Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





IV. ХЫЗЫ ФЫРТ ЧЕЛÆХСÆРТÆГ



IV. ХЫЗЫ ФЫРТ ЧЕЛÆХСÆРТÆГ

Челæхсæртæджы хатæнмæ Дзæцъу куы æрбамидæг æмæ йын афтæ куы загъта, Нарты тæссарвад æмæ йе ’мбал къæсæрæй мидæмæ æрбацæйхызтысты, фæлæ цыдæр къæссавæлдæхт фесты æмæ фæстæмæ кæлмдзæфау фездæхтысты, зæгъгæ, уæд йæ къæлæтджыныл ахæм змæлд бакодта, цыма йын исчи йæ быны арт скодта æмæ йæ фестын фæндыд, фæлæ йæ бадæнмæ баст уыдис æмæ йæ бæттæнтæ атонын йæ бон нæ бацис. Йæ уд йæ къæхты бынмæ аирвæзтис, йæ буар какон сындзытæй айдзаг æмæ йæ хуылф бынтон сафтид. Йæ галиу уæны бын ссыгъдис æмæ йын афтæ сдудыдта, цыма йын æй арты æвзаг астъæрдта. Йæ армытъæпæнтæ йæ схордтой æмæ йæ ныртæккæ æрфæндыдис, йæ нывæфтыд къæлæтджын куы фелвæстаид æмæ йæ Дзæцъуйы тæбæкк риуыл куы ныццавтаид. Дзæцъу йæ къухты ныхтæ æхсыдта, æмæ сæгъы сæфтæджытæй астæрд афтæ къуырцц-къуырцц кодта, цыма йæ даргъ къæдзилы бын бындзытæ бабырыдысты æмæ сæ уынæрæй фæсурынмæ хъавыд. Рудзынгæй кулдуармæ акаст æмæ тæссарвады йе ’мбалимæ уым куы ауыдта, уæд Челæхсæртæджы раз алæууыд, йæ рахиз къахæй йæ галиу дзабыры фындзыл дæлæмæ æрхæцыд. Нæ дзырдта Дзæцъу Лæгъзайæн, Нарты гуыппыртæ сæ бæллæх халонау дардмæ фенкъарынц, зæгъгæ, иллитт-биллитт! Уыдон рæстæмбис лæджы цардæй нæ цæрынц, кæд сæ зæххы фарн хæссы, уæддæр сæ удтæ хуыцæуттæ æмæ бардуæгты хæтæнты хæтынц æмæ сæм исты фыдбылыз куы фæкæсы, уæд сæм фæбæрæг кæнынц. Дзæцъуйы уыцы тæссарвæды фыд æмæ йæ фыды æфсымæры хабар нырма дæр йæ дыууæ уæны ’хсæн бады æмæ йæ сулæфын нæ уадзы, иллитт-биллитт. Куыд загъта Лæгъза? Йæ фыды фыд дæр ам ис, зæгъгæ? О, уый та ма кæй зæрдыл лæууы, уый ардæм куы æрцыд, уæд ма Æртыккаг дунейы бонтæ æмæ æхсæвтæн хыгъд уыдис!

Дзæцъуйæн йæ хуылф дымгæйæ айдзаг, йæ гуыбыны уаддым сыстад æмæ йæ, чи зоны, тъæппытæ фæхауын кæна, йæ маст куынæ суадза, уæд. Ныртæккæ йыл йæ дæлимонты сардаудзæн æмæ йын фенын кæндзысты, æрхы сыхырнайæ мидæмæ кæсын куыд хъæуы, уый.

Фæлæуу, Дзæцъу, тагъд ма кæн æмæ дæ хæлафы сыдзæджы мидæг дæ къæдзил ма тæлфын кæн! Стæй дæ сау ныхтæ куы æхсыныс, уæд дæ нал хъæуынц? Дæ хъæбул æмæ дæ мыггаджы хуыздæрты маст дæ хуылфы мидæг æхсиды æмæ дын гæныстойнаг цъæх арт дæ сæры цыргъ зонд судзы æмæ рох кæныс, уыцы тæссарвадæн нын йе сæфтæй йæ амонд хуыздæр кæй у, уый. Уæлæуыл куы цардысты, уæд Челæхсæртæджы маст Сосланы фыдыфсымæры лæппу Батрадзмæ къаддæр не ’хсыстис, фæлæ йæм ардæм куы æрбафтыдис йæ дыджызæ Хурзæринимæ, уæд йæ зæрдæйы хæрамыл дур бафæлдæхта æмæ йын скодта æнус-æнусы амонд. Уымæй дæр афтæ дзырдтай, ацы гæныстойнаг тых куынæ банымæг кæнæм æмæ дзы куынæ фервæзæм, уæд нын нæ Æртыккаг дунейæн йæ бындур разилын кæндзæн, зæгъгæ, фæлæ æхсыры цады фæрцы Сау цъыззы цъассы хай фæцис Нарты болатсæрст Батрадз æмæ райгуырдис коммæгæс, хъазæгой æмæ амондджын Дзорс. Сослан Батрадзæй хиндæр цы у, уый йеддæмæ тыхджындæр нæу æмæ уый тых дæр сфидауын кæндзæн Æртыккаг дунейы амондджын цард. Хин æмæ кæлæн кæй у, уый тыххæй йын амонд скæнын зын у æмæ нæ бæллæхы баппардзæн, зæгъыс? Уый хуызæн хин æмæ кæлæнтæ хорз æмæ æвзæр кæй не ’взарынц, уый тыххæй сын сеппæтæй сæрибар амонд скæнын зындæр кæй у, уый раст у, фæлæ мах нæхи сæрмагонд цард уыцы стыр хъуыддагæн не снывонд кодтам, Дзæцъу? Ды йемæ схæцынмæ хъавыс фыдæлтыккон мадзæлттæй, фæлæ дæ ферох вæййынц уыцы мадзæлттæн сæ фæстиуджытæ! Челæхсæртæг иугæр уыцы мадзæлттæй фиу куынæ стыхта, уæд йемæ схæцынмæ хъавы хæрзиуæджы тыхæй, цæмæй йын уыцы тых йæ мидæг ныддæрæн кæна седæппæт æмæ ма дзы ныууадза Æртыккаг дунейы уарзт æмæ æппæты стырдæр амонды банкъарыны фаг зонд. Уымæй фылдæр зонд æмæ хъуыды амондджын лæджы ницæмæн хъæуы! Фыдæлтыккон мадзæлттæй семæ тохгæнгæйæ сыл æппындæр нæ сахаддзæн нæ тых æмæ баззайдзыстæм тъымы-тъыматæм амонд агурыны фæндагыл хъизæмаргæнгæйæ. Нæ кæсыс уыцы тæссарвадмæ, ардæм дæр та æрбацыд Челæхсæртæджы фæдыл, ам дæр та йæ нæ ныууагъта йæ адыл æмæ йæ джиздары, иннæ дунеты йæ куыд джиздардта, афтæ. Агурыны куысты хъизæмарæй цыфæнды стыр амонд дæр фæлурс кæй кæны, уый зоны Челæхсæртæг æмæ адæймаджы мыггагыл ауды, йæ сомбоныл ын йæхæдæг хъуыды кæны, йæхи йын сеппæтæй ссæрибар кодта, афтæмæй. Æхсыры цады фæрцы адæймаджы ссæрибар кодта ивгъуыды дудагæй, абоны рисæй æмæ суинаджы хъуыдыйæ æмæ йын йæ мидæг ницыуал ныууагъта, æхцонад æмæ амонды йеддæмæ. Адæймаг æппæт хæрзиуджыты аккаг у, адæймаджы мыггагæн скæнын хъæуы æппæты бæрзонддæр амонд! Уый у Челæхсæртæгæн йæ архайды нывæст æмæ йæ царды фæтк æмæ уыдонæй хъулон никæй хъæуы хионæй-æддагонæй, фæлæ иуæй-иу сæрхъæнтæ сæ тыбыртæ куы цæгъдой æмæ урс-урсид хъазыл доны æртæхтæ куынæ æрхæцынц, афтæ сыл Челæхсæртæджы хæрзиуджытæ куынæ æрхæцой, уæд та сын ратдзæн, Сосланы фыд Уырызмæгæн цы бынат радта, уый хуызæн. Цæмæй адæймаг йæхи сæрибар, рог æмæ амондджын æнхъæла, уый тыххæй йæм хъуамæ кæсай æддейæ æмæ йын йæ уды скондыл ма агурай мидæмæ бабырæн хуынчъытæ. Ныууадз ын йæ уд йæхи бар, кæд ын искуы рудзгуытæ ис, уæд ын сæ саумыр ныккæн æмæ йын йæхицæн дæр макуы радт уырдæм ныккæсыны фадат. Науæд та йын йæ хъуыдытыл мæрдхуыссæг бафтау æмæ ма йын йæ сæры мидæг ныууадз, магъзæй афтид удмæ æрмæст æхцондæр æмæ тæмæнкалгæ рухс чи уадздзæн, ахæм иунæг таг. Уыцы таг кæндзæн адæймаджы зæрдæмæ æрмæст рухс, цин æмæ æхцонад уадзыны куыст, æцæгæлон ын уыдзысты талынг, хъынцъым, мæт, сагъæс, уæззау хъуыды, цот, мыггаг æмæ фæлтæртыл аудыны хъизæмар æмæ лæг йæхи æнхъæлдзæн æппæты амондджындæр. Сослан йæ бæлццон æмбалимæ æрмæст йæ фыд æмæ йæ фыдыфсымæры агурæг не ’рбацыд, уыдонæн цы сæ уæлфад гал ныллæууыд, уый зоны Челæхсæртæг. Уыдон Æртыккаг дунемæ æрбацыдысты, цæмæй йын йæ амондджын цæрджытæн сæ удты рудзгуытæ байтындзой, сæ хъуыды сын сæзмæлын кæной æмæ сын сæ тъымы-тъыматы бæллиццаг амонд байсой. Челæхсæртæг æмæ Сосланы сæ хуыцау рафæлдыста хъаугъайæн æмæ Нарты бæсты куы цардысты, уæд дæр сæ бонтæ æрвыстой кæрæдзиимæ быцæугæнгæйæ, фæлæ уым сæ дзырддагæн йæ судзаг стъæлфæнтæ иу дунейы арæнтæй никуы ахызтысты. Стæй та Сырдоны фæрцы йæ уæрджытыл Балсæджы цалх куы атылдис æмæ мæрдты бæстæм биноныг цæрæгæй куы æрбацыд, уæд Барастырæн йæ фыццаг дзырд уый фæцис. «Барастыр, фарн дæм бадзурæд, фæлæ кæд дæ рухс дунейы ног цæрæг дæн, уæддæр нæ дыууæ кæрæдзи абон нæ базыдтам, уымæн æмæ ма дæм айразмæты æрбацыдтæн аза-бæласы сыфтæ курæг. Ды куыд уарзыс рæстыл цæуын æмæ лыстæджытæй луарын, æз дæр афтæ. Ды дæ уæлæрмттыл цы стæг асæттай, уымæ æз дæр мæ уæраджы кæхц нæ фæбыцæу кæндзынæн. Куыдзы къæдзилæй ды куыднæ зæгъдзынæ, уый фатау раст у, зæгъгæ, æз дæр афтæ. Табу дæхицæн, Барастыр, мæ тызмæг ныхас ардæм дæр мæ разæй кæй фæцис, уый мыл не ’мбæлы, фæлæ ма дæ риуыл дæ къух сæвæр, афтæмæй ма мын зæгъ: Хызы мæнгард фыртимæ уæлæуыл æдзух быцæу куы кодтам æмæ нæ доны бын рæсуг куы никуы ссис, уæд ам дыууæйæн æмхуызон Дзæнæт цæмæн равзæрстай, и? Дæ фарн мæ басудзæд, Барастыр, фæлæ æз цæхгæр зæгъын: кæд мæнмæ Дзæнæты райдзаст къуым æмбæлы, уæд Хызы мæнгард фыртмæ та æмбæлы Зындоны сау æхсидгæ! Кæд Челæхсæртæгæн Дзæнæты æдзæргæ нæй, уæд мæн та æхсидгæ писийы хъуамæ ныррæцугъай, гормон! Уæлæуыл нын куынæ сфаг ис иу дуне, уæд та мын дæ райдзаст дуне фестырдæр ис, и?»

Барастыр иуæрдæм хæцыд, уыцы тæссарвад та иннæрдæм æмæ Челæхсæртæджы бауырныдта, уыцы нæрæмон фæстагмæ уæддæр йæ фæндон кæй аскъæрдзæн. Нæ дыууæйæн уæлæуыл иумæ къуындæг кæм уыдис, уым нын ам та ноджы къуындæгдæр у æмæ мын адæймаджы сомбоныл хъуыды кæныны фадат нæ фæуыдзæн, зæгъгæ, скарста йæхинымæры Челæхсæртæг æмæ сусæгæй Цæрддзуйы дуæртты ’рдæм цæуæн фæндаг агурын райдыдта. Йæ мыггаг дидин рафтауæд Дзæцъуйæн, йе знаджы къухæй йæ райгуырæн бæстæй дæлæмæ чи аирвæзтис æмæ æнус-æнусты дунейы рухс фæндагыл чи бамбæлдис, уый æмбал бауæд йæ фыд Лæгъза æмæ йæ фырт Хъуыза! Уый фæрцы æрбафтыд, йæ тауинаг билцъ кæм рафтыдтаид æмæ йын йе ’взар уаддым кæм нæ ныддæвдæг кодтаид, ахæм бæстæм, фæлæ та уырдæм дæр йæ фæдыл æрбамидæг ис уыцы тæссарвад æмæ ныр сæ хъаугъа, Челæхсæртæджы куыд фæнды, афтæ куынæ алыг уа, уæд йе стъæлфæнтæ апырх уыдзысты æртæ дунейыл æмхуызон æмæ æртсыгъды хай фæуыдзысты Уæлейæ дуне, Мæрдты бæстæ æмæ Æртыккаг дуне.

Æхсыры цады алæмæты фæрцы æппæт дæр æрбæстон кодтой Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу. Иугæр адæймагæн йæ зонд æмæ йæ хъуыды сæ къухы куы бафтыд æмæ йын йæ уды рудзгуытæ иууылдæр куы сæхгæдтой, уæд ма сын лыг кæнинаг баззад Æртыккаг дунейы амондджын дзыллæйы фарст. Адæймаджы ссæрибар кодтой, йæ уды уаргъ ын систой æмæ йыл нал уæз кæнынц йæ туг, йе стæг, йæ мыггаг, йæ цот, йæ рис, йæ мæт, йæ хъынцъым. Ивгъуыд æмæ фыдæл цы сты, уый йын ферох кæнын кодтой, цот æмæ фидæны уæз ын систой йе рагъæй æмæ ма йын ныууагътой, йæ афтид уды мидæг рогæй, хъæлдзæгæй, иугъæдонæй чи зылдис, иуварс фæкæсын æмæ нымайын чи нæ зыдта, ахæм абоны бон. Седæппæт дзы байстой æмæ йын уыйхыгъд радтой æгæрон амонд æмæ йæ ссæрибар кодтой, галы æфсондзæй куыд ссæрибар кæнай, афтæ, фæлæ ма фос дæр сæрвæты æнæркæсæгæй куы хъыллиппытæ кæна, уæд былæй нæ ахаудзысты? Адæймагæн дæ йæ хорз æмæ йæ хæрзиуæгмæ кæсын куы фæнда, уæд ын хъуамæ скæнай, иу къæм дæр кæмæ нæ фæхæццæ уыдзæн, ахæм рухс амонд. Æртыккаг дуне йæ дзыллæйы æнæмæлгæ скодта, æмæ, мæлæт цы у, уый æппындæр ничиуал зоны, фæлæ ахæм æнусмæ царды йæ тых цæуыл фæкайа æмæ йæхи цæуыл аирхæфса, уый дæр ын хъуамæ уа! Æмæ уæд райдыдтой зæххы хуылфæй, калмы хæрвау, хъулон-мулон дур къахын æмæ мæсыг амайын. Иу мæсыг расайдта иннæйы самайыны хъуыды æмæ иу цалдæр мæсыджы сæ цъуппытæ арвмæ куы сивæзтой æмæ куыстамонды куыроймæ стырдæр дон куы бауагъта, уæд Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу сфæнд кодтой стыр сахар аразын. Сахар хъуамæ уа тынг стыр, йæ мæсгуытæн нымæц нæ уыдзæн, никуы бабын уыдзысты æмæ тъымы-тъыматæм лæудзысты. Æртыккаг дуне æнæхъæнæй мæсгуытæ фестдзæн, йæ алыварс æрзилдзæн, калмы хæрвау, хъулон-мулон дурæй амад бæрзонд сис, æвзæр цæст ын ницыхъом уыдзæн æмæ йын йæ дурастæрд рæсугъд уынгтæ æцæгæлон лæг фендзæн, йæ хуылфмæ куы бабыра, уæд.

Адæймагмæ кусгæ-кусын цы бакастаид, уый ад ницы кодта Челæхсæртæгæн, уымæн æмæ уæд æппæты хуыздæр нымадта йæ архайды фæстиуджытæ. «Уымæй фылдæр адæймаджы нæ хъæуы! Уымæй хуыздæр хъысмæты аккаг лæджы фырт нæй! Цых-х-х!» — ныххудтис-иу йæхинымæры Хызы фырт фыдæнæн, ныр йæ къухы чи ис, уыдон-иу дзы хынджылæг куы скъæрдтой, афтæмæй-иу æм Хызы фидары фæскъултæй дæлейæ уæлæмæ «Хыза-быза» кæй хъæр кодтой, уый æрбаймысгæйæ. Ныр нал балæудзæн адæймаджы мыггаг Нарты мæлинæгты дæлбазыр. Ныр ын йæ туджджын знæгтæ сæ нæргæ номæй йæ арв нал сагъуынддзысты. Ныр Челæхсæртæг йæхæдæг у адæймагæн йæ арв дæр æмæ йæ хуыцау дæр... Лæг дæлдзæхæй мæсыджы къулмæ хъулон-мулон дуры къæртт фæхæссы. Хæбæццæгмæ æнцой æвæрд мæнгасины къæпхæнтыл хъавгæ фæхизы æмæ йе ’ргъомы бын йæ бæгънæг гуыбыны цъар ныттынг ис, фæлæ йæ цæсгом худы æмæ йæ цæстытæ æрттивынц сонт æрттывдæй. Челæхсæртæг уарзта сонт цæстыты æрттывдмæ кæсын æмæ-иу слæууыд асины бын, цæмæй, амонд кæмæн скодта, уый йæ разы лæууыдаид æргомæздæхтæй. Ахæм рæстæджы-иу Челæхсæртæг фæгуырысхо æмæ-иу йæхимидæг нымайынтыл фæцис: «Чи зоны, ме знæгты фыдмитæ æцæгдæр хæрзиуæгæй фидын! Лæг æддейæ бакæсгæйæ куыд зыны, уый ницы давы. Æз цы царды æгъдæуттæ æрæййæфтон, уыдонæй баргæйæ сæйраг у, адæймаг йæхæдæг йæхи куыд æнкъары, уый. Бафæрс ныртæккæ Нарты Хæмыцы æмæ дын зæгъдзæн, мæнæй амондджындæр дун-дунетыл адæймаг нæй, зæгъгæ. Уыдон мæ уæлæуыл фатæхстмæ агуырдтой æмæ сын æз та ам дзæнæты дзæнæт скæнон?» Уæд-иу Дзæцъу йæ уæлхъус февзæрд æмæ-иу йæ тымбыл къухы мидæг лыстæг ныххудтис: «И-хи-хо, Лæгъза! Уый раст нæу, иллитт-биллитт! Адæймагæн нæ дыууæ цы хъысмæт скодтам, уымæй фалдæр нал дæр хæрзиуæг ис æмæ нал дæр фыдми! Уый у æппæты кæройнаг, æппæты бинаг хахх æмæ иугæр уый онг кæй бакодтам, уый разы у, уæд мах нæхи хъуамæ хонæм хæрзиуæггæнджытæ! О, иллитт-биллитт!»

Æртыккаг дуне йæхæдæг сфæлдыста дурсæтджытæ, дурамайджытæ, сисамайджытæ, æндонфыцджытæ, куырдтæ, хъæды куыстгæнджытæ, хæстонтæ æмæ хуыйджытæ, фæлæ-иу йæ мийы мидæг йæ зæрдæ чи куыд бавæрдта, уый басгарын йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыд. Бузныджы æнкъарæн æцæгæлон нæу æгæрыстæмæй куыдзæн дæр æмæ йын цæмæй йæ хицау йæ иузæрдыгдзинад фæфиппайа æмæ йын егъаудæр къæбæр аппара, уый тыххæй йын зæрдæбынæй фестæры йæ къухтæ. Æртыккаг дунейы адæймагæн дæр йæ амонды фидыц уыдис бузн, фæлæ уыцы бузн хъуамæ рацыдаид йæхицæй. Йæ хид хъуамæ рауагътаид æрмæст йæхи тыххæй, йæ бæрзонд амонды тыххæй, цæмæй йæ мийæ бузныг йæхæдæг уыдаид, уый тыххæй. Дзахайы хойраг æнæхъуаджы кæй нæ хæры æмæ бузныг кæй у, уый искæмæн не ’вдисы, йæхицæн æй бæлвырд кæны. Сисамадмæ кæсгæйæ йæ сæрибар цæстыты мидбылхудт дыдзы æрттывд кæндзæн, афтæмæй йæхимæ дзурдзæн знонæй абон хуыздæр бакуыстон, зæгъгæ. Стæй Хурзæринмæ скæсдзæн æмæ рæстæг банымайдзæн, цæмæй базона, изæрмæ ма цас баззад æмæ йæ æхсæвы хуыссæг йæ амондæй кæд фæхицæн кæндзæн, уый. Лæг йæ хъахъхъæнæн бынаты лæууы æд хотыхтæ æмæ йæ цытджын Æртыккаг дунейы кад хъахъхъæны. Науæд та сис амайы æмæ йæ куыстæй йæ амонд ноджы райдзастдæр кæны, фæлæ куыддæр фæцæйныгуылæг хурмæ скæсы, афтæ йæ циныл абады сау-сауид æндæрг æмæ йæ мидбылхудт æрбацыдæр вæййы. Фæцæйныгуылæг хур йæ зæрдæйы нæ ныфтдзæн, афтæмæй Дзæхайы фынгмæ ацæудзæн. Уырдыгæй куы рацæуа, уæд райсоммæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, фыны дæр йемæ баззайдзæн, тугамæхст æрвгæрон ын йæ рухс амондыл цы сау æндæрг айтыгъта, уый. Тугамæхст изæртæ райдзаст райсомты ивдзысты. Амонд æмæ цинæй се ’мыдзаг бонты фæдыл сау æхсæвтæ цæудзысты æмæ амондджын адæймаг Хурзæринмæ цал касты скæна, уал хатты йын йæ сау хъыг йæ зæрдæ фелхыскъ кæндзæн. Æртыккаг дунейы амондджын адæймаг зоны: абон æмæ райсом мысын кæндзысты Хурзæрины, тугамæхст изæрты, знон сисамайæг хæбæццæгæй кæй рахауд æмæ дыккаг бонмæ сис амаинагæй кæй баззад! Асиныл фæцæйхизгæйæ йæхицæн йæ фатхъул кæй фездыхстис, уый тыххæй йын райсом абонæй къаддæр кæй бантысдзæн æмæ йæхицæй бузныг кæй нал уыдзæн. Афтæ у, афтæ: знон, абон æмæ райсом райхъал кæнынц Æртыккаг дунейы амондджын адæймагæн йæ хъуыдытæ! Цыфæнды амондджын уæвгæйæ дæр ыл уыдон байтауынц сау тухитæ! Рæстæг йæхæдæг у хъизæмайраг хъуыды! Рæстæг хынцын йæхæдæг у фыдхъизæмары тухи æмæ бурхъусджын калм! Уый адæймагыл кæм бафты, уым ын йæ амондыл йæ къух сисын кæны. Хурзæрин цал хатты скæсы, уал хатты райгуыры райсом, Хурзæрин цал хатты аныгуылы, уал хатты ныддаргъ вæййынц Æртыккаг дунейы амондджын цæрджытыл сау æхсæвтæ æмæ уæд сызмæлынц сæ сæрты хъуыдыйы маргджын кæлмытæ. Хурзæрин йæхæдæг ныййары бонтæ, æхсæвтæ, сæуæхсидтæ, зæрæхсидтæ, мæйтæ, афæдзтæ, æнустæ, тъымы-тъыматæ. Хурзæрин йæхæдæг у рæстæг, сау хъуыдытæ чи сызмæлын кæны, ахæм рæстæг! Хурзæрин йæхæдæг у Æртыккаг дунейы æнæрцæугæ рухс амонды фыдызнаг!

Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу сæ амондджын Æртыккаг дунейы амондджын цæрджытæн афтæ амыдтой, уæ тæккæ размæйы йеддæмæ макуы дæр фæстæмæ акæсут æмæ макуы дæр уæхимæ ныккæсут, зæгъгæ, æмæ сæ Хурзæрин та йæ бонтæ, йе ’хсæвтæ, йæ зæрæхсидтæ, йæ къуыритæ, йæ афæдзтæ æмæ йе ’нустимæ сæ удты хуынчъытæм мидæмæ кæсын кæна æмæ сын сæ райдзаст бон саудалынг æхсæв фестын кæна? Нæ, фæлтау ма уæд Хурзæрин æмæ иу джиппы мидæг уагъд æрцæуæд йæ бонтæ, йе ’хсæвтæ, йæ сæуæхсидтæ, йæ зæрæхсидтæ, йæ къуыритæ, йæ мæйтæ, йæ афæдзтæ æмæ йе ’нустæ! Челæхсæртæг мæнæ Дзæцъуйы райгуырæн бæстæйы иуцасдæр фæцард æмæ йæхи цæстæй федта æмæ бавзæрста: уым не скæсы æмæ нæ аныгуылы хур, фæлæ иу дæлимон дæр йæ хицаумæ никуы бадзырдта, хур мæ хъæуы, зæгъгæ. Цæрынц хъæлдзæгæй, зарынц, кафынц æмæ се ссинаг ссынц.

Челæхсæртæг йæ амонæн æнгуылдз Дзæцъуйы тæккæ фынды размæ æркъæдз кодта æмæ йын афтæ: уый уал дын иу, зæгъгæ.

Иннæ ахæм та Хурзæринæн йæ рæстдзинад! Афтæ мачи фенхъæлæд, Хурзæрин кæддæр йæ чызг Челæхсæртæгæн нæ радта æмæ йæм ууыл хъыг у, зæгъгæ. Нæ, иугæр Челæхсæртæг йæ сæр адæймаджы хъысмæтæн снывонд кодта, уæд уый хуызæн хъыгтæ йæ зæрдæйы æппындæр нал дары, фæлæ Хурзæрины лæгæй-лæгмæ ныхасмæ куы расаид, æмæ йæ цæхгæр куы бафæрсид, алæ-ма, нæ хуры хай, ныййарæг сылгоймаг уæвгæйæ, дæ зæрин тынтæ алкæуыл æмхуызон куы пырх кæныс æмæ дын дидинæг æмæ фаджысæй уæлдай куынæ ис, уæд дæм уый куыд раст кæсы, зæгъгæ, уæд ын цы зæгъид? Хæрзиуæг скæнын хорз у, фæлæ йæ знагæн куы скæнай, уæд уый хæрзиуæг нал у. Ды райсом сыстыс, дæхи цæхсыс, дæ сæр ныффасыс æмæ æрдымбылæй дæ зæрин тынтæ æмхуызон рапырх кæныс адæймаг æмæ хилæгыл. Чи зоны, ды зæгъай, хилæджы кæй тавын æмæ фаджысыл кæй кæсын, уымæй адæймаджы мæ тынтæй цух нæ кæнын, алкæуыл æмæ алцæуылдæр æххæссын, зæгъгæ, фæлæ кæуыл æххæссыс æмæ кæй тавыс, уыдон ма бафæрс, кæддæра дын уыдон та куыд зæгъиккой! Нарты болатсæрст Батрадз йæ мыггаджы мæлинæгтæн йæхи фатыл куы бабæттын кодта æмæ сын афтæ куы загъта, гъеныр мæ Хызы фидары ’рдæм фехсут, зæгъгæ, уæд ын йæ развæндагыл дæ зæрин тынтæ куынæ байтыдтаис, уæд, чи зоны, æндæры ’рдæм адзæгъæл уыдаид æмæ Челæхсæртæджы хæдзарвæндаг бындурзылд нæ фæуыдаид. Науæд та, Сосланимæ лæгæй-лæгмæ куы хæцыдис, уæд куынæ нындæвтаис æмæ Челæхсæртæджы æрхуы сæры фахс куынæ сзынг кодтаис, уæд йæ сæры магъз нæ басыгъдаид æмæ исчердæмыты архайдтаид уыцы тæссарвадимæ. Комкоммæ дын æй зæгъы Челæхсæртæг: хъæуыс, нæ хъæуыс, уæддæр кæсыс æмæ æндавыс. Уæлæуыл æй хъуыдтæ æмæ йæм æндæвтай æмæ дæ бузныг уыдис! Мæрдты бæсты æнæ дыдзы хур цæрæн нæй æмæ-иу изæрыгæтты куы æрбакастæ, уæд-иу дæ галы бузныг фæцис. Ныр ам, Æртыккаг дунейы нал хъæуыс æмæ уæддæр æндавыс! Уый дын чердыгон рæстдзинад у?

Æртыккаг аххосджыны тыххæй Челæхсæртæг ницы загъта, афтæмæй иуизæр, сæйраг мæсыджы цъуппыл ын цы райдзаст хатæн уыдис, уым сынтæгыл уæлгоммæ схуыссыд æмæ Дзæцъумæ фæсидтис. Уæд мæсыджы цъуппыл мæнг хур нæма уыдис ауыгъд æмæ Æртыккаг дунейы цæрджытæ æвзистгъуыз згъæртæ æмæ сæрзæнттæ нæма дардтой. Дзæцъу, йæ хæлары сынтæгыл хуысгæ куы баййæфта, уæд сæццæйæ аззад æмæ йæ хæлафы сыдзæг мидызмæлд скодта, Челæхсæртæг Дзæцъумæ рынчыны каст скодта, фæлæ дæлимонты хицау уыцы мæгуыр скастæн нæ фæсайды ис, уымæн æмæ йæ зыдта, Æртыккаг дунейы царды фæткæн æцæгæлон кæй уыдысты низтæ æмæ сонтæ. Ницы йæм сдзырдта, ницæмæй йæ бафарста, æрмæст йæ дзыккуимæ архайгæ, йæ бырынкъ иуварс азылдта æмæ йæ мидбылты бахудтис, ома, цæй сабийы хъæзтытæ æрымысыдтæ уый! Челæхсæртæг нæ рабадтис, йæ хæлары сыкъатыл йæ къух не ’руагъта æмæ-иу ын кæд тынг æхцон уыдис, уæддæр ын йæ хæлафы комдæлæй йæ къæдзил нæ сисын кодта æмæ йын æй нæ адаудта. Уæд-иу Дзæцъу йæ цæстытæ æрæхгæдта, йæ уæрджытæ-иу кæрæдзимæ нылхъывта, афтæмæй-иу йæ рагъыстæг æхцонæй базмæлын кодта æмæ-иу йе ’хситт æмæ йæ мидхъуыр-хъуыр ссыдис. Хуыцау дæ саразæд, Лæгъза, мæ мæгуыр мад куы амардис, уæдæй нырмæ мыл афтæ ничиуал баузæлыд æмæ мæ къæдзилæй ницыуал æнкъарын, зæгъгæ, загъта-иу ын æмæ-иу æй куынничи федтаид, афтæ Челæхсæртæджы алыварс схъыллиппытæ кодта. Челæхсæртæг цæрцдæлимонты æлдармæ скæстытæ кодта, дыдзы худт æм бакодта æмæ йæ зæрдæбынæй æрфарста йæ иунæг фырт Хъуызайæ, йæ мыггагæй, мæ куырой ма зилы æмæ Нарты хуыздæртæн се стджытæ ссы, æви нæ, уымæй. Дзæцъу йын йæ дзуаппытæ æрнымадта йæ дæлимоны æвзагыл æмæ та йæ мидбылты бахудтис, ома, куы зонын, уый тыххæй мæм кæй нæ фæсидтæ, уый, уæд мын мæ сæфтæгыл цæмæн лæууыс!

Дзæцъу дис кæны, Челæхсæртæг рынчын кæй у, ууыл? Дис мацæуыл кæнæд Лæгъзайы фырт, рынчын нæ, фæлæ лæджы куы бахъæуы, уæд хатт мæлгæ дæр акæны. Куыд амæлы æмæ та стæй куыд райгас вæййы? Хъусæд Дзæцъу æмæ йын Челæхсæртæг банымайдзæн, Нарты тæссарвад Сослан дыууæ хатты куыд амардис æмæ та куыд райгас ис, уый! Дзæцъу уыцы диссаджы хабæрттæ никуы фехъуыста æмæ сæ нæ зоны? Ау, куыд сæ нæ зоны, æртæ дунейы йын иу хуынкъ дæр æнæбасгаргæ куынæ баззад, уæд уыцы диссаджы хабæрттæ куыннæ фехъуыста? Сослан авд уæйыджы хъан — Хуры чызг Ацырухсы йæхицæн усæн куы куырдта, уæд дзы уæйгуытæ ирæдæн æрдомдтой денджызы былыл арæзт æфсæйнаг сау галуан, йæ цыппар къуымы аза-бæласы сыфтæ, зæгъгæ, афтæмæй. Уый йеддæмæ ма сын ноджы хъуамæ радтаид æртæсæдæ сырды, уыдонæй сæдæ саджы, сæдæ дзæбидыры æмæ иннæтæ та алыгъуызон лыстæг сырдты мыггаг. Æфсæйнаг арæзт сау галуан æмæ æртæсæдæ сырды раттын Сосланæн нæ фæзын уыдаид, уæлдайдæр та йын Нарты арвы хин, зæххы кæлæн Сатанайы хуызæн æххуысгæнæг куы уыдаид, уæд! Хъизæмайраг æмæ хъаймæттаг уыдис аза-бæласы сыф, уымæн æмæ ахæм бæласы мыггаг уæлæуыл никуы зайы, мæрдты бæсты йеддæмæ. Фæстæмæ нæ фæлæууыд уыцы тæссарвад, йæхи сифтонг кодта æмæ Аминоны дуарæй мидæмæ балиуырдта. О, гъеныр æрбаймысыд Дзæцъу уыцы балцы бæллæхтæ? Æмæ бæллæхтæ, зæгъгæ, куы зæгъы, уæд кæуыл æрцыдысты уыцы бæллæхтæ, Сосланыл æви Дзæцъуйы мыггагыл? Дзæцъуйы дæлимонтæ йын йæ бæхы йæ къæхты хæфсытæй кæй амардтой, уый зоны Челæхсæртæг, æмæ йын гъеуæд йæ бæхимæ йæхи дæр куы басыгътаиккой сæ судзгæ фæттæй æмæ йæ Сау цъыззы цъасмæ куы ауагътаиккой, уæд-иу уый фæстæ фыдбылызтæ нал кодтаид, артдзæстæй рахаугæ æхсидав хæдзарæн куыд скæны, афтæ. Зоны Челæхсæртæг, уыцы тæссарвад дæлимонтæн стыр бæллæхтæ кæй ракодта æмæ сæ фыдызнаг кæй у, уый, фæлæ мæрдты бæстæй фæстæмæ æрбаздæхт æмæ йæ каистæн æрбахаста аза-бæласы сыфтæ æмæ Ацырухсы йæхи бакодта! Гъеныр ма Дзæцъу уæлæуон нымадæй банымайæд æмæ зæгъæд: мæрдты бæстæй фæстæмæ æрбаздæхын æмæ райгас кæнынæй цы хъауджыдæр ис?

Иннæ ахæм та, уыцы æнæрæмон, уыцы хин, уыцы хуыцауы къахæргæвдæг Хызы фидарыл кæй æрхъула кодта, уый! Цæмæй лæг ахæм хин æрымыса, уый тыххæй йæ дадзинты мидæг туджы бæсты хъуамæ цæва цъитийы дон æмæ йæ риуы æвæрд уа дойнаг дур! Иугæр ын Хызы фидар сæттын куынæ бакуымдта, уæд йæ тæккæ фарсмæ суадоны цур схуыссыд æмæ мардæфсон скодта. Аивгъуыдтой бонтæ, æхсæвтæ, къуыритæ, Сосланыл æхсæв æвзистгъуыз салф сæвæры, бон та йæ хур судзы, фæлæ уæддæр не змæлы. Йæ царм тæвды ныскъуыдтæ ис, хус рæстæджы зæхх куыд ныскъуыдтæ вæййы, афтæ, йæ буар схæмпус, скæлм ис. Бындзæй йæ холы нал зындис, фæлæ йæ буарыл иу нуар дæр никуы базмæлыд. Хъахъхъæнджытæ бæрæг хастой, Челæхсæртæг, уыцы æмбыд холыйыл сыджыт бакалын хъæуы, кæннод Хызы фидарæн йæ худинаг дун-дунейыл ныхъхъæр уыдзæн æмæ йын йæ хойраг ничиуал бахæрдзæн. Челæхсæртæджы дæр тыхсын кодта холыйы æмбыд смаг, фæлæ йæ нæ уырныдта йе знаджы мæлæт æмæ йæ мæсыггæстæн афтæ загъта: ацæут æмæ йын йе счъилты мидæг тæвд уæхстытæ стъыссут, сæ бырынчъытæ йæ уæрджыты сæрæй куыд сзыной. Кæд нæ фезмæла, уæд мæхæдæг рацæудзынæн фидарæй æмæ йыл мæхи къухæй бакалдзынæн сыджыт, зæгъгæ.

Рахастой сырхзынг уæхстытæ, йе ’мбыд счъилты йын сæ стъыстой æмæ йæ уæрджыты сæртæй, сыфсыфгæнгæ, сзындысты, фæлæ йæ фыд бынтон бамбыд, йæ стджытыл къуыдыр кæлмытæ бæз-бæз кодтой æмæ хус смаг дæр нал суагъта. Амардис, абæстаг нал уыдис йæ буар æвзалыйау ныссау æмæ йыл алæбырд æмæ ма дзы цы фезмæлыдаид! Гъеуæд бауырныдта Челæхсæртæджы, йæ фыдызнаг, æцæгдæр, мард кæй уыдис, уый, æмæ йæм рацыд, цæмæй йыл сыджыт бакалдтаид, рухс ын загътаид æмæ йын æгъдау скодтаид. Рацыдис æм Челæхсæртæг æмæ цы расайдта йæ рацыд? Куынæ рацыдаид, уæд, чи зоны, йæ буаримæ йæ уд æмæ йæ зæрдæ дæр скæлм уыдаиккой æмæ æцæг амардаид! Йе ’мбыд смаг калгæ фæгæпп ласта æмæ Челæхсæртæг цалынмæ йе ’муд æрцыдаид, уалынмæ йын йæ фæринкæй йæ сæры фахс æрцамадта. Нæ, уыдонимæ фыдæлтыккон амæлттæй хæцæн нæй, уыдонæн се знагмæ сæ зæрдæ куы æхсайа, уæд æм мæрдтæй дæр æрбаздæхдзысты!..

Æмæ Челæхсæртæджы уыцы рагон æмбисæндтæ цæмæн бахъуыдысты, зæгъыс? Ау, кæд ахæм хинтæй æмæ мардæфсæнттæй Нарты æнæрæмон Сослан хæцыдис йе знæгтимæ, уæд Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу ’рттæдæлармæй бадой æмæ сæхицæн ныфсытæ æвæрой, Æртыккаг дунейы седæппæт æрбæстон кодтам æмæ нын иннæ дунетæй дæр тас ницæмæй уал у, зæгъгæ? Цæмæн уарзы Дзæцъуйы мыггаг талынг дæлдзæхы цæрын æмæ цæмæн у йæ удхæссæг хуры æрттиваг цæст? Хуры зæрин тынтæ сæ дадзинты, фатау куы аныхсынц æмæ сын сæ туг куы сызмæнтынц, уæд сæ нымайыныл бафтауынц æмæ сын алы бæллæхтæ æрымысын кæнынц, зæгъгæ? Æви дæлимонты уæздан мыггаг рæстæджы æддейæ цæры æмæ куыддæр Хурзæрины зынг цæстмæ скæсынц, афтæ сæ барцджын къæдзилтæй банкъарынц, рæстæг сæ уæгъд кæй нæ уадзы, сæ иувæрсты кæй тæхы æмæ йе ’мцыд куынæ кæной, уæд сæ искуы ныцъцъист кæндзæн? О-о-о, æгайтма йыл сæтты Дзæцъу, Хурзæрин йæхæдæг рæстæг кæй у æмæ удгоймаг йæ хуылфы кæм ныххауы, уым йæ амонд кæй æрбатары вæййы! Седæппæт сæ къухы бафтыд æхсыры цады фæрцы, рæстæджы æгъатыр тахты ныхмæ та тох хъуамæ расидой сæхæдæг! Хурзæрин куынæуал скæса æмæ куынæуал аныгуыла, уæд нал уыдзысты сахаттæ, бонтæ, æхсæвтæ, къуыритæ, мæйтæ, афæдзтæ æмæ æнустæ æмæ рæстæг адæймагæй ферох уыдзысты. Цалынмæ Челæхсæртæг йæ сынтæгыл хуыссы, уæдмæ Дзæцъу хъуамæ ацæуа æмæ сараза æртæ ахсджиаг хъуыддаджы. Æртыккаг дунейы амондджын царды цы бахъæудзæн æмæ Дзæцъу йæ дæлимонтимæ цы нæ сараздзæн, зæгъгæ? Бирæ цæр, Дзæцъу, æмæ дын тæссарвад Сосланы фыдæй цы мыггаг сцыбыр ис, уый ногæй билцъ рауадзæд! Челæхсæртæг дæуæй ныфс æвæры æмæ дын комкоммæ уымæн дзуры: фыццаг уал уый, æмæ куырдæн йæ куырдадзы агъдыстæвдæн мæцъистæй рацæгъдын кæн, йæ алы цæджы мидæг дæр лæг кæмæн абырдзæн, ахæм сау рæхыс. Æхсæвæй-бонæй йæ куынцгомы арт ма банымæг уæд, йæ хъæсдарæджы дзиллинг-дзиллингмæ хуыссæг макæуыл æрхæцæд, рæхыс ахæм алдзæн æндонæй хъуамæ рацæгъда æмæ йæ зæлланг суанг уæлæйы бæстæм куыд хъуыса, Æртыккаг дунейы сæйраг мæсыг ыл куы æрцауындзой, уæддæр куыннæ аскъуыйа, Хур ыл йæ зæрин тынтæ æнæхъæнæй куы ныккала, уæддæр куыннæ бадон уа. Нырма уал нæ хъæуы иу ахæм рæхыс, æмæ дзы кæй хъуамæ бабæттæм, уый нæ къухы куы бафта, уæд та куырдæн рацæгъдын кæндзыстæм ног рæхыстæ. Рæхыс сæрмагондæй цæмæн бахъуыд, уый уал иуварс фæуадзæд Дзæцъу æмæ йæ зонæд: уыцы рæхыс, чи зоны, суа Æртыккаг дунейы уромæг!

Дыккаг фарст у, Челæхсæртæг рынчын кæй у, уый Æртыккаг дунейы амондджын цæрджытæ кæй хъуамæ базоной, уый. Чи зоны, стыр ныхас расайа æмæ Æртыккаг дунейы амондджын цæрджытæ схъомпал уой, мæлдзгуыты губаччы мидæг зынг ныппаргæйæ, мæлдзгуытæ куыд схъомпал вæййынц, афтæ, фæлæ дæ чи уарза æмæ дæ коммæ табу чи кæна, уымæй бамбæхсын ницы хъæуы. Цæйнæфæлтау сæ амондджын царды агъудæй схауой æмæ сæ удты уæлæ мидæмæ бакæсæн хуынчъытæ агурыныл фæуой, фæлтау сын Дзæцъу æргом расидтаид, Лæгъза Хурзæринмæ æгæр бирæ кæй фæкастис, зæрæхсидтæ æмæ сæуæхсидтæ кæй нымадта æмæ йыл хурниз кæй бахæцыд, уый. Бирæ йæ уарзынц, йæ бæрзонд ном ын сæ былалгъыл дарынц, сæ рухс амонд сты уымæй бузныг æмæ куы фехъусой, Лæгъза хурнизæй фæрынчын ис, зæгъгæ, уæд, чи зоны, Хурзæринмæ лæбурынтæ сисой, фæлæ сын Дзæцъу развæлгъау хъуамæ бамбарын кæна: Хурзæрин — нæ сыхаг æмæ сыхагмæ лæбурын нæ хъæуы, фæлтау æм мæнæ фæсиддзыстæм æмæ йын бамбарын кæндзыстæм, Лæгъза хурнизæй кæй фæрынчын ис, уый. Кæд ыл цы низ бафтыдта, уый фæстæмæ айса æмæ йæ фæстæмæ йæ хæтæнты апырх кæна, уæд нырæй фæстæмæ дæр цæрдзыстæм, гъенырмæ куыд цардыстæм, афтæ, кæннод нын нæ рухс амонд халгæ чи кæны, уымæн нæ ныббардзыстæм, зæгъгæ.

Челæхсæртæг Дзæцъуйæн цыдæриддæр зæгъынмæ хъа



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.