Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





VI. РÆСТÆГ УÆДДÆР ЙÆ ЦЫДЫ ХАЙ КÆНЫ



VI. РÆСТÆГ УÆДДÆР ЙÆ ЦЫДЫ ХАЙ КÆНЫ

Раст уынг уæлæмæ куы стахтис æмæ рыджы пъæра уæлдæфы, сау мигъау, куы ахæлиу, уæд Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу ныццин кодтой, Нарты тæссарвад Сослан, кæд нæ фысымиуæгмæ дæ сæр не ’рхастай, уæд дзы уый та дæу, зæгъгæ. Ныр дæ гоби æмбалимæ дæлдзæххыты хæт æмæ дыл кæд уым, ды цы дæлимонтæ фæцагътай, уыдонæн сæ удтæ æрбамбæлой, уæд дын хорз фысым фæуыдзысты!

Дæлимонтæ схъиу-хъиу кодтой æмæ хæрдмæ фесхъиудтой: Лæгъза, нæ фыдызнагæй нæ фервæзын кодтай, фæлæ йæ ныр ауадз æмæ йын йе стджытæ скъахæм, куыройыл сæ æрыссæм, цæмæй йын йе ссад Цæрддзуйы дуæрттæй мидæмæ бахæссæм æмæ йæ нæ мæрдты ингæнтыл байзæрæм, зæгъгæ.

Фæлæуут, дæлимонты хуыздæртæ, Нарты Сосланмæ Челæхсæртæг сымахæй къаддæр нæ мæсты кæны, фæлæ йæ райдианы хъуамæ бауырна, йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ кæй ныххицæнтæ сты, йæ сæрытæбæгъ кæй фæхауд æмæ йын нырма дæр тулгæ кæй кæны! Йæ магъз кæй ныппырх ис æмæ йын сыджытимæ кæй схæццæ ис! Йæ тъæнгтæ йæ хуылфæй кæй ракалдысты æмæ йæ зæрдæ йæ цæвынæй кæй ныллæууыд! Уæд æм бацæудзæнис æмæ йæ уæлæ скафдзæн, иуфæлтæр уыцы тæссарвадимæ Нарты куывды куыд кафыд, афтæ. Фæлæуут уал, Лæгъзайы хъæбатыр хæстонтæ, кæннод ууыл мардæй дæр æууæнк нæй! Сау пъæра уал æрбада æмæ Раст уынг дæргъæй-дæргъмæ разына, цæмæй йæ бæлвырд бауырна, уыцы тæссарвад æмæ йе ’мбалæн сæ кой дæр кæй нал ис, уый! Стæй уæлбæхæй бацæудзысты æмæ кæддæр Дзæцъуимæ Цæрддзуйæ, Æртыккаг дунемæ цæугæйæ, дæлзæххыты фæндæгтыл авд боны æ?лæ авд æхсæвы куыд фæкафыдысты, афтæ сæ баззайæццæгтыл фæкафдзысты. Челæхсæртæг хæст æмæ хыл нæ агуры, фæлæ амонддæттæг бæстæм фыдбылыз куы кæса, уæд нæ бацуарддзæн хæцæнгарз спайда кæныныл. Адæймаг йæ фыдызнаг куы уа, уæддæр ын хъыг у йе сæфт, фæлæ Æртыккаг дунейы фæрныгад цы ’рдомдзæн æмæ йын цынæ снывонд кæндзæн! Рыг та, уæвгæнæ, афтæ тагъд не ’рбаддзæн, скæсæнт-ма йæм Æртыккаг дунейы амондджын цæрджытæ, кæддæра суанг уæлармвæ сау-сауидæй не сдаргъис!

Иуæрдыгæй йын æхсызгон уыд, йе ’ппæты тыхджындæр хæцæнгарз кæй нæ фæмæнг, Раст уынгæн йæ хуылф кæй рафæлдæхта æмæ Сосланиты дæлсыджыт кæй фæкодта, уый. Иннæрдыгæй та, уыцы сау-сауид рыджы пъæрамæ кæсгæйæ, йæ зæрдæмæ бахъуызыд фыдцъылыс сагъæс æмæ йæ уæгъд нал уагъта, уымæн æмæ ныртæккæ цæстæй цы федта, уый уыдис рæстæг æмæ адæймаджы зонды иудзинады фæстиуæг.

Челæхсæртæг рæстæгæн йæ сырхзынг къæхтыл сау рæхыстæ сæвæрдта æмæ йæ Æртыккаг дунейы æппæты хъæбатырдæр хъæбул Дзорсæн хъахъхъæнын кæны. Цæмæй йæ ма уыной æмæ йе ’рттывдмæ сæ хъуыдытæ ма змæлой, уый тыххæй йæ бамбæхста дард. Æхсæвтæ æмæ бонтæ кæрæдзи нал ивынц æмæ зæрингъуыз сæуæхсиды фæстæ сау зæрæхсид нал æрбалæууы, фæлæ дун-дунейы цард уæддæр рæстæджы æгæрон денджызы, æфсæст сæмсгæфау, кæй ленчытæ кæны, уый æнкъардта. Рæстæг у æппæтскæнæг! Челæхсæртæгмæ, Раст уынджы сау-сауид пъæрамæ кæсгæйæ, ахæм хъуыдытæ кæй æрцыд, уый дæр у рæстæг. Дун-дунейы æгæрон тыгъдады хæрзиуæг æмæ фыдми кæнынц мæрдвынæй æмæ сархайынц, адæймаг сæм куы бавналы æмæ сæ куы базмæстытæ кæны, уæд. Цæмæн сæм æвналыс, цæмæн сын кæныс семæ дæ хъуыды мыггагхæццæ, уадз æмæ фынæй кæной! Фынæйæ фыдракæнд нæу фыдракæнд æмæ хæрзиуæг та хæрзиуæг! Челæхсæртæгмæ гæсгæйæ рæстæг йæхæдæг у, адæймаджы хъуыды йемæ фæхæццæ кæнгæйæ чи райхъал вæййы, ахæм фыдми æмæ хæрзиуæджы арвистон æмæ дзы цæмæй хæрзиуæг равзæра, уый тыххæй йын йемæ хъуамæ мыггагхæццæ фæкæнай хорз адæймаджы зонд, фыдбылыз райгуырыны сæраппонд та йын йемæ мыггагхæццæ хъуамæ фæкæнай фыдадæймаджы сау фæндон. Адæймагæн йæ къухы цы ис, уымæй разы куы уа æмæ фылдæр ссарыны сæраппонд йæ хъуыды куынæ фæллайын кæна, уæд ын рухс амонд скæнын æнцон у. Уæд райгонд вæййы, куыд йæхæдæг, афтæ йæ хъысмæтыл хъуыды кæнгæйæ хуыссæг кæуыл нæ фæхæцы, уый дæр. Фылдæр домæг æмæ ног фæзындтæ агурæг зонд ын куы уа, уæд ын рухс амонд никуы скæндзынæ! Æнæрынцой та адæймаг вæййы, йæ хъуыды æмæ йæ зонд рæстæджы æмсис куы вæййынц æмæ кæрæдзийы зæрдæйы цавд куы фенкъарынц, уæд. Седæппæтæн дæр йæ райдиан у рæстæг æмæ адæймаджы хъуыдыйы арвистон. Адæймаджы хъуыды куынæ уа, уæд фыдми æмæ хæрзиуæджы ’хсæн арæн нæй, фæлæ рæстæг куынæ уа, уæд та хъуыды кæны мæлгæ. Челæхсæртæгæн йæ къухы бафтыдысты, сæ иудзинад фыдбылызтæ кæмæн расайы, уыцы рæстæг æмæ адæймаджы хъуыды, фæлæ æнæ уыдон цард мæлгæ кæй кодта, уый дæр æнкъардта. «Рæстæг куы амарон, уæддæр цард мæлы æмæ хъуыды куы амарон, уæддæр! Нæ, сæ иуы дæр нæ марын æмæ се ’ннæйы дæр! Фæлтау сæ дыууæ хнцæнтæй цæуæд æмæ-иу сæ иу се ’ннæмæ фæсидæд, мæн куы бафæнда, уæд!» — скарста йæхпмидæг Челæхсæртæг æмæ йæ Æртыккаг дунейы цæрджыты зондæй фæхицæн кодта рæстæг банкъарыны хъæппæрис. Арвистон уæддæр йæхимидæг абухта æмæ Хызы фырт архайдта, цæмæй рæстæгимæ алыхатт дæр мыггагхæццæ фæуыдаид, æппæтæй дæр разы чи у æмæ йын цы ис, уымæй фылдæр чи нæ домы, ахæм адæймаджы хъуыды.

Челæхсæртæг сæрыстыр уыдис йæ Æртыккаг дунейы скондæй æмæ-иу ыл куы афæлгæсыд, уæд-иу иуæрдыгæй йæхицæй ныббуц, иннæрдыгæй та-иу йæ сæрыхъуын арц слæууыд. Æртыккаг дунейы цардуаджы скондæн зонгæ уыдысты алы дугтæ дæр, фæлæ йæ цæрджытæ нал зыдтой, дуг æмæ рæстæг сæхæдæг цы уыдысты, уый. Алчи дæр дзы цардис, кæддæр ын йе сфæлдисæг æрдз æмæ дуг цы хъузг схай кодтой, уый хуылфы æмæ æппындæр дис нæ кодта, йæ сыхæгтæ сæ сæртæ æндæргъуызон хъузджытæй кæй сдар-сдар кодтой, ууыл. Адæймаг хæлц самал кæныны сæраппонд цыргъ дурæй сырдтыл цуан куы кодта, уыцы дугæй суанг топпыхосы дугмæ цыдæриддæр фæлтæртæ уыдис, уыдон иууылдæр ардæм æрæмбырд сты, фæлæ диссаг уыд, кæрæдзи ’хсæн æгæрон дугты атагъатæ кæй нæ фиппайдтой, уый.

Æхсыры цадмæ уыдис дыууæ миниуæджы. Уыдонæй-иу хайджын чи фæцис, уый-иу иуæрдыгæй ссис æнæмæлгæ, иннæрдыгæй та-иу ссæрибар æппæтæй. Фыццаг хæрзиуæгæн фаг уыдис æхсыры цады иу над, дыккагæн та хъуыдис иугæндзон хи найын, цæмæй адæймаг йæ ахадæнæй ма ссæрибар уыдаид, æрдз æмæ дугæн сæ хъузгæй ма сбырыдаид, афтæмæй фæйнæрдæм ма афæлгæсыдаид æмæ йæ сæры ма февзæрдиад цардуагон хъуыдыты уæз.

Челæхсæртæджы Дзæцъуйы дæлимонтæ æхсыры цады иу хатт ныппæрстой æмæ йæ уыциу над скодта æнæмæлгæ æмæ дзы иугæр уый фæстæ йæхи нал ныннадта, уæд йе ’рвонг зондæй фиппайдта, æнустæ йæ иувæрсты куыд хъуызыдысты, уый. Фиппайдта, афæдзтæ кæрæдзи куыд ивтой, уый æмæ йын кæд иннæты хъауджыдæр мæт, сагъæс, хъынцъым æмæ рис хицон уыдысты, уæддæр йæхи нымадта амондджыныл, алы дугæй дæр иу фадыг кæй æрцамадта æмæ уыцы лыггæгтæ, зынаргъ дуртау, голладжы мидæг кæй ныккалдта æмæ сæ йæ къухы кæй дардта, уый тыххæй.

Æртыккаг дунемæ фат æмæ æрдыны заманæй чи æрбафтыд, уымæн æхсыры цады алæмæт топпыхосы дуджы бæрзæндмæ схизыны фадат нæ лæвæрдта. Ахæм лæг йæ сыхаджы хъырнмагимæ лæугæ куы федтаид, уæд æй нæ бафарстаид, уый та де уæхсчы цæй гуымыдзасыдз æфсæнлæдзæг ис, зæгъгæ. Стæй хъыримагджын дæр нæ загътаид фат æмæ æрдыны хицауæн, мæ хотых тæссагдæр куы у, уæд фыдæлтыккон хотыхæй цæмæн архайыс, зæгъгæ. Уый уыдис, Челæхсæртæгмæ гæсгæ, Æртыккаг дунейы хæрзиуæг, йæ цæрджытæ сæхи амондджын кæм æнкъардтой, ахæм хицæн хъузджыты баст.

Æртыккаг дунейы цæрджытæ ногæй ницы ардтой æмæ ницы мысыдысты, уымæн æмæ-иу æхсыры цады алæмæт адæймагмæ нал ныууагъта ссарын æмæ æрымысыны фаг хъуыды. Дон змисы бын ныгæд æхсныф йæ сæрмæ куыд сласы, афтæ-иу æхсыры цад адæймагæн йе ’рдзы сконды сæрмæ сласын кодта, кæддæр йæ райгуырæн дунейы цы хъуыддагыл хæст уыдис, уый æмæ-иу афтæ æнхъæлдта, цыма йæм уыцы дæсныйад фæзындис ногæй. Ам цард йæ мидцавдæй нæ рæзтис. Кæд дзы цард рæзтис, уæддæр рæзтис, адæймæгтæ ардæм сæ хъуыдыйы кæй æрбахастой æмæ æхсыры цад йæ дамгъæ кæуыл сæвæрдта, уыцы æгæрон рæстæджы удæгас уаццæгты рæдзæгъдтæй, фæлæ уыцы удæгас уаццæгты ’хсæн цы бæттæг нуæрттæ уыдис, уыдон фæфиппайын амондджын царды фæтк нæ амыдта.

Челæхсæртæг Дзæцъуйы фæрцы фыццаг ардæм куы æрбафтыд, уæдæй нырмæ Хызы фидары сæйраг мæсыгау цыппæрдигъон мæсгуытæ аразыныл фæгæрз ис æмæ дзы ферохис азхыгъд. Иу дзæвгар азтæ æмæ æнустæ куы аивгъуыдтой, уæд æм цахæмдæр мидхъæлæс, йе ’взаг сыллынгсыллынггæнгæ, ныдздзырдта, рæстæг куыд цæуы, афтæ адæймаджы уды фылдæр рухс хъæуы, кæд Дзæцъуимæ сæмдзæхтон дæ, уæддæр тъымы-тъыматæм Хызы фыртæй баззайдзынæ æмæ дæ талынг мæсгуытæ рухс бæстыхæйттæй куы ранвис, уæд хорз бакæнис, зæгъгæ. Иуæрдыгæй йæ, калмы хæрвау, хъулон-мулон дурæй амад рагон мæсгуытæ ныххалын нæ бафæндыд, иннæрдыгæй ног бæстыхæйттæ Æртыккаг дунейы амондджын цæрджытыл æвзæр куы сахадыдтаид, уымæй фæтарст, аннæрдыгæй та йын Дзæцъуйы коммæ нæ бакæсгæ нæ уыд æмæ уыцы цыбæл мидхъæлæсмæ йæ хъус не ’рдардта. Дзæцъу уыдис йæ цæдисæмбал, уый йын ратта йæ къухмæ, адæймагæн рухс амонд кæмæй кодта, ахæм æвиллон тых æмæ йæ нæ фæндыд æбузн лæджы бæлæгъæй дон нуазын. Райдзаст бæстыхæйттæ нæ, фæлæ-иу бæрзонд мæсгуыты тызмæг къултыл сисамайджытæ куырæты дзыппыйас дæргъæццон сисдзæфтæ куы сарæзтой, уæд-иу Дзæцъу йæ цъæхснаг хъиу-хъиуæй нал банцад, цæмæн хъæуынц уыцы дзæгъгъæтт рухс кæлæн хуынчъытæ, мæ хъæбатыр дæлимонтæ фыдызнагимæ хæстмондаг куы свæййынц, уæд талынджы хуыздæр фæуынынц, зæгъгæ.

Сисамайджыты фæстагмæ уæддæр се ’рдзон ахуыр фæсайдта æмæ æнæрхъуыдыйæ райдыдтой тъæпæнгомау хæдзæрттæ аразын, фæлæ рагон мæсгуытæ ныххалыны хъуыды никæмæ æрцыд. Челæхсæртæджы бæрзонд мæсыгы цъуппæй сахар афтæ зындис, цыма йын йæ бындзæфхады мидæг исчи æрцытæ ныссагъта æмæ сæ арвмæ быцæу сæвæрдта. Фæзындис дзы рагон цыбыр фатгæрдтæ, уæззау цирхъытæ, даргъ кæрдтæ, калмы æвзагау — саджил фæттæ, арвыронау — æндыгъд æрдынтæ, сыхырнайау — хуынчъытæ уартытæ, лæгдæргъæн æрцытæ дыууæ ракæсæн хуынчъы кæмæн уыдис, ахæм æмæхгæд сæрзæнттæ кæфы иъары хуызæн згъæртæ, цæргæсы базырау — пакъа цæнгдыстæ æмæ зæнгдыстæ, рацæгъдæн куырдадзтæ, чъырызмæнтæн фыййæгтæ, сисамайæн æфсæнмигæнæнтæ, дурамайæн сæрттæ, фæрæттæ, æфсæнмæцъистæ, бæхы идæттæ æмæ сæргътæ аразæн æрмæдзтæ. Челæхсæртæг-иу сахары къуымтæй рæхысы уазал дзыгъал-мыгъул, кæнæ æндоны сыгъдæг зæлланг куы фехъуыста, уæд-иу йæ зæрдæмæ рухс ныккастис, фæлæ-иу хатт ныллæууыд, æрмæст сæ дыууæ Дзæцъу кæй банкъардтой, ахæм тас æмæ уæззау хъуыдыйы бон дæр.

Хатт-иу Челæхсæртæджы æрфæндыд рæстæджы бецыкк æрцахсын, цæмæй йын йæ базыртæ акъуырдтаид, иу ферттывдæй-иу адæймаджы сæры мидæг хъуыды цы цæстытæ базмæлын кодтой, уыдон скъахын æмæ сын сæ афтид къуырфыты æфсæн цурчытæ ныкъкъуырын! Уæд æй маргъау æфсæн хызы ныппæрстаид æмæ йын куыдфæстагмæ Æртыккаг дунейы цæрджытæ йæ ном ферох кодтаиккой! Æниу æй куыд ферох кодтаиккой, рæстæг хызæй æддæмæ рапуси уыдаид, хыссæйау снæрстаид, базыртæ йыл ногæй разадаид æмæ та стахтаид!

Хызы фырт нæ зыдта, хъæргæнаг уыд, уый, фæлæ афæдзтæ æмæ æнустæ кæрæдзи ранымадтой, Æртыккаг дунемæ амондагур лæгимæ æрбафтыд, æхсыры цады фæрцы чи банымæг, æмæ та йе ’рбахæссæджы æрдзон сконд, донласт æхсныфау, ногæй йæ сæрмæ кæй сласта, уыцы топпыхосы мидис. Ничи йæ агуырдта, никæй хъуыд, афтæмæй йæ рæстæг йæхæдæг æрхаста æмæ йæ, куыдзы мардау, кулдуарæй мидæмæ æрбаппæрста. Æваст æй æрбаппæрста æмæ сæм æрбадзырдта, фидар ыл хæцут, Лæгъза æмæ Дзæцъу, уый уæ ног дунейæн рæбинаг цæджындзæн сбæздзæн, зæгъгæ. Рæстæджы сæ удхæссæгыл нымадтой, фæлæ йæ дзæнгæлтæгæнæг сидтæн йæ иувæрсты ахизæн нæ уыд æмæ адæймаджы фырт дæлимоны цотимæ иумæ йæ къухтæ фæдаргъ кодта, йæ фыдгæнæг æм кулдуарæй, куыдзы мардау, кæй æрбаппæрста, уымæ. Йæ къух æм фæдардта, саби йе ’рдтæ зынгмæ куыд баивазы, афтæ, фæлæ уый ахæм рæмыгъд скодта, æмæ адæймаджы фырт таппызарты хай фæцис æмæ иуцасдæр рæстæджы йе ’муд нал æрцыд. Дæлимоны цот æм, йæ гыццыл цæстытæй, стæй, фаты æхситтау, цъæхснаг худт ныккодта æмæ йæ сау ныхтæй йæ хъуынджын рпу ныхгæ загъта: «Лæгъза, мæ ралгъитæг хуыцау кæд дæу дæр, мæ мыггагау, ралгъыста æмæ нæм нæ ног дунемæ йæ хæрзиуджытæ нал хæццæ кæнынц, уæддæр нын нæ къухы бафтыдта, нæ амонд ма цух цæмæй уыдис, уый! Адæймæгты загъдау, бирæгъы тасæй йæ фосы рæгъæуттæ бындзагъд ничи ныккодта æмæ йыл хæцын хъæуы фидар, иллитт-биллитт! Тæссаг у зæгъыс, Лæгъза? О, иллитт-биллитт, тæссаг кæй у, хорз дæр уымæй у!»

Мæсгуытæ аразæн хъулон-мулон дур цы цъассæй истой, уый куыдфæстагмæ стырæй-стырдæр кодта. Талынджы ахуыр дæлимонтæ йын, йæ иу кæронæй ракæсгæйæ, йе ’ннæ кæрон куынæуал суыдтой, уæд Дзæцъу Челæхсæртæгмæ чъылдымырдыгæй бацыд æмæ йын йæ мукъутæ йæ тæккæ хъусмæ бахаста: иллитт-биллитт, Лæгъза, дæ азар басудзæд Дзæцъуйы! Ды дæхæдæг зонды къуыбар дæ æмæ дын амонын цæмæн хъæуы, фæлæ дæлдзæххыты цæрыны æгъдæуттæ дæлимонты мыггаг хуыздæр зоны! Иллитт-биллитт, дæ иузæрдыг хæлар дын цы зæгъа, уый дæ зæрдæмæ куынæ бахæссай, уæд Æртыккаг дунейы амондджын цæрджытæн сæ ног бæстæ, чи зоны, сæ сæрыл æркæла æмæ, амонд агурыны фæндагыл чи фæцыд, уыдон фыдамонд фæуой. Уал æнусы дæргъы зæххы бынæй дур фæцыд уæлæмæ æмæ йæ сау-сауид хуылф бынтон сафтид ис, афтæмæй йæ уæлæ та рæзы, сæ цъуппытæ суанг цæстытæкъахæг цъæх-цъæхид арвмæ кæмæн фæцыд, ахæм мæсгуытæ. Иллитт-биллитт. Æртыккаг дунейы хицæуттæн сæ цæсты раз сырæзт, йæ кæрæтты бæхджын лæг авд боны æмæ авд æхсæвы кæмæн не ’рзилдзæн æмæ йæ саудалынг Дзæцъуйы дæлимонон удыл царвау кæмæн лæдæрсы, ахæм дæлдзæх. Кæд ын ахæм хуызы йæ фенд тынг æхцон у, уæддæр æм исчердыгæй хъæуы рухс бауадзын æмæ йæ цармæ быцæутæ сæвæрын, кæннод, чи зоны, сахар сæ сæрыл ныккæла! Иуфæлтæр Дзæцъу Лæгъзайы авд боны æмæ авд æхсæвы дæргъы, хъазгæ-худгæйæ, цы дæлдзæххыты фæракæн-бакæн кодта, уымæн мæнæ уыцы дæлдзæх йæ хъуыртты дæр нæ фæзындзæн, æмæ, чи зоны, афтæ зæгъы: кæд сæ иу нæ ныккалд, уæд иннæ дæр нæ ныккæлдзæн, зæгъгæ, фæлæ рох кæнын нæ хъæуы: уыцы дæлдзæх у Дзæцъуйы уæздан мыггаг ралгъитæг стыр хуыцауы (пуй, пуй, пуй!) конд, мæнæ уый та у адæймаджы арæзт, иллитт-биллитт!»

Челæхсæртæгæн йæ зæрдæмæ фæцыд Дзæцъуйы уынаффæ æмæ рауагъта ахæм бардзырд: нæ цытджын дунейы стыр фарны бафæндыд, цæмæй-иу дæлдзæхæн йæ хуылфæй дур куы фæкъахой, уæд-иу ын йæ сау-сауид мæнджы алы сæдæ саичъехыл хъулон-мулон къæйæн йæхицæй æрцамайой иугуыр цæджындзытæ. Цæджындзытæ хъуамæ лæууой, тар хъæды бæлæстау, хæццæ-мæццæ æмæ зыкъуыритæй нæ, фæлæ æмраст æмæ лæгъзамадæй. Рухсы тыххæй куы зæгъæм, уæд нын уый сæраппонд дæр мæнæ нæ, кæлмы хæрвау, хъулон-мулон дур йæхæдæг амоны фæндаг æмæ нын дзуры: дзæбæх ма мæ æрцамайут, карды бырынкъæй ма мæ ныххафут, мæ цæсгом мын ардуанæй сæмраст кæнут, кæддæра уæм стъалыйау нæ бахудон, зæгъгæ!

Уæдæй фæстæмæ-иу зæххы бын куы айгæрстой, уæд-иу алы сæдæ санчъехыл дурæй йæ алывæрстæ æрцамадтой, астæуæй-иу æй дурыны нарæг хъуыры хуызæн скодтой, кард æмæ ардуанæй-иу ныххафтой, афтæмæй-иу æй ныууагътой. Дæлдзæхæн йæ тæккæ талынгдæр къуымты хъулон-мулон дурæй йæ цæсгомыл галдзармы йас лæгъз гæппæлтæ сарæзтой æмæ-иу сæм дардæй куы ракастысты, уæд-иу афтæ рарттывтой, цыма æхсæвыгон сау мигъы пъæрайæ стъалы бахудтис. Уыцы мæнгстъалытæ фаг рухс куынæ раттой, уæд та Дзæцъу Челæхсæртæгæн бауынаффæ кодта, нæ дæлдзæхæн йæ цар ранæй-рæтты уæлæмæ схуынкъ кæнæм æмæ лæгъз гæппæлтыл хуынчъытæй рухс куы аныдзæва, уæд хуыздæр рарттивдзысты, зæгъгæ. Ацы Дзæцъу зондджын æмæ кæлæн у! Алы æнусыл дæр афтæ фембæлы, цыма дзы кæддæр фæцардис! Челæхсæртæг истæуыл куы батыхсы, уæд йæ хъуынджын къухты сау-сауид ныхтæ æхсынгæ йæ уæлхъус февзæры æмæ цыма йæ уды мидæг фæбады, уыйау æм бахуды. Ома, цæуыл тыхсыс, Лæгъза, уæдæй нырмæ дын дæ джитæнтæм кастæн æмæ мын дæ уæззау сагъæсæн йæ хос развæлгъау цæттæ у. Æдт, йæ бакаст ма адæймаджы хуызæн куы уаид, йæ фист куы азгъæлид, йæ даргъ къæдзил куы ахауид æмæ-иу йæ хæлафы сыдзæджы мидæг куынæуал ныппуси уаид! Сæгъы сæфтæджыты бæсты йыл къæхтæ куы разаид æмæ-иу йæ дзабырты бырынчъытæ, бæлæгъы бырынчъытау, куынæуал нысхъæл уаиккой, уæд Челæхсæртæджы амондæн бын нал уаид. Æцæг йæ дзырдмæ байхъуыста, йæ куырдиат ын йæ зæрдæмæ бахаста æмæ хъыллиппытæ нал кæны, фæдæ дзы йæ дæлимоны митæ сегас нæма ферох сты.

Уалынмæ зæххы бын ранæй-рæтты разынд, лæхъуг айчы смаг чи кодта, ахæм бур-бурид дуры къæрттытæ. Калмы хæрвау хъулон-мулон дурæй бирæ фæлмæндæр уыдис, йæ фасты мидæг-иу ын мæцъис куы ныццавтой, уæд-иу ссады хуызæн ацис. Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу уайтагъд базыдтой, уыцы бур-бурид дур систæ амайынæн кæй не сбæздзæн, уый, фæлæ йæ уæддæр уæлæмæ хæссын кодтой. Йæ цъар-иу схырыз, кæфхъуындары хæрвау-иу сдæрзæг æмæ-иу йæхигъæдæй æрызгъæлдис. Цы пайда сын уыд, уый нæ зыдтой, фæлæ йæ уæлæмæ хастой æмæ куырдæдзты цур сырæзтис, йе ’мбыд тæфæй ацæуæн кæмæн нал уыд, ахæм бур-бурид обау.

Бур-бурид дуры къæрттыты йеддæмæ ма зæххы бын разындис донгъуыз æрттиваг дуры къæрттытæ. Дзæбуг-иу сыл куыддæр аныдзæвдис, афтæ-иу лыстæг, рухсдзыд згъæлæнтæ аисты. Уый та цы диссаг у, цы фыдбылыз нæм æркаст, чи зоны нæ хъулон-мулон дуры мыггаг фæцис æмæ ныр та уымæй фалæмæ зæххы хуылф уый хуызæн дурты фæлтæртæй у конд, æмæ ма бæрзонд мæсгуытæ цæмæй араздзыстæм, зæгъгæ, фæтарстысты Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу æмæ дæлимон фырадæргæй æгъуыз дуры къæртт астæрдта. Дзæцъуйæн йе ’взаджы цъупп асыгъта, йæ ад йе уæнгты мидæг, арвы рæхысы тæлмау, алиуырдта æмæ йын йæ сæры тенка анæрсын кодта. Стыхстис, Челæхсæртæджы фæдзæхст дзы айрох æмæ фæдис ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд, мæ мыггаджы хуыздæртæ, уæхи хъахъхъæнут, донгъуыз дуры къæртт уе ’взæгтæй ма астæрут, кæннод уæ сæры тенкатæ тъæппытæ фæхаудзысты, зæгъгæ, фæлæ йæхи фæурæдта æмæ йын æнæнхъæлæджы ахæм бæллæх чи скодта, ууыл фырмæстæй æрдоныхуыпп кодта. Челæхсæртæг æй куы ауыдта, уæд худæгæй афæрсыл æмæ донгъуыз дуры къæртмæ æркаст, фæлæ Дзæцъу кæм æрдоныхуыпп кодта, уым сау æмпъузæны хуызæн зæххы гæппæлы йеддæмæ куы ницыуал ауыдта, уæд фырдисæй йæ цæстытæ фæдзагъыр кодта.

Челæхсæртæг æмæ Дзæцъуйы донгъуыз æмæ бур-бурид дурты мæт бацыдис æмæ сæ алы мадзæлттæй сгæрстой. Донгъуыз дуры къæрттытæ арты бакалдтой, фæлæ, цæкуытау къæрцкъæрцгæнгæ, тайгæ цы акодтой, уый йеддæмæ сыл зынг нæ сирвæзтис. Бур-бурид дуры ссад зынджытыл куы айзæрстой, уæд сын цахæмдæр мидтых сæхи дард айсын кодта, фæлæ дзы тæссагæй ницы рауад, бур-бурид ссад æхсидæвты сырхбын артмæ арвыроны хуызтæ цы фæхæццæ кодта æмæ йæ лæхъуг айчы смаг ноджы тыхджындæр цы суагъта, уый йеддæмæ. Дис кодтой, фæлæ сыл нæмттæ дæр нæ сæвæрдтой æмæ-иу сисамайджыты, куырдты æмæ æрмдæсныты се ской кæныны сæр куы бахъуыд, уæд-иу загътой: «Деттæ уыцы лæхъуг айчы смаг цы ссад кæны, уый рамæрз», кæнæ та: «Дзæцъу йæ доныхуыпппæй цы донгъуыз дур атайын кодта, уый мæ хъыгдары».

Æртыккаг дунейы иузæрдыг хъæбул Цæнди иу сахаты дæргъы æхсыры цады кæлæн æндæвдæй куы ссæрибар уыдаид æмæ абæстæм топпыхосы цæттæ кæныны дæсныйад кæй æрбахаста, уый куы базыдтаид, уæд йæхицæн нæ ныббарстаид. Цæндийæн йæ фæсонæрхæджы дæр нал уыд, кæддæр æндæр бæсты йæхи Хъаныхъуатыл кæй нымадта æмæ йæ ном Гæбæт кæй хуындис, уый. Цардис ам йæхицæн хъæлдзæг, æнæмæт æмæ амондджынæй, фыдæлты цытджын фарн ыл нæ уæз кодта, цоты мæт ын йæ зæрдæ нæ агайдта, афтæмæй. Куы йын загътаис, ды Цæнди нæ, фæлæ Хъаныхъуаты Гæбæт дæ æмæ ардæм Санибайæ æрбафтыдтæ, зæгъгæ, уæд дыл кæнæ худæгæй амардаид, кæнæ та дæм йæ цирхъ фæцъортт ластаид æмæ дыл сæнтхъæр фæкодтаид, змæнтæн ныхæстæ мын ма кæн, мæ сæры магъзы маргджын кæлмытæ схæлбурцъ кæныныл ма архай, зæгъгæ. Æхсыры цад Цæндийæн йæ ивгъуыдыл рохуаты сыджыт ныккалдта æмæ нал зыдта, кæддæр ын Санибайы куырдадз кæй уыд æмæ дзы цæвджытæ, белтæ, æфсæнтæ, дзыргъатæ, æхсырфтæ æмæ дзывыртæ кæй цагъта æмæ сæ йæ хъæуы цæрджытæн кæй уæрста къæбæры аргъыл. Рохуаты сау пъæра йæ бынмæ нылласта Цæндийы хъуыды æмæ нал зыдта, тыхгæнджытæ Иры кæмттæм лæбурынвæнд куы скодтой, уæд йæ куынцгомы арт кæй бауазал æмæ йæ куырдадзы йæхицæн бынат кæй нал ардта, уый. Нал хъуыды кодта, исдуг зæхкусæн мигæнæнтæ цæгъдын кæй фæуагъта æмæ йæ бæлæгъы цæхджын доны мидæг уæззау кæрдтæ цæгъдын кæй райдыдта, уый. Æхсæвæй-бонæй йæ хъæсдарæг зарын кодта æмæ йæ хидæй æфсæйнаг сæрста, фæлæ йæм иубон Санаты Саханджери хъæууынгæй афтæ куы æрбадзырдта, гъей, Гæбæт, залым Ирмæ топп æмæ сармадзанæй лæбуры, ды та фыдæлтыккон цирхъытæ куы цæгъдыс, уæд дын уый цы лæджы ми у, зæгъгæ, уæд йæ дзæбуг талынг къуыммæ баппæрста æмæ æмбойны Куырттаты коммæ ссыдис. Æнæхъæн бон къæдзæхтыл фæрабыр-бабыр кодта, йæ армытъæпæнтæн сæ туг акалдис æмæ йæ зæронд фæсмын хæлафы зæнгтæ арæмыхстысты. Изæры Санибамæ æрыздæхтис æмæ йæ сæрак раздарæны тыхтæй æрхаста сондоны бур-бурид къуылдыхтæ æмæ урс-урсид дуры къæрттытæ. Суанг райсоммæ сæ дзæбугæй хъæсдарæджы уæлæ фæхоста, ссады хуызæн сæ скодта, семæ сын æвзалыйы сау-сауид муртæ фæхæццæ кодта æмæ сæ ноджы баууæрста. Фæстагмæ йæ раздарæн зæххыл айтыгъта æмæ йын йæ уæлæ сфæйлыдта, æнæхъæн æхсæв цы сау-сауид амæст фæцарæзта, уый. Бон дзир-дзур кæнын куы райдыдта æмæ скæсæн куы фæтуггъуыз ис, уæд йæ сау-сауид амæстæй иу тæпп хъæсдарæгыл æркодта æмæ йæ дзæбугæй æркъуырдта. Цъæхснаггомау гæрах ын йæ хъустæ суасын кодта, рæмудзæн арты сырх-сырхид ферттывд куырдадзы талынг къуымтæ куы ныррухс кодта, уæд Гæбæт æхцонæй сулæфыд. «Æтт, залым, уæдæ кæд ды Иры хæхтæм топп æмæ сармадзанæй лæбурыс, уæд ма дзы фæлæуу!» Гæбæт уæздан мыггаджы цот уыдис, фæлæ йæ фыд Турчы хæсты куы фæмард æмæ йæ рухсыбадинаг мад та йæ мойы мæтæй мæрдтæм куы бацыд, уæд ын йæ исбон æмæ йæ мулкыл йæ фыдыфсымæртæ фæхæлæф кодтой, æмæ, Иры уæздандзинад цы хонынц, уымæй ма лæппумæ баззад сыгъдæг уд, зарæг, куысты уарзт æмæ уæзæгæвæрд армытъæпæнтæ. Æртыккаг дунейы чысыл æрмадзы архайгæйæ, Цæндийæн уыдæттæ куы загътаис, уæд дæ, худгæйæ, афарстаид: цытæ мын дзурыс, уый мын кæй хабæрттæ кæныс, зæгъгæ! Гæбæтæн нал дæр зæхх уыдис, нал дæр фос æмæ нал дæр балцы цæуæн бæх, фæлæ йын йе ’нæфсис фыдыфсымæртæ йæ уæздан уд байсынæн ницы бафæрæзтой æмæ залым Барзыхъæу, Лæц, Хидыхъус æмæ Уæлæсыхыл арт куы бандзæрста, уæд йæ куырдадзы амæст топпыхосæй йедзаг дзæкъул йе уæхскыл æрцауыгъта, афтæмæй хъæууынгмæ рацыд æмæ фæдис ныхъхъæр кодта: æтт, Саниба, кæд ма худ дарынхъом стут, уæд рацæут æмæ залымыл нæ туджы цъыртт бапырх кæнæм! Фыййау, куырд æмæ уæздан лæгæй цы хъауджыдæр ис, райгуырæн хæхтæм залым куы æртхъирæн кæна, уæд? Алчидæр йæ ныййарæджы æмхуызон уарзы, уæ мæдты дзидзитæ уын тæвд æфсæйнагæй куы судзой, уæд сæ хъæрзынмæ алкæй зæрдæтæ дæр æмхуызон рисдзысты! Нæ, Цæнди уыдæттæ нал хъуыды кæны æмæ йын афтæ куы загътаис, фæдисы демæ куы ничи рацыд, уæд фырмæстæй дæ галиу къухы кæстæр æнгуылдз дæ дæндæгты ’хсæн акодтай æмæ йын йæ цъупп акъуырдтай, зæгъгæ, уæд æм æркæсид æмæ, йæ даргъ цæстыхаутæ æрцæвæрцæвгæнгæ, зæгъид: цытæ мын дзурыс, æз дæн Æртыккаг дунейы амондджын хъæбул Цæнди æмæ мæ уарзон бæсты афтæмæй равзæрдтæн (дзырд «райгуырын»-æн зæгъæн нæ уыд!), зæгъгæ. Йæ мидбылты худгæ архайдта Цæнди æмæ уыдис амондджын, йæ сомбоныл сагъæс кæй нæ зыдта, уый тыххæй. Лæхъуг айчы смаг цы бур-бурид дур кодта, уымæй иу тъæпæн къæртт æрмадзы тæккæ астæу æрæппæрста æмæ нæ фæфиппайдта, йæ уæлæ кæй нындæгъдис, Дзæцъу йæ доныхуыппæй кæй батайын кодта, уымæй. Æниу æй куы фæфиппайдтаид, уæддæр æм йæ хъус не ’рдардтаид, ома йын цы у, сæ дыууæ дæр суджы æвзалыйæ хъæбæрдæр сты. Суджы æвзалыйыл дзæбуг куы æруадзай, уæд йæ лæхъуг тъупп фæцæудзæн, афтæмæй æрбамур уыдзæн. Йе ’нгуылдзтæй дæр æй баууæрдид, фæлæ йыл афтæмæй бирæ бахъæудзæн æмæ Лæгъзайы та хъæуы тагъд. Мæсыгы къулыл сау хæххытæ хъуамæ ауадзæм æмæ синаг кæм стулæм, ахæм сау ахорæн æвзалыйæ ацараз, зæгъгæ, æрбарвыстой йæм æмæ йæ зæрдæхудты бæсты тагъд æрхойдзæн! Кæддæр æй Санибайы куырдадзы хъæсдарæджы бырынкъыл кæй хоста æмæ йæ муртæ зæххыл тыгъд раздарæнмæ кæй згъæлдысты, уый рохуаты сау пъæра йæ бынмæ нылласта... Залым дæр авдсæрон уæйыг нæу, уый дæр мады гуыбынæйдзыд у æмæ дзы туг рахъардзæн! «Æтт, залымтæ, уæдæ кæд сымах Иры хæхтæм топп æмæ сармадзанæй лæбурут, уæд ма дзы фæлæуут!» Иу бон Санибамæ, сынты базырау, сау бæхджын фидиуæг æрбацыд æмæ хъæууынгты раскъæр-баскъæр кодта, афтæмæй сидтис: Саниба, ныббарут мын, мæ бæхæй кæй не ’рхызтæн, афтæмæй уын мæ сæрæй кæй нæ акуывтон, уый тыххæй! Хъобанæй уæм Алыккаты хъæбатыр Хазби æрвиты, нæ хæхтæм залым æрбабырсы æмæ йæ сæрыл худ чи дары, уый дыууæ доны астæумæ рацæуæд, зæгъгæ. Гæбæтæн йæ удхæссæг уыдис хæст æмæ туджы сырх-сырхид хуызмæ кæсгæйæ зылдис йæ сæр. Уый бирæ уарзта æртахæвæрд уыгæрдæны цæвæджы æхситмæ хъусын, хуым кæнын, куывдты æмæ чындзæхсæвты уырдыг лæууын, хъазты зылды чызджытимæ кафын, зарæгмæ хъусын æмæ æхцон мыртæм хъусгæйæ, мыдадзын цырагъау, тайын. Гæбæт карк дæр никуы аргæвста, фæлæ ныр залым йæхæдæг æрбахæсдзæн Иры хæхтæм туг æмæ арт æмæ нал уыдзæн аирвæзæн фыдбылызæй! Саниба, худинаг уæхицæн уæ Рекомимæ, кæд уæ ныййарæджы рисмæ кæсгæйæ уæ мыдадзын цырæгъты тыбартыбургæнæг арт топпы дзыхæй рарæмудзгæ артæй нæ баивдзыстут æмæ сæрсæргæнаг бæгæныйæ йедзаг уырынгтæ сыкъаты бæсты уæ къухмæ кæрдтæ æмæ хъыримæгтæ нæ сисдзыстут, уæд! Сымах Рекомы дзуармæ кувут æмæ цывзыджын арахъхъ нуазут, Гæбæт та йæ топпыхосæй йедзаг дзæкъулимæ ныццæудзæн, Алыккаты Хазби фæдис кæцæй сиды, уырдæм!..

Æвзалы дзæбуджы бын куы амур вæййы, уад та йе стъæлфæнты арт Цæндийы цæстыты ферттивы, фæлæ дис ницæуыл кæны, уымæн æмæ дис дæр хъуыдыйы фæстиуæг у. Æтт, Цæнди, ныр ды куы æрымысис, кæддæр Санибайы дæ куырдадзы дзæбуджы иу æрцæфæй арт куы ныппæррæтт ласта æмæ гæрахы хъæр æмбыд къулты ’хсæн куы ныййазæлыд, уый! Уæд дæ зæрдыл æрбалæууид, дыууæ доны астæумæ дæ топпыхосы дзæкъул æмæ дæ хъыримагимæ зыбыты иунæгæй кæй ныццыдтæ, уый дæр! Кæм ма лæууы дæ зæрдыл, Хазбийæн йемæ æрмæст иуæндæс хъобайнаг лæппуйы кæй уыдис æмæ дæуимæ йе ’фсады нымæц дыууадæс кæй бацис! Бустæ никæмæн кодтат, тæппуддзинад йæ цæстмæ никæмæн бадардтат! Æртындæсæй Иры дыууæ донæй фервæзын кæнынмæ хъавыдыстут! Инæлар Абхадзы æфсады раз бабадтыстут уæ артдзæсты къæсæрыл! Кæм ма хъуыды кæныс, Хазби дæ, топпы кæсæны кæсгæйæ, афтæ куы афарста, иунæгæй куы æрбацыдтæ, уæд Санибайы дзыллæ дæуыл банцад, зæгъгæ, уый? Цы ма дын æрымысын кæндзæн, ды йын къæмдзæстыгæй афтæ куы загътай, æз æмæ мæ топпыхосы дзæкъул иунæгæй стæм, фæлæ цъус нæ ахадæм æмæ Санибайы фарн немæ æрбахастам, зæгъгæ.

Дыууæ доны астæу цы чысыл къуылдым уыдис, уырдæм уæм хъуыстис залымы хæцæнгæрзты гæбар-гыбур, йæ бæхты знæт мыр-мыр æмæ йæ сармазанты цæлхыты къæрц-къæрцц. Уыцы фарс æфсадæй æмбæз-бæз куы райдыдта æмæ донбылгæрæттæ цинелтæй фæныкгъуыз куы адардтой, уæд ды Хазбийы фарсмæ дæлгоммæ æрхуыссыдтæ æмæ йын афтæ загътай: Хазби, иухатт Санибайы Рекомы бæрæгбоны милмæ æхсынмæ быцæу кодтам æмæ нæ дыууæйæ чи фæхуыздæр ис, уый нæ рабæрæг. Ныр мæнæ дыууæ доны астæу нæ быцæу сног кæнæм æмæ фенæм, кæддæра залымæй туг хъары, зæгъгæ!..

Фæстагмæ ма дыууæйæ баззадыстут æнæхъæн æфсады ныхмæ. Хазби, йæ гуыбыны цъарыл быргæйæ, йæ зынгхуыст æмбæлттыл æрзылд, сæ къухтæ сын Иры сыджытæй тыххæй стыдта æмæ сæ уæлгоммæ æрхуыссын кодта. Сегасæн дæр тугамæхст æмæ цæфтæй сæ риутæ æмæ сæ ныхтæ куы ауыдта, уæд хъæрæй ныххудтис: гъей, Ир, де ’нæсæттон ахастимæ нырма бирæ фæцæудзынæ дыууæ доны астæуты!

Дæ топпыхосы дзæкъул сафтидис &a



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.