Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XX. ХУРЗÆРИНÆН ЙÆ ХÆТÆН АРВ У



XX. ХУРЗÆРИНÆН ЙÆ ХÆТÆН АРВ У

Челæхсæртæг Дзæцъумæ кæронмæ нæ байхъуыста, афтæмæй кæлмдзæфау фестад. Хатæны æфсæндуарыл йæхи ныццавта, мæсыгы асиныл æруад, фæлæ йе ’мбисмæ куы æрхæццæ ис, уæд æм къæхты хъæр æрбайхъуыст æмæ дзыхълæуд фæкодта. Йе уæхсчы сæрты Дзæцъумæ фæкаст, ома уыцы сæппæ-сæпп æмæ тъæпп-тъæпп цы амонынц, Æртыккаг дунейы хæстонтæ не ’вастæй ардæм куынæ цыдысты, уæд сæ ныр цы ’рбахаста. Дæлимон йæ къух йæ дзыхы акодта. Челæхсæртæджы тæккæ раз балæууыдысты Дзокоитæ. Асины къæпхæнтыл къах æрæвæрæн нал уыдис. Адæм кæртæй мæсыгы хуылфмæ ивылдысты. Челæхсæртæгæн Дзокойы бакаст йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Йе ’рвонг цæстытæ йæм ныццавта Æртыккаг дунейы иузæрдыг хæстон Дзоко нæ, фæлæ Нарты Хæмыц. Зоны Челæхсæртæг уыцы цæстæнгас, нæма дзы ферох. Нарты бæсты ма-иу уыцы фæкастмæ бафтыдта йæ архъызы дæндаджы ферттывд æмæ-иу æм адон сылгоймæгтæй искæй зæрдæ. Зыдта йæ Хызы фырт, фæлæ йæм уæддæр сдзырдта, æхсыры цадæй схизгæйæ-иу æм куыд сдзырдта, афтæ:

— Дзоко!..

— Уæдæ ма мын уым фæлæуу, æнаккаг цыдæр, æз дын, Дзоко нæ, фæлæ Нарты Хæмыц кæй дæн, уый æрымысын кæнон! — йæхи уæлæмæ фехста, Æхсæртæг æмæ Хазби дæр суадысты йæ фæдыл.

Челæхсæртæг йæ кард фæцъортт ласта. Хæмыц асины къæпхæнтыл фæхæбæцц ис æмæ цыргъаджы бырынкъ къулыл хафгæ ацыд. Фæгæппытæ кодтой, сæ фыдызнаджы басырдтой. Уалынмæ Дзæцъу Хызы фырты быдыргъау фелвæста æмæ цъæхснаг хъиухъиугæнгæ уæлæмæ стахтис. Хæмыцитæ сæ фæдыл сгæр-гæр кодтой. Дæлимон йæ хицауимæ уаты фæмидæг ис æмæ æфсæндуар ахгæдта. Хæмыц æфсæндуар уæнггуыпп ныккодта æмæ йын сæттынкуынæ бакуымдта, уæд фæстæмæ фездæхтис:

— Челæхсæртæджы фæскъæсæр, куыдзау æнхъæлмæ кæсын ницы пайда у! Афтæ æнцæнтты басæттæн кæмæн ис, ахæм дуæрттæ нæ бакæны йæ мæсгуытыл! Кæртмæ ахизæм æмæ уырдыгæй сфæлварæм! Хызы мыггагæн хъысмæтæй фыст у, уырыйау сæ хуыккомы бадын!

Хæмыцы сидтмæ нæсæттонтæ уайтагъд фæстæмæ аивылдысты, асины къæпхæнтыл æргæппытæ кодтой æмæ æддæмæ ракалдысты. Хæцæнгарз никæмæ уыдис, Æхсæртæг, Хазби æмæ хъахъхъæнджыты чи раивта, уыдон йеддæмæ. Сæ иутæ мæсыгы къулыл сæхи ныццавтой æмæ хъулон-мулон дурты тигътыл ныззезелæг сты, афтæмæй уæлæмæ фæцæйбырыдысты. Челæхсæртæг йæхæдæг Хурзæрины цы рудзынгæй басайдта, уырдыгæй йæм мидæмæ бабырæм, зæгъгæ, хъæр кодтой, фæлæ сыл Хазби ныцъцъах-цъах кодта:

— Кæдæм бырут, Хурзæринагурæг хъизæмайраг лæппутæ? Хызы фырт йæ рудзгуытæ дæр æвдузгæ куы ныккæны, уæд цы ми кæнут? Уый бæсты ма иуцасдæр мæсыгы цъупмæ æдзынæг фæкæсут, кæддæра уæ цæстыты къуырфытæй цъæй нæ рамиза æмæ уæ мæнг хуры тынтæ нæ бакуырм кæной! Æнæуый дæр æнкъардзыстут йæ кæлæнгæнæн ахадæн! Йе ’рхуыгъуыз тынтæ уын уе уæнгтæ хъыдзы кæндзысты! Уый мæнг хур æмæ цыфыддæр знаджы хотых у æмæ йын фыццаг хъуамæ басæттæм йæ тæккæ тæссагдæр хæцæнгарз!

Æхсæртæг мæнг хуры бур-бурид тымбылмæ йæ фат ныддардта æмæ æрдынбос æрбайвæзта. Фат æхситгæнгæ атахтис æмæ мæнг хуры тæккæ астæуты куы агæпп ласта, уæд фатæхсæг æхцон сулæфыд. Бур-бурид æрттиваг тæбæгъ уæззау банкъуыстис æмæ уынгæг хъæлæсæй баниудта. Уæу-уæу-уæу, зæгъгæ, фæйнæрдæм, уылæнгай, апырх кодта йæ фыдохы зæлтæ, ис стъæлфæнтæ фæпырх сты æмæ йын, судзгæ, дæлæмæ æркалдысты. Уыдон нæма ахуыссыдысты, афтæмæй йыл Хазби хъыримаг суагъта æмæ йын нæмыгæй йæ бос арæдывта. Бæласæй дыргъ куыд фескъуыйы, афтæ фескъуыд йæ ауындзæнæй мæнг хур, йæ бур-бурид рухс, дыууæрдæм фæлдахгæ æмæ зыгъзыгъгæнгæ, расхъиудта æмæ мæсыгы æмбæрзæныл æрхауд. Уырдыгæй дæлæмæ ныцъцъелф ласта, зæххыл йæ сыххуытт-хъæр фæцыд æмæ банымæг. Æхсæртæгитæ йæ уæлхъус куы алæууыдысты æмæ йæм куы ’ркастысты, уæд базыдтой: уый уыдис хуымæтæджы æрхуы тæбæгъ, фæлæ йæ байсæрстæуыд цахæмдæр æбæрæг ахорæнæй æмæ-иу ыл куыддæр Хурзæрины тынтæ аныдзæвдысты, афтæ-иу йæхæдæг дæр чысыл хурау сæрттывта æмæ-иу йæ бур-бурид тынтæй адæймаджы бандзыг кодта.

Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу иунæгæй куы аззадысты, уæд уайтагъд сæ удтæ фервæзыны амал агурыныл фесты. Сослан нырма никуы зындис, фæлæ иугæр нæсæттонтæ раирвæзтысты æмæ сахары æрбамидæг сты, уæд сæ рауагъта уый æмæ тагъд йæхи дæр хъæуы ардæм. «Бынтон бынысæфт фæуиккам Сосланау, Дзорс дæр сахары уынгты куы ралли-балли кæнид æмæ нын нæ сылыстæг знаджы зыбыты иунæгæй куы ныууадзид, уæд. Дзоко æмæ Сантар уадз æмæ се ’мбæлттимæ мæ фæсдуар куыйтау æнхъæлмæ кæсой! Уыдонмæ дæр ис тых, фæлæ сæм Сослан æмæ Батрадзы бæрц нæй æмæ исчердæмыты ныхас кæндзыстæм семæ. Æрмæст уал нæ хъæуы мæсыгы хуылфæй исчердæмыты аирвæзын æмæ згъæрджын æфсадмæ фæбæрæг кæнын! Уыдон куы ’рбацæуой, уæд сæ мæхæдæг сардаудзынæн Сослан æмæ йе ’мбæлттыл. Ардыгæй сын фæкæсдзынæн сæ хылæ-мылæмæ, стæй сæ фæуадздзынæн æмæ Дзæцъуимæ ахъуыздзынæн!.. Цых-х-х, ацы хатт дзы Хыза-бызайы хъæртæ нæ уыдзæн, уыдæттæм никæй æрæвдæлдзæн!» — уавæртæ йæхимидæг анымадта Челæхсæртæг æмæ Дзæцъуйыл фæхъæр кодта:

— Дзæцъу, акæс ма кæртмæ!

Дзæцъу йæ бырынкъ рудзынджы зыхъхъырæй куы адардта, раст уæд фæцыд мæнг хуры сыххуытт-хъæр. Дæлимон йæ хæлармæ фездæхтис æмæ дæлимонон лыстæг худт ныккодта:

— Иллитт-биллитт, и-хи-хи! Дзæцъуйы хъæбатыр дæлимонты ардауын нал хъæуы. Уыдон куыддæр чысыл хуры сыххуытт-хъæр фехъусой, афтæ дæлæ уыцы нæсæттонты сæрмæ цъахтау сау-сауидæй схъомпал уыдзысты. Ныридæгæн асау кодтой арв æмæ нæсæттонтыл фат ныккалдтой. Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо, Дзæцъуйы хъæбатыр дæлимонтæ! Цæвут уæ цыфыддæр знæгты æмæ сыл уæ уындæй бафтаут тасы азар! Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо! Дæлæ дзы иуцалдæры дзыхъмард фæкодтой æмæ зæххыл æрфæлдæхтысты! Иннæтæ фæтты къæвдайы бын сæхи ныххула кодтой æмæ мæсыгы байбынты амбæхстысты. Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо, мæ хъæбатыр дæлимонтæ! Цæвут сæ, æз дæр уемæ дæн æмæ Хъуызайы сау уд та уæ разæй тæхы!

Иллитт-биллитт, Чысыл хуры згъæлæнты фарсмæ цы æртæ адæймаджы æрзоныгуыл кодтой, уыдонмæ æркæсæд Дзæцъуйы хъæбатыр дæлимонтæ. Сæ сæрмæ æрбатыгуыр уæнт, сæ цæстытæ сын басаугуырм кæнæд, милмæ куыйнæуал фехсой æмæ дæлимонты зæрдæдзæфтæй дæлæмæ куыннæуал калой! Сантар хъавгæ дæр нæ ныккæны, афтæмæй фехсы æмæ та æрмийæ æрæппары дæлимоны. Йæ сагъæдахъхъæй фат куы сисы, уæд та йын йæ бынаты февзæры ног. Иллитт-биллитт, Дзокойæн дæлимоны фат йæ болат буарыл ныцъцъелф кæны æмæ фæстæмæ æрбаздæхы, чи йæ фехсы, уымæ. Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо, Дзæцъуйы хъæбатыр дæлимонтæ! Дзокомæ æнгом куынæ бацæуат æмæ йын кардæй йæ цæстыты къуырфытæм куынæ бахъават, уæд ын фатæй ницы ракæндзыстут. Дзоко бирæ хæттыты фæцис дæлимонты хæсты, зоны сын сæ миниуджытæ æмæ уымæн тилы йæ кард зыгъуыммæ! Ныккæс ма йæм, дæлимонтæ йыл уæлейæ æмтгæй æркæлынц, сæ хæцæнгæрзты йеддæмæ сæхæдæг нæ фæзынынц, афтæмæй йын йе стыр цæстыты къуырфытæм сæ кæрдты бырынчъытæй ныхъхъавынц, фæлæ та сæ зыгъуыммæ расæрфы æмæ сæ, цармæ сцъистгæнæг бындзытау, дæлæмæ æркалы. Иннæ ахæм та дæлæ уыцы Хазби у, цавæр адæймаджы мыггаг у, уый, иллитт-биллитт! Цæст ыл нæ хæцы, йæ хъыримаг ифтындзы æмæ æхсы! Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо, Дзæцъуйы хъæбатыр дæлимонтæ! Уыцы æртæйы куы æрфæлдахиккат, уæд уалынмæ згъæрджынтæ дæр æрбахæццæ уаиккой æмæ уæ хъуыддаг сау æмæ лæгъзæй ацæуид, иллитт-биллитт!..

Дзæцъу йæ фат æмæ йе ’рдын æрбайста æмæ Хазбимæ ныхъхъавыд, фæлæ æвиппайды йæ хæцæнгарз йæ къухы фæдыууæ ис. Дæлимон базыдта, йе знæгтæ йæм сæхæдæг кæй фæраздæр сты, уый.

— Иллитт-биллитт, æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо! Адон сæхæдæг дæлимонтæ куы сты! Ныккæсæд ма Лæгъза иннæтæм! Байбынты бамбæхстысты æмæ сæ цæсгæмттæ къулмæ сарæзтой, афтæмæй дæлимонты зыгъуыммæ цæвынц!.. Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо! Уыдонæн сæ ныхмæ згъæрджынтæ куынæ рацæуой, уæд сын дæлимонтæ ницы ракæндзысты! Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо!

— Дзæцъу! — дæлимоны хъуыры фæбадт Челæхсæртæг. — Не згъæрджынтæ нырыонг кæй нæ разындысты, уый хорз нæу! Æниу, цæугæ дæр цæмæн хъуамæ æрбакодтаиккой, куы ничи сæм фæсидтис, уæд? Сусæгæй хъуамæ ацæуай ардыгæй, згъæрджынты сардауай æмæ сæ ардæм рарвптай! Дæргъийы куырдадзы гуыпгæнæн абæрæг кæн, уырдыгæй донбылмæ ныццу æмæ Дзорсæн зæгъ: нæ фыдызнаг нæм æрбабырста, нæ амондджын цард нын ныххалынмæ хъавы, кæд бадгæ кæныс, уæд стгæ скæн, кæд лæугæ кæныс, уæд тæхгæ ракæн! Уыцы сызгъæрин гадзайы фидар нывдузæд Дзорс!.. У-у-у, сызгъæрин гадза, ацы хъуыддæгтæ иууылдæр ды расайдтай!.. Тæхгæ кæн, Дзæцъу! Дæ зонд æмæ дæ хъару ныры хуызæн никуы бахъуыдысты Æртыккаг дунейы! Кæд Дзорс æмæ не згъæрджын æфсад рæстачыл æрбахæццæ уой, уæд Æртыккаг дуне фервæздзæн æмæ уыцы сыгъзæрин гадзамæ гуыпгæнæн ныддардзыстæм! Кæннод нæ сæрыл ныккæлдзæн, тъымы-тъыматы цы фæцарæзтам, уый!

Дзæцъу ма фæстаг хатт ныхъхъæр кодта, æх-хын, тæххын, тæх-хæндзо, зæгъгæ. Стæй йæ дæлимонты ардауын фæуагъта æмæ æрбатары ис. Челæхсæртæг йæ рудзынг нæма нывдызта, афтæмæй Дæлимон йæхи фæстæмæ æрбаппæрста æмæ цæкуыйау хæрдмæ фесхъиудта. Цары аххæрæгыл ацауындзæг ис æмæ йæ сау зæрдæйы хæрам иу дæргъæццон хъихъхъæй суагъта. Уырдыгæй йæхи рауагъта, уызынау фæтымбыл ис, фестад, айвæзтис æмæ йæ тыбыртæ цæгъдыныл ныллæууыд. Стæй фæздæгдзоны хуылфмæ сгæпп ласта, уырдыгæй чъизи æмæ сæгæйдзагæй æрхаудта æмæ нал йæ цæсгом зындис, нал йæ цæстыты ферттывд.

— Иллитт-биллитт, фесæфтыстæм, ныппырх сты нæ фæндтæ æмæ фæнык фестад нæ дуне! Нарты гуыппыртæ ныл зондæй фæтых сты, сæ сидæн хъæзы хуынчъы нæ абырын кодтой. Иллитт-биллитт, мæ дзуринæгтæ сцыбыр сты æмæ ницыуал зæгъын, Æртыккаг дунейы згъæрджын æфсад Дæргъийы куырдадзы раз кæй æртыгуыр сты, уым Цæндийы дзæнгæдамæ кæй хъусынц æмæ Дзæцъуйы æппындæр кæй не ’рхъуыды кодтой, уый йеддæмæ! Иллитт-биллитт, Цæнди згъæрджынты ардауы дæ номæй æмæ сæм сиды: уæ иу дæр йæ къах макуыдæм авæрæд, ныртæккæ Лæгъза æрбацæудзæн, Дæргъийы куырдадзæй ратулын кæндзæн не ’пæты стырдæр хотых æмæ фæрвæздзыстæм Æртыккаг дунейы сылыстæг знагæй!.. Афтæмæй та, иллитт-биллитт, гуыпгæнæн уым нал ис!..

— Кæм ис, уæдæ? — фестъæлфыд Челæхсæргæг.

— Æппындæр нæм йæ раны ницыуал баззад, Лæгъза. Æртыккаг дунейы згъæрджын æфсад, кæм хъæуы, уым нæ лæууы, фæлæ Цæндийы мæнг ныхæстæм хъусы. Гуыпгæнæн куырдадзы нал ис! Дзорс дæр доныбыл нал лæууы!..

— Цы фесты? — ныббогъ кодта Челæхсæртæг дæлимоныл.

— Дзорс гуыпгæнæн йе уæхскыл сæвæрдта, афтæмæй йæ мыггаджы гуыппыртимæ æрбацæуы æмæ бæсты цъар дæндагæй æхсыны.

— Æмæ Дзорс йæ мыггаджы гуыппыргы цалынмæ базыдта, уæдмæ æхсыры цад кæм уыдис? Цæмæн фæхæццæ ис йæ найыны æмгъуыд? — йæхицæй нал уыд Хызы фырт.

— Иллитт-биллитт, чи йын цы зоны!.. Нартæ æхсыры цадæй тыхджындæр разындысты!..

Челæхсæртæгæн йæ къæхты бын зæхх ныфтыд æмæ ныцух-мух ласта. Æвиппайды æвирхъауы гыбар-гыбур æрбайхъуыст, мæсыгы рудзгуытæй тыхдымгæ æрбасыффытт ласта æмæ йын йæ цар нынкъуыста. Кæртмæ Батрадз æрбамидæг ис, йе уæхскыл Дæргъийы гуыпгæнæн, афтæмæй. Хотых хъавгæ зæххыл æрæвæрдта, йæ бæрзонд цæлхытæ йын æрбазылдта, йæ сау-сауид дзых ын мæсыгы цъупмæ сарæзта æмæ йæ цæсгом хуыцаумæ сдардта, афтæмæй йæ хурхысæртæй ныхъхъæрахст кодта:

— Æтт, фæстæмæкъахджынтæ, кæй мыггагыл æрæвварс стут, кæ!

Куыддæр Батрадзы хъæрахстмæ дæлимонтæ фæтары сты, афтæ мæсыгы цур сæ фынккалгæ бæхтыл февзæрдыс ты Сослан, Чермен, Уырызмæг æмæ Дæргъи. Хæмыц сæ фырцинæй радгай ныхъхъæбыстæ кодта, фæлæ Дæргъийы Дур-дурайыл бадгæ куы федта, уæд æм йæхи баскъæрдта æмæ мæгуыр куырды зæхмæ æриста. Батрадзы кæд Уырызмæджы æфсарм урæдта, уæддæр йæхи ивæзта мидæмæ. Мæсыгы кæрт мæрдæмыр куы ныццис, уæд Сослан басидтис:

— Гъай, мæ Хызы фырт нæ дæ, нæ?! Æддæмæ ма ракæс, демæ мæ стыр ныхасаг ис æмæ æмбæхсгæ ма кæн!

Нæдæр Хызы фырт разындис æмæ нæдæр дæлимонты æлдар Дзæцъу. Æмыр мæсыгæй нæдæр лæгзынæг уыдис æмæ нæдæр дæлимонзынæг.

— Мæнгард цыдæр, уæддæр дын аирвæзæн нæй æмæ æддæмæ ракæс! Кæд лæг дæ, уæд рахиз æмæ лæгæй-лæгмæ схæцæм! — дыккаг хатт æм басидтис Сослан, фæлæ Хызы фырт уæддæр нæ разындис.

— Хызы фырт, æддæмæ ракæс, кæннод дæ хин дæхи сæрыл æртыхсдзæн! — бартхъирæн æм кодта Батрадз æмæ Дæргъийæн йæ къухы цырагъ ныссагъта, афтæмæй йæ гуыпгæнæны уæлхъус баурæдта.

Мæсыгæй ныр дæр куы ничи разындис, уæд Хæмыц загъта:

— Гуыпгæнæнæй æхсыры цад ныххалæм, Хызы фырты йæ дæлимонтимæ ныхъхъуытты уадзæм æмæ Хурзæрины суæгъд кæнæм!

— Иугæр Батрадз не ’рдыгæй фæцис, уæд Хурзæрины суадзыны хъуыддаг нæ къухы ис, фæлæ Хызы фыртæн афтæмæй ныууадзæн нæй, лæппу! Уый ацы æлгъыстаг бæсты удæгасæй куы баззайа, уæд та исты хин æрымысдзæн,— йе ’фсымæрæн ком нæ ратта Уырызмæг.

Тлаттаты Чермен иу каст мæсыгы цъупмæ кодта, иннæ та гуыпгæнæнмæ, афтæмæй лæууыд æмæ йæхинымæры хатдзæджытæ арæзта: «Уартæ Нарты дугæй нæ цъаммар дугмæ цы фыдгæнæг æрхæццæ ис æмæ йæ къухы æппæты тæссагдæр хотых кæмæн бафтыд, уый мæсыгы хуылфæй афтæ æнцæнтты нæ рахиздзæн!.. Нæ, нæ мæ уырны, фæлæ йын æнæ рахпзгæ дæр нæй хуыздæр хос! Хизгæ ракæндзæн, фæлæ куы байрæджы кæна, уæд Санибайаг лæппу згъæрджынты нал бауромдзæн æмæ ацырдæм рафсæрдзысты!!!» Санибайаг лæппуйы куыддæр æрбаймысыд, афтæ йын йæ хъуыдытæ иу фæндон æрвæрттывдау ныррухс кодта:

— Сослан, Санибайаг лæппу афтæ куы æппæлыд, ме ’рымысгæ сау-сауид хосæй сахары æвæрæнтæ се ’мыдзаг сты, зæгъгæ, уæд, цымæ, кæмыты сты уыцы æвæрæнтæ? —

— Иу æвæрæн дзы, мæнмæ гæсгæйæ, уæртæ мæсыгы бын дæр ис! Сослан куы ницы загъта, уæд дзуапп радта Æхсæртæг.

Чермен фаты бырынкъыл хæцъил стыхта, Дæргъийы къухы цы арт уыд, уый йыл сдардта æмæ йæ Æхсæртæгмæ радта:

— Кæд Санибайаг лæппуйы сау хосы æвæрæнтæй иу уæртæ мæсыгы бын ис, уæд ды нæ мыггаджы хуыздæр фатæхсæг дæ, дада, æмæ ма йæм мæнæ уыцы арт ныддар, кæддæра Хызы фырт куыд кæнид йæ дæлимон хæларимæ!

Æхсæртæг судзгæ фат æрдынбосыл авæрдта æмæ йæ ныддардта, мæсыгы бын, сау-сауид хосы æвæрæн кæм уыдис, уырдæм.

— Æддæмæ ракæс, Хызы фырт, кæннод дæ мæсыгы дуртимæ уæларвмæ стæхдзынæ! — басидтис æм Æхсæртæг.

Дзæцъу мæсыгы цъуппæй Æхсæртæджы судзгæ фат куы ауыдта, уæд йæ цæстытыл ауад ахæм ныв: сау-сауид хосы æвæрæныл арт æрхаудта æмæ, арвы рæхысау, нырттывта, афтæмæй спæртт ласта. Арты сырх-сырхид æвзæгтæ суанг уæлæрвтæм сдаргъ сты, мæсыгы бындзарыл сфæйлыдтой æмæ йæ фæнык фестын кодтой... Исдуг æрбафæнд кодта, æрбатары уыдзынæн, мæ дæлимонты Цæрддзумæ акæндзынæн æмæ стæй Лæгъза йæ мæсыджы дурты бын ныцъцъист уæд, зæгъгæ, фæлæ йæхи фæурæдта: «Иллитт-биллитт, æрбатары кæнын мын никуыдæм ирвæзы, фæлæ уал уæдмæ мæ хъæбул Хъуызайы цытæн хъуамæ мæхи цæстæй фенон тæссарвад Сосланы сæфт. Афтæ куынæ рауайа, уæд ма мæ цард цы у!.. Иллитт-биллитт, фæлтау ацы фæлывд Лæгъзаимæ дæлæмæ ныххиздзынæн, Сосланимæ сæ кæрæдзийыл сардаудзынæн, мæ дæлимонты дæр сыл бафтаудзынæн фæсаууæттæй æмæ сæ хылы-мылы мацы расайа, уый гæнæн нæй! А Лæгъза дæр мæнæ тæппудтæй нæу, мæгуырау нæ архайы кардæй. Иуы дзы куы ныммара, уæддæр Хъуызайы удæн — æхцон! Цы мын ракæндзысты? Уыдон мæ нæ уындзысты, афтæмæй сæм мæхæдæг та кæсдзынæн тарæй. Стæй амал куынæуал баззайа, уæд афардæг уыдзынæн. Уæдмæ та хъуамæ фестон рыг æмæ ныккæлон Нарты тæссарвад Сосланы цæстыты», — афтæ сфæнд кодта йæхинымæры Дзæцъу æмæ йыл цæмæй Челæхсæртæг баууæндыдаид, уый тыххæй йын адæймагау загъта:

— Иллитт-биллитт, Лæгъза, Дзæцъуйæн йæ бон у æрбатары уа æмæ афардæг уа йы фыды бæстæм, фæлæ дæу нæ ныууадздзæн иунæгæй. Нæ фыдызнæгты къухæй ды куы фесæфай, уæд ма Дзæцъуйы йæ хъæбул Хъуызайы фæстæ цæмæн хъæуы цæрæнбон! Кæртмæ ныххизыны йеддæмæ та дзы, уæвгæй, æндæр амал нал ис! Ныккæс ма дæлæ Сантары судзгæ фатмæ! Ныххнзæм кæртмæ æд хотыхтæ! Тæссарвад дæм лæгæй-лæгмæ хæстмæ сиддзæн, фæлæ-иу фæстæмæ ма фæлæуу! Фæстæмæ куы фæлæууай, уæд дæ хай фæуыдзæн æнахъинон мæлæт, йемæ куы схæцай, уæд та мæлæты æмбис, уымæн æмæ йыл мæ дæлимонты сардаудзынæн æмæ йын йæ фæринчы ком ныкъкъодах кæндзысты. Уыдон авд сты, мæ дæлимонтæ та сæдæтæ æмæ минтæ. Уыдон нæ армытъæпæныл æргом æвæрд сты, мæ дæлимонтæ та уыдзысты тары. Дзорс æмæ тæссарвад Сосланы тасы азар чысыл се уæнгты зилы, фæлæ сæ сыссдзынæн æмæ сегас дæр фестдзысты нæ мыггаджы фыдæл Хæбылайау ныфсджын æмæ хъæбатыр. Мах уырдæм мæлынмæ нæ цæуæм, Лæгъза! Мах кæртмæ цæуæм Æртыккаг дунейы сæрыл хæцынмæ! Уæдмæ кæд не згъæрджын æфсад сфæлмæцид Цæндийы дзæнгæдамæ хъусынæй æмæ хæццæ кæнид! Кæд æрбахæццæ уа, уæд Дæрæн дæр суыдзæн Сосланы фаг, иллитт-биллитт! Цæуæм, Лæгъза! Хуыздæр амал нæй нæ къухы. Куынæ ныххизæм æмæ мæ дæлимонтæм фæстаг хатт куынæ фæсидон, æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо, зæгъгæ, уæд кæнæ Дзорс йæхæдæг схиздзæн ардæм æмæ нын нæ дуар æрбасæтдзæн, кæнæ гуыпгæнæн суадздзысты, кæнæ та Сантар йæ судзгæ фат фехсдзæн земæ нæ сау-сауид хосы арты æвзæгтæ фелвасдзысты нæ мæсыгимæ!..

Дзæцъу та йын йæ удмæ куы ныккастаид, уый тасæй Челæхсæртæг хъуыды кæнын дæр нал уæндыд, фæлæ уæддæр йæхимидæг скарста: «Афтæ цард дæ сæры, седæппæтæй раст куыд зæгъыс! Кæртмæ нын æнæ ныххизгæ кæй нал ис, уымæй раст зæгъыс, фæлæ мын афтæ кæй бæлвырд кæныс, демæ сæфгæ кæндзынæн, зæгъгæ, уый мæ бауырна? Куыннæ стæй, æндæр дæ ницæй мæт ис! Цы уа, уый уæд! Мæлæт кæй хонæм, уый адæймагæн тæссаг вæййы уæлæуыл цæргæйæ. Уырдыгæй куы фæипæрд вæййы, уæд æм зын нал фæкæсы йæ дунетæ раивын. Æз, чи зоны, ныртæккæ мæ дуне раивон тæссарвад Сосланы къухæй, фæлæ та искуы сыстдзынæн æндæр дунейы æмæ та райдайдзынæн ме знæгтимæ тох кæнын. Æрмæст мæ зæрдæ æмæ мæ сæры магъз баззайæд æнæхъæн æмæ мын сæ арты мидæг ма басудзæд, уый йеддæмæ та сыстдзынæн! Уæдмæ та ныххиздзынæн кæртмæ æмæ, чи зоны, мæ фыдызнæгтæй иу гыццыл туг рауадзон!»

Челæхсæртæг йæ дыууæ къухы йæ риуыл дзуарæвæрд скодта, афтæмæй æрбацыд æмæ Сосланæн йæ тæккæ раз слæууыд. Дзæцъу йæ фæсчъылдым æрныгъуылд æмæ ахъуыды кодта: «Иллитт-биллитт, рæстдзинад цы у, кæнæ кæй къухы ис, уый нырма ничи зоны. Мæнæ уыцы тæссарвад куынæ æрбацыдаид, уæд, чи зоны, дæлимонты æмæ адæймæгты фæлтæртæ фæстагмæ бæлвырд кодтаиккой, дун-дунетыл рæстдзинад нæ дыууæ мыггаджы цæдис æрфидар кодта, зæгъгæ. Иллитт-биллитт, кæд ныртæккæ Сослан Лæгъзайы басæтта, уæд амæлдзæнис, адæймаг дæлимоны амындæй йæ мыггагæн цы рæстдзинад лæвæрдта, уый. Уадз æмæ уыдон кæрæдзийæн сæ сæртæй кувой! Мæнæн та мæ къухы ис рæстдзинад æмæ йын йæ бавæрынæн хуыздæр амал куынæ ссарон, уæд мын мæ фыдæлты миниуджытыл мæ къух ничи сисын кæндзæн. Бакæсдзынæн уал, сæ иу се ’ннæйы туг куыд рауадздзæн, уымæ! Стæй, иллитт-биллитт, фæтары уыдзынæн, ацы æргæвдæнæй мæхи дард айсдзынæн æмæ уый уыдзæн мæ дæлимон рæстдзинад».

Дзæцъуйæн йæ хъуыдытæ кæронмæ нæ ахæццæ сты, афтæ йын Нарты Сослан йæ дзыккутæм фæлæбурдта æмæ йын сæ кардæй счъепп ласта.

— Дзæцъу, хæсгард мæм нæй æмæ дæ хæсгарддзæфы бæсты хъуамæ фæкæнон карддзæф! Кæннод та мын фæтары уыдзынæ! — загъта уый æмæ йын йæ хъуынтæ фæйнæрдæм афу кодта.

Дзæцъу нырдиаг ласта. Йæ сæрмæ фæлæбурдта æмæ, йæ мидбынаты зилахаргæнгæ хуылыдз æхсидав цæхæр арты куы бавæрай, уыйау йæ цъæхснаг сыф-сыф ссыд. Йæхимидæг стыхстис, йæ къæбутмæ фæлæбурдта, нал дæр дзы къах фæзындис æмæ нал дæр къух.

— Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо! Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо! Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо! — лыстæг хъæлæсæй хъæр кодта Дзæцъу.

Дзæцъучы фæдисмæ дæлимонтæ фæныфсджын сты æмæ се ’мбæхсæнтæй стахтысты. Мæсыгы сæрмæ арв асау кодтой æмæ цъахцъахгæнгæ уæлейæ дæлæмæ фæттæ рауагътой дзыгуырæй, къæвдайы æртæхтау, æмвæтæнæй. Дзæцъу йæ кард куы фелвæста æмæ Уырызмæгыл йæхи куы ныццавта, уæд йæ дæлбартæ дæр се ’лдары хынцмæ сæхи зæхмæ æруагътой, фæтары сты, афтæмæй сæ саджил кæрдтæ фелвæстой. Алыккаты Хазби сæм дардæй куы бакаст, уæд афтæ фенхъæлдта, хотыхтæ сæхæдæг хæцынц, зæгъгæ. Æх-хын, тæх-хын, тæх-хæндзо, мæ хъæбатыр дæлимонтæ! Нарты гуыппыртæн сæ цæстыты къуырфытæм бахъавут, зæгъгæ, иу фæдисы хъæр ма ныккодта Дзæцъу. Сослан æмæ Батрадз фиппайдтой, дæлимонты саджил кæрдтæ сæ алварс куыд цъыввыдтытæ кодтой, уый, фæлæ сын сæ хицæутты нæ уыдтой æмæ фырмæстæй сæ болат буæрттæ цъæхарт суагътой. Уæртæ Дзæцъу æмæ Челæхсæртæг сæ сынæджытæ кæрæдзимæ сыздæхтой æмæ февзидынц куы Хæмыцмæ, куы Æхсæртæгмæ, куы Хазбимæ, куы Черменмæ, куы та Уырызмæгмæ. Сæхи сæм байвазынц, фæлæ саджил кæрдтæ æвиппайды фæдзыгуыр вæййынц, сæ кæмттæ сæ чъылдымтыл скафынц æмæ сын сæ развæндаг ахгæнынц. Саджил кæрдтæ-иу, куырисы баст хоры хæтæлтау, иу ранмæ куы фембырд сты, уæд-иу Æхсæртæг уырдæм фат ныццавта æмæ-иу фæцыд дæлимоны мæлæтдзаг хъиу-хъиу. Стæй-иу хотыхтæ фæпырх сты æмæ-иу дзы цалдæр, лыг къабузау, дæлæмæ æрхаудис. Дзæцъуйæн фæтарыгæнæн нал уыдис æмæ нал ауæрста нал дæр йæхиуыл, нал дæр йæ дæлимонтыл. Чермен æмæ Хазби фæхатыдысты Æхсæртæджы архайды сусæгдзинад æмæ-иу уыдон дæр рацагуырдтой, саджил кæрдтæ, кæм фæарæх сты, ахæм бынæттæ.

Сослан зыгъуыммæ цъыкк ласта йæ фæринкæй, къахæй сæ ссыдта, къухæй сæ кæрæдзийыл хоста, фæлæ йын Челæхсæртæг æмæ Дзæцъумæ баирвæзын нæ бантыст. «Ныр ма згъæрджынтæ куы ’рбамидæг уаиккой, уæд зын уавæры нæ бахауиккам, уæдæ! Уыцы мæгуыртæн сæхицæн амарæн нæ уаид, сæхæдæг та нæ цъыкк кæниккой сæ хотыхтæй! Чысыл куынæ батагъд кæнæм, уæд Санибайаг лæппуйы коммæ нал бакæсдзысты æмæ ацырдæм рагуылф кæндзысты! Уæд дзы туджы зæйтæн æнæ ’рцæугæ нæй!»

Æгæр куы скарз сты, уæд Батрадз иу хъæрахст ныккодта æмæ саджил кæрдты астæумæ йæхи баппæрста. Айтæ-уйтæ нал фæкодта, Дзæцъуйы дæлдымæг йæ къахы быбынкъæй скъуырдта æмæ йæ пакъуыйау фехста, йæ уарзон дыджызæйы йын амарынмæ цы хотыхæй хъавыдысты, уый бæрзонд цæлхыты ’рдæм. Дæлимон гуыпгæнæны сау-сауид хæтæлыл æрхауд. Куынæуал базмæлыд, уæд Челæхсæртæгæн фырмæстæй йæ цæстытæ аталынг сты. Йæ кард уæлийау фæхаста, фæлæ йæм Сослан йæхи баскъæрдта, йæ цонг ын ацахста æмæ йын йæ хæцæнгарз йæ къухæй сыскъуыдта. Стæй йæ фыдызнаджы гуымир гуыпп ныккодта æмæ йæ хæмхудтæ дурастæрдыл куы ахафта, уæд æй фелвæста æмæ йæ къодахау зæххыл ныццавта. Фестынмæ та хъавыд, фæлæ Сослан йæ уæлæ абадтис.

— Нæн-нæ, мæнгард цыдæр, ам дын Хызы фидар нал ис! Стæй мæ дæ хуызæн куыдзимæ хæцгæ чи фена, уый мын цы зæгъдзæн! Кардæй дæ нæ марын, къухæй дæ æна?тугæргæвст хъуамæ акæнон, æнаккаг цыдæр! — куыддæр ын йæ хурхыл бахæцыд, афтæ йæм Батрадз фæлæбурдта æмæ йын æй байста.

— Ахæм мæлæтæн не ’нтысы, Сослан! Афтæмæй нæ фесæфдзæн йæ кой ацы мæнгардæн! Искæцы бæсты та сыстдзæн йæ гуырдз, фæлæ йæ мæ бар бауадз! — загъта уый æмæ йæ бахаста гуыпгæнæны тæккæ цурмæ.

Дæлимонтæ иуæрдыгæй фæуыргъуыйау сты, се ’лдары сын Батрадз гуыпгæнæны сау-сауид хæттæлыл кæй ныццавта æмæ кæй фæуадзыг ис, уымæй. Иннæрдыгæй та сын Батрадзы хъæрахст се уæнгты бауагъта тасы азар æмæ фæтары сгы, сæ тохы быдыр фæуагътой.

Батрадз гуыпгæнæны сау-сауид хæтæлыл ныббаста Челæхсæртæг æмæ Дзæцъуйы. Æртыккаг дунейы æппæты тæссагдæр хотых æд адæймаг æмæ æд дæлимон йе уæхскыл авæрдта æмæ кæртæй æддæмæ рагæпп ласта. Сосланитæ сæ бæхтыл абадтысты æмæ йæ фæстейæ басырдтой, кæд, кæдæм лыгъдис, уымæн ницы зыдтой, уæддæр.

Фæстейæ аззадысты сахарæн йæ бæрзонд мæсгуытæ, йæ нарæг фæзилæнтæ, йе ’хсыры цад, йæ фæзуат, йæ сæйраг кулдуац. Дæлимонтæ-иу хатт сæ сæрты расыллынг ластой æмæ-иу сыл фæттæ раскъæрдтой, фæлæ та-иу фæтары сты. Кулдуарæй ахызтысты, Раст уынг иуварс фæуагътой æмæ рахизæрдæм фæзылдысты. Дыууæ хъулон-мулон къулы æхсæнты æрхы былыл ныууадысты æмæ ахызтысты, айразмæ сæ разы йæхигъæдæй цы сусæг кулдуар фегомис, уымæй. Скъуыдтæ æмæ рæмыхст фæндагыл суанджы суадысты. Сусхъæд бæлæсты хъæд фæтæнæгдæр ис. Фæнык æмæ æртхутæг фæарфдæр сты. Уæлæмæ-уæлæмæ сыфтæр æмæ лыстæг къалиуы мыггаг нал разындис. Хурзæрины зæрин тынты æрттывд фæтыхджындæр ис æмæ дæлимонтæн сæ кой нал фæзынд. Сослан ныр базыдта, Батрадз æдуаргъ сæ разæй фистæгæй кæдæм лыгъдис, уый æмæ фырцинæй йæ зæрдæ схæлбурцъ кодта: «Згъæрджын æфсады чи бацардауа, уый сын нал ис æмæ Санибайаг лæппуйæн ныр ницы уал тас у!»

Батрадз фæстæмæ нæ каст. Йæ къæхты бын рынчын зæхх рызтис æмæ йæ хъæдгæмтты дудагæй хъæрзыдта. Гуыпгæнæны сæмæн йе уæхсчытыл уæрхæй-уæрхмæ сæ вæрдта, йæ дыууæ цалхы йын йæ къухтæ атъыста, йæ сау-сауид хæтæлы бырынкъ ын хæрдмæ ныхъхъил кодта. Дзæцъу йе ’муд æрцыд æмæ лыстæг хъæлæсæй ныууасыд, æххын, тæх-хын, тæх-хæндзо, зæгъгæ, фæлæ йæм Хурзæрин куы æрбакаст, уæд йæ цæсгом гуыпгæнæны сау хæтæлыл нындæгъта. Батрадзæн йæ сæрмæ рыг, сау мигъау, сыстад, йæ фæсхъусты уадтымыгъ сыффытт кодта æмæ фæйлыдта. Дзæцъу базыдта, кæдæм сæ хаста, уый æмæ уынгæг хъæлæсæй нырдиаг кодта: «Кæдæм ма мæ хæссыс, Нарты Хæмыцы фырт, рагъæн ацы фарс мæ амар!»

Рагъмæ куы схæццæ сты æмæ сæ Хурзæрины сырх-сырхид тынтæ куы ныццавтой, уæд Батрадз йæ уаргъимæ дзыхълæуд фæкодта æмæ фырæфсæрмæй йæ цæсгом иуварс азылдта. Стæй йæхи уырдыджы ауагъта, йæ гуымс-гуымсæй зæххы æртхутæг фенкъуыст æмæ сæхсæхгæнгæ абырыд дæлæмæ. Зæххы скъуыдтæ хъæрзыдтой, хæхтæ гуым-гуым кодтой æмæ адгуытæ хъырныдтой, фæлæ бæхджынтæ хъуыстой Батрадзæн йæхи уды хъæрахст дæр: «На-на-а-а! Нана-а-а! Нана-а-а!» — уырдыджы тахтис, чысыл сабийау, кæугæйæ.

Æвиппайды фæцис йæ фæндаг. Йæ уаргъ хъизæмайраг зæххыл æрæппæрста æмæ Хурзæрины раз йæ зонгуытыл æрхауд.

— Нана, ныббар мын! — йæ дыууæ къухы йæдыджызæмæ фæдаргъ кодта æмæ йæ цæссыг фемæхст Нарты Хæмыцы фырт Батрадзæн.

Хурзæрин йæ кæнгæ хъæбулмæ йæ цæнгтæ фæдардта æмæ йæхи рауагъта, фæлæ йæ гуыр размæ цы ратасыд, уый йеддæмæ йын фезмæлын нæ бантыст, баурæдта йæ, йæ кæнгæ хъæбул ын йæ къæхтыл цы сау рæхыс сæвæрдта, уый.

— Батрадз, мæ хъæбул, кæм мын уыдтæ нырмæ? — йæ кæнгæ фырты цæссыгтæм кæсгæйæ йæ уд йæ хъуырмæ ссыд Хурзæринæн. Фæндыдис æй, цæмæй йын йæ цæссыгтæ асæрфтаид, фæлæ йæм не ’ххæстис. Йæ къæхтæ донæй нæ зындысты. Рæхыс дæр уыдис дæлдон, цæмæй Хурзæрины буары тæвдæй ма батадаид, уый тыххæй.

— Нана, ме ’рдызт сæрымагъз ма дæ ныббæттыны фаг ссис! — нырдиаг кодта Батрадз æмæ цæмæй Хурзæрины уавæрмæ мауал кастаид, уый тыххæй йæ цæстытыл йæ къухтæ сæвæрдта.

— Уый ды нæ уыдтæ, æхсыры цад уыдис, мæ хъæбул! Бæхджынтæ æрфистæг сты æмæ Батрадзы тæккæ фæстæ слæууыдысты къулсæрæй, уæнтæхъилæй. Галиуæрдыгæй йæ бæрзонд цæлхытыл лæууыд гуыпгæнæн. Йæ сау хæтæлы уæлæ адæймаг æмæ дæлимон тæлфыдысты. Йæ талынг цæст Хурзæринмæ ныццавта. Хурзæрин куыдта, куыдтой арв æмæ зæхх дæр. Æртхутæгыл тæвд цæссыгтæ куы ’ркалдысты, уæд йæ урс-урсид тæфы къуымбилтæ сыстадысты æмæ кæмтты ныббадтысты. Цæмæн банымæг сты нæ сыгъзæрин мадæн йæ тынтæ? Кæм фесæфтысты йæ тæмæнæрттывд, йæ зæрин хуыз ма дыдзы цавд куы кæны æмæ йæ цæсгом куы нырхæндæг ис, уæд? Чи зоны, йын йæ хъæбулты судзаг рис йæ зæрдæйы цавд фæнымæг кодта æмæ йæ зæрин дадзинты мидæг йæ туджы цавд фæгуыппæг ис?

— Нана! — æндæр йæ бон ницыуад бацис Батрадзæн.

— Æввахс мæм рацу, мæ хъæбул, ардыгæй дæм не ’ххæссын! — дæ рæхыс мæ азмæлын нæ уадзы, зæгъгæ, уый зæгъын йæ цæст нæ бауарзта Хурзæринæн.

Батрадз æм йæ зонгуытыл бабырыд. Йæ дыууæ къухы йын ацахста æмæ йын сæ йæ рустыл аныхæста. Хурзæрин æй йæ риумæ балхъывта, йæ цæстыты къуырфытæн ын апъа кодта æмæ йе ’взаг цæхджын донæй куы фæхъæстæ ис, уæд базмæлыд æмæ йæ рæхысы къуырма дзыгъал-мыгъул ссыд. Æфсæйнаджы нымæг зæлланг Батрадзæн йе ’муд æрцæуын кодта. Йæ цæстытыл ауадысты й



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.