Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





XIV. НÆСÆТТОНТЫ ТАЛЫНГ КЪУЫМ



XIV. НÆСÆТТОНТЫ ТАЛЫНГ КЪУЫМ

Æхсæртæг æмæ Хазби бахаудтой тынг зын уавæры, уымæн æмæ, Черменитæ куыд æнхъæлдтой, афтæ нæ рауад хъуыддаг. Хъахъхъæнджыты раивынмæ Хурзæрин ахст кæм уыд, уый базонын дæр нæ бафтыдй сæ къухы. «Сослан хъахъхъæнджыты сæ бынæттæй систа, фæлæ нæ дыууæ Æхсæртæг куыд кæндзыстæм, не ’вварс чи рахæца, ахæмтæй нæсæрмæ куы ничи ис, уæд?» — сагъæс кодта Хазби.

Хурзæрин кæд уацары уыд, уæддæр йæ ахуыр нæ уагъта æмæ-иу æрвылхатт, йе скæсыны афон йæ дзыккутæ æрфаста, йæхи-иу адзæбæхтæ кодта æмæ-иу дунемæ бахудтис. Йæ зæрин тынтæ-иу, йæ къæхты сау рæхыстимæ архайгæйæ дæр фæпырх сты, фæлæ-иу ын йæ сæумæрайсомы бахудт та Хазби базыдта, рухсы æрттиваг цæджындзæй сахар æмвæтæнæй кæй ракарста, уымæй. Уæд-иу Хазби базыдта, талынг хъоргъы бадгæйæ та йыл ноджы иу бон æмæ иу æхсæв кæй аивгъуыдта. Бон æмæ æхсæвæн та сæ уæрх æмæ сæ дæргъ барста уæлион нымадæй, йæ къухы æнгуылдзтыл, кæнæ йæ цæстыты иугъæдон ныкъуылдæй... Æртæ мины æмæ-иу æхсæзсæдæ куы банымадта, уæд-иу базыдта, иу сахат та кæй аивгъуыдта. Æртæ мины æмæ æхсæзсæдæ-иу цыппар æмæ ссæдз хатты куы банымадта, уæд та-иу базыдта, бон æмæ æхсæв кæй аивгъуыдтой. Æмæ та-иу хъоргъы къулыл тигъджын дурæй æруагъта карды лыджы хуызæн хахх. Кæд талынг хъоргъы бадын, уæддæр бынтон сæфт нæ дæн æмæ рæстæг нымайын зонын, зæгъгæ-иу фырцинæй уæларвмæ фæцыд æмæ-иу цыппар къулы ’хсæн зарæг самыдта: «Хурзæрин, кæмдæриддæр дæ, уырдыгæй ардæм дын дæ зæрдæйы цавд хъусын, æмæ мын мæ богътæ, æвæццæгæн, ды дæр хъусдзынæ! Нæ дыууæйыл дæр æвæрд и сау рæхыстæ, дун-дунемæ нæ акæсын нæ уадзынц, фæлæ фæраздзыстæм. Фидар лæуу, нæ сыгъзæрин мад, хурхортæ дæм æдзух лæбурдтой, фæлæ сын дæ бахæрын нæ бантыст æмæ сын нæ бантысдзæн! Æтт, нæ сыгъзæрин мад, талынджы бадын æмæ цыппар къулæй ницы уынын, фæлæ дын ардыгæй æмбарын дæ уды хъарм æмæ дын нымайын дæ зæрдæйы цавд!»

Уæлион нымадæй ма бон æмæ æхсæвæй баззади фондз сахаты бæрц, фæлæ Сосланитæй бæрæг нæ уыд, æмæ стыхсти Хазби. Æхсæртæг æнцад бадт æмæ ницы дзырдта. Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу Сосланиты куы базыдтаиккой, уæд ардæм дæр æрбайхъуыстаид сæ хъæлæба. Санибайаг лæппу æмæ Уырызмæг зонынц Лæгъзаиты хин митæ æмæ нæ фæсайды уыдзысты. Уæдæ лæгæй-лæгмæ та Сосланыл тых ничи фæуыдзæн. Уæдæ, цæуылнæ зынынц нырмæ? Фондз сахаты ницы сты. Айнæгыл дæ чъылдым бавæр, афтæмæй анымай фондз хатты æртæ мины æмæ æхсæзсæдæйы. Стæй æрбацæудзысты ног хъахъхъæнджытæ, раивдзысты сæ æмæсæ арвитдзысты сахармæ. Тæккæ æвзæрдæр та у, обæуттæ ногæй хæстонты къухы кæй бафтдзысты æмæ уæртæ чысыл хатæны, Лæгъза мард цы хъахъхъæнджыты æнхъæлы, уыдонæн семæ Дзæбу кæй бады. Сантар, Зæнджи, Саухъус æмæ се ’ртæ æмбалы Лæгъза æгас æнхъæл нал у, фæлæ Дзæбу нырма абæстыл ис, æмæ йæ хъуамæ феной. Хъуыдыйаг ын уыдис æфсæн хызты хъуыддаг дæр. Се схæцынæн хъуыди стыр тых, сæ дыууæйæ та Сосланы бæрц тых никæмæ уыд. Æппæты стырдæр фыдбылыз та уыд, Хæмыц дуар кæй саста æмæ йæ хъæрæй дæлдзæхы къуымтæ йæ сæрыл кæй иста, уый. Дзæбуйы бынат чи бацахста, уый йæм бацæудзæн æмæ йæ бафæрсдзæн, æнæном нæсæттон, дæ хурхы сæртæ цæуыл скъуыныс? Хæмыц иу цæфæн æфсæн дуар фæгæлир кæндзæн æмæ ныссиддзæн: æнæном нæсæттон нæ дæн, Æртыккаг дунейы иузæрдыг хъæбул Дзоко дæн, ацы талынг хъоргъы мæ цавæрдæр Уырызмæджы бæсты ауагътой, зæгъгæ. Уый фæстæ цы æрцыдаид, уый йæ цæсты раз æрбалæууыд Хазбийæн æмæ нал бабыхста:

— Æхсæртæг, рухсы цæджындзы ферттивдмæ фондз сахаты дæр нал баззади.

— Сахат та цы у, Хазби? — æнæхинæй йæм фæкаст Æхсæртæг.

— Сахат у рæстæджы кæрдих... Хурзæрины иу къæртт...

— Хурзæрины иу къæртт?.. Уæдæ нын Хурзæрин йæ сызгъæрин къæрттытæ нæ сæрыл калы æмæ нæ уыдонæй хæссы, Хазби?

— Хæссы нæ, Æхсæртæг, фæлæ Челæхсæртæджы хуызæттæ сты æнæфсис æмæ йын йæхи æнæхъæнæй бахæрынмæ хъавынц.

— Цæйас у Хурзæрины иу къæртт, Хазби?

— Цæйас у, уый абæстыл ничиуал зоны, фæлæ уæлион нымадæй у, ды де ’фсымæр Æхсарæй куы фæхицæн дæ, уæд дæ фурды былæй Донбенттырты галуанмæ ныццæуынæн цас рæстæг бахъуыд, уыйас.

— Уæдæ бирæ нал баззад, æмæ ног хъахъхъæнджыты æрбацыдмæ, нæ сæрмæ чи лæууы, уыдон куынæ сисæм æмæ сын сæ бынæтты нæсæттонты куынæ бауромæм, уæд ныл, чи зоны, нæ рæстæг иууылдæр батайа.

— Куыд сæ сисæм? Дыууæ йеддæмæ не стæм. Æфсæн хызтыл уæлæмæ схæцынæн та хъæуы Сосланы тых.

— Кæд нæ дыууæйы тыхтæ не сфаг уой, уæд æфсæн хызты бын фæйнæ æртæ нæсæттоны бауромдзыстæм æмæ-иу нын феххуыс кæндзысты. Æртыккаг дунейы хъахъхъæнджытæй ардæм чи æрбацæуа, уыдон иууылдæр хъуамæ сбадой хъоргъыты, æмæ сахармæ бацæуой нæсæттонтæ...

Æхсæртæгæн хъоргъытæ уыдысты нымад æмæ зыдта, кæм дзы чи бадтис, уый. Нæсæттонтæн сæ дуæрттæ уыдысты гом, хъахъхъæнджытæн та æхгæд æмæ фæдис куы ныхъхъæр кæна, уæд йæхионтæ æддæмæ рабырсдзысты. Æнæхсад æмæ чъизийы æвдылд ахстытæ йæ алыварс æрбатыгуыр уыдзысты æмæ кæрæдзимæ æлхъывд фæлахс цæсгæмтты бур-бурид денджызæй стъалытау æрттивдзысты æнхъæлцау цæстытæ. Æхсæртæг сыл йæ цæст ахæсдзæн æмæ сын зæгъдзæн комкоммæ: не ’ппæт дæр стæм нæ сызгъæрин мады фæйнæ къæртты, æмæ нын хурхортæ уый куы бахæрой, уæд мах дæр бамынæг уыдзыстæм. Хурхорты кæлæйнаг хотыхы ныхмæ афтидкъухæй цæуын зын у, фæлæ ныртæккæ хуыздæр амал нæй, æмæ æхсыры цады йæхи найын кæй нæ фæнды, уый мæ фæдыл рацæуæд!.. Æфсæн хызтæй уæлæмæ схиздзысты, хъахъхъæнджытæн се згъæртæ раласдзысты, сæ хотыхтæ сын байсдзысты æмæ сæ бæгънæджытæй дæлхызмæ ауадздзысты. Стыр кулдуарыл сæхи ныццæвдзысты æмæ куыддæр Раст уынгмæ бахизой, афтæ дæлимонтæ сæ сæрмæ холыхор цъиахтау схъомпал уыдзысты. Сахары сæйраг кулдуарæй та Челæхсæртæджы бæхджынтæ рагæр-гæр кæндзысты, афтидкъух нæсæттонтыл ныккаддзысты фат æмæ нæмыг, Санибайаг лæппуйы арæзт топпыхосæй сын сæ цæуæн фæндæгтæ срæмудздзысты æмæ Æхсæртæгæн йæ ныфс куы асæтта, уæд йæ хъæлæсыдзаг фæбогъ кæндзæн: О, Хурзæрин! О, нæ мад! Цæмæн дæ хъæуы хæрзиуæг, фыдракæндыл куынæ фæтых уа, уæд? Суадз дæ зæрин тынтæ æмæ дон фестын кæн се ’ппæты дæр. Уый дæм сиды Нарты Æхсæртæг, йе ’дылы зондæй йæ фаззон æфсымæры йæхи къухæй чи амардта æмæ дун-дунейыл фыццаг фыдракæндæн сæр чи сæвæрдта, уый!.. Хурзæрин йæ цæссыгтæ згъалгæ æркæсдзæни хæрзиуæг æмæ фыдракæнды хæстмæ æмæ хæрзиуæджы фæстаг хæстон куы æрхауа, уæд ныддодой кæндзæни, фыдракæнды дуне мæ цæмæн хъæуы, зæгъгæ, æмæ йæ зæрин дзыккутæ æртондзæни. Дзыккутæ фыдракæнды дунейыл зынг æмæ арт байтаудзысты. Æхсидгæ зæй цæлхъцæлхъгæнгæ æмæ сыфсыфгæнгæ цæудзæн æмæ йæ сырх-сырхид æвзагæй сдæрдзæн зæххы цъар. Йæ зæрин уылæнты-иу ферттивдзысты адæймæгты сæргæхцытæ цæстыты сау-сауид къуырфытимæ, цонджы стджытæ се ’нгуылдзты змæлдимæ, рагъыстджытæ сæ хъулты уырынгтимæ... Хурзæринæн йæ бон нал бауыдзæн дун-дунеты сæфтмæ кæсын æмæ йæхæдæг дæр зынджы хай фæуыдзæн, йæ пиллон калгæ дæлгоммæ ныххаудзæн. Æмæ æппæтæн æрцæудзæн кæрон...

— Æхсæртæг, «базондзынæн», зæгъгæ, куы дзурыс, уæд мæн ницæуыл нымайыс? — загъта Хазби.

— Дæ бæрц лæгдзинад мæм куы разындаид, уæд æз дæр талынг хъоргъы бадтаин. Ды сахармæ фæндагамонæгæй хъуамæ ацæуай, мæн Лæгъза æмæ Дзæцъу базондзысты. Хорз уаид, хъахъхъæнджыты иууылдæр нæсæттонтæй куы баивиккам æмæ сахар нæхионтæй куы байдзаг кæниккам, фæлæ уый нæ къухы нæ бафтдзæн. Куыдфæнды фæуæд, уæддæр хъоргъытæ нæ къухы хъуамæ уой!

Æхсæртæг Дзæбуйы чысыл хатæнæй радгай ракодта. Зæнджи æмæ Саухъуситы, систа сын се ’взистхуыз згъæртæ, раласта сын сæ къахыдарæс, сæ фæсмын зæнгæйттæ, сæ хæлæфтæ, сæ куырæттæ æмæ сæ мадардæй куы фæуагъта, уæд сæм йæ сæр бакъул кодта: ныббарут мын, кæй уæ ныггом кодтон, уый тыххæй. Æртыккаг дунейы амондджын цард афтæ æрдомдта! Йæхи згъæр иу фидæрттæ конд нæсæттоныл скодта æмæ авд лæгæн сæ фадыварцмæ куы æркаст, уæд сæ афæдзæхста:

— Дис мацæуыл фæкæнут! Уæ сæрзæнттæ уæ ныхтыл арф æрсадзут æмæ комкоммæ макæмæ бакæсут. Сахармæ куы баивæрзат, уæд фыццаджы-фыццаг цæудзыстут дыууæ æвзистхуыз рæнхъы æхсæпты æмæ уæ ма ферох уæд: уый дыууæ арты æхсæнты цæуынæй хъауджыдæр нæу! Уæ зæрдыл уæлдай тынгдæр бадарут Дзахайы фынджы кæлæнтæ! Йæхæдæг холыхор сау халон у, фæлæ булæмæргъау зары. Комкоммæ йæм ма бакæсут, кæннод уе ’муд нал æрцæудзыстут, афтæмæй æхсыры цады февзæрдзыстут. Уæхи-иу афтæ равдисут, цыма хойраг æмæ нозтæй йе ’мыдзаг фынджы уæлхъус бадут æмæ карз ронджы фæстæ ацаходæн къæбæр агурут. Дзаха уæ хынцдзæн сæрсæргæнаг бæгæны æмæ карз ронгæй, æмæ уæ зæрдыл дарут, нозт расыг кæнынæн кæй у! Æхсыры цадæй уын уæддæр фервæзæн нæй йæ кæлæнтæн та æрыхсæн ис æрмæст ноггæнæн донæй, кæнæ та хи тугæй. Кæд ноггæнæн донмæ фæндаг ссарат, уæд уæ хъул сах абаддзæн. Кæннод-иу уæ зæрдæтæ фестæнт уазал æндоны къæрттытæ, æмæ-иу уæ удтæ бацæттæ кæнут судзаг рис æвзарынмæ! — йæ цæсгомыл йæ къух æруагъта æмæ нæсæттонтæн сæ даргъ боцъотæ се згъæрты æфцæггæтты нытътъыста.

Хазби иннæ ахстыты хъоргъытæй рауагъта, фæндзгæйтæй сæ æфсæн хызтыл байуæрста æмæ сæ бафæдзæхста: хызтæ иууылдæр сты гом æмæ сыл хæрдмæ схæцын йеддæмæ ницы хъæуы. Куыддæр æрвнæрды гæрах фехъусат, афтæ сыл уæхи ныццæвут, æртыгæйттæй сыл уæлæмæ схæцут, дыгæйттæй та кæнут згъæрджын хъахъхъæнджыты дæлæмæ калыны куыст, æмæ сын сæ бынæттæ нæхионтæ куы бацахсой, уæд сæ æнæхъæлæбайæ æруадзут.

Хазби хъыримагæй дзæгъæл æхст фæкодта. Гæрах талынг къуымты куы ныййазæлыд, уæд Хæмыц тымбылкъухæй æфсæндуар ныццавта æмæ ныхъхъæр ласта: Лæгъза æмæ Дзæцъу, цы фестут, кæм бафынæй стут!.. Уалынмæ æфсæн хызтæ фæзыхъхъыр кодтой, уæллаг хъахъхъæнджыты цæстыныкъуылдмæ дæлæмæ æркалдтой æмæ сын сæ бынæттæ бацахстой.

Рухсы сызгъæрин цæджындз куы æрбазылдис, уæд Æхсæртæг Хазбийæн йæ цæстæй ацамыдта, уæлæмæ схиз æмæ нæхионтимæ сахармæ бацу, зæгъгæ, фæлæ уый йæ сæр банкъуыста.

— Нæ, Æхсæртæг, æз дæу ацы зындоны иунæгæй нæ ныууадздзынæн! Сосланитæм иумæ банхъæлмæ кæсæм æмæ кæд сæфæм, уæд — иумæ!

Æхсæртæг Хазбийы æнæдаст русыл йæ арм æруагъта æмæ, уæле кæрæдзи чи ивта, уыдонмæ ныхъхъуыста, стæй Хæмыцмæ ацамыдта:

— Уæдмæ кæд дæлæ лæппу дæр æрæрвонг уаид! Уæд фæфылдæр уыдзыстæм!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.