Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XII. ДЗАХА ЙÆ ДЗЫРД ХОЙРАГ КУЫД ФЕСТЫН КОДТА



XII. ДЗАХА ЙÆ ДЗЫРД ХОЙРАГ КУЫД ФЕСТЫН КОДТА

Сосланæн йе згъæртæ йæ дзырд æмбæрстой, æмæ-иу сæм куы фæсидти, гъе, мæ Церечы згъæр æмæ мæ Бидасы тахъа, тох æрцыдис, зæгъгæ, уæд-иу уайтагъд йæ уæлæ февзæрдысты. Науæд та-иу сæм фæсхæст куы ныдздзырдта, гъе, мæ Церечы згъæр æмæ мæ Бидасы тахъа, хæст бамынæг æмæ уæ фæллад суадзут, зæгъгæ, уæд-иу фæтары сты. Нæсæттонты талынг къуымæй уæлæмæ хизгæйæ, кæд æппæты стырдæр хæстмæ цыдис, уæддæр ын йæ Церечы згъæры æдде æндæр згъæр скæнæн нæ уыд æмæ йæ цæргæ-цæрæнбонты фыццаг хатт загъта зыгъуыммæ: «Гъе, мæ Церечы згъæр æмæ мæ Бидасы тахъа, хæст бамынæг, æмæ уæ фæллад суадзут!»

Дыууæрдыгæй згъæрджын хæстонты рæнхъытæ куы ауыдтой, уæд афтæ фенхъæлдтой, ацы дæлимонтæ нын нæ сусæгвæнд базыдтой æмæ ныл ныртæккæ сæхи ныццæвдзысты, зæгъгæ. «Мæ Церечы згъæрмæ та мæ фæсидын бахъæудзæн!» — Сослан йæ æргъæвæгмæ бавнæлдта, фæлæ йын Санибайаг лæппу йæ къухмæ фæлæбурдта.

— Омбæ, Æртыккаг дунейы сæрибар хъахъхъæнджытæ, омбæ! — сонт хъæр фæкодтой хæстонтæ.

Чермен æмæ Уырызмæг исдуг æмырæй фæцыдысты, стæй Санибайаг лæппумæ гæсгæ уыдон дæр сæ дзыхтæ фæхæлиу кодтой:

— Омбæ! Омбæ! Омбæ!

Хæстонтæ се ’взистхуыз згъæрты уыдысты фаззæттау æмхуызон. Ноджы сæ сæрзæнтты ныхтæ сæ цæстытыл æруагътой, æмæ сæ чи кæцы уыдис, уый ничи раиртæстаид. Сослан аивæй Уырызмæг æмæ Чермены ’хсæн бацыд æмæ сын сæ дыстæ æривæзта, ома ай кæдæм æрбахаудтам. Санибайаг лæппуйы куы ауыдта, уæд фæхатыд, ам афтæтæ фæрсæн кæй нæ уыд, уый. Кæмæн дзы йæ фарсыл кард уыди, кæмæн цирхъ, фатгард æмæ фæттæй йедзаг нывæфтыд сагъæдахъытæ, кæмæн та, Сосланмæ æфсæн лæдзæг чи фæкаст, ахæм хæцæнгарз. «Цымæ сæ иутæ ардæм Уарбийы æфсадæй æрбахаудтой, иннæтæ та дæлимонтæ æмæ къæццитæй. Сæ лæгъз митæй нæ фæсайынмæ хъавынц, фæлæ сæ куыддæр сæ размæ цæугæ фенон, афтæ сæм тымбыл къухæй бавналдзынæн æмæ сыл мæ иухатты масты пырх скалдзынæн. Ме ’мбæлттæ сæхи афтæ дарынц, цыма сæ цæрæнбонтæ, мæнæ Санибайаг лæппуйау, ам арвыстой æмæ ацы фæстæмæкъахджынты зыгъуыммæ митæм æрвылбон кастысты. Баба æмæ Санибайаг лæппу цыфæнды фæуæнт, фæлæ Чермен та? Йæ сæрзæнты бынты афтæ кæсы, раст цыма Челæхсæртæг æмæ Дзæцъуимæ ныхасы фæбады!»

Сосланмæ æппæтæй диссагдæр та фæкаст, чысыл фалдæр цы къорд лæууыд, уый: æхсæзмæ дзы банымадта, лыстæг æфсæйнаг кæрæттæ кæмæн уыд, ахæм хъæзын хæтæлтæ, фарастмæ — уæрæхдзыд уырынгтæ сыкъатæ, æртæмæ — лыстæг хъæзын хæтæлтæ, сæ иумæ — сыгъзæрин уадындз. Куыддæр амæ фæкомкоммæ, афтæ йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта, уый уæртæ нæхи Ацæмæзы сыгъзæрин сауæфтыд уадындз куы у, уæд ацы дæлимонтæм кæцæй æрбафтыд, зæгъгæ. Йæ къах размæ авæрдта, цæмæй згъæрджынты къухæй Ацæмæзы æнусон уадындз стыдтаид, фæлæ йын Уырызмæг йæ цонг ацахста.

Уалынмæ згъæрджынтæ сæ хæтæл-уадындзтæ сæ зыхты бакодтой æмæ цыртытау асалдысты. Сæ разы зæронд уасæджы лæуд чи кодта, уый йæ къухыл схæцыд, æмæ хъæзын хæтæлтæ адджын хъæлæсæй бауасыдысты, уырынгтæ сыкъатæ бауынæргъыдтой, æмæ уадындзы алæмæты мыртæ Сосланæн йæ зæрдæйы уидæгтæ бацагайдтой. Куыддæр суынæргъыдтой æмæ ныззарыдысты, афтæ сæ гуыртæ размæ аппæрстой, гарзджынтæ дыууæрдыгæй сæ къæхтæ æмцæф æркодтой æмæ уынджы фæраст сты. Санибайаг лæппу цæстæй ацамыдта, мах дæр сæ фæдыл цæуæм, зæгъгæ, æмæ Сослан цæугæ-цæуын хъуыдытыл фæци: «Сæ кæлæн зарджытæй ныл хуыссæг бафтаудзысты, фынæйа нæ се ’хсыры цады ныррæцугъдзысты! Æвæццæгæн, кæмдæр фæрæдыдыстæм, нæ ахастæй нæ базыдтой æмæ нын сæ адджын зарджытæй хин скæнынмæ хъавынц!»

Сослан йæ сæрзæнты бынты сусæгæй касти сусхъæд бæлæстæм, нарæг фæзилæнтæм, тызмæг мæсгуытæм, мвенг хуры бур-бурид тынты ферттывдмæ. Уынг афтид кæй уыдис, уый йын йæ зæрдæ бакъуырдта. Цæугæдоны сатæг хæл-хæл дзы кæй нæ хъуыстис, уый йын æрымысын кодта Дзæм-дзæмы доны рæвдауæг сæр-сæр, Аза-бæлæстæй æмæхгæд суæнгтæ, сæ тезгъогæнæн Уæлуонджы хох, къæдзæхтæ æмæ уæлвæзтæ, æрмахуыр сагты, сæгуытты æмæ сычъиты дзугты.

Фæзилæны фалейæ, арвайдæн куы фегом, уæд мæсгуыты цъуппытæм акасти, фæлæ сæ банымайын йæ къухы нæ бафтыд: «Æддейæ æрбакæсгæйæ дзы иу мæсыг йеддæмæ нæ зыны, ам та æнæхъæн сахар куы ис! Уыдон дæр, æвæццæгæн, Хызы фырты арæзт уыдзысты! Фæстæмæкъахджынты мæсгуытæ ницæмæн хъæуынц!»

Уадындзджынтæ сæ цæгъдын фæуагътой. Æфсæддонтæ дзыхълæуд фæкодтой, æмæ сæ цъæхснаг сидт мæсгуыты æхсæнты анæрыд:

— Омбæ, Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбултæн, омбæ!

— Омбæ, Омбæ! Омбæ!

Æфсæддонтæ фæтары сты. Уадындзджынтæ, фырзæрондæй чи сбур, ахæм хъæдын дуары цур æрлæууыдысты. Дуары хæцæн бур-буридæй æрттывта, йæ дзуарæвæрд æфсæнцъæрттæ тæмæнтæ калдтой. «Ай цавæр бæстыхай у, ардæм нæ цæмæн æрбакодтой? Науæд нæ дыууæ фæрсты тъæпп-тъæпп æмæ гыбаргыбургæнгæ чи цыд, уыдон цы фесты?» — карды комы хуызæн тигъыл йæ цæст уæлæмæ схаста Сослан æмæ йæ зæрдыл Хызы фидар æрбалæууыд. Йæ къулрæбынты сусхъæд бæлæстæ афтæ æнгом сфардæг сты, æмæ сæм лæг тарвæзтæй сæрибарæй бабырыдаид. Уадындзджынты раз зæронд уасæгау чи лæууыд, уый тымбыл хæцæныл рахæцыд, æмæ дуар хъысхъысгæнгæ байгом. Уадындзтæ та алы хъæлæсæй ныззарыдысты, æмæ Санибайаг лæппу, йæ сæрæй уæздан кувгæ, мидæмæ бацыд. Сослан къæсæры сæрты куы фæцæйхызтис, уæд мидæгæй, талынг бацæуæны фаллаг кæрон, ауыдта цырæгъты рухс. Цырæгътæ сыгъдысты салдæй, æнæзмæлгæйæ, цыма сын сæ рухс джиппы ауагъдæуыд. Йе ’мбудæнтæ йын бахъыдзы кодта мыдадзы тæф. Афтæ йæм фæкаст, цыма цырæгъты рухс фестад хъарм дон æмæ йæ мидæг ленк кодта. Дæлейæ уадындзы адджын мыртæ пæрпæргæнгæ тахтысты. Цæгъдджытæ-иу уадындзты куы ныффу кодтой, уæд-иу цырæгъты рухсытæ банкъуыстысты. Къуындæг дурын асиныл уæлæмæ цыдысты æмæ цырæгъты рухс дæр цъæтау здыхсгæ уæлæмæ ивæзт. Асины къæпхæнты хъарм йæ хæдбын дзабыртæй мидæмæ бахъардта æмæ йе уæнгты æхцонæй æрзылди.

Чысыл фæзгондмæ бахызтысты. Ноджы ма иу хъæдын дуарæй фæфале сты, æмæ сын сæ цæстытæ ныццавта боны рухс. «Табу хуыцауæн, кæдæй-уæдæй ма уæлион боны рухс федтон!» — баради Сослан, фæлæ уайтагъд фæфыдæнхъæл. Ам дæр сыгъди цырæгътæ, фæлæ уыдон уыдысты стыртæ, æмæ сæ рухс уыди бургомау нæ, фæлæ урс-урсид Хатæны къултæ дæр уыдысты сæнт урс. Дыууæ ивæзны бæрзæндыл сæ уæлæ ныхæст цырæгътæ дæр сыгъдысты сæнт урсæй. Цар дæр уыдис урс-урсид, фæлæ йæ къуымты сызгъæрипхуыз ахорæнтæй сагты, сæгуытты, сычъиты, дзæбидырты, тæрхъусты, сæлавырты æмæ рувæсты нывтæ. Се ’хсæн лæууыдысты сылгоймæгтæ, æмæ сын сырдтæ сæ къухтæ стæрдтой. Рахиз къуымы конд сылгоймаджы ныв Сосланмæ фæкасти Бедухайы хуызæн, æмæ дзы йæ цæст нал иста, фæлæ йын Уырызмæг йæ фарс бакъуырдта æмæ йæм цæстæй февзыста, ардæм фыццаг хатт кæй æрбацыдтæ, уый сын ма бамбарын кæн, зæгъгæ. Хатæнæн йæ астæу бацахста урс æмбæрзæнæй фæлыст фынг. Фынджы дыууæ фарс ныррæгъчындæуыд бур-бурид хъæдын къæлæтджынтæ. Сæ хæцæнтæ — нывæфтыд, се ’нцойгæнæнтыл зынди хур æмæ стъалыты нывтæ. Фынджы уæлæ æппындæр ницы уыди. Сосланмæ зæронд уасæджы хуызæн цы лæг фæкаст, уый сын бандæттæм ацамыдта, æмæ алчи æрвхуыз цыллæйæ фæлыст бадæныл йæхи куы æруагъта, уæд уадындзджынтæ хатæнмæ æрбацыдысты. Стæй сын зæронд уасæджы хуызæн лæг къухæй ацамыдта, æмæ алы хъæлæстæй ныццагътой æмæ ныззарыдысты. Сосланæн йæ зæрдæ адджын зæлтæй айдзаг. Йæ уды дуæрттæ кæронмæ куы байтыгътаид, уæд дæлимонты ахасты кæй фæуыдаид, уый æнкъардта. Исдугæй-исдугмæ-иу йæ сæр банкъуыста æмæ-иу рæмбынкъæдзæй йе ’мбæлтты бацагайдта.

— Кæдмæ хъусдзыстæм ацы кæлæнгæнджыты цагъдмæ? — фадат ын куы фæцис, уæд сусæгæй Санибайаг лæппуйы афарста Сослан.

— Нарты Уацамонгæйæ дын рæгъытæ нæ кæндзысты, фæлæ дæ цæхх æмæ кæрдзынæй хорз фендзысты, — загъта уый.

— Æмæ сæ фынг афтид куы у!

— Фæлæуу, Сослан, тагъд цæхх æмæ кæрдзынæй байдзаг уыдзæни.

— Лæппу, хæсты мидæг быхсын æппæты тыхджындæр хотых кæй у, уый дæ ферох? — бауайдзæф ын кодта Уырызмæг.

— Дæлæ, гъе, йæхæдæг æрбазынди! — загъта Санибайаг лæппу.

— Чи? — разылд сæм Чермен.

— Лыстæггай йæм æркæс æмæ йæ кæд базонис!..

Æрбахизæны бакомкоммæ цы къаннæг дуар уыдис, уый хъысхъысгæнгæ байгом и, фæлæ мидæгæй ничи разынд, æмæ уазджытæ бандзыг сты. Дуары хъинцмæ æмкаст фæкодтой æмæ сæ бæрзæйтæ æндзыгæй баззадысты. Уæлион нымадæй сахаты дæсæм хай куы аивгъуыдта, уæд гом дуары афтид фæлгæты сау хуылф фыцгæ писийау ратыппыр, æмæ къæсæры сæрты рахызти дæргъæццон лæг. Куы раленк кодта æмæ йæ сæры тенка мыдадзхуызæй куы ферттывта, уæд Сослан фæхатыд, йæ разы дæргъæццон нæлгоймаг кæй уыдис æмæ йæ сатæг-сау пæлæзæй æрмæст йæ сæры тенка æмæ йæ гыццыл цæсгом кæй зындысты. Афтид фынджы алыварс чи бадт, уыдон æмкаст фæкодтой æмæ æмдзыхæй загътой:

— О, дæ бæркад нын бирæ уа, Дзаха, дæ бæркад!

Чермен, «Дзаха», зæгъгæ, куыддæр фехъуыста, афтæ йæ карды фистон нылхъывта æмæ зына-нæзына фезмæлыд, фæлæ йæхи фембæрста æмæ бандоныл æрбадт. Йе уæнгтæ сзыр-зыр кодтой, йæ цæстытæ атарытæ сты. «Уæу, мæнæ мæ комбæстаг лæгыл кæм фембæлдтæн! Ай мæнæ бæхдавæг Дзаха куы у. Ам цы хъуыддагыл хæст у? Ацы фыдцъылыс мæ ныртæккæ базондзæн æмæ бынысæфт кæндзынæн ме ’мбæлттимæ!.. Ам æмбæхсæнтæ нæй. Фæлæуу-ма, фæлæуу! Мæн базондзæн, фæлæ йæ æз кæй базыдтон æмæ мæ зонд мæхимæ кæй ис, уый дæр базондзæн?.. Нæ, æз æй кæй базыдтон, уый хъуамæ ма базона ацы хин!.. Æрмæст мын базонын хъæуы, ардыгонау мæ цы хонынц, уый!.. Ехх, Дзаха, Дзаха, Салихайы тæригъæд дын уæлæуыл нæ батад, фæлæ дын ам дæр хъуамæ ма батайа!.. Ацы хинæн йæ ном кæй нæ раивтой, уымæй бæрæг у, Æхсыры цады йæхи кæй нæ ныннайы, уый!.. Æвæццæгæн, уый дæр Челæхсæртæджы цардæй цæры ам!.. Мæ базонын ын цы хъæуы, иу æмæ йыл дыууæ хатты куынæ фембæлдтæн йæ давæггаг бæхтимæ... Фæстагмæ йын Хохы Дæргъæвсмæ фæцæйцæугæйæ уæлбылæй йæ уæлæ бæндæн куы атыхтон æмæ йæ къардиуыл куыдзы мардау ауындзæгæй куы фæуагътон, уæд дзы уый куыд ферох уыдаид!.. Дзаха, куыдзæй гуырд, фадат уæвгæйæ дæ ам дыккаг хатт та æз ныммарин!.. Цæй, кæд нæ фæхъæр уон, уæд мын нæ аирвæздзынæ!»

— О, дæ бæркад нын бирæ уа, Дзаха! — фæхъæр кодта Чермен.

— Мæ цæхджын хойраг дын хæлар уæд, Чоги! — цæугæ-цæуын Черменмæ йе уæхсчы сæрты радзырдта Дзаха, æмæ Чермен базыдта, ардыгонау æй «Чоги» кæй хонынц.

Фынгыл хойрагæн йæ кой дæр куынæ ис, уæд цæй бæркады кой кæныс æмæ цытæ лæхурыс, зæгъгæ, нылхыскъ кодта Сослан Чермены. Чермен æм ницы сдзырдта, фæлæ куы сцæйстад, уæд ын Уырызмæг йæ къахы тъæпæн нылхъывта æмæ йын сыстыны фадат нæ радта. «Цæлгæнджытæн» сæ цæсгæмттыл ахæм хуыз абадти, цыма дуары фæлгæты сау-сауид хъæлæсæй Дзахайы сау-сауид буар кæй разынд, уымæй сæ раз хойраг æмæ нозтæй айдзаг æмæ фынгыл кусæрттаджы сæр æмæ бæрзæй æрæвæрæн бынат нал ардтой. Санибайаг лæппу сын аивæй ацамыдта, фæзмгæ мæ кæнут, зæгъгæ, æмæ йæ дыууæ къухы уæлвонг даргæйæ (ома галы бæрзæй, дыууæ уæливыхы æмæ физонæгæй йедзаг тæбæгъыл хæцын), йæ размæ æркæстытæ кодта. Стæй йæ иу къухæй хæринæгтыл фæйнæрдæм ахæцыд, фынгыл бынат ссæрибар кодта æмæ тæбæгъ æвæргæйæ загъта: «О; дæ бæркад нын бирæ уа, Дзаха, кæд ма утæппæт хойраг æмæ нозтæн фынгыл бынат кæм ссарæм!»

Чермен, Уырызмæг æмæ Сослан дæр бафæзмыдтой Санибайаг лæппуйы. «Ацы сау халон мын ме ’мбæлтты куынæ фæсаид!» — хъуыды кодта Сослан.

Дзахайы-иу уæлæуыл йæ хуыснæджы фæндаг куы кæдæм бахаста, куы кæдæм. Дагестан, Цæцæнæй, Ирыстонæй, Кæсæгæй йын иу бæхдон дæр æнæсгæрст нæ баззад. Бæлвырдæй зыдта, Бадилатæ цыты балцы цавæр бæхтыл цыдысты, Тугъантæн-иу сæ усгур лæппу йæ каистæм цы хуызæн дугъоныл цыдис. Кæсæджы æлдæрттæй-иу бæхты рæгъау ратардта æмæ-иу æй ныууæй кодта Цæцæны. Стæй-иу Цæцæны наибæй радавта араббаг бæхтæ æмæ-иу сæ баскъæрдта, знон Кæсæджы йæ бæхдон кæмæн сафтид кодта, уымæ. Дзаха-иу æхсæвыгон цы кæртмæ бахъуызыд, уым-иу талынг фæбæзджындæр, хъæхъхъаг куыйтæ-иу мæрдвынæй баисты æмæ-иу топпы гæрахмæ дæр нал райхъал сты. Йæ разы-иу цыфæнды фидары дуæрттæ дæр байгом сты. Йæ хуыснæггаг-иу йæ къухы куы бафтыд, уæд-иу хъæуæй афтæ ахызт, æмæ-иу куыдз не срæйдта. Дзаха-иу цы бæхыл абадт, уый мард куы уыдаид, уæддæр-иу дымгæ фестад. Бæх йæхи йæхæдæг давы, зæгъгæ, фæзæгъынц, фæлæ цауд барæджы къухы бирæ нæ фезгъордзæн æфсургъ дæр. Дзахайы къухы бæх фæллайын нæ зыдта, æмæ йæ уый фæрцы йæ сау хъуыддаг аразгæ никуы ничи баййæфта. Никуы йын аирвæзти куывд, кæхц, чындзæхсæв, туджы фынг, хист, æмæ-иу алы ран дæр бацахста цыты бынат. Дзахаимæ хылы къахыл ничи слæууыдаид, уымæн æмæ-иу æм куыддæр дамбацайæ, кæнæ кардæй февзыстой, афтæ-иу дæлимонау фæтары æмæ-иу йе знаджы къæпдзыхæй фæуагъта. Цæцæн, Мæхъхъæл, Ирыстон æмæ. Кæсæджы уæздæттæ бæлвырд зыдтой, сæ дугъон бæхтæ сын Дзаха кæй давта, фæлæ-иу ыл куы бамбæлдысты, уæд-иу æй ныхъхъæбыс кодтой æмæ-иу уайдзæфтæм фесты, о, Дзаха, кæм фесæфтæ, æнæ дæу мын хойраг ад нал кæны æмæ мæм æрбафысым кæн, зæгъгæ. Дзаха хыцауæй дæр нæ тарстис. Уый тарстис æрмæст иу лæгæй æмæ-иу искуыцæй бæхты рæгъау куы ратардта, уæд-иу уыцы лæджы æндæрг йæ фæдыл бафтыд æмæ-иу æй иу ран æрбадын нæ уагъта. «Тлаттаты кæвдæсард Чермены никуы æруыдтай?» — афарста-иу бæхдавæг, фæлæ йын бæлвырд дзуапп ничи лæвæрдта, сæ фос кæмæн давта, уыдон йеддæмæ. Рагацау-иу базыдта, Чермен абон йæ кæнгæ æфсымæр Бадилаты Асланмæ уазæгуаты кæй ацыд æмæ райсоммæ кæй не ’рбаздæхдзæн, уый. Уыцы æхсæв-иу Цæцæнмæ бахъуызыд, наибы бæхтæ-иу рачъырхта æмæ-иу сæ Дагестаны ныууæй кодта. Дзаха дзæгъæлы нæ тарсти Черменæй. Иу бон æм йæ дзырдхæссæг хабар æрбахаста, Чермен дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ Дайраны коммæ хицауады фæндагыл кусынмæ ацыди, зæгъгæ. Дзаха тæккæ уыцы æхсæв Кæсæгæй Сомахты Адамы æртæ дугъоны ратардта æмæ сæ Ирыстоны ’рдæм акодта. Иугæр Чермен ам нæй, уæд ма кæмæй хъуамæ тæрса? Уæллаг Санибайыл Хохы Дæргъæвсмæ фæраст и. Комы куы бацыд æмæ йæм фæйнæрдыгæй быгъдæг къæдзæхтæ уæлейæ дæлæмæ тызмæгæй куы æркастысты, уæд райсомы æгуыппæгдзинад топпы гæрахæй фæцæрдхуынкъ. Бæхтæ сæ фæстаг къæхтыл алæууыдысты, æмæ сæ мыр-мыр арф комы анæрыд. Уæлейæ йæм бæхы къæхты хъæр куы æрыхъуыст, уæд Дзаха фæсвæд балæууыд æмæ йæ хъыримаг æрцæттæ кодта. Нарæг фæндагмæ ныккаст æмæ хъуыддаг бамбæрста. «Фæсайдта мæ уыцы куыдз! Дзæгъæлы йын радтон фондз сомы хæрзæггурæггаг!» — нылгъыста Дзаха, Черменæй йæм бæрæг цы хъобайнаг æрбахаста, уый. Рагæпп ласта йе ’мбæхсæнæй, хъыримаг фæдардта æмæ ныггæрах кодта. Сау бæх стъæлфæнау фæхаудта уæлæмæ, барæг фæрсырдæм ахауд, йæ къах æгъдынцойы фæфидару афтæмæй йæ тарст бæх йæ фæдыл аласта. «Уый та дзы дæу, Тлаттаты кæвдæсард Чермен! Ныр мын мæ цæстмæ нал бадардзынæ, мæгуыртæй кæй радавыс, уый дæ фарсыл никуы бахæцдзæн, зæгъгæ!» — йæ былтæ асдæрдта Дзаха æмæ йæ давæггаг бæхты рацахста. Дæс къахдзæфы дæр нæма ауад, афтæ Чермены сау бæх фæзилæнæй рагæпп ласта æмæ йæ размæ мырмыргæнгæ ралыгъди. Дзаха йæ хъыримаджы хæтæлæн ныпъпъа кодта æмæ хуыцаумæ скуывта: «О, стыр хуыцау, бузныг, хæрзиуæджы фæстæ мын ноджы хæрзиуæг кæй скодтай, уый тыххæй! Йæхицæн ныфс бавæрдта, Чермены сау бæх мæ бæхты фæдыл рацæудзæн, зæгъгæ. Йæ сæрмæ айнæг размæ рацъупп и. Бынæй, арф комы рæбынæй, доны богъ-богъ хъуысти. Тæссаг фæндагыл фæзилæн æмæ къух атилæн нæ уыд. Æрмæст, хъавгæйæ, размæ цу! Æвиппайды къæдзæхы сæрæй бæндæн æрбасыффытт ласта æмæ Дзахайы уæхсчытыл тæлыйау æрбатыхсти. Фыд-фынты хай фæци Дзаха. Тас ныр йеддæмæ никуы бавзæрста. Лæгъз айнæгыл йæ цæст тæссармæ суагъта æмæ йын куыддæр йæ уæллаг былыл Чермены ауыдта, афтæ бæндæн ныттынг æмæ Дзахайы саргъæй фелвæста, афтæмæй йæ комы хъæлæсы ’рдæм ауыгъдæй ахаста. Хæлуарæгау ауындзæгæй куы аззад, уæд фыццаг бынмæ ныккаст, стæй та уæлæмæ. Бынæй йæм æнæбын арф ныххæлиу кодта йæ сау дзых, уæлейæ та йæм худти Чермен. «Цæй, Дзаха, хæрдмæ дæ фæнды, æви бынмæ?» — æрдзырдта йæм Чермен. «Мады гуыбынæйдзыд куы дæ, Чермен, уæд мын уырдæм дæ цæст куыд уарзы?» — тъизгæ ацамыдта комы хъæлæсмæ Дзаха. «Иугæр дæ уæлæмæ фæнды, уæд дæ хъыримаг æмæ дæ дамбаца аппар, кæннод ды куыдзау сусæгæй хæцыс, æмæ дыл æууæнк нæй!» Дзаха йæ хъыримаг комы скъуыды ныппæрста. Стæй йæ дамбаца систа æмæ уæлæмæ скаст, гæды фиумæ куыд скæсы, афтæ. Чермен æм æрдзырдта:

«Уый дын хорз нæ рауайдзæн, Дзаха! Бæндæнæй дын дæ куыдзы уд æз уромын!.. Уырдыгæй мæ куы сгæрах кæнай, уæд айнæджы сæрдæн фæуыдзынæ!» Къæдзæхы сæрмæ йæ сласта Чермен. Йæ бæндæн ын сыхæлдта, йæ худ ын йæ сæрыл арф æрсагъта æмæ йын загъта: «Дзаха, цалдæр хатты дæм лæг æрбарвыстон æмæ дын загътон, дæ фыдмитæ ныууадз, хъæздгуытимæ иумæ мæгуырты дæр ма стигъ, зæгъгæ. Иугæр дæм мæ дзырд нæ бахъардта, уæд дын хæлар уæнт мæ сау бæх æмæ мæ гæрзтæ! Æз дыл куы фæтых уон, уæд та цы сараздзынæн, уый мæхæдæг зонын!» Дзахайæн ма чъылдымырдыгæй йæ ронбасты тъыст уыди ноджы иу дамбаца æмæ йæ цæстыныкъуылдмæ фелвæста, фæлæ йын æй Чермен йæ къухæй стыдта æмæ йæ былæй аппæрста: «Куыдз цыдæр, æз дын кард загътон, ды та дамбаца фелвæстай?» Иуцасдæр фæрацъыкк-бацъыкк кодтой кæрæдзи. Чермен-иу æй суанг былмæ бахаста, фæлæ та-иу æй суагъта. Фæстагмæ Чермен йæ карды ком Дзахайы карды тъæпæныл бауагъта, йæ тæккæ æмбисмæ йын куы бахæццæ, уæд ын æй иуварс фæзылдта æмæ йын æй зæлланггæнгæ дæлæмæ атæхын кодта. «Дзаха, ныр мæ уырны, сусæгæй мæ кæй нал æрбахсдзынæ, уый! Ныр та кæрæдзи бафæлварæм тымбылкъухæй! Дзаха дыууæрдæм ралидз-балидз цы кодта æмæ йæхи цы хъахъхъæдта, уый йеддæмæ йæ бон цæвын нал уыд. Чермен æй æрбырста, йæ гæрзтæ кæм æрæвæрдта, уырдæм æй баласта æмæ йæ кард систа: «Уæвгæ мæ кард куыдзы тугæй нæ ахорын! — йæ кард фæстæмæ гæрзтыл баппæрста æмæ Дзахайы галиу хъус къухæй срæдывта: «Ныр ацу, æмæ ма искæмæй куы фехъусон, Дзаха та кæйдæр мæгуыр хъуг аргæвста, зæгъгæ, уæд дæ Хъобаны куыйтæн удæгасæй бахæрын кæндзынæн!»

Мæнгæн нæ фæзæгъынц, бирæгъ йæ царм зæнгыл нæ уадзы, зæгъгæ. Дзахайæн йæ кой никуыцæй хъуыст, цалынмæ йæ хъус сдзæбæх, уалынмæ. Стæй иу сæрдыгон æхсæв Чысыл Цæцæнæй авд араббаг бæхы радавта æмæ сæ дыккаг бон фæссихæрттæм Бадилаты Асланмæ батардта. Аслан цы зыдта, Дзаха æмæ Чермены ’хсæн цы æрцыдис, уымæн! Кæнæ Дзаха цæмæй хæйрæг уыд, Аслан æмæ Чермен æрдхæрттæ кæй уыдысты, уый! Аргъыт дзурын бирæ нæ уарзта. Куыддæр-иу æлхæнæг йемæ не сразы, афтæ-иу йæ фосы йæ разæй атардта. Аслан æй дзурын нæ бауагъта, йæ цухъхъайы фæдджийыл ын фæхæцыд æмæ йæ мидæмæ бакодта. Фынджы уæлхъус æрбадтысты. Бадилаты лæггадгæнджытæ къуымты схъомпал сты æмæ хастой уæлибæхтæ, фыдызгъæл, нозтæй дзаг дурынтæ, æхсыры фых уæрыччы дзидза, бæгæны. Фæйнæ æртæ сыкъайы куы анызтой, уæд Аслан йæ лæггадгæнджыты атардта æмæ йæ бинойнагмæ фæсидти. Дзаха йæ дзыппы бæхты аргъ асгæрста æмæ йæ цухъхъайы æгънæджытæ райхæлдта, цæмæй бахъуаджы рæстæджы фелвæстаид, йæхимæ цы дамбаца ныууагъта, уый. Тыххæй йæм ничи æрбалæбурдта, фæсвæдæй йæ ничи æрбахаста æмæ йын йæ хуыснæггаг бæхты аргъ нæ байстой. Аслан йæ гуырвидыц, даргъдзыкку, сауцæст, сауæрфыг бинойнаг Салихайы фынджы цурмæ æрбакодта æмæ йын рæвдаугæйæ загъта: «Абон нæм кады уазæг ис. Нæ фынг нын дæхæдæг бадзæбæх кæн æмæ Дзахайæн дæхи къухæй нуазæн ратт».

Æстдæс азы цыдис Салихайыл. Йæ нарæг астæу хъæзау ратас-батас кодта. Дзахайы зыд цæстытæ æфсины дзæнхъа хъуырыл андæгъдысты, йæ фæлурс уадултыл æмæ йæ даргъ цæстыхаутыл азгъордтой. Йæ риуæмбæрзæн ын фелвæстой, мадардæйæ йæ фæуагътой æмæ йын йæ сырх-сырхид былты монц анызтой. Дзахайы ныртæккæ æппындæр ницы æндавы, сылгоймаджы урс-урсид буарæй дарддæр. Йæ дзыппæй хуыснæггаг бæхты аргъ систа, тымбылæй сæ фынгыл ныццавта æмæ фысыммæ йæ кæлæн цæстыты арт фæцарæзта: «Пешкеш, Аслан, Дзахайæ дын æнæ аргъæй хæлар уæнт Чысыл Цæцæны наибы уадсур бæхтæ! Æрмæст æй дæ хæдзарæй куыдзы тард ма акæн æмæ йын радт Салихамæ кæсыны фадат! — хъуыды кодта йæхипымæры. — Хуыцæутты хуыцау, фыццаг хатт дæм скуывтон, цъаммар Чермен мæ бæндæнæй куы фелвæста æмæ айпæджы тигъыл ауындзæгæй куы аззадтæн, уæд, дыккаг хатт та гъеныр, æмæ мын мæ куывд ма фæмæнг кæн! Асланыл хуыссæг бафтау æмæ мын радт Салихамæ кæсыны фадат! Аслан, ды фынæй дæ! Аслан, ды фынæй дæ! Аслан, ды фынæй дæ! Дæхи æруадз æмæ æрынцай! Дæхи æруадз æмæ æрынцай! Дæхи æруадз æмæ æрынцай! Дæхи æруадз æмæ æрынцай! Фынæй дæ! Фынæй дæ! Фынæй дæ! Дæ хуыррытт мæм хъуысы! Дæ хуыррытт мæм хъуысы! Дæ хуыррытт мæм хъуысы!»

Асланæн йæ сау-сауид цæстытæ æруæззау сты, йæ гагуытæ цадæггай слакъон сты. Йæ сæр йæ риуыл ацауындзæг, удæгас дунейæ фæхицæн и, фесæфтысты йæ хъуыдытæ æмæ йæ уæз. Къæлæтджыныл йæхи куы бауагъта æмæ йæ хуыр-хуыр куы ссыдис, уæд Дзаха райдианы фæуыргъуыйау, уый мын хуыцау мæ цæстыты цавæр кæлæн тых бауагъта, зæгъгæ. Стæй йе ’муд æрцыд, æмæ фырцинæй æмхъæр ныккодтон йæ талынг уд, йæ хин зæрдæ æмæ йе змæст туг.

Салиха стыхсти. Фыртæссæй йæ алтъамингæс уадултæ мыдадзхуыз аисты, æмæ йæ хъоппæг цæстытæ сæ къусчытæй рацæйлиуырдтой. Асланы къæлæтджыны фæстæ алæууыд æмæ йæм ныдздзырдта: «Уæ, мæ сæрыхицау! Уæ, мæ сæрыхицау! Уæ, мæ сæрыхицау! Æртæ сыкъайы йеддæмæ куынæ анызтай, уæд дыл цы æрцыдис! Цафон фынæй у? Кæд фынæй кодтой Бадилаты уæздæттæ сæ фынгыл? Райхъал у! Æркæс дæ уазæгмæ, кæннод дыл райсом къуыппæнзарæг скæндзысты кæсæг!»

Аслан нæ райхъал.

Дзаха Салихайыл йæ къух уæздан æруагъта, чысыл сабийау ыл баузæлыд. Йæ фæлмæн цонгмæ йын куы бавнæлдта, уæд йе уæнгтæ ахæм дыз-дыз ныккодтой, цыма йæ арв æрцавта. Салиха тыхсгæ ма кæнæд! Йæ удыхай фæфынæй кæндзæн æмæ райхъал уыдзæн! Æрмæст дæлæ дуар мидæгæй сæхгæнæд, цæмæй фæсдзæуинтæ уазæгдонмæ ма æрбацæуой æмæ сæ хицауы хабар æгас Кæсæгыл ма ныццитт-цитт кæной!..

Дзаха йæ кæлæн миниуджытыл гуырысхо нал кодта æмæ йæ уырныдта, мæнгардæй йыл кæй нæ разылдаиккой. Цырагъы рухсыл уæлæмæ схæцыд. Дзаумæтты æндæрджытæ фæсаудæр сты, къулыл ауыгъд хæцæнгæрзты æвзист сæрттывта, æмæ ноджы тынгдæр фæфæлурси Салихайы рæсугъд цæсгом. Дзаха ныртæккæ ницæмæ бæллыд, Салихайы сау цæстыты ферттывд æрцахсын йеддæмæ. Бирæ йæ нæ хъæуы! Иу цæстыныкъуылдмæ сæм куы фæкомкоммæ уаид, уæд ын нал аирвæзиккой, фæлæ хохаг сылгоймаджы цæстытæм комкоммæ бакæсын афтæ æнцон нæ уыд. Йæ бадæн Асланы цурмæ баласта, йæхи цадæггай æруагъта, афтæмæй сыкъайы махсымæ æркодта æмæ Салихайы алы фæкаст дæр хъахъхъæнын райдыдта. «Салиха, æрдæбон афтæ куы загътай, чындзы æхсæрдæсаздзыдæй фæцыдтæн, зæгъгæ, уæд дæ афтæ æрыгонæй искæй хæдзармæ куыд ауагъта дæ нана?..» Нанайы коймæ Салиха Дзахамæ фæкаст æмæ йæм уазæг йе ’рттиваг цæстыты кæлæнгæнæг рухс куы фæцарæзта, уæд сылгоймагæн хъарм уылæн йе уæнгты ахъардта, йæ дадзинтæ йын æрлæмæгъ кодта æмæ йын йæ хъуыдытыл сау-сауид æмбæрзæн айтыгъта. Ус фæцæйхауд, фæлæ йын Дзаха йæ астæуыл йæ къух æрбатыхта æмæ йæ гыццыл сабийау сынтæгмæ бахаста. Æдде æрбацæуынæй тас нæ уыд. Салиха йæ тæккæ цур зæдау хуыссыд, æмæ йæ тыппыр былтæ гæзæмæ змæлыдысты. Асланæн къæлæтджынæй йæ хуыррытт хъуыст, æмæ Дзахайы ницыуал хъыгдардта, фæлæ ма фысыммæ иу здæхт фæкодта. Кæд минас у, уæд хъуамæ уа адджын минас! Асланы раз слæууыд, йæ судзгæ цæсгомы арт æм хæрз æввахс бахаста æмæ йын фæлварыны сæраппонд, йæ хъусы хъæрæй ныдздзырдта: «Ныртæккæ бадыс фынгыл æмæ дæм уазджытæ æнхъæлмæ кæсынц. Рæгъ рауадз æмæ дæ сыкъа равдæлон кæн. Аслан йæ къух куы фæдардта, уæд Дзаха базыдта, йæ дзаг сыкъамæ кæй æрбавнæлдта, уый æмæ фырцинæй йæ сæрыхъуын арц слæууыд. О, стыр хуыцау, кæм и дæ рæстдзинад!? Тлаттаты Чермен æй Дæргъæвсгомы къæдзæхыл хæлуарæгау куы сауыгъта, уæд мын цæуылнæ бамбарын кодтай, ахæм кæлæн тых мæм кæй уыдис, уый! Аслан, тыхсгæ ма кæн! Хорз гаджидаутæ раскъæрдтай! Дæ уазджытæ разы сты, æмæ сæ фылдæр цæуыны къахыл ныллæууыд! Дæ бæркадæн-ма ракув, стæй сынтæгыл дæхи ауадз! Кæдæм æвналыс? Кæм рафт-бафт кæнынц дæ къухтæ, йедзаг сыкъа дын дæ тæккæ роцъомæ куы схастон, уæд? Айс æй, дæ дыууæ къухæй йыл хæц!» Аслан йæ дыууæ къухы йæ дзыхмæ схаста æмæ Дзаха хъæрæй ныххудти. «Дæ уазджытæ фæйнæрдæм фæцыдысты! Ды та фынæй дæ æмæ мауал тыхс!» — Дзаха Асланыл схæцыд, фынгæй йæ чысыл æддæдæр аласта æмæ йæ астæрдыл æруагъта йæ хуыррыттæй куынæ банцадис, уæд Салихамæ баздæхтис, йæ риуы æгънæджытæ йын суагъта æмæ æрдæбон йæ сæнтты мидæг йæ цæстытыл цы бæгънæг рæсугъддзинад уад, уый ныр æцæгæй федта.

Йæ фæндон куы сæххæст, уæд лæг æмæ усы фынæйæ фæуагъта, фæстаг дуарæй ахызт æмæ стыр аргъыл цы авд бæхы ныууæй кодта, уыдон дыккаг хатт адавта.

Аслан æмæ Салиха дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы фæфынæй кодтой. Фысымы хистæр æфсымæр Саухал балцы уыд, æмæ сæм æнæ уый ничи уæндыд. Æртыккаг бон Саухал сæумæцъæхæй æрхæццæ. Фæсдзæуинтæ йын куы загътой, де ’фсымæр æмæ дæ чындз æртыккаг бон æддæмæ нæ ракастысты, зæгъгæ, уæд уазæгдоны дуар басаста. Хатæны иунæгæй скуысси æмæ Салихайы зыбыты бæгънæгæй уæлгоммæ хуысгæ куы федта, уæд, йæ сæр хойгæ æмæ богъбогъгæнгæ æддæмæ рауад. Салихайы йæ хистæр файнуст фæрауигъ-бауигъ кодта, фæлæ ус нæ райхъал. Аслан дæр куынæ райхъал, уæд æртæ фæдисоны Дзæуджыхъæумæ нырвыстой æмæ хосгæнæджы æрбаластой. Хосгæнæг сæм фæкасти, хæтæлæй сын сæ зæрдæты цавдмæ байхъуыста æмæ тарффынæй сты, уый йæ куы бауырныдта, уæд, йæ мидбылты худгæ загъта: «Сæ дыууæ дæр сты тарф фынæй æмæ нæ райхъал уыдзысты, цалынмæ сын хин чи скодта, уый сæ йæхæдæг райхъал кæна, уæдмæ!»

Саухал дыууиссæдз лæппуйы тæлтæг бæхтыл сæвæрдта æмæ сæ Дзахайы агурæг арвыста. Йæхæдæг æртæ лæппуимæ Хъобанмæ бафардæг æмæ Тлаттаты кæвдæсард Чермены къæсмæ бадзырдта: «Ой, Чермен, де ’рдхорд æфсымæр сæфы æмæ йын баххуыс кæн!» Чермены бæсты сæм зæронд нана радзырдта, уазджытæ, фæндаджы хъæбæрыл цы лæуут, мидæмæ нæм рацæут, зæгъгæ, æмæ йын куынæ бакуымдтой, уæд сын ус загъта: «Черменмæ знон сихорафон Мæхъæлæй чидæртæ æрбацыд. Цы йын загътой, уый мын не схъæр кодта. Æрмæст мын изæрырдæм афтæ, дæ зæрдæ мæм ма æхсайæд, æз тагъд æрбаздæхдзынæн. Æмæ афардæг, хурæй ма иу бæндæны бæрц баззад, афтæ. Саухал усæн йæ сæрæй акуывта, хатыр дзы ракуырдта æмæ ацыди. Дæллаг Санибайы кæрон дардæй ауыдтой, авд бæхы æмæ иу баст лæджы йæ фæдыл чи æрбацæйласта, ахæм барæджы. Лæппутæ æрæмбæхстысты, сæ хъыримæгтæ сæргъæвтой. Барæг йæ «чырæимæ» куы æрбаввахс, уæд Саухал йæ бæхы фæцагайдта æмæ ныхъхъæр кодта: «Чермен, куыд дæм кæсын, афтæмæй бирæгъ æрцахстай, фæлæ ма нын иу хъæддаг куыдз баззад ахсинаг!» Чермен Саухалыл ныттыхстис, йе ’мбæлттæн ын салам радта æмæ уацайрагæн йæ цæсгомы баст срæдывта, «Дзаха!» — цæф арсау, фæбогъ кодта Саухал æмæ бæхдавæгыл йæхи бауагъта, фæлæ йæ Чермен ацахста: «Баст лæджы марын ницы лæгдзинад у, Саухал! Стæй йæ маргæ цæмæн кæныс, уый дæр куынæ зонын!» Кæсгон йе ’фсымæры хабар рафæзмыдта. «Мæ аххос у, Саухал! Дæргъæвсгомы йæ куы æрцахстон, уæд æй куы феуæгъд кодтаин, уæд дæ хæдзарыл ахæм бæллæх не ’рцыдаид. Асланæн цы ехс балæвар кодтон, уый йын йæ къухы куы федтон, уæд базыдтон цыдæр фыдбылыз дын кæй сарæзта. Дæумæ йæ ластон, æгайтма мыл æрбамбæлдта, Саухал! Алас æй, уыцы хъуыддаджы дæ æхсæны лæг ницæмæн хъæуы!» — загъта Чермен...

Саухал хæдзармæ цыппæрæм бон аходæнафон бахæццæ. Дзахайæн Аслан æмæ Салихайы сынтæджы цур йæ цæстыты баст сыхæлдтой. Саухалы куы бауырныдта, ме ’фсымæр æмæ мæ чындз райхъал сты, зæгъгæ, уæд Дзахайæн йæхи сраст кæнын нал бауагъта, афтæмæй йын йæ дыууæ уæны ’хсæн хъама ныццавта æмæ йын загъта: «Ды дæ кæлæнтæй бафтыдтай мæ чындз æмæ ме ’фсымæрыл хуыссæг, æз та дæуыл мæ хъамайæ бафтаудзынæн мæрдвынæй!»

Дзаха йæ кæлæн митæ Мæрдтыбæсты дæр нæ ныууагъта æмæ йын Барастыр зындон стæрхон кодта, фæлæ йæ цалынмæ писийы ныппæрстаиккой, уалынмæ æхсæвыгон куыддæрты дæлимонтыл бафтыд æмæ æвиппайды æрбатары.

Йæ къæдзилджын хæлæрттимæ Æртыккаг дунемæ æрбафтыд. Челæхсæртæджы хойраг æмæ нозтыл тыхс<



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.