Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





VII. ЦЫ УЫДИС РАСТ УЫНДЖЫ ФЫЦЦАГ КУЛДУАРЫ ФАЛЕЙÆ



VII. ЦЫ УЫДИС РАСТ УЫНДЖЫ ФЫЦЦАГ КУЛДУАРЫ ФАЛЕЙÆ

Сослан куыддæр йе ’муд æрцыд, афтæ йæхиуыл ррахæцыд, фæлæ йæ бон сыстын нæ бацис. «Цы уыдис уый? Цахæм тых мæ аууæрста йæ быны? Ацы дæлимонтæ мын иуфæлтæр мæ бæхы хæфсытæ дæлдзæхæй куы рæхуыстой, уæд ныр та цæмæй архайынц? Науæд нана æмæ Чермен цы фесты?» Йе уæхсчытæ банкъуыста, йæ къæхтæ æрбатымбыл кодта æмæ йæ уæрджытæй сыджытыл уæлæмæ схæцыд, фæлæ йæ не суагъта. «Æвæццæгæн мыл æнæхъæн хох рафæлдæхтис! Цымæ Дзындз-аласа та чердæм фæхауд?» Æрдæбон æй уыцы æвирхъауы уылæн куы ныццавта, уæд аивæй фæхатыд, йæ сæрмæ мæнг хуры дуне цæджджинагау кæй рафыхт æмæ алфамбылай сыджытлæсæн кæй фестад. Адæргæй йе згъæр атæвд æмæ йыл уымæл сыджыт куы аныдзæвдис, уæд йæ цъыс-цъыс ссыд æмæ йæ уæлæ згъæрсыгъдон аззад. Куырдалæгон-иу йæ куырдадзы æндон куы фыхта, уæд ма-иу уымæн абадтис сæ сæрыл ахæм чырсгонд. Уылынджы бæзнæн сыджыты цъар асыгъдис æмæ ахъæбæр ис йе згъæрыл. Фæтасын нал куымдта æмæ йын йе ’рмттæ атилыны фадат нал лæвæрдта.

— Дæ къæхтæй сархай æмæ дæ уæрджыты сæртæй стон сыджытсыгъдоны танхъа! — æрбайхъуыст Сосланмæ кæйдæр уынæр æмæ йæ цæсгомыл дзурæджы комытæф куы аныдзæвдис, уæд æй базыдта, Дзындз-аласайы йын сыджытуылæн йæ тæккæ цур кæй аныгæдта.

— Сыджытсыгъдоны танхъа, къæрцкъæрцгæнгæ, азгъæлдис, фæлæ мыл сыджыт уæз кæны æмæ мын уыцы сыгъдоны джипп атоныны фадат нæ дæтты, — дзуры Сослан йæ Дзындз-аласамæ.

— Абæсты æппæт дæр зыгъуыммæ аразын кæй хъæуы, уый дæ ферох ис, Сослан? Сыджыты агъуд дæ къæхты цъуппытæй стон æмæ зыгъуыммæ сбыр уæлæмæ! Стæй дæ уæлæ цы сыгъдон ныхъхъæбæр ис, уымæн дæр исты хостæ кæндзынæ! Фæтагъд кæн æмæ уал мæн сис дæлсыджытæй, стæй та Чермены бацагурæм, кæннод æй сыджыт æнустæм йæхимæ куы айса!..

— Æмæ дæ нана ферох, Дзындз-аласа?

— Нана уд у æмæ уæ дыууæ Чермен куынæ фесæфат, уæд уымæн дæр тас нæу!

— Æмæ дæхи та цæмæн фæразæй кодтай, кæд ма мын кодтай афтæ?

— Чермены æнæ мæн не ссардзынæ æмæ уымæн! Тагъд фæкæн!

Сослан йæ къæхтæ æрбатымбыл кодта æмæ йæ уæрджытæ суанг йæ роцъойы онг схаста. Йе ’нæсæрст уæраджы къæхцытæ йын сыджытсыгъдон ахафта, фæлæ йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта, афтæмæй йæ къахфындзтæ сыджытхæрвмæ фæцарæзта æмæ йыл уæлæмæ схæцыд. Ахæм къæс-къæс ныккодта, цыма Тары фырт Мукара малы цъенгæ ихыл йæ уæхсчытæй уæлæмæ схæцыд. Мыдзбырау батæлфыд, йæ буар йæ къæхтæй уæлæмæ сыссыдта æмæ йæ саджилы æмбæрц зæххы хуынчъы ауыгъдæй куы аззадис æмæ йæ къæхтæ сæрибарæй куы банкъуыста, уæд базыдта, сыджыты агъуд уæлæмæ кæй стыдта, уый. «Æгæр-æгæр, дис кæнын, кæд мын срæдау Хызы мæнгард фырт! Багъæцæд, æз æй æрфæрсдзынæн, адæймагыл мæнгардæй цæуын куыд хъæуы, уымæй! Стæй уый дæр айхуызæн æвирхъауы хæцæнгарзæй! Чермены ма куы ссарин, уæд æй фыццаджы райдианы бафæрсин, зæхх цы æвирхъауы тых сызмæста æмæ йын йæ хуылф зыгъуыммæ чи рафæлдæхта, уымæй! Уыцы мæнгардæн иугæр йæ къухы ахæм тых бафтыдис æмæ хæйрæджыты æлдаримæ схæлар ис, уæд йемæ хъазынтæй нал у!» Ноджы ма иу хатт фесхуыста йæ буар, йæ синтæ дæр фæуæлсыджыт кодта, æмæ йе згъæрæй йæ буары ’хсæн уымæл сыджыт куы ныккалдис, уæд ын фехцон ис. Куыддæр фестадис, афтæ йæ цирхъмæ фæлæбурдта, алфамбылай æппындæр ницы зындис. Зæххы рыг бæгæныгъуыз уæлдæфмæ схæццæ ис æмæ Раст уынджы урс гæрзыл, сау мигъы пъæрайау æрбадтис. Дзæцъу æмæ Челæхсæртæджы згъæрджын хæстонтæ нæ, фæлæ мæсыджы цъуппыл ауыгъд мæнг хуры сырх-сырхид цæст дæр нал зындис æмæ Сосланмæ афтæ фæкаст, цыма ногæй сыджыты агъуды мидæг ныххаудта. «Цалынмæ ацы мигъы пъæра ныббада, уалынмæ мын Дзындз-аласайы скъахын хъæуы!.. Стæй та нана æмæ Чермены бацагурдзынæн!.. Æниу Нанайы цæй агурын хъæуы, уый уд у æмæ, æвæццæгæн, кæмдæр арвы тыгъдæдты ратæх-батæх кæны!»

Кæцæй сбырыд, уый тæккæ фарсмæ цирхъ ныццавта æмæ дзы æрмæрины бæзнæн фæлтæр фелвæста. Тагъд-тагъдæй дзы айрох ис, йæ Цереччы згъæрыл тæвдæй цы сыджыты цъар бахсыстис æмæ йын æртасыны фадат чи нæ лæвæрдта, уый. Йæ цонг-иу куы фæхъил кодта æмæ-иу куы æртасыд, уæд та-иу сыджытсыгъдоны хæрвæн йæ хус къæрцц фæцыд æмæ та-иу дзы æрхауд зыкъуыритæ къæртт. Мигъы сау пъæра цадæггай лæзæрдис, хæдзæртты æндæрджытæ тæнæг фæлмы мидæг разындысты. Сослан йæ архайд фæтагъддæр кодта, цæмæй бынтон ма раирд уыдаид æмæ Челæхсæртæджы хæстонтæ йæ уæлхъус ма февзæрдаиккой, уый тыххæй.

— Цирхъæй мауал къах, ныр та дæ къухæй сархай, Сослан! — сдзырдта йæм сыджыты тæнæг фæлтæры бынæй Дзындз-аласа.

— Хатыр, Дзындз-аласа, дæ цæст дын сцæйкъахтон!

— Уый ма нæ хъæуы, гъе! Тагъддæр, мигъ фæлæзæры æмæ уынг куы разына, уæд Хызы фырт йæ дæлимонтимæ рафсæрдзæн!

Сослан ма сыджыт иучысыл акъахта æмæ Дзындз-аласайæн йæ сæр куы разындис, уæд ын йæ дыууæ хъусыл ныххæцыд, уæлæмæ йæ сивæзта æмæ йæ зæххы агъудæй систа. Æфсургъ уынæргъгæ фæгæпп ласта æмæ йæхи бауыгъта, куыдз донæй схизгæйæ, йæхи куыд бауигъы, афтæ.

— Ныр тагъд мæ фæдыл цу, æмæ дын æз кæм зæгъон, уым-иу ныццæв дæ цирхъ! Тагъд фæкæн, уый дын мæрдты бæстæ нæу! Дæлæ уыцы дæлимонтæ дын дæхимæ кæй хъавынц, уый дæ рох ма уæд!

— Дзындз-аласа, ды æппæтзонæг дæ æмæ йæ зондзынæ: нана цы фæцис æмæ нæм цæмæннæ сиды?

— Нана дæр та зындзæн, фæлæ, мыййаг, ме ’мгъуыд куы аивгъуыйа æмæ дæм лæгау куынæуал сдзурон, уæд-иу мын мæ мыр-мырмæ хъус!

— Хорз, фæлæ уал дæ мыр-мыр куы фæуадзис!

— Чермен æмæ йæ бæхæн æнæ мыр-мыр агурæн нæй! — загъта Дзындз-аласа æмæ Сосланмæ нал фæкаст, афтæмæй иучысыл ауад, йæ сæр зæхмæ æруагъта æмæ, мырмыргæнгæ, ныхъхъуыста.

Сослан Дзындз-аласайы уæлхъус балæууыд æмæ йын йæ мыр-мырмæ лæмбынæг ныхъхъуыста. Иугæр ын зæхх йæ мыр-мыр куынæ айста æмæ йын мигъы пъæрайы куы апырх ис, уæд æфсургъ йæ сæр уæлæмæ сдардта æмæ та чысыл фалдæр бауад. Хæмпус сыджыты мидæг ныхстысты, уыцы æвирхъауы срæмыгъд зæхх кæйонг бахуым кодта, уый нæ зындис мигъы сау пъæрайæ. «Дзындз-аласайæн йæ сæр кусы! Ома мын зæхх мæ мыр-мыр куы нынцъира, уæд æй зон: уым зæхх мæнг у æмæ мæнджы мидæг чидæр хуыссы!» Бæх йæ мукъутæ зæххыл нындæгъта, афтæмæй бамыр-мыр кодта, æмæ та йын йæ мыртæ сыджыт куынæ айста, уæд та чысыл фалдæр бауад. «Дзæцъуйы къæдзилджын дæлимонтæ сæхæдæг дæлдзæххыты цæрын сæ сæрмæ нал хæссынц æмæ сæ талынг паддзахадмæ нæ дыууæ Чермены ныттæрынмæ хъавынц, фæлæ сын цы бантысдзæн, уый бæрæг нæма у! Нæ, Хызы мæнгард фырт, уæлдзæхæн не схицау уыдзæн æмæ Хурзæрин дæ къухы бирæ нæ фæхъизæмар кæндзæн, Дзæцъу нæ, фæлæ Тары фырттæ дæр дæ фарсмæ куы слæууой, уæддæр!.. Уæлдзæх æмæ Хурзæрин сты дун-дунейы ныййарджытæ, мæ мыггаджы мын зæхх хъуамæ урома æмæ йæ Хурзæрин тава! Ды та дæлимонтимæ сæмдзæхтон дæ æмæ дæхæдæг ныццу, иуфæлтæр мын мæ Дзындз-аласайы къæхты хæфсыты фаттæй кæцæй æхстой, уырдæм!»

Уалынмæ Дзындз-аласа уынгæг хъæлæсæй бамыр-мыр кодта. Йæ мыртæ сау мигъы пъæрайы зырнæджытау нал апырх сты, фæлæ сæ зæхх нынцъырдта æмæ ма сын сæ дыдзы зæл Сослан тыхæйты фехъуыста, йæ бынатæй нæ фезмæлгæйæ, дыккаг хатт бауасыд æмæ Сосланмæ афтæ фæкаст, цыма æфсургъы къæхты бын зæхх уыдис мæнг æмæ йын нæ мыртæ æнцъырдта, уый. Дзындз-аласайæн йе ’мгъуыд аивгъуыдта æмæ йæм лæгау нал сдзырдта, фæлæ йæ раззаг къахæй зæхх ныххоста æмæ йæ къаххындзæгæй Сосланæн ацамыдта, ома, ам æрцæв дæ цирхъæй, мæ хъæлæс ам ныссæфт.

Йæ амондæн Чермен тынг арф ныгæд нæ разынд, Сослан æмæ йæ Дзындз-аласа уайтагъд ракъахтой йæ куырæты зæрондыл уымæл сыджыты къуыбæрттæ нындæгъдысты, йæ цæсгом ныццамæхст æмæ йæ рихитæ нычъчъиу сты. Сау бæх йæ тæккæ фарсмæ разындис. Хайуан адæймаджы уынæр куы фехъуыста, уæд базмæлыд æмæ йæ къæхтæ батылдта. Йæ саргъ галиуæрдæм фæкъул, йæ бецыкк нычъчъиу, йæ сæр ын куы ракъахтой, уæд йе згъæллаггом аууылдта æмæ бауасыд, фæлæ сыджыт йæ хъуыры фæбадтис æмæ ферхæцыд. Чермен, уæлгоммæ хуысгæйæ, исдуг йæ дзых, сурмæ æппæрст кæсагау, фæхæлиу-фæхæлиу кодта. Стæй æвиппайды фестад, йæ цæстыты къуырфытæ асæрфта æмæ йæ тæккæ фарсмæ сыджыты мидæг йæ бырынкъæй сагъд хъыримаг фелвæста. Ахæм архайд кодта, цыма не ’рæрвонг æмæ йæ цуры чи лæууыд, уыдон нæма базыдта. Йæ бæхы саргъ бараст кодта, йе ’хтæнгтæ йын сæлхъывта æмæ йæ хъыримаджы хæтæлы хуынчъы акаст.

— Сатана цы фæцис, Сослан? — сæнтхъæр фæкодта Чермен.

— Æз мæнæ дæн, фæлæ уæхимæ æркæсут, мæ хъæбултæ! — уæлæрвтæй дзурæгау сæм æрдзырдта Сатана.

— Нана, æгайтма удæгас баззадтæ! — фæхъæр кодтой Сослан, Чермен æмæ фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодтой.

— Мæн ма агурут, мæ хъæбултæ, фæлæ уæ фæндаджы кой бакæнут, бирæ рæстæг уын нал баззад! — йæ хъæлæс фæныллæгдæр кодта Сатана.

Уайтагъд сæ бæхтыл абадтысты, цалынмæ сæ фæцагайдтаиккой, уалынмæ ма Сослан иу сидт фæкодта:

— Нана, дæхи мын иу хатт уæддæр равдис!

— Мæхи дын куы равдисон, уæд æнустæм хъуамæ баззайон дæ фарсмæ æмæ мæнæн та хъахъхъæнинаг у æгасæй нæ мыггаджы фарн. Фæлтау цæут æмæ уæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд та уæм æрсиддзынæн!

Сæ бæхты фæцагайдтой, чысыл фалдæр Чермен Сосланæн загъта:

— Диссаг дæм нæ кæсы, Сослан? Ацы фæстæмæкъахджынтæ дæ иуфæлтæр сæ судзгæ фæттæ дæлдзæхæй æхстой, ныр сæ паддзахад ныууагътой, уæлдзæх сæхи бакæнынмæ хъавынц æмæ сæ фæнды, цæмæй сæ талынг дунемæ мах ныттæрой!..

Сослан, цыма йе ’взаг аныхъуырдта, уыйау бамыр æмæ йæ сæры мидæг, цъысцъысгæнгæ, ссыгъдис иу хъуыды: «Æвæццæгæн, уый дæр ацы мæнг хуры дунейы фæтк у, æндæра Черменмæ куыд февзæрдаид мæ сагъæсы халдих? Чи зоны, Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу развæлгъау базонынц, сæ мæнг хуры бын чи балæууы, уый æмæ сæ бицъынæг уымæн фæцæйскъуынынц! Челæхсæртæджы мæнгардæн кæд йæ къухы цахæмдæр кæлæн тых бафтыдис, уæддæр мæ аргъуц кæны æмæ мæм æрдæбон йæ ныфс уымæн не ’рбахаста! Кæннод мыл куыдзау йæ къæдзил не стылдтаид æмæ мын нæ загътаид, Сослан, дæ фæндаг раст æмæ Уастырджи де ’мбал, зæгъгæ! Цы сæ уæлфад гал лæууы, æнæтугæргæвст сæ цæмæн кæны, нæ дыууæ Чермен сæм кæй нæ бафысым кодтам, уый?»

— Æмæ мæнæн дæр мæ фыццаг хъуыды уый куы уыдис, Чермен! — æрæджиау ын дзуапп радта уый. — Уæддæр диссаг у, мæнгард Челæхсæртæг æмæ фæстæмæкъахджын Дзæцъу зæхх цæмæй сфæйлыдтой æмæ йын йæ хуылфыдзаума куыд рафæлдæхтой, уый! Ома, Дзæцъу йæ дæлимонты иу хай дæлдзæх ныууагъта æмæ ацы зæххызмæстытæ бынæй уæлæмæ уый бакуыста?

— Нæ, Сослан, ахæм зæххызмæстытæ лæг айдагъ къухæй нæ сараздзæн, дæлзæххыты дæлимонты æфсад нæ, фæлæ Тары фырттæ куы бамбæхсой, уæддæр! — йæ сæр банкъуыста æмæ гæзæмæ бахудæнбыл ис Чермен.

— Уæдæ цы у уый, Чермен, цы? — уæгъд æй нал суагъта Сослан.

— Топпыхосы йеддæмæ ахæм зæххызмæстытæ ницы расайдзæн.

— Топп йæхæдæг цы у æмæ йæ хос цавæр гуыбынниз у? — фырдисæй йæ цæстытæ фæирд кодта Сослан.

Чермен иуæрдыгæй сагъæс кодта, мигъы пъæра кæй æрбадтис æмæ Раст уынг армытъæпæнау кæй разындис, ууыл. Иннæрдыгæй та дзуапп агуырдта Сосланы фарстæн. Йæ рæстæг æй нæ амыдта æмæ йын цыбыртæй куыд бамбарын кодтаид, топп æмæ йæ хос цы уыдысты, уый? Мæрдты бæстæ цæмæйдæр Æртыккаг дунейы æнгæс уыд æмæ Барастыр йæхи нæ тыхсын кодта, йæ дæлбартæй йæм иутæ цы миниуджытæ æрбахастой, уый иннæтæн бацамоныныл. Æниу уый амоныны аххос дæр нæ уыд! Дзæнæты кард, хъыримаг æмæ топпыхос ницæмæн хъуыдысты æмæ-иу уæлион бæстæй алчи йемæ æрхæсгæ хæцæнгарз никæмæн равдыста, афтæмæй-иу æй бамбæхста. Ардæм дзæбæх зæрдæйы йеддæмæ æрбахæссын ницы хъæуы, зæгъгæ, амыдта Барастыр æмæ-иу кæд искæмæн йæ бинонтæ йемæ хорз кард, цирхъ, хъыримаг, кæнæ арц рарвыстой, уæд-иу æй дардта æмбæхстæй. Стæй мæрдтыбæсты цæрджытæн сæ уавæртæ фæстæмæ акæсыны фадат лæвæрдтой, фæлæ сын размæ акæсæн нæ уыдис æмæ-иу кæстæр фæлтæртæ цæимæ æрбацыдысты, уый нæ зыдтой хистæр фæлтæртæ.

— Сослан, мæнæ уый дæхинымæры хоныс æфсæнлæдзæг, — йе уæхскæй йæ хъыримаг æриста Чермен, — æз та йæ хонын хæйрæджыты фос, мæ мад дæр æй афтæ хуыдта, æмæ уымæн. Иу æнгуырстаныдзаг сау хос ын мæнæ йæ хæтæлы ауадз, стæй йын йæ уæлæ хæцъилтæ æрнæм æмæ йыл уæлейæ æфсæйнаджы къæртт æрæвæр æмæ йæ сæхгæн! Стæй мæнæ уыцы судзиныйас хуынкъыл арт сдар æмæ мидæгæй йæ хос куы схæца, уæд ын йе ’фсæйнаджы къæртты диссæгтæм кæс!.. Иу уый хуызæн дæм куы уыдаид, уæд дæ Тары фырттимæ уыйбæрц дæлæ-уæлæ нæ бахъуыдаид, дыууæфондзыссæдз къахдзæфмæ сын сæ афтид куысыфтæджытæ ныппырх кодтаис!..

— Диссаджы ныхæстæ мын кæныс, Чермен!..

— Топпыхос чи æрымысыд, уый æрцахста арт æмæ йæ ахстæй адæймаджы къухмæ радта, афтæмæй йын загъта: мæнæ дын арт ахстæй æмæ искæмæ куы фæмæсты уай, уæд ыл æй суадз!.. Иу æнгуырстуаныдзаг хосæн йæ арты тых Мукара æмæ Бибыцы кæм афæлдахдзæн, уым иу къæртайыдзагмæ цæйас тых уыдзæн! Ды та афтæ, Дзæцъу йæ дæлимонты иу хай дæлдзæххыты ныууагъта æмæ ацы зæххызмæстытæ уый хин митæ сты, зæгъгæ! Нæ, Сослан, уыдон топпыхосы зæххызмæстытæ сты æмæ дæхи куынæ хъахъхъæнай, уæд дын деттæ дæ Цереччы згъæр æмæ дæ Бидасы така дæр бадон кæндзысты!

— Уæдæ куыд кæсын, афтæмæй нæ фæстæ хорз фæкуыстой адæймаджы мыггаг куынæггæнæн фосыл! — уайдзæфгæнæгау загъта Сослан.

— Адæймаджы хæрзиуæгыл дæр ма дзы исчи афтæ куы фæкуыстаид! Акæс-ма, Сослан, Челæхсæртæджы дæлимонтæ та раивылынц!

— Рауадз сæ, æз сын ам аккаг фæуыдзынæн!

— Сатана нæ æнæхъуаджы нæ фæдзæхста, фыццаг кулдуары фæмидæгут, зæгъгæ! Æвæццæгæн ма ноджы кæмдæр ифтыгъдæй лæууы Раст уынг æмæ та нæ быны срæмудздзæн, кулдуарæй мидæмæ куынæ бахизæм, уæд!

— Æмæ нæм уым цæлы фынгтæ æнхъæлмæ кæсдзысты?

Рыджы пъæра бынтон æрбадтис æмæ бæлццæттæ ныр федтой Раст уынджы æмвæтæнæй рацæйæфсæргæ æфсады. Сослан сæм йе уæхсчы сæрты цымыдисæй кастис æмæ фиппайдта, раззæгтæ се ’фсæнлæдзгуытæ цæттæйæ кæй дардтой. Зæххæн йæ гуымс-гуымс афтæ хъуыстис, цыма йæ дзæккорæй хостой. «Хæцут сыл, хæцут сыл, хæцут сыл!» — зæгъгæ, йæ кæрон нал скъуыдис уыцы хъæрахстæн æмæ тахтысты размæ. «Дæлимонтæн сæ фос дæр дæлимон у, æндæра æфсæнлæдзæджы хуылфæй арт куыд рарæмудзы, куыд схæцы æмæ æфсæйнаджы къæртт æддæмæ куыд рахæссы? Науæд æй Чермен йæхæдæг дæр хæйрæджы фос куы хоны, уæд ма йæ йе уæхсчы сæр ауыгъдæй цы дары!» — хъуыды кодта Сослан.

— Уым дæр нæм цæлы фынгтæ не ’нхъæлмæ кæсдзысты, фæлæ нын нана афтæ загъта æмæ йæ хъуамæ сæххæст кæнæм! — тызмæггомау загъта Чермен.

«Мæ мады мын Чермен дæр „нана“ куы хоны, уæд уый та цы у? Чи зоны, нæдæр нана у æмæ нæдæр Чермены мад! Чи зоны нæм уый зæхх йæхæдæг фæсиды æмæ йæ мах та нана æнхъæлæм! Æниу зæхх дæр нана у, уæдæ цы у, фæлæ иугæр йæ риуыл мæнæн радта фæндаг, уæд ма Хызы фырты куыд уромы!? Науæд æнаккаг Лæгъза æмæ Дзæцъуйы байзæддаджы куыд суагъта уæлæмæ!? Науæд Хызы фырт куыд сæмдзæхтон ис семæ!?. Ай дын мæ къух, уыцы топпыхос у, цавæр гуыбынниз у, уый дæр Дзæцъуйы цоты æрбахæсгæ у абæстæм!» — бирæ цыдæртæ не ’мбæрста Сослан, фæлæ йын ныртæккæ рафæрс-бафæрс кæныны фадат нæ уыдис.

Æвиппайды Дзындз-аласа, мырмыргæнгæ, йæ фæстаг къæхтыл алæууыд æмæ йæ раззаг къæхтæ афтæ батылдта, цыма арвайдæнмæ сленк кæнынмæ хъавыд. Чермены сау бах дæр, тæхгæ-тæхын, йæ раззаг къæхтæ зæххы фæсагъта æмæ йæ синтæ суанг зæххы онг æрхаста. Дзындз-аласа спыхс ис æмæ размæ иу къахдзæф дæр нал акодта. Уæхи хъахъхъæнут, ацы дæлимонтæ та уын уæ развæндаг сфæйлыдтой æмæ уæ сыджытзæй йæ быны ма фæкæнæд, зæгъгæ, фæцыдис сæ хæд сæрмæ Сатанайы цъæхснаг хъæлæсы зæлланг æмæ йæ уæлвæд ахæм гæрах фæцыд, цыма Елиа æмæ Уацилла æрвдымбылæн йæ цæджындзтæ райстой æмæ дæлæмæ æрхауд. Уыгæрдæныл дымгæ куыд радыма æмæ йын йæ кæрдæг куыд ассæнда, афтæ сæ æвирхъауы уылæн бæхæй, лæгæй ассæста æмæ сæ æмбонды бынмæ æхсныфтау бакалдта. Куы фæгæппытæ кодтой æмæ сæ бæхтыл куы абадтысты, уæд Сосланы зæрдыл æрбалæууыд, йе ’фсымæртимæ сæргæхцы хуылфы цы уæйыг бамбæхст, уый хабар: «Чи зоны, мах дæр уыцы авд æфсымæрау нæ бæхтимæ сæрыстæджы хуылфмæ бахаудтам æмæ нæ фыййау йæ лæдзæджы цъуппыл фелвæста!» — ахъуыды кодта уый æмæ джихæй кастис, рыг, дур, сыджыт æмæ хæдзæртты сæртæ, кæрæдзиимæ сæмтъеры кæнгæйæ, арвмæ куыд стахтысты, уымæ. Сырх-сырхид цæджындз, гыбар-гыбур æмæ къуыскъуысгæнгæ, исдуг уæлæмæ ивæзтис, стæй йæ цъупп фæйнæрдæм ахæлиу, йæ чъилтæ дæлæмæ æртасыдысты æмæ къаппа-къуппайы хуызæн ссис. «Багъæц-ма, мæнгард Хызы фырт, æмæ æз та мæ фæринкæй аныхас кæнон демæ!» — æрбамæсты ис Сослан æмæ Дзæцъуйы дæлимонты æввахсмæ куы ауыдта, уæд йæ цирхъ фæцъортт ласта æмæ сæм фæцæйлæбурдта, фæлæ та йæ ногæй Сатанайы хъæр фæурæдта:

— Кæдæм лæбурыс, ме ’нæныййаргæ хъæбул, фæлтау ам банхъæлмæ кæс дæлæ уыцы сырх-сырхид цæджындз æркæлынмæ!

Рыджы сырхбын цæджындз иу ран андзыг æмæ нал фенкъуыст. Стæй уырдыгмæ цæуын райдыдта, йæ зокъо бырынкъыл уырынгтæ фæзындис, йæ кæрæттæ ранæй-рæтты æрлæбырдысты æмæ ныссуйтæ сты. Фæйнæрдæм куы анæрст æмæ куы ахæлиу, уæд та Елиа æмæ Уацилла ногæй гæрæхтæ райдыдтой æмæ бæлццæттæн сæ уæлæ æркалдтой къуыбæрттæ, стджыты схъистæ, хæдзарæмбæрзæн тъæпæн дуры цъæлтæ æмæ хъæды лыггæгтæ. Уылæн-иу хæдзары æмбæрзæн æд царыхъæдтæ фелвæста æмæ-иу æй арвмæ пæлæхсарæй куы сыскъæфта, уæд-иу йæ цъæхснаг сæххæтт афтæ анæрыд, цыма æрхуы тæбæгъæн йæ тæккæ астæу дзæбугæй фæцæфчындæуыд. Иуæрдыгæй сау рыджы пъæра æрбацæйлæстис змæст сыджыты обæуттæ стæргæ æмæ нæргæ, иннæрдыгæй та æрбацæйлæбурдтой дæлимонты æлдар Дзæцъу æмæ Челæхсæртæджы хæстонтæ, æмæ Сослан йæ цирхъыл уæлæмæ схæцыд.

— Чермен, ды мæ фæсчъылдым лæуу, дæуæн дæ цъар æгæр тæнæг у æмæ дыл ацы дæлимонтæ арт бафтаудзысты! — фæхъæр кодта Сослан æмæ сæм йæхи фæцæйуагъта, фæлæ та йæ Сатанайы цъæхахст фæурæдта:

— Дæ тых уыцы мæгуыртыл ма бавзар, ме ’нæныййаргæ хъæбул!

— Мæгуыр йæ артдзæсты фарсмæ фæбады, тыхгæнæг нæ фæцæуы, нана!

Æмвæтæнæй æрбацæйцыдысты. Сослан сын се ’хсæн Челæхсæртæджы рацагуырдта æмæ йыл йæ цæст куынæ схæцыд, уæд ахъуыды кодта: «Уый та æрæджиау равдисдзæн йæхи!»

— Уыцы мæгуырты ныууадзут æмæ сау рыджы пъæрайы уæхи бафснайут! — самыдта сын Сатанайы хъæлæс.

Сатана сын кæдæм бацамыдта, уырдæм сæ бæхты фæцагайдтой, фæстейæ сæм хъуыстис Дзæцъуйы цъæхснаг хъæр:

— Омбæ, мæ цæргæстæ, омбæ! Мауал фехсут, Сослан æмæ Чермен нæ уазджытæ сты æмæ нын семæ, рæдау фысымтау, æнæбадзургæ нæй!

Сосланæн йæ цæстыты къуырфытæ æмæ йæ хъустæ рыгæй байдзаг сты. Хъусгæ æмæ уынгæ ницыуал кодта, фæлæ аивæй æнкъардта, Дзæцъуйы дæлимонтæ сæ фæдыл кæй скъæрдтой, уый. Йæ дзых æрхуыйы ад скодта. Йе згъæры мидæмæ уымæл бахъардта æмæ йæ буар хилæгау æнæзæрдæмæдзæугæ лæгъз ссис. «Ай цы диссаг у, ме згъæры фат куынæ хизы, уæд дзы ацы æнаккар рыг куыд бахъардта!» Йæ такайы базырыл уæлæмæ схæцыд æмæ йе ’нгуылдзтæй йæ хъусты хуынчъытæ ракъахта, мыййаг мæм Сатана æмæ Чермен куы сидой æмæ сæ куынæ фехъусон, зæгъгæ. Хорз уыдис, Дзæцъуйы фæдисы сидт кæй нæ фехъуыста, уый! Кæннод чи зоны фездæхтаид æмæ йæ афарстаид; алæ-ма, фæстæмæкъахджын, дæ уазæг мæ куы хоныс, уæд ма мæ фæстейæ, æрра куыдзау, сургæ та цы кæныс, зæгъгæ.

— Сослан, Челæхсæртæг у, Дакко у, æви цавæр гуыбынниз у, уый та йæ дæлимон хæларимæ цахæмдæр хин ми æрымысыд æмæ нæ фæсайынмæ хъавы. Ды, æвæццæгæн, æрдæбон нæ фехъустай уыцы сæфтæгджыны ныхæстæ! Омæ, мæ цæргæстæ, æхсгæ мауал кæнут, Сослан æмæ Чермен нæ уазджытæ сты æмæ семæ рæдауæй хъуамæ бадзурæм, зæгъгæ, сидтис йæ дæлимонтæм! — тызмæггомау загъта Чермен.

— Куыддæр Дзæцъуимæ ныхасыл слæууат, афтæ Раст уынджы фыццаг хæдзары кæртмæ баирвæзыныл уæ къух сисут! — Сосланы бæсты йæм кæцæйдæр æрдзырдта Сатана.

— Нана, ам ма дæ? — бацин кодта Сослан.

— Цалынмæ кулдуарæй баирвæзат, уалынмæ мын ацæуæн никуыдæм ис, фæлæ размæ скъæрут!

Куыддæр сау рыджы пъæрайæ агæпп кодтой, афтæ Раст уынджы рахиз фарс сæ разы февзæрдис; дыууæрдыгæй згъæрджын хъарагъултæ кæй хъахъхъæдтой, ахæм æфсæн кулдуар. Хъарагъултæ цыртытау бандзыг сты, се ’рттиваг сæрзæнттыл мæнг хуры тынтæ асалдысты. Се ’фсæнлæдзгуытæ сæ фæрстæм нылхъывтой, афтæмæй кæдæмдæр кастысты æмæ сæхи афтæ дардтой, цыма Сосланиты нæ фиппайдтой. Авд ивæзны дæргъæн дыууæ цырагъцъупп цæджындзыл бæрзонд æфсæндуар бацауыгъдæуыд, йæ сиучыты рæнхъ сæрвасæнау зындис. Кулдуары цæджындзтæй фæйнæрдæм ахаста, йæ сæрыл уылынгæй-уылынгмæ æрттигътæ сагъд кæмæн уыдис, ахæм хъулон-мулон дурæйамад бæрзонд къул. Йæ фаллаг фарс æппындæр ницы зындис æмæ дзы уынæр нæ хъуыстис. «Уый хуызæн æфсæнцæджындзтæй-иу Зилахары быдыры хъабахъхъытæ сарæзтам, фæлæ ам цы куыст кæнычц æмæ ацы хъахъхъæнджытæ цы хъахъхъæнынц?»

«Ацы хъарагъултæ ам æнæхъуаджы нæ ныхъхъил сты!» Йæ сау бæхы хъен слæууын кодта Чермен.

— Сослан, мæ хъæбул, ам дын хинæй архайыны рæстæг нæй, фæлæ кулдуар басæтт, цалынмæ Дзæцъуйы дæлимонтæ рыджы пъæрайы нæ рагæр-гæр кодтон, уалынмæ! — загъта Сатанайы уд.

— Саслан, хъарагъултæй иу — дæу, иннæ та — мæн! — фæхъæр кодта Чермен æмæ Сослан йæ цæсты зулæй ауыдта, йе ’мбæлццоны æфсæнлæдзæг куыд бахуыфыд, йæ бырынкъæй арты æвзаг, калмы æвзагау, куыд расыллынг ласта æмæ хъарагъултæй иу йæ цонгмæ куыд фæлæбурдта, уый.

Сослан Дзындз-аласайы комкоммæ хъарагъулы уæлæ баскъæрдта, фæлæ йæм хъахъхъæнæг йе ’фсæнлæдзæг фæдардта æмæ бæхджын фепкъардта, йе згъæрыл хуыры нæмыджы къæрцц куыд фæцыд, уый. Хъахъхъæнæджы йе ’фцæгготæй фелвæста, къулы уæлæ йæ сныхæста æмæ йыл фæхъæр кодта:

— Кулдуары дæгъæл!

— Мæнмæ нæй, уæртæ Зæнджимæ ис! — йæ цæстытæ бацъынд кодта, афтæмæй срæцыгъта хъарагъул.

Чермен хъарагъулæн йæ къухæй йе ’фсæнлæдзæг стыдта æмæ йæ кулдуары ’рдæм йæ разæй тъæппытæгæнгæ ахаста.

— Кулдуар бакæн, кæннод дын дæ афтид куысыфтæг ныххалдзынæн!

Хъарагъул, йæ цæфыл хæцгæ, Черменмæ бакаст æмæ ныхъхъæрзыдта:

— Мæнæ ме згъæрыл мæ зæрдæйы комкоммæ чысыл æфсæнагъуд ис æмæ уыцы æфсæнагъуды мидæг фен дæгъæл!

— Æмæ дын зæрдæ та кæм ис, сасчъы мыггаг!

Хæдзæртты тигъыл хъуынайау ауындзæг сау-сауид мигъы лæзæрд пирæнгæмттæ цадæггай тадысты. Дзæцъуйы дæлимонтæ ололитау уасыдысты, афтæмæй æрбацæйскъæрдтой, фæлæ цалынмæ æрбахæццæ уыдаиккой, уалынмæ Чермен гуыдыры хуынчъы дæгъæл æрзылда. Куыддæр кулдуар фегом ис, афтæ æппæты разæй кæрты Сослан смидæг ис. Чермен ма дуары зыхъхъырæй фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ фырдисæй йæ мидбынаты андзыг: дæлимонтæй иутæ бæхтыл бадтысты, иннæтæ та цъыхырыты бастыл бæхбадт акодтой. Сæ сау-сауид къæдзилтæй-иу бæхты тымбыл синтæ цъæхснаг къæрцц æркодтой æмæ та-иу сæ тымбылтæй сæ хæлæфты комдæлтæй фæдæлæмæ кодтой. Бæхтæ-иу фыртасæй ныххуыррытт ластой æмæ-иу кæлмдзæфау фестъæлфыдысты. Кулдуары сæрмæ хæлынбыттырау стахтысты æмæ Чермен афтæ фенхъæлдта, ныртæккæ мидæмæ æрбатæхдзысты, зæгъгæ, фæлæ сыл Дзæцъу йæ къух тæссармæ ауыгъта, æмæ сæ «бæхты сæртыл» дæлæмæ æрхæцгæйæ, зæххыл æрбадтысты. «Бæхты фелвæстой, куырискарст хуымы куыд æрсадзынц, афтæ сæ зæххы ныссагътой æмæ Дзæцъуйы алыварс æрбатыгуыр сты.

— Сослан, Дзæцъуйы дæлимонтæй иутæ, цъыхырыты бастыл бадгæйæ, кæнынц тæхгæ! Кулдуары сæрты мидæмæ куы æрбатæхой, уымæй тас у, фæлæ цалынмæ Дзæцъу семæ ныхас кæны, уалынмæ нæхи искуы бафснайæм! — дуар мидæгæй нывдызта æмæ цæугæ-цæуын загъта Чермен.

— Æрбатæхæнт æмæ, цы рамбулой, уый-иу Дзæцъу æмæ Челæхсæртæгæн раппæлæнт! Дæлдзæххыты арæнтæй æддейæ уыдонæн сæ разæй лæджы мыггаг куынæ цæуа, уæд хæстмæ нæ цæуынц! Куы æрбатæхой, уæддæр хинтæ æмæ кæлæнты йеддæмæ, æхсарæй никæмæн ницы ракæндзысты! — дыууæ хъахъхъæнæджы йæ разæй ассыдта Сослан.

Уалынмæ Дзæцъуйы хæстонтæ кулдуарыл сæхи ныццавтой æмæ йæ ахæм гæбар-гыбур ныккодтой, цыма йæ уæлæ дуртæ згъæлдысты. Дзæцъуйы хъиу-хъиуы фæстæ Челæхсæртæджы дзурын куы æрбайхъуыст, уæд Сослан йæхи фæгæмæл кодта æмæ лæмбынæг ныхъхъуыста: мæ хъæбатыр хæстонтæ, уыдон нын уæддæр никуыдæм аирвæздзысты æмæ мидæмæ ма батæхут, кæннод уыцы тæссарвадимæ æрмхæсты куы бацæуат, уæд та нын нæ хуыздæрты Сау цъыззы цъассы хай фæкæндзæн, зæгъгæ, сидтис Хызы фырт йæ хæстонтæм.

Йæ рудзгуытыл æфсæнхызтæ кæмæн уыдис, ахæм тъæпæнгомау агъуыстæй æртæ згъæрджын хæстоны рагæпп ласта, Сосланмæ се ’фсæнлæдзгуытæ фæцарæзтой æмæ йыл æмхъæр фæкодтой, æмгæрон ма æрбацу, кæннод дыл сау туджы къæвда æруарын кæндзыстæм, зæгъгæ. «Уæуу, мæнæ та мæм уыдон дæр се ’фсæнлæдзгуытæй куы æрдхъирæн кæнынц! Чермен мын раст загъта, ацы æфсæнлæдзæг мæ куы фæуыдаид, уæд Мукара æмæ Бибыцы уайтагъд фæдæлдзæх кодтаин!» — бахудæнбыл ис Сослан æмæ дыууæ хъахъхъæнæгæн сæ хæцæнгæрзтæм фæлæбурдта:

— Алæ-ма, кæд хъыхъхъаг куыйтæ стут æмæ уын искæуыл æнæфæхæцгæ нæй, уæд, мæнæ, уæхионтыл фæхæцут!

— Цы дæ хъæуы æмæ кæдæм бырыс? — афарста сæ иу Сосланы.

— Цы мæ хъæуы, уый дын ныртæккæ зæгъдзынæн! — багуым-гуым кодта Сослан æмæ сын иу цæстыныкъуылдмæ се ’фсæнлæдзгуытæ сæ къухтæй стыдта, афтæмæй сын сæ дæлдымджытæ йæ къахфындзæй скъуырдта: — тагъд, мæ разæй цæугæ, бынмизтæ!

— Кæдæм? — цæхгæр афарста Зæнджи æмæ Сосланитæ фæуыргъуыйау сты.

— Уæ бæхтæ мæнæ фæсдуар æрбæттут æмæ нæм æрбафысым кæнут! — фæцарæхст хъахъхъæнджытæй сæ иу æмæ Зæнджимæ йæ цæст фæныкъуылдта.

Зæнджи йе ’нæриссаг къухæй тъæпæнгомау, хæдзары дуар, талфтулфгæнгæ, фæцæйкодта, фæлæ цалынмæ уый йæ ми бакодтаид, уалынмæ Сатанайы хъæр ныййазæлыд Сослан æмæ Чермены хъусты:

— Уæ, ме ’нæныййаргæ хъæбултæ, фæсхæдзармæ уæхи айсут æмæ уырдыгæй нæсæттонты талынг къуыммæ ныххизут!

Нæсæттонты къуымы коймæ Зæнджи йæ дзых фæхæлиу, кодта æмæ йæ хурхысæртæй хъæр кæнынмæ фæкъæртт ис:

— Æтт, Æртыккаг дунейы сæрибар хъæбултæ, уæхи хъахъхъæнут тыхгæнджытæй!

— Сегасы дæр уæ разæй акæнут æмæ фæсхæдзармæ ацæут! — ацамыдта сын Сатанайы уд. — Уæ бæхты уал уым фæуадзут, уæхи дæр ардæм хъæуы æмæ фæстæмæ куы æрбаздæхат, уæд сæ бацагурдзыстут!

Сослан Дзындз-аласайы феуæгъд кодта æмæ фондз уацайраджы йæ разæй тъæппытæгæнгæ атардта. Чермен, хъахъхъæнджытæй цы хъыримæгтæ байста, уыдон сифтыгъта æмæ сæ йæ галиу уæхскыл æрцауыгъта, афтæмæй йæхи хæцæнгарз уацайрæгтæм ныддардта. «Ам цыдæр ис, нæсæттонты къуымы коймæ Зæнджи æнæхъуаджы нæ фæкъæртт ис хъæр кæнынмæ!» — хъуыды кодта уый.

Куыддæр уацайрæгтимæ фæсхæдзар фæаууон сты, афтæ Сослан фæйнæрдæм афæлгæсыд æмæ йæ разы тыгъд быдыр куы февзæрдис, уæд фæджихау. Мæ разы та Хызы фидары хуызæн фидар февзæрдзæн æмæ мын кæдæй-уæдæй мæ тых бавзарыны фадат фæуыдзæн, зæгъгæ, хъуыды кодта уый, фæлæ ахæмтæй куы ницы ауыдта, уæд дзыхълæуд фæкодта. Сурмæ æппæрст сæмсгæфы йе ’мбисыл куыд ачъепп кæнай, ахæм цæхгæрлыг ныллæг обæутты рæнхъытыл йæ цæст ахаста æмæ дзы алкæй фарсмæ дæр хъахъхъæнæг куы ауыдта, уæд йæ фæринчы фистон асгæрста. «Цавæр обæуттæ сты, хыссæйы тула йæ тæккæ æмбисыл кардæй куы ачъепп кæнай, уый хуызæттæ! Цы сты æмæ сæ цæмæн хъахъхъæнынц ацы дæлимонтæ? Обæуттæ хæрзæмхуызон, хъахъхъæнджыты згъæртæ дæр хæрзæмхуызон, асæй дæр сты æмиæстæ, цыма сыл синаг авæрдæуыд æмæ сæ уымæй срастчындæуыд! Обæуттæн сæ алыварс, калмы хæрвау, хъулон-мулон дурæйамад бæрзонд къул ивазгæ-ивазгæ æмæ къæдз-мæдзытæ æрзылдис. Хъахъхъæнджытæ сæхи афтæ дардтой, цыма ныртæккæ Æртыккаг дунейы цы хабæрттæ цыдис, уыдон сæм ничердыгæй хаудтой æмæ Зæнджийы фæдисы хъæр нæ фехъуыстой. «Зæнджийы фæдисы хъæрмæ адон змæлгæ дæр куынæ фæкодтой, уæд ай цы диссаг у? Цыма обæутты фарсмæ бæлæстау зайгæ æркодтой, уыйау лæууынц, фæлæ цы хъахъхъæнынц, уыцы цæхгæрлыг обæутты бын цы ис? Ай дын мæ къух, уый дæр та Хызы мæнгард фырты хин ми у! Чи зоны, адæймæгтæ нæ, фæлæ цыртытæ сты æмæ сæ искæйты фæсайыны сæраппонд æрæвæрдтой!.. Ома сæм æцæгæлон адæймаг куы ракæса, у&a



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.