Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XIII. ХЪÆНДИЛТЫ ÆРДЗ ÆМÆ ХЪÆНДИЛТЫ ФÆДИС



XIII. ХЪÆНДИЛТЫ ÆРДЗ ÆМÆ ХЪÆНДИЛТЫ ФÆДИС

Æддæмæ цуттытæгæнгæ рахызтысты. Нарæг уынджы сæ ничиуал хъахъхъæдта, фæлæ Сослан тынг мæсты уыди. Челæхсæртæджы мæнгардмæ искуыцæй бакæс, цымæ уый дæр Дзахайы хинтæй сæтты йе стонг æви йæ раз алыхуызон хæринæгтæй йедзаг вæййы? «Æтт, Батрадз, нырмæ кæм дæ?! Æдзух Хурзæрины хæтæнты куы вæййыс, уæд ын йæ сау хабар æнæ базонгæ куыд фæдæ?»

.— Цы дыл æрцыди, ме ’нæныййаргæ хъæбул? — æрбайхъуысти Сосланмæ, дзæнгæрæджы зæллангау, сылгоймаджы хъæлæс. Лæг дзыхълæуд фæкодта æмæ фæйнæрдæм афæлгæсыд. — Цæугæйæ мæм хъус, кæннод дæ фæфиппайдзысты дæ фысымтæ.

— Нана, кæм дæ? — йæ улæфт банцади Сосланæн.

— Кæм фесæфтæ, усай? — æваст фæлæууыди Уырызмæг дæр.

— Дæ тæккæ уæлхъус дæн! Цæугæ кæнут, афтæмæй мæм хъусут. Хорз фæхынджылæг кодтат уыцы сау халонæй! Уæхи расгуытæй куынæ равдыстаиккат, уæд уæ ныртæккæ æхсыры цадмæ ныттардтаиккой!

— Мæ мид-зæрдæ дæр мæм уый дзырдта æмæ уымæн барасыг дæн!

— Æмæ нын æнæуый дæр æнæ ныттæргæ куынæ уыд, мæ мады хай! — æхсидæвтау скалдысты Цæндийы дзыхæй уыцы дзырдтæ.

— О, фæлæ уæхи ныртæккæ куы ныннадтаиккат, уæд лæппуйы нал федтаиккат.

— Цавæр лæппуйы? — йе уæнгтæ ауазал сты Сосланæн.

— Уæдæй нырмæ кæуыл хъуыды кодтай, уый.

«Батрадз!» — ферттывта Сосланы сæры.

— Усай, дæхи мæм равдис! — лæгъстæгæнгæ загъта Уырызмæг.

— Мæхи куы раргом кæнон, уæд æнус-æнустæм хъуамæ баззайон æргомæй æмæ уын уæд ницыуал æххуыс фæуыдзынæн. Нæ лæг, барæй дæ сæрмæ цы хъизæмæрттæ райстай, уыдон фæсте аззайдзысты, ныртæккæ уæм цы фæлварæн кæсы, уым куы фæкъуыхцы уат, уæд, фæлæ-иу дис мацæуыл кæнут. Уæ хатæнтæм æрбаввахс стут. Уæртæ уæм дуары цур æнхъæлмæ кæсынц, æмæ мын уемæ дзурæн нал ис. Уд дæн, мæ лæджы хай, æмæ удау хъуамæ хитон дун-дунеты. Уæхиуыл хæцут, уæ æрдыгон нæмттæ ма ферох уæнт, кæннод бынысæфт фæуыдзыстут! — загъта Сатана. Æмæ бæлццæттæн сæ тæккæ сæрмæ ахæм рог пæр-пæр ссыд, цыма кæмдæр дымгæ бæндæныл ауыгъд цыллæ сфæйлыдта.

Тъæпæнсæр уæладзыг хæдзары дуары цур цы згъæрджын лæууыд, уымæн йæ дæргъæццон цæсгом, маймулийы мукъуйау, уыди хъуынджын. Куы сæ ауыдта, уæд йæ хъыримаг къулыл бахъил кодта æмæ хъæдын дуары æфсæйнаг хæцæныл дыууæ къухæй рахæцыд.

Мидæгæй дуары комкоммæ ауыдтой, арт къæрцкъæрцгæнгæ кæм сыгъдис, ахæм тохына. Сырх-сырхид арты æвзæгтæ тыбар-тыбур кодтой. Тохынайы тæккæ раз, дæлтъурыл хæбæццæй бадти хæрззæронд ус, йæ цæсгом хус фæткъуыйау нынцъылдтæ, йæ къæхтæ йæ быны бакодта, йæ уарджытыл фæйнæрдæм ахæцыд, йæ бур-бурид æлхуый зыррыттæй зылдис. Йæ пирæнгом йæ дыууæ æнгуылдзы ’хсæн бакодта, йæ тæбинаг-иу куы фæпуси, уæд-иу æй йæ къухы зæрдæйыл аууæрста, йæ сæтæй-иу æй ахуылыдз кодта æмæ та-иу æлхуый ныззылдта. «Табу хуыцауæн, кæдæй-уæдæй ма къонайы арт федтон!» — ныццин кодта Чермен æмæ тохынайы ’рдæм йæхи баивæзта, фæлæ Санибайаг лæппу йæ размæ фæцис. Зæронд усмæ ма иу каст фæкодта, фæлæ йын йæ къухы нал дæр пирæнгом федта, нал дæр æлхуый æмæ хъæдын къус. Ус бадт æмæ йæ цæнгтæ афтæ тылдта, цыма æцæгдæр æлвисгæ кодта. «Пуй, дæлдзæхы хай фæут, дæлимонтæ!» — фырмæстæй нытту кодта Чермен.

— Лæппу, Сатанайы фæдзæхст дæ куыд тагъд ферох ис? — бауайдзæф ын кодта Уырызмæг, уæладзыгмæ куы схызтысты, уæд.

— Кæдæй-уæдæй ма къонайы арт федтон!

— Уый кæд къонайы арт уыдис, уæд æз та бынаты хицау дæн! — загъта Цæнди æмæ Черменмæ бакаст.

— Куыддæр æм бацыдаис, афтæ уыцы зæронд къулбадæг базыдтаид, æцæгæлон кæй дæ, уый! — бафиппайдта Сослан.

— Сослан, ацы æлгъыстаг бæсты мæ зонгæтæ æгæр сарæх сты, æмæ мæ зонд фæцыди! — ныууынæргъыдта Чермен.

— Челæхсæртæг дæм дæ фыдыфсымæр Даккойы хуызæн кæй фæкаст, уый мын загътай! Ноджы ма кæй федтай?

— Дзаха æппындæр никæй хуызæн у, Сослан! Ам дæр цæры, уæлæуыл куыд цард, афтæ.

— Кæд уæлæуыл Дзаха уыд, уæд ма ам Дзахайæ куыд баззад?

— Нæ зонын, Сослан! Кæд мæхæдæг дæр Тлаттаты Чермен нæ, фæлæ æндæр исчи дæн!

— Чи зоны, дын Дзаха дæр Челæхсæртæг æмæ Даккойау искæимæ фæхæццæ ис? Дзæбæх ма ахъуыды кæн, Чермен!

— Бæхдавæг Дзахайæн йæ гыццыл цæсгом искæимæ фæхæццæгæнæн нæй, Сослан. Кæд æм лæмбынæг æркастыстут, уæд йæ галиу хъусæн йæ бинаг æмбис йæ уæлæ нæй. Уый йын æз сфастон Дæргъæвсгомы, йæ давæггаг бæхтимæ йæ куы баййæфтон, уæд!

Бацæуæны боны рухс калдис. Царыл ауыгъд егъау цырагъдарæнтæ æхсырау фæйнæрдæм фæрсыгътой урс-урсид рухс. Алы хатæнæн дæр йæ фæсдуар лæууыди нывæфтыд къæлæтджын. Æрмæст æвдæм хатæнæн йæ къæлæтджын æнцой бавæрдтой йæ дуармæ. Санибайаг лæппу къæлæтджын иуварс ассыдта, дуар бакодта æмæ йе ’мбæлтты мидæмæ куыд бауагъта, афтæ мидæгæй урс-урсид рухс æхсæрдзæнау ныццавта. Сæ цæстытыл хæцгæ мидæмæ бацыдысты æмæ куы ракастысты, уæд федтой урс-урсид цыллæйæ фæлыст цыппар сынтæджы, цыппар къæлæтджыны æмæ хатæны тæккæ астæу æвæрд фынг. Алфамбылай мæрдон-æмыр баци, хатт-иу цырагъы сойæн йæ къæрцц æрвнæрдау анæрыд. Сынтæджыты комкоммæ къултыл саджы сыкъатæ баныхæстæуыд.

Сатана йæхи æнæравдисгæ кæй афардæг, уый сын æнтъыснæджы хос фæци, Черменæн йæ цæсгом хус зæххы хуызæн ссис, йæ цæстытæ сæ къусчыты арф бахаудтой. «Нæ, Дзаха æмæ Даккойы хуызæтты дунетæ нæ ивынц, уыдон сæхæдæг ивынц дунетæн сæ хуыз!»

Санибайаг лæппу бавзæрста Дзахайы «минасы» ахадæн дæр æмæ Æртыккаг дунейы иннæ хинтæ дæр. Æмæ йын ныртæккæ ахæм хуыз уыди, цыма тарф фынæйæ райхъал и. «Лæг рæдийын зоны, æмæ йыл йæ рæдыд къаддæр æруæз кæны, быцæутæ йæм куы сæвæры, уæд. Дзæцъу мын мæ арæзт топпыхосæй дзаг къæртатæ уæларвмæ куы стæхын кæна, уæд ма мæ рæдыды уæз бауромон, уый мæ нæ уырны!» — тыхстис йæхимидæг уый.

— Ахæм минасы фæстæ нæм фæткмæ гæсгæ æмбæлы фынæй кæнын, — загъта Цæнди æмæ цыллæйыл иуварс ахæцыд.

— Æмæ уый фæстæ цы уыдзæн, Санибайаг лæппу?

— Уый дын Уырызмæг мæнæй хуыздæр рафæзмдзæн, Сослан.

— Уый фæстæ дуар тыхцæф ныккæндзысты, хатæнмæ цæгъдæгау æрбалиуырдзысты æмæ нæ афæрсдзысты, чи стут æмæ Æртыккаг дунемæ кæцæй æрхаудтат, зæгъгæ. Нæ ардыгон нæмттæ сын куынæ зæгъæм, уæд нæм фæлæбурдзысты æмæ нæ цæстыныкъуылдмæ кæнæ æхсыры цады ныррæцугъдзысты, кæнæ та сау хъоргъы! — мæстыйæ загъта Уырызмæг.

— Баба, æз ма æндæр цæуылдæр хъуыды кæнын, — загъта Сослан.

— Цæуыл? — сцымыдис Уырызмæг.

— Баба! — йæ хъæлæс ныддыз-дыз кодта Сосланæн. — Хуыцау ма зæгъæд, æмæ Хæмыцы уавæры фенæм Батрадзы. Уæд мах хæст нæ рамбулдзыстæм, æмæ Хурзæрин тъымы-тъыматæм баззайдзæн Хызы фырты уацары!..

— Хурзæрин кæм нæй, уым Батрадз нæ ныллæудзæн.

Сосланæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, Сатана йын афтæ кæй загъта, уæдæй нырмæ кæуыл хъуыды кæныс, ууыл фембæлдзынæ, зæгъгæ, уый. Адæргæй йæ буар батæвд и, фæлæ йæ фыды ницæмæйуал бафарста.

— Санибайаг лæппу, ацы згъæрджынтæ алыхуызон хæцæнгæрзтæ кæй дарынц, уый нæ бамбæрстон. Кафгæ-кафын Кордзойæн йæ чъылдым æмæ йæ синысæр æрдын æмæ сагъадахъхъ куы хостой, уæд Турчийæн йе уæхскыл æфсæн лæдзæг цæмæн уыдис ауыгъд?

— Бирæгъ нæ фиппайы, саг йæхицæй стырдæр кæй у, уый. Уый йын фиппайы æрмæст йæ агъды фæлмæны зæу-зæу æмæ йæ хъуыры дадзины тæпп-тæпп. Саг та дзы кæны тæрсгæ, æмæ бирæгъ къаннæгдæр кæй у, уый нæ фиппайы. Сæ дыууæ дæр хуыцауы сконд кæй сты, цыппæргай къæхтæ сын кæй ис æмæ сæм æрдзæй æмхуызон бартæ кæй хауы, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Цасфæнды сæ фæдар фæрсæй-фæрстæм, уæддæр саг сагæй баззайдзæн, бирæгъ та бирæгъæй.

— Уæдæ Хæмыц дæр бирæгъы уагæй цæры абæсты?

— Фырхæрдæй æлгъæд бирæгъы уагæй!..

— Æмæ æлгъæд та цæмæй кодтат? — нал фæлæууыд Уырызмæг.

— Æрдæбон Турчиитæ Дзахайы кæлæн дзырдты бæркадæй æцæг кæй банозтджын сты, уый дæ ферох ис? Уыдæттæ иууылдæр сты æхсыры цады хæрзиуджытæ.

— Хæрзиуджытæ зæгъыс? — цæхгæр афарста Чермен.

— Чысыл раздæр мæм æцæгдæр хæрзиуджытæ кастысты, ныр та уын зæгъын: абæсты цæрджытæ, кæрæдзи нæ фиппайгæйæ хъæндилты цард кæй кæнынц, уый у Лæгъза æмæ Дзæцъуйы фыдракæнд. Ам йæ хъуыды иу дугæй иннæмæ акæсыны фаг никæмæн свæййы æмæ, чи цæимæ æрбацæуы, уыимæ баззайы. Ам йæ сыхаджы фæзмгæйæ йæ ахаст ничи раивы, æмæ алчи фæархайы, кæцы заманæй æрбафтыд, уыцы заманы хæцæнгарзæй. Фаджысы хъæндилы саргъыл куы баппарай, уæд банкъардзæн, бæх фаджысы къуыбарæй тагъддæр кæй уайы, уый? Нæ йæ банкъардзæн! Уый уæддæр фаджысæй тымбыл къуыбæрттæ араздзæн æмæ сæ тулдзæн...

— Æгъгъæд дзур! — йæ бон хъусын нал баци Черменæн.

— Нæ, нæ, иугæр мæ бафарстат, уæд мæм кæронмæ байхъусут! Æз уын хъуамæ зæгъон, æхсыры цад адæймагæн йæ мидæг хъæндилы æрдз кæй бауадзы æмæ йе смаггæнаг тымбыл уæрдон æппæты стырдæр амондыл кæй фæнымайы, уый хабар! Кордзо уæлæуыл царди нæ фыццаг фыдæл Бæсты Сæры Тыхы заманы. Архайгæ дæр кæны уыцы замапы хæцæнгарзæй æмæ йæ сыхаг Турчимæ æндæрхуызон хæцæнгарз кæй ис, уый нæ фиппайы. Мæнæн мæхицæн Санибайы уыдис куырдадз, арæзтон дзы белтæ, цæвджытæ, дзыргъатæ, æфсæнтæ, фæрæттæ, æхсырфтæ æмæ-иу сæ байуæрстон нæ хъæуы мæгуыртыл. Иу бон Хъобангоммæ Лæгъзайы хуызæн æнаккаг лæг куы æрбабырста, нæ хæдзæрттыл нын арт куы бафтыдта, нæ сылгоймæгтæй нын хынджылæг скъæрынвæнд куы скодта æмæ Алыккаты хъæбатыр Хазби йæ размæ куы бабадтис, уæд мæ топпыхосы дзæкъулимæ Дыууæдоныастæумæ ныццыдтæн. Мæ сыхæгты сау хъысмæт мæ кусæнгæрзтæ æмæ топпыхос аразыныл бафтыдта... Уырдыгæй куы цыдтæн, уæд Хазби мæ уæлхъус заргæ кодта Лæгъзайы фыдæнæн, фæлæ йæ ам нал базыдтон. Цæнди мæ хуыдтой æмæ нал зыдтон, Санибайы кæй райгуырдтæн, Хъаныхъуаты Гæбæт кæй дæн æмæ мын мæ бынтæ мæ фыдыфсымæр кæй бахордта. Цæстыты йеддæмæ ма фиппайынæн хъæуы зонд æмæ дунемæ фæлгæсæн рудзынг. Æхсыры цад та адæймагæн йæ разы ныууадзы æрмæст Æртыккаг дуне уынæн рудзынг. Уыдæттæ иууылдæр сты Æхсыры цады хæрзиуджытæ...

Цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, фæлæ хатæнмæ æртæ згъæрджыны æрбацыдысты, сынтæджытыл æрзылдысты æмæ «фынæй» адæммæ ахæм каст ныккодтой, цыма сын ныртæккæ хуысгæйæ сæ сæртæ акъуырынмæ хъавыдысты. Сослан сын сæ къахдзæфты уæззау гуыпп-гуыпмæ куы байхъуыста, уæд йæхимидæг скарста: «Сегасæн дæр сæ къæхтыл ис цурхъытæ! Кæд Санибайаг лæппу кæй дзырдта, уый раст у, уæд уыдон сæ цурхъытимæ сты, нæхи Нæртон дуджы чи цардис, ахæмтæ, æмæ мын, чи зоны, семæ дзурын фенцондæр уа!» Йæ галиу цæсты уæлтъыфал чысыл фæзыхъхъыр кодта æмæ сын се згъæрты æрттывд куы ауыдта, уæд йæ уæрджытæ барызтысты: «Уæуу, мæнæ та ме ’рдхæрдтæй иу мæ разы æрбалæууыд! Кæд ма исты зонын, уæд уæлæ астæуæй цы уæнгджын лæппу лæууы, уый Гуымаг лæг у! Йæ цæстытæ афтæ æрныкъул-æрныкъул кæны, цыма сæ кæрæдзимæ барæй фелхъивы... Уæлæ йæ фарсыл ауыгъдæй лæууы, æз ын цы сагъадахъхъ балæвар кодтон, уый».

Гуымаг лæджы рахиз фарс чи лæууыд, уый уыди цъерийы хъилау дæргъæлвæс. Йæ гуыбыр фындзы цъупп йæ былты сæрты цæргæсы бырынкъау æркъæдз. Йæ хъуыр хъазы хъуырау ныддаргъ.

Æртыккаг згъæрджын уыди цыбыр æмæ тымбыл. Йæ зæринхуыз хилтæ йæ сæрзæнты чъилтæй æркалдысты. Къамбецау кодта уæзбын каст, кæддæр хæларзæрдæ кæй уыд, уый йыл зынди.

Се ’ртæмæ дæр уыдис æрдынтæ, фæттæй се ’мыдзаг æвзиствæлыст сагъадахъхъытæ æмæ хуры хуызæн кæрдтæ.. Санибайаг лæппу, Гуымаг лæджы æдзынæг каст куы фенкъардта, уæд кæлмдзæфау фестъæлфыд æмæ сын барæй æрнымадта сæ нæмттæ:

— Омбæ, Дæрæн! Омбæ, Хъила! Омбæ, Тамби!

— Чи дæ? — комкоммæ йæ бафарста Дæрæн.

— Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбул Цæнди.

— Кæцæй æрхаудтæ Æртыккаг дунемæ?

— Æз ардæм хаугæ не ’ркодтон, Дæрæн! — фæхъыг Санибайаг лæппу. — Æз равзæрдтæн Æртыккаг дунейæн йемæ æмæ цæрдзынæн йемæ.

«Хъилайы» коймæ Сослан ныппыррыкк кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ худæг фæцыдæр, Санибайаг лæппу «райгуырдтæн»-ы бæсты «равзæрдтæн», зæгъгæ, куы загъта, уæд. «Цыма уырынгон, кæнæ саск у æмæ æвзæргæ ракодта!» Дæрæн йæ дыууæ æмбалимæ йæ уæлхъус алæууыд æмæ Сосланæн йæхи дæр бахъуыд æрнымайын:

— Æз ардæм хаугæ не ’ркодтон! Æз равзæрдтæн!..

Дæрæн æмæ йæ дыууæ æмбалы лæууыдысты æмæ лæмбынæг хъуыстой Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбулты сомытæм:

— Æз дæн Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбул Дзоко!..

— Æз дæн Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбул Чоги!..

— Омбæ! Омбæ! Омбæ! — цалынмæ сæ хъæрахсты дыз-дыз хатæны къултыл ныммарди, уалынмæ Дæрæн æмæ йæ дыууæ æмбалы фæтары сты.

— Мæ фæдыл цæугæут æмæ дис мацæуыл кæнут! — йе згъæр фелвæста æмæ дуары ’рдæм фæцæуæг Санибайаг лæппу.

— Кæдæм цæуæм, Санибайаг лæппу? — фæхъæр ыл ласта Сослан. Уæдмæ Санибайаг лæппу дуар æрбакодта æмæ фæсдуар разынди Дæрæн йæ дыууæ æмбалимæ.

— Бæх æмæ мын фæндаг! — йæ кард фæцъортт ласта æмæ цыргъаг йæ тъæпæнæй йæ ныхыл авæрдта Санибайаг лæппу.

Бæх æй цæмæн хъуыдис æмæ йæ фæндаг кæдæм акодтаид, уый нæ зыдта, фæлæ Сослан дæр йæ кард фæцъортт ласта:

— Бæх æмæ мын фæндаг!

— Бæх æмæ мын фæндаг! — фæхъæр кодтой Уырызмæг æмæ Чермен дæр.

— Омбæ! Омбæ! Омбæ!

Тохынайы фарсмæ цы зæронд ус бадтис, уый йæ сау раздарæны фæдджитæ æруагъта æмæ, стдæсаздзыд чызгау, фестад. Йæ раз æрцагъта, æлхуыйæ уæдæртт рафтыдта æмæ йæ тутæгæнгæ бæлццæтты къæхты бынмæ батылдта:

— Цъызз, мæ уæдæртт! Цъызз, мæ уæдæртт! Цъызз, мæ уæдæртт! Тулгæ фæцу, Æртыккаг дунейæн хъæбулæн чи бæззы, уымæн йæ дыууæ къахы ’хсæн абыр, чи йын нæ бæззы, уымæн йæ галиу къахыл дæхи скъуыр æмæ фæцу, фæлæ та фест æмæ дæ хицаумæ æрбаздæх! Цъызз, мæ уæдæртт! — аргъуыдта йæ уæдæрттыл зæронд хингæнæг.

Хингæнæг ус æй куыннæ фæфиппайдтаид, афтæ Цæнди Сосланы фесхуыста. Ома уæдæртмæ дæ хъус ма æрдйр, комкоммæ дуармæ кæс.

Уæдæргт Чермены къæхты ’хсæн абырыд, Уырызмæджы зæвæтыл йæхи ахафта æмæ Санибайаг лæппуйы рæзты ныууад. Сосланы галиу къахы фындзыл йæхи скъуырдта. Уый йæ æркъуырынмæ хъавыд, фæлæ йын Санибайаг лæппу йæ къах бакъуырдта, ма фезмæл, уым нæдæр тохынайы арт ис, нæдæр тулгæ уæдæртт, зæгъгæ. Стæй та-иу сабыргай ратылд æмæ та-иу фæстæмæ аздæхти, фыр йæ сыкъатæй йе знаджы куыд ныццæвы æмæ сыдзмыдзы куыд ацæуы, афтæ. Зæронд ус йæ къухтæ йæ синысæртыл сæвæрдта æмæ худти:

— Цъызз, мæ уæдæртт! Цъызз, мæ уæдæртт! Цъызз, мæ уæдæртт!

Сосланы къахфындзыл атулын ын куынæ бантыст, уæд фæстæмæ къæдзмæдзытæгæнгæ раздæхт æмæ усы къæхты ’хсæн уæлгоммæ æрфæлдæхти. Зæронд ус æй фелвæста, йæ хуынчъы мидæг ын Сосланмæ акаст æмæ йæ хъæлæсæй ахæм мыртæ стахти, цыма хус уæрдæхтыл ауыгъд дуар ныкъкъæс-къæс кодта:

— Æй, Хъæрæу, хъуыдыйы маргджын кæлмытæ дæ сæры нæма хæлбурцъ кæнынц, фæлæ Æртыккаг дунейæн зындард уыдзынæ! — æлхуыйы кæрон асдæрдта æмæ йæ уæдæртты хуынчъы атъыста. Йæ бынаты фæхæбæцц и, хъæдын къус йæ хъæбысы нывæрдта æмæ та йæ пирæнгом уæлийау сивæзта. Зыррытт, мæ уæдæртт! Зыррытт, мæ уæдæртт!

Кæртмæ дæр ма сæм хъуысти зæронд усы къæс-къæс.

Дæрæнитимæ авд куы баисты, уæд Сосланæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, кулдуарæй мидæмæ, сæ кæрдтæ тилгæ, цы авд барæджы æрбалиуырдта, уыдон. Дæрæны фæдыл хърихъуппытау ныххал сты æмæ афтид уынгты сæ гæрзтæй дзыгъалмыгъулгæнгæ фæраст сты. Цæхгæр фæзилæнтæ фæарæх сты, систæ кæрæдзимæ æввахс æрбацыдысты, æмæ бæлццæттæм афтæ фæкаст, цыма ам мæсгуытæ фæбæрзонддæр сты. «Ныр ацы куыйтыл дзæхст-дзæхстæй куы ралæууин, уæд куыд уаид?» — Сослан йæ фыдмæ бакаст, фæлæ Уырызмæг йæ цæстытæ гæзæмæ æрæхгæдта æмæ йæ сæр уæззау банкъуыста: ома дæ галиу хъуыдытæ дæ сæрæй аппар, ам дын Уарбийы æфсад нæй.

Уынг ноджы фæнарæгдæр и, бæрзонд систæ кæрæдзимæ бацыдысты, æмæ талынг хуыккомы куы февзæрдысты, уæд сæ къахдзæфты уынæр анæрыд. Æвиппайды талынг хуыккомы фаллаг кæрон ахæм цъæхнаг тъæнг фæцыд, цыма бæласы цонг æрсасти. Талынг фæкъæртт и, кæцæйдæр бæхы хиды тæф æрбакалд, æмæ Сослан æрбаймысыд Дзындз-аласайы. Талынг хуыккомы кæрон фæзынди дуар. Уый фале та, йæ чысыл рудзгуытæй рухс кæмæн калд, ахæм скъæт..

Астæрд фаджысæй байдзаг æмæ йæ рамæрзæг нæ уыд. Мæсгуыты цъуппытæ рудзынгæй æрцыты бырынчъытау зындысты. Галиуæрдыгæй фæныкхуыз суанг схаста, рахизæрдыгæй та бæстыхæйттæ аирвæзтысты лæнчы.

Дæрæн æмæ йæ дыууæ æмбалы цыма ифтыгъд уыдысты, уыйау архайдтой. Бæхтæ сæм джихæй кастысты, фæлæ сыбыртт нæ кодтой. Алкæмæн дæр дзы йæ комкоммæ уыдис сæргътæ æмæ рог згъæртæ æфснайæн тарвæзтæ. «Цавæр хæст уыдзæн, бæхыл дæр згъæр скæнын кæй хъæудзæн, уый?» — дисы аныгъуылди Сослан. Санибайаг лæппу тарвазæй саргъ райста, скъæты къуымы цы сау бæх лæууыд, ууыл æй авæрдта æмæ йын къыбаркъыбургæнгæ йæ уæлæ скодта, æрмæст ма йæ цæстытæ кæмæй зындысты, ахæм згъæр.

Æвиппайды бæхы мыр-мыр ссыд, æмæ Сослан фырцинæй фæбогъ кæнынмæ хъавыди, фæлæ Сатанайы фæдзæхст йæ зæрдыл æрбалæууыд. Йæ тæккæ раз лæууыди Дзындз-аласа æмæ йæм йæ зондджын цæстытæ ныццавта. Диссæгтæ ууыл нæ фесты: Дзындз-аласайы тæккæ фарсмæ лæууыди Чермены сау бæх, уый фале — Хæмыцы Дур-дура, æппæты кæронæй та Уырызмæджы Æрфæн. «Цымæ сæ иу ран цæмæн бабастой?» Чи зоны, сæ зæрдæ нæм фехсайдта æмæ нæ фæлварынц! Цæй, хи бæхыл цæуын хорз у, фæлæ бабаитæн хъуамæ искуыдтæ бамбарын кæнон, цæмæй æндæр бæхтыл сбадой!» — йæхинымæр скарста Сослан.

Чермен иу сырх бæх ракодта. Уырызмæг та йæ дзых Æрфæны хъусыл сæвæрдта æмæ йын сусæгæй цыдæртæдзырдта. Бæх æм лæмбынæг хъуыста, æмæ-иу куы йæ иу хъус фæгæмæл, куы иннæ. Сослан Дур-дурайы фæуагъта æмæ Уырызмæгыл фалæмæ ахæцыд, фæлæ йæм йæ фыд йæ сæр аивтæй батылдта, ома бамбæрстон дæ. Бæхтæй иуæй-иутæн сæ фæрстæ æмæ сæ бецыччытæ уыдысты сыгъд, сæ æгъдтæ хæлмаг. Сослан сыл йæ цæст ахаста æмæ сын сæ хъæдгæмттæ куы анымадта, уæд базыдта, бæхтæ дæр, уыцы авд барæджы кæм уыдысты, уым кæй фесты.

Уырызмæг иу Æрфæны хуызæн хъулон бæхыл саргъ авæрдта æмæ Сосланыл фæхъæр ласта, цæй, Хъæрæу, æнæхъæн рæгъауы иу дæу аккаг бæх нал разынд, дæ сым-сымæй кæд фервæздзынæ, зæгъгæ. Сослан дæр айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ къæхтæ уæрагæй дæлæмæ урс кæмæн уыдысты, ахæм сæнт-сырх бæхыл саргъ авæрдта, æвзистхуыз пæлæз ыл баппæрста æмæ йыл абадти.

Дуар æнæзæрдæмæдзæугæ хъыс-хъыс ныккодта, къулыл æнгом сныхæст, æмæ сæ разы сахары уынгтæм ахизæн хуыккомы сау хъæлæс куы ныххæлиу, уæд Сослан фæйнæрдæм ахъахъхъæдта: ома, ам лæг куынæ зыны, уæд дуар чи бакæны æмæ йæ чи сæхгæны. Дæрæн йæ бæхы зæвæтæй сцавта æмæ къæсæрыл цъилау тахти. Сослан ын йæ фæдыл фæсауæрцы бæх куы ауыдта, уæд Санибайаг лæппу афарста:

— Цæмæн бахъуыди Дæрæны фæсауæрцы бæх?

— Нæ зонын, Хъæрæу, æмæ мæ фæрсгæ дæр мацæмæй кæн! — тызмæгæй загъта уый.

Саудалынджы уымæл къулгæрæтты бæхтæ дымгæйау сыффытгæнгæ тахтысты. Сосланæн йæ хъусты дымгæ зарыд æмæ йыл къулты уымæл уазал уддзæфау ныдзæвди.

Рухс сæ фæкуырм кодта. Цъындæй уайгæйæ бæхты бар сæхи бакодтой. «Ам адæймæгтæй бæхтæ зондджындæр сты! Æтт, ахæм уагмæ сæ чи æрæппæрста, уый мадæн!..» — нылгъыста Сослан. Фæзилæны бæхтæ, цыма æрхуыссынмæ хъавыдысты, уыйау акъул сты. Цæфхæдты тигътæ сæ куынæ урæдтаиккой, уæд сæ къæхтæ фæбырыдаиккой æмæ сæ тъæпп зæххыл фæцыдаид. Уынгты кæрæтты адæм ныррæгъ сты æмæ, стыр диссагмæ кæсæгау, кастысты барджыты фæдыл. Адæмы фенд сын æхсызгон куыннæ уыди, фæлæ дис кодтой, сылыстæг дзы кæй нæ зындис, ууыл.

Сослан згъæрджынты ’хсæн Челæхсæртæг æмæ Дзæцъуйы ауыдта æмæ фырмæстæй йæ цæстытæ тугæй адæнгæл сты. «Багъæцут, куыйтæ! Сымах нæ дыууæ Чермены мард æнхъæлут, фæлæ искуы базондзыстут, дунетыл Хурзæрин цы рæстдзинад байтыдта, уымæн уæ цъистгæнæн дæр кæй ницыхъом у!»

— Фалæмæ авдæй, ацырдæм та астæй, Дæрæн! — Гуымаг лæг къæсæры сæрты куы атахт, уæд æм басидти Челæхсæртæг.

— Фалæмæ авдæй, ацырдæм астæй!

— Ацырдæм астæй, фалæмæ авдæй! — йæ цъæхснаг хъæлæсæй хæстонты хъæр фæзыгъуыммæ кодта Дзæцъу.

«Кæдæм цæуæм не згъæрджын бæхтыл? Ацырдæм немæ чи рацæудзæн? Гуымаг лæг йæ фæсауæрцы бæх, æвæццæгæн, уыцы æстæмæн фæласы! Афтæ мæм кæсы, цыма нын сахары уынгты цæугæйæ Хызы фырт нæ сæрмæ æрцауындзын кодта стыр хъус æмæ, цыдæриддæр нæ дзыхæй сирвæзы, уый йæ мидæг ныххауы!» — кулдуарæй куы ахызтысты, уæд йæхиимæ дзурынтыл фæци Сослан.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.