Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XVII. ÆХСЫРЫ ЦАД



XVII. ÆХСЫРЫ ЦАД

Дзорс, сæнтдзæфау, «о-хо-хи» хъæргæнгæ, кулдуарæй мидæмæ батахтис. Уырызмæг æмæ Сослан, сæ кæрдты тæмæнæй сæ фæдыл сырх-сырхид тæлм уадзгæ, йæ фæдыл фæмидæг сты. Уынгтæ сæ хуыз æмæ сæ равæрд фæивтой. Цæнди æмæ Чермен сæхи афтæ дардтой, цыма нарæг уынджы фæйнæфарс лæугæйæ, «омбæ, омбæ» цы згъæрджынтæ хъæр кодтой, уыдон нæ фиппайдтой. Сæрзæнттæй сын сæ цæсгæмттæ ничи уыдта, афтæмæй сæхæдæг та фæйнæрдæм хъахъхъæнгæ кодтой.

— Омбæ, Дзорс, омбæ! Дæ лæгдзинадæн дын кад кæны Æртыккаг дуне! — хъæр кодтой фæйнæрдыгæй.

Цæфхæдты цъæхснаг къупп-къупп мæнджы мидæг анæрыд. Бæхтæ бамидæг сты, сæ кæрæдзимæ бæрзонд систæй баст мæсгуытæ кæуыл æрхъула кодтой, уыцы фæзуатмæ. «Цæмæн кад кæнынц Батрадзæн? Хурзæрины хъизæмарæй кæй мары, уый тыххæй?» — хъуыды кодта Сослан.

Бæрзонд мæсыгæн йæ бындзæфхад фегомис æмæ йæ сау хуылфæй фæзуатмæ рахызтысты аст згъæрджын лæджы. Батрадз сæ куы ауыдта, уæд дзыхълæуд фæкодта æмæ йæ фæстæ асалдысты Дæрæнитæ. Раззаг йæ сæрзæнты æфсæнцъарыл уæлæмæ схæцыд, æмæ йын куыддæр Сослан йæ цæсгом ауыдта, афтæ йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта: «Ай Челæхсæртæг куы у, уæд нæ размæ фистæгæй куыд рацыдис? Æгайтма мæ цæсгом æмбæхст у, кæннод мæ Хызы мæнгард фырт базыдтаид!»

Бæхтæй æргæппытæ кодтой. Æвдгæйттæй ных-æмных куы аззадысты, уæд Сослан ахъуыды кодта: «Ацы дæлимонтæ мæ афтæ куынæ баивиккой æмæ мæхицæн мæхæдæг агуринаг куынæ фæуин!»

Фæзуат мæрдон æмыр ныццис. Челæхсæртæг Батрадзы ныхъхъæбыс кодта æмæ сæ риутæ кæрæдзийыл куы аныдзæвдысты, уæд се згъæрты тъупп фæцыд. Хызы фырт дæлæмæ сæрыстырæй ракаст, йæ тымбыл къух дзæккорау, ныттылдта æмæ фæхъæр кодта:

— Не сгуыхтыты сгуыхтдæртæн омбæ, омбæ, омбæ!

— Омбæ, омбæ, омбæ! — Сослан йæ цъæхснаг хъæлæсæй базыдта Дзæцъуйы.

— Æртыккаг дунейы авд сгуыхтæн нæ фыдызнаджы туджы сæ кæрдтæ байсæрдын кæй бантыст, уый сæраппонд сын омбæ!

— Омбæ! Омбæ! Омбæ!

— Дзокъо æмæ Хъæрæуæн омбæ!

— Дзокъо æмæ Хъæрæуæн омбæ!

Сæ бæхтæ æмæ сын сæ кæрдтæ айстой, цавддуртау сæ лæугæйæ фæуагътой. Бæхты сæ фæдыл идадзæй аластой, кæрдтæ цырæгътау уæлæмæ сдардтой æмæ, кæцæй рахызтысты, уырдæм фæцæуæг сты. Куыддæр мæсыджы сау хъæлæсы онг бахæццæ сты, афтæ иннæ мæсгуыты бындзæфхæдтæ байгом сты æмæ згъæрджынтæ «омбæ, омбæ» хъæргæнгæ рагæр-гæр кодтой. Батрадз æмæ Сосланыл сæхи ныццавтой, сæ уæлныхты сæ фелвæстой æмæ фæбогъ кодтой:

— Æхсыры цад сын тайæн! Æхсыры цад сын тайæн!

— Æхсыры цад байгас кæнæд, нæ сылыстæг знаг нын не сгуыхтыты болат буæрттыл цы хъæдгæмттæ сæвæрдта, уыдон!

Сосланы хуыссæг æрцахста æмæ йæ хъуыдыйы æнæбын арфы фæцæйирвæзтис. Йæ уæлтъыфæлттæ ныууæззау сты, йе ’нæхъомыс буар згъæрджын хæстонты бар бакодта, йæ сæры ма змæлыд иу донласт хъуыды: «Бынысæфт кæнын! Бынысæфт кæнын!» Йæхи æруадзынмæ хъавыд, фæлæ æвиппайды Сатанайы хъæлæс ацахста.

— Ме нæныййаргæ хъæбул, де знæгты къухтыл дæхи ма ’руадз æмæ ма бафынæй у, æндæра æппындæр никуыуал райхъал уыдзынæ æмæ Хурзæрин уацары баззайдзæн.

Цы тыхтæ ма йæм баззад, уыдон æрбамбырд кодта. Йæ цæстæй ракаст æмæ æвзистгъуыз згъæрты змæлд куы ауыдта, уæд афтæ фенхъæлдта, цыма йæ уæрджытыл ногæй Балсæджы цалх атылд. Батрадз згъæрджынты къухтыл адæргъ ис, афтæмæй хуыррытт фынæй кодта. Уырызмæг йæ боцъотæ бындзыггай тыдта. Цæнди æмæ Чермены хъалæй куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ фæфидар ис, уымæн æмæ базыдта, Сатана сæ фынæй кæнын кæй нæ уадзы.

— Мæ лæджы хай, ма дæ ферох уæд, æхсыры цадæн йæ тæккæ фарсмæ ноггæнæн суадон кæй ис, уый! — цыма йын йæ былтæ йæ хъустыл сæвæрдта, Уырызмæгмæ уыйау хъуыстис Сатанайы уды хъæр.

— Уый бæргæ зонын, ацы ус, фæлæ Батрадзы хабар куыд рауайдзæн? — сусæгæй загъта Уырызмæг.

— Уæ дзыппыты кæй сæвгæдтат, уый та цы у, уæдæ? Æви та мæ фæлваргæ кæныс, нæ лæг? — йæ къабайы рог пæр-пæр фæстаг хатт æрбайхъуыст Сатанайæн.

«Æцæг арвы хин æмæ зæххы кæлæн у нана! Кæцæй базыдта, нæ дыууæ баба нæ дзыппыты цы сæвгæдтам, уый? — фæджихау Сослан.

— О-хо-хи! О-хо-хи! О-хо-хи! — фынæйæ фæбогъ кодта Батрадз æмæ йæ чи фæцæйхаста, уыдон йæ комытæфæй фæдзой кодтой. Сослан Батрадзмæ сусæгæй кастис æмæ фиппайдта, хатт-иу фесхъиудта æмæ хатыд, Сатана йæ райхъал кæнынмæ кæй хъавыд, уый. Чермен æмæ Санибайаг лæппуйæн се ’фцæггæттæ тугæй самæхстысты, уыдон дæр, æвæццæгæн, Уырызмæгау сæ боцъотæ тыдтой.

Дурастæрд уынг фæстейæ фæуагътон. Фæйнæрдыгæй бæрзонд систæ æввахс кæм быцыдысты æмæ йæ ацæуæнтæ зæххы скъуыды хуызæн кæмæн систы, ахæм нарæг фæзилæнæй баивгъуыдтой æмæ згъæрджынты хъæлдзæг хор-хор къуындæг къуымтæй уæрæх фæзуатмæ расæххæтт ласта. Бæрзонд мæсыгы бындзæфхады цурты куы бауадысты, уæд згъæрджынтæ сæ дзыхтæ уæлæмæ ныхъхъил кодтой æмæ фæсидтысты:

— Дзаха, дæ азарæй басудзæм, не сгуыхтытæн нын цæхджын хойрагæй йедзаг фынг бацæттæ кæн!

Фæзуаты рахиз фарс цы тъæпæн агъуыст уыдис, уый раз фегуыппæг сты æмæ сæ æвиппайды дуарæй фæмидæг кодтой.

Фондзæй иумæ аззадысты. Се ’мбудæнтæ сын ныццавта ногдыгъд æхсыры сæрзилынгæнæг хæрздæф. Сосланæн уайтагъд йæ зæрдыл æрбалæууыд Нарты хъæуы фосæй йемыдзаг скъæт æмæ райсомы донхъæй йедзаг къæртаимæ сæуæхсиды дзир-дзуры рацæйцæуæг Сатана. Бæллиццаг мысинæгтæ йын йæ зæрдæ бахæлбурцъ кодтой. Цæмæй бынтон ма æрлæмæгъ уыдаид, уый тыххæй Батрадзы ’рдæм йæхиуыл ахæцыд, фæлæ Уырызмæг йæ сæрзæнт фелвæста æмæ йæм йæ цæстытæ фæдзагъыр кодта: ныууадз æй, ма йæ райхъал кæн, ам нæм сусæгæй йæ хъус мачи дара, уый гæнæн нæй, зæгъгæ.

Кæцæйдæр доны сæх-сæх æрбайхъуыст, фæлæ æртæ ивæзны бæрзæндæн гæрæнæй ницы зындис, æргъæу къул æмæ æрттиваг астæрды йеддæмæ. Сослан æргъæу къулыл йæ цæст схаста, бæрзонд цары бæлонгъуыз дзир-дзурмæ скаст æмæ йын йæ уæлæ стъалыты тыбар-тыбур куы ауыдта, уæд ныддис кодта: «Ацы бæстыхай, æддейæ бакæсгæйæ, уартхæфсау тъæпæн куы зыны, уæд йæ цар мидæгæй куыд бæрзонд æмæ куыд сæрзилæн у?»

Батрадзы сæ разæй акодтой, кæлæх астæрдыл ныцъцъелф кæныны тасæй æргъæу къулы бынты хъавгæ бацыдысты æмæ къуындæг, гомсæр чыры хуылфмæ бахаудтой. Чырæн йæ иу фарс уыдис гом, йæ астæуккаг къулыл бынæй уæлæмæ ссыдис, йæ уæллаг кæрон, къадзонæгау кæмæн æркъæдз æмæ йæ уæлæ уылынджы дæргъæн хæцæн кæмæн уыдис, ахæм æвзистгъуыз хæтæл. «Ай та цавæр гуыбынниз у?» — сцымыдис Сослан æмæ фæйнæрдæм афæлгæсыд. Йе ’мбæлтты уым фæуагъта, чырты рæзты ныссыллынг ласта, фæлæ дзы уый хуызæн æвзистгъуыз хæтæл никуы ссардта. Тымбыл æргъæу къулæй размæ уагъд дæндæгтæй счындæуыд чырты рæнхъ, фæлæ сæ хуылфы ницы зындис, фæйнæгæй арæзт бадæнтæ æмæ дзауматæ ауындзæн рагъæнты йеддæмæ. Фæстæмæ куы ’рбаздæхтис æмæ æвзистгъуыз къадзонæджы æрттывдмæ куы ’ркастис, уæд йæ сæры ферттывта иу хъуыды: «Уый æнæмæнг ноггæнæн суадон у, фæлæ дзы дон куыд мизы, уый куыд базонæм?» Хæтæлы къадзонæг нылхъывта. Фæцыдис цъæхснаг сыффытт. Йæ дзыхæй расæххæтт ласта дон æмæ Батрадзы цæсгомыл карды комау æруадис. Лæппу фестъæлфыд, йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ, уызынау фæпыхс. Йæ къухы иу баныдзæвдæй Сослан фæстæмæ ацух-мух ласта æмæ йæ гуыпп æргъæу къулыл фæцыд. Батрадз къулыл йæ сæр бавæрдта æмæ та афынæй. Уырызмæг Черменитæн аивæй ацамыдта, ардæм æрбацæуын нæ нæ хъуыдис, фæлæ Батрадзыл рахæцут æмæ ардыгæй æнæсыбырттæй нæхи айсæм, зæгъгæ.

Чырты рæзты æрзылдысты, къæдз-мæдзытæ бацæуæныл бахызтисты æмæ талынг хуыккомæй рухсмæ куы раирвæзтысты, уæд фырдисæй сæ цæстытыл сæ къухтæ авæрдтой. Сæ разы февзæрдис, йæ хуылфæй стъалытæй æмæхгæд царырдæм урс-урсид цыхцырджытæ кæмæн мызтис, ахæм урс-урсид цад. Йæ фынчы танхъайыл ранæй-рæтты æрттывтой арвы роны хуызæн тæппузтæ. Цыхцырджытæ иу ранæй фæйнæрдæм пырх кодтой æмæ сæ цъыгъгъыст афтæ хъуыстис, цыма сæ хуылфæй кæсæгтæ схъиудтой. Уырызмæг уæлæмæ скастис æмæ царыл стъалыты æрттывдмæ ауыдта йæхи халдих, йæ сæр дæлæмæ, афтæмæй. Фæйнæрдыгæй йæм æргъæу къултæй дæр кастысты йæхи халдихтæ. «Уый хуызæн диссаджы æргъæу къултæ æмæ стъалытæй æмæхгæд цæрттæ мæ донбеттыр мадырвадæлтæм дæр куынæ уыдис, уæд æй мах та ныххалынмæ цæмæн хъавæм?» — банкъуыста йæ сæр. Уалынмæ йын Сослан йæ цонг ацахста æмæ йын ацамыдта, цадæн йæ тæккæ астæу цы æргъæу цæджындз лæууыди, уымæ. Ома, дæлæ уыцы бæрзонд цæджындз куы ныххаликкам, уæд бæстыхайæн йæ цар æркæлид, стъалытæн се ’рттывд банымæг уаид æмæ ацы сонтгæнæг æхсыры цад бахуыскъ уаид. Уырызмæг йæ сæр банкъуыста, йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ йе уæхсчытыл уæлæмæ схæцыд: ома, бæргæ хорз хъуыды у, фæлæ нырма мæнæ уæлхъæдæй фынæй чи кæны, уый не ’рдыгæй нæма ис æмæ нын уый гæнæн нæй. Чермен Уырызмæгмæ хæрз æввахс бацыд æмæ йын йæ хъусы сусæгæй бадзырдта: «Фыццаджы-фыццаг нын хъуыдыйаг у Батрадз. Ардыгæй йæ фынæйæ куы ахæссæм, уæд дзы цы пайда ис?» Санибайаг лæппу зыдта, Батрадз афтæ æнцæптты кæй нæ райхъал уыдаид, уый æмæ хъæрæй загъта: «Хæсгæ, æвæдза, негасы дæр ардыгæй фынæйæ хъуамæ ахæссой, фæлæ йæ райхъал кæнын хъæуы, кæннод цадмæ фынæйæ куыд ныххиздзæн!» Уырызмæг аивæй бакаст Батрадзмæ æмæ ныккатай кодта: «Хъал æй ракæндзыстæм исчердæмыты, фæлæ ноггæнæн доны фæстæ куынæуал бафынæй уа, уæд бæллæхтæ æрцæудзæн!»

Сосланæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, Батрадзимæ-иу чысылæй куы хъазыдысты, уæд-иу æй йæ дæлармы хъыдзыйæ куыд стæлтæг кодта æмæ-иу æй фырхудæгæй куыд афæлдæхта, уый. Йæ къух Батрадзы дæларм фæтъыста. Лæппу ныкъкъæдз ис æмæ йæ мид-худтæй бахудтис, афтæмæй Сосланæн йæ къух ныкъкъуырдта, фæлæ йæ куынæ суагъта, уæд йæ цонг йæ фарсмæ нылхъывта æмæ йæ кæл-кæл æргъæу къулты ’хсæн анæрыд. Иу дзæвгар фынæйæ фæхудтис, стæй фехъал æмæ Сосланмæ джихæй бакаст.

— Хъæрæу, цы мæ хынджылæг скъæрыс? — сулæфыд бындзарæй æмæ Сосланы риу йæ армытъæпæнæй ныццавта.

— Фынæй мауал кæн, Дзорс!

— Цæмæн барæджы кодтой пакъуындзæджытæ? — йæ комытæфæй къултæ барызтысты, æхсыры цыхцырджытыл цыма уаддым радымдта, уыйау фæрсырдæм атасыдысты.

Цæй пакъуындзæджыты кой кæны, зæгъгæ, фæджихау Сослан æмæ йæм Уырызмæг аивæй йæ цæст фæныкъуылдта, дæ боцъотæ бындзыггай тон æмæ дыл хуссæг куынæ æрхæца, уæд æппæт дæр фендзынæ, зæгъгæ.

Æргъæу къулы фаллаг фарсæй дæс чызджы раленк кодта. Батрадз сæ куы ауыдта, уæд, сæрдзæфау бамыр-мыр кодта. Уæ, мæ рæсугъд пакъуындзæджытæ, уæдæй нырмæ кæм уыдыстут, зæгъгæ, йæ къухтæ сæм фæдардта. Уырызмæг бафсæрм, чызджыты бæгънæг рæсугъддзинад, сæ риуты æмæ сæ тымбыл синты артæфтауæг змæлдмæ, йæ цæстытыл йæ къух фæцæйæмбæрзта, фæлæ йæхи фæурадта. Дыгæйттæй сыл сæхи сныхæстой æмæ Сослан банкъардта, сæ фæлмæн буæртты сæрзилынгæнæг хъарм æвзистгъуыз згъæрæй мидæмæ куыд бахъардта, уый.

Чызджытæн сæ цæсгæмттæй хуртæ æмæ мæйтæ кастис, сæ дæргъæццон цæстыхаутæй стъалытæ тыбар-тыбур кодтой. «Ацы хингæнджытæ ныл суанг кæронмæ куы бафтой, уæд хорз нæ рауайдзæн нæ хъуыддаг!» — ахъуыды кодта Сослан. Батрадз йæ дыууæ пакъуындзæджимæ талынг хуыккомы аныгъуылдис. Уырызмæгитæ дæр уыцырдæм ацыдысты æмæ Сослан дыууæ зыбыты бæгънæг сылгоймагимæ къуындæг чыры куы февзæрдис, уæд æм афтæ фæкаст, цыма йын йæ болат буары исчи туæстæ тъыста. «Кæнæ? Дзахайы фынгау, ацы чызджытæ дæр цæстылуайæнтæ сты, кæнæ та мæ ацы хингæнджытæ фынæй бакодтой æмæ, кæуылты рацыдтæн, уый нал зонын!» Æргъæу гæрæны фаллаг фарсæй Батрадзы гуым-гуым хъуыстис:

— Басудзут мæ, батайын мæ кæнут, мæ пакъуындзæджытæ! Мадард мæ скæнут æмæ нæ бæгънæг буæртты æртытæ сиу уой!

Сосланы бандоныл æрхуыссын кодтой æмæ йыл баузæлыдысты. Æфсæрмæй сыгъдис, фæлæ йæхи урæдта, уымæн æмæ сæ Сатана бафæдзæхста, абæстыл худинаг, æфсæрм, сылыстæг æмæ нæлыстæджы фарн цы сты, уый нæ зонынц æмæ уæхи ма схъæр кæнут, зæгъгæ. Талынг хуыккомæй чызджыты монцхудт æрбайхъуыст æмæ дыууæ буц пакъуындзæджы Сосланы сæ фæлмæн базыртыл куы фелвæстой, уæд Нарты гуыппыр фæдисау: «Сылыстæг уæвгæйæ сæм уый бæрц тых кæцæй ис?» Æхсыры цады былмæ йæ бахастой, фæйнæрдыгæй йын йæ къухтæ æмæ йæ къæхтыл ныххæцыдысты æмæ йæ бæрзонд цæджындзы тæккæ цурмæ фехстой.

— Хъæр-рæу, æхсыры цадмæ уыцы иу æрбацыдæн дыккаг хатт ныххизæн нæй, фæлæ дæ цас фæнды, уыйас ленк кæн! — фæсидтысты йæм фæстейæ чызджытæ. Æхсырæй йæ сæр уæлæмæ куы сдардта, уæд сæм фæкаст, фæлæ сæ кой нал фæзынд.

— О-хо-хи, мæ буц пакъуындзæджытæ, мæ фæлмæн сынтæгыл фынты дунемæ цæуынмæ куы хъавон, уæд та уæм æнхъæлмæ кæсдзынæн! — фæсидтис Батрадз кæлæнгæнæг чызджытæм.

Сосланæн хъарм æхсыр йæ дадзинтæ схъыдзы кодта. Уый уыдис æхцон фын, аргъау, бæллиццы мал, сонтæ æмæ рынтæ исæг, тыхæфтауæг æмæ уæларвон алæмæт. Хъарм æхсыр ын йæ фæллад буарыл узæлыд. Куы йæм басмыста, уæд базыдта, æрдæбоны дыууæ кæлæнгæнæг пакъуындзæгæн дæр сæ риутæ ахæм тæф кæй кодтой, уый. Батрадз-иу йæхи цады бынмæ ауагъта, стæй та-иу йæ сæр разындис æмæ-иу æхцонæй «о-хо-хи, о-хо-хи», зæгъгæ, куы суынæргъыдта, уæд та-иу æргъæу къултæ ныддыз-дыз кодтой. Сослан ын йæ сæрбихъуырæйттæм бакаст æмæ йæ бауырныдта, ныртæккæ Батрадз æппындæр кæй никæй уал уыдта. Уайтагъд Чермениты цурмæ баленк кодта æнæ йæ фыды афарста:

— Баба, ацы бæгънæг пакъуындзæджытæ нæ уæлхъус кæдмæ уыдзысты?

— Нæ уæлхъус куынæуал сты!

— Нал сты, фæлæ та фæзындзысты!

— Уымæн ницы у, Сослан! Бæллæх у, кæд уыдон дæр Дзахайы фынгау, нæ цæстытыл уайынц, уæд уый! — бафиппайдта Чермен.

— Æрбацæуинаг ма куы уаиккой, уæд сæм Батрадз нæ сидтаид, мæ сынтæгыл та уæм æнхъæлмæ кæсдзынæн, зæгъгæ! — æрхæндæгæй загъта Санибайаг лæппу. Æз уыдон фæстæмæ æрбаздæхгæ никуы федтон!

— Æз æппæтыразæй схиздзынæн æмæ архайдзынæн, уавæртæ мын куыд бацамоной, афтæ! Батрадз нæ разæй куы схиза, уæд нæ тох фæзындæр уыдзæн. Сымах та схиздзыстут Батрадзы фæстæ. Уæртæ талынг хуыккомы дуар фиппайут? Уый-иу уæ фæдыл фидар нывдузут! Хуыздæр амал нын куынæ фæуа, уæд уыцы бæгънæг кæлæнгæнджыты хуыккоммæ батæрдзыстæм æмæ сыл фаллаг дуар дæр рахгæндзыстæм. Уыдон сæ бæгънæг буæртты рæсугъддзинадæй æрмæст адæймаджы ирхæфсыны куыст нæ кæнынц! Мæнмæ афтæ кæсы, цыма æхсыры цады кæлæнтæ райдайынц чызджыты буары сæрзилæн тæфæй.

— Æз та афтæ æнхъæлын, цыма æхсыры цад сылгоймаджы риутæй кæлы! — загъта дыгъуырццæгæй Уырызмæг.

— Мæ рустыл мын сæ тæвд буæрттæ куы сныхæстой, уæд кæмдæр афтиды аирвæзтæн, æмæ цалынмæ мæ боцъотæй бындзыг ратыдтон, уалынмæ дзы пакъуыйау ленк кодтон! — загъта Чермен æмæ Санибайаг лæппумæ бакаст.

— Адæймаджы æхсыры цадмæ куы фехсынц, уæд уырдæм дæр йемæ бацæуы сæ буары сæрзилæн тæф! — загъта Санибайаг лæппу.

— Хызы мæнгард фырт алыран къæппæджытæ æрæвæрдта æмæ адæймаг кæнæ сæ иумæ бахаудзæн, кæнæ се ’ннæмæ! — ныссагъæс кодта Уырызмæг.

— Цæй, Батрадз нæ ам бындзагъд куы скæна, уæддæр мын йæ разæй нæ схизгæ нæй:

Сослан цадæй куы схызтис, уæд Батрадзмæ фæкаст, фæлæ уый æхцон уынæргъгæ æмæ футтытæгæнгæ сæмсгæфау ленчытæ кодта. Йæ къæхтæ æргъæу астæрдыл æртъæпп-тъæпп ласта æмæ чысыл банхъæлмæ кастис. Хъарм æхсыр йæ буарыл хæрвау куы аззад æмæ йыл йæ къухтæ куы ныцъцъелф кодтой, уæд йæ хъуын арц абадтис. «Æвæццæгæн, уыцы кæлæны æхсыры фæлмæн хæрв буарыл куы ахъæбæр вæййы æмæ цæххау къæртгай куы разгъæлы, уæд уыцы къæрттытимæ адымынц адæймагæн йæ зонд, йæ хъуыды, йе ’нкъарæн, йæ сæр, йæ зæрдæ, йæ уд æмæ, цы уыдис, уый дзы æрбайрох вæййы. Ноггæнæн дон æй куынæ æрæхса, уæд нæм митæ уыдзæн! Хызы фыртæн йæ коммæгæстæ фæфылдæр уыдзысты! Багъæц, налат, æз дын дæхи ныннайдзынæн уыцы цады!»

Иугæр æм Батрадз йæ хъус куынæ æрдардта, уæд хуыккомы мыстулæгау фæмидæг ис æмæ фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, афтæмæй бацыд, æвзистгъуыз хæтæл цы чыры къулыл уыдис, уый хуылфмæ. Уылынджы дæргъæн æрттиваг хæцæн нылхъывта, къадзонæджы сыффытт æхсыры цады цыхцырджыты буц сæх-сæхы фатау аныхстис æмæ уазал доны къада æргъæу къулы сæрты акалдис. Йæ армытъæпæнæй уал æй ахгæдта. Стæй йæм бадардта йæ цæстыты къуырфытæ, йæ фындзы рагъ, йæ уадултæ æмæ йæ фæлмæн хæрвы лæбырæнтæ йæ уæлæ куы æрбырыдысты, уæд йæ зæрдæ цинæй айдзаг. Тæнæг хæрв-иу фæкъæртт æмæ-иу бурæмæдзау ивæзтытæ кæнын райдыдта. Стæй, цъыфдзастæн йæ цъар хурмæ фæркгай куыд срæмыхсы, афтæ-иу срæмыхстис æмæ-иу буар мидæгæй разындис, цæхæрайау, сырхæй, фæлæ-иу ыл куыддæр дон аныдзæвдис, афтæ иу йæ гаччы абадт.

Йæхи хæрзæхсад куы ныккодта, уæд ноггæнæн дон йæ адæй асгæрста. Хуымæтæджы дон цы вæййы, уый уыдис. «Мæ пысултæ мын скæнын хъæуы, кæннод мæ Батрадз хæрзæхсадæй куы фена, уæд йæ сæры цы скуысси уыдзæн, уый ничи зоны. Гуымаг лæг æмæ йæ дыууæ æмбалы кæй нал зынынц, уый мæгуырау нæу. Мыййаг, Батрадз хъæр куы кæна, уæд æй ничи фехъусдзæн, фæдис ам никæй хъæуы!» — дуары цурмæ бауад, фæлæ дзы уынæр куынæ фехъуыста, уæд æрбаздæхтис æмæ йæ дарæс скодта. Уалынмæ йыл бæгъæмвад къæхты тъæпп-тъæпп ссыд æмæ йæ уæлвæд æрбайхъуыст Батрадзы сидт:

— О-хо-хи, Дзоко æмæ Хъæрæу, кардæй хорз архайут. Чысыл ма фалдæр куы бавнæлдтаиккат, уæд Æртыккаг дунейы сылыстæг знагæн йæ риу фегом кодтаиккат æмæ Дæргъийы æфсæн рæхыстæ рацæгъдын нал бахъуыдаид!

— Дзорс, уæдæ дæумæ гæсгæйæ Хъæрæу йæ кард æнæхъуаджы тилы?

— Мæсты ма кæн, Хъæрæу! — йæ хъæлæс фæфæлмæндæр Батрадзæн.

— Уæдæ ма кæс, кæддæра уæлæ царыл уыцы стъалыйæн йæ цæст нæ акъахон! — чысыл сабийау, бартхъирæн кодта Сослан æмæ æргъæу гæрæны сæрты йæ фыды боцъотæ куы ауыдта, уæд фæхатыд, йæ хъуыды йын Уырызмæг кæй бамбæрста, уый.

— Æмæ йын цæмæй акъахдзынæ йæ цæст? — сцымыдис Батрадз.

— Мæ къухы ци ис, уымæй! — Сослан йæ сæрзæнт фелвæста.

Сæрзæнт фатау, æхситгæнгæ суадис æмæ йæ бырынкъ стъалыйы цæсты ныссагъд, фæлæ йæ уæлæ ауындзæгæй аззад. Цар æмрызт бакодта æмæ йе ’ргъæу къæртгай дæлæмæ æркалдис.

— Бæдæйнаг, Хъæрæу, фæлæ æнæсæрзæнт куыд фæцæрдзынæ?! — фырцинæй хæрдмæ фесхъиудта Батрадз æмæ Уырызмæгиты гæрæны сæрты лæппуйæн йæ бæгънæг буар куы ауыдтой, уæд байрадысты.

— Ам ды кæуыл бахудай, ахæмтæ дын нæй, Дзорс! — ныртхъирæн кодта Уырызмæг æмæ уый дæр йæ сæрзæнт уæлæмæ фехста.

— О-хо-хи, Дзоко!

Сæрзæнт фатау, æхситгæнгæ суадис æмæ стъалыйы цæсты гагуыйы цы сæрзæнт ныссагъдис, уымæн йæ хуылфы сфардæг. Сосланы цæст Чермен æмæ Санибайаг лæппуйыл схæцыд æмæ йæ зæрдæ барухс. Батрадз джихæй кастис, дыууæ сæрзæнты хæлынбыттыртау царыл ауыгъдæй куыд хъеллау кодтой, æмæ сæ алы банкъуыстæй стъалытæй æмæхгæд мæнгарвæн йе ’ргъæуы згъæлæнтæ дæлæмæ куыд калдысты, уымæ. Стæй сæрзæнттæ, сыфсыфгæнгæ ратахтысты æмæ Дзорс нæ фæфиппайдта, Чермен æмæ йыл Санибайаг лæппу сыджытсыгъдон æмæ æртхутæг куыд бакалдтой, уый. Бæстæ йыл аталынг, йæ цæстытæм афтæ фæлæбурдта, цыма сæ акъахынмæ хъавыд.

— О-хо-хи, Дзоко, саугуырм бадæн! — фæбогъ кодта Батрадз.

— Хынджылæг кæнынæн дын æгъгъæд у, Дзорс!

— Хынджылæг нæ кæнын, æцæг зæгъын!

Батрадз уæлæмæ скастис æмæ стъалыты æрттывд куынæуал ауыдта, уæд фырмæстæй тымбыл къухы иу цæфæй æргъæу гæрæн ныддæрæн кодта. Къулы хæлддзаджы сæрты йæ къух баивæзта æмæ дзы куы ницы ссардта, уæд фæзылдис æмæ йæ сæр иннæ къулмæ фæцарæзта. Æргъæу гæрæн цæрдхуынкъ фæцис æмæ йæ сæр разынд, Сослан цы чыры мидæг лæууыд, уым. «Ацы æрра Хызы фидар дæр афтæмæй басаста!»

— Цы фестут, æргъæуы къæрттытæ мын мæ цæстытæ судзынц! Фæкæсут мæм, кæннод нæ сылыстæг знагыл мæн йеддæмæ сау рæхыстæ чи сæвæра, ахæм ничиуал баззайдзæн абæсты æмæ сæфгæ кæнæм!

Фæйнæрдыгæй йæм æрбагæппытæ кодтой. Батрадзæн йæ уæлæ æхсыр ахъæбæр ис æмæ йæ буар, калмы хæрвау, ссис уазал æмæ лæгъз. Сослан æм куы февнæлдта, уæд йæ уазал йе уæнгты ахъардта.

— Дзорс, цыланмæ дын æргъæуы муртæ дæ цæстытæ цъæй нæ фестын кодтой, уалынмæ æхсыры цады дæхи куы ныхсис! — стыхстис Сослан.

Батрадз куыддæр уый фехъуыста, афтæ йæ къухтæ фæпырх кодта æмæ йæ алыварс чи уыд, уыдон фæстæмæмæ атахтысты.

— Хъæр-рæу, абæстыл кæрдæгау зайгæ куы æркодтай, уæд иу æрбацыдæн дыккаг хатт хи найгæйæ, æхсыры цад адæймаджы кæй бахæры, уый нæ зоныс?

«Ай дын мæ къух, иу æрбацыдæн дыккаг хатт хи найгæйæ æхсыры цадæн йæ кæлæнтæ фесæфынц!» — ферттывта Сосланы сæры.

— Мæнæн дæр мæ галиу цæсты æргъæуы схъистæ бакалдысты æмæ сæ донæй куынæ рахсон, уæд мын цъæй фестдзысты! — загъта Чермен.

— Дон хъæуы, фæлæ кæм ис! — стыхстис Санибайаг лæппу.

— Ау, æмæ нæ сылыстæг знаг доны мидæг куы лæууы!

— Хъæрæу, уырдæм нæ акæн æмæ дзы нæхи баппарæм!— фæхъæр кодта Чермен.

— Уырдæм ныццæуæн ис æрмæст нæ цытджын хицауы рухс фæндæй! — сæ хъуыры фæбадтис Уырызмæг.

— Дон ам дæр бæргæ ис, фæлæ дзы нæхи куы ныхсæм, уæд ныл цы ’рцæудзæнис! — ноджы тыхджындæр стыхстис Батрадз.

— Цы уа, уый уæд!

— Чердыгæй ис дон? — кæд хæлд къулы хуынкъæй æвзистгъуыз хæтæлы къадзонæг уыдта, уæддæр афарста Уырызмæг.

Комкоммæ йæм куы бацыдаиккой, уæд Батрадз Уырызмæджы афарстаид, алæ-ма, кæцæй базыдтай, ацы урс хæтæлы дон кæй цæуы, уый.

— Ардыгæй комкоммæ дуарырдæм ацæудзынæ! — æрæджиау сдзырдта Батрадз. — Куы йæм бахæццæ уай, уæд галиуæрдæм цæхгæр фездæхдзынæ! Дæ галиу рæмбынкъæдз иудадзыг æргъæу къулыл хафдзынæ, афтæмæй цæудзынæ. Куы дын фæхицæн уа, кæнæ дын мæнджы тигъæй тигъмæ куы атæха, уæд-иу æнæхъуаджы мауал бацагур дон! Дыууæйы ’хсæн нарæджы авд зылды æркæндзынæ æмæ йæ тæккæ бикъмæ куы бахæццæ уай, уæд мын уыдзæн дон! Тагъд, мæ цæстытæ мын æргъæу фæхæры!

Куыд сын бацамыдта, афтæ ацыдысты. Æвзистгъуыз хæтæлмæ куы бахæццæ сты, уæд Уырызмæг лæппутæн цæстæй ацамыдта, къадзонæджы хæтæл уæ æвиппайды мачи нылхъивæд, зæгъгæ. Ам, мæнæ æргъæу къулыл уæлæмæ уагъд æвзистгъуыз хæтæлы йеддæмæ донæн йæ кой дæр куынæ ис, уæд нын цытæ дзырдтай, зæгъгæ, буцтæгæнгæ загъта Сослан æмæ Батрадзы къух къадзонæгыл авæрдта:

— Уый хоныс дон, Дзорс?

— Дон у, Хъæрæу, дон! — къадзонæгæн йæ хæцæн фелхъывта æмæ дзы дон куы расыффытт ласта, уæд æм йæ цæстытæ бадардта. — Мæнæ уыцы къалиуыл хæц æмæ йæ дæлæмæ нылхъив! Хæц ыл! Хæц ыл!..

Дон йæ уæлæ ахæм æхсгæ калдæй калдис, æмæ-иу æй карды комау æрцъыкк ласта, йе ’хсыры хæрв-иу ын фæлыг кодта. Йæ хæрв ныскъуыдтæ ис æмæ йæ уæлæ гæппæлгай æрзæбултæ. Йæ гагуытæ йын æргъæуы схъистæ куынæуал къахтой, уæд ракаст æмæ бахудтис, кæддæр-иу Нарты хъæуы йæ дзæбæх зæрдæйæ куыд бахудтис, афтæ. Уæ сæрзæнттæ бацагурут æмæ сын сæ цъуппытæй царыл стъалыйы цæст макуыуал акъахут, кæннод уын нæ ныббардзынæн, зæгъгæ, багуым-гуым кодта. Чермен æмæ Уырызмæг дæр сæ цæстыты æфсон сæ хæрв æрæхсадтой æмæ сын сæ буæртты сырх ноггæнæн дон куы айсæфта, уæд Санибайаг лæппу къулы хæлддзæгтæй рабырыд æмæ къадзонæджы бын балæууыд.

— Нæ сæрзæнттæ бацагурдзыстæм, Дзорс, фæлæ нæ уæлæ æхсыры хæрв кæй нал ис, уымæн та цы бакæнæм? — цæмæй Батрадз Санибайаг лæппумæ йæ хъус ма æрдардтаид, уый тыххæй загъта Уырызмæг.

Батрадз йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ фæйнæрдæм афæлгæсыд. Æвиппайды æрбаймысыд, Лæгъза йын афтæ кæй дзырдта, ноггæнæн доны сусæгдзинад дын амонын, фæлæ дзы дæхи макуы ныхс, кæннод дын дæ хæрвимæ дæ амонд дæр аласдзæн, зæгъгæ, уый. Амонд æмæ æнамонд цы уыдысты, уый дæр нæ зыдта. Зыдта æрмæст, йæхи рог кæй æнкъардта, уый! Уый ныртæккæ тарстис зæрдæхудтæй, уымæн æмæ Дзокоиты йæ фæдыл баласта ноггæнæн доны цурмæ æмæ сын бацамыдта, Лæгъза æмæ Дзæцъу æрмæст уымæн кæй схъæр кодтой, ахæм сусæгдзинад.

— Дзорс, маргджын кæлмыты хæлбурцъæй дæ бахизæд Æртыккаг дунейы фарн, фæлæ негасы дæр бахъæудзæн доны хабар басусæг кæнын! Уый фæстæ та æхсыры цад седæппæт бадзæбæх кæндзæн! — фæлмæнæй загъта Сослан Батрадзæн.

— Раст зæгъы Хъæрæу! Куы йæ басусæг кæнæм, уæд уымæй Æртыккаг дунейы раз зæрдæхудт нæ фæуыдзыстæм! — бахудтис æм Уырызмæг.

— О-хо-хи, Дзоко, ды раст зæгъыс! Уæдæ ныртæккæ мæ раны ды куыд кæнис? — æдылыйау афарста Батрадз.

— Дæ раны æз мæ дзаумæттæ скæнин, Дзахайы фынгыл фæминас кæнин æмæ хуыррытт фынæй сыздухин. Уый фæ-стæ сыстин, Дæргъийы куырдадзæй ног рæхыстæ рахæссин, афтæмæй доны былмæ ныццæуин æмæ та сæ нæ сылыстæг знагыл сæвæрин!

— Уæдæ, цæугæ нæ пысултæ кæнынмæ! — байрадис уый.

Куыддæр сæ дарæс скодтой æмæ хъæдын бандæттыл адæргъ сты, афтæ Дæрæн æмæ йæ дыууæ æмбалы æрбамидæг сты. «Æвæццæгæн ацы бандæтты бæрæггæнджытæ сты æмæ уыцы рæсугъд пакъуындзæджытæ та уыдысты цæстылуайæнтæ!» — балхынцъ кодта йæхимидæг Сослан.

Сæ къухтыл та сæ ахастой, Дзахайы фынгыл фæминас кодтой. Уырдыгæй сæ нозтджынтæй ракодтой æмæ æлвисæг зæронд усы иувæрсты асиныл уæлæмæ куы схызтысты, уæд базыдтой, стыр тохы фæстæ сæ фæллад уадзынмæ кæй фæцæйцыдысты.

Цалынмæ сæрмагонд уæтты ныххицæнтæ уыдаиккой æмæ урс-урсид цыллæйæ фæлыст сынтæджытыл сæ фæллад суагътаиккой, уалынмæ Сослан йе ’мбæлттæн айуæрста, Барастыр ын цы зæххы сой рарвыста, уый. Дзахайы фынгыл мипас кæнут, фæлæ мæнæ уымæй уæхимæ æркæсут, кæннод сыдæй уæ удтæ схаудзысты, зæгъгæ.

Фæсфын Батрадзы уæлхъус авдæй слæууыдысты. Йæ цыллæ æмбæрзæн ын срæдывтой æмæ йын йæ быны æхсыры хæрвы урс-урсид згъæлæнтæ куынæ ссардтой, уæд цавддуртау сæ мидбынæтты асалдысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.