыд. Дзæрæхмæт-хадзы æмæ Уази фæстиат кодтой хъæуыхицау Баслианимæ. Хъазмæхæмæт къонайы раз гыццыл бандоныл æрбадти æмæ Мисурæтмæ бадзырдта:

— Дæ разы ма мын тæвд битъынадон авæр, мидæгæй мæ цыдæр хъыгдары.

Мисурæт æмбæрста лæджы уавæр, фæрсгæ дæр æй бакодтаид — йæ зæрдæ йæм æхсайдта, фæлæ хистæр файнуст хæдзары уыд, æппын никуыдæм аггуырсыд. Хъазмæхæмæт тæвд битъынадонæй куы ахуыппытæ ласта, уæд йæ къухы баст райхæлдта æмæ йæ хистæр чындзмæ бадзырдта:

— Хаирхъыз, мæ къухыл ма мын ахсæн уæд та сæвæр, цæмæндæр мын судзæгау кæны.

Йæ къух уазал ахсæны гæбазæй чысыл фенцад, æмæ уæд Хъазмæхæмæт фæхъæлдзæгдæр.

— Гъйа-ут, æфсинтæ, нæ уазæджы нæ сбуц хъæуы, сæхæдæг адæймагæн сæ арм фынгæн дарынц.

— Уый дын, лæппу, мах быгъдуан; ницæмæй стыхсдзыстут, — ныфс ын авæрдта Хаирхъыз. Йæ тиуты, йæ лæгæй бирæ кæстæр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ «лæппутæ» хуыдта, æмæ йыл уыдон дæр сахуыр сты.

***

Дзæрæхмæт-хадзы æмæ Уази бафæстиат сты. Се ’рбацыдмæ фынг æрæвæрынмæ цæттæ уыд.

— Нæ буц уазæг Уази, абон нæм хъуыддаджы фæдыл сæмбæлдтæ, афæдзæн йæ тæккæ райдианы, æмæ нæ хъуыддæгтæ нæхи фæндиаг уæнт, — дзырдта Дзæрæхмæт-хадзы. — Нæ къабæзтæй куыд ничи ма ис ам? Загъд сын куы уыд.

— Тепсарыхъо æмæ Саукуыдз мæ фæдыл рарастмæ цæттæ уыдысты. Сæ фæстиат цæуыл у, уый нæ зонын, — дзуапп радта Мæцыхъо, уый уазæгуатмæ æрбахызтис йæ хистæр æфсымæр æмæ уазæджы хæд фæстæ.

Тепсарыхъо æртæ æфсымæрæн уыд се ’мхæрæфырт, Саукуыдз та сæ хойы лæгæн йæ хистæр æфсымæр.

Цалынмæ уыцы ныхæстæ кодтой, уæдмæ æрбахæццæ сты, кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыдон: Тепсарыхъо, Саукуыдз, Баслиан æмæ Мамсыраты Ахмæт. Дзæрæхмæт-хадзы лымæн уыди Ахмæтимæ, уый æдзухдæр ацараздзæн адæймаджы тыхст, куы йæ бафæнда, уæд дæм алцæмæй дæр фæкæсдзæн.

Ахмæтæн йæ фыдæй бирæ ис нæ баззад. Фæлæ мæнгæй нæ фæзæгъынц: хорзæн бын ма скæн, æвзæрæн бын ма ныууадз. Лæппу дæр ма куы уыди, уæд уырысы æфсæддон хицауадимæ йæхи сбаста æмæ уыдоны руаджы цыдæртæ йæ къухы бафтыди, зæххыты дзæбæхæй дæр æм сæвджын хæйттæ æрхауди æмæ мулкыл мулк æфтыди. Бирæтæ йæ зыдтой: Ахмæт фосы тыххæй хæдмæлы царм дæр астигъдзæн. Фæлæ йæ ныхас зæгъынмæ ничи амбылдтаид уыцы хъуыддаджы. Дзургæ та афтæ кодта, цыма æппындæр дызæрдыггаг ницæмæй у. Уырысимæ баст уæвгæйæ та йæхи æвдыста, цыма йын уыдонæй фыдызнаг дæр нæй.

Хъæуыхицау Баслианæн йæ фыдæлтæм дæр уыд, æмæ ма сыл йæхæдæг дæр бафтыдта. Ахмæтæй бонджындæр æмæ дзырддзæугæ дæр уыди, фæлæ йæхиуыл хæцын фæрæзта, хорз æмбæрста, ныхас кæм хъæуы æмæ кæм нæ хъæуы, уый. Æмæ йæ кад дæр уый тыххæй уæлдæр лæууыди. Уырысы кой та йæм уæвгæ дæр никуы рауади, ничи йæ дзы хъыгдардта, хорзæй та йын бирæ цыдæртæ фесты. Æрмæст ын йæ бæхтæн цы аргъ радтой, уый дæр исты мардта.

Иу дзырдæй, Баслиан дæр æмæ Ахмæт дæр хъæуы цæрæгдæртæй уыдысты. Уый зыдта Дзæрæхмæт-хадзы, йæ зæрдæйæн дæр уымæн хæстæг æмæ адджын уыдысты.

Кæд дзаг фынджы уæлхъус чи бадти, уыдон уазæджы æмæ фысымты цæрæнбонты тыххæй сидын райдыдтой, уæддæр æй се ’ппæт дæр хатыдтой, æнæбары ныхæстæ кæй уыдысты, уый, уымæн æмæ адонæй дæр алкæй зæрдæ ног хабæрттæм æхсайдта. Æмæ æцæгдæр — уайтагъд ныхас йæхи амонын райдыдта.

— Зынг зæгъынæй ком нæ судзы, — нæрыди Ахмæты хъæлæс. — Махæн ацы бæсты цæрæнбынат нал ис. Ацы джауыртæ нæ сафдзысты, кæд ныртæккæ фæсабырдæр сты, уæд æрмæстдæр уымæн, æмæ сыл мах æрæууæндæм. Нæ кæрон та иу уыдзæн: нæ дин нын ныууадзын кæндзысты, стæй уый фæстæ та — нæ бæстæ дæр.

Йæ фарс фæхæцыди Тепсарыхъо дæр:

— Уырыссаг лæджы фарсмæ цæрыны бæсты пысылмон лæджы фарсмæ амæл. Йæ бирæ ныхас цæуыл у?

Фæлæ Саукуыдз не сразы ис уыцы фæндыл:

— Йарæби, æз дæр хъуыдыты бын фæдæн æмæ дзы кæцы хъуыддаг фæрæстмæдæр уыдзæн, уымæн ницы æвзарын, — дзырдта уый. — Афтæ дæр ма фехъуыстон, зæгъгæ, нæм амæй размæ Турк дæр æмæ Перс дæр хъавыдысты, нæ зæххытæм нын бабæллыдысты, æмæ хæст куы рацæуы, уæд та хæсты хуызæн вæййы. Кæцы сæ хуыздæр у, чи йæ зоны? Ныртæккæ та нæ хъыгдаргæ ничи кæны, нæ зæххытæ нæхи сты...

Йæ ныхас ын Уази айста:

— Нæ зæххытæ махæн дæр нæхи уыдысты, фæлæ нын сæ ныр хъазахъхъ ахсынц, бартæ уыдонмæ лæвæрд сты.

Саукуыдз йæ къамтæ не ’вæрдта:

— Йарæби, уæдæ нын æцæгæлон бæсты йæ зæххытæ чи радаргъ кæна, æз ахæм туркæгты кой никуы фехъуыстон, кой та дардмæ хъуысы.

Фынгты уæлхъус бадджытæ ныхас кæрæдзийы дзыхæй истой, фæлæ Дзæрæхмæт-хадзы æмæ Баслиан ныссым сты. Дзæрæхмæт-хадзы хинæйдзаг уыд: адæмы самидин кодта æмæ сæм ныр лæмбынæг хъуыста, кæмæ сæ цы зонд ис, уый хъуамæ бамбара, стæй йын уæд семæ дзурын æнцондæр уыдзæн. Хъæуыхицаумæ та бынтон æндæр фæндтæ уыд. Туркмæ алидзыны мæт æй нæ уыди: зæхх, фос, æхца — бирæ, хуыздæр цард ма кæм ссардзæн? Дин — уый та де ’фсарм æмæ дæхæдæг, дæ хæдзары цы кæнай, уый дæ бар. Кæй фæнды, уый алидзæд, Баслианæн зиан куы нæ у, мыййаг. Нæ, дыууæрдыгæй пайда — иуæй йæм сæ мулкæй, сæ зæххытæй исты æрхаудзæн, иннæмæй йæхионты Цымийæ ралидзын кæндзæн æмæ йын уыдон мыггагмæ лæгъстиаг уыдзысты.

Гъе ахæм сагъæстæ уыд Баслианмæ æмæ йæ дзыхæй дзырд дæр уымæн не схауд.

***

Цалдæр боны фæци Уази йе ’рдхордмæ, хуындтыты æмæ куывдты фæбадти, фæхъуыста æмæ федта: хъæуы цæрджытæ тынг разæнгард не сты се ’мдингæнджытæм алидзынмæ. Æмæ йæм цы хъуыды уыди, уый комкоммæ Дзæрæхмæт-хадзыйæн загъта.

Уый дæр ын дзуапп радта:

— Уази, иууылдæр гуырысхогæнджытæ не сты, лæг чи хуыйны, уый иуныхасон вæййы. Хъуыддæгтæ чи æмбара, уымæ иу зонд вæййы, фæлæ чи ницы æмбара, уый иуырдæм дæр нæу æмæ йæ ныхъхъуытты уадзын хъæуы.

Дзæрæхмæт-хадзы ахæм æбæрæг ныхæстыл уымæн схæцыд æмæ йæ йæхæдæг дæр нæ зыдта, цы зæгъын хъæуы, уый.

— Фæцæут Мамсыраты хъæумæ, уым цæрынц нæ лæгдæртæ, уыдонæн зындгонд вæййынц Иры дзыхъхъы хабæрттæ, бадилатимæ кæрæдзи хорз æмбарынц æмæ уæд хъуыддæгты бæлвырддæр базондзыстут, — фæстагмæ уыдис йæ фæнд Дзæрæхмæт-хадзыйæн.

Кæд Хъазмæхæмæтæн цыфæнды зын уыди, уæддæр балцы араст и Уазиимæ Терчы фале Мамсыраты хъæумæ.

Дзæрæхмæт-хадзы раст разынд: Мамсыраты æмæ йæхи æрвадæлтæ Цураты лæгдæртæй бирæтæн хабæрттæ хорз зындгонд уыдысты æмæ сæм фæндтæ дæр уыдис. Куыддæр Туркмæ алидзыны кой сæ хъустыл æрцыд, афтæ сæ минæвæртты арвыстой бадилатæм. Хабар уыдон дæр зыдтой, иумæ дæр ыл æртæрхон кодтой æмæ дзы бирæтæм ног фæнд дæр фæзынди — сæрды се ’мдингæнæг адæммæ фæлидзын. Æмæ ма уæд цы загътаиккой, йæхи уæздан чи хуыдта, æнæуи та бадилатæн лæгъстиаг чи уыд, уыдон дæр. Мамсыраты хъæуы лæгтæй бирæтæ загътой — нал ис махæн дæр ам цæрæн бæстæ, лидзæм не ’фсымæртимæ не ’мдингæнæг адæммæ.

Афтæ радзырдтой хабæрттæ Уази æмæ Хъазмæхæмæт Дзæрæхмæт-хадзыйæн дæр.

Фысымтæ ма бæргæ урæдтой уазæджы, фæлæ Уази нал бафæстиат: хæдзармæ зымæг зæрдæ æхсайы, стæй бæстæ змæст у, цы нæ æрцæуы!

— Цæй, уæдæ фæндараст фæу, зæгъ не ’фсымæртæн: мах семæ разы стæм, нæ фæнд дæр иу уыдзæн, — Дзæрæхмæт-хадзы райста Уазийы къух.

— Мæ бар уадз уый, Дзæрæхмæт, мах æфсымæртæ стæм æмæ æфсымæртæ та хъуамæ иумæ уой, — йæ худ хæрдмæ систа Уази, стæй йæ бæхмæ араст.

Хасан хæцыди уазæджы дугъоныл, æмæ уый саргъы гопмæ куы сæвнæлдта, уæд æгъдæнцоймæ фæлæбурдта. Йæ Зыгъарыл абадти Мæцыхъо дæр, уый хъуамæ Хуымæллæджы доны сæрты ахизын кодтаид Уазийы. Фыццаг йемæ Хъазмæхæмæт цæуынмæ хъавыд, фæлæ йæ ской дæр нæ бауагъта: лæг ныффæлурс, хуыфыди, ноджы йæ къух фыррыстæй къутуйы йас ныцци. Кæртæй рацæуыны размæ йæ Уази æрбахъæбыс кодта æмæ йын загъта:

— Тæрсгæ ма кæн дæ низæй, ме ’фсымæр, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Дæ хабæрттæ мын-иу хъусын кæн.

— Хорз, хорз, — бахудын афæлвæрдта Хъазмæхæмæт, фæлæ йæ худт куыддæр мæгуыргомау рауад.

Барджытæ куы фæаууон сты, уæд фæстæмæ йæ уатмæ баздæхт æмæ тъахтиныл йæхи æруагъта. Уæдæй фæстæмæ æппындæр йæ хуыссæнæй нал сыстад, афтæ тарф æрсади.

Рæстæгæй-рæстæгмæ йын йæ дарæс ивтой, йæ къух ын ногæй-ногмæ бастой, хъæдгоммæзилæг йæ цурæй нæ цыди, зылдис æм. Фæлæ уæддæр рынчын ницы хуыздæр кодта, хатгай-иу æнæбары скасти йæ цæстыты урсытæй æмæ-иу йæ сæр базмæлын кодта — хиды æртæхтæ йæ хъыгдардтой. Æмæ йын сæ-иу, йæ разы чи бадт, уыдонæй исчи асæрфта.

Рæстæг цыди, фæлæ рынчынæн æнцондæр нæ уыди. Хæдзары бинонтæ аууæттау рауай-бауайыл сысты, иу сæ иннæмæ æнхъæлмæ касти, цыма сæ исчи исты сусæгдзинад зыдта æмæ йæ куы зæгъа, уæд цыдæр хорз æрцæудзæн, уыйау. Æнхъæлмæ кæсгæйæ та сæ алчидæр йæ зæрдæ дардта хистæрыл: хъуамæ уый зæгъа ирвæзынгæнæн ныхас. Дзæрæхмæт-хадзы иуцасдæр рæстæг хъусæй фæбадти, йæхинымæр-иу цыдæртæ хъуыр-хъуырыл схæцыди. Стæй фæцыди Абысалты зындгонд молломæ æмæ йын чиныг скæнын кодта, цалдæр хатты йæм æрхуыдтой дæсныйы дæр, фæфарстой йын æй, фæлæ лæг фыддæрæй-фыддæрмæ цыд, къух бынтондæр фехæлд, хуыфæг æй сулæфын нал уагъта æмæ хæппæрæппарæн кодта.

Саукуыдз фендджын лæг уыд æмæ бирæ цыдæртæ зыдта. Хъазмæхæмæты тыхстмæ фæкаст æмæ иу бон Дзæрæхмæт-хадзыйæн загъта:

— Йарæби, уæлæ ма уæ исчи Дзæуджыхъæумæ ссæуæд, уым уырысы æфсæдтæй иу дзæбæхгæнæг амонынц æмæ йæм æй æрхонут.

— Иунæг кадджын хуыцау ын цы стæрхон кодта, уымæй йын фервæзæн нæй, хъуыддæгтæ иууылдæр уый арæзт сты. Пысылмон лæгæн та джауыртæй дзæбæхгæнæг нæ хъæуы, уый тæригъæд у, æмæ нæ алкæй дæр та мæлын хъæуы, — мæстыйæ дзуапп радта Дзæрæхмæт-хадзы.

Æргом ницыуал загъта Саукуыдз — уæддæр та хистæр у, ноджы каис, стæй йæ хорз зыдта, Дзæрæхмæт-хадзы никæмæн барста, иугæр искæуыл йæ зæрдæ фæхудт, зæгъгæ, уæд.

***

Æрхæццæ Тутыры бон. Хъазмæхæмæт бынтондæр æртарф ис. Йæ разы бадтысты йе ’мхæрæфырттæ æмæ алы хабæрттæ кодтой. Хасан-иу исты æфсон уатмæ бауад, йæ фыдмæ-иу бакаст æмæ йын алы хатт дæр йæ зæрдæйы цыдæр судзаг æлхъывта. Кæд æй Тутыры бон байрæгты къæдзилтæ æмæ барцытæ алвынын хъуыд, уый зыдта, уæддæр йæ къух ницæмæ тасыди. Æмæ, æвæццæгæн, афтæ баззадаиккой, фыды æфсымæр та йын æй йæ зæрдыл куы нæ æрлæууын кодтаид, уæд.

Иннæ азтæй хъауджыдæр сылгоймæгтæй Тутыры бон йæ сæрмæ ничи бавнæлдта, æрмæст Дзæнæтхан йæ дыууæ лæппуйæн Тутыры сынчытæ ныккодта.

Изæрырдæм рынчын йæ цæстытæй нал касти. Хæстæджытæ, бинонтæ йæм æхсæв-бонмæ фæбадтысты. Цыппæрæмы боныцъæхтыл Хъазмæхæмæт фæлладхуызæй скасти æмæ сдзырдта:

— Лæппу... — Хаирхъыз Хасаны йæ фыды размæ басхуыста. — Лæппу... бинонтæ дæ бар... — æмæ йæхи ауагъта...

Ничи æнхъæл уыд, Хъазмæхæмæт йæ дунейæ афтæ тагъд ахицæн уыдзæн, уый. Æмæ куы æрæнцад, уæд иууылдæр джихæй баззадысты, сагъдауæй лæууыдысты. Æрчъицыдтой, æрмæстдæр Хасан куы ныббогъ-богъ кодта, уæд.

— Мæнæ нæ хæдзар куыд фехæлди, куыд нæ ныууагътай, баба?! — йæ сæр ныххоста лæппу.

Уайтагъд хæдзар байдзаг хъæрæй. Сыхæгтæ хъуыддаг бамбæрстой æмæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй фæдисы уадæй уадысты Цураты судзаджы мардмæ.

Хасаны хо Дзерассæ ног азы размæ ацыд Санибамæ йæ мады æрвадæлтæ Цомартатæм: цалдæр хатты йæм æрæрвыстой мады æфсымæры чызджы чындзы цæуынмæ бацæттæ кæныны тыххæй. Мисурæт йæ хъæбулы алы мийыл дæр сахуыр кодта æмæ-иу чи нæ бабæллыд уый сызгъæрин къухтæм! Дзерассæ фыды фæрынчыны хабар нæ зыдта: тъæнджы мæй æмæ æртхъирæны хъызт рæстæг рахаста æмæ хæхбæстæй рацæуæн нæ уыди. Ныр хъæргæнæг æппæты фыццаг уырдæм арвыстой.

Дзерассæ бирæ уарзта йæ фыды, Хъазмæхæмæт-иу, бинонтимæ иунæгæй аззайгæйæ, æдзухдæр хъазыди сывæллæттимæ, æмæ сæ зæрдæйы уаг кæрæдзийæ никуы сусæг кодтой. Мисурæт уыдæттæ зыдта, уыдта сæ йæхи цæстæй æмæ йын æхсызгон уыд, фыд сабитæн иннæ лæгтау æцæгæлон кæй нæ уыд, уый æмæ-иу кæд йæхæдæг хатгай рохуаты аззад, уæддæр ын хъыг никуы уыд, никуы йæ ницæмæ æрдардта. Рохуаты та-иу æнæмæнг аззади, уымæн æмæ лæгæн кæм куысты рæстæг уыд, кæм æй фосимæ хохмæ цæуын хъуыд, ноджы алы рæттæй тæссаг хабæрттæ хъуыст æмæ-иу искуыдæмты æнæ абалцгæнгæ дæр нæ уыд.

Хъазмæхæмæт куы ахицæн, уæд Мисурæт фыртыхстæй йæхицæн бынат нал ардта. Куы нæ бафæразон, зæгъгæ, тагъд-тагъд иннæ уатмæ азгъордта æмæ дæлгоммæ тъахтиныл ахаудта. Буар æгасæй зыр-зыр кодта, хъуыр цыдæр ахгæдта æмæ-иу цæсгом ацъæх, фæлæ кæуын нæ фæрæзта. Æмæ афтæ зындис, цыма йæ уд исы, цыма тæригъæдджын адæймаг у, уæлæуыл йæ зындоны хай фиды. Стæй йæ цæссыгтæ фемæхстысты, хъуырæй улæфт сирвæзт æмæ рабадти. Æппæты фыццагдæр бамбæрста, æд цот сидзæрæй кæй баззад, уый.

«Дзерассæ... Куынæуал фена йæ фыды», — ахъуыды кодта Мисурæт æмæ фæтарст. Сыстад хуыссæнæй, йæ цæстытæ ныссæрфта æмæ æддæмæ рацыд. Уæдмæ хæдзары уыди бирæ адæм, сæ фылдæр куыдтой.

Аходæнафон марды ныгæнынмæ цæттæ кæнын райдыдтой. Мисурæт хабар куы бамбæрста, уæд йæ зæрдæ фæйнæрдæм фæцæйтыдта: «Æмæ Дзерассæ та?!» Барвыста минæвар йæ тиумæ, банхъæлмæ, дам, кæсæм мæрддзыгоймæ. Фæлæ чи ахиздзæн æгъдауы сæрты, чырыстон адæм куы не сты, мыййаг!

Сихор сси, афтæ хъæуы молло Сафарби æмæ сохтæ хæдзармæ марды размæ бацыдысты, йæ алфамбылай слæууыдысты æмæ сæ къухтæ сæ риутæм схæсгæйæ, дуа скодтой. Сафарби араббагау дæуыр-ламазы ныхæстæ зарæгау дзырдта æмæ йæ сохтæ дæр фæзмæгау кодтой.

Моллойы фæстæ зианы размæ бахуыдтой нæлгоймаг хæстæджыты. Уыдон иууылдæр бацыдысты кæугæ, æрмæст иунæг Хасан нæ куыдта: кæд йæ зæрдæ цыфæнды тынг рысти, уæддæр йæ цæстытæй цæссыг нæ хаудта. Уый каст йæ фыдмæ. Хъазмæхæмæт хуыссыд зæхбыныл тыд ердженыл. Алчидæр-иу йæ разы æрхауд, ныддæлгом ыл-иу, хъæрæй кæугæйæ.

Хасан цавддурау лæууыди... Стæй иу заман банкъардта, чидæр æй куыд басхуыста, уый.

— Дæ фыдæн фæндараст зæгъ, — ауад йæ хъустыл кæйдæр ныхас.

Хасан æрхаудта йæ зонгуытыл, йæ къух æрхаста фыды риуыл.

— Рухсаг у, баба... — æрмæст уый зæгъын бафæрæзта æмæ та ныджджих йæ фыды фæлурс цæсгоммæ.

Стæй йын чидæр йæ дæлæрттыл схæцыд, йæ къæхтыл æй слæууын кодта æмæ æрмæст кæрты æрчъицыдта. Фыццаджыдæр йæ сæры фегуырди иу хъуыды: «Гъеныр мыггагмæ ахицæн баба». Уый фæстæ йæ хъус ницæмæуал бадардта, адæм цыдæриддæр кодтой, уыдæттæ йæм нал бахъардтой. Суанг ма Хъазмæхæмæты хæдзарæй кæртмæ куы рахастой, молло йыл уым дженæз-ламаз куы скодта, уæддæр Хасан йæ бынатæй нæ фезмæлыд: фыд уыди урс хъуымацæй æмбæрзт — цæмæ дзы бакастаид, молло зарæгау кодта æнахуыр дзырдтæ — цæмæ дзы байхъуыстаид?!

Уæлмæрдмæ фæндагыл, йæ фыды йын цы сынтыл хастой, уымæ кæсгæйæ, Хасан йæхинымæр дзырдта: «Фæцæуы баба йæ фæстаг балцы... Ницуал хабæрттæ нын æрхæсдзæн... Цымæ куыд уыдзыстæм æнæ уый? Куыд ницы мын загъта, куыд ницы мын бафæдзæхста? Бинонтæ, дам, дæ бар. — Фæзынди йæм йæ фыды æфсымæры сау худ урс тæлмимæ. — Кæд нæ йе ’фсымæртыл бафæдзæхста? Æмæ уыдоны мах мæт уыдзæн? Фæстаг хай, дам, сидзæры вæййы...»

Фæсахсæвæртæм æввахс æрхæццæ сты мæрддзыгой Хъазмæхæмæты каистæ, семæ Дзерассæ, афтæмæй. Кæд адæмæн сæ куыдтытæ, сæ хъарджытæ фесты, уæддæр чи фæлæууыдаид чызджы мароймæ! Йæ алы ныхасæй дæр-иу сылгоймагæй, нæлгоймагæй адæмæн се ’ппæты цæссыгтæ калдысты æмæ æддейы бакæсгæйæ афтæ зынди, цыма зиан æвиппайды, мæрддзыгойы фæзындимæ, æрцыди. Хасаны зæрдæйы хъæдгомыл дæр цыма зынг сæмбæлди, уыйау та йæ богъ-богъ ссыди æмæ йæхи бауромын нал фæрæзта.

III

Мæрдджын бинонтыл адаргъ и рæстæг. Йæ дыууиссæдзæм боны фынджыдзагмæ йын алы майрæмæхсæв дæр кодтой кусарт, алы хатт дæр Хъазмæхæмæты уæлмæрдмæ хастой сабатизæры фæлхас. Æмæ Хасан фиппайын райдыдта, сæ кæрты иумæйаг фос, сæ мулк чысылгай æртæ дихы конд куыд цæуы, уый. Фыццагдæр майрæмæхсæвты цы фос æргæвстой, уый бæрæг нæ уыд, Дзæрæхмæт-хадзы-иу загъта: «Уæртæ ма уыцы фыс аргæвдут». Фæлæ фæстаг хæттыты æндæрхуызон дзурын райдыдта: «Уæртæ уæ фыстæй иу аргæвдут, лæппу». Æрмæст уæд бамбæрста Хасан, «нæ фыстæ» æмæ дзы «сымах фыстæ» кæй ис, уый.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.