Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XVI. ÆППÆТЫ ТÆССАГДÆР ХОТЫХ



XVI. ÆППÆТЫ ТÆССАГДÆР ХОТЫХ

Челæхсæртæг йæ сæрыхъуынтæ бындзыггай тыдта. Сæйраг мæсыджы хатæны-иу куы аззадис, уæд-иу сæнтдзæфау йæ къухтæ тилгæ æмæ йæ комыфынк калгæ Хурзæринмæ æртхъирæнтæ кæнын райдыдта: «Йæ ныфс мæм куыд бахаста уыцы зæрин гадза? Куыд мæм суæндыд, Хызы фырт, дæхи ардыгæй айс, дæ дæлимоны смаг ма кал, зæгъгæ? Куы мæ бафæнда, уæд ын иу бон йæ уд сласдзынæн! Хорз у, æхсыры цад кæй сахуырстон æмæ йын стъалыджын царæй дæлæмæ ныккæсæн кæй нал и! Кæннод æй бынтон бахуыскъ кодтаид, æмæ мæ фæндтæ мæ хъуыры фæбадтаиккой! Рæстæг Хурзæриныл куыннæ тых кæны, мæныл дæр афтæ. Ма& зæрдæ ма мын рæхойы, уый уæлæрвты йæ зæрин тынтæ таугæ кæй тулы, æз та ам зæххыл кæй рацу-бацу кæнын, уый. Цæмæн хъуамæ цæрон хуымæтæджы Лæгъзайæ, цых-х-х( Кæд уый дун-дунейы бæрны бацыд, уæд æз дæр цæлы фынгыл нæ бадын! Нæ нысан иу у æмæ хицæнтæй цæмæн хъуамæ цæрæм, цых-х-х? Нæ цард æмæ нæ хъуыдытæ куы сиу уыдаиккой, уæд фæрогдæр уыдаид нæ цардвæндаг æмæ уæлæрвтæй дун-дунемæ ракастаиккам цыппар цæстæй. Абон уал Æртыкаг дунейы цардыл тыхсын, фæлæ мын Хурзæрин ком куы радтид, уæд ме ’мбæлццон суыдаид, уæлæрвтæм йемæ ацыдаин, хурхорты сау бардзæй-иу æй бахъахъхъæдтаин æмæ-иу адæм загътаиккой «бæстыл хур атылдис» нæ, фæлæ «бæстыл хур æмæ Челæхсæртæг атылдысты». Райсомæй-иу адæм кæрæдзимæ бахудтаиккой æмæ-иу æрвгæронмæкæсгæйæ сæхицæн ныфсытæ авæрдтаиккой, табу хуыцауæн, райсом хур æмæ Челæхсæртæджы бон кæндзæни, зæгъгæ. Кæм и рæстдзинад? Иу хатт та мын мæ цæстмæ уый бадардта: хорз æмæ æвзæры ’хсæн æвæрд гæрæн де ’хсыры цадæй сызмæстай, слакъон æй кодтай, цъыфæй йæ байсæрстай æмæ йын адæймаг йæ мидæг сау æмæ урс нал æвзары! Уæд дын æз мæ маст аныхъуырдтон æмæ йын афтæ: «Уæ, мæ уды лæууæн мæ цæсты гагуы æмæ мæ рухс фæндаг, бынтон раст нæ дæ! Æз уыцы гæрæн цъыфæй нæ байсæрстон æмæ йæ сау-сауид алайæ нæ сарыдтон. Æз адæймагæн йæ мидæг хорзы йеддæмæ ницыуал ныууагътон. Хуыцау адæймаджы сфæлдыста йæ уæззау сагъæстимæ, йæ низтимæ, йæ хъизæмæрттимæ. Хæйрæг æй куы ауыдта, уæд йæ размæ сыдз-мыдзы цæугæйæ рауад, стыр хуыцаумæ йе ’рбадæн ныхъхъил кодта æмæ йын загъта: «Уæ, мæ ралгъитæг, уæ, адæймаджы сфæлдисæг, уæ нæ дыууæты ’хсæн хæрам тауæг! Кæд искæйты æмæ истытæ сфæлдыстай, уæд ма мын сæ буары низтæ, сонтæ æмæ хъизæмæрттæ та цы бауагътай? Æз адæймаджы мæ уды йас уарзын. Бауырнæд дæ, стыр хуыцау, нæ дыууæйы цæдис дæуæн дæр пайда у! Мæ буары фæстаг хай дæм кæй сыздæхтон, уый мацæмæ æрдар! Уый мæ нывы фыст у, æнæуый дæм мæ дзырд не схæццæ уыдзæн, фæлæ дæм куы схæццæ уа, уæд та йæ айсдзынæ зыгъуыммæ. Уый тыххæй дæм дзурын зыгъуыммæ лæугæйæ, фæлæ дæм мæ ныхас хъуысы рæстырдæм æмæ дæ бауырнæд: адæймаг æмæ дæлимон æмдзых æмæ æмуд куынæ суой, уæд дæлæмæ æрхаудзынæ. Адæймаг мæм хъуыста æмæ йæ бауырныдта, дæлдзæх-уæлдзæхæй йын мæнæй стырдæр хæлар кæй нæ уыди. Нæ иу не ’ннæйы хъæр хорз хъуыста. Зæхмæ уый уæлейæ лæууы æнцой, æз та бынæй, афтæмæй йæ уромæм æмæ æппындæр мæсты нæ кæнæм, хатт нæ къæхтæ кæрæдзийы дзыхмæ кæй бахæссæм, ууыл. Фæлæ ды смæсты дæ æмæ дæхимидæг загътай: адон афтæмæй бирæ куы фæцæуой, уæд æцæг дæлæмæ æрхаудзынæн! Адæймаджы хъысмæт дæ бæрзонд къæлæтджыныл ‘баивтай. Цæмæй нын нæ цæдис фехæлдтаис, уый тыххæй мын мæ уæздан мыггаджы дæлдзæхы талынгтæм ауагътай æмæ йæ рзлгъыстай, дæ хъуыддаг зыгъуыммæ цæуæд, дæ дон дæлейæ уæлæмæ ивылæд, дæлæмæ кæмæн амонай, уый-иу уæлæмæ цæуæд, дæ кард рæстмæ лыг ма кæнæд æмæ дын дæ алы дзырд адæймаг зыгъуыммæ исæд, зæгъгæ. Нæ ахъуыды кодтай, уыцы æлгъыстæй адæймагæн йæ уаргъ кæй фæуæззаудæр, ууыл. Уæдæй нырмæ адæймаг сси мæ фыдызнаг»... «Уæ, мæ уды лæууæн, мæ цæсты гагуы, мæ рухс фæндаг, дæ хорзæхæй цъыбыртты сыгъд куы бауон, уæддæр дын комкоммæ хъуамæ зæгъон: раст дын дзырдта Дзæцъуйы фыдæл! Ды æмæ хуыцау уæ кадæн фæтарстыстут! Цæмæй адæймагæн йе скаст сымахмæ уыдаид, уый тыххæй йæ мæ мыггагыл сардыдтат æмæ кæрæдзийы хъæр нал æмбарæм. Фæлæ та уыцы хъуыддагмæ мæнæ ногæй æркастыстæм æмæ йæ афтæмæй нал ныууадздзыстæм. Куы дын загътон: мах адæймагæн йæ уды уаргъ сисæм, фæлæ та йæ ды дæхимæ кæсынтыл фæкæныс æмæ йын æрбайсафыс йæ амонд». Нæ мæ бауагъта кæронмæ дзурын уыцы сызгъæрин гадза, мæ хъуыры фæбадтис æмæ мын тызмæгæй загъта: «Кæд де ссаргæ Æртыккаг дунейы цæрджыты хитæнтæ амонд хоныс, уæд ма бавдæл æмæ дæхæдæг дæр æхсыры цады къуырийæ къуыримæ дæхи най! Æз та дын дæ цардмæ уæлейæ кæсдзынæн æмæ фендзынæн, цымæ куыд æнкъарис дæхи!» У-у-у, сызгъæрин гадза, æмæ мæхи раууаты хай куы фæкæнон, уæд ма Æрытккаг дунейы цардыуаг чи хъахъхъæндзæн? Алкæмæн йе ’хсыры цады æмгъуыд чи банымайдзæн? Æгайтма Сослан нал и, фæлæ се ’ннæ мæлинæгты ардæм иу цæстыныкъуылдмæ дæр куы æрбауагъдæуа, уæд гæныстоны хай куы фæкæндзысты æппæт!.. Нæ, афтæ цæрæн нал и! Хурзæрин хъуамæ йæ бур-бурид тынтæй мауал змæнта Æртыккаг дунейы цардыуаг! Цымæ Дзæцъу та цы хъуыды кæны уый тыххæй?»

Дзæцъу зыдта æмæ æнкъардта, Челæхсæртæг æргом цы дзырдта æмæ йæхимидæг хъуыды цæуыл кодта, уыдон иууылдæр. Уæдæй нырмæ Лæгъза хатæны цармæ дзагъырæй каст æмæ-иу æнæдзургæйæ йæ къухтæ кæрæдзийыл атыхта, фæлæ йæ хъуыдытæ цардæгасæй лæууыдысты Дзæцъуйы раз. Челæхсæртæгæн-иу йæ цæсгомы нуар куы базмæлыд, уæд-иу уайтагъд базыдта, цæмæй йын базмæлыд, уый. «Иллитт-биллитт, Дзорсæн йе ’хсыры цады æмгъуыд куы аивгъуыйа, уæд цы æрцæудзæн? Кæд æй Лæгъза нæ банымадта, уæд ын æй Дзæцъу ныртæккæ йе ’нгуылдзтыл æрнымайдзæн: куыддæр Æртыккаг дунейы цæрджытæн се ’хсыры цады æмгъуыд ацæуа, афтæ сæ фыццаг скаст уыдзæн арвмæ, æмæ Хурзæриныл сæ цæст куынæ схæца, уæд зæгъдзысты: алæ-ма, нæ цъæх-цъæхид æрвдымбыл афтид куы у, уæд нæ сызгъæрин мад кæм фесæфти? Хурзæрины уайтагъд рацагурдзысты æмæ йын йæ къæхтыл сау рæхыстæ куы феной, уæд афæрсдзыст, чи уыд, нæ сызгъæрин мадмæ нын йæ ныфс чи бахаста?.. Лæгъза æмæ Дзæцъуйы æфсæн хызты ныппардзысты. Стæй, иллитт-биллитт, Дзорс Хурзæринæн йæ рæхыстæ сисдзæн æмæ йын зæгъдзæн: «Ныббар мын, мæ дыджызæ, хъизæмарæй дæ кæй фæмардтон, уый, фæлæ ма иу чысыл бабыхс зæххыл æмæ дæхи цæстæй фен, дæ хъизæмаргæнджыты дын Сау цъыззы цъасмæ куыд ауадздзынæн, уый! Стæй дæ фæндаг уæларвмæ скæн, дун-дунетæм та дæ мидбылты бахуд, æмæ æз дæр дæ фæдыл тæхдзынæн, дæ зæрин тынтыл бадгæйæ!.. Се ’ппæт дæр цыфæнды фæуæнт, фæлæ Нарты Уырызмæг, стыр зонды хицау уæвгæйæ, нæ къухмæ афтæ æнцæнтты кæй æрбахаудта, уый Лæгъзамæ гуырысхойаг нæ кæсы?.. Иллитт-биллитт, чи зоны, Æртыккаг дунейы сусæгтæ базоныны тыххæй йæхи барæй радта, и-и-и!» — йæ хъуыды иу ранмæ æртардта Дзæцъу.

— Бындз къуымæлы куы ныммæла, уæд дзы фæнды барæй ныххауæд, фæнды æнæбары! — æнæуынон ту ныккодта Хызы фырт.

— Иллитт-биллитт, Нарты Уырызмæг бындз у, зæгъгæ, уымæй нын нæхи сбуц кæныны бар ис?

— Иууыл зыгъуыммæ нымайыс, Дзæцъу!

— Иллитт-биллитт, Дзæцъу рæстырдæм нымайын дæр зоны! — йæ сау æнгуылдзтæ ахсыдта Дзæцъу. — Дзæцъу арæх фæхъуыды кæны Æхсыры цадыл æмæ йæхимидæг фæзæгъы: иллитт-биллитт, уый хуызæн стыр хæрзиуæг æрмæст иу дунейы хай цæмæн хъуамæ уа, æмæ дзы сæхи цæуылнæ хъуамæ хъæстæ кæниккой иннæ дунетæ? Уæд Дзæцъуйæн йæ цæстыл ауайынц æлыг хæтæлтæ. Æхсыр бауагътам Мæрдтыбæстæм, Уæлион бæстæм! Уымыты дæр сабузтой æхсыры цадтæ, æмæ дзы адæм сæхи куы ныннайынц, уæд хуыцауы бæсты кувынц Лæгъза æмæ Дзæцъумæ. Уыдæттæ нæ къухы бафтиккой, Хурзæрины цæст куынæуал æрттивид, уæд!.. И-хи-хи! И-хй-хи!

— Амарæм æй! — сирвæзти Хызы фырты дзыхæй.

Челæхсæртæг ныр тынгдæр банкъардта, Хурзæрин ын иуæрдæм дæр фыдбылызæн кæй фæцис æмæ иннæрдæм дæр. Уæлæрвтæм æй куы суагътаид, уæд йæ фæндтæ иууылдæр йæ хъуыры фæбадтаиккой. Йæ амарыны фæнд куы скодтаид, уæд та йын развæлгъау банымаинаг уыди, куыд æмæ йæ цæмæй хъуамæ амардтаид, уый. Æмæ-иу уæд йæхимидæг базыр-зыр кодта, уымæн æмæ-иу йæ цæсты раз æрлæууыди, дун-дунетæ урс-урсид цъенгæ ихæй æмæхгæд куыд фестадаиккой, уый. «Ау, уыцы сызгъæрин гадзайы мæлæт мæхи мæлæт у?» — ферттывта-иу йæ сæры æмæ та-иу Дзæцъумæ фæсидти. Дзæцъу нæ уыд, йæ ныфс афтæ æнцонты кæмæн асæтты, уыдонæй. Æмæ та-иу Челæхсæртæгыл базыртæ басагъта: «Иллитт-биллитт, Лæгъза æнæхъуаджы тæрсын кæны йæхи! Мæ мыггаг цы дæлдзæхты цæры, уырдæм иу зæрин тын дæр никуы ныххауы, фæлæ дзы цъенгæ салд ницы кæны. Иллитт-биллитт, абæстыл цæрыны фадат куынæуал уа, уæд æхсыры цад уырдæмыты ауадздзыстæм æмæ адæймаджы уым бацæрын кæндзыстæм».

— Æцæгдæр цы хъауджыдæр у дæлдзæхы талынг, æхсыры цады фæрцы лзы адæймаг йæхи амондджын куы æнкъара, уæд? — æрцыдис-иу ахæм хъуыдымæ Челæхсæртæг, æмæ-иу йæ зæрдæ фæрогдæр.

— Иллитт-биллитт, Хурзæрины разæй уал цъистгæнæны хъуамæ æрыссæм Нарты Уырызмæг æмæ Алыккаты Хазбийы. Стæй уыдон фæдыл арвитæм, æфсæн хъоргъыты чи бады, уыдон. Кæннод Æртыккаг дунейы æппæты тæссагдæр фыдызнагыл куы тæрхон кæнæм, уæд, чи зоны, æддæмæ раирвæзой æмæ нæ бахъыгдарой! — загъта Дзæцъу.

— Нырма уал уыдон æрыссæм, стæй Хурзæрины кой уый фæстæ бакæндзыстæм!

Фæлæ дæлимон йæ коммæ нæ бакаст.

— Иллитт-биллитт, Хурзæриныл дæр æрдзурын хъæуы ныртæккæ. Лæгъза афтæ ма æнхъæлæд, æмæ Дзæцъу Хурзæринæй йæ маст исы. Нæ, Дзæцъуйы дзурын кæны, хуыцауы фыдæй адæймаг æмæ дæлимон кæрæдзи кæй нал æмбарынц, уый, — йæ хъуыды бынтон райхæлдта дæлимон.

— Куыд æй амарæм? — цæхгæр афарста Хызы фырт.

— Иллитт-биллитт, Лæгъзайы фæндон Дзæцъуйы фæндон у. Дзæцъуйы зæрдæйы маст Лæгъзайы зæрдæйы маст у. Нæ къухы ис æртæ амалы, Дзæцъу сæ нымайдзæн, чи сæ куыд тæссагдæр у, уый хынцгæйæ! Цæмæй Хурзæринæй фервæзæм, уый тыххæй хъæуы Лæгъзайы иу дзырд, æмæ йын Дзорс уайтагъд йæ хурхыл бахæцдзæн. Дзорсмæ йæ уыраугæ тынтæ нæ хъарынц, æмæ йыл кæд сау рæхыстæ сæвæры, уыддæр æм, æввахс бацаугæйæ, Хурзæрин æрфæлмæн вæййы. Бирæ йæ нæ хъæуы, йæ хурх ын балхъивдзæн, æмæ бамынæг уыдзæн тъымы-тъыматæм! Фæлæ хъуыдыйаг у: уый фæстæ цы уыдзæн? Дыккаг амал дæр цæуы Дзорсæй, фæлæ та хъæуы Лæгъзайы иу дзырд. Уыцы дзырд куы уа, уæд Дзорс Хурзæрины йе уæхскыл сæвæрдзæн æмæ йæ æрбахæсдзæн цъистæнæнмæ... Ууыл Лæгъза æмæ Дзæцъу сæ къух систой, уымæн æмæ йæ фæдыл сайы æхсидгæ зæйтæ, дун-дунейы æртсыгъд æмæ быныскъуыд... Æртыккаг амалыл дзурыны агъоммæ Дзæцъу Лæгъзайæн иу цыдæр равдисдзæн, æмæ кæд йæ зæрдæмæ нæ фæцæуа, уæд ын йæ цæсгомыл нытту кæнæд æмæ йын комкоммæ зæгъæд, зæрдæхудт фæу, зæгъгæ! — загъта дæлимон æмæ Хызы фырты разæй асиныл дæлæмæ фæцæуæг.

Хъулон-мулон дур кæцæй истой, уырдæм ныххызтысты æмæ дыдзырухсмæ иу дзæвгар фæцыдысты. Æппынфæстаг Челæхсæртæгæн йæ фындзыхуынчъытæ æхсыры тæф ныццавта æмæ дзыхълæуд фæкодта, уый та цы у, доны сæх-сæх мыл кæцæй цæуы, зæгъгæ. Дзæцъу Хызы фыртæн афтæ: «Дæлдзæхы хæтæнтæ мæ мыггаджы цæрæнуæттæ сты æмæ сæ æз дæуæй хуыздæр зонын». Иу лыстæг цæджындзы цурмæ йæ бакодта. Челæхсæртæг æм куы æркастис, уæд фæдисау, иннæ цæджындзтæ сартæй зыкъуыртæ амад куы сты, уæд уый афтæ лæгъз чи самадта, зæгъгæ. Йæ алыварс æрзылдысты, æртæ æрхы сæрты асæррæтт ластой æмæ сæ фыццаг бынатмæ бахæццæ сты. Цæджындз уыдис æлыгхуыз. Йæ уæллаг был айнæджы мидæг сныхсти. Уæле кæцæйдæр доны сæх-сæх хъуыстис. Йæ бинаг был ауыгъдæй лæууыд æртæ æрхы бакæлæны сæрмæ. Ацы хæтæл ам чи сæвæрдта, кæнæ æрхытæ цæмæн бахъуыдысты æмæ кæдæм цæуынц, зæгъгæ, дисæй амарди Челæхсæртæг, æмæ та Дзæцъу ныххудтис: «Иллитт-биллитт, Хурзæрины мæлæты фæстæ дунеты хъысмæтыл Лæгъза куыд тыхсы, афтæ йыл тыхсы Дзæцъу дæр æмæ развæлгъау банымадта: Хурзæрины мæлæт кæд уæлæуыл æцæг хъаймæт расайа, уæд æхсыры цады ракæлæнтæ уæлæ уым дæлгоммæ фездахдзысты, мæнæ йæ уыцы æлыг хæтæлы аскъæрдзысты æмæ йæ дæлдзæхмæ æрхæсдзысты. Мæнæ уыцы æртæ æрхæй фыццаг цæуы Дзæцъуйы фыдæлты бæстæм, дыккагæн йæ бырынкъ ныббыцæу Цæрддзуйы даурмæ æмæ куыддæр фегом уа, афтæ æхсыры сæх-сæх Дзæнæтмæ фæцæудзæн. Æртыккаг та цæуы Уæлæмæ, фæлæ уым иугæр æхсидгæ зæнтæ куы рацæуой, уæд, чи зоны, нал бахъæуа, иллитт-биллитт! Сæ мидæг ма сын баныгæнын хъæуы æлыг хæтæлтæ, æмæ уыдзысты цæттæ. Хурзæрины мæлæтмæ кæмдæрты æхсидгæ зæйтæ ракæлдзæн, амыты та æхсыры цадты фæрцы Лæгъза æмæ Дзæцъу Æртыккаг дунейы арæнтæ уæрæхæй-уæрæхдæр кæндзысты. Хурзæрины уацар сын стыр фыдбылызæн кæй фæуыдаид, уый зыдта Дзæцъу æмæ йæхи цæттæ кодта рагацау. Ныр Лæгъза ардыгæй уæлæмæ схизæд, æмæ йын Дзæцъу равдисдзæн, Æртыккаг дунейы стырдæр фыдызнаджы амарыны охыл куырд Дæргъиимæ цы хотых сарæзтой, уый!»

Челæхсæртæджы йæ сагъæстæ уæгъд нæ уагътой: «Мæхимидæг исты куы сфæнд кæнын, уæд мын ацы дæлимон мæ зæрдæмæ ныккæсы æмæ мыл зондæй фæтых и. Кæцæй скуыси вæййынц ахæм зыгъуыммæ хъуыдытæ мæ сæры? Хуыцау ме ’вдисæн: мæнæ ныртæккæ мæ сæры цы хъуыды ис, уый дæр мæ нæ хъуыд, афтæмæй мæм æрбамидæг! Дзæцъуйæ хъаст цæмæн хъуамæ кæнон, уый мæ фæндон куы æххæст кæны, уæд? Уый у мæ хъуыдыты халдих. Йæ митæ сты мæ хъуыдыты цардæгас фаззæттæ, æмæ стыр бузныг йæ аудыны тыххæй! Адæймаг æмæ Дæлимон, æвæццæгæн, гуыргæ дæр афтæмæй ракодтой, фæлæ сæ хуыцау кæрæдзийыл сардыдта! Æниу, «кæрæдзийыл сардыдта» раст нæу! Растдæр уаид: «адæймагæн йæ мид-зæрдæ фæфæлдæхт», уымæн æмæ адæймагæн дæлимон бады йæ мидæг, æмæ йæ зæрдæйы цыдæриддæр фæндтæ февзæры, уыдон ын фыццаджы-фыццаг фелвасы уый. Фелвасы сæ æмæ, кæй зæрдæйы райгуырынц, уый сæ нæма раргом кæны, афтæмæй сæ фестын кæны цардæгас хъуыддаг. Бузныг дæ аудыны тыххæ!» — Дзæцъуйы чъылдыммæ бакуывта Челæхсæртæг. Уæдмæ Дæргъийы куырдадзмæ бахæццæ сты, æмæ йæ хъуыдытæ фæпырх сты.

Дæргъийæн йæ ном уыдис йæ уæлæ. Цъерийы хъилау — даргъ æмæ лыстæг. Йæ цæнгтыл йе стыр къухтæ, дзæккортау ауындзæгæй лæууыдысты. Йæ фындзы хъæл æмæ йæ роцъо дæр уыдысты даргъ. Ам куырдтæ бирæ уыди, фæлæ Хурзæрины сау рæхыс рацæгъдын Дæргъи йеддæмæ ничи зыдта. Рæхыс-иу авд хæстонимæ кæртмæ раласта æмæ-иу æнхъæлмæ касти Дзорсмæ. Куыддæр-иу Дзорс рæхыс ахаста æмæ-иу йæ зæлланг фæзилæны бамидæг, афтæ-иу йæ сусæг митæм бавнæлдта. Куырдадз дыууæ дихы акодта. Гæрæны фаллаг фарс скъахта æртæ æмæ æрдæг ивæзны æрфæн уæрм, йæ тæккæ астæу ын суагъта æлыг цæджындз. Цæджындзæн йæ фæрстæ слæгъз кодта æмæ йын йæ алыварс суагъта тымбыл къул. Цæджындз æмæ къул æмдзалх куы систы, уæд сыл арт бандзæрста æмæ сæ уæлион нымадæй фæсыгъта æртæ боны æмæ æхсæвы. Стæй йæ куырдадзы цыдæриддæр æфсæйнаджы лыггæгтæ ссардта, уыдон иууылдæр куынцгомы ныккалдта, арт сыл бандзæрста æмæ лæппутæн афтæ, куынц ныддымут, зæгъгæ. Æфсæйнæгтæ куы бадон сты æмæ куынцгомы дзыхъхъ сырх-сырхид æхсидгæйæ куы айдзаг, уæд артдзæсты чысыл дуар фегом кодта, æмæ уæрммæ уагъд нукæй цъысцъысгæнгæ ракалди сызгъæрин дон. Куы ныууазал, уæд ын йæ æлыг цъар ныппырх кодтой, йæ апп ын рафтыдтой æмæ сæ къухы аззад, йæ хуылфы лæджы сæр кæмæн бацыдаид, ахæм æртæ ивæзны дæргъæн хæтæл. Дæргъи йын йæ иу кæрон сæхгæдта, йæ фарсыл ын цъиуы цæсты йас хуынкъ сарæзта æмæ йæ дæс æмæ ссæдз лæппуйæн бæрзонд цæлхытыл сæвæрын кодта, афтæмæй йæ гæрæны фаллаг фарс бамбæрзта. Фæлæ йæ Дзорс уæддæр федта...

Дзæцъу йæхæдæг систа æфсæн хæтæлы хуымпыр æмæ райгом кодта бæрзонд цæлхытæ. Челæхсæртæг æй куы ауыдта, уæд сæццæйæ аззади. Стæй хæтæлы лæгъз фæрстæ адаудта æмæ йын йæ сау-сауид хуылфмæ ныккасти. Дыууæ цалхы ’хсæн зæххыл сауæрттывд цы сау къори кодта, уый йæ къахæй бакъуырдта æмæ куынæ фенкъуыст, уæд базыдта, уый дæр æфсæйнаг кæй уыд. «Ацы дæлимон та мæ уды бабырыд æмæ мын мæ бæллиц æцæгдзинад фестын кодта!» — Дзæцъумæ аивæй бакасти, мæ хъуыдытæ мын ма базона, зæгъгæ.

— Уыцы хотыхæн йæ ныв фыццаджы-фыццаг февзæрди Лæгъзайы хъуыдыты. Дзæцъу æмæ Дæргъи та йæ цардæгас фестын кодтой, — йæ хъуыды йын йæ сæрæй фелвæста дæлимон.

Хæтæлы хуылфыл сау къорийы абарста æмæ йын йæ тых анымадта, фæлæ уæддæр афарста:

— Куыд архайдзæн æмæ йæ тых цас уыдзæн?

— Иллитт-биллитт, Мард хохы цъупмæ йæ стулдзыстæм. Мæнæ йын йæ къори дæр йемæ схæсдзыстæм. Цæмæй, рахуыфгæйæ, йæхæдæг дæр йæ арты фæдыл ма атæха, уый тыххæй йæ зæхмæ нывдуздзыстæм. Цæндийы сау-сауид хос ын йæ хæтæлы ауадздзыстæм, сампалæй йæ æрнæмдзыстæм. Стæй дзы къори ныппардзыстæм æмæ йæ уæлейæ æрæхгæндзыстæм. Куы сцæттæ уа, уæд Лæг? за бадзурдзæн Хурзæринмæ: «Уæ, Хурзæрин, дæ сау рæхыстæ дын сисдзыстæм æмæ мын мæ мæсыгæй дæхицæн æхсæвиуатгæнæн сараз! Кæд ком ратта æмæ-иу райсомæй изæрмæ Лæгъзайы амынд фæндагыл фæцæуа, уæд хорз! Кæннод мæнæ уыцы лыстæг хуынкъыл арт сдардзыстæм! Стæй, иллитт-биллитт, Цæндийы сау-сауид хос арты пиллон фестдзæн, хæтæлы ныддымсдзæн, æмæ æддæмæ ратæхæн фæндаг агургæйæ сау-сауид къори зынг фестын кæндзæн, афтæмæй йæ рахæсдзæн йæ разæй. Елиатæ æмæ Уациллатæ цы сты! Цыма зæхх йæ тæккæ æмбисыл афаст, кæнæ арв æмæ зæхх кæрæдзи ныкъкъæрцц ластой, ахæм гуыпп фæцæудзæн æмæ хæтæлы дзых арвы рæхысау ферттивдзæн. Къори сыф-сыф æмæ æхситгæнгæ тæхдзæн æмæ йæ фæдыл ахæм рухс фæуадздзæн, цыма уæларвæй стъалы рахаудта... Сырхзынг къори уромæг тых нæй, иллитт-биллитт!

— Кæдæм фæтæхдзæн?

— Цалынмæ ныууазал уа, уалынмæ. Уазал та йæ бакæндзæн, цæуыл баныдзæва, уый. Челæхсæртæг цардæгасæй ауыдта, Хурзæринæн йæ туг куыд калд æмæ йæ уд куыд иста, уый æмæ йын кæд йæхимидæг фæтæригъæд кодта, уæддæр загъта:

— Де ’вварс чи нæ уа, уый де знаг у, æмæ йæ цас тагъддæр фесафай, уыйас хуыздæр!

— Иллитт-биллитт, и-хи-хи! — лыстæг худт бакодта Дзæцъу æмæ та йæ фырт Хъуызайы марæджы мыггагæй иуцалдæры Сау цъыззы цъасмæ кæй барвыстаид, ууыл цин кæнгæйæ Челæхсæртæгимæ куырдадзæй рахызти.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.