Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XI. ЧЕЛÆХСÆРТÆГÆН ЙÆ ЗÆРДÆЙЫ РИС НÆ СЫСЫ



XI. ЧЕЛÆХСÆРТÆГÆН ЙÆ ЗÆРДÆЙЫ РИС НÆ СЫСЫ

Челæхсæртæгæн дæлимонты æлдар йæ хъуыды æнæзæгъгæйæ кæй æмбæрста, уый йæм иуæрдыгæй кастис хорз, иннæрдыгæй та йæм мæсты кодта, иунæгæй абадыны фадат ын кæй нæ лæвæрдта, уый тыххæй. Дзæцъумæ сидын нæ хъуыди. Куыддæр-иу дæлимон йæ зæрдыл æрбалæууыд, афтæ-иу, йæ сау-сауид ныхтæ æхсынгæ, йæ уæлхъус февзæрди. Челæхсæртæгмæ йæ уавæр фæстагмæ æркаст æгад æмæ-иу йæхимидæг нымайыныл фæцис: «Мæ алы хъуыды дæр Дзæцъуйы сæрæй ратæдзы, æви мын уыцы дæлимон мæ зæрдæмæ кæсы æмæ дзы куыддæр ног фæнд фæзыны, афтæ йæ фелвасы æмæ мын æй мæхимæ æрбадавы? Уæд цы дæн мæхæдæг? Уæд Дзæцъу у хъуыдыты ратæдзæн, æз та йæ фæзмæг! Банхъæлмæ кæсдзынæн, æмæ мын кæд мæ ныры хъуыдытæ дæр базона, уæд ын зæгъдзынæн: хатыр мын бакæн, Лæгъзайы хорз фырт, ды мæнырдæм кæй дæ, æз та хъæды ’рдæм кæй кæсын, уый тыххæй. Ныры дуджы цыфæнды лæгмар æмæ тугцъирæн дæр йæ былалгъыл лæууы хæрзиуæг, фæлæ сын аргъ та скæндзысты сæ хъуыддæгтæм гæсгæ. Æмæ мæ нæ фæнды, цæмæй мæ фæлтæрты ссарой дæ сæфтæджы бын!.. Уæвгæ мын мæ хъуыдытæ æнæзæгъгæйæ кæй базоны, уый æвзæр нæу, уымæн æмæ мæ фæндтæн сæ ратæдзæн мæ сæр у, æмæ сæ Дзæцъу та базоны йæ дæлимоны зондæй. Тынг худæджы уавæры уаин, ме ’ппæт хъуыдытæ æмæ фæндтæн сæ райдайæн Дзæцъуйы цъупп сæры куы уаид æмæ-иу сæ мæныл, хынджылæджы охыл куы æфтауид, уæд!»

Дзæцъу афтæ ма фенхъæлæд, Лæгъза йын йæ мыггаджы хæрзиуджытæ нæ нымайы! Нæ, Лæгъза йæ зæрдыл дары, Нарты Сослан æмæ йе ’мбал Дзæцъуйы фæрцы кæй нал сты, уый! Ноджы нартæн сæ фыдæл Æхсæртæджы Сантарæй агæпп кæнын кодта æмæ йыл куы фæдызæрдыг сты, уæд æн арвыста тæссарвады фæдыл. Æртыккаг дунейы рæбинаг цæджындзы куыст кæны æмæ йын йæ алы ферттывдæй йæ зæрдæ чи бацагайы, уый хъахъхъæны Батрадз! Ардыгон згъæр скодта Дзоко æмæ йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, кæддæр Нарты Хæмыц кæй уыдис, уый! Цал хæрзиуæджы рауадысты, Дзæцъу? Уыдон иууылдæр дæ фæрцы бафтыдысты Лæгъзайы къухы! Уырызмæгмæ æхсыры цады хæрзиуджытæ кæй нæ бахъардтой æмæ талынг хъоргъы кæй бады, ууыл риссы йæ зæрдæ, фæлæ уый дæр рæхджы æрбæстон кæндзысты. Афтæ нæу, Дзæцъу? Цых-х-х! Уыдæттæ иууылдæр уæхски-уæхск фæцарæзтам, Дзæцъу. Уый уыдис æмæ уыдзæн алы хатт дæр. Фæлæ хъуыддаг æрмæст цы ис æмæ цы нæйæ нæ барстæуы. Хъуыддагæн йæ фыдбылыз æмæ йæ хæрзиуæг барынц, цы уыдис æмæ цы уыдзæн, уымæ чи куыд кæсы, уымæй.

Челæхсæртæг йæхирдыгонау æрбæстон кодта, адæймагæн йæ цæст цы уыны, йæ хъус цы хъусы æмæ йæ уд цы æнкъары, уыдон иууылдæр. Йæхи уæлдай хорз æмбæрста, йæ фыдызнаджы йын цъистгæнæн куы æрыссадта, уый фæстæ. Æртыккаг дунейы цæрджытæ йын «омбæ» хъæр кæнынц æмæ йæ уæлиау æвæрынц. Фæлæ ма йæ зæрдæйы бын иу цæмæйдæр судзы æмæ дуды. «Дзæцъу æдзух мæ фарсмæ лæууы æмæ та мын мæ уаргъмæ йе уæхск фæдары, фæлæ йæ дæлимоны æрдзæй никуы бамбардзæн адæймаджы уды рис æмæ Хурзæринæн нæ зæгъдзæн: Хурзæрин, дæ зæрин тынтæ-иу нын нæ амондджын цæрджыты удмæ ма ныддар! Мæ мыггаджы ницæмæн хъæуыс! Мах æнæ дæу дæр хорз цæрæм, фæлæ мын дæ зæрин хъусæй байхъус мæ дзæбæх хицау Лæгъзамæ! Дæ ферттывтæй-иу адæймаджы йæ удмæ куынæ ныккæсын кæнис æмæ зæхх, арв, уæлдæф, дон, кæрдæг, хъæд, фос, сырдтæ, хор æмæ нозт цы сты, уый нымайыныл-иу æй куынæ бафтауис, афтæмæй йæ æхсыры цады æвджид куы ныууадзис, уæд Дзæцъу фехалид цъистгæнæн. Дæргъи йæ куырдадзы нал рацæгъдид, æрмæст Дзорс кæй фæразы, ахæм рæхыстæ æмæ дын сæ дæ сыгъзæрин къæхтыл ничиуал сæвæрид. Хъахъхъæнджытæ æвдгæйттæй нал цæуиккой сæ кæрдтæ сæрынмæ, нал бахъæуиккой хъоргъытæ дæр...

Челæхсæртæг цалдæр хатты афæлвæрдта Хурзæринимæ аныхас кæнын. Хатт-иу йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ-иу сусæгæй скасти Хурзæрины уæнгты кондмæ йæ дзыккутæй калди кæрдинаг хуымы тæф, йæ дæллагхъуыры тæмæнæй-иу йæ сæр разылди. Уадз æмæ йæ разы æртхутæг феста, уæддæр ма ноджы иу хатт хъуамæ бавзара Хурзæрины къухты хъарм! Хъуамæ йæ фена æмæ йæ разы суадза йæ уды судзаг рис. Кæд æм байхъуса, уæд ын ныллæгъстæ кæндзæн: — О, Хурзæрин! О, нæ дарæг! Мæнæ дæ разы лæууын мæ зонгуытыл æмæ мыл кæнæ уæлæмæ схæц, кæнæ та мæ æртхутæг фестын кæн!

Æрцыд уыцы бон, Хызы фырт ныхæй-ныхмæ лæууыд, кæй фендмæ бæллыд, уыимæ. Хурзæрин йе ’рхæндæг цæстытæ Челæхсæртæгмæ фæцарæзта æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, мæнæ йын уыцы лæг Нарты уæзæгæй йæ чызг Ацырухсы кæй раскъæфта, уый. Дудгæ рис ын йæ риу сæлхъывта, фæлæ хиуылхæцгæйæ загъта:

— Адæймаджы сидт мæм мæ хæтæнтæм дæр хъуысы. Тыхст лæгмæ æрвдымбылæй дæр фæдарын мæ къух, фæлæ мæм иугæр фæсидтæ, æрцу æмæ мæ мæлæтæй фервæзын кæн, зæгъгæ, уæд ме ’хсæвуатмæ цæугæйæ, мæ фæндаг ууылты ракодтон. Æз дыл ме ’ууæнк бафтыдтон, ды та мын мæ къæхтыл рæхыстæ сæвæрдтай, мæ кæнгæ хъæбулы мын мæ уæлхъус баурæдтай æмæ мын ноджы дзурыс, кæнæ мыл уæлæмæ схæц, кæнæ та мæ дæ разы æртхутæг фестын кæн, зæгъгæ. Мæнæн мæ хæс у байхъусын æмæ баххуыс кæнын. Цы дæм ис зæгъинаг?

Челæхсæртæг Хурзæрины ныхæстæй фæныфсджын.

— Уæ, нæ дарæг æмæ нæ цæсты рухс! Ды Нарты мыггагимæ куы балымæн дæ æмæ сын сæ тæссарвад лæппуйæн дæ чызг Ацырухсы куы радтай, уæд дунетæ разы уыдысты уыцы заманы сæм цы цæстæй кастæ, уымæй. Ныр цард йæ хуыз раивта, Нартæ хæринаг бæстæтæ куы агуырдтой, уыцы дугтæ никæйуал хъæуынц. Адæймагæн уæлæрвтæм йе скаст ссис æндæрхуызон. Куы мæм байхъусис, уæд дын æрнымаин, зæхмæ куыд ракæсай, кæнæ йæм кæцæй ракæсай, уый.

«Адæймаджы мыггаг иууылдæр у мæ цот. Мæ бæрзонд хатæнтæй алкæмæ дæр кæсын æмхуызон, фæлæ, чи зоны, дæлæ ахæм мæнгæрдтæм æндæрхуызон цæстæй кæсын хъæуы! Мæнгард лæджы бæсты-иу сылгоймаджы зæнæгдоны кæлмытæ æмæ хæфсыты гуырдзтæ куы равзæриккой!» — йæхинымæры йæхи фелгъыста Хурзæрин, йæ разы чи лæууыд, уымæ мæстæй судзгæйæ, фæлæ йæхи фæуазал кодта æмæ загъта:

— Хызы фырт, ды дæ быцæу нæ ныууагътай! Нартæн сæ фарн сæ къухæй раскъæфынмæ хъавыс, иухатт сын сæ чындзы куыд раскъæфтай, афтæ. Нартæ дæр не сты æнæ аипп, фæлæ уыдон сæ царды даргъ фæндагыл агурынц хæрзиуæг. Ды та уыдонимæ хæцгæйæ схæлар дæ дæлимонтимæ æмæ фыдбылызæй дæхицæн хотых скодтай!

«Йæ фырмæстæй мæ фæнык куынæ фестын кæнид!» — фæтарсти Челæхсæртæг æмæ ма тыхæй сфæрæзта:

— Уæ, нæ дарæг æмæ нæ цæсты рухс! Æз быцæуы къахыл рагæй нал лæууын. Кæд дын мæ ныхас æхцон нæу, уæд мæ фæнык фестын кæн!

Хурзæринмæ, æвæццæгæн, йæ зæрдæ сдзырдта, дæ разы йæ зонгуытыл чи лæууы, уый хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр дæ цот у, йæ мæнгард ныхæсты тыххæй йæ дæ зæрин тынтæй ма басудз, зæгъгæ, æмæ йыл æцæг дæр бацауæрста:

— Мæ рæхыс мын сис æмæ афтæмæй æрныхас кæнæм!

Хызы фырт ма цы акодтаид, уый нал зыдта. Хурзæрины зæрдæйы тæгтæ цæмæй æрфæлмæн кодтаид, ахæмæй дæр ницыуал æрымысыд æмæ йе ’взистхуыз згъæр фелвæста:

— Уæ, нæ дарæг æмæ нæ цæсты рухс! Ды алы раимæ дæр баххæссыс æмæ дæ рухс цæстытæй се ’ппæт феныс! Ныккæс мæнæ мæ зæрдæмæ дæр æмæ дæ бауырндзæц, мæхицæн дæ кæй ницы домын, уый. Хъысмæт нæ дыууæйы æнустæм æмбæлццон скодта. Цардмæ ды уæлæрвтæй кæсыс, æз та хитын йæ мидæг æмæ базыдтон, адæймагæн хуыздæр цы у, уый. Адæймаджы ахастытæ фæнымадтон æмæ мæ бауырныдта: йæхи æппæты хуыздæр, йæхи хуылфы чи сæвзæры, ахæм амонды куы вæййы, уæд кæй фенкъары.

Хурзæрин ныссабыр æмæ ма йæ уынæр тыххæйты райхъуыст:

— Ды сын ссардтай, æвæццæгæн, ахæм амонд æмæ дæ фæнды, цæмæй сыл æй бафтауай, куыд ничи дæ хъыгдара, афтæмæй.

«Мæ ныхас æм бахъардта æмæ йын ныр раргом кæндзынæн мæ зæрдæйы æппæты ахсджиагдæр фæндон!» — фæныфсджын и Хызы фырт:

— Уæ, мæ дарæг æмæ мæ цæсты рухс! Нæ дыууæ адæймагмæ куы фæкæсæм, уæд нæхицæн нæхиуыл хъуыды кæнынт бар нал фæдæттæм. Ды дæ бæрзонд хæтæнтæй тох кæныс адæймаджы амондыл, æз та ам, зæххыл. Нæ хъуыдыта? æмæ нæ митæ сты æмхуызон. Нæ цардвæндæгтæ дæр ма куы сæмхуызон кæниккам, уæд адæймаджы мыггагæн фехнондæр уаид. Дæ алы дзырд дын æххæст кæнин. Райсом нæ цы бахъæудзæн, науæд ды дæ бæрзонд хæтæнтæй кæдачм хъуамæ ракæсай, ууыл-иу æхсæв иумæ бадзуриккам... Дæ узæлд æмæ дæ рæвдыды аккаг чи нæ у, уый дидин гæмæн хъуамæ рафтауа дæ зæрин тынты бын?.. Хъæрмуд кæй стæм æмæ не ’хсæв иу кæй у, уый фенгæйæ Нарты фыдбылыз фæсивæд сæ хивæнд митæ ныууадзиккой. Искæй сæрыл рахæцыны сæраппонд дзæнæтæй нал расхонккой æмæ не скæнгæ Æртыккаг дунейы нал бахъæуид уæззау рæхыстæ, талынг хъоргъытæ, сау-сауид хос æмæ æппæты стырдæр æмæ тæссагдæр хæцæнгарз. Ме ’хсæв-иу сбон кæнин дæ буц къæхты бынтæн пъатæ кæнгæйæ, — йæ цæсгом бынтон суагъта Челæхсæртæг.

Хурзæрин бамыр, бандзыг, ныттар. Æрæджиау йе ’муд æрцыд, йæ къæхты бынæй сулæфыд æмæ йæ риутæ уæлæмæ куы ссыдысты, уæд йæ рухсы тæмæн фæтыхджындæр, фæлæ та ногæй нырхæндæг æмæ фæтархуыз йæ разы йæ зонгуытыл лæууыд, кæддæр ын йæ чындзыцыд чызджы Нарты уæзæгæй чи раскъæфта æмæ йæ Хызы фидармæ чи схаста, уый æмæ йын адджын ныхæстæй йæ зæрдæ балхæнынмæ хъавыд. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæджытæ рацыд. Æнустæ кæрæдзийы фæдыл, сау-сауид барджытау, асыллынчытæ кодтой. Челæхсæртæг раивта æртæ дунейы æмæ дæлимонты æхсыры цады фæрцы ссис æнусты æмбæлццон. Йæ мæнгарддзинад нæ ныммард, æмæ йæ гуырдз кæронмæ баззад фыдгæнæгæй! Чи зоны, ахæм гуырдз æцæгдæр басудзын хъæуы, цæмæй билцъ мауал рафтауа æмæ дун-дунетыл мыггаг мауал рауадза. Фæлæ йæ куыд фестын кæна æртхутæг, адæймаджы мыггаг иууылдæр йæ хуылфæйдзыд куы у, уæд? Хъæбулхор æй не схондзысты, чи ма йыл баууæнддзæн?.. Йæ сыгъзæрин дзыккутæ æруагъта æмæ сæ йе тары бамбæхста. Йæ зынг цæстыты стъæлфæнтæ æрмынæг кодта æмæ йæ рæсугъд буары мидарт йæхирдæм фездæхта. Æрмæст йæ иу тынæй Челæхсæртæджы алыварс æрхахх кодта, тæмæнтæ калгæ йæ кæуылты ауыдта, уым зæхх рахсыста æмæ йæ разы лæууæджы йæ сырх-сырхид фæлмы бын фæкодта:

— Хызы фырт, куыд дæм кæсын, афтæмæй дæ рагон низæй не сдзæбæх дæ. Къуырттон каркау, æрбадынмæ хъавыс адæймагæн йæ зонд, йæ хъуыды æмæ йæ бархъомысыл. Къуырийæ къуыримæ мын мæ рæхыстæ ивыс æмæ афтæ æнхъæлыс, цы йын зæгъон, уый сараздзæн æмæ мемæ æмуатон æруыдзæн, зæгъгæ. Багъæц, искуы мæ зæрин тынтæ де ’хсыры цады ахъардзысты. Уæ дыууæ Дзæцъу «Дзорс» кæуыл сæвæрдтат, уымæн йæ уды рудзгуытæ фегом уыдзысты æмæ рухсмæ фендзæн, цы фæндагыл рацыд, кæй мыггагæй у æмæ йе ’цæг ном цы у, уый. Ныр та ацу æмæ дæхи ныхс, кæннод къоти æмæ дæлимоны тæф кæныс!

Челæхсæртæг Хурзæринмæ йæ чъылдым цæхгæр фездæхта, йе згъæрджын бæхыл абадт æмæ йæ суанг сахары кулдуары онг цапуалæй фескъæрдта. Никуы йæ ферох уыдзæн уыцы фембæлд æмæ никуы байсысдзæн йæ зæрдæйы маст. Иу цалдæр хатты сфæнд кодта, Дзорсæн æй æрбахæссын кæндзынæн, цъистгæнæны хъæлæсы йæ бавæрдзынæн, зæгъгæ, фæлæ æвиппайды йæ цæсты раз æрбалæууыд ахæм ныв: дыууæ къулы йæ балхъывтой. Къæдзæхы скъуыдтæй сыгъзæрины фыцгæ лæсæн рахъардта. Зæххы бынтæ æмæ хохы хуылф бадон кодта, фæйнæрдæм сыфсыфгæнгæ æмæ цæлхъцæлхъгæнгæ акалд æмæ Æртыккаг дунейыл арт бафтыдта. Сыгъзæрины æхсидгæ лæсæны исчитæ басыгъдаиккой, уый мæт тынг нæ кодта. Фынгæ лæсæн æхситгæнгæ, уадау тахтаид æмæ Челæхсæртæгæн йæхицæн дæр нал фæуыдаид йæхи бафснайыны фадат... Нæ, фæлтау уал сау рæхыс бастæй лæууæд æмæ йæ, иузæрдыг куыдзау, хъахъхъæнæд Дзорс! Йæхæдæг та куырдадзмæ бацæудзæн æмæ Дæргъийæн зæгъдзæн:

— Дæргъи, дæ рæхысæн йæ цæгтæ феставддæр кæн!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.