Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





IX. ÆНУСТÆМ ÆНÆБАЙСЫСГÆ РИС



IX. ÆНУСТÆМ ÆНÆБАЙСЫСГÆ РИС

Сантарæн фæстæмæ æрбаздæхын кæй нал бантыстаид, уый хорз зыдта Челæхсæртæг, фæлæ йæ уæддæр арвыста, афæстаг рæстæджы йæ ахаст йæ зæрдæмæ кæй нал цыдис, уый тыххæй. Æхсыры цад-иу æй йæ хъуыдытæй бынтон кæй нæ фæиртæста, уый фиппайдта. Хатгай-иу сæйраг мæсыджы раз слæууыди, мæнг хурмæ-иу нымдзаст ис. Уæлион нымадæй-иу фæлæууыд сахат, дыууæ сахаты, кæнæ та æнæхъæн бон. Цалынмæ-иу ын исчи йæ къухыл нæ рахæцыд, уалынмæ-иу йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Науæд таиу искуы доны былыл æрбадт æмæ-иу донайдæнмæ йæхимæ кæсынтыл фæцис. Йæ сæрзæнт-иу фелвæста æмæ-иу йæ бурдзалыг хилтæ куы ауыдта, уæд-иу йæ мыдхуыз цæстыты мигъ æрбайсæфт. Ахæм рæстæджы Сантарæн амондджын лæг схонæн нæ уыдис, уымæн æмæ йæ цæстыты ферттив-ферттив кодта хъуыдыйы стъæлфæн. Сантар абæстæм Челæхсæртæг æмæ Дзæцъуйæ чысыл фæстæдæр æрбафтыд, фæлæ йæ ахæм уавæры никуы федтой. Уый йæ зæрдæмæ нæ цæуы Челæхсæртæгæн! Æхсыры цады фæстæ лæгмæ искуыцæй йе знон куы бахуда, уæд Æртыккаг дуне сæфтмæ цæуы. Фæлтау Дзæцъу лыстæг æркæсæд алкæмæ дæр, æмæ кæд иннæтæ дæр се знонмæ фæхуд-фæхуд кæнынц, уæд сын æрымысын хъæуы ног мадзал. Æхсыры цады фæстæ адæймагæн йе сконды хъуамæ бынат ма баззайа рухс æмæ тары ’хсæн тохæн, цых-х-х! Науæд рухс æмæ тарæн се ’хсæн хæст куы фæуа, уæддæр иуахæмы Сантар сыстдзæн æмæ зæгъдзæн: æз Сантар нæ, фæлæ Нарты Уæрхæджы фырт Æхсæртæг дæн!

Дзæцъу йæ хæлары ныхасмæ байхъуыста æмæ йæ галиу уæхсчы сæрты æртæ хатты ачъыртт кодта: иллитт-биллитт, Лæгъза æнæхъуаджы нæ тыхсы! Афæстаг рæстæджы Сантары митæ Дзæцъуйы зæрдæмæ дæр нал цæуынц æмæ йæ ралгъитæг хуыцау ма зæгъæд, фæлæ кæд уый иумæйаг низ у, уæд æхсыры цад басгарын хъæуы! Иллитт-биллитт, чи зоны, хуыскъ кæны, кæнæ йæм искуы дзыхы дон фæхæццæ ис æмæ йæ фыртæнæгæй буарыл нал хæцы! Уæд ма йæ сой мидæмæ куыд бахъардзæн, тугимæ куыд схæццæ уыдзæн! Иллитт-биллитт, тыхсгæ ма кæнæд Лæгъза! Дзæцъу йæхæдæг басгæрста æхсыры ратæдзæнтæ, фæлæ йæ зæрдæмæ æвзæрæй ницы бахаста. Æхсыры цад абузы æмæ адæймагыл ахады, нырмæ йыл куыд ахадыдта, афтæ! Сантармæ кæд исты фæфиппайдтой, уæд уый та у Нарты мыггаджы аххос. Хуыцæуттимæ схæцын-иу сæ куы бафæндыд, уæд-иу сæ удты уæларвонæй цыдæриддæр уыд, ууыл-иу дур бафæлдæхтой. Адæмимæ-иу куы фæхъаугъа сты, уæд та-иу хуыцæуттæм куывтой! Кæд-иу сын зæххон хъуыддæгтæ уыдис аразинаг, уæд-иу сæ мидæг райгас адæймаджы миниуджытæ, кæннод-иу цардысты зæдтæ æмæ бардуæгты цардæй. Зæдтæ æмæ бардуæгтыл та æхсыры цад нæ тых кæны! Иллитт-биллитт, кæд Сантар хатгай йæ ивгъуыдмæ фæкæсы æмæ йæм бахуды, уæд уый у, йе ’мбис уæларвон кæй у, уый аххос. Иллитт-биллитт, Дзорсмæ йæ зæрдæ ма æхсайæд Лæгъзайæн. Уый йæхи тынг хорз дары æмæ йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, Сантар йæ фыдыфыд кæй у Сантарæн та хъæуы исты хос скæнын. Хуыцау (пуй, пуй, пуй!) Дзæцъуйы мыггаджы цæстмæ нал бадардзæн, æз уын цы раттын, уый зыгъуыммæ аразут, зæгъгæ. Сау-сауид рæмудзæн хос адæймаджы æрымысгæ нæу æмæ дзы маргæ дæр адæймæгты нæ кæны, иллитт-биллитт? Гъай-гъай, адæймаджы æрымысгæ у, адæймаг дзы сафы йæхи тауинаг æмæ йын Дзæцъуйы мыггаг та кæны æххуыс. Чи ма зæгъдзæн, дæлимон адæймаджы ныхмæ цæуы, зæгъгæ? Ничи-ничи, ихи-хи! Ничи-ничи, ихи-хи!

Дзæцъуйæ Челæхсæртæг райгонд уыд. Мæнæ йæм ныр хабар куы æрбахаста, Сосланы йе ’мбалимæ цъистгæнæн æрыссадта, фæлæ семæ Сантар æмæ æхсæз хъахъхъæнæджы дæр бабын сты, зæгъгæ, уæд Челæхсæртæг дзыхълæуд фæкодта æмæ йæ цæсгом фалæмæ аздæхта. «Кæлæн у ацы Дзæцъу. Исты куы сфæнд кæнын, уæд мын развæлгъау мæ фæндон базоны. Иугæр сахары мæсгуытæ, уынгтæ, донуадзæн æрхытæ, дурастæрд фæзуæттæ, хъахъхъæнæн систæ, фæлладуадзæн хæдзæрттæ, куырдæдзтæ, æрмæдзтæ æмæ бæхдæттæ куы сарæзтам æмæ æхсыры цады кæлæнгæнæн миниуджытæй конд фæткыл цæрын куы райдыдтам, уæд æхсызгонæй сулæфыдтæн æмæ скуывтон: «Хуыцæутты хуыцау, дæуæн дæ бархъомыс æмæ дæ цæст алырдæм æххæссынц, баххæстаиккой дын мæ удмæ æр æмæ федтаис, нæ царды фæтк мын куыд æхцон у, уый. Цардæй алкæмæн æмхуызон хай равзæрстон. Абæстыл дæлдæртæ æмæ уæлдæртæ нал ныууагътон. Хæлæг ничи никæмæуал кæны, фæлæ, мыййаг, исчи хъулон митæ куы æрдома, уæд ын куыд кæнон? Хъулон хай йын равзарон? Æмæ ма уæд уый цæй æмхуызон цард уыдзæн? Бафхæрон æй, кæнæ йæ Æртыккаг дунейы арæнтæй фæфале кæнон? Æмæ йæ куыд бафхæрон, кæнæ йæ куыд фæсурон æмæ йæ цæмæй бафхæрон? Æртæ лæджы иумæ кæм æрцæрой, уым аххосджыны æфхæрæн мадзæлттæ æрымысын дæр хъæуы. Фæлæ æз аразын, æфхæрджытæ, æфхæрæн мадзæлттæ æмæ æфхæрд адæймаг кæм нæ уыдзæн, ахæм дуне æмæ мын æм фыдызнаджы цæстæй чи æрбакæса, уымæн цы кæнон, уый мын бацамон, стыр хуыцау!»

Раст уыцы заманы хъулон-мулон дуры бæрц базоныны охыл Дзæцъу зæххы бынты акъахын кодта лæджы бæрзæндæн хуынкъ. Фараст мæйы æмæ фараст боны фæстæ (уæд ма Хурзæрин арвыл тылди) дурсæтджытæ хабар æрбахастой: æртæ æмæ фондзыссæдз къахдзæфы фале мæсгуытæ аразæн дуры фæлтæр фæцис æмæ сау-сауид айнæг райдыдта. Дзæцъу хорзау нал уыд æмæ хуынчъы йæхæдæг фæцæйбырыд, фæлæ йын бæрæгдзаутæ ныллæгъстæ кодтой: дæ фыдæлты саудалынджы бадинаг удты хатыр фæкæн, ма ацу, кæннод дын фæстæмæ æрбаздæхын нал бантысдзæн. Иллитт-биллитт, кæд сымах æрбаздæхтыстут, уæд мæнæн цы уыдзæн, зæгъгæ, сцымыдис Дзæцъу. Дурсæтджытæ фæстагмæ басастысты: «Дæс æмæ дыууиссæдз къахдзæфы бæрц дзы куы бацыдыстæм, уæд æфсæн мæцъис алы æрцæфæн цæхæртæ калын райдыдта. Стæй урс-урсид пиллон суагъта æмæ нæ фæкуырм кодта. Алы цæфæн дæр-иу йæхи бауыгъта æмæ-иу ныхъхъæрзыдта. Нынкъуыстис-иу, йæ къæрттытæ-иу стъалытау æрттивгæ, дæлæмæ æркалдысты æмæ-иу нæ сæ быны фæкодтой». «Иллитт-биллитт, Турчи, цъусгай дзур, кæннод дын дæ алы дзырд нæ ахсын!» — фæурæдта дзурæджы Дзæцъу, æмæ Турчи райдыдта сабыр дзурын, цæмæй йын дæлимонты æлдар йæ алы дзырд зыгъуыммæ здæхтаид æмæ кæронмæ федтаид, цы федта, уый: «Дзæцъуйы кæд мæ ныхæстæ нæ уырнынц, уæд мæнæ Хæтъу æмæ Хъасолы бафæрсæд, уыдон дæр мæ тæккæ фарсмæ лæууыдысты. Хъасол афтæ загъта, иу гыццыл нæхи аиуварс кæнæм, цæмæй зæхх æруазал уа, йæ маст æрысыса æмæ та йæм ногæй æрбаздæхæм, зæгъгæ. Æццæй, афтæ нæ уыдис, Хъасол? Хæтъу та афтæ загъта, рыгæй, дам, бафсæстæн, мæ дзых, дам, æрхуыйы ад скодта æмæ, дам, мæм Дзахайы фынгыл хæрын нал æрцæудзæн. Æццæй, афтæ нæ уыди, Хæтъу? Æз та сын афтæ загътон: Хъасол æмæ Хæтъу, Æртыккаг дунейы зæхх мах цытæн цырæгътæ куы судзы, уæд сымах та æддæмæ цæуынмæ хъавут? Хæтъу йе ’фсæн мæцъис æрæвæрдта, айнæгыл банцой кодта æмæ афтæ загъта: Æртыккаг дунейы фарн нын цырæгътæ куы судзид, уæд ам йæ арты нал судзиккам, йæ рыг ын нæ хæриккам æмæ нын нæ хъуыртæ не ’хгæнид... Хъасол та афтæ: мæ хъæлæс мын карды комæй хафтæуы, мæ дзых цæхджын донæй байдзаг æмæ мын мæ цæстытæ хуыр къахы, фæлæ иугæр Æртыккаг дунейы афтæ фæнды, уæд ам лæудзынæн æмæ мæ хæс фиддзынæн... Хуынчъы къултæ сыгъдысты, æрттиваг къæрттытæ тахтысты. Хъасол дæлгоммæ ныххауди, бындзарæй суæлхъ кодта æмæ æрттиваг дурты рухсмæ йæ раз сырх-сырхидæй куы ауыдта, уæд загъта: о, куыд мын фехцон ис!.. Мах аф~ тæ фенхъæлдтам, уымæй фалæмæ зæхх ахæм æмырттывд кæндзæн æмæ туг омдзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ уыцы судзгæ уаццаг ахаста дæс къахдзæфы. Уымæй фалæмæ сау-сауид айнæг райдыдта, рухс фæмынæг и, зæххы хуылф фæуазал. Фæстæмæ здæхгæйæ уыцы æрттиваг уаццагыл куыддæр нæ къах авæрдтам, афтæ хуынкъ кæрæй-кæронмæ банкъуыст, æмризæджы барызт æмæ ныууасыд авдаздзыд богъау. Стæй æрттиваг уаццаг, цыма йæ исчи кардæй ачъепп ласта, уыйау дыууæрдыгæй къæдзæхы буарæй фæхицæн æмæ йæхи æмбæрц уырдыгмæ аирвæзтис. Йæ уæлвæд фæйнæрдыгæй дыууæ къулы, уасгæ æмæ хъыррыстгæнгæ, кæрæдзимæ сæхи баивæзтой, фæлæ сæ айнæджы зыкъуыртæ змæлын нæ бауагътой. Уалынмæ мах тигъмæ фæлæбурдтам æмæ уæлæмæ сбырыдыстæм. Куыддæр æрттиваг уаццагæй рахызтыстæм, афтæ ма къæдзæхтæ иу хатт ныхъхъыррыст кодтой æмæ бамыр сты...»

Дзæцъу дзурæгмæ кæсгæ дæр нал фæкодта. Хъыллистгæнгæ хуынчъы смидæг, лидзгæ-лидзын ма загъта: «Иллитт-биллитт, цы агуырдтон, уый ссардтон! Адæймаджы мыггаг басæттыны охыл адæймагимæ кæй схæлар дæн, уый тыххæй мæ фыдæлты æгъдæуттыл мæ къух нæ сисдзынæн! Мæ зæрдæ мæм дзырдта, ам кæмдæр Сау цъыззы цъас ис æмæ йын йе ’рттиваг гæрз куы ссарай, уæд дын лæггад кæндзæн, зæгъгæ!» Рухсы тæмæн куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта: «Цæмæй зонынц уыцы сæрхъæнтæ, уый Сау цъыззы цъасы дуар кæй у! Куыддæр ыл лæджы мыггаг йæ къах æрæвæры, афтæ дыууæрдыгæй фæхицæн вæййы, афтæмæй уырдыгмæ аирвæзы æмæ йæ уæлæ чи фæлæууы, уый дыууæ къулы ныцъцъист кæнынц. Уыцы сæрхъæнтæн ралидзын кæй бантыст, уый тыххæй хъуамæ кувой айнæджы зыкъуыртæн! Къултæ ныххафдзыстæм, цыппарырдыгæй сæ айдæны хуызæн скæндзыстæм. Æртыккаг дунейы знæгты куыд бафхæрон, уый мын бацамон, зæгъгæ! Иллитт-биллитт, мæ мыггаджы фыдызнæгты мын куыд бафхæра, уый йын æз бацамондзынæн æмæ мæхæдæг суыдзынæн йæ хуыцау (пуй, пуй, пуй!). Æфхæрын куыд хъæуы, уый мæнæй хуыздæр зоны! Цæмæй йе ’фхæрд ма разына, уый йæ фæнды! Кæд мæ коммæ бакæса (ихи-хи, ихи-хи, ихи-хи!), уæд ын йæ сау ми нымайдзынæн урсыл, иллитт-биллитт!»

Хуынкъæн йæ къултæ лæгъз кæныныл цас рæстæг бахъуыди, кæнæ йын йæ фаллаг кæрон хъоргъытæ аразгæйæ цал азы аивгъуыдта, уый ничи зоны. Куы сцæттæ сты, уæд Дзæцъу, йæ сау-сауид ныхтæ æхсынгæ, Челæхсæртæгæн аивтæй загъта: «Иллитт-биллитт, цыфæнды рæстаг дунейы дæр хъæуынц æгоммæгæс адæймæгты æфхæрæн мадзæлттæ. Нæхимæ цы хъуыддаг кæсы, уый дæлæ дæлдзæхы цыппар къулæн куы бахæс кæниккам, уæд нын нæ цæстмæ ничи бадарид, сымах тызмæг æмæ æнауæрдон стут, зæгъгæ». Челæхсæртæг зыдта, Дзæцъу хуынкъæн йæ къултæ цæмæн хафын кодта æмæ сау айнæджы мидæг къахт цыппæрдигъон къусчытыл æфсæн дуæрттæ цæмæн ауыгъта, уый, фæлæ йæхи ницызонæг скодта: «Цытæ дзуры Дзæцъу, цытæ? Æппæты рæстагдæр дунейы цыппæрдигъон хуынчъы адæймаджы цъист кæнынц, зæгъгæ, уый куы фехъусой, уæд цы зæгъдзысты? Сæрибары æппæты стырдæр миннуæг у, адæймагыл дæлæмæ цы гуымир тыхтæ хæцынц, уыдон скуынæг кæнын, æмæ сыл Дзæцъу та уæлæмæ хæцы? Адæймагæн йæ зондахаст дæхирдæм хъуамæ раздахай дæ рæстдзинад æмæ дæ зæрдæйы хъармæй! Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу та йын йæ тых æмæ йæ хъæппæрис гуымиры тыхæй куы сæттой, уæд чи цы зæгъдзæн, цых-х-х?»

Уæдæмæ, хæрзиуæг æмæ фыдракæнд уыцы зæронд сæрхъæны æрымысгæ дзырдтæ сты (Дзæцъу хуыцаумæ ацамыдта). Хъæугæ та кæнынц йæхи. Уый сау кæй хоны, уым цæрынц Дзæцъуйы уæздан мыггаг, фæлæ искæй урс цардмæ нæ хæлæг кæнынц. Адæймагæн та схай кодта хæрзиуæг, фæлæ Лæгъзайы мыггаг уыцы хæрзиуæг ницæмæн хъæуы. Уыдон сты сайæн митæ! Уыдон фыдæй Лæгъза æмæ Дзæцъу сæ авналæнтæ хъуамæ ма сцыбыр кæной. Лæгъза æмæ Дзæцъу никæй сайынц, æрымысгæ дзырдтæ йæ бæрзæйыл къæлæтау никæмæн æвæрынц, нæ аразынц, адæймаг йæхи хорз кæм æнкъары, ахæм дуне. Ном хъуамæ рацæуа миниуæгæй. Уæлæ уыцы зæронд сæнтдзæф та архайы, цæмæй миниуæг рацæуа номæй. Уый тыххæй развæлгъау æрымысыд, адæймаг сæ ахæсты кæмæн бахауы, ахæм нæмттæ. Æгоммæгæсты æфхæрæн хуынчъы куыст исчи фыдми цæмæн хъуамæ схона, уыцы хуынкъ Æртыккаг дунейы фыдызнæгты бархъомыс куы сæтта, уæд? Æниу дзы зæгъгæ дæр цы кæндзысты? Цъистгæнæн хуынчъы аргъгæнджытæ уыдзысты Лæгъза æмæ Дзæцъу сæхæдæг, уымæн æмæ йын, сæ дыууæйы йеддæмæ, йæ архайд чи фены, уый æрбайсæфы.

Хин æмæ кæлæн у ацы Дзæцъу. Адæймагæн йæ уды ныббыры æмæ дзы фæрафт-бафт кæны. Тæссарвады йе ’мбалимæ цъистгæнæн æрыссадта, зæгъгæ, йын куы загъта, уæд Челæхсæртæг фырцинæй арф сулæфыд æмæ йæ риуы гуыдыр суанг йæ роцъойы онг схæццæ йæ цинæн æддæмæ ракæлыны фадат нæ радта, афтæмæй дæлимоны цонгыл рахæцыд агмæ йæ Дæргъийы куырдадзы ’рдæм акодта. Уынджы фæйнæ фарсæй сæм бæрзонд мæсгуытæ кастысты. Фæсхохæй-иу æнæнтау рухсы æрттиваг цæджындз тæмæнтæ калгæ сыстад, сахары-иу уæрхы ’рдæм рацъыкк ласта æмæ-иу ахуыссыд. Челæхсæртæг-иу йæ фæдыл акаст æмæ-иу кæцæй сыстад, уым-иу сырхызнг арцау куы афæлдæхт, уæд-иу додойгæнæгау йæ сæр банкъуыста.

Цæуыл ма мæсты кæны Дзæцъу? Сосланы сæфт сæхи цæстæй куы федтаиккой, уæд сæ зæрдæты маст хуыздæр ссыдаид, æмæ та уыцы тæссарвад, Хызы фидары цур мæрдтæй куыд сыстад, афтæ ногæй куы сыста, ууыл хъуыды кæнгæйæ Челæхсæртæджы зæрдæ кæрчытæ нæ хæриккой. Бас кæй басудзы, уый доныл дæр фу фæкæны. Челæхсæртæгæн ма йæ удыл, дойнаг дурау, уæз кæны ноджы иу хъуыддаг: сахары мæсгуыты цъуппытæ фæринкау цы рухсы цæджындз рацъыкк кæны, уый Дзæцъуйы нæ хъыгдары? Карды комау ыл ауайы æмæ йæ зæрдæйы судзинау фæныхсы? Бирæ цæрæд Дзæцъу! Уыцы рухс йæ фæдыл цал лæджы цæстæнгас асайы? Нæ сæ банымадта? Банымайын сæ хъæуы, Æртыккаг дунейы царды боныхъæд уыдонæй у! Фыдызнæгты æфхæрæн хотых хорз у, фæлæ уым нæ ныцъцъист кæндзынæ рухсы цæджындз. Цæджындз чи суадзы, уымæн ис амарæн, фæлæ уый цы расайдзæн. Дун-дунейы зынгсирвæзт æмæ бынысæфт? Сослан ныххаудта Сау цъыззы цъасы, Нартæн се ’ннæ хуыздæртæ дæр ам сты æмæ сæ сæрыл чи рахæца, ахæм нал и, фæлæ Хурзæрин бынтон куы бамынæг уа, уæд Лæгъза æмæ Дзæцъу сæхæдæг цы фæуыдзысты? Дзæцъу æнæ хурæй дæр хорз фæцæрдзæн. Уый зоны Лæгъза, фæлæ йæхæдæг та?

Дæргъы ставд рæхысы цæгтæ кæрæдзийыл хал кодта æмæ сæ хъулон-мулон дурæй конд даргъ бæлæгъы цæхджын доны сæрыдта. Дзæцъу йæ сæр хордзены цæстау Челæхсæртæджы рахиз уæхскыл бавæрдта. Йæ цъупп былтæ йын йæ хъустыл сныхæста æмæ сусæгæй загъта: «Иллитт-биллитт, Лæгъза мæт ма кæнæд! Кæд Хурзæрин йæ коммæ нæ бакæса, уæд та исты æрымысдзысты. Йæ тынты сырх-сырхид цæджындзы амæттаг нæ фæкæндзысты Æртыккаг дунейы фæрныг цард!»

Лæгъза æмæ Дзæцъу куырдадзæй сæйраг мæсыджы ’рдæм араст сты. Адæймаджы фырт ницы дзырдта, фæлæ дæлимон уæддæр æмбæрста: цъистгæнæн Сослан æмæ Чермены кæй æрыссадта, уый Лæгъзайæн иттæг æхсызгон уыди, фæлæ йæ зæрдæйы нæ цух кодта, Хурзæрин ыл æнустæм цы рис бафтыдта, уый.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.