Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





X. ЦЫ ÆРЦЫДИ НÆСÆТТОНТЫ КЪУЫМЫ



X. ЦЫ ÆРЦЫДИ НÆСÆТТОНТЫ КЪУЫМЫ

Æфсæн хызы бын бамыр сты. Згъæрджын хъахъхъæнæг обауы цур цавддурау лæууыд. Хазби йе ’мбæлттыл схизæны ’рдæм бахæцыд, цæмæй сæ уæлейæ мачи фæфиппайдтаид.

— Нæсæттонтæ хъæлæба кæй кæнынц, уый хорз у, — загъта уый.

— Цæмæй? — афарста йæ Сослан.

— Дæ фæринкæй мын мæ дуары гуыдыр куы æрдаудтай, уæд æй уыцы хъæлæбайы ничи фехъуыста.

— Нал бахъæудзæн дæ фæринкæй гуыдыртæ лыг кæнын! — загъта Æхсæртæг.

— Уæдæ дуæрттæ куыд бакæндзыстæм? — сусæгæй афарста Чермен.

— Дæгъæлтæ иууылдæр сты Дзæбумæ.

— Уæдæ, нæ хъул сах абадт, Æхсæртæг!

— Æфсæн хызтæ сисын ма нын куынæ фæзын уаид, уæд нæ хъул æцæг абадид сах.

— Æмæ фаллаг хызæй уæлæ уыцы хыз фидардæр у?

— Фидардæр нæу, фæлæ йæ срæдувын хъæуы æнæсыбырттæй. Цæндийы фæдæлхыз кæнын хъæуы, йæ бынаты йын уайтагъд æндæр искæй куыд авæрæм, афтæ, — загъта Хазби.

— Цыдæр хъуаг ма стæм! — фæгуырысхо ис Чермен.

— Цы хъуаг ма стæм, уый уын зæгъдзынæн. Хазби йæ бынатмæ баздæхæд æмæ Цæндийы ныхæстыл дарæд! Чермен та хъоргъытыл азилæд æмæ сын сæ цæрджыты бафæдзæхсæд, цæмæй æфсæн дуæрттæ тыхджындæр цæвой æмæ сæ хурхысæртæй хъæрахст кæной! Уæдмæ æз æмæ мæнæ лæппу та архайдзыстæм æфсæн хызтимæ, — Сосланмæ йæ къухæй ацамыдта Æхсæртæг.

Сослан æмæ Æхсæртæг уæрмы къулаив дурастæрдыл суадысты æмæ æргъæу тигъы бын æрныгъуылдысты. Æвиппайды Нæсæттонты къуым афтæ ныхъхъус ис, цыма исчи алæмæты старц фæхъил кодта æмæ ардыгæттæ уый цæхæркалдмæ фемдзаст сты. Сосланæн фырдисæй йæ цæстытæ ирдæй аззадысты. Æхсæртæджы афæрсынмæ хъавыд,’ ай цы диссаг у, æвиллон гыбар-гыбур афтæ æвиппайды цæмæн фæсыкк и, зæгъгæ, фæлæ уалынмæ фыццаг хъоргъæй æрбайхъуысти, суанг йæ зæрдæйы бынмæ чи бацамыдтаид Сосланæн, фæлæ уый хуызæн удæй цæуæг зарæг никуы фехъуыста æмæ дзы айрох, ардæм цæй тыххæй æрбацыд, уый. Зарæггæнæгæн-иу хатт йæ хъæлæс афтæ фегуыппæг, цыма йын исчи йæ уд фелвæста. Стæй-иу æй суагъта, парахатæй-иу сабухта, ивылд дон куыд сабухы, афтæ, æмæ-иу йæ фæдисы зæлтæй хъоргъы къултæ ныддыз-дыз кодтой.

Зарæг дуры гуыбыны батад æмæ Сосланæн йæ зæрдæ сдудыдта. Алфамбылай мæрдон æмыр ацис. Стæй Цæнди батæлфыд. «Ай мæнæ, æрдæбон кæм фæдæлдзæх стæм, уырдæм куы æрбацыдыстæм. Æфсæн дуар йæ бынаты сæвæрдтой æмæ йæ сæхгæдтой. Саухъусы обауы цур æндæр хъахъхъæнæг ис. Сæхицæн æнцад æрбадтысты». Обауæн йæ фаллаг кæронæй хъуысти Хазбийы зарæг. «Æвæдза, лæг обауы аууæтты куы бауаид, уæд æй ничи фæфиппаид. Кæд ма уæртæ уыцы ныллæг агъуыстæй ничи кæсы, уæд нæ хъул сах абаддзæн!»

Цæнди йæ мидбынаты афтæ тæлфыд, цыма митыл лæууынæй йæ къæхтæ басыдысты æмæ сæ змæлынæй хъарм кодта. Зарæг кæцæй хъуыст, уырдæм-иу йе уæхсчы сæрты фæкаст æмæ-иу андзыг и. Зарæджы буц зæлтæ йын йæ хъуыдыты æртхутæгыл уддзæфау радымдтой æмæ йæ зынг разынди. Зынг пиллон нæ калы, фæлæ йыл уддзæф куы радымы, уæд срухс кæны талынг къуымтæ. Цæнди ныртæккæ дыууæ дихы фæцис æмæ йе ’мбистæй чи кæцы уыд, уый нал зыдта. Йæ иу дих скодта æвзистхуыз згъæр, йæ сæрыл æрсагъта сæрзæнт, афтæмæй лæууыд обауы цур. Фæндыдис æй фæстæмæ фæкæсын, хурмæ скæсын, цæмæй йе ’ннæ дихы ссардтаид æмæ йæм фæсидтаид, кæм баззадтæ, рохуаты дунейы мæ иунæгæй цæмæн ныууагътай, зæгъгæ. Фæлæ æртхутæгæй байдзаг сты йæ цæстытæ, йæ хъустæ, йæ уд, йæ зæрдæ æмæ ницы уыдта, ницы хъуыста. Хазбийы зарæг ын хатт йæ уды сындзæхгæд рудзынг фегом кæны. Уæд йæ цæсты раз ферттивы, йæ фыццаг дих æддзæбуг хъæсдарæджы уæлхъус кæм лæууы, ахæм куырдадз. Йæ хæдон раласта, йæ хурсыгъд буарыл хид лæдæрсы, афтæмæй цæгъды æфсæйнаг æмæ хъæсдарæг, сыгъдæг хъæлæсæй зары: «Уæ-уой, Саниба, уæ куывд уал фæуадзут æмæ уæ къухтæм дзæбидыры сыкъаты бæсты сисут кæрдтæ! Кæннод Дыууæ доны астæумæ афоныл куынæ бацæуат, уæд тыхгæнæг бамынæг кæндзæн дыууадæс лæппуйы зынг! Цы мад ма ныййардзæн Алыккаты цæхæрцæст Хазбийы хуызæн лæппутæ! Æ, гормон, Ирыстон, æнæуый дæр чысыл куы дæ, уæд дын куыд æнтысынц мæлынæн Хазби æмæ сидзæр Гæбæт?..»

Хазби æмæ сидзæр Гæбæт?.. Чи сты уыдон та, кæм сыл фембæлд, кæм фехъуыста уыцы зарæг?.. Цæндийæн иу ран лæууын йæ бон куынæуал бацис, уæд фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта æмæ обауы аууæтты Хазбийы хъоргъы ’рдæм ацыд.

Сослан исдуг афтæ фенхъæлдта, бацæудзæн æмæ Хазбийæн зæгъдзæн, ныхъхъус у, Æртыккаг дунейы дæ зарæг нæ рауад. Обау куыд ныллæгдæр кодта, афтæ Цæнди йæ сæрыл дæлæмæ хæцыд æмæ-иу хатт фалæмæ акаст.

— Ома, зарæг бамынæг кæнынмæ цæуы? — сцымыдис Сослан.

— Уæд æмбæхсгæ нал кæнид! Иугæр æмбæхсы, уæд йе ’хсыры цады æмгъуыд æрцыд æмæ йæхи амондджы;: нал хаты, — загъта Сантар.

— Йæхи йæм ноджы æввахсдæр баласта!..

— Иугæр æм зарæг бахъардта, уæд амондджын нал у. Лæгъза æмæ Дзæцъу йæ куы базониккой, уæд ын Сау цъыззы цъас фенын кæниккой!

— Сау цъыззы цъас та кæм ис?

— Уæртæ нæ ды цы хуынкъæй раирвæзын кодтай, уымæн йæ тæккæ астæу ис Сарыхъæрзæн, Сарыхъæрзæны бын та Сау цъыззы цъас...

Цæнди обауы цур гуыбырæй лæууыд æмæ фæйнæрдæм ракæс-бакæс кодта. Æвиппайды æфсæн хызы зыхъхъырæй цыдæр ферттывта, фæлæ цы уыдис, уый нæ бафиппайдта Сослан. Цæндийы тæккæ фындзы раз та ногæй цыдæр ферттывта. Хазби йæ уæгъд куы нæ суагъта йæ ныхас æмæ йæ сайæн митæй, уæд йæ хъыримаг иуварс авæрдта æмæ йæ зонгуытыл алæууыд. Йæ галиу къух хызы зыхъхъырæй дæлæмæ нытътъыста, йæ цæсгом æм æввахс æрхаста. Чысыл фæстæдæр йæхиуыл рахæцыд, фæлæ хызæй йæхи стонын йæ бон нæ бацис. Сослан уайтагъд фæхатыд, Хазби йæ цонг зыхъхъырæй уæлæмæ кæй стъыста, Цæндийы бæрзæйыл æй кæй æртыхта æмæ йæ хызмæ кæй нылхъывта. Йæ сæрæй ахст гæдыйау йæ сынæг батылдта. Куыддæр фæдис ныхъхъæр кæнынвæнд скодта, афтæ хъоргъытæй ахæм гыбар-гыбур сыхъуыст, цыма арв нæргæ-нæрын дæлæмæ æрхауд.

— Ардæм æй æрбахæссын хъæуы! Кæннод ыл Хъобайнаг лæппу кæдмæ хæцдзæн! — загъта Сослан æмæ хызы астæуккаг цæгмæ йæ тахъайы цъупп фæцарæзта.

— Дыууæрдыгæй йыл схæцæм æмæ йæ афтæмæй срæдувæм! — Æхсæртæг хызы кæронмæ йæ чъылдым фæбыцæу кодта æмæ йын йæ уазал къæс-къæс куы суагъта, уæд Сослан фæджихау.

— Стыр тых дæм ис, фæлæ хыз срæдувынæн дыууæ лæджы ницæмæн хъæуы. Тары фырт Мукара йе уæхсчытыл денджызы цæм куы систа, уæд мæнæн иу æфсæн хыз срæдувын æнхъæл нæ дæ?

Æвдузæнтæ ныкъкъæдз-мæдзтæ сты. Сослан йæ тахъайы бырынкъ цы æвдузæнмæ фæцарæзта, уый аскъуыд æмæ йæ гуыпп зæххы бын афтиды анæрыд. Хыз уæлæмæ схæмпус, кæройнаг æвдузæнтæ ныкъкъæрццытæ кодтой.

— Бæдæйнаг, Сантар, хорз схæцыдтæ! Ныр хыз фæуром, æз Цæндийы ардæм æрбадавдзынæн æмæ ды та йæ бынаты слæуу! Кæннод дæу йеддæмæ ардыгон згъæр никæуыл ис! — загъта Сослан.

Сослан уæлæмæ сгæпп ласта æмæ обауы фæрсты ба уад. Цæндийы Хазбийы къухæй суæгъд кодта, йæ къухæй йын йæ дзых нылхъывта, афтæмæй йæ рахаста æмæ йæ хызы бын фæкодта.

— Схиз ныр уæлæмæ æмæ йын йе ’фсæн лæдзæг сис! — загъта Сантарæн.

Сантар-Æхсæртæг уæлæмæ сгæпп ласта, Цæндийы хъыримаг фелвæста æмæ йын йæ бынат ацахста. Куыддæр Цæнди Сосланы къухæй феуæгъд, афтæ асиныл дæлæмæ ныссыллынк ласта æмæ ныхъхъæр кодта:

— Кæм дæ, Дзæбу, Æртыккаг дуне нæ сæрыл кæлы! — Хазби æмæ Чермены куы ауыдта, уæд йе згъæры дæлчъилæй фатгард фелвæста æмæ сæм йæхи баскъæрдта. Чермен иуварс агæпп ласта, йæ фæсчъылдым февзæрд æмæ йын йæ хъуырыл йæ цæнгтæ æрбатыхта, фæлæ Цæнди фæцъелф ласта æмæ йæ фатгард ногæй ныззылдта. Сослан ын йæ габазыл фæхæцыд æмæ йæ Хазбийы хъоргъы ныррæцыгъта.

— Æнаккаг цыдæр, дæ хицæутты азар дæ сæрыл куы кæлы, уæд ма кæфау цы цъелфытæ кæныс? — дуар ыл рахгæдта, фæлæ йыл ричъи куы æвæрдта, уæд Цæнди йæ бæрзæй зыхъхъыры мидæг батъыста æмæ уынгæг хъæлæсæй фæбогъ ласта:

— Мæ хурх мын балхъив! Кæннод удæгас куы баззайон, уæд дыл мæ туджы цъыртт бапырх уыдзæн!

Сослан дуар æддæмæ рариуыгъта, фæлæ йæ Цæнди не суагъта. Дыккаг хатт æй ратъæпп кодта, фæлæ Цæндийы дыууæ къухы йæ хæцæныл бахсыстысты. Куыддæр дуар фегом, афтæ Цæнди дæр йæ фæдыл расхъиудта æмæ айнæгыл йæ дзæхст фæцыд.

Фæгæпп ласта уаллонау, йæхи сивæзта æмæ йæ къухтæ уæлæмæ сдардта, афтæмæй йæ мидбынаты ныззылди. Сослан æмæ Чермен æм фæцæйцыдысты, фæлæ сыл Хазби фæхъæр ласта:

— Йæхи бар æй ныууадзут!

Цæцди йæ къухтæ тилгæ зылди, схъиудта, йæ хурхысæртæй хъæр кодта, йæ комыфынк калди:

— Мæ уды ныхмæ лæууын мæ ма бауадзут! Уд мæ фыдызнаг у æмæ мын мæ сæрибар цард змæнты йæ хъæстæ бырынкъæй. Тæфтыл мæм ма æрбацæуæд, кæннод мын мæ хъуыдыйы маргджын кæлмытæ мæ сæры тенка сыхырна фестын кæндзысты æмæ сæ цъаммар сæртæ хуынчъытæй радардзысты æмæ мæ бафæрсдзысты: алæ-ма, Хъаныхъуаты сидзæр Гæбæт, арвæй Хурзæрины куы æрсайдтой, уæд ды цы ми кодтай? Мæхæдæг дæр маргджын калм дæн æмæ ницы зонын мæ гуыбыны цъарыл хилыны йеддæмæ. Раттут мын æхсыры цад, цæмæй мæ буары хæрвæн райсом йæ къæрттытæ цыллæ гобаныл æрызгъæлой æмæ ссæрибар уон. Раттут мын æхсыры цад æмæ мыл бафтаут мæрдырох! Раттут мын æхсыры цад æмæ мæ фервæзын кæнут фыдфынтæй! Æхсыры цад! Æхсыры цад! Æхсыры цад! — уæлгоммæ ахауд Цæнди, æмæ йыл Сослан схæцыд, фæлæ йæ Хазби фæурæдта:

— Ныууадз мæгуыр лæппуйы, Сослан!

Цæнди йæ сæрзæнт фелвæста, йе згъæр раласта, хуысгæйæ сæ фехста æмæ сын сæ дзыгъал-мыгъул сау айнæгыл ныммардта.

— Мæ хъомпал хъуыдытимæ Æртыккаг дунейы хæстонæн нал сбæздзынæн. Нал мæ хъæуынц згъæр æмæ сæрзæнт. Мæхи нал хъахъхъæнын Æртыккаг дунейы хуры тынтæй. Нымудзæг нæ уыдтæн, мæ къæдзил куыдзау никæмæ тылдтон, æвзагхæссæггаг мызд нæ истон. Искæйтау мæхицæн сусæгæй холлагæй йедзаг бæлæгъ нæ дардтон. Мæ фыдыл гадзрахатæй нæ рацыдтæн, йæ сæр ын мыдадзæй сæрст цæджы нæ атъыстон. Æнæууæнчы бындурыл ме ’фсымæры чъылдымырдыгæй нæ ныццавтон кардæй. Мæ хоты стыр ирæдыл нæ баивтон, мæ хæлæртты нæ сайдтон æмæ се ’хсæн гæды митæ нæ кодтон. Мæ сыхæгты кæрæдзийыл нæ сардыдтон, фæлæ сын ныфсы мæсыг дæр нæ басгуыхтæн. Уарзтон куырдадзы архайын, хъæсдарæджы сыгъдæг зæллангмæ хъусын, сырхзынг æфсæйнаджы хуызтæм кæсын, лæгдзинадыл зарын æмæ хъазты зылды чызджыты уæнгты фидыдмæ сусæгæй кæсын. Зарæг адæймаджы бафынæй кæны, кæнæ та йын йæ къухмæ ратты хотых. Зарæг хæрз чысыл æмгъуыдмæ адæймаджы æрбаздахы, кæцæй ацыд, уырдæм. Йæ талынг уды йын ныппары, кæддæр цы фесæфта, уый. Хъыг мын уыди, нæ дзыллæ ахæм стыр хотыхæй кæй нæ пайда кодта, уый. Зарæгæн куывтон, нæ адæмы дзыхæй-иу кæм стахт æмæ-иу Иры зынгæ лæппутыл куы нæрыд, уæд. Кæрæдзимæ кардæй лæбурæг дыууæ лæджы ’хсæн мæнæй раздæр ничи бацыдаид. Табу кодтон нæ Иры стыр фарн æмæ æгъдауæн...

Цæнди ныффæлурс æмæ йæ бон дзурын нал уыдис, фæлæ йæ къухтæ тылдта, фесхъиудта-иу:

— Инæлар Абхадз Хъобангонмæ куы лæбурдта æмæ Алыккаты цæхæрцæст Хазби Иры фæсивæдмæ Дыууæ доны астæумæ куы сидтис, уæд Санибайы дзыллæ мæ хорз фыдыфсымæр Саханджеримæ куывды бадтысты. Бадтысты æнæмæтæй, Рекомы сыгъдæг номæн куывтой цывзыджын арахъхъ æмæ сæрсæргæнаг бæгæныйæ. Мæн не ’вдæлдис куывды бадынмæ. Æз куырдадзы дзæбугæй хостон æвзалон æмæ Куырттаты коймаг сондоны къæрттытæ. Зæгъын, уадз æмæ Саханджери уым Рекомæн кува, æз та ам топпыхосæй дзæкъул байдзаг кæндзынæн æмæ Дыууæ доны астæумæ мæ фæндаг дардзынæн. Хазбийы фæдыл иу лæг дæр куынæ ацыд, уæд мæ дзых басур, мæ цæстытæ атар сты æмæ сондоны бур-бурид ссад æвзалыйæ нал æвзæрстон. Дзæкъул мæ чъылдымыл æрбаппæрстон, хъыримаг æмæ мæ фыды æхсаргард систон æмæ Саханджерийы хæдзары скуысси дæн. Æтт, Иры фæсивæд, цы ми кæнут уый? Уæ намыс æмæ уæ лæгдзинад карз арахъхъимæ баназынмæ хъавут? Кæд ма æрцыд Иры дзыхъхъы ахæм æбуалгъ ми? Кæд ма ацыд нæ хъæууынгæй фæдисон иунæгæй? Инæлар Абхадз йæ бирæгътимæ дæлæ Джызæлдоны былыл лæууы æмæ сармадзантæй æхсы. Сымах та ам ингæны былыл карз арахъхъ æнцъухут? Кæд уыл бафтыд уыцы мæрдхуыссæг? Кæд ма уын æнтыстысты Алыккаты Хазбийы хуызæн цæхæрцæст лæппутæ иунæджытæй мæлынæн?...

Фæсивæд фестадысты, Саханджери та, цыма мæ хъæр нæ фехъуыста, уыйау йæ сыкъайы къæбæлдзыг къæдзилыл дæлæмæ-уæлæмæ хæцыд æмæ йæ даргъ рихитæй арахъхъ фæрсыгъта йæ дзыхмæ. Æз кастæн Саханджерийы сыкъайы зыр-зырмæ æмæ хъуыды кодтон: уыцы сыкъа куынæ равдæлон уа, уæд ам, Рекомы, тыхы цур комбæсты фæсивæды фарн нæ разындзæн! Нæ, уым нæ федтон, фæдисы цæуынвæнд чи кодта, ахæм фæсивæд! Саханджерийæн йæ сыкъа нырма йæ дзыхыл уыдис, афтæмæй фездæхтæн æмæ фистæгæй ныццыдтæн Дыууæ доны астæумæ. Хазби Иры хъысмæт Дыууæ доны астæуты фæцæйхаста, Саниба та Рекомæн куывта... Сидзæр уыдтæн, мæ сидт никæмæ фехъуысти. Хазбимæ дæр сидзæрæй бацыдтæн æмæ мын Иры хæхтæ цы радтой, уый йæм бахастон. Хъаныхъуаты Гæбæт уыдтæн æмæ Æртыккаг дунейы та сдæн Цæнди. Цæнди дæн æз, фæлæ ма цас фæуыдзынæн Цæндийæ? Æз уарзтон æмæ мæ уарзт баззад дард бæсты, фæлæ мæ уды рудзынг фегом æмæ айдзаг Алыккаты Хазбийы сидтæй. Иу ран дæр мын нал баззад бынат. Баззадтæн Æртæ дунейы ’хсæн сидзæрæй! Цæвут мæ! Цæвут мæ! Цæвут мæ! — йæ ифтыгъд æрцыд Цæндийæн æмæ уæлгоммæ хуысгæйæ бынтон бамыр.

Хазбийæн йæ зæрдæ бакъуырдтой Цæндийы ныхæстæ æмæ хъуыдыты адзæгъæл: «Диссаг у адæймаджы æрдзы сконд! Ацы мæгуыр лæппу уæлæуыл цы уыд, ам дæр йæхи уымæй равдыста. Дыууæ доны астæу ын заргæ кодтон, фæлæ чи уыд, кæмæй уыд, уымæй йæ нæ бафарстон. Ныр та мыл мæнæ æрбамбæлд æмæ йæ базыдтон, йæ ном Гæбæт кæй хуыйны, Хъаныхъуатæй кæй у æмæ йын йæ бынтæ йæ фыдыфсымæр Саханджери кæй бахордта. Саханджери не ’рбафтдзæн ардæм. Уый Хурзæрин агургæйæ фыдвæндагыл нæ ныллæудзæн. Уый, чи зоны, Дзæнæты искуы цъæх нæууыл йæхицæн хъазгæйæ цæры æмæ æнхъæлмæ кæсы, арвæй йæм Хурзæрин кæд бахуддзæн, уымæ. Бахъуаджы сахат Гæбæты хуызæн сидзæр лæппутæм цыдæриддæр вæййы, уый æнæхъæнæй раттынц сæ адæм æмæ сæ бæстæн. Саханджери æмæ Лæгъзайы хуызæттæ та развæлгъау сæ уырзтæй февзарынц æмæ фæнымайынц, цы хъуамæ радтой æмæ сæхицæн цы ныууадзой, уый. Нæ, бæстæтæ нæ ивынц адæймаджы сконд, адæймаг йæхæдæг ивы бæстæты сконд! Æхсыры цад нырма фыдракæнды йеддæмæ ницæмæн басгуыхт, фæлæ хорз лæджы къухы уый дæр хæрзиуæджы суадон фестид. Мæнмæ диссаг нæ фæкæсид, уæлæ мæ Сантар æмæ йе ’хсæз æмбалы цы мæсыджы фæнадтой, уымæй мæм инæлар Абхадз худгæйæ куы радзурид: Алыккаты саубæрзæй Хазби, уæлæуыл дæ сæр цы хъуыддагæн радтай, уый та ам дæр мæ къухы баззад, гæды фиумæ куыд скæс-скæс кæны, афтæ та йæм талынг хъоргъæй скæс-скæс кæныс, зæгъгæ! Цы рауадис нæ дыууæ мæнæ уыцы Санибайаг лæппуйы тохæй? Кзем и растдзинад æмæ йæ чи хъуамæ æрæвæра дун-дунейыл? Райгуырæн къуым дæр хур у, уæдæ цы у! Уæлæуыл нын нæ хур байсынмæ хъавыд Абхадз! Ома дзы цы хъавут, уæ талынг хуыккæмтты бабырут æмæ уым цæрут! Ардæм æрбафтыдыстæм æмæ та ам дæр афтæ!»

— Санибайаг лæппу, куыд дæм кæсын, афтæмæй дæ мæ зарæг дæ амондджын цардæй фæиртæста! — йæ уæлхъус алæууыд Хазби.

Цæнди Хазбимæ комкоммæ скаст æмæ йæ цæстытæ афтæ æрæхгæдта, цыма йын сæ хур басыгъта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд Дыууæ доны астæу æмæ йæ хъусты дзæнгæрæгау ныййазæлыди, уым Хазбиимæ цы зарæг самыдта, уый. Сæрсæфæнæй-иу фæцæйхауди, фæлæ-иу æм фæстейæ æрбайхъуыст уыцы зарæг æм-иу ын йæ талынг дуне ферттивын кодта, арвырæхыс саудалынг æхсæвы куыд ферттивын кæны, афтæ.

— Хазби! — йæхи йæм баппæрста Цæнди, — иу хатт ма мын азар, стæй цы уа, уый уæд! Саниба фæнды æрбацæуæд Дыууæ доны астæумæ, фæнды ма æрбацæуæд. Залымæн йæ фæндаг уæддæр сæхгæндзыстæм.

— Сæхгæндзыстæм ын æй, Санибайаг лæппу, æмæ та заргæ дæр акæндзыстæм! Нæ дыууæйæн алыран дæр хъахъхъæнинаг у нæ хур, нæ райгуырæн къуым æмæ йæ хъуамæ байсæм кæфхъуындары дзыхæй! — йæ сæрыл ын уæлæмæ схæцыд Хазби.

— Хазби! Ардæм дæр та дæ фæдисы сидтмæ æрбафтыдтæн, фæлæ залымы къухы бахаудтæн. Фæтагъд кæнын хъæуы, цалынмæ рухс не ’рбазылд, уалынмæ! — фестади Цæнди æмæ Черменмæ бакасти.

— Цавæр рухс? — цæхгæр афарста Сослан.

— Кæцæйдæр сысты, сахары мæсгуыты цъуппытæ рацъыкк кæны æмæ та ахуыссы. Мæ хъоргъы бадгæйæ йын йæ ферттывды æмгъуыд банымадтон æмæ уæлион нымадæй иу ферттывдæй иннæмæ бон æмæ æхсæв рауадис. Мынæг æрттывд арæх кæны, фæлæ йæ цæджындз та сысты бон иу хатт! — загъта Хазби.

— Хъобайнаг лæппу, уæдæ ды уыдæттæ кæм банымадтай, уым, хъахъхъæнджытæ кæрæдзи кæд раивынц, уый дæр банымадтаис! — сагъæсхуызæй бафиппайдта Сослан.

— Уый дын мæнæ Санибайаг лæппу мæнæй хуыздæр зæгъдзæн, Сослан, фæлæ уал мах ахъуыды кæнын хъæуы, мæсыгмæ куыд баирвæздзыстæм, ууыл! — йе ’нгуылдзтæй йæ боцъотæ æрфаста Хазби.

— Хъобайнаг лæппу, æмæ мæн дæр мæсыгмæ баирвæзыны тыххæй куы хъæуы хъахъхъæнджыты раивыны рæстæг!

— Хъахъхъæнджытæ кæрæдзи раивынц, рухсы æрттиваг цæджындз сахары мæсгуыты куы рацъыкк кæны, уый хæд фæстæ.

— Йæ рацъыкмæ ма цас баззад, уый чи зоны? — загъта Чермен. — Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ йæм бирæ нал баззад.

— Раст зæгъыс, Хазби. Æвдæм хатт мæ куы раивынц, уæд мæ комкоммæ акæнынц æхсыры цадмæ. Абон сын, æвæццæгæн, хорз бон нæ уыд æмæ сæ ферох дæн, — загъта Цæнди.

— Уæдæ кæд афтæ у, уæд ног хъахъхъæнджыты æрбацыдмæ хъуамæ бацахсæм обæуттæ æмæ зæрæдты бæсты мах баирвæзæм сахармæ!

— Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, Сослан, фæлæ Дзæбу дæгъæлтæ бамбæхста æмæ дуæрттæ сæттыныл бирæ рæстæг куы бахъæуа, — загъта Хазби. — Фæстæмæ сæ сæхгæнын хъæудзæн æмæ сæ фæринкæй куы ныддæрæн кæнай, уæд...

— Уæд мæн Дзæбумæ бауадзут æмæ йын æз Сарыхъæрзæн фенын кæнон, — дзуапп радта Сослан.

— Сарыхъæрзæны тасæй, æвæдза, Дзæбуйæ ницы расайдзынæ!

— Æмæ дзы Сарыхъæрзæпы тасæй куы ницы хъавын ракъахынмæ!

— Уæдæ ма æндæр цæмæй æвæрыс ныфс? — фæцæрдæг æм и Чермен.

— Фендзыстут æй уæхи цæстæй! — Дзæбуйы ракодта хатæнæй æмæ йæ цъистгæныны ’рдæм куы асхуыста, уæд æм уацайраг йæ мидбылтыхудгæ фæстæмæ фæкаст. — Цæуыл худыс, æнаккаг? Уыцы Сау цъыззы цъасы ацырдæм чи рабырыд, уый та дзы фалæмæ дæр абырдзæн æмæ дæу йæ разæй атæрдзæн. Цалынмæ дæ хицауæн йæ уд фелвасон, уалынмæ уал йæ размæ дæу батæрдзынæн æмæ йын зæгъдзынæн: мæнæ, гъе, Хызы мæнгард фырт, æргъæу цырт самайынмæ кæмæн хъавыдтæ, уый дын де ’наккаг æгъдæуттыл нычъчъыртт кодта æмæ йæ куыдзы уд бафснайдта!...

Дзæбу дзыхълæуд фæкодта æмæ цъистгæнæны раз æрхауд:

— Цы мæ домыс, тæссарвад?

— Дæгъæлтæ кæм бамбæхстай, хæрæджы къæлæу?

Дзæбу уызынау бампылд, бамыр. Сослан ын йæ чъылдым куы бакъуырдта, уæд æй бауырныдта, Лæгъзайы размæ йæ кæй батардтаид æмæ йæ амондджын цардæй кæй фæхицæн уыдаид:

— Уæртæ мæ хатæны æфсæйнаг сынтæгыл дуарырдыгæй уæлæмæ схæц æмæ дæластæрдæй йæ фæдыл сласдзæн йæ галиу къахыл баст дæгъæлтæ. Сис сæ, фæлæ йæ зон, Цæндийы тæригъæд дын кæй нæ батайдзæн.

— Цæндийы мæт куы кæныс, уæд дæхи дæр уый уагмæ нæ хъæуы? Æви афтæ æнхъæлыс, æмæ ма дын æхсыры цады дæхи найын бантысдзæн, и?

Дзæбуйы йе ’мбæлтты цурмæ баппæрстой. Дуæрттæ куыд гом кодтой, афтæ сын сæ цæрджыты фæдзæхстой: ардыгæй сæрибар стут, фæлæ Æртыккаг дунейæ сæрибар нæма стут. Цæмæй та уыл рохуаты дуæрттæ ма сæхгæной, уый тыххæй уал ам бабыхсут, цалынмæ уæм фæсидæм, уалынмæ...

— Обæутты фæз уæддæр нæ бафтдзæн нæ къухы æнæхъæлæбайæ! — æнæнхъæлæджы загъта Сослан.

— Цæуылнæ? — фæджихау Чермен.

— Цæндийы иуæй зарæгæй фæсайдтам, иннæмæй та йе ’хсыры цады æмгъуыд æрцыд, фæлæ уалæ уый та цæмæй фæсайдзыстæм? — уæлхыз лæууæг хъахъхъæнæгмæ ацамыдта Сослан. — Дæгъæлы дзыгъал-мыгъулмæ фæдис ныхъхъæр кæндзысты.

— Æхсæртæджы сæр нæ бахъуыд, — загъта Хазби. — Æхсæртæджы бынаты искæй хъуамæ сæвæрæм æмæ йæ немæ акæнæм! Гуыдыр-иу уый бакæнæд æмæ æфсæн хызыл уæлæмæ схæцыны тыххæй хъахъхъæнæгмæ уый фæсидæд!

— Æнæуый дæр нын хуыздæр амал нæй! — загъта Чермен.

Æхсæртæг-иу асины æргом суад, гуыдыр-иу бакодта æмæ-иу хъахъхъæнæгмæ йæ амонæн æнгуылдзæй фæсидти. Хъахъхъæнæг-иу фæуыргъуыйау, фæлæ-иу уæрмы былмæ æрбацыд. Къулрæбын æмбæхст Сослан-иу ын куыддæр йæ къæхты хъæр фехъуыста, афтæ-иу фæгæпп ласта æмæ-иу згъæрджыны йæ къахæй дæлæмæ æрласта... Уайтагъд-иу ын йæ сæрзæнт æмæ йе згъæр фелвæстой æмæ-иу æй дæлæмæ ныттардтой. Хъоргъы-иу æй ауагътой æмæ йын-иу йæ гæрзтæ скодтой, уыцы хъоргъæй кæй систой, ууыл.

Æхсæртæг-Сантар дыууадæсæм æфсæн хызы гуыдыр бакодта. Хъахъхъæнæгмæ фæсидыны размæ Сослан йæ фарсмæ дзуццæджы æрбадт æмæ йын афтæ, багъæц, иннæтæм акæсон, кæддæра цы кусынц, зæгъгæ. Йæ сæрыл, хъавгæ, уæлæмæ схæцыд æмæ куыддæр йæ комкоммæ лæууæг кæлдымы хуызæн хъахъхъæнæджы ауыдта, афтæ йе уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой. Йæ туг йæ сæрмæ ныццавта æмæ йыл дуне, куыройы цалхау, разылдис. Йæ къух æргъæу къулмæ æнцой куынæ фæдардтаид, уæд асиныл дæлæмæ ныттылдаид. Йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ та зыкъуыртæ конд хъахъхъæнæгмæ ногæй скаст. «Чи зоны, фыны дæн!» Йæ даргъ рихиты цъуппытæ йæ рустæй ахызтысты, йæ фындз, цæргæсы бырынкъау, æркъæдз, йе ’рфгуыты бын йæ цæстытæ гæзæмæ æрттывтой. Йæ ных сæрзæнтæй нæ зындис, йæ боцъотæ йе !взистхуыз згъæрыл бæрæг дардтой. Йæ фæтæн уæхсчытæ базыртау ныхъхъил сты, йæ астæу атæхынæввонг ссис. Чермен æмæ згъæрджын нæсæттон сæ цурмæ æрбацыдысты. Цыдæр бæллæх кæй æрцыд, уый хатгæйæ Сосланы фæлурс цæсгоммæ нымдзаст сты. Сосланæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, Сатана йын Уырызмæг æмæ Хæмыцы кæй фæдзæхста, уый æмæ йæхинымæры ныддодой кодта: «Нырма уал Сантар-Æхсæртæг, стæй та уый!»

— Сантар, уæлæ ма уыцы мызыхъмæ лыстæггай æркæс, кæддæра дæм кæй хуызæн фæкæсид! — зырзыргæнгæ загъта Сослан.

— Дыккаджы ме ’фсымæр Æхсары хуызæн!

— Æмæ кæд Æхсары хуызæн у, уæд дæ хуызæн нæ уыдзæн?

— Мæнмæ та кæсы уæ дыууæйы хуызæн! — цæхгæр загъта Чермен.

— Хи туг, хи стæгимæ хæцын зын у, фæлæ мын ныртæккæ хуыздæр амал нæй! — загъта Сослан æмæ куыддæр хъахъхъæнæг æфсæн хызмæ æрæвнæлдта, афтæ йын йæ зæнгтыл йæ цæнгтæ æрбатыхта æмæ йæ уæрмы ’рдæм расхуыста.

Хох-лæг уæлгоммæ ахауд æмæ уæрмы тигъыл кæфау ныцъцъелф ласта. Згъæрджын нæсæттон уæлбылмæ схызт æмæ йын йе ’рдын æмæ йæ фат фелвæста. Чермен, Æхсæртæг æмæ Цæнди æфсæн хыз дæлæмæ æруагътой. Сослан хъахъхъæнæгæн йæ уæлæ нындæгъд, афтæмæй хъæбыс-хъæбыс асиныл дæлæмæ ныттылдысты. Къæпхæнтæй куы ныйивгъуыдтой, уæд æй Сослан йæ быны анорста æмæ йын йæ цæнгтæ сцæйздыхта, фæлæ йæ хъахъхъæнæг ныкъкъуырдта æмæ йæ айнæгыл ныццавта. «Нæ загътон, хи туг, хи стæгимæ хæцын зын уыдзæн, зæгъгæ!» — йæ цæстæй куы ракаст, уæд йæ ныхмæлæууæджы къухы кард ауыдта. Йæ фæринк æм дæлейæ фæдардта æмæ дыууæ хотыхы цæхæртæ акалдтой.

— Нарты тæссарвад Сослан, дæ ном дæ разæй æрбацыд. Дæуимæ лæгæй-лæгмæ фембæлынмæ мæ былыцъæрттæ æхсыдтон! — бахудæнбыл хъахъхъæнæг æмæ йæ иу дæндаг æнахуыр æрттывд фæкодта.

— Æтт, мæ хорз фыдыфсымæр, дæ Архъызы дæндагæй мын дæ базонын та цы хъуыди, фæлæ мæ ды дæр куы базыдтай! — йæ кард ын фæрсырдæм ныцъцъыкк ласта Сослан.

— Чи куыдз, чи хæрæг мын дæ, цæмæн дæ хъуамæ базонон! — йæ карды зæлланг Сосланы згъæрыл фæцыд. — Дæуæй æппæлыдысты æмæ мæ дæуимæ схæцын фæндыд, уый йеддæмæ дæу хуызæн куыйты зонын мæн цæмæн хъæуы!

— Кæд дæ фæндыд, уæд дын мæнæ дæн, мæ фыдыфсымæры къуындзих! — æрбамæсты Сослан, хохлæг æм æцæгæлонау кæй дзырдта, ууыл.

Хъоргъы ’рдæм æй бассыдта, фæлæ йын хохлæг йæ фæринк иуварс ныкъкъуырдта æмæ йын йæ сæрыл йæ кард æруагъта. Сæ къæхты бын рыг мигъау сыстад. Се змæлдæй айнæг æмризæджы рызт æмæ къултæн сæ оффытæ цыдысты. Æвиппайды къæдзæхлæг йæхи уызынау фæтымбыл кодта æмæ Сосланы ’рдæм батылди. Стæй цæстыныкъуылдмæ, йæ кардыл уæлæмæ хæцгæ, фестад, йæ галиу къухæй Сосланмæ фæлæбурдта æмæ йæ фехста йæ сæрты. Сослан цалдæр зылды æркодта æмæ йæ фæринчы бырынкъыл хъен алæууыд. Сослан райдианы фæуыргъуыйау, фæлæ та йæ хъуыдытæ фæгæрз сты. «Чи у, уый дзы айрох и, фæлæ йæ хæстон миниуджытæ нырма йæхимæ сты! О, дуне скæнæг хуыцау, дæлдзæхæй, уæлдзæхæй дæ къухы куы стæм, уæд ма ахæм галиу митæ цы кæныс? Цæмæн ма дæ хъуыдис, æфсымæр æфсымæры кæм нал зоны, фырт йæ мадмæ æцæгæлоны цæстæй кæм кæсы æмæ хъæбул йæ фыды туг нуазыныл кæм нæ ауæрды, ахæм бæстæ сфæлдисын?» Кард йæ тахъайыл куы æруад æмæ йын залдзæджы цъæхснаг æхситт йæ хъустæ куы акъуырма кодта, уæд фырмæстæй рахсысти:

— Уæдæ мын хистæр-кæстæры фарн хатыр бакæнæд, фæлæ дын æз дæ сæрзæнтыл тымбыл къухæй хъуамæ æруайон. Кæннод нæртон хæстæй демæ фиу не стухдзынæ! — тымбыл къухæй йын йæ сæрзæнт æркъуырдта æмæ лæг уадзыгæй куы ныццух-мух ласта, уæд Черменæн загъта:

— Сис ын ныр йе згъæртæ æмæ сæ нæсæттонтæй искæуыл скæн!

— Æмæ уый хуызæн хох-лæджы згъæртæ кæмæн сбæздзысты, Сослан? — загъта Чермен.

— Ис ахæмтæ дæр ацы зындоны! — хъоргъыты æфсæн дуæрттæ ныддыз-дыз кодтой, Сослан тымбыл къухæй кæй фæцæф ласта, уый уынæрæй. Æмхуызонæй фæкастысты, уадзыг куы у, уæд ма йæ хъæлæс кæцæй хъуысы, зæгъгæ. Сæ тагккæ раз лæууыд Хазби, Хазбийы фарсмæ та Сослан иу цæфæй кæй афæлдæхта, уый халдих. Черменæн фырдисæй йæ цæстытæ фæирд сты: «Дæлимонты ахæсты бахаудтам! Æвæццæгæн, куы басæттынц, уæд фæдыууæ вæййынц æмæ та се знагыл ногæй сæхи ныццæвынц. Уый йеддæмæ мæнæ нæ разы чи лæууы, уымæн йæ къодах дæлæ уадзыгæй куы лæууы, уæд ма ай та чи у?» Цæсгомæвæрд æмæ асæй уыдысты æмхуызон. Æрмæст Хазби хъоргъæй кæй систа, ууыл æвзист згъæр нæ уыди. Джихæй сæм кастис æмæ йæ комыкъулты дон, хъуыртхъуыртгæнгæ, ныхъуырдта.

— Æрбахæццæ дæ, лæппу? — бадзырдта Сосланмæ уæздан хъæлæсæй.

— Æрбахæццæ дæн, баба! — йæ тæккæ раз æрлæууыдис Сослан.

Æхсæртæг йæ сæрзæнт систа, афтæмæй кастис йæ цоты диссæгтæм. Чермен йæ хъыримагимæ архайыныл фæцис: «Иугæр Нарты хуыздæртæ ардæм æрбамбырд сты, уæд уыцы Челæхсæртæгмæ чысыл тых нæй!» — Сослан «баба» кæмæ бадзырдта, уый йæ халдихы куы ауыдта, уæд йæ фæтæн ныхы ссывдтæ фæарæхдæр сты. Йæ даргъ боцъотæ æмæ йæ сæрыхилтæ æмызмæлд бакодтой, æмæ йæ сасирыйас цæстытæ ралиуырынæввонг систы:

— Кæм ыл баныдзæвтæ, лæппу? — ацамыдта йын уадзыг лæгмæ.

— Æртыккаг дунейы хъахъхъæнæг мын ссис!

— Хæмы-ы-ыц! — бирæгъау баниудта, хъоргъæй чи рацыд, уый. — Басастой дæ ацы кæлæнгæнджытæ?

— Басастой йæ, баба, — йæ къæхты бынмæ ныккасти Сослан.

— Хæмыц, уæлæмæ сыст, кæннод нæ мыггаг ацы дæлимонты бæстæйы сæфы! — фæбогъ ласта, Сослан «баба» кæй схуыдта, уый.

Хæмыцæн йæ хъуынджын æрфгуытæ базмæлыдысты Цæстæй куы ракаст, уæд æппæты фыццаг фæкомкоммæ, чи йæм сидтис, уымæ.

— Цæй Хæмыцы кой кæныс? Кæм и Хæмыц? — фæгæпп ласта æмæ йæ кардмæ фæлæбурдта. Йæ къухы афтид кæрддзæм куы аззад, уæд Сосланыл йæхи ныццавта.— Æтт, тæссарвад, æз дæ ныртæккæ Сау цъыззы цъасмæ барвитдзынæн!

— Хæмыц, сабыр!

— Кæй хоныс Хæмыц, цъаммар, æз Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбул Дзоко куы дæн, уæд? — йæ халдихы сæр тымбыл къухæй ныццавта, йæ дæндæгты къæс-къæс райхъуысти, Сосланы ’рдæм фездæхт, — багъæц, нал мын аирвæздзынæ!

— Хæмыц, бакуырм дæ кодтой æмæ нал уыныс дæ фаззон æфсымæры?

— Æртыккаг дуне у мæнæн мæ фаззон æфсымæр!

Бæлццæттæ дæрддзæф лæууыдысты æмæ джихæй кастысты дыууæ æфсымæры хæстмæ. Дис кодтой, Хæмыц йæ фаззон æфсымæр æмæ йе ’фсымæры лæппуйы куыннæуал зоны.

— Иугæр дæм дзырд нал хъары, уæд-иу мæ хъаст ма ракæн! — йæ дыстæ мидæмæ батылдта Уырызмæг, лæппуйау фæгæпп ласта æмæ Хæмыцмæ фæлæбурдта. Фелвæста йæ, атæлфыны фадат ын нал радта, афтæмæй йæ æфсæн дуарыл ныццавта.

— Æз дын ныртæккæ фенын кæндзынæн, цъаммар тыхгæнæг! — ныр та йæм Хæмыц фæлæбурдта æмæ йæ уый фехста, фæлæ Уырызмæг йæ къæхтыл алæууыд.

Уырызмæг Хæмыцы фелвæста, йæ мидбынаты ныззылд æмæ йæ уарийы æхст скодта:

— Лæппу, уæртæ мæ дурын голладжы цурмæ бацу æмæ уым цæрдæг лæуу!

Хæмыц йе ’фсымæры сæрыхъуынтæ ацахста, фæлæ йæ Уырызмæг ахъаззаг ныкъкъуырдта &



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.