Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





V. САТАНА, ДЗЫЛÆТ ÆВИ УД



V. САТАНА, ДЗЫЛÆТ ÆВИ УД

Сослан куыддæр сылгоймаджы сæнтхъæр фехъуыста, афтæ кулдуарæй фæстæмæ фездæхтис æмæ фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, фæлæ йæ цæст никæуыл схæцыд. Чермены афарста, мæ хъустæ мæ фæсайдтой, æви мыл сылгоймаджы цъæхахст æцæг ссыдис, зæгъгæ, æмæ йын уый афтæ: «Нæ, Сослан, дæ хъустæ дæ нæ фæсайдтой, уыцы сæнтхъæр нырма дæр мæ хъусты мидæг зæлланг кæны». Усы хъæрмæ, кæрты цы хотыхджынтæ уыдис, уыдон æмызмæлд бакодтой æмæ сæ гæрзты зæллангæй алфамбылай айдзаг ис. Дзындз-аласа йæ мыр-мырæй нал æнцадис æмæ знæтæй къахындзæг кодта. «Цы уыдис уый, æцæг нæм сылгоймаг æрбадзырдта, æви нæм уæлæрвтæй хуыцау æрсидтис сылгоймаджы хъæлæсæй? Стæй хъæлæс дæр хъæлæсы хуызæн! Цыма йæ мин хатты фехъуыстон, цыма мæм авдæнмæ дæр уыцы хъæлæс хъуыстис, уыйау мæм æввахс æмæ хицон фæкастис!» Чермен ын афтæ куы загъта, уыцы хъæлæс æз дæр бирæ хæттыты фехъуыстон æмæ мæм мæ мады сидтау фæкастис, зæгъгæ, уæд ноджы сцымыдис æмæ иу цæстныкъуылдмæ йæ царды нывтæ йæ цæстытыл ауадысты. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, Зилахары быдыры-иу хъазгæйæ, Нарты гуыппырсартимæ иунæг сылгоймаг йæ ныфс быцæу кæнынмæ куыд хаста, уый. Чызг уыдис дымгæйау рог æмæ йæ гуыр хъæзау ратас-батас кодта. Бæхыл-иу слæууыд æмæ-иу ын йæ рохтæ суагъта, афтæмæй-иу фат милмæ фехста æмæ-иу нæ фæивгъуыдта. Науæд та-иу тæхгæ-тæхын йæхи иуæрдæм ауагъта, зæххыл калд фæттæ-иу рауыгъта, карк хоры нæмгуытæ куыд рауидзы, афтæ æмæ-иу дæлимонау бæхы гуыбыныл сныхæстис. Сослан, Батрадз æмæ Созырыхъоитæ-иу æй басырдтой æмæ-иу ын тæхгæ-тæхын йæ чъылдымыл фат суагътой, фæлæ-иу чызг дæлимонау фæтары ис. Йæ фезмæлд уыдис арты хуызæн, йæ цæст та фатæй цырддæр æмæ-иу, йæ митæм кæсгæйæ, зæронд Уырызмæг йæ къухтæ бацагъта: «О, мацы дын бантыса, нæхи Дзылæт, кæд дæлимон нæ дæ!» Сослан æмæ Чермен сыбыртт кæнын нал уæндыдысты, афтæмæй хъуыстой, кæд та нæм уыцы хъæлæс æрбайхъуысид, зæгъгæ. Рæстæг сæм фæкастис æнусау, фæлæ ауадис иу цалдæр цæстыныкъуылды бæрц. «Кæд ма исты зонын æмæ мæ зонд бынтон не схæццæ ис, уæд уый уыдис нæхи Дзылæты хъæлæс! Цымæ йæ цы ’рхаста ацы æлгъыстаджы бæстæм? Цæй, йæ номæй йæм фæсидон, нæхимæ-иу æм куыд сидтæн, афтæ æмæ мыл мыййаг йæ дзыхыдзаг куы фæхуда!»

Кæцæйдæр ахæм уæздан сæр-сæр æмæ пæр-пæр æрбайхъуыст, цыма рог дымгæ зæлдаг хъуымацы гæппæл сфæйлыдта, кæнæ та маргъ йæ базыртæ сцагъта æмæ стæхынмæ хъавыд.

— Уыцы уæздан сæр-сæр дæм хъуысы, Сослан? Хæйрæджыты æлгъыст фестæм, æвæццæгæн! — загъта дыгъуырццæгæй Чермен.

— Хæйрæджыты æлгъыст нæ фестæм, уый нæхи Дзылæты хъæлæс уыдис, Чермен, фæлæ йын йæ ныхас уæртæ уыцы згъæрджынтæ куы фехъусой, уымæй тас у æмæ сыбыртт нал кæны! Иу хатт ма йын куы фехъусин йæ уынæр, æрмæст иу хатт! Цас нæхи Дзылæт дæ, уас дын мацы бантысæд, мæ фыд Уырызмæджы загъдау! Æмбæхсгæ цы кæныс, Зилахары быдыры-иу бæхы гуыбыныл куы сныхæстæ æмæ-иу куы фæтары дæ, афтæ? Дæхи мын равдис, мæнæ мемæ цы лæппу ис, уый дæр нæхи у, Æхсæртæггаты байзæддаг! Кæртæй мæм сæ цæстытæ цы згъæрджынтæ ныццавтой, уыдонæй ма тæрс, уыдонимæ мæ ныхас нырма кæнинаг у! Хъуыды ма кæныс, нæ дыууæ Батрадз-иу дæ Зилахары быдыры расур-басур куы систам æмæ-иу дыл тæхгæ-тæхын фæттæ куы суагътам, æмæ-иу ды та бæхы гуыбыныл куы сныхæстæ? Иу хатт мын мæ фат тæхгæ-тæхын ахсгæ дæр куы æркодтай æмæ мыл æй фæстæмæ æрмийæ куы суагътай! Мæнæн мæ хъандзалсæфтæг Дзындз-аласайы фездахын æвиппайды мæ къухы нал бафтыд, фат мæ галиу уæраджы нуары ныссагъд æмæ мын йе ’рттигъ Куырдалæгон тыхæй куы систа! Æ, уас дын мацы бантыса, цас нæхи Дзылæт дæ, æмæ та дæ хæйрæджы митæ ам дæр нæ уадзыс! Багъæц, ацы хатт та дын Зилахары быдыры дæ хæс бафиддзынæн! — сабийау йæ зæрдæ суынгæг Сосланæн.

— Уæ, Сослан! Уæ, ме ’нæныййарæг хъæбул, Дзылæт нæ дæн, Сатана дæн! — цыма уыцы сидт уæларвæй æрхаудта æмæ сæ йæ уæзæй ныцъцъист кæнынмæ хъавыд, уыйау фесты дыууæ бæлццоны.

— Нана! — уынгæг хъæлæсæй фæбогъ кодта Сослан. Черменæй æфсæрмы куынæ кодтаид, уæд ныртæккæ ныккуыдтаид æмæ Сатанайы уæрджытыл йæ сæр æруагътаид, афтæмæй иуцасдæр фæуыдаид. — Дæхи мын равдис, нана!

— Нæн-нæ, мæхи равдисæн мын нæй, ме ’нæныййаргæ хъæбул, фæлæ ныртæккæ ардыгæй цæугæут! Мидæмæ куы бахизат, уæд уын æнæфесæфгæ нæй, дæ фыд æмæ дæ фыдыфсымæр куыд фесæфтысты, афтæ.

— Нана, кæй къухæй бабын сты баба æмæ Хæмыц, уый мын уæддæр зæгъ! — йæ зæрдæ сæнкъуыстис Сосланæн.

— Кæй къухæй бабын уыдаиккой, ацы дæлимонты йеддæмæ!

— Уæдæ кæд ацы дæлимонты къухæй бабын сты, уæд ма нæ фæстæмæ цæмæн здахыс, Сатана? — йæ сау-сауид бæхы йæ фæстаг къæхтыл слæууын кодта Чермен.

— Фæстæмæ уæ не здахын, уæ фæндагыл уæ уромын, мæ хъæбултæ!

— Нæ фæндаг махæн цæуы мæнæ уыцы дæлимонты сахармæ æмæ уæдæй нырмæ йæ къæсæрыл ныкъкъуылымпы стæм! — Дзындз-аласайы фесхуыста Сослан.

— Фæлæуу, ме ’нæныййаргæ хъæбул, Уырызмæг æмæ Хæмыц дæр афтæ куы ныкъкъуылымпы уыдаиккой æмæ сæ ам куы æрбаййæфтаин, уæд ныр сæфты былыл нæ лæууиккой! Аздæхут фæстæмæ, сымах кæмæ лæбурут, уыдон уæ нæ ныууадздзысты уæддæр. Фæстейæ-разæй уын уæ фæндаг æхгæндзысты æмæ сæ дзырддаг уемæ уыдзæн!

— Мах куы аздæхæм, уæд ды цы фæуыдзынæ?

— Мæ мæт ма кæнут, сымах кæм хæтат, æз дæр уым уыдзынæн, фæлæ тагъд ардыгæй цæугæ æмæ уæ фæндаг саразут, кæдæм уын загътон, уырдæм.

Куыддæр сæ бæхты фæстæмæ фæзылдтой, афтæ кæрт схъомпал ис æмæ йæ хуылфæй ахæм æгуыппæг рыхын райхъуст, цыма исчи хъæрахст кæнынмæ хъавыд æмæ йын йæ былтæ армытъæпæнæй æлхъывдæуыд. Уыцы авд сгуыхтæн, æвæццæгæн, цыт скодтой, æхсыры цады сæ снадтой, æмæ куы равдæлдис, уæд Сослан æмæ Чермены уынæрмæ дуары ’рдæм рагуылф кодтой. Бæрзонд сисы мидæггаг фарсмæ кæрæдзи балхъывтой, раззæгтæ сæ цæнгтæ фæйнæрдæм ныппæлæхсар кодтой, æмæ тыхулæфгæ æмæ нæтгæ, фæстæгты размæ акъахдзæф кæнын нæ уагътой. Сослан ма иу каст фæкодта дзагъыр цæстытæм стæгдарау стыгъд дæндæгтæм, фых цæхæрайы хуызæн цæсгæмттæм, бæхы мукъутау даргъ роцъотæм, æмæ Дзындз-аласайы фæцагайдта. «Нæ, хуыцау нын нæ мыггаджы уæлæуыл дæр æмæ мæрдты бæсты дæр нæ сафы, æндæра нана ацы дæлимонты бæсты афтæ æнæнхъæлæджы нæ февзæрдаид. Кæд нæ дыууæ Чермены æрбаййæфта, уæд баба æмæ Хæмыцы цæмæннæ æрбаййæфта? Науæд уæртæ уыцы мæгуыр лæппуты цæмæннæ исчи æрбаййæфта æмæ сын цæмæннæ загъта, дуарæй мидæмæ ма бахизут, кæннод уæ зæрдæтæ æмæ уæ хъуыдытæ цъенгæсалд ныууыдзысты, зæгъгæ! Чидæр сын сæ хъуыды ныммардта, фосы хуызæн сæ скодта æмæ сæм сæ митæ банымайыны фаг зонд нал ис, афтæмæй сæ цахæмдæр фæрныг йæхи зондыл раскъæр-баскъæр кæны. Цин æмæ хъыг цы сты, уый нæ зонынц, æмæ, се ’нусон карæны уæвгæйæ, цардуалдзæджы æхцонад никуы бавзардзысты! Æниу уыдонæн мæсæллæйттæ куы кæнын, уæд мæхимæ цы кæсы, Хурзæрин арвайдæнмæ куынæ стула, уæд? Бакæс-ма сæм, Уарбийау рафсæрынц, фæлæ сæ цы хъæуы, цæмæн нæ сурынц фæстейæ?»

— Нана, цы фæдæ? — фæхъæр кодта Сослан.

— Мæнæ дæн, мæ хъæбул, скъæргæ кæнут æмæ тагъддæр бахæццæ уат уæ ранмæ. Уыдон дæр уæртæ уæ фæдыл рафсæрынц, Уарбийау!

— Æмæ кæдмæ лидздзыстæм, Сатана? — уазалгомау афарста Чермен.

— Раст уынджы рахизфарс уыл дыууæ стыр кулдуары æрбамбæлдзæн, сæ дыууæты дæр кæндзысты хъахъхъæнгæ. Уæ фæдыл чи рацæуы, уыдон уæ ссондзысты дыккаджы ’рдæм, фæлæ Хурзæрины сæрыл хæцынмæ уæ ныфс кæм бахастат, уым-иу уæ фæндаг скæнут фыццаджы ’рдæм. Уынгæг бон уыл ныккæндзæн, фæлæ дыккаг кулдуар та ноджы мæнгарддæр у!

— Нæ фæдыл чи рафсæры, уыдон нæм сæ фæсдуармæ куынæ æрдардтой сæ хъус, уæд сæ ныр цы хъæуы, нана?

— Сæ фæсдуармæ уæ хъахъхъæдтой, афтæмæй уæм æнхъæлмæ кастысты æмæ сæм куынæ бафысым кодтат, уæд смæсты сты.

— Ацы Мукаратæ, Бибыцтæ, Сайнæджытæ, Хъæндзæргæстæ æмæ Мæличчытæ нæ ныууадздзысты адæмы сæ мæгуырыл!

— Ды кæй æрнымадтай, уыдон нырыккон мæличчыты цур уæрыччытæ сты!

— «Нырыккон», зæгъгæ, куы дзурыс, уæд ацы дæлимонты бæсты ныртæккæ кæцы дуг у, Сатана? — йæ сау-сауид бæхы йæ зæвæтæй сцавта Чермен.

— Ацы дæлимонты бæсты ма цæй дугтæ ис, мæ хъæбул, Хурзæрины бахæрынмæ куы хъавынц, уæд! Æз уд дæн æмæ рæстæг мæныл дæр нал тых кæны, фæлæ ма «знон» æмæ «абон» уæддæр зонын. Абæсты цæрджытæ та нал зонынц «знон», «абон» æмæ «райсом» цы сты, уый. Уæлион нымадæй йæ куы банымайæм, уæд та, мæнæ Сосланы дуры гуыбынæй куы райстон, уымæ ма иу сæдæ-сæдæйы бæрц бафтау æмæ уыцы дуджы стæм. Гъе, уæдæй нырмæ хитын дун-дунеты тыгъдæдты æмæ кæсын, хæрзиуæгæн йæ фæдыл фыдракæнд куыд зилы æмæ йæм куыд лæбуры, уымæ, — бынтон нынтъыснæг ис уд.

— Уæдæ Иры мæличчытæ мæн куы æрбагæрах кодтой, уымæй нырма уый бæрц бирæ рæстæг нæма аивгъуыдта, Сатана! — æнкъардгъуызæй загъта Чермен æмæ уæлæрвтæм ахæм каст скодта, цыма йе ’рнæджытæ бахуым кæнынмæ хъавыд æмæ йын, райсом цы хуызæн боныгъæд скодтаид, уый базонын æй фæндыдис.

— Иугæр нæм арвастæуæй Хурзæрин куынæуал бахудтис, уæд негасæн дæр нæ рæстæджытæ фыдлæджы фæскъæсæр сиу сты, мæ хъæбултæ.

Фæстейæ сæ чи æрбацæйсырдта, уыдонмæ уыдис фæттæ æмæ æрдынтæ, нывæфтыд сагъæдахъхъытæ, æвзисткæрддзæм кæрдтæ, даргъ цирхъытæ, лæгæй бæрзонддæр æрцытæ æмæ Черменмæ цы «гуымыдзасыдз æфсæнлæдзæг» уыдис, уый хуызæттæ. Иухатт æй Сослан афарста: Цы у уый, куынæ йын ком ис, куынæ — бырынкъ, куынæ — уæз, уæд фыдбылыз цæмæй кæны, зæгъгæ. Чермен бахудтис æмæ хъыримагæн йæ хæтæлы сау дзых йæ уырдзæй асæрфта: уымæн йæ фыдбылыз йæ сау дзыхæй ратæхы, зæгъгæ, загъта йын уый æмæ хæцæнгарз йе уæхскыл бацауыгъта. Сослан уæддæр нæ бамбæрста, йæ фыдбылыз йæ сау дзыхæй куыд ратæхы, уый æмæ йын Чермен банымадта, «æфсæнлæдзæгæн» йæ мырайы хуылфы арт куыд ныггуыпп ласы, артæн йе ’взæгтæ æддæмæ куыд рарæмудзынц æмæ сæ разæй æрттигъты бæсты æхсидгæ æфсæнхуыртæ куыд рахæссынц, уый. Æвæццæгæн та уый дæр хæйрæджыты фос у, æндæра йæ Куырдалæгон цæмæннæ зыдта, зæгъгæ, йæ сæр банкъуыста Сослан.

Сатана сын цы дыууæ кулдуарæй дзырдта, уыдон нырма нæ зындысты æмæ скъæрдтой, æмæ сурджытæ дæр уадысты сæ фæдыл. Диссаг у, фæстейæ нæ куы сурынц, уæд нæ æхсгæ цæмæннæ кæнынц, зæгъгæ, йæ хъуыды хъæрæй загъта Сослан æмæ та йæм Сатана кæцæйдæр æрдзырдта: тагъд ма кæн, мæ хъæбул, æхстытæ дæр дзы уыдзæн, фæлæ уал нырма уæ фæдыл чи скъæры, уыдон фæнды уемæ аныхас кæнын. Ныхасæй дæр уын аирвæзæн нæй, фæлæ ныртæккæ уæ разы лæгты дзуар куы æрбалæууа, уæддæр-иу дис ма фæкæнут.

— Дæ мад, дæ фыдыстæн, нана, ды æппæт зоныс æмæ уыцы авд хæстоны сæ кæрдтæ цæй мидæг байсæрстой, уый нын куынæ зæгъай!

— Нæ, ме ’нæныййаргæ хъæбул, дæ ахаст дын цы зонын, уымæй дын уыцы сусæгдзинад ам куы раргом кæнон, уæд ныртæккæ фæстæмæ фездæхдзынæ æмæ сымах дæр бахаудзыстут, дæ фыд æмæ дæ фыдыфсымæр кæм сты, уырдæм.

Æвиппайды дыууæ бæлццонæн сæ размæ дыууæрдыгæй æрбагæр-гæр кодтой æвзистгъуыз згъæртæ, æмæ лæсæнтæ нарæг ком куыд ахгæнынц, афтæ ахгæдтой Раст уынг. Кæрæдзи æрбацъист кодтой æмæ се ’взистгъуыз згъæртæн сæ гуыппытæ фæцыдысты. Уæрттæ æмæ кæрдтæн сæ къæрцц-къæрцц æмæ сæ зæлланг афтæ æрбафæйлыдта, цыма тæнæг фæйнæгæй æмбæрзт хæдзарыл их уарыд. Сослан сæм аракæс-бакæс кодта, хæстмондагæй йæ йæ армытъæпæнтæ схордтой, йæ Цереччы згъæр атæвд ис æмæ сæм йæ фæринк аздахынмæ хъавыд, фæлæ йын Сатана йæ хъусы адзырдта: дæу дзырддаг уыцы мæгуыртимæ нæй, кæимæ дын у, уыдон нырма ам не сты æмæ уал фæгæдзæ кæн, зæгъгæ. Чермен йæ сау бæхы рохтæ æруыгъта æмæ йæ хъыримаг йæ агъдмæ фæбыцæу кодта, афтæмæй аивтæй Сосланмæ бакастис æмæ йæ цæстæнгасæй афарста, цæй, Нарты разагъта лæппу, ныр та нын куыд кæнгæ у, зæгъгæ.

«О, хуыцæутты хуыцау, нæ мад — нæ Хурзæрины сæрыл тох самайыны фаг зонд æмæ тых мын радт æмæ мæ уæртæ уыцы мæгуыр лæппутау ма фæкъуыхцы кæн!» — скуывта йæхинымæры Сослан æмæ фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта. Цæгатырдыгæй (уæлион нымадæй!) хæхты цъуппытæ фæрдгуытау ныххал сты æмæ фæныкгъуызæй зындысты. Ранæй-рæтты-иу сæм сæнт урс хуыз фæхæццæ ис, фæлæ йын Сослан ницы базыдта, уыцы урс хуыз цæмæй калдис, уый. Сæйраг мæсыгæн-иу йæ фаллаг фарсæй исдугæй-исдугмæ цыдæр ферттывта, тар æхсæвы арв куыд ферттивы, афтæ. Сослан уыцы æнæнтау рухсы ферттывдыл куыннæ дис кодта, фæлæ уымæй тыхджындæр та дис кодта, рухсмæ-иу згъæрджынтæ сæ цæнгтæй сæ цæстытæ кæй амбæрзтой, ууыл. Хохы фаллаг фарс цы сау мигъы пъæра ныббадт, уый мидæг-иу, сырхзынг кардау, слиуырдта æнæнтау рухсы тын æмæ-иу йæ фæдыл дидингъуыз талм фæуагъта, фæлæ-иу уайтагъд анымæг, æхсидгæ æфсæйнаг доны мидæг куыд анымæг вæййы, афтæ. «Ау, кæд Хурзæрины хъысмæт нæ дыууæ Чермены сæдæ-сæдæ азы сæрты сиу кодта, уæд ацы мæгуыр лæппуты ахæм уагмæ чи æрæппæрста, уыдонæн сæ зондахаст фыдбылызырдæм здæхтæй цæмæн ныууагъта? Кæмæн кусы рæстæг абæсты æмæ кæй куыроймæ уадзы дон?» — зæрдæрисгæйæ хъуыды кодта Сослан.

Уалынмæ, рæстæг дон кæй куыроймæ уагъта, уыдон дæр разындысты. Згъæрджынты алывæрсты æрзылдысты, уæздангъуызæй размæ ралæууыдысты æмæ æфсадыл сæ рахиз къухтæ фæхъил кодтой. Хæстонтыл цыма уазал дон ауагътой, уыйау фæсыкк сты æмæ сæ цæсгæмттæ дæр адæймаджы цæсгомы хуызæн систы.

Сæ иу уыдис ныллæг, фидæрттæконд, нæлыстæг. Уыдис ын стыр сæр, фæтæн ных æмæ гуыбыр фындзы хъæлы дыууæ фарсыл сæхтæджытау ныхæст цæстытæ. Йæ къухтæ, маймулийы раззаг къæхтау, суанг йæ уæрджытæм æххæстысты, йæ къæхтæ та уыдысты цыбыр. Йæ хъуыр йе уæхсчыты ’хсæн ныббырыд, йæ цыбыр къах-иу размæ куы авæрдта, уæд-иу йæ къахдзæф йæ даргъ цонгæй цæхгæр самыдта. Иннæ йæ сæрзæнты æвзистгъуыз ных суанг йæ роцъойы онг æруагъта, фæлæ Сослан уæддæр фæфиппайдта, йæ ныллæг ных æмæ йæ къуыпп уадултæ хъуынджын кæй уыдысты. Йæ цъупп былтæ уæливыхау æрбассывта, йæ дзоныгъ йе згъæрыл æрзæбул, йæ сæрзæнтыл зындис дыууæ сыкъайы. Йæ хæлафы сыдзæг æддæмæ рапуси æмæ йын тæлфыдис, голладжы мидæг æппæрст калмау. Йæ дзабырты бырынчъытæ, бæлæгъы фындзау, нысхъæл сты, уыдис ын къухтæ нæ, фæлæ маймулийы ныхтæ. Сослан дзагъырдзастæй кастис сæ дыууæмæ æмæ дисæй мардис: «Мæнæ диссæгтæ уынын! Кæд ацы дыууæ Хурзæринмæ исты бар дарынц, уæд æцæг дун-дунейы сæфт æрцыдис! Ацы налæттæ æрдæбон бæрзондыл куы лæууыдысты, уæд сæ цæмæннæ базыдтон, Хызы фырт Челæхсæртæг æмæ цæрцдæлимонты æлдар Лæгъзайы фырт Дзæцъу кæй уыдысты! Хызы мæнгард фырт ахæм каст кæны, цыма кафынмæ нырма знон быцæу кодта мемæ! А Лæгъзайы фырт Дзæцъуйы та, кæд хæлаф æмæ дзабыртæ скодта, уæддæр искæимæ нæ фæхæццæ кæндзынæн! Цы сæ æрхаста ардæм æмæ цæмæн балымæн сты? Æвæццæгæн сæ уæлфад гал лæууы æмæ сæ къухы цахæмдæр стыр тых бафтыд æмæ нал тæрсынц! Кæд Хурзæрин ацы мæнгæрдты уацары ис, уæд дзы митæ уыдзæн! Гæнæн мын нæй, мæхи афтæ хъуамæ дарон, цыма баба æмæ Хæмыц ам кæй сты, уый нæ зонын!»

— Хатыр нын бакæнут, нæ мыггаджы бæгуыдæр лæгтæ, нæ бæсты цытджын æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ, уæм нæ хъус рæстæгыл кæй не ’рдардтам, уый тыххæй! — рæвдауæн хъæлæсæй загъта Челæхсæртæг.

Разæй сæ фистæджытæ фæндагæргæвст фæкодтой, фæстейæ та сæ бæхджынтæ æрбалхъывтой. Сослан æмæ Чермен æрхъулайы февзæрдысты, фæлæ сæм Челæхсæртæг лæгæй-лæгмæ кæй нæ февзыстаид, уый хатыдысты Хызы фырты цæстыты ферттывдæй. Сосланæн йæ къух фæринчы ’рдæм фæцæйлыгъдис, фæлæ Черменыл Цереччы згъæр æмæ Бидасы тахъа кæй нæ уыдис, уый тыххæй йын тарстис æмæ йæхи фæурæдта. Уалынмæ йын Сатанайы уд йæ хъусы ныдздзырдта, дæ нæрæмон митæ фæуадз, ме ’нæныййаргæ хъæбул, æмæ уал дæм ацы мæнгард йæхæдæг куыд лæгъз дзуры, афтæ йæм дзур, зæгъгæ.

— Бузныг дæ уæздан ныхæсты тыххæй, Хызы фырт, фæлæ нæм дæ зæрдæйы фæндон иу лæг куы æрбахастаид, уæд ма нæ фæдыл Уарбийау цы рафсæрстат? — худгæйæ йын загъта Сослан.

Хызы фырт фæуыргъуыйау ис æмæ йæ тæнæг былтæ кæрæдзимæ нылхъывта, афтæмæй Сосланы цæстытæм ныккаст: «Ацы тæссарвад мыл раджы дæр тых уыдис ныхасмæ. Раст мын загъта, лæджы суазæг кæнынмæ куы хъавай, уæд ма йæ æд æфсад та цæмæн сурыс! Дзæцъуимæ ныхасыл фæдæн æмæ мын ахъуыды кæныны рæстæг нал фæцис! Ирвæзгæ нын уæддæр нæ акæндзысты, фæлæ сыл ныртæккæ комкоммæ нæхи куы ныццæвæм, уæд нын ацы тæссарвад стыр зиæнттæ ракæндзæн! Фæлтау ныхас кæронмæ ауадзын хъæуы лæгъзæй!»

— Сослан, хатыр мын бакæн, фæлæ дæ развæдæргæвст чи фæкодта, уыдон сæ райгуырæн бæсты раз æххæст кодтой сæ хæс æмæ сæм æз та кодтон тындзгæ, зæгъын, мацы фыдбылыз саразой! — йæ сæр æркъул кодта Челæхсæртæг æмæ ныхасмæ кæй фæцарæхст, уый тыххæй йæхицæй фæбузныг ис.

«Уæу, мæнæ цы уæздан ссис Хызы мæнгард фырт! Науæд ма Дзæцъумæ бакæс! Йæ мыггаджы йын бындзагъд кæй ныккодтон, уый зонгæйæ йæ цæсгом фырмæстæй цъæхарт уадзы, фæлæ йæхи афтæ дары, цыма йæ фырт Хъуызайы мард нæ фехъуыста! Мæнгард куыйтæ, мах фалæмæ куы цыдыстæм, уæд цæмæннæ æххæст кодтой уе ’фсæдтæ сæ хæс, и? Ома ацырдæм, табуафси, фæлæ фæстæмæ аздæхынæй бæркад зæгъ? Багъæцут, налæттæ, уæ масты къоти уæ хуылфы цæй тыххæй уромут, уый дæр та базондзынæн!»

— Стыр бузныг, Челæхсæртæг, фæлæ нæ дыууæ Чермен дæр нæ бæсты раз æххæст кæнæм нæ сыгъдæг хæс æмæ изæрмилтæм Ампноны къæсæрæй куынæ бахизæм, уæд нæ Барастыр нал айсдзæн æмæ схауæггаг уыдзыстæм! — йæ цæсгомыл худгæ хур скæсын кодта Сослан æмæ йын Уд йæ хъусы сусæгæй ныдздзырдта, бæдæйнаг, ме ’нæныййаргæ хъæбул, кардæй хорз архайыс, фæлæ æвзагæй дæр афтæ кæй арæхстæ, уый нæ зыдтон, зæгъгæ.

«Ацы тæссарвад йæ маст уромын базыдта! Цыма йын йæ бинойнаджы нæ раскъæфтон æмæ йемæ быцæуыл лæуд никуы уыдтæн! Ома, ардыгæй комкоммæ Дзæнæтмæ ацæудзæн? Куыннæ стæй!» — бахудтис Челæхсæртæг æмæ Дзæцъумæ йæ цæст фæныкъуылдта, ды сыбыртт ма скæн, зæгъгæ.

— Сослан, нæ цæхджын хойраг нын фенут, нæ сахарæн йæ фарн уымæй у!

— Уæ фарн бирæ уæнт, Челæхсæртæг! Тынг нæ фæндыд уæ царды æгъдæуттыл демæ аныхас кæнын, Барастыр нæ æрвитгæ дæр уымæн ракодта, фæлæ æмгъуыдмæ куынæ бахæццæ уæм, уæд нæ Аминон мидæмæ нал бауадздзæн.

«Куынæ йæ ауадзон, уæд йæхи нал бауромдзæн æмæ йæ фыццаг цæф æруайдзæн мæныл! Нæ рацæудзæн, уый иннæты хуызæн нæу. Райдианы фæрæдыдтæн, фæлæ ныр сраст кæндзынæн мæ рæдыд! Ацæуæд æмæ сæ рыг уæларвмæ куы стæха, уæд-иу мæ аххос ма уæд, æз хъахъхъæнын мæ бæсты амонд!»

— Сослан, рагæй дæр дæ фенынмæ бæллыдтæн, фæлæ иугæр тагъд кæныс, уæд хæрзтыл æмбæлд фæу! — йæ къух ауыгъта Челæхсæртæг æмæ разæй цы згъæрджын æфсад лæууыд, уый цæстыныкъуылдмæ фæтары ис.

— Стыр бузныг, Челæхсæртæг! Ацы хатт дæм æрбафысым кæндзынæн æмæ та кафынмæ сбыцæу кæндзыстæм, фæлæ йæ зон! — Дзындз-аласайы фæцагайдта Сослан æмæ Чермены йæ фарсмæ куы ауыдта, уæд йæ сæры ферттывта: «Афтæ цард дæ сæры, ды мах æвыдæй цы ауадзай! Цы сфæнд кодтай, уый нæ зонын, фæлæ дын ам быдыргъ нæй!»

— Сослан, хъазын æмæ кафынмæ та дзы уыдзæн быцæу, фæлæ хылæй бæркад! — стыр хæларау æм йæ къух фæхъил кодта Хызы фырт.

Сослан Чермены йæ разæй акодта, ома ацы мæнгардыл æууæнк нæй æмæ чъылдымырдыгæй исты фыдбылыз куы сфæнд кæна, уæд мæ Цереччы згъæримæ йæ разы лæуд æз фæуыдзынæн. «Уæддæр хорз у, зæххы бынты кæй нæ бырынц æмæ мын мæ бæхы къæхты хæфсытæ дæлдзæхæй кæй не ’хсынц, уый! Цы ис йæ зæрды, æз дæр æй æвыдæй кæй нæ ныууадздзынæн, уый хорз куы зоны, уæд нæ нæмæн рауагъта? Разæй мæм цыдæр фыдбылыз кæй кæсы, уый мæ мид-зæрдæйæ зонын, фæлæ цы у?» — сагъæс кодта Сослан.

Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу нырма дæр Раст уынджы тæккæ астæу лæууыдысты æмæ сæм дардæй сæ къухтæ тылдтой. Цы у, уый цы нысан кæны, зæгъгæ, фæсидтис та Сослан Сатанамæ, фæлæ йын Уд æвиппайды нæ радта дзуапп. Рæстæг æппæтыл тых кæны, чи зоны, Хызы фыртмæ йæ мæнгард митæй æппындæр ницыуал баззад, дугтæ йын сæ семæ ахастой æмæ ацы æнахуыр сахары æцæгдæр амонд æмæ фарн æрбынат кодтой, зæгъгæ, нымадта йæхинымæры Сослан, фæлæ йын Сатана йæ нымадыл дон ауагъта.

Хызы мæнгард фырт йæхи лæгъз æнæхъуаджы нæ дары, кæнæ дын дæ фæндон нæ зоны æмæ афтæ æнхъæлы, цыма Черменимæ æцæгдæр Аминоны къæсæрмæ тындзыс, кæнæ та дын ардыгæй дыккаг кулдуары онг дæ разы цыдæр бæллæхы къæппæг æрæвæрдта æмæ цалынмæ йæ мидæг бахауат, уалынмæ. Раст уынджы хъæбæрыл лæудзæн æмæ æнхъæлмæ кæсдзæн, зæгъгæ, æрдзырдта йæм кæцæйдæр йæ мад Сатана.

Чермен уæдæй нырмæ йæхи цæстæй цыдæриддæр федта, уыдон ын æндæр исчи куы загътаид, уæд ыл сгаз-газ кодтаид, фынтæ мын ма дзур, зæгъгæ. Фырдисæй исдугмæ йæ бон дзурын не ссис, йæ сау бæхы афтæ скъæрдта, цыма йæ рæдау фысымтæм цæлы фынгыл бафæлмæцыд æмæ йын йæ рохтæ нал урæдта. Чысыл йе ’муд куы ’рцыдис, уæд Сосланы афарста, уыцы дæлæмæдзыды ды Хызы фырт Челæхсæртæг хоныс, æмæ мæнмæ та мæ уæздан фыдыфсымæр Даккойы хуызæн куы фæкастис, уæд уый та цы диссаг у, зæгъгæ. Йе стыр сæр, йæ фындзы хъæлыл дыууæрдыгæй ныхæст цæстытæ, йе сныхас йæ тæнæг былты цъæм-цъæм æмæ йæ къахдзæф йæ даргъ къухæй цæхгæр кæй самоны, уыдон иууылдæр мæ хъæздыг фыдыфсымæр Даккойы миниуджытæ куы сты, уæд æм ды Челæхсæртæджы номæй цæмæн дзырдтай, зæгъгæ. Чермен Дзæцъуйы дæр хъахъхъæдта æмæ фиппайдта, фырмæстæй-иу хатт йæ хæлафы пуси сыдзæг куыд батæлфыд æмæ-иу йæ сау ныхтæй йе ’взистгъуыз згъæр куыд æрхафта, уый. Челæхсæртæджы куыддæр ауыдта æмæ йын йæ фыццаг дзырд фехъуыста, афтæ йæ цæсты раз слæууыд Дакко. Æгæрыстæмæй йæм афтæ дæр фæкаст, Сосланы разæй йæм Даккойы номæй куы фæсидтаин, уæд Хызы фырт кæй уыд, уый хъуыды дæр нал æркодтаид, зæгъгæ. Нæ, нæ фæрæдыд, Челæхсæртæг æцæг бакодта цæрмыстыгъд Тлаттаты хъал Даккойы. Ау, дугмæ æндæр хуыздæр рæстдзинад нæй æмæ Хызы мæнгард фырт Челæхсæртæджы Чермены æнæфсис фыдыфсымæр Даккойæ сфæлхатт кодта? Цæмæн фæлхатт кæны мæнгард мæнгардæй? Цæмæннæ баивы мæнгард хорзæй? Сослан кæд, йæ фæндагыл хъуыды кæнгæйæ, Челæхсæртæджы мийыл дис кодта, уæддæр Чермены фарстæн дзуапп агуырдта æмæ йын куынæ ссардта, уæд та Удмæ фæсидтис. «Цы уын зæгъон, мæ хъæбултæ! Æвæццæгæн, мæнгарддзинад æмæ фыдмийæн сæ гуырдзтæ æнус-æнусты атагъаты хитынц æмæ билцъ рафтауыны аккаг мæр куы ссарынц, уæд æрбадынц. Хызы фыртæй æнус-æнусты фæстæ Хызы фырт, кæнæ Тлаттаты Дакко кæй равзæрдис, уый диссаг нæу. Диссаг уыдаид, хин æмæ мæнгарддзинадæй æнус-æнусты фæстæ Чермен, кæнæ Сослан куы равзæрдаид, уый. Никуы фехъуыстат, сæгъ сæныкк ары, фыс та уæрыкк, зæгъгæ?» — загъта Сатана æмæ уалынмæ ахæм æвирхъауы хабар æрцыд, æмæ сæ дзурыны бон нал фæцис.

Æвиппайды бæгæныгъуыз уæлдæфы æмырад айгæрста цæйдæр зæрдæхалæн хъыррыст æмæ алфамбылай ахæм æмкъæс-къæс ныккодта, цыма дæлимонты сахары сæйраг мæсыгæн йæ къултæ æркалдысты æмæ йын йе ’фсæн дуар æууилгæ чындæуыд. Дзындз-аласа æмæ Сау бæх сæ фæстаг къæхтыл алæууыдысты æмæ сæ дзыхтæй суагътой æхсидгæ мыр-мыр. Йæ гуымыдза къæдзил уыциу зылд æрбакодта, Сослан æмæ Чермены ныззылдта æмæ сæ йæ быны аууæрста. «Нæ дзырдтон, Хызы фырт йæ мæнгард митæ нæ ныууадздзæн, зæгъгæ! Нæ, не сраст уыдзæн куыдзы къæдзил! Нæ мæ хъуыдис нанамæ байхъусын! Мæ кард сæм хъуамæ аздæхтаин æмæ мын дæлимонтæй чи аирвæзтис, уыдон дæр сухты цагъд фæкодтаин!» — ферттывта ма Сосланы сæры æмæ уый фæстæ, Чермен æмæ йæ сау бæх цы фесты, уымæн ницыуал базыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.