Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XV. ÆППÆТЫ СТЫРДÆР ФÆЛВАРÆН



XV. ÆППÆТЫ СТЫРДÆР ФÆЛВАРÆН

Сосланитæ сæйраг кулдуарæй ахызтысты æмæ сусхъæдæй æмбæрзт суангыл фæхæрд кодтой. Бæрзонд дуарæн йæ хъыс-хъыс ссыд, æмæ йæ фæлгæтыл æнгом бафæлдæхтис. Бæхтæ хæрды удаистæй згъордтой. Фæсвæндæгты кæрдæг уыдис къомсийау бур-бурид. Сусхъæды сыфтæртæм цыма артæвзаг æрбавнæлдта, уыйау куыдуæлæмæ хус кодтой. Фæндаг — скъуыдтæ, йæ цъар фæркгай схаудта. Къæпдзых цъассыты сæрты бæхтæ сæррæтгæнгæ уадысты. Сослан рæмыхст зæххы цъары къæбæлдзыг фæрчытæ æмтъеры æмæ хъила-милайæ куы ауыдта, уæд базыдта, ацы хъаймæты зынгирвæзтæн рухсы сырх-сырхид цæджындзы ферттывдймæ цыдæр иудзинад кæн уыдис. Рагъыл зæринхуыз рухсы тæмæн фæтыхджындæр, æмæ Черменмæ афтæ фæкаст, цыма уæлбæхæй æхсидгæ æндоны малы ленк кодта. Бæлæсты зæнгтæ æмæ къабузтæ уыдысты сау-сауид. Æрмæст ма сæ бындзæфхæдтæ кæмыты аззадысты, уымыты зокъотау стыппыртæ сты æртхутæджы обаугæндтæ. Бæхтæ дзы уæраджы онг ныхстысты» Куыдфæстагмæ уайын райдыдтой фæгæпфæгæпгæнгæ. Æртхутæгæн йæ тæвд æрбандæвта. Зæринхуыз арты дæргъæццон æвзаг тынгдæр сызмæлыд. Йе ’рттиваг бырынкъ-иу кæм аныдзæвдис, уым-иу арыд зæххæн йæ цъæхснаг сыф-сыф афтæ фæцыд, цыма адæймагæн йæ гом буарыл сырхзынг уæхстæй дамгъæ авæрдæуыд. Сосланмæ йæ зæрдæ дзырдта: уый хуымæтæджы рухс нæу, уый цард æмæ мæлæты суадон у. Фæлæ артæй сауарыд рагъы фаллаг фарс нæма зынд, æмæ-иу уыцы арауæг рухс кæцæй сирвæзт, уый не ’мбæрста. Санибайаг лæппу зыдта, рагъæй акæсгæйæ сæ разы цы февзæрдаид æмæ сæм цы бæллæх кастис, уый. Куыддæр ын фадат фæцис, афтæ йе ’мбæлттæн ацамыдта, ныртæккæ уæ ныййарæг мæдты куы фенат, уæддæр сæм сæ нæмттæй ма сдзурут, зæгъгæ. Сосланæн йæ зæрдæ сгуыпп гуыпп кодта æмæ йæ æрфæндыд, уыцы хины сæрзæнт куы фелвæстаид æмæ йæ Церечы згъæрмæ куы фæсидтаид, фæлæ йæм цыдæр мидхъæлæс дзырдта, афтæ ма бакæн, кæннод ацы сызгъæринхуыз рухсмæ цæхæрайау алæбырдзынæ, зæгъгæ. Черменæн йæ хид сæх-сæх кодта, фæлæ быхста æмæ дзы сыбыртт нæ хауди. Дæрæнæн йæ бон æмырæй цæуын куынæуал бацис, уæд рыст хъæлæсæй ныууынæргъыдта, æтт, нæ цытджын хицау, ацы зындоны æхсидæнæй нæ бахиз, зæгъгæ, æмæ йæ сæрзæнтыл уæлæмæ схæцыд.

Æртхутæгæмбæрзт рагъæй дæлæмæ куы акастысты, уæд Сослан йæ цæстытыл йæ къухтæ авæрдта æмæ фæбогъ кæнынмæ хъавыд, фæлæ Сатанайы фæдзæхст нæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ йæ цæргæ-цæрæнбонты фыццаг хатт йæ нæстытæ доны разылдта. Ардыгæй хорз уыдта, урс-урсид мигъы пумпуси къуымбилтæ-иу куыд атадысты æмæ та-иу змæст пъæрайы сæрмæ сырхзынг тымбыл куыд фæзынд, уый. Стæй урс-урсид æмæ сырх-сырхид хуызтæ схæццæ сты, сæ тæмæн йæ цæстытæй йæ сæрымагъзмæ сфардæг æмæ йын йæ къæмисæнтæ асыгъта. Цæмæй йæ уынæр фæстæмæ аныхъуырдтаид, уый тыххæй йæ галиу уæларм йæ дзыхы акодта: «Æтт, нæ Хурзæрин, мæ зынг дын куыд бахуыссыд, гъе!» Йæ уæлармы туг куы акалд, уæд йæ зæрдæйы дудаг чысыл фæрогдæр, æмæ та дæлæмæ акаст.

Чермен цавддурау дæлæмæ каст æмæ йын маст йæ хъуыр ахгæдта. Йæ цæссыгтæ йæ уадултыл æргæр-гæр кодтон. «Уый дын нæ сызгъæрин мады хъизæмæрттæ!» — йæхи нал баурæдта Уырызмæг, æмæ йе ’фсæр барызт, афтæмæй йæхимидæг цыдæртæ дзырдта, фæлæ йын йæ ныхæстæ ничи хъуыста.

Дардæй бакæсгæйæ Хурзæрин зындис, артæй райсгæ сырхзынг уартау тымбылæй. Фæлæ Сослан зыдта: Хурзæрин у къах æмæ къухæй кондджын, гуырвидыц æмæ рæсугъддзæсгом сылгоймаг. Дæрæн сæ ам бирæ лæууын кæй нæ бауагътаид, уый аивæй æнкъардта æмæ Хурзæрины зæххыл цы урæдта, уый базоныны тыххæй йæ мигъдзæстытæ дæлвæзмæ ныццавта.

Дардæй афтæ зынди цыма Хурзæрин йæ был фæсхохмæ ныддардта æмæ ныгуылгæ фæцæйкодта. Сосланæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, Батрадз-иу уæлæрвтæй Нарты хъæумæ Хурзæрины тыныл куы æртахт æмæ-иу ын сусæгæй йæ хъусы афтæ куы дзырдта, цом, Уарыппы хохы цъупмæ схизæм æмæ, Хурзæрин изæрыгон фæсæфцæгмæ куыд ныттулы, уый фенæм, зæгъгæ. Батрадзы-иу иуæрдыгæй йæ къах нæ хаста хæдзарæй, иннæрдыгæй та зыдта, Хурзæрины кæй нæ баййæфтаиккой, фæлæ йæ фыдыфсымры зæрдæхудты куыд бацыдаид æмæ та-иу йемæ араст. Сосланы фæндыд, Хурзæрин дыууæ хохы ’хсæн лæнчы йæ сæр фахсыл куыд бавæры æмæ фынæйæ йæ зæрин тынтæ куыд бамынæг вæййынц, уый фенын. Сцымыдис-иу, райсом йæ мидбылхудтмæ йæ зæрин тынтæ ногæй куыд ссудзынц æмæ дун-дунетыл куыд апырх вæййынц, уымæ. Фæлæ æфцгуытæ æмæ кæмттæн нымæц нæ уыд, æмæ йе ’хсæв кæдæм бахастаид, уый нæ зыдта. Батрадзæй никуы сирвæзт, макæ, Сослан, Хурзæринæн афтæмæй баййафæн нæй, зæгъгæ, фæлæ йæ иунæгæй куыд ныууагътаид æмæ нымадтой кæмтты фале кæмттæ, хæхты фале хæхтæ. «Куыдз цыдæр, уæдæ дæу куыд бауадзы йæ цурмæ?» — йæ масты пырх-иу акалдта Сослан æмæ таиу хохæй хохмæ асæррæтт ласта. «Мæнæн мæ дыджызæ у, йæ чызг Ацырухсимæ иу æхсæв райгуырдыстæм!» — кæмтты-иу анæрыд Батрадзы худын. Сослан-иу хохы цъупмæ Батрадзы разæй сгæпп ласта æмæ-иу йæ дыууæ къухы йæ былтыл тымбылæй авæрдта, афтæмæй-иу ныррыхыд: «Куыдз цыдæр, æмæ дæ дыджызæ мæнæн дæр мад нæ баххæссы, и?» Уæд Ацырухс йæ къухы нæма уыд!

Фæстæмæ-иу изæрмилты раздæхтысты. Фæндагыл-иу Батрадз дзырдта: «Мæсты ма кæн, Сослан! Æцæг нæ сызгъæрин мад у, фæлæ нæлгоймæгтæ стæм æмæ нæ цуры æфсæрмæй йæхи сынтæгыл куыд хъуамæ æруадза? Сатанайау уый дæр у хуымæтæджы сылгоймаг æмæ хатт йæхи зæхмæ куынæ æруадза, уæд афтæмæй йæ бон цæрын нæу. Кæс-ма-иу æм, кæс. Райдианы йæ бæгъæввад къах зæххыл чъызгæ æрæвæры, стæй йæ уæрджытыл йæхи æруадзы ггмæ йæ сыгъзæрин дзыккутæ йæ сæры бын бакæны, афтæмæй æрæнцайы!» — йæхимидæг Батрадзы ныхæстæ нымадта Сослан.

Хурзæрин лæууыди доны. Дон æхсыст æмæ тæф калгæ сур кодта, фæлæ та-иу æм ног уылæнтæ батылдысты. Доны астæу æй цы уромы æмæ хуыскъмæ цæуылнæ рахизы?.. Сослан ын ардыгæй хорз уыны йе ’нтъыснæг цæсгом. Дæлæ, йæ зæрин дзыккутæ дыууæ тымбылы скодта, афтæмæй сæ йæ дæлæртты бамбæхста. Дæлæ йæ къæлæт æрфгуыты аив нывгарст æмæ йæ дæргъæццон цæсгыхауты ферттывд, йæ цæстыты хъарм æмæ йæ цæсгомы узæлд. Йæ дзыккуты æрттывдæй бæстæ байдзаг æмæ алфамбылай афтæ зыны, цыма йыл æхсидгæ доны ауагъдæуыд. А-а-а, ныр бамбæрста Сослан, Хурзæрин доны астæу цæмæн лæууы, уый. Йæ къæхтыл æвæрд ис ставд рæхыстæ æмæ сæ цæмæй ма бадон кæна, уый тыххæй йæ слæууын кодтой доны астæу æмæ йæ ныббастой... Хатгай йæхи банкъусы, йæ рæхыстæ атоныны охыл йæ зæрин дзыккуты сырх-сырхид алайыл йæхи уæлæмæ сисы, фæлæ та йыл чидæр дæлæмæ æрхæцы æмæ йын йæ къæхтæ доны нытътъыссы... Чи у уый? Цы мад æй ныййардта æмæ цæмæй конд у, йæ разы чи лæууы, уый? Куы-иу стæвд, уæд-иу йæхи доны баппарста, æмæ та-иу йæ сыф-сыф суанг ардæм æрбайхъуыст. Стæй та-иу былгæрон дæлгоммæ æрхуыссыд æмæ-иу йæ армытъæпæнтæ йæ рустæм быцæу сæвæрдта, афтæмæй-иу Хурзæринмæ нымдзаст и...

Дæрæнæн йæ уадултæ куы стæппæлттæ сты, йæ цæсты бынтæ куы ныскъуыдтæ сты, уæд йæ сæрзæнт æруагъта æмæ йæ кард фæцъортт ласта:

— Æтт, Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбултæ! Уæхæдæг уынут, дæлæ нын уый цас хъизæмæрттæ æвзарын кæны, уый! Комкоммæ йæм куы бакæсай, уæд саугуырм ауыдзынæ. Æмгæрон æм куы бацæуай, уæд та лæджы фæнык фестын кæны! Уæлейæ комкоммæ кæмæ ракæсы, уымæн та йæ сæрымагъзы хъуыдыйы маргджын кæлмытæ базмæлы, æмæ йын фесафы йæ амондджын цард. Мæ фæдыл цомут æмæ йе ’хсидгæ туджы байсæрæм нæ кæрдтæ! Омбæ! Омбæ! Омбæ! Омбæ! Æмæ йæ фæсауæрцы бæх йæ фæдыл ласгæ уырдыджы йæхи ауагъта.

Сослан адæргæй йæ бæхы рагъмæ куынæуал сфæрæзта, уæд ыл Уырызмæг йæ хъæлæсыдзаг фæбогъ ласта: «Æтт, Хъæрæу! Æртыккаг дуне дын дæ лæгдзинадмæ куы æнхъæлмæ кæсы, уæд ды та цы кусыс?!»

— Омбæ! Омбæ! Омбæ! — Дæрæны фæдыл аивылдысты иннæтæ.

Зæххæн йæ фæздæг калд æмæ ранæй-рæтты сыфсыфгæнгæ сыгъдис. Сау-сауид тигъджын къуыбæрттæ дзæгъдзæгъгæнгæ уырдыджы тылдысты. Доны былгæрон дæлгоммæ чи хуыссыд, уый, чысыл сабийау, йæ къæхтæй йе ’рбадæн хоста, афтæмæй касти Хурзæрины хъизæмармæ. Хурзæрин йæ зæрин къухтæ доны нытътъыста æмæ йæ тæккæ раз сыстад сæнт-урс мигъ. Мигъ куы атади, уæд бахудти. Зæринхуыз уылæнтæ уæлæмæ æмвæйлыд скодтой, Хурзæрины сæ сæрмæ фелвæстой, æмæ Сослан йæхи цæстæй ауыдта, Хурзæринæн йæ бæгъæввад къæхтæ донæй куыд фæхицæн сты æмæ йæ сау-сауид рæхыс куыд ныттынг, уый. Иучысыл ма афтæ æндыгъдæй куы фæуыдаид, уæд æндон цырагъау, атадаид æмæ Хурзæрин ссæрибар уыдаид, фæлæ йæ зæвæтæй йе ’рбадæн чи хоста, уый йæ къæхтæ тилын фæуагъта æмæ фæгæпп ласта. Йæхи доны баппæрста, сырхзынг рæхысмæ фæлæбурдта æмæ йыл доны ’рдæм æрхæцыд: «Нæ, нæ, Æртыккаг дунейы знаг, афтæ æнцон стæхæн дын нæу!» Æмæ йын йæ къæхтæ доны нытътъыста. Сослан ын ауыдта йæ цæгæр сæр, йæ сасирыйас цæстыты ферттывд æмæ йæ егъау къухтæ. Йæ хъæлæс æрвнæрдау нæрыд. Йæ дæндæгтæ-иу болат аркъаутау ферттывтой. Рæхыс сыфсыфгæнгæ доны бынмæ нылвæста, йæхæдæг дæр кæфау аныгъуылд, æмæ дæлдонæй ахæм къупп-къупп сыхъуысти, цыма зæххы къори йæ тæккæ æмбисыл фадгæ кодтой æмæ йын йæ фасты æндон цурк къуырдтой.

Сосланæн ма цы базонын хъуыди, Хурзæрины дæлæ уыцы лæппу кæй хъахъхъæдта, уый. Ныр, æвæццæгæн, рæхысæн йæ цæгты къæбæлтæ къуырдта. Сосланæн йæ болатсæрст уæнгтæ барызтысты æмæ йæ цæсгом афæлурс. Уырызмæг æмæ Санибайаг лæппу йæ ауыдтой æмæ уайтагъд фæхатыдысты: Сослан хъавы йæ Церечы згъæр æмæ йæ Бидасы тахъамæ фæсидын æмæ ацы дæлимонтимæ хæст самайынмæ. Йæ фæйнæфарс февзæрдысты, йæ бæхы рохтыл ын ныххæцыдысты æмæ фæсте куы аззадысты, уæд ын Уырызмæг загъта:

— Лæппу, дæ мады фæдзæхст дæ ферох? Ацы куыйтимæ схæциккам, фæлæ нæхионæн цы ми кæныс? Кæм ис, уымæн йæ ныхмæ чи фæлæууа, ахæм тых?

— Уыцы лæппуйы æгуыдзæг уавæрыл мах дæр тыхсæм, Сослан, фæлæ быхсæм, — загъта Санибайаг лæппу.

— Кæдмæ хъуамæ быхсæм?

— Цалынмæ дæлæ нæ мыггаджы бæгуыдæр лæппу æрæрвонг уа, уалынмæ.

— Бантысдзæн ма йын?

— Бантысдзæн ын, удмарæй нæ райгуырди. Не ’хсæн æппæты æнæхиндæр кæй уыдис, уымæн бахауд ахæм уавæры. Æз уыцы уавæрмæ мæхæдæг æрбацыдтæн æмæ мæ зонд мæхимæ баззад! — хæрзныллæг хъæлæсæй загъта Уырызмæг.

Лæппу йæ сæр донæй сдардта æмæ сæнтдзæфау бахудти.

— Дæу мын уыцы уагмæ чи æрæппæрста, уый нæ дыууæйы тæригъæд бахæрæд! — загъта зæрдæрисгæйæ Хурзæрин.

— Мæ уагыл ма тыхс, æз амондджын дæн! — йæ рахиз къах ын æд рæхыс доны бынмæ нырриуыгъта, æмæ Сослан ауыдта, Хурзæрин фырдудагæй йæ цæстытæ куыд бацъынд кодта, уый.

— Ацырухсимæ уын иу афæдз дзидзи уæддæр фæдардтон, Батрадз! — йæ цæссыгтæ тæрккъæвдайы æртæхтау æргæр-гæр кодтой Хурзæринæн æмæ донæн йæ уылæнтæ фестырдæр сты.

— Æз Батрадз нæ дæн. Æз дæн Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбул Дзорс æмæ, дзидзи дарын цы у, уый дæр нæ зонын.

— Афтæ мын хъæуы, цæмæн дæ рахуыдтон мемæ лæгæмбалæн!

— Мæн ды «никуыцæй рахуыдтай, æз мæхæдæг равзæрдтæн Æртыккаг дунейы! — фæхъæр ыл кодта лæппу, æмæ йæ хъæрæй дон йæ цæуынæй банцад, Хурзæринæн та йæ къæхты бын зæхх хус аци.

— Дæ дыджызæ дæн, Батрадз, куыннæуал мæ зоныс!

— Дыджызæ цы у, уый дæр нæ зонын! Омбæ Æртыккаг дунейæн!

Цæмæй Сосланæн йæ маст йæ хъæлæсæй ма ныссæххæтт ластаид, уый тыххæй тæхгæ бæхæй æрывнæлдта, тæвд сыджыты сыгъдон фелвæста æмæ йæ æваст йæ дзыхы бакалдта: «Æтт, Батрадз, уый бæсты мыггагыскъуыд куы фæуыдаиккам! Ды де змæст сæрымагъзимæ уыцы фарс куы баззайай, уæд мæнæн ацы фарсæй демæ схæцæн ис? Ау, Хызы мæнгард фыртæн йæ тыхтæ нæ мыггаджы бæгуыдæр лæппуты руаджы фæфылдæр сты? Уыдон фæрцы йын бантыст Хурзæрины æрцахсын? Мæнгæн нæ акæнынц, адæм, дам, фæдисмæ, куыйтæ та — къæбицмæ! Мах нæ мыггаджы бæгуыдæртимæ стæры куы ацыдыстæм, уæд уый та бавдæлд æмæ мын мæ бинойнаджы аскъæфта. Æз фырмæстæй цъæх арт уагътон, уый та мын мæ мастыл цæхх зæрста æмæ йыл куы æрхъула кодтон, уæд мæм фидарæй рарвыста, Хурзæрин мæ къухы нæ бафтыд, фæлæ æппыннæйы бæсты йæ чызгæн дæр ницы у, зæгъгæ. Æцæг, мæнæй цы ахаста, уы йеддæмæ йæ мыггаг æмæ йæ байзæддаг мацы фенæд, фæлæ йын ме ’взонджы фыдæй бирæ барстон!.. Æтт, Батрадз, иу каст ма куы ракæнис не ’рдæм!»

Чермен дис кодта, уæлæ сæ уырдыджы æрцæйцæугæйæ Хурзæрин кæй фæцæйсыгъта æмæ ныр, йæ тæккæ раз уæвгæйæ, афтæ тыхджын кæй нал æндæвта, ууыл: «Нанайæ хъауджыдæр нæу! Уый дæр-иу дардмæ йæхи равдыста тызмæгæй, фæлæ йыл куыддæр дæхи бакъул кодтаис, афтæ дын йæ фæлмæн къухæй дæ сæр адаудтаид!»

— Омбæ, Дзорс, омбæ! Æхсыры цад æмæ дæ Дзахайы фынг кæд нæ ферох сты? — йæ бæхы фæурæдта Дæрæн.

— Омбæ, Дæрæн, омбæ! Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбултæй сæ хæс никуы рох кæны! О-хо-хи! О-хо-хи! О хо-хи! — æнахуыр худт ныккодта Дзорс.

Цыма уыцы æнахуыр «о-хо-хи»-мæ æнхъæлмæ кастысты, уыйау Дæрæн йе ’мбæлттимæ иуварс алæууыд. Дзорс донмæ йæхи нывзылдта, рæхысы цæгты сагъд цурчытæй æртæ сæфтыдта æмæ Хурзæриныл былгæронмæ рахæцыд. Хусмæ йæ хæрз æввахс баурæдта. Дон йæ уæрджытæй уæлдæр нал калди, фæлæ йын уæгъдæй ныууадзæн нæ уыдис æмæ та йæ зæхмæ нывдызта, йæ рæхыс куыннæ ахус уыдаид, афтæ. Дзорс иуварс куы алæууыд, уæд Дæрæнитæ кæрæдзийы фæдыл арæгъ сты æмæ сæ кæрдтæ фæцъортт ластой. Æппæты разæй лæууыд Дæрæн, стæй — Хъила, Тамби, Цæнди, Дзоко, Хъæрæу æмæ Чоги. Сосланы æппындæр ницы æндæвта, цыма йæ Сау цъыззы цъасмæ фæцæйуагътой æмæ йыл Хурзæрин хæцыд, уыйау дзы йæ цæстытæ ныццавта æмæ йын йæ хуызты ивæнтæм касти. «Хызы мæнгард фыртæн йæ коммæ на бакаст, æмæ йын хъизæмар кæны уыцы цъаммар!»

Хурзæрины буарыл-иу сырх-сырхид тæлмытæ лыстæг уылæнтау азгъордтой, йæ алфамбылай дон æхсысти. Сосланæн та йæ зæрдыл æрбалæууыдысты уыцы авд барæджы цæсгæмттæ æмæ аивæй фæхатыд, ныртæккæ уыдон дæр сæ бæхтыл кæй фæцагайдтаиккой æмæ сæ кæрдтæ Хурзæрины æхсидгæ туджы кæй байсæрстаиккой. Хурзæрин йæ цæстытæ æрæхгæдта, бынтон бамынæг æмæ йæ дзыккутæ зæринæрттывд нал кодтой. Куыддæр Дæрæн фæсауæрцы бæхы идон Хъилайы къухы фæсагъта æмæ йæхи бæхы фæцагайдта, афтæ Хурзæрин йæ дæлармæй йæ дзыккуты баст феуæгъд кодта æмæ алфамбылай æмæрттывд фестад. Йæ буар ссыгъд, йæ риутæ зæринхуыз тæмæн скалдтой, æмæ йæ цæстыты сырхзынг тынтæ ахæм гуыв-гуыв скодтой, цыма искуы зыхъхъырæй дымгæ кодта. Зæринхуыз тынты рог фæйлауæнтæ сцырен сты, Хурзæриныл уæлæмæ схæцыдысты, фæлæ йæ Дзорс æгæр цыбыр ныббаста æмæ йæ рæхыстæ донæй уæлæмæ не сзындысты. Дæрæн йæ тæккæ рæзты йæхи бауагъта, йæ кард уæлейæ дæлæмæ æрсæрфта, цæмæй йын йæ бырынкъæй Хурзæрины галиу сины сæр æркъуырдтаид æмæ йæ тугæй фæхъæстæ уыдаид, фæлæ æвиппайды зæрин тынты тæмæн æмгуылф ракодта æмæ цыргъагæн йæ раззаг æмбис сасымау атади. Дæрæнæн йе згъæры дыс ахъæбæр, фæлæ арт йæ цонгмæ тынг нæ бахъардта. Йæ сæрзæнты ныхæй йæ туг æмæ йæ цъæй рахъардтой, йæ бæх ранæй-рæтты асыгъд, йæ къухы ма карды фистон аззад. «О-хо-хи!», зæгъгæ йæ худæджы бын фæкодта Дзорс, æмæ Хъила йæ бæхы куы фæцагайдта, уæд Санибайаг лæппу Уырызмæджы хъусы адзырдта:

— Хурзæрины тугæй йæ карды бырынкъ чи фæхъæстæ кæна, уый æхсыры цады йæхи ныннайдзæн Дзорсимæ.

— Уыцы хабар базонын мæхи къухы дæр бæргæ бафтыд, Санибайаг лæппу, фæлæ йæ ныййарæгмæ кардæй чи æвзиды!

Хъила æмæ Тамби дæр Дæрæны хал ахордтой, æмæ сæ Дзорс худæджы бын фæкодта: «О-хо-хи! Кард куыд сæрын хъæуы, уый уал базонут, стæй уый фæстæ æрбацæут!»

Уырызмæг йæ бæхы фарс зæвæтæй куы скъуырдта æмæ йæ кардыл уæлæмæ куы схæцыд, уæд æвиппайды фескъуыди дымгæйы ниуын æмæ зæрин тынты хус къæрцц-къæрцц. Сырх-сырхид арты къæбæлдзыг уылæнтæ уайтагъд байсыстысты, Хурзæрин йæ зæрин дзыккутæ ногæй йæ дæларм амбæхста æмæ йæ цъæх арт атайын кодта. Разынди йæ цæсгом æмæ йе уæнгты алæмæты тæмæн, йæ буары сæрзилынгæнæг рæсугъддзинад, йе ’нтъыснæг цæсгомы рæвдаугæ æнгæс, йæ дæллагхъуыр æмæ йæ дзæнхъа риуты æрттывд. Бынтон куы бамынæг, уæд бæлццæттæ фæджихау сты. Уырызмæг йæ тæхгæ бæхы уромгæ дæр нæ фæкодта. Куыддæр ыл йæ цæст схæцыд, афтæ йæ сæры ферттывта: «Ай дыккаджы мæхи Сатанайы хуызæн куы у, уæд ын йæ туджы мæ кард байсæрон?» Цахæмдæр мидхъæлæс æм сдзырдта, лæугæ ма æркæн, иугæр Хурзæрин йæ зæрин тынты тæмæн бамынæг кодта æмæ дæм йæхи равдыста, уæд йæхæдæг дæр карды цæфмæ цæттæ у æмæ дæ хъуыддаг сараз, зæгъгæ. Цалынмæ Хурзæринмæ бахæццæ уыдаид, уалынмæ йæм райхъуысти: «Хъуыды мауал кæн, абæсты цæрæгыл хъуыды кæнын не ’мбæлы. Дæ карды бырынкъæй мын мæ агъды фæлмæнмæ бахъав! Ма тæрс, мæ цæф уайтагъд байгас уыдзæн!» Хурзæрин æм йæхæдæг кæй сидти, уый базыдта æмæ Дзорсы рæзты тымыгъау ныууади. «Хатыр мын бакæн, нæ сызгъæрин мад, дæ туджы мын мæ кард байсæрын не ’мбæлы, фæлæ ахæм æбуалгъы ми куынæ бакæнон, уæд мын Дзорсимæ æхсыры цадмæ бацæуыны фадат нæ фæуыдзæн. Æнæуый та дæуæн хос не ’рцæудзæн!» — йæ карды бырынкъ Хурзæрины агъды фæлмæныл судзины бырынкъау æруад. Цыма йæ какон сындз атыдта, уыйау йæ уæлæ лыстæг сырх-сырхид хахх фæзынд æмæ дзы туг куы расæххæтт ласта, уæд хорзау нал фæци. Фæлæ йын Сатанайы дмындмæ гæсгæ тæхгæ-тæхын загъта:

— Уыцы цæф дын, нæ хицауæн ком кæй нæ дæттыс, уый тыххæй!

— Хъæцын дæ цæфыл, Дзоко! — Уырызмæджы фæдыл адзырдта Хурзæрин.

— Омбæ, Дзоко, омбæ! — фырцинæй зæххыл атылди Дзорс.

— Омбæ, Дзоко, омбæ! — фæбогъ кодтой Дæрæнитæ.

Сослан Хурзæрины судзаг рисмæ каст æмæ фырмæстæй йæ уæрджытæй йæ бæхы фæрстæ балхъывта. «Куыд кæсын, афтæмæй Челæхсæртæг æрмæст йæ ракурыны фæнд нæ кæны! Уымæн йæ фæндтæ ноджы саудæр сты, æмæ бынысæфт куы фæуон, уæддæр нæ сызгъæрин мады туджы мæ кард не стулдзынæн!»

Хурзæрины тугæй дон асырх æмæ йын йæ сæрыл тахъа авæрдта, афтæмæй сыгъдис. Сослан ын йæ зæрин дзыккутæй иу æрду кардæй æрцъыкк ласта æмæ йæ цæхæркалдæй бæстæ афтæ ныррухс и, цыма Уацилла йе ’хсон æрцагъта. Æрду доны ныххаудта, къæрцкъæрцгæнгæ ссыгъд æмæ фæйнæрдæм зæрин тынтæ фæпырх кодта. Сослан уыцы тугхуыз арты куы аныгъуылди, уæд та йæ кард ныззылдта, йæ фындз ын фæтъыста, доны сæрмæ цы сырх-сырхид танхъа сыгъдис, уым æмæ загъта:

— Уый дын, нæ цытджын хицауæн ком кæй нæ дæттыс, уый тыххæй! — йæ кард рахсыст æмæ йын туггъуыз стъæлфæнтæ акалдта, афтæмæй йыл уæлæмæ схæцыд, иуварс ныссыллынг ласта æмæ Уырызмæджы фарсмæ алæууыд.

— Хъæцын ыл, Хъæрæу, хъæцын, дæ ныййарæг мацыуал ныййара, уастæн! — ныхъхъæрзыдта Хурзæрин.

— Омбæ, Хъæрæу, Омбæ! — райхъуысти Дæрæниты хъæр.

Чермен дæр фæхъæстæ кодта йæ карды бырынкъ Хурзæрины тугæй, æмæ авдæй кæрæдзийы фæдыл куы алæууыдысты, уæд зæрин тынты сырх-сырхид æвзæгтæ ногæй ныггуыпп ластой. Дзорс Хурзæрины доны тæккæ астæумæ бахаста æмæ йын йæ рæхысы цæгты æфсæн цурчытæ ныххоста. Йæхæдæг доны аныгъуылд, сау рæхысæн йæ дæргъ абарста æмæ «о-хо-хи, о-хо-хи» хъæргæнгæ йæхи уыциу æхст фæкодта, Дæрæны фарсмæ цы фæсауæрцы бæх лæууыд, ууыл февзæрд. Æмæ ацырдæм авдæй чи æрбацыд, уыдон фалæмæ астæй аздæхтысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.