Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XIX. БАТРАДЗ ЙÆ ФЫНТЫ ФÆДЫЛ ЦÆУЫ



XIX. БАТРАДЗ ЙÆ ФЫНТЫ ФÆДЫЛ ЦÆУЫ

Дæрæн йæ къуымых зондæй хатыд, Æртыккаг дунейы цæрджытæй æппæты стырдæр кад Дзорсæн кæй кодтой, уый, фæлæ дзы рох нæ уыд, Лæгъза сын афтæ кæй дзырдта, йæ фæллад чи уадза, уымæн йæ быны æхсыры хæрвы згъæлæнтæ куы нæ фенат, афтæ йæ кæнæ маргæ акæнут, кæнæ та йæ ногæй æхсыры цады ныррæцугъут, зæгъгæ. Дзорсæн йе ’мбæрзæн куы срæдывта æмæ йын йæ быны хæрвы згъæлæнтæ куынæ фæфиппайдта, уæд исдуг фергъуыйау, фæлæ стæй йе ’мбæлттæн цæстæй ацамыдта, ацы мæнгардыл æрхъула кæнут, зæгъгæ. Хъила æмæ Тамби сæ кæрдтæ фæцъортт ластой, Дзорсмæ хæрзæнгом бацыдысты æмæ æрцæвынæввонг сæхи скодтой.

— Чи дæ æмæ кæцæй æрхаудтæ? — фæхъæр ыл кодта Дæрæн.

Дзорс йæ цæстытæ аууæрста æмæ йæхи аивæзта. Мадарды хуызæнæй кæй хуыссыд, уый куы базыдта, уæд фæджихау, ай мыл цæй худинаджы ми æрцыдис, зæгъгæ. Йе ’мбæрзæн рацагуырдта æмæ йæ куынæ ссардта, уæд йæ хуыссæгхъæлдзæг хъуыды цухмухгæнгæ фæстæмæ-фæстæмæ ацыд æмæ йæ бахаста, ардæм уазæгуат куы æрбацыд, уыцы бонмæ. Йæ сæрмæ цырæгътау судзæг кæрдтæм скаст, йæ хъуыды ноджы фалдæр ассыдта æмæ æрбаймысыд, йæ дыджызæ Хурзæрин ын афтæ кæй дзырдта, Батрадз, мæ хъæбул, дæлæ зæххыл чидæр мæлæтдзаг рынчын фæцис æмæ мæм æххуысмæ сиды, зæгъгæ, уый. Хурзæрины йæ къах нæ хаста, фæлæ цы зыдта, уый искæмæн бавгъау кæнын йæ уды мидæг нæ уыдис фыст æмæ Батрадзæн ныллæгъстæ кодта, Ацырухсы уæлæрвты ныууадзæм æмæ нæ дыууæ ардыгæй изæрмилтæм зæхмæ рынчынфæрсæг ныццæуæм, зæгъгæ. Батрадз йæ дыджызæмæ бахатыд: «Нана, мæн ам ныууадз æмæ рынчынфæрсæг дæхæдæг ныууай. Рынчынмæ фæкæсын хъæуы, фæлæ мæн та мæ туджджыны хæдзармæ мæ къах нæ хæссы. Фæлтау дæм ардыгæй мæ хъус дардзынæн, æмæ куыддæр истæуыл фæтыхсай, афтæ дæ уæлхъус февзæрдзынæн!» Хурзæрин Батрадзмæ йæ мидбылты бахудтис æмæ йын загъта: «Мæ хъæбул, де знаг дæм æххуысæнхъæл куы сида, уæд де знаг нал у. Куы йæм бацæуай æмæ дын, фыццагау, знаджы митæ куы кæна, уæд та дзы хъæуы нæлгоймаджы æхсар. Æз сылыстæг дæн, бæстыл цард тауыны йеддæмæ, знагæн хыгъд скæнын мæ бон нæу. Мыййаг, бирæгъ бирæгъæй кæд баззадис, уæд мæ сæрыл хъуамæ рахæцай ды! Мæ удыхай Мæй рацæуид мемæ, фæлæ æрвдымбылæн дзæгъæлæй ныууадзæн нæй.

Изæрмилты æрхæццæ сты зæхмæ. Батрадз рынчыны цæсгоммæ куы фæкомкоммæ ис, уæд афтæ фæцис, цыма йын исчи йæ зæрдæйы кард ныссагъта... Рынчынæн æппындæр рынчыны хуыз нæ уыдис. Хурзæрин йæ хостæ аразынмæ куы бавнæлдта, уæд фæсдзæуинтæ Батрадзмæ бахатыдысты, цом, дæхи ныхс æмæ дæ фæллад суадз, зæгъгæ. Батрадз тынг сæфсæрмы, цæй æхсыры цад, цæй фæллад уадзын, зæгъгæ, фæлæ фысымтæ йæ разы куы ныззоныгуыл кодтой, уæд та йæ æфсарм басаста... Урс-урсид цады мидæг йæхи куы ныннадта, уæд йæ зонд æмæ йæ хъуыды кæмдæр æнæбын арфы аирвæзтысты, мæрдон хуыссæг ыл бафтыд æмæ фыдфынты хай фæцис. Æрмæст ма йæ зæрдыл лæууынц æргъæу къултæ æмæ, мæнæ йæ уæлхъус æд кард цы гуыппыр схъила ис, уый цæсгом... зонгæ цæсгом...

— Чи хъуамæ уон, Нарты Хæмыцы фырт Батрадз дæн. Мæ мадырвадæлтæ та сты Быцентæ. Уый бæрц мæ фынæйæ куы фæдардтат, уæд сымахмæ уазæгæн хи найын æмæ хуыссæгæй лæггад кæнынц? — йе ’мбæрзæн куынæ ссардта, уæд йе ’фсæрмагыл йæ дыууæ къухы амбæрзта, афтæмæй рабадтис æмæ сæм къæмдзæстыгæй сдзырдта Батрадз.

Ницыуал æм сдзырдтой. Авд цæфы йæ фæкодтой, хатæны авд сыгъдæг зæлланджы фæцыд. Кæрдтæ цæхæртæ акалдтой æмæ хатæн афтæ ныррухс ис, цыма дзы арвырæхыс ферттывта, фæлæ Дзорсæй туджы æртæх нæ рахъардта. Авд хъахъхъæнæгæн сæ кæрдтæ фæстæмæ куы фесхъиудтой, уæд Дæрæн фырдисæй йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ сæццæйæ алæууыд.

— Цæуыл мæ марут, цы уын ракодтон, уæ хуыцæуттæ уыл рахæтой! — фестъæлфыд Батрадз æмæ сæ афтид къухæй фæйнæрдæм фæпырх кодта, афтæмæй дзы кæй къулыл ныццавта, кæмæн та дзы йæ сæрзæпты зæлланг дуарыл фæцыд.

— Ай болат куы у æмæ йыл кард куынæ хæцы! — фæбогъ кодта Дæрæн æмæ йæм ногæй йæхи баскъæрдта, фæлæ йæ Батрадз ацахста, йæ рахиз цонг ын фæдыдагъ кодта æмæ йæ фелвæста.

— Сау хæрæг, æмæ Хæмыцы фырт Батрадз болатсæрст кæй у æмæ йæм цæф кæй нæ хъары, уый нæ зоныс? — æвиппайды йæм фæкомкоммæ ис, куы йæ базыдта, уæд æй йе ’мбæлтты сæрты фехста æмæ къулыл йæ дзæхст фæцыд. — Æнаккаг цыдæр, ай нæхи Сосланы æрдхорд Гуымаг лæг нæ дæ? Ардæм дæ цы ’рхаста æмæ мын мæ туг ныккалынмæ цæмæн хъавыс?

— Хъила, Таби! Цæвут æй, уымæн йæ сæры магъзы маргджын кæлмытæ схæлбурцъ кодтой, уый йеддæмæ æз цæй Гуымаг лæг дæн! — йæ бон сыстын куынæуал бацис, уæд уæлгоммæ хуысгæйæ фæхъæр кодта Дæрæн.

Хъила æмæ Тамби фæстæты æрзылдысты æмæ сæ кæрдтæ Батрадзы фæсонтыл æруагътой, фæлæ-иу цыргъæгты кæмттæ куыддæр бæгънæг буарыл аныдзæвдысты, афтæ-иу, цæхæртæ калгæ, фæстæмæ фесхъиудтой. Иугæр Батрадзы куы бауырныдта, уазæджы хатыр мын нал кæнынц, зæгъгæ, уæд сæм тымбыл къух аздæхта, уаты къуымты сæ стыггай ахаста æмæ-иу кæй нырриуыгъта, уый та-иу ныцух-мух ласта æмæ-иу къулыл йе згъæры зæлланг фæцыд. Къуыммæ сæ бассыдта, кæрæдзийыл сæ уадзгуытæй сæвæрдта æмæ йæ пысултæм баздæхтис, фæлæ гыбар-гыбур æмæ дзæхст-дзæхстмæ дуар фегомис æмæ зыхъхъырæй æвзистгъуыз сæрзæнты цъупп разындис. Йæ пысул кæнын фæуагъта æмæ кард фелвæста, фæлæ куыддæр сæрзæнты фæстæ згъæр æрбабырыд æмæ Æрбацæуæгæн йæ фæйнæ цæсты къуырфы дыгай гагуыйы ауыдта, афтæ фырцинæй фæхъæр кодта:

— Сослан, æз ма дæ фыны куы уыдтон, уæд кæцæй фæдæ? — йæ кард фехста, йæхи аскъæрдта æмæ йæ фыдыфсымæры лæппуйы ныхъхъæбыс кодта.

— Æтт, æрра цыдæр, æрæрвонг дæ? — ныццин кодта Сослан.

— Фыдрасыг фæдæн, цæмæн мын зæгъыс, æрæрвонг дæ, зæгъгæ?

— Фыдрасыг нæ фæдæ, фыддæр ми дын бакодтой ацы дæлимонтæ, фæлæ уый даргъ ныхас у æмæ нæ ууыл дзурынмæ нæма æвдæлы, — талф-тулфæй загъта Сослан.

— Цы ми мын бакодтой ацы дæлимонтæ? — сцымыдис Батрадз.

— Чысыл багæдзæ кæн, æрра цыдæр, æппæт дæр базондзынæ! — хуры зæрин тынтæм ын цы згъæр ныкъкъæдз-мæдзытæ ис, уый раласта, сæрзæнтимæ сæ, цъæлхъæр дзыгъалмыгъулгæнгæ, къуыммæ баппæрста æмæ бæгъæмсарæй, рудзынджы ’рдæм фæдисы хъæр ныккодта: — Æтт, мæ Церечы згъæр æмæ мæ Бидасы тахъа, тохы бон ныл ныккодта!

Церечы згъæр æмæ Бидасы тахъа Сосланæн йæ уæлæ февзæрдысты, йæ болат цирхъимæ фæдисы лæуд акодта. Батрадз йе ’взистгъуыз згъæрмæ æркастис, йæ сæрзæнт фелвæста æмæ йæ асгæрста. Сосланы фæдис æм хорз нæ фæкаст, æвиппайды йæ зонд æмæ йæ хъуыды цæхгæр фæфæлдæхтысты. Фыдфынæй-æцæгдзинадæй йæ сæры сæмтъеры сты æмæ йæ ком ахус. Фыдфынты дунемæ та фæцæйздæхтис, фæлæ дард кæмдæр, зæрин тынау, ферттывта йæ кæнгæ хо Ацырухсы рæсугъд цæсгом. Чызг æм фæстæты æрбахъуызыд, æрбахъуызыд æмæ йын зæрин тынтæ йæ сæрыл æркалдта. Зæрин тынтæ йын йæ саудалынг хъуыдытæ ныррухс кодтой, алæмæты тæмæн-æрттывды разындис йæ уарзон дыджызæ, йæ буц къæхтыл цонджы стæвдæн сау рæхыстæ, афтæмæй. «Æз мæрдвынæй куы бадæн, уæд мæ дыджызæ цы фæцис?» — цырагъау ссыгъдис йæ хъуыды æмæ тызмæгæй афарста:

— Сослан, цы бон ныл ныккодта?

— Тохы бон!

Уалынмæ дуар фегомис æмæ уатмæ æрбацыдысты Уырызмæг, Чермен, Санибайаг лæппу. Батрадз йæ зæронд фыдыфсымæры куы ауыдта, уæд йæ саудалынг хъуыдыты æвиппайды сгæпп ласта йæ фыд Хæмыцы фæлгонц. Ныр æрбаймысыд, фыдфынты-иу æй тынг арæх кæй федта, фæлæ-иу йæ иувæрсты кæй ахызтис, уый. Æцæгдæр сыл хорзы бон кæй нæ ныккодта, уый фæхатыд аивтæй. Йæ цæстытыл цæмæндæр мигъ абадтис йæ фыд æмæ йæ фыдыфсымæры тæригъæдæй. Йе уæнгтæ сгæв-гæв кодтой æмæ йæ уæрджытæ Уырызмæджы тæккæ раз фæдыдагъ сты.

— Гъæйтт, мæ зæронд фыдыфсымæр, ды дæр ам куы дæ! — чысыл сабийау æм йæ дыууæ къухы фæдаргъ кодта, йæ размæ зоныгуылæй бабырыд æмæ йын йæ ронбæттæныл йæ цæсгом сныхæста.

— Уæдæ кæм хъуамæ уон, лæппу, мæ мыггаг æмæ мæ байзæддагыл сау бон куы ныккæна, уæд? — тызмæгæй загъта Уырызмæг.

Батрадзæн йæ хъуыдытæ фæирд сты, фæлæ йын сæ æбæлвырд уавæр талынг къуыммæ бахаста æмæ фæндаг нал ардта. Ницыуал зыдта, никæйуал уыдта, йæ хъуыдытæ фыдфын æмæ æцæгдзинады ’хсæн ныххиу сты. Чермен æмæ Санибайаг лæппумæ лæмбынæг ныккаст æмæ сыл йæхи хуызæн згъæртæ куы ауыдта, уæд уынгæг хъæлæсæй фæбогъ кодта:

— Уыцы дыууæ лæппуйы фыдфынты æдзух мæ разы куы лæууыдысты, уæд уыдон та чи сты?

Ныртæккæ комкоммæ дзуапп цы расайдтаид, ууыл хъуыды кæнгæйæ уат мæрдон æмыр ныццис.

— Фыны нæ, фæлæ æцæгæй лæууыдысты дæ разы! — æрæджиау ын загъта Сослан.

— Куыд?.. Уæдæ Хурзæрин дæр æцæгæй лæууыд мæ разы?

— Хурзæрин дæр æцæгæй лæууыд дæ разы, йæ къæхтыл ын сау рæхыстæ æцæгæй сæвæрдтай — комкоммæ йыл ныццавта Санибайаг лæппу. — Ды уым Хурзæрины хъахъхъæдтай, æз та ам Дзæцъу æмæ Лæгъзайæн топпыхос арæзтон æмæ дзы хъæдын къæртатæ йедзаг кодтон, Батрадз.

Батрадзæн йæ фыдфынтæ кæрæй-кæронмæ йæ хъуыдыты ахæм бæрæг хуызæй сыстадысты, цыма сæ уæларв Куырдалæгон йæ уæларвон куырдадзы джиппы рауагъта. Хатт-иу сыл сау мигъ абадт æмæ-иу æрбатары сты. Стæй та-иу сау-сауид пъæрайæ сыстадысты æмæ-иу æд фыд, æд стæг йæ цæсты раз слæууыдысты. Батрадз сæ лæмбынæг нымадта æмæ цæмæй йæ хъуыдытæй мацы фæиппæрд уыдаид, уый тыххæй сæ хынцыдта æмæ сыл йæхирдæм хæцыд. Уырзæй сæ равзæрста æмæ йæ разы лæуд фæцис ахæм сау фыдфыны цæстылуайæн: Лæппу, йæ ном Дзорс, агуры тыхæвзарæн, фæлæ нæ ары. Цæмæй йæ дадзинтæ ма атоной, уый тыххæй бацæуы куырдадзмæ. Хъæсдарæгæн йæ цъупмæ фæлæбуры æмæ йæ æд къуыдыр фелвасы. Куырд ыл фæхъæр кæны, цы ми кæныс, Дзорс, мæ куырдадз мын куы ныххалай, уæд ма Æртыккаг дунейы цытджын хицауы хæс кæм сæххæст кæндзынæн! Дæргъæццон куырд-иу ын куынцмæ ацамыдта: ома, йæ ныддым, куынцгомы арты тымыгъ куыд сыста, афтæ. Дзорс-иу æй дымдта æмæ-иу йæ къухы куы мæцъис фæдыууæ, куы та-иу куынцы фæрстæ ныскъуыдтæ сты. Бон изæр нæ кодта, æхсæв та бон. Уыцы иу æрбацыдтæн-иу йæ къухы нæ бафтыд, Дзорс-иу дæргъæццон куырды куырдадзмæ цæй тыххæй æрбацыд, уый. Дыккаг хатт-иу куы æрбаздæхт, уæд-иу куырдадзы æрбаййæфта, йе ’ртæ дæндаджы — дæлдзæхмæ чи ауагъта, ахæм хъæсдарæг. Ног куынцæн-иу йæ фарсыл зындис лыстæг уырынгтæ æмæ гыццыл чырæгтæ. Дæргъæццон куырд-иу ын афтæ, къæфхъуындары хæрвæй конд у, куыд фæнды йæ пыддым, нал атондзæн, зæгъгæ. Дзорс егъау дзæбуг систа, дæргъæццон куырд йæ къаннæг дзæбугæй дыууæ цæфы кæм æркодта, уым æй æруагъта æмæ æхсидгæ æфсæйнаг фæдыууæ ис, бæхы цæфхады бын уаллон куыд фæдыууæ вæййы, афтæ. Куырд æрбамæсты. Æфсæйнаджы дыууæ лыгмæ æртысгæнæй æрæвнæлдта фæлæ йыл Дзорс худæгæй амардис: «О-хо-хи, Дæргъи, æртысгæнæй цы архайыс, хъæсдарæгыл дын сæ мæ къухæй сæвæрдзынæн! Дæргъи! Дæргъи! Дæргъи!..»

Дæргъæццон куырдæн йæ ном хуындис Дæргъи, фæлæ йæ Нарты Батрадз фыдфынты сау пъæрайæ куы сиса æмæ йæ æцæг цардмæ куы рахæсса, уæд æй цы хондзысты?

Йæ сæры цуркау нынныхстис уыцы ном, фæлæ йыл фыдфынты сау пъæра цы салф сæвæрдта, уымæн азгъæлын нал æмæ нал æнтыст. Дзорсы та уымæ не ’вдæлд, тагъд кодта, йæ цытджын хицауы зæрдæхудтæй тарст! Сæ сылыстæг знаг уæлæрвтæм ма сирвæзæд, мæнæ уал уыцы ставд рæхыс сисдзæн, дзиллинг-дзиллинг кæнгæ йæ доны былмæ ныххæсдзæн æмæ та раивдзæн, Хурзæрин мыдадзау кæй батайын кодта, уый. «Дзорс, ды дæ иу уæхскыл цы рæхыс рахæссыс, уый нылласынæн авдыссæдз бæхы бахъæудзæн!» — разыйæ сдзуры хицау æмæ Дзорс зæрдæрухсæй æрæвналы йæ куыстмæ. Æрмæст афæстаг рæстæджы йæ сæры магъзæй йæ маргæйдзаг сæр сдар-сдар кæны иу хъуыды: куырдадзмæ куы бацæуы, уæд æм Дæргъи ахæм каст ракæны, цыма цыдæр амбæхсы. Нæ, афтæмæй нæ фæрацу-бацу кæндзæн Дзорс! Маргджын калмæн йæхи нæ бахæрын кæндзæн! Хъуамæ базона, Дæргъи цы амбæхсы æмæ йæ даргъ рихитæ гæдыйау цæмæн фестæры, уый! Кæм ис, кæм ма баззад бæллиццаг цардмæ бахауæг адæймаджы хъуыдыйы змæнтæг маргджын калмы сау хуыкком? Дзорс куырдадзы æргъæу гæрæны фаллаг фарсмæ бакæсынмæ хъавы, фæлæ йын, йæ даргъ рихитæ стæргæ, дзуры: «Æртыккаг дунейы сæрибар цæрæгæн ахæм уаргъимæ цæрæн нæй! Ахæсс мæнæ дæ рæхыс æмæ ацу, гæрæны фаллаг фарс, ды цæуыл фæриссай, ахæмæй ницы ис!» Э-э-э, Дæргъи, кæд фиу нæ бахордтай, уæд дæ даргъ рихитæ цæмæн стæрыс? Иуварс алæуу, кæннод дын дæ куырдадз бындзарыл сфæйлаудзынæн! Æппын дзы куы ницы уа, уæддæр мын дæ куырдадзы гæрæн мæ сæры магъзæй иу калмæн йæ маргæйдзаг сæр сдарын кодта æмæ мын йæ сау-сауид æвзаджы сыллынг-сыллынгæй мæ бæллиццаг цард сызмæста, мæ сæры тенкæ мын цæрдхуынкъ фæкодта æмæ уыцы нарæг хуыккомы дыууæ кæронæй ивгъуыд æмæ сомбон кæрæдзимæ гудзиццытæ кæнынц... Дзорсы куырдадзы гæрæны фаллаг фарсмæ дæр уыдон бакæсын кодтой. Куынæ бакастаид, уæд хуыздæр уыдаид! Дзорс хъавыд сау калмæн йæ сæр акъуырынмæ, фæлæ йын нæ рауад. Куырдадзмæ Дзорсы йеддæмæ ничи цыд æмæ иугæр даргърихи Дæргъи сусæг къуымтæ скодта, уæд сæ скодта, Дзорс æм кæй цыдис, уый тыххæй. Цæмæн бахъуыдысты Дæргъийы мæнæ уыцы æфсæнхæтæл, кæнæ дæлæ уыцы бæрзонд цæлхытæ? Ставд æфсæнсæмæныл конд бæрзонд цæлхытæ сæхи уæзæй зæххы мидæг аирвæзтысты се ’мбисы онг. Æфсæнхæтæлы рухс кæлы. Йæ кæронæй райдайгæйæ куыдфалæмæ кæны лыстæгæй-лыстæгдæр. Цыма йын Дæргъи афæдынæй тарстис, уыйау ын йæ дыууæ кæроныл æфсæйнаг тæлытæ æртыхта.

Дзорс йæ цонг хæтæлы батъыста æмæ йæ фелвæста: «О-хо-хи, Дæргъи, ныр ацы хæтæл ныззил æмæ йæ истæуыл æруадз, кæддæра куыд кæнид!» Дæргъи йæ даргъ рихитæ астæрдта: «Æртыккаг дуне дæ бахизæд, уымæй, Дзорс!» Æфсæнхæтæл цæвынæн хъæуы, фæлæ ставд сæмæныл конд дыууæ цалхы та цы гæс сты, зæгъгæ, йæ маргæйдзаг æвзаг ныссыллынг-сыллынг кодта калм æмæ кæд Дзорс ницы загъта, уæддæр Дæргъи дзуапп радта: «Хæтæл цæлхытыл сæвæр æмæ дзы рауайдзæн гуыпгæнæн!» Гуыпгæнæн та цы у, зæгъгæ, саудалынгæй йæм йæ цъенгæсалд цæст фæныкъуылдта хъуыды, фæлæ калм йæ маргæйдзаг сæр мидæмæ баласта æмæ хъуыды батад. Куырд та загъта: «Мæнæ йын йæ иу кæрон сæхгæндзынæн, йæ тæккæ рæбыныл ын цъиуы цæсты йас хуынкъ сæвæрдзынæн, йæ хъæлæсы йын гуыпгæнæн хос ауадздзынæн æмæ дзы æфсæнкъори ныппардзынæн. Стæй чъырттымы цæсты йас хуынкъыл арт сдардзынæн æмæ, о-хо-хо-хо, дæ фыдгул афтæ! Дзорсы, чи зоны, куырдадзæй донмæ сау рæхыс хæссын нал бахъæуа æмæ Æртыккаг дуне йæ тæккæ стырдæр фыдызнагæй фервæза!» Куырды ныхæстыл Дзорс æгæр хъæрæй бахудтис æмæ цары хъæдтæ ныкъкъæс-къæс кодтой, гæрæн иуварс æрфæлдæхтис æмæ куынц ныггæлиртæ. Сау калм йæ саджил æвзаг басыллынг-сыллынг ласта æмæ йæм афтид сæры тепкæйы хуынкъæй бадзырдта: «Дзорс, хъус ма-иу, кæддæра гуыпгæнæны гуыпп дæ хъæрахстæй нæ фæтыхджындæр уа!»

Дзорс акастис, ивгъуыд æмæ сомбон кæрæдзимæ цы хуынкъæй сидтысты, уырдыгæй, æмæ федта: Дæргъи, цыма йæ гуыпгæнæны даргъ хæтæл Хурзæрины зæрдæмæ ныддардта, чъырттымы цæсты йас хуынкъмæ арт бахаста æмæ ахæм гуыпп фæцыдис, цыма арв дæлæмæ фæркгай æркалдис. Хæтæлы дзыхæй арт рарæмыгъта, æфсæнкъори судзгæ ратахтис æмæ йæ фæдыл зæрингъуыз талм ауагъта. Ниугæ æмæ сыфсыфгæнгæ атахтис, Хурзæринæн йæ риу цæрдхуынкъ фæкодта. Йæ туг суанг уæларвмæ скалдис æмæ фæстæмæ зæрингъуыз артæй æрыздæхтис. «Батрадз, цы фæдæ, мæ хъæбул!» — йæ уд исгæ ныхъхъæр кодта Хурзæрин æмæ уыцы уынгæг хъæрмæ айсæфтысты, Батрадз фыдфын цы æцæгдзинад æнхъæлдта, уый цæстылуайæнтæ.

— Нæ фыдызнæгтæ нын нæ сыгъзæрин мады мардзысты! — дуары ’рдæм йæхи аскъæрдта Батрадз, фæлæ Уырызмæг йæ разы лæуд фæцис.

— Фæлæуу, лæппу, райдиапы уал калмæн йæ сæрмæ хъуамæ бахъавæм!

— Æз кæдæм цæуын, уырдæм хъæуы калмы дæр æмæ кæфхъуындары дæр! — йæ мыггаджы хистæры раз йæхи тыхæй баурæдта Батрадз.

— Æмæ ды кæдæм цæуыс? — цъæх арт суагътой Сосланы згъæртæ.

— Дæргъийы куырдадзмæ!

— Куырдадзы цы агурæм?

— Мæхи цæстæй федтон, Дæргъи цы гуыпгæнæн сарæзта, уый!

— Гуыпгæнæн та цы у, лæппу? — ныддис кодта Уырызмæг.

— Нæ сыгъзæрин мады нын амарынмæ кæмæй хъавынц, уый! — йæ хъæлæс кæмдæр æнæбын арфы аирвæзтис Батрадзæн.

Сосланитæм æцæг фыдфыны хуызæн фæкаст, Батрадз сын кæй радзырдта, уый æмæ сæ иу дзæвгар сыбыртт ничиуал скодта.

— Уый Дзæцъуйы хос нæу, Батрадз! Уый æз æрбахастон абæстæм! Сослан æмæ йын Чермен бавзæрстой йæ тых. Гуыпгæнæнмæ бацæуæм, фæлæ рох кæнын нæ хъæуы, сау-сауид хосæй цы къæртатæ байдзаг кодтон æмæ мын Дзæцъу зæххы бынты кæй бамбæхсын кодта, уыдон дæр! — цауд хъæлæсæй загъта Санибайаг лæппу.

— Чи зоны, хъахъхъæнджыты раивыны афон æрцыд? Уæд Æхсæртæг æмæ Хазби куыд кæндзысты, Сослан? — ныккатай кодта Чермен.

— Иугæр Хызы мæнгард фыртмæ ахæм хотых ис, уæд æппæты фыццаг йæ фæндаг скæндзæн уымæ! Нæ разæй куы фæуа, уæд, нæ зæрдæ кæмæ æхсайы, уыдоныл дæр фыддæр бон ныккæндзæн, — загъта Сослан.

— Сымах нæсæттонты къуыммæ ныккæсут, æз та Дæргъийы куырдадзмæ бацæудзынæн. Кæннод Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу сæ гуыпгæнæн доны былмæ ныттулдзысты æмæ нын нæ сыгъзæрин мады амардзысты, — йæхи нал урæдта Батрадз.

— Лæппу, ды, æвæццæгæн, нæма зоныс, уыцы нæсæттонты талынг къуымы дæ фыд Хæмыц æмæ дæ фыдыфыд Æхсæртæг кæй хъизæмар кæнынц, уый. Нæдæр уый зондзынæ, сæ иуы Сантарæй кæй тонынц æмæ се ’ннæйы та Дзокойæ! — тызмæгæй бакаст Уырызмæг Батрадзмæ.

— Дзоко! — йæ фыдфынтæй та иу йæ зæрдыл æрбалæууыд Батрадзæн æмæ, сабийау хæкъуырцгæнгæ, йæ сæркъулыл ныххоста. — Дзоко!.. Æхсыры цад Нарты Хæмыцы аныхъуырдта æмæ уый бæсты йæ хъæстæ хуылфæй сомдта Æртыккаг дунейы иузæрдыг хъæбул Дзокойы! Дзоко! Дзоко! Дзоко! Уæдæ, нæ мыггаг иууылдæр Хурзæрины хъизæмар кæныныл бафтыд?

Хурзæрины сау хъысмæт ын йæ зæрдæ басыгъта æмæ, йæхæдæг цы уавæры уыд, ууыл хъуыды кæнгæйæ йæ мæлын æрфæндыд, фæлæ ныр йæ уды æртсыгъдмæ бафтыд йæ фыд æмæ йæ фыдыфыды кæуинаг уавæр. Йæ фыды номæн бардуагау кодта табу, уымæн æмæ йæ цоты тыххæй Хæмыц цы бавзæрста, уый нырма ничи бавзæрста нæлыстæг мыггагæй... Йæ мад Быценон, тырæнхъæл уæвгæйæ, гæды Сырдоны кæлæн миты фыдæй Нарты хъæуæй йæ цæгатмæ цæугæйæ, йæ гуырдз йæ мойы дыууæ уæны ’хсæн кæй ныуулæфыд æмæ Хæмыц цалдæр мæйы афтæмæй кæй фæцыдис, уый зыдта Батрадз. Уæдæ-иу ныхасы лæгдзинадыл дзырд кæм æрцыд, уым-иу Хæмыц Батрадзы номылрыг абадын кæй нæ уагъта æмæ-иу ын йæ лæгдзинады хабæрттæ стаугæ кæй кодта, уый дæр зыдта. Стæй-иу йæ сæрыл рахæцыд, йæ хъæбул кæй уыдис, уый тыххæй нæ, фæлæ мыггаджы номдзыд гуырд кæй уыдис, уый тыххæй... Ныр ын йæ фыдыфсымæр Уырызмæг дзуры, дæ фыд Хæмыц æмæ дæ фыдыфыд Æхсæртæг нæсæттонты талынг къуымы бадынц, зæгъгæ. Хорз, ныццæудзæн нæсæттонты талынг къуыммæ, æфсæнхъоргъытæ ныххалдзæн æмæ ссæрибар кæндзæн нæсæттонты, фæлæ сын кæдмæ сфаг уыдзæн уыцы сæрибардзинад, дун-дунетыл Хурзæрин куынæ тула, уæд? Цалынмæ Батрадз уым архайа, уалынмæ Хызы фырт æмæ Дзæцъуйы фæстæмæкъахджын сæ хотых нæ сифтындздзысты æмæ йæ Хурзæрины зæрдæйыл нæ ныццæвдзысты? Сæ сыгъзæрин мад куы амæла, дун-дунемæ йæ мидбылты куынæуал бахуда æмæ йæ зæрин тынтæй куы никæйуал батава, уæд бæстæ сау гæныстон нæ фестдзæн æмæ йын дæлимонтæ не схицау уыдзысты? Нæн-нæ, Хурзæрины мæлæт дун-дунейы сау гæныстон кæй фестын кæндзæн æмæ цард кæй банымæг уыдзæн, уый Хызы фырт дæр æнкъары æмæ йæ фыдызнаджы нырмæ уый тыххæй нæ амарын кодта, уый йеддæмæ ма йæ цы хъыгдардта, йæ цæсты сындз йæ къухы куы уыд æмæ йын йæ уд чи æрбаскъуыдтаид, ахæм цагъар дæр куы ссардта, уæд? Цæмæннæ йын загъта, Дзорс, дæ разы цы зæрин сыл лæууы, уый нын йæ зæрин тынты тæмæнæрттывдæй нæ дунейы цæрджыты амондджын цард змæнты æмæ йын йæ хурхыл бахæц, зæгъгæ? Нæ йæм разындаид уый фаг тых, кæнæ йæ йæ зонд бафарстаид, Дзорс, уый цы ми кæныс, дæ сыгъзæрин мады хурхыл цæмæн хæцыс, зæгъгæ? Нæ йын загътой, уымæн æмæ Хурзæрин куы амардаид, уæд сæхæдæг дæр сæфгæ кодтой æмæ сæ куыдзы удтæн тарстысты. Ныр, æвæццæгæн, дæлимонты æлдар Дзæцъу йæ уавæртæ банымадта æмæ йæ бауырныдта, Хурзæрин куы амæла, уæд адæмы мыггагимæ дæлимонты мыггаг дæр кæй нæ фæсидзæр уыдзæн æмæ æнæхурæй дæлдзæххыты саудалынгты йæ цард ноджы хуыздæр кæй ацæудзæн, уый. Бауырныдта йæ æмæ йæ цæмæй Хурзæрины тæмæнæрттывд мауал хъыгдара, афтæмæй дæлзæххыты талынгæй уæлзæххытæм æдасæй цæуа æмæ дæлзæхх-уæлзæххæн схицау уа, уый тыххæй сфæнд кодта адæмы мыггаджы сыгъзæрин мады амарын. Хызы фырт дæлимонты сайды фæцис, уый йеддæмæ, кæд мæнгард у, уæддæр Хурзæрины амарыныл сразы уыдаид, уый нæ уырны Батрадзы æмæ йæ хъæуы ардыгæй тагъд цæуын...

— Æз уæддæр мæ фæндаг хъуамæ скæнон Дæргъийы куырдадзы ’рдæм! — хивæндæй загъта Батрадз.

— Фæлæуу, Батрадз, ам нын уæйгуыты хæст нæу, кæнæ та Терк-Туркмæ нæ лæбурæм! Хицæнтæй нын цæуæн нæй! Ды кæд Дæргъийы куырдадзмæ цæуыс, уæд мах дæр цæуæм демæ. Кæннод куы ныххицæнтæ уæм, уæд, чи зоны, ацы дæлимонты бæстæйы кæрæдзи нал ссарæм. Ардыгон азмæлæнтæ дæхæдæг дæр хорз зоныс, фæлæ Хызы мæнгард фырт æмæ фæстæмæкъахджын Дзæцъу сау-сауид хосæй йедзаг къæртатæ кæмыты бамбæхстой, уый та нын бацамондзæн мæнæ Санибайаг лæппу, — фæурæдта йæ Сослан.

— Сау хосæй йедзаг къæртаты æмбæхсæнтæ агурын мæ быгъдуан!

— Уымæй раст зæгъыс, Санибайаг лæппу, фæлæ кæд Дакко (æвн Челæхсæртæг, хæйрæг сæ дæсны!) æмæ Дзæцъу сæ дзырд рауагътой æмæ куырдадзæй гуыпгæнæн ратылдтой, уæд та? — фарст цæхгæр æрæвæрдта Тлаттаты Чермен.

— Æппæты хуыздæр уаид, куырдадз, нæсæттонты талынг къуым æмæ Челæхсæртæджы мæсыг уыцы иу рæстæджы куы бацахсиккам, уый, фæлæ иугæр цъус стæм æмæ нын ахæм фадат нæй, уæд нæ фæндаг хъуамæ скæнæм, Хурзæринмæ æппæты стырдæр фыдбылыз кæцæй кæсы, уырдæм! — загъта Уырызмæг æмæ Сосланмæ бакаст, ома иугæр хъуыддаг дæхимæ райстай, уæд архай.

— Куыд кæсын, афтæмæй уегасæн дæр уæ хъуыдытæ баст сты Хызы фырты мæсыгмæ, фæлæ уæ нæ уадзынц уæгъд гуыпгæнæн æмæ нæсæттонты талынг къуым. Мæнæн дæр мæ хъуыдытæ сты раст ахæм æмæ уый тыххæй Хызы фырты мæсыгмæ нæ фæндаг хъуамæ скæнæм Дæргъийы куырдадзыл! — расидтис йæ фæндон Сослан. Дæрæниты ноджы фидардæр ныббастой, сæ дзыхты сын цыллæ æмбæрзæнты фаринтæ ныннадтой æмæ Батрадзы фæдыл æддæмæ рагæр-гæр кодтой.

Æлвисæг зæронд усмæ кæсгæ дæр нæ фæкодтой, афтæмæй уынгмæ ракалдысты. Чердæм ацыдаиккой, уый нæ базыдтой, фæлæ Батрадз сæ разæй фæцæуæг ис бирæгъы къахдзæфтæ кæнгæ. Сосланæн йæ Церечы згъæр цъæхарт уагъта, афтæмæй згъордта цæгæрсæр лæппуйы фæдыл. Уырызмæгæн, цæмæй даргъ санчъехтæ кæнгæйæ, йæ кард хъеллау ма кодтаид, уый тыххæй йæ балхъывта йæ агъдмæ. Чермен æмæ Санибайаг лæппу сæ хъыримæгтæ цæттæйæ дардтой. Батрадз цæугæ-цæуын Сосланмæ фæкаст æмæ йын цæстæй ацамыдта Черменитæм: уыдон махау болатсæрст не сты æмæ сæ не ’хсæн скæнæм, æндæра разæй, кæнæ та фæстейæ фат куы раскъæрой, уæд сæ исчи дзыхъмард фæуыдзæн, зæгъгæ. Батрадз цæргæсау кодта тæхгæ. Йæ иу къах-иу зæххыл куы æрцавта, уæд-иу ссæдз ивæзны бæрц размæ атахт æмæ та-иу йе ’ннæ къахыл хæрдмæ фæхауд. Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу сæ размæ цы фæзуаты рацыдысты, уымæй куы баивгъуыдтой, æмæ нарæг уынджы куы фæгæрз сты, уæд Сослан фæфиппайдта, фæстейæ сæ фæдыл æвзистгъуыз згъæртæ, бæзбæзгæнгæ кæй рацæйцыдысты, уый. Сæ уæззау лæнк-лæнк æмæ йæм се згъæрты дзыгъал-мыгъул æрбайхъуыст. Цас фылдæр цыдысты, уыйас кодтой фылдæр. Сæ къухæй амыдтой Сосланы цъæхарт уадзæг згъæрмæ. Бæрзонд мæсгуытæн сæ цъуппытæ, расыг лæгтау, цуттытæ кодтой. Æнахуыр таргъуыз арвæй зындис иу нарæг уадздзаг. Сæ фæдыл цæуджытæ сбирæ сты æмæ нарæг уынджы нал цыдысты, фæлæ се ’хсæн Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу нæ зындысты. Уынджы фæкъæдзгæнæны куы фæзылдысты, уæд æвзистгъуыз згъæртæ иуцасдæр рæстæджы нал разындысты, фæлæ дыууæ уынджы фæхицæнгæнæны фалейæ æвиппайды дыууæрдыгæй сæ размæ æрбагæр-гæр кодтой. Батрадз, æвæццæгæн, зыдта, Лæгъза æмæ Дзæцъуйæ дзырд куынæ рацæуа, уæд уыцы æвзистгъуыз згъæртæй йæ хотыхмæ ничи февнæлдтаид æмæ сæм йæ хъус не ’рдардта, афтæмæй се ’хсæнты алæгæрста. Ай нæхи Дзорс куы у, уæд йæ сау рæхыс йе уæхскыл цæмæннæ ис, науæд æхсæз хæстоны бæсты йæ фæдыл цыппар хæстоны цæмæн фæцæуынц æмæ фæстагæн йе згъæр сырх-сырхид æрттывд цæмæн кæны, зæгъгæ, дисæй мардысты Æртыккаг дунейы иузæрдыг хъахъхъæнджытæ.

«Иугæр Хызы мæнгард фырт æмæ фæстæмæкъахджын Дзæцъу семæ не сты, уæд ам цыдæр бæллæх æрцыд æмæ мæргътау тæхгæ куы кæниккам, уæд хорз уаид! Куыддæр ахъуыды кодта Сослан, афтæ сæ тæккæ разы уынг фæсаджил ис. Саджилæн йæ саггомы мидæг æрттигъау размæ рахаста калмы хæрвау хъулон-мулон дурæй амад бæрзонд быру. Быруйæн йæ галиу фарс ахаста уæрæх уынг. Йæ рахиз фарс та куыдфалæмæ æрбауынгæг ис æмæ систы сæртæ кæрæдзимæ æрбацыдысты. Сослан нарæг уынджы æрдынцар куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта: «Ай мæнæ бæхдонмæ бацæуæн куы у! Иугæр ардæм æрбафтыдыстæм, уæд бæхдоны скуысси уæм æмæ цæстныкъуылдмæ нæ бæхтыл абадæм!» Афтæ зæгъынмæ хъавыд уый, фæлæ Батрадз быруйы тигъы цур алæууыд æмæ йæм йæхæдæг фæразæй ис:

— Уæ бæхтыл абадут. Æз уæртæ уыдон фæуромдзынæн! — фæстейæ цы хæстонтæ æрбацæйгуылф кодтой, уыдонмæ ацамыдта.

— Æмæ дæхæдæг фистæгæй цæудзынæ?

— Æз ардæм бæхыл не ’рбацыдтæн, фæлæ тагъд бæхдонмæ цæугæ!

Æвзистгъуыз згъæрджынтæ æрбагуылф кодтой. Раззæгтæ кæрæдзийыл ныххæцыдысты æмæ фæстæмæ фæлæууыдысты, афтæмæй сæ хурхысæртæй фæтъæллæнг ластой: «Омбæ, Дзорс, омбæ!» Батрадз сæм йæ мидбылты бахудтис æмæ, «о-хо-хи», зæгъгæ, куы фæхъæр кодта, уæд йæ комытæфæй æвзистгъуыз згъæрты афтæ ныффæйлыдта, цыма зад мæнæуы хуымыл тыхдымгæ радымдта. Батрадз сын джихæй кастис сæ хъуыдыйæ афтид, æнæмæт цæстытæм æмæ йæхимидæг дис кодта: «ау, мæхæдæг дæр дæлæ уыдон хуызæн уыдтæн æмæ Хызы мæнгард фырты нæзæгъгæйæ къахдзæф акæнын нæ уæндыдтæн? Кæм ис, цымæ, Челæхсæртæг? Ам куынæ зыны, уæд кæм бамбæхст? Сосланы Церечы згъæры æрттывдмæ кæд дæлæ уыцы мæгуыр лæппутæ рагæр-гæр кодтой, уæд уый саугуырм бацис? Æвæццæгæн ыл хорз бон нæй. Кæннод æнæмæнг æрбацыдаид, фæлæ Дзæцъу та кæм фесæфтис?»

Куыддæр нарæг уынджы царæрдыны сау хуылфæй бæхы къæхтыхъæр æрбайхъуыстис, афтæ Батрадз, «о-хо-хи», зæгъгæ, тыххъæр фæкодта æмæ йæ комытæфæй згъæрджын хæстонтæ дыууæ хицæн куы фесты, уæд барджыты разæй се ’хсæнты асæррæтт ласта. «Иугæр Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу ам не сты, уæд дзы хыл нæй!» — хынцыдта йæхимидæг æмæ разæй цæргæсау тахтис. Чысыл фалдæр куы ауадысты, уæд та йæ хъуыды скуыста: «Æвæццæгæн, Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу куырдадзы æрæмбæхстысты, сæ гуыпгæнæн æрцæттæ кодтой æмæ нæм æнхъæлмæ кæсынц. Кæннод та Сосланы хабар базыдтой æмæ сæ тæссаг хотых донбылмæ ныттылдтой! Æтт, мæ зынг дын куыд бахуыссыд, мæ сыгъзæрин мад!»

Згъæрджынтæ кæмдæр фæстейæ аззадысты æмæ кæцæйдæр сæ къуырма гыбар-гыбур хъуыстис. Сосланитæм лæбургæ нæ кодтой. Сæ ифтындзæг семæ нæ уыд æмæ сæхпмæ та лæбурыны фаг хъæппæрис нæ уыдис. Дзорс цыппар бæхджыны разæй фистæгæй кæй фæцæйтахтис æмæ фæстаг барæгæн та йе згъæр цъæхарт кæй уагъта, уый сæ сцымыдис кодта. Кæдæм лидзы Дзорс, донбылмæ цæмæннæ ныццæуы? Æртыккаг дунейы сылыстæг знаджы туджы æвдгæйттæй куы фесæрынц сæ кæрдтæ, уæд ныр фондзæй цæмæн сты? А-а-а, Дæргъийы куырдадзмæ феввахс кæны! Æвæццæгæн, рæхысмæ фæцæуы, фæлæ ма уыцы цыппар хæстонæй та цы хъавы? Згъæрджынты лакъон цымыдисæн бирæ маргæйдзаг къабæзтæ уыдис, фæлæ сæ чи æрцагътаид, ахæм ничи уыдис семæ...

Батрадз Дæргъийы куырдадзы раз дзыхълæуд фæкодта. Сосланитæн цæстæй ацамыдта, сымах ам фæлæуут æмæ, мæ фæдыл удайстæй чи æрбафсæры, уыдон куырдадзмæ æмгæрон ма æрбауадзут, зæгъгæ. Табу хуыцæутты хуыцау æмæ хохы дзуæрттæн! Дæргъи йæхæдæг дæр ам уыдис æмæ йе скæнгæ гуыпгæнæн дæр! Иугæр гуыпгæнæн ам ис æмæ сау-сауид къори йæ дыууæ цалхы ’хсæн лæууы, уæд Хурзæрин нырма удæгас у æмæ Батрадз сбæлвырд кæндзæн, йæ кæнгæ хъæбул бынтон сæфт лæг кæй нæу йæ дыджызæйæн. Дæлæ уыцы сау къори гуыпгæнæны хъæлæсы куы аирвæзтаид æм



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.