Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фыццаг хай 1 страница



I

Барджытæ Дермецыччы рагъыл куыд суадысты, афтæ Сæнайы цъуппыл хуры ирд тынтæ сæмбæлдысты, æмæ хохы митсæр цæхæртæ скалдта. Уырдыгæй алырдæм, куыд дæлæмæ фæлурсдæрæй, ахæлиу сты дард арты рухсау, æмæ хæхты рæбынты фæлмы ныгъуылдысты.

Барджытæ уырдыгмæ куы ’руадысты, уæд галиуырдæм, хъæддаг кæрдомæ фæзылдысты. Дыууæйæ бæхтæ æртыккагмæ радтой, сæхæдæг бæласы фæйнæфарс бацыдысты, сæ басылыхъхъытæ систой, нымæттæ митыл æрытыдтой æмæ ламаз кæнын райдыдтой.

Æртыккаг æнцад лæууыд, æмæ бæхты рохтыл хæцыд, хатгай-иу йæ ком аивæзта, аивæй йæ зæвæттæ кæрæдзиуыл хоста, фæлæ уæддæр йæ къæхтæ нæ тæфстысты. Бæхтæн сæ фæздæг калди, райсомы ирдгæйæ сыл зыр-зыр бахæцыд.

Бæхты рохтыл хæцыди бæлццæтты кæстæр Цураты Хасан. Ламаз кодтой йæ фыд Хъазмæхæмæт æмæ йе ’рдхорд цæцæйнаг Азджиаты Уази, алыстанджыйыхъæуккаг. Цыдысты Цæцæнæй Ирмæ, иу ран дæр фысыммæ не ’рлæууыдысты, афтæмæй.

Хасан фæндаджы даргъæй æмæ уазалæй тынг стыхсти, фæлæ æргом дзурын ницы уæндыди. Æрмæст йæхинымæр дисы бацыди: цæуыл у ныр йæ фыды хæлæф, дыууæ мæйы. Цæцæны куы фæбадтысты, уæд? Лæппу не ’мбæрста нæдæр йæ фыды балцы сæр, нæдæр фæстæмæ Ирмæ цæмæн тагъд кодта, уый. Æрмæст уазæгуаты базыдта иу хъуыддаг: уырыссаг æфсæдтæ басастой Цæцæны, къæппæгæй ахсæгау æркодтой пысылмон адæмы ныфс Шамил-хадзыйы.

Цæцæны уæвгæйæ, Хъазмæхæмæт Уазиимæ арæх цыдис Алыстанджыйæ иннæ хъæутæм, Хасаны дæр-иу йемæ кæстæрæн айста. Æмæ бирæ хæттыты федта: адæм сызмæстысты, сæ фылдæр удаист, афтæмæй. Цалдæр хъæуы ныхасы уæвджытæ хъæрæй дзырдтой: «Цæцæн судзы, имам! Арт ахуыссын кæн!» Фæлæ имам зынæг нæ федта Хасан.

Адæм сæ бон базыдтой. Куыд дзырдтой, афтæмæй Авдаким-инæлары æфсæдтæ Цæцæны хъæдты фæндæгтæ къæртт кодтой, фидæрттæ арæзтой, цы хæххон хъæутæ сæ хъыгдардтой, уыдоны сыгътой, сылгоймагæй, нæлгоймагæй, сывæллонæй, зæрондæй сæ цагътой. Уæдæ ма, дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ, Хъазмæхæмæт æнхъæлмæ касти йе ’рдхорды хæдзары ног хабæрттæм. Æмæ йæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд...

Сæ рацæуынæй цалдæр боны размæ, аходæны ламазы фæстæ, дзыллæ æрæмбырд сты мæзджыты раз. Моллоимæ хибаргомау лæууыди иу æнахуыр лæг. Хъазмæхæмæт Уазимæ бакасти, фæлæ уый йе уæхсчытыл схæцыди æмæ йæ сæр зына-нæзына батылдта. Бæрæг уыди, нæ йæ зыдта, уый.

Иууылдæр æнцад лæууыдысты. Молло йæ рихитæ иу къухæй æрдаудта æмæ, кæдæмдæр хæрдмæ кæсгæйæ, хъæрæй загъта:

— Хуыцауы минæварæй нæм уазæг. Байхъусæм ын йæ хабæрттæм, кæд нын йæ уынаффæтæ цардæн истæмæн бабæззиккой!

Æнæзонгæ адæймаг цыдæртæ адзырдта хъæуы моллойæн æмæ сæ уæд уый дæр адæмæн ранымадта:

— Пысылмæтты ирвæзынгæнæг Турчы солтан йæ иузæрдион æфсымæрты йæхи бæстæм хоны. Уæдæ фæцæуæм æмæ бынтондæр ма фесæфæм. Ам джауыртимæ куы баззайæм, уæд нын хуыцауæй æлгъыст дин райсын кæндзысты, нæ фырттыл нын салдæтты чъизи цинелтæ ссæрфдзысты, нæ сылтæ схынджылæггаг уыдзысты, нæхи та нын Сыбырмæ фæхæсдзысты.

Мæзджыты цур дзыллæ лæууыдысты сæргуыбырæй; кæд диссаджы хабæрттæ хъуыстой, уæддæр æрвдзæфау фесты. Æнахуыр чидæр адæмы афтæмæй куы федта, уæд ногæй йæхирдыгонау моллойæн цыдæртæ загъта æмæ та уый дæр райдыдта:

— Пысылмæттæ! Уæрæсейы паддзах Турчы солтанимæ бадзырдта, цæмæй мах не ’мдингæнджытæм алидзæм, Туркæй та джауырты рарвитдзысты æмæ искуы сæхи зæххыл æрцæрдзысты.

Уыцы ныхæстæм адæм сæ сæртыл схæцыдысты, алкæй дæр сæ базонын фæндыд — сæ райгуырæн бæстæйæ сæ тæргæ кæнынц æви сын сæфынæй фервæзыны фадат æрцыд. Молло сæ бамбæрста æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта:

— Пысылмон адæм сæ хæрзгæнæджы коммæ ныр куы нæ бакæсой, уæд сыл уый йæ арм нал дардзæн, сæ фарс нал хæцдзæн æмæ уæд ам хуыцауы æлгъыстты æхсæн се сæфт æрцæудзæн.

Сырхуадул, саубоцъо лæг размæ ракъахдзæф кодта æмæ загъта:

— Мах æгомыг фос не стæм, кæд нын Авдаким-инæлар нæ хъæутæ судзы, уæддæр. Нæ сæр джауырты карды бын не ’рæвæрдзыстæм. Нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм ахæм æгады хъуыддаг. Фæцæуæм не ’мдингæнджытæм æмæ бынсæфтæй нæхи бахизæм.

— Фæцæуæм! Фæцæуæм! — райхъуысти иугай хъæлæстæ...

Адæм уыцы бон ахæлиу сты æнтъыснæг зæрдæтимæ. Уæды онг сыл ахæм хабар никуыма æрцыди, ничима сын никуы загъта: дæ фыдæлты зæххæй сыст æмæ дард бæстæм фæцу. Иууылдæр сагъæсыл уыдысты — ныхасы уа, хæдзары кæнæ балцы уа — алчидæр тæрхæттæ кодта Туркмæ лидзыны тыххæй.

Хъазмæхæмæт бамбæрста, цæцæн зын уавæры бахаудтой, уый, фæлæ цы фæндыл ныллæудзысты, уый рахатын йæ бон нæ уыди. Ноджы уыдта: Уази дæр хуыздæр ран нæ бахаудта, йæ сæр æруагъта, æрмæст-иу фыццагæй арæхдæр арф ныуулæфыди. Æмæ йæм диссаг нæ фæкаст, йе ’рдхорд æй куы бафарста, уæд:

— Ирмæ та цы уынаффæ ис?

Цæмæй æмбæрста Хъазмæхæмæт, ирмæ цы уынаффæтæ уыди, уый! Фæлæ дзуапп радта:

— Ирæттæй бирæтæ сæхæдæг чырыстон дин райстой æмæ уыдон цы уынаффæ рахæсдзысты?! Уынаффæ пысылмæтты хъæуы. Æвæццæгæн, махмæ дæр ацы хабæрттæ бахæццæ сты.

Бæрæг уыд, Уазимæ дæр кæй ницы фæнд ис, уый. Уæддæр йæхинымæр скарста: йæ ирон æфсымæрæй ницæй тыххæй ахицæн уыдзæн — кæнæ Кавказы баззайдзæн, кæнæ арвы кæронмæ дæр йемæ фæцæудзæн. Æмæ Хъазмæхæмæт сæхимæ здæхыныл куы сси, уæд йæ фæнд цæттæ уыди: ацæудзæн Ирмæ æмæ базондзæн, йе ’рдхорд цы сфæнд кæна, уый, сæхи пысылмæтты тæрхон...

Хасанæн йæ зæрдыл æрлæууыди йæ фыды æфсымæр Дзæрæхмæт-хадзыйы фæдзæхст: ногбонмæ хæдзары куыд уой, афтæ, гал æргæвдын хъуыди. Кæй зæгъын æй хъæуы. Цæцæны йæ фыды хабæрттæ се ’ппæт нæ зыдта æмæ йæм ныр, бæхты рохтыл хæцгæйæ, мæстæй тъæппытæ хаудта, ноджы фæндагыл саргъы рагъыл цы зынтæ бавзæрста, уыдон дæр дзы нæ рох кодтой...

Лæгтæ сæ ламаз куы фесты, уæд сæ алчидæр йæ рихитæ æрдаудта, «бисмиллай рахманы рахим, бахатыр кæн» загътой æмæ сæ дзаумæттæ скодтой.

— Бирæ нæ нал хъæуы, Уази, ногбоны гал æнхъæлмæ кæсы, хъуамæ дзы хуыцауæн рæсугъд куывд скæнæм, — йæ бæхы рохтæ райсгæйæ, загъта Хъазмæхæмæт.

— О, нæ балц фæци, дæлæ ма Хуымæллæджы доны сæрты бауайдзыстæм æмæ уайтагъд уæ хъæумæ, — бахудт Уази.

Сæ фæздæгкалгæ бæхтыл куы абадтысты æмæ иуцасдæр куы ауадысты, уæд сæм, æцæгдæр, адагæй сзынди Хуымæллæджы доны урс-урсид уаццаг. Æгасæй дæр ихцъар сæвæрдта æмæ йыл мит халасау æрбадтис, боны рухсæй рæсугъд æрттывта. Уайтагъд уыдысты йæ былыл. Хъазмæхæмæт бæх фæурæдта æмæ ихмæ æркаст. Кæм лæууыдысты, уымæй чысыл уæлдæр федта; æрæджы дзы чидæр бацыди, ныссаста йæ æмæ доныл ног ихцъар сæвæрдта. Йæ бæх уырдæм фæцарæзта æмæ цæхгæрмæ уайыныл фæци.

Бæх йæ бынатæй нæма фезмæлд, афтæ йæ сæр дæлæмæ æруагъта, стæй ныххуыррытт ласта æмæ уайтагъд фехъуыст, тæнæг их йæ къæхты бын куыд састи, уый уынæр. Дон уæлдæрæй-уæлдæр цыд, стæй бæхы гуыбынмæ схæццæ. Уый йæ къæхтæ иста тæрсгæ-ризгæйæ æмæ Хъазмæхæмæт смæсты ис.

— Цы мæрддаг дæ абон, дæ хорзæхæй? — загъта лæг æмæ йæ ехсæй æрцавта.

Бæх фестъæлфыд, раззаг къæхтæ бæрзонд феппæрста æмæ рахиз къах зæронд бæзджын ихыл сæмбæлд, фæбырыди æмæ галиуырдæм фæкъул. Хъазмæхæмæт, иуæй фæллад, иннæмæй æргъæфст уæвгæйæ, йæхи нал баурæдта æмæ атахти уазал донмæ. Йæ астæумæ дзы куы афардæг, уæд галиу къухæй бæзджын ихмæ фæлæбурдта æмæ, кæд фæтарст, уæддæр ма рахиз къухæй бæхы рохтæ рацахста æмæ сæ йæхирдæм æрбатъæпп ласта. Уыцы рариуыгъдæй уый ноджы тынгдæр фæтарст æмæ йæ хицауы ’рдæм фæзылд. Æвиппайды фæзылдæй Хъазмæхæмæты скъуырдта æмæ лæг бæзджын ихыл бахауд. Рохтæ феуæгъд сты æмæ уæд дыууæ къухæй дæр ихмæ фæлæбурдта. Бæх та йæ къæхтæ ноджыдæр хæрдмæ феппæрста æмæ цыргъ цæфхадæй лæджы рахиз къух фæцъæррæмыгъд кодта.

Хъазмæхæмæтæн йæ цæф тынг фæрыст æмæ йæ дæндæгты хъыс-хъыс ссыди, фæлæ ницы сдзырдта.

Хабæрттæ афтæ тагъд æрцыдысты æмæ йæ фæстæ чи цыди, уыдон æвиппайды æмбаргæ дæр ницы бакодтой. Æрмæстдæр бæх Хъазмæхæмæты къухыл куы фæлæууыд, уæд Уази бæзджын ихмæ æргæпп ласта, фæлæбурдта йæм æмæ йын донæй схизынмæ феххуыс ис. Лæг уыди бынтон хуылыдз, афæлурс. Уази йын фæтарсти:

— Уый дæхи куы сæфтай!

Хъазмæхæмæт бахудти:

— Ницы мын у, ихдонæй уæнг рогдæр кæны.

Хасан йæ фыдæн йæ дзаумæттæ йæ уæлæ фæлæмæрста, стæй йæ куырæты мидæггагæй иу уаццаг раскъуыдта æмæ йын дзы йæ тугкалгæ къух бабаста. Хъазмæхæмæт уыцы хуылыдзæй йæ бæхыл абадт æмæ йæ ехсæй æрцавта. Йæ фæдыл атахтысты иннæ барджытæ дæр.

Хъæумæ куыд бахæццæ сты, афтæ хур дæр, арвыл суади, æмæ хæдзæртты сæртæ цæхæртæ калдтой. Хъæуы змæлæг арæх нæма уыди, алчи йæ ногбоны кусарты кой кодта æмæ сæ уынгтæм не ’вдæлди. Цуратæ цардысты хибаргомау, сæ хæстæгдæр сыхæгтæ Мамсыратæй се ’хсæн уыди иу-фондзыссæдз сардзины бæрц. Дон сæм хæстæджыты калди, гъе уымæ гæсгæ сæ разы зади гæды æмæ хæрис бæлæстæ, стæй фæдæгъды къудзитæ.

Барджытæ Цураты размæ куы бахæццæ сты, уæд æрхызтысты æмæ Хъазмæхæмæт кæрты дуары сæрты бахъæр кодта:

— Гъей, хæдзаронтæ, ам уæ исчи ис?!

Кæрты архайдта йе ’фсин Мисурæт, æмæ Хъазмæхæмæтæн йæ ныхас дæр уымæ уыд, уый йеддæмæ йæ хистæр æфсымæр Дзæрæхмæт-хадзы ахæм хъæртæ нæ бары.

Цæстфæныкъуылдмæ дуар фегом, æмæ барджытæ мидæмæ бацыдысты. Хасан уазæджы бæхы рохтæм фæлæбурдта, æмæ уæд Уази мидбылхудгæ Мисурæтмæ бацыд, йæ къух ын райста:

— Дæ райсом хорз, мæ хо, æмæ уæ ногбоны хорзæх уæд.

Мисурæт дæр бахудт, стæй йæ алфамбылаймæ акаст æмæ куы никæй федта йæ лæг æмæ йæ фыртæй дарддæр, уæд мынæг хъæлæсæй дзуапп радта:

— Æгас нæм цу, Уази, æмæ ды дæр хайджын у ногбоны хорзæхæй. Кæдæй-уæдæй ма нæм фæзындтæ.

Хъазмæхæмæт Уазийы уæхскыл йæ къух æрæвæрдта æмæ загъта:

— Цом-ма, ме ’фсымæры хай, мидæмæ...

— Цом, цом, ды дæр дæхи схъарм кæнай.

Уалынмæ цæхæрадонæй кæртмæ æрбахызт Дзæрæхмæт-хадзы — бæрзондгомау, фæтæнуæхск, æрдæгсау-æрдæгхалас рихиджын лæг æмæ уазæджы размæ фæци:

— Не стыр æфсымæр, алы бон æгас цу!

Уази фæкъуыхцыгомау, фефсæрмы, фæлæ уæзданæй загъта:

— Хъæлдзæг бæрæгбæттæ уыл цæуæд.

Дзæрæхмæт-хадзы райста уазæджы къух æмæ йын уазæгуатмæ «еблагъуæ» загъта. Фæлæ Уази сугсæттæнмæ ауад, æгъдаумæ гæсгæ, лыстытæ рамбырд кодта æмæ фысымы фæстæ хæдзармæ бараст.

— Уæ райсом хорз уæд! — бадзырдта Уази, стæй къонайы раз лыстытæ æркалдта æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Хор, фос, маргъ уæм бирæ куыд уа, иунæг кадджын хуыцау уын уыцы арфæ ракæнæд.

— Дæ цæрæнбон бирæ, Уази, — дзуапп радта Дзæрæхмæт-хадзы, — сымахæн дæр уæ амонд тыхджын уæд.

Хæдзары уыдысты Дзæрæхмæт-хадзыйы ус, ноджыдæр æрыгон сылгоймаг — Хъазмæхæмæты кæстæр æфсымæр Мæцыхъойы бинойнаг рæсугъд Дзæнæтхан æмæ цалдæр сывæллоны. Се ’ппæт дæр уазæджы зыдтой æмæ йæм райдзастхуызæй кастысты. Хистæр æфсымæры бинойнаг Хаирхъыз ын йæ къух райста:

— Алы бон æгас нæм цу, Уази, ног аз дын ног хæрзтæ æрхæссæд.

Бинонтæй ничи æрхъуыды кодта, Хъазмæхæмæт хуылыдз у æмæ йæ гæртт-гæртт нæ уромы, уый. Фæлæ Уазийæ рох нæ уыд.

— Куыд лæууыс, дæ хорзæхæй, хæрдмæ куы хауыс. Дæ дзаумæттæ аив æмæ дæ уд де ’муд æрцæуа, — бауырдыг æм Уази, æмæ бинонтæн сæ хабæрттæ радзырдта.

Уыцы рæстæджы Хасан æртæ бæхы кæрты ралас-балас кодта. Мад сугдоны ’рдæм баздæхт æмæ та ацы хатт дæр ныллæг хъæлæсæй йæ лæппумæ дзырдта:

— Мæ къона, нæ басыдтæ?

Фырт æм бахудти:

— Бирæ мæ нал хъæуы, мæ уæрджытæ дæр нал тасынц.

— О, мæ уд дæ фæхъхъау фæуа. — Йæ ныййарæг æм бауад. — Æри-ма æз сæм базилдзынæн, ды уал хæдзармæ ацу.

Мисурæт ахæм куыстытæ рагæй зыдта. Цалынмæ сывæллæттæ нæ бахъомыл сты, уæдмæ-иу лæгтæ искуыцæй фæлладæй куы æрыздæхтысты, уæд бæхтæ æфснайын йæхимæ, ома кæстæр чындзмæ, касти. Дзæнæтханы куы æрхастой, уæдмæ саби бахъомыл ис.

Хасан нæ бакуымдта:

— Цытæ дзурыс, дзыцца, тæфсын райдыдтон, ницуал мын у.

Стæй бæхты скъæтмæ куы бакодта, уæд мад дæр йæ фæстæ бахызт æмæ йæ æрдæгхалас сæр фырты риуыл авæрдта. Хасан мады йæ галиу къухæй æрбахъæбыс кодта, стæй цыма æфсæрмы фæци, уыйау афарста:

— Дзыцца, нæ бæхæмбæрзæнтæ та кæм сты?

Мад фыртæй йæхи фæхицæн кодта æмæ къуыммæ тагъд-тагъд бауади. Уым къулыл уыдысты галы сыкъатыл ауыгъд.

Хасан бæхты куы бамбæрзта, уæд ын мад загъта:

— Цу ныр, мæ къона, хæдзармæ, дæхи ахъарм кæн.

Лæппу дæр йæ фыды хуызæн фæлмæн рахаста æмæ йæ мадимæ, йæ хоимæ уыди æмзæрдæ; гуымиры ныхас дзы никуы ничи фехъуыста. Зондмæ хъусаг уыд. Мад дæр уымæн «мæ къонайæ» дзырдта йæ дыууææмæссæдзаздзыд хъæбулмæ.

Хасанæн йæхи схъарм кæнын йæ къухы нæ бафтыд. Хъазмæхæмæт йæ хуылыдз дзаумæттæ ивд куыд фæци, афтæ уазæгуаты фынг цæттæ уыди. Дзæрæхмæт-хадзы, Уази æфсæрмы куы кæна, зæгъгæ, уазæгуаты дуарæй бадзырдта:

— Æрбадут æмæ къæбæрдзых скæнут, фæндагыл сфæлмæцыдаиккат. Æз та хъуыддæгты фæдыл ауайон, — æмæ раивгъуыдта.

Дыууæ æрдхорды æрбадтысты æртыкъахыг фынджы уæлхъус. Хасан хæдзарæй æрбахаста хъарм арахъхъæй дзаг дурын, дыууæ сыкъайы, æмæ сæ бадджытæм дзæгтæй радта. Фæйнæ цалдæры фæстæ «бæркад-бæрæчет» загътой æмæ сыстадысты. Уазæгуаты хуыссæн куы бацæттæ, уæд Хъазмæхæмæт Уазийæ хатыр ракуырдта, йæхæдæг хæдзармæ раздæхт.

— Лæппу, истытæ ахæр æмæ нæ ногбоны нывонды хъуыддаг бакæнæм, — загъта Хасанæн æмæ æддæмæ ацыд.

Хъазмæхæмæт хордонмæ цæугæйæ сагъæстыл фæци: «Абон цы æнæрхъуыды хауд акодтон, æвæдза, адæймаджы цард ницы у, фыдбылыз æм кæцæй нæ кæсы».

Хордоны баййæфта йæ бинойнаджы.

— Не ’фсин, ам куы дæ ды дæр.

Мисурæт æй раздæр нæ федта æмæ æвиппайды ныхасæй фестъæлфыди.

— Бæрæгбойнаджы ссад, зæгъын, рагацау куы балуарин, — æмæ йæ лæгмæ комкоммæ куы бакаст, уæд йæ хъæлæсы уаг фендæрхуызон, афтæмæй йæ ныхасыл бафтыдта: — Бынтондæр куы ныцъцъæх дæ, уæртæуый, фæндагыл баргъæфстæ?

Хъазмæхæмæт ын хъазгæмхасæн йæ доны ныххауды хабар радзырдта. Мисурæт æваст фæзæрдæхауд:

— Мæ хæдзарыл, дæхи тыххæй фыдбылызы куы тъыссыс, дæ къæхтæ дын тæвд доны уæд та цæвæрон, стæй дын дæ къух бабæттон.

— Куыдз къуылыхæй нæ мæлы, Цомартон (афтæ йæ хуыдта, йæ зæрдæ-иу парахат куы уыд, уæд). Мæнæ кусарт акæнон æмæ уæд цывзыджын хъарм арахъхъ — мæ хуыздæр хос.

Хъазмæхæмæт гоны сæрæй къулгард райста, рахиз къухы хистæр æнгуылдзæй йын йæ ком федта. Стæй йæ бинойнаджы тарст цæсгоммæ фæкомкоммæ, бахудт æмæ уæд сылгоймаг дæр фæхъæлдзæг.

Фыды рацыдмæ Хасан бæндæнтæ æрбахаста, хъæдын къусы цæхх радавта æмæ скъæтæй гал раласта Хъазмæхæмæт ын бæндæнæй йæ къæхтæ æрцахста. Галæн æнæ ’рхаугæ нал уыд æмæ ма кæд йæ гæндзæхтæ цæгъдыныл архайдта, уæддæр ын дзы ницуал рауад. Хъазмæхæмæт ын йæ былтыл цæхх адардта, хуыцауы ном ссардта æмæ кусарт акодта...

Цалынмæ Уази йæ фæллад уагъта, уæдмæ ногбоны фынгтæ уыдысты цæттæ. Сыхбæстæм хонæг ацыди Мæцыхъо, æмæ уайтагъд æрбамбырд сты: Дзæрæхмæт-хадзыйы хæдзармæ «нæ» чи зæгъдзæн.

Хуынд адæмæй бирæтæ Уазийы зыдтой æмæ йæ Цæцæны хабæрттæй фарстой. Уазæг сын-иу дзурын райдыдта, фæлæ та-иу ног исчи æрбацыд, йæ къух ын-иу райста. Дзæрæхмæт-хадзы сæм хъуыста, стæй куы бамбæрста, алчидæр сæ уыимæ хицæн ныхасыл схæцыд, уый, уæд сын загъта:

— Нæ буц уазджытæ, уæ хорзæхæй, фынгмæ бацæут, хабæрттæ дæр нæ никуыдæм алидздзысты...

Ногбоны фынг уыди бæркадджын. Сидтытæ, нуазæнтæ кæрæдзи ивтой. Фæлæ уæддæр бадт уыйбæрц хъæлдзæг нæ рауади: сæ зæрдæ æхсайдта уазæджы ныхæстæм, кæд ын цалдæр дзырды зæгъын йеддæмæ нæ бантыст, уæддæр æй æмбæрстой, Цæцæны æмæ Дагъистаны хъуыддаг хорз нæу, уый. Дзæрæхмæт-хадзы хатыдта йæ хуынд уæвджыты уавæр æмæ «бæркад» куы загътой, куы сыстадысты æмæ кæрты дуары æдде куы фесты, уæд йæ фæнд схъæр кодта:

— Цомут, хорз адæм, ныхасмæ æмæ нæ буц уазæг Уазийы хабæрттæм байхъусæм.

Ныхасы Уази радзырдта:

— Цæцæн бæллæхы арты судзы, Шамил-хадзы къæппæджы бахауд, Авдаким-инæлармæ бирæ æфсæдтæ ис, ницæуыл ауæрды. Æмæ, æвæццæгæн, бынтондæр фесæфиккам, не ’мдингæнджытæ нæ фесты, зæгъгæ, уæд. Пысылмæтты æнхъæлцау Турчы солтан нæм сиды, æмæ йыл хъуамæ нæхи бафæдзæхсæм.

Адæм ницы дзырдтой, иутæ сæргуыбырæй бадтысты, иннæтæ-иу сæ кæрæдзимæ бакастысты. Турчы хабар ма уымæй размæ дæр фехъуыстой, фæлæ йæм уыйас йæ хъус никуы ничи æрдардта. Фæлæ кæд уыцы ныхас Цæцæны дæр загъдæуыд, уæд, æвæццæгæн, раст у. Æрæджиау иу æнæцъаркæрцджын, къæсхуыргомау лæг загъта:

— Ау, æмæ нæ фыдæлты зæхх куыд ныууадздзыстæм?! Искуы ма уый дæр æрцыд?!

— Нæ фыдæлтæ дæр ардæм хæхбæстæй æрлыгъдысты, Хъуыбады, — дзуапп ын радта Дзæрæхмæт-хадзы. — Не ’мдингæнæг адæм кæм уой, нæ фыдæлты бæстæ уый у.

— Раст нæ зæгъыс, Дзæрæхмæт-хадзы, бахатыр кæн, фæлæ мæнæ ацы зæхх нæ фыдæлты зæхх у, — размæ ралæууыд бæрзондгомау хæрзконд лæг, йæ бакастæй иу-дæс æмæ дыууиссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм. Йæ худ уыди быноз конд, фæлæ уæддæр йæ æрвхуыз цæстытæ дзæбæх зындысты. Йæ цыбырæлвыд рихитæ рахиз къухæй æрдаудта æмæ дарддæр дзырдта: — Нæ фыдæлтæ дæр ам, ацы быдырты, ныгæд сты, фæлæ нæ æрмæст уыцы æнæном къуыппытæ нæ уромынц: бæстæ æрсабыр, туг ныл нал уары, æмæ ацы бæркадджын зæххытыл æрбæстон уæм. Дин та... уымæн цы хъауджыдæр у, кæмфæнды йæ кæн, æрмæст ыл гадзрахатæй ма рацу, уый йеддæмæ.

Дзурæджы ныхæстæ нæ фæцыдысты Дзæрæхмæт-хадзыйы зæрдæмæ æмæ йæм нал фæлæууыди:

— Ды, Муссæ, цы мæрдты кой кæныс, мах дæр уыдон мæт ис. Иунæг кадджын хуыцауæн зын ницы у, не ’ппæты дæр æцæг дунемæ хъæуы æмæ цы цæсгом равдисдзыстæм нæ мад, нæ фыдмæ?! Афтæ нæ нæ фæрсдзысты, уыцы джауыртимæ цæмæн баззадыстут, зæгъгæ? Æмæ сын уæд цы зæгъдзыстæм?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.