Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





II. ÆРТЫККАГ ДУНЕ ÆМÆ ЙÆ ХИЦÆУТТÆ



II. ÆРТЫККАГ ДУНЕ ÆМÆ ЙÆ ХИЦÆУТТÆ

Хызы фырт Челæхсæртæгæн боныфæстагмæ йæ къухы бафтыд, дыууæ дунейы цæй тыххæй раивта æмæ цæмæ тырныдта, уый. Нарты гуыппырсæртæн сæ цард уыдис æнæхæрд бæстæтæ агурын, искæй фос ратæлæт кæнын, балцы цæуын æмæ мæличчытæ æмæ уæйгуытимæ хæцын. Хызы фырт Челæхсæртæг та йæ агуырдта Уæлæуыл æмæ мæрдты бæсты, цæмæй дзы ног цард сарæзтаид, йæ хуыз ын аивтаид, йæ цæрджыты йын фервæзын кодтаид рын, сон, хъизæмар, сагъæс æмæ уæззау хъуыдыйæ. Дыууæ дунейы дæр йæ уды тырнæн æмæ йæ курдиат фæкайдта, адæймаг куы равзæрдис, уæдæй фæстæмæ цард цы надвæндагыл цыдис, уый фæивыныл, адæймаджы сконд фæивыныл, цæмæй йын йæ миддуне ауагътаид, йæхæдæг развæлгъау цы джиппыуагъд нывгарст скодта, ууыл æмæ йæ мауал бахъуыдаид сагъæс кæнын, цы уыдис æмæ цы суыдзæн, ууыл, цоты райгуырдыл, мæлæтыл æмæ ссæрибар уыдаид алыгъуызон сау хъуыдытæй æмæ йæхи æнкъардтаид амондджын. Уæлæуыл æмæ мæрдты бæсты йæ къухы нæ бафтыд йæ бæллиц сæххæст кæнын, уымæн æмæ дыууæ раны дæр адæмæй чи Нарты гуыппырты фæзмгæйæ цардис, чи та уыдон тасæй къахдзæф кæнын нæ уæндыдис. Уæлæуыл-иу адæймаг дун-дунейы цыппар къуымæй куы ракастис, уæд-иу йæ цæсты раз сæрыстыр æмæ уæзданæй сыстадис, Хызы фидар цы Сау хохы цъуппыл лæууыд, уый. Фæлæ адæмтæ æмæ бæстæтæ сæ хъус уæддæр дардтой йæ дæлфæдтæм дæлвæзы Нарты хъæумæ, сæ ныхасы куырыхон уынаффæмæ, сæ Зилахары быдыры хæстон хъæртæм, сæ симды уæздан зæлтæм. Нарты фæдисмæ сидæн сыкъамæ хъусгæйæ-иу бæстæтæ æмæ адæмтæ Хызы фидар иуварс фæуагътой, хъæздыг Хыз æмæ йæ фырт Челæхсæртæг кæй цардысты, уый-иу сæ фæсонæрхæджы дæр нал уыдис. Уырызмæджы зондджын тæрхæттæм хъусгæйæ, Сослан, Батрадз æмæ Хæмыцы сгуыхт митæм кæсгæйæ. Афтæмæй уæлæуыл цæрæнбонтæ хæрз цыбыр сты, дун-дуне йæ цæст иу хатт æрныкъулы, æмæ фæцис адæймаджы цард. Челæхсæртæджы хæрзвæнд сæххæст кæнынæн та хъуыдис дæсгай афæдзтæ, æнустæ æмæ тъымы-тъыматæ. Уый йеддæмæ ма йæ хъуыдис æнæхæрд бæстæ æмæ адæймæгты, фæлтæрты, дзыллæты æнæхæрд хъуыды, фæлæ йын нæ уыдис нæдæр сæ иу æмæ нæдæр се ’ннæ. Фыдæлты дунейы дæр, уæлион дунейæ хъауджыдæр, æнæхæрд бæстæ нæ уыд, фæлæ афæдзтæ æмæ æнустæ лæджы къухы уыдысты хæрх, æгæрон, уымæн æмæ иугæр лæг уырдæм куы бафты æмæ Барастыры коммæ куы фæкæсы, уæд ын «дæлæмæ абад» зæгъæг нæ вæййы, тъымы-тъыматы дзы цы фæтк æрфидар, уый куынæ ныххала, уæд ын тас нæу зындоны фыцгæйы ныппарынæй, сау гæныстоны ауадзынæй. Уым æй нæ хъуыдис хъуыды кæнын, йæ хæрзвæнд сæххæст кæнынæн йæ цæрæнбонтæ куы нæ сфаг уыдаиккой, ууыл, фæлæ йæм йæ бæллиццаг нысан баззадис, Уæлæуыл æм куыд дард лæууыдис, афтæмæй, уымæн æмæ иуæрдыгæй Дзæнæты цæрджытæ сæ цардæй уыдысты тынг разы æмæ йæ коммæ нæ бакастаиккой, иннæрдыгæй сыл уыцы даргъбоцъо Барастыр йæ бартæ æмæ йæ хæрзаудæн идонау сæвæрдта æмæ сæ иннæрдæм акæсын нæ уагъта, иннæмæй та, Уæлæуыл йæ ном дардмæ цы Нарты гуыппырты фыдæй нæ зындис, уыдон ардæм дæр йæ фæдыл æрбацыдысты æмæ йын йæ сæр хæрдмæ сдарын нæ уагътой. Адæймаг хуыздæр хъысмæты аккаг у æмæ йыл Нарты фыдуаг фæсивæды фыдæй райсом цы бон акæндзæн, уый йын абон хъуыды кæнинаг ма хъуамæ уа, зæгъгæ, нымадта йæхинымæры Челæхсæртæг уæлæуыл дæр æмæ дæлæ дæр, фæлæ сын цæмæй исты ахъаз фæуа æмæ йæ фæдыл ацæуой, уый тыххæй йæхæдæг хъуамæ лæууа бæрзонд ран, алырдæм дзæбæх куыд зына æмæ йæм алчи, хуыцаумæ скæсæгау, уæлæмæ куыд кæса, афтæ.

Йæ фыд Хыз ын ныууагъта бирæ исбон, æнæнымæц фосы рæгъæуттæ, æгæрон зæххытæ æмæ, Нарты Сосланы онг æвдсæрон уæйгуытæн дæр сæттын чи нæ бакуымдта, ахæм фидар. Челæхсæртæг æй йæхицæй зоны, адæймаг бæрзонд ран лæууын кæй уарзы æмæ, йæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæ хуыздæр разыныны сæраппонд, хуыцæуттæм йæхи кæй фæивазы, уый, фæлæ дзы йæ рухсыбадинаг фыдæн æмбал нæ уыд. Чи зоны йын йæ фыдæй баззад бæрзонд мæсыджы цъуппыл райдзаст хатæны бадын æмæ уырдыгæй дæлæмæ фæлгæсын, цæмæй, йæ иузæрдыг дæлбартæ йæ разы мæлдзгуытау куыд змæлыдысты, уый уыдтаид æмæ сæм йæ мидбылты бахудгæ дзырдтаид: уæлæмæ скæсут æмæ уæ хæрзиуæджы суадон фенат!

Бæрзонд ран лæууын хорз у, фæлæ адæймагæн Нарты фыдуаг фæсивæды хуызæн сыхæгтæ куы уа, уæд цас фæбæрзонддæр вæййы, уыйас æм æркæсы фылдæр фыдбылыз, уымæн æмæ йæ дардмæ уынынц, куыд йæ хæлæрттæ, афтæ йе знæгтæ дæр. Цæмæй дардмæ разындаид æмæ йын, йæ зæрдæйы дзæбæх фæндтæ æххæст кæнгæйæ, йæ фыды знæгтæ мацыхъом уыдаиккой, уый тыххæй йæ фыд Хыз йæ фидар сарæзта, схизæн кæмæ нæ уыд, ахæм хохы цъуппыл, Челæхсæртæг та ссардта Æртыккаг дуне, быцæу кæныны сæр æй кæм нæ хъуыдис æмæ адæймагæй æппæты амондджындæр гоймаг рафæлдисыны мадзæлттæ йæхи къухы кæм уыдысты, ахæм Æртыккаг дуне. Нæ, йæ фыд Хыз дæр бирæ хъуыды кодта адæймагыл, фæлæ йын йе ’нусон царды надвæндаг фæивыныл архайдта хуымæтæджы мадзæлттæй, хатт-иу йæхи ныхмæ чи слæууыд, ахæм хуымæтæджы мадзæлттæй, Челæхсæртæгæн та йæ Æртыккаг дунейы йæ авналæнтæ фæуæрæхдæр сты, знаг нæ, фæлæ йын тæрхон чи скæна, ахæм дæр дзы никæйуал ныууагъта æмæ йын ницыуал баззадис аразинаг, адæймаджы хъысмæтыл хъуыды кæныны йеддæмæ. Хызæн йæ фидары къулрæбынты онг æвастæй бæлццон нæ хæццæ кодта, кæнæ-иу искуы къæдзæхæй ахаудта, кæнæ та-иу æй хъахъхъæнджытæ æрдуйау нарæг къахвæндæгтыл фæцæйцæугæйæ, фæттæй сыхырна фестын кодтой, фæлæ-иу нæ ахъуыды кодта, уыцы хъахъхъæнджытæ йыл се ’ппæт иузæрдыг уыдысты æви нæ, ууыл. Нæ ахъуыды кодта, стыр фидарæн стыр знæгтæ кæй разыны, ууыл æмæ йæ афоныл нæ бацархайдта йе знæгтæй коммæгæс адæймæгтæ саразыныл. Хызы фидары дойнаг дурæйамад тызмæг систæ уыдысты кæлæх æмæ иугуыр æмæ дзы мидæмæ бахизæн æппындæр никуы зындис. Æддейæ бакæсгæйæ дзы лæг æрмæст уыдта, йæ сисдзæфтæ дардæй, саугуырм цæстыты дзыхъхъытау сау-сауидæй кæмæн зындысты, ахæм бæрзонд мæсыг. Фæлæ фидары хицау нæ банымадта, æрхъулайы уæвгæйæ-иу хъахъхъæнæн сисы мидæггаг фарс чи баззад, уыдонæй йыл цал уыд иузæрдыг, уый. Хыз зыдта хуыцæутты хуыцау æй кæй фарсмæ æрцæрын кодта, уый, æмæ цæмæй æхсæвыгæтты йæ зæрдæ мацæмæ æхсайдтаид, уый тыххæй бæрзонд хъахъхъæнæн сисы мидæггаг фарс ма æрæвæрын кодтой бинонты райдзаст хатæнтæ, йæ фыййæуттæ æмæ йæ фæсдзæуинты талынг уæттæ, хойраг, дзидза æмæ нозт æфснайæн къæбицтæ, йе ’нæнымæц фысвос рæгъæуттæдарæн зымæгон скъæттæ æмæ сæрдыгон уæтæртæ, йæ бæхдон, йæ куырдадзы æмæ йæ хæцæнгарзы æфтауцдон æмæ, утæппæт æмбæхсæн къуымтæ кæй ныхмæ фæцарæзта, уыдонæй йæхицæн иузæрдыг, æппæтæй дæр разы æмæ амондджын адæймæгтæ саразын йæ фæсонæрхæджы дæр никуы æрцыд. Рухсы бадæд, æцæг æй йæ уавæртæ нæ амыдтой, фæлæ йæ хъуамæ зыдтаид: адæймаг де знаг куы уа, уæддæр йе скуынæг кæнынæй йе ’рсæттын æмæ дзы æппæтæй дæр разы æмæ амондджын адæймаг саразын стырдæр лæгдзинад кæй у. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæджытæ рауад, фæлæ дун-дуне йæхæдæг куыд у æнустæм, афтæ Челæхсæртæгæн дæр кæрон нæй, æмæ тъымы-тъыматæм кæндзæн йæ хæрзиуæджы ми æмæ Æртыккаг дунемæ чи æрбафысым кæны, уыдонимæ йæ алæмæты æхсыры цады фæрцы ницыуал ныууадздзæн, йæ цардæй разы æмæ æгæрон амонд банкъарыны йеддæмæ. Сабийæ-иу Хызы бæрзонд систы сæртыл рабыр-бабыр кодта, мæсгуыты тызмæг дзатмæтæм-иу фосы фаджыс æмæ фысы бæркъайæ семыдзаг нарæг уынгты фат æмæ æрдынæй хъазыд æмæ-иу хъуыды кодта: ау, мæ фыды фидар, карчы айкау, алæрдыгæй æхгæд куы у, уæд адæм æмæ фос мидæмæ кæуылты æрбацæуынц, кæнæ æддæмæ кæцы дуарæй ахизынц, зæгъгæ. Цыппаркъуымон сисы къуымты цы мæсгуытæ уыдис, уыдонæй сæ иуæн йæ къулыл уыдис, йæ бинаг тигъ ставд зиллаччытыл кæмæн лæууыд, ахæм æфсæн дуар. Уазæг-иу куы æрбацыд, уæд-иу дуар дæлæмæ, хъысхъысгæнгæ, æруагътой, æфсæнрæхыстыл-иу уæрхæй-уæрхмæ алæууыд æмæ-иу æм быцæу сæвæрдтой, уæлæмæ-иу кæуыл схызтысты, ахæм асин. Рæхыстæ баст кæдæм уыдысты кæнæ-иу сæ куыд суагътой, уый нæ зыдта Челæхсæртæг æмæ фæрсгæ дæр никæй кодта. Иу изæр бæрзонд сисы мидæггаг фæрсты ралли-балли кодта, афтæмæй йыл æддейæ ссыдис фысты тæнтъихæг бæгъ-бæгъ æмæ стурты бæзджын богъ-богъ. Уайтагъд сисы сæрмæ сбырыд æмæ дæлæмæ акаст, кæддæра фос уыцы иу ранмæ цæмæн æртыгуыр сты æмæ цæуыл æрдиаг кæнынц, зæгъгæ. Галтæ къулмæ смыстой æмæ йæм кæстытæ кодтой, цыма истæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыйау. Æвиппайды Челæхсæртæгыл ахæм дзæнгæлтæ гæнæн хъыс-хъыс ссыдис, цыма къултæ æрбангом сты æмæ кæрæдзийыл сæхи хафынц, зæгъгæ. Уайтагъд зæхмæ æргæпп ласта æмæ федта, æртæ ивæзны бæрзæн иугуыр дур сисы мидæг куыд банкъуыст, къул куыд фегом ис æмæ дур цас дæлæмæ бырыд, уыйас зыхъхъыр стырæй-стырдæр куыд кодта, уый. Дур зæххы хуылфмæ бырыдис хæрз цадæггай, æддейæ фос разындысты, галтæ сæ мукъутæ мидæмæ æрбатъыстой æмæ сусæг дуарæн йæ уæллаг кæрон зæххæмвæз куы ссис, уæд, кæрæдзи цъистгæнгæ, мидæмæ æрбагуылф кодтой. Челæхсæртæг уæд хæрзчысыл уыдис æмæ йæ зондæй ничи фарста, фæлæ иугуыр къæйдурæй конд сусæг дуары алæмæт куы федта, уæд йæхинымæры нымайыныл фæцис: «Карчы айкау, тымбыл æмæ æнæ дуар фидар хорз у. Стæй йын йæ дуæртты сусæгдзинад куы ничи зона, уæд уый та ноджы хуыздæр у, фæлæ йын йæхи аиппытæ дæр ис. Бабайы фæнды, цæмæй дардмæ зына æмæ йыл адæм æууæндой, фæлæ дардмæ куыд разындзæн æмæ йыл адæмтæ куыд баууæнддзысты, сындзæхгæд фидары мидæг куы цæра æмæ сусæг дуæрттæ куы дара, уæд? Нæ, уым хъæуы æндæр цыдæр, адæймаджы æууæнк дыл чи бафтаудзæн æмæ дын лæджы фырты йæ зонд, йæ хъуыды, йæ бæллиц, йæ тырнæн æмæ йæ исбонимæ дæ къухмæ марæн кардау чи ратдзæн, ахæм æндæр цыдæр! Уæд дзы гуырысхо æмæ æнæууæнкæн бынат нал баззайдзæн æмæ дын фæуыдзæн адæймаджы амондыл хъуыды кæныны фадат. Адæймаг æрвылхатт дæр фæзоны, цы йæ хъæуы æмæ йæ цы нæ хъæуы, хорз ын цы у, кæнæ йын æвзæр цы у, йе знаг чи у, кæнæ йæм хæлары цæстæй чи кæсы, уый. Ахæм рæстæджы йын хъæуы баххуыс кæнын, хъæуы йæм æнгомдæр бацæуын, цæмæй дæ йæ ирвæзынгæнæг фенхъæла æмæ йæ ссæрибар кæнай æппæт фыдбылызтыл хъуыды кæнынæй!» Уыцы дыууæ дунейы йæ къухы нæ бафтыд йæ бæллиц сæххæст кæнын, фæлæ бирæ хъизæмæртты фæстæ хæйрæджыты æлдар Дзæцъуимæ сæ Æртыккаг дунемæ куы æрбафтыдысты æмæ йæм сæхи зондыл аразынмæ куы бавнæлдтой, уæд Челæхсæртæгæн йæ фыд, Хызы фидарыл хъуыды кæнгæйæ, йæ зæрдыл æрбалæууыд, йе ’хгæд дуæрттæ йын æнæууæнчы хос кæй фесты, уый, æмæ йæхæдæг йæ сахары сæйраг кулдуар ныууагъта тыгъдæй. Ома, табуафси, мах нæ Æртыккаг дунейы дуар æхгæд нæ дарæм, кæй фæнды, уый æрбацæуæд, æмæ йын фысым уыдзыстæм!

Челæхсæртæг йæ пылыстæг къæлæтджынæй фестад, рудзынджы цурмæ бауад æмæ æнæхур æрвдымбылы ’рдæм, æрцыты бырынчъытау, цы мæсгуытæ сдаргъ сты, уыдоныл афæлгæсыд æмæ та йæ зæрдыл æрбалæууыд иу рагон хабар.

Иухатт ын йæ фыд йæ къухыл ныххæцыд, æгомыгæй йæ сæйраг мæсыджы бынмæ бакодта æмæ, цалынмæ йæ хуылфмæ бацыдаиккой, уалынмæ карды комы хуызæн тигъыл йæ цæст дæлейæ уæлæмæ схаста æмæ йæ фыртæн загъта: «Лæппу, дæ цæст ма схæсс уæлæ уыцы тигъыл, кæддæра дæм афтæ нæ фæкæса, цыма дæм исчи йæ кард фæцъортт ласта æмæ дын æй дæ сæрмæ фæхаста!» Челæхсæртæг тигъыл йæ цæст схаста æмæ, цалынмæ йæ цъупмæ схæццæ уыдаид, уалынмæ йæм, æцæгдæр, афтæ кастис, цыма тигъ ныццудыдта æмæ, фæрæты комау, йæ сæрыл æрхауынмæ хъавыд. Лæсгæрасиныл йæ фыды фæдыл уæлæмæ цыдис æмæ хъуыды кодта Челæхсæртæг: «Цымæ де знагæн йæ сæрмæ æдзух æлвæст кард куы дарай, уæд уый хорз у, æви æвзæр?» Хыз йæ бадæн уатмæ куы схызтис, уæд Челæхсæртæджы рудзынгæй акæсын кодта æмæ йын æрнымадта: «Дæлæ уый — Нарты хъæу, уыныс æй, лæппу? Дзæбæх ма йæм ныккæс, кæддæра дзы уæрхæй-уæрхмæ дыууæ урс гæрзы нæ фенис! Уыдон арæнвæндæгтæ сты, фыццаг, гæрзы уæллаг фарс чи зыны, уый Уæлæсых у, дыууæ гæрзы астæу чи ис, уый та Астæуккаг сых, æппæты дæлейæ та — Дæлæсых. Уæлæсыхы тæккæ бæстастæу урсæй зыны, йæ кæрæтты сау бызычъиты тымбыл рæнхъ кæмæн æрчынди, ахæм мусзылд. Уый сæ Ныхасы фæз у йæ бадæн дуртимæ, уастæн, уыцы дуртыл бадгæйæ, цавддуртæ фестой сæ ныхасы лæгтæ! Уæлæсых æмæ Астæуккаг сыхы арæныл, чысыл æддæдзæф зыны, сæрæй кæронмæ дæргъытæй чи лæууы, ахæм фæз. Уый та Зилахары быдыр у, уастæн, сæ къæхты бын ныскъуыдтæ уæд æмæ сæ аныхъуырæд, кæнæ та кæрæдзийы кæрдтыл бафтæнт уыцы хуыцауыкъахæргæвдджытæ! Дæлæ хъæуæн йæ тæккæ астæу зыны, хурмæ цъæх-цъæхидæй чи ферттивы, ахæм къæбæлдзыг бецыкк. Бецыккæн йæ астæу æвзистгъуызæй æрттивы чысыл стъæлф æмæ дзы дæлæмæ рахаста урс-урсид хахх. Урс-урсид хахх куыддæлæмæ лыстæгæй-лыстæгдæр кæны æмæ хъæуы кæрон хъæды мидæг фæтары вæййы. Уыныс æй, лæппу? Уый та у Нартæн сæ дзыхы донисæн суадон, гуыбынниз сын фестæд, марг æмæ хъæстæ æмæ сæ иу бон бындзагъд скæнæд, уастæн!» Ныккæс æмæ дæ зæрдыл бадар, кæм цы ис, уый. Фæлæ æппæты фыццаг хъуыды кæн, дæлæ Уæлæсыхы цы бæстыхай фæцыд æмæ йæ фæрстыл сау уырынгтæ кæмæн зыны, уый! Ма дæ ферох уæд: уый Нарты Уырызмæджы æддæгуæлæ хæдзар у йæ уæладзгуытимæ! Нартæм æхсæнылæгæй куы цæуай, уæд дæ фæндаг хъуамæ саразай уырдæм! Нарты мыггаг быныскъуыд кæнынмæ куы хъавай, уæд сын сæ хъæу пырх кæнын хъуамæ райдайай уырдыгæй!»

Нæ, бæрзонд ран лæууын хъæуы, фæлæ йæ фыд йæ сыхæгты цæсты раз йæ уды хуызтæ куыд рафæлдæхта, афтæ не ’мбæлы! Адæймаджы уды хуызтæм æргом кæсгæйæ, цæст кæны рисгæ æмæ сыхагыл та хъæуы ауæрдын, хъæуы йын йæ миддуне бацахсын, хъæуы йæ гуырысхойы сау хъизæмарæй ссæрибар кæнын. Цæмæй искæй ссæрибар кæнай, уый тыххæй фыццаджы райдианы сæрибар хъуамæ уай дæхæдæг! Цæмæй искæй хъæппæрис басæттай æмæ йæ, мыдадзы таддагау, сфæлмæн кæнай, уый тыххæй æнæмæнг хъæуы æууæнк. Æууæнк та, йæ бонæй уа, йæхæдæг домы мидсæрибардзинад, уды уаргъ сисын, фæлæ ахæм мидсæрибардзинадæй бирæтæ тæрсынц! Цæмæн, цы руаджы! Ссæрибар кæн адæймаджы мидæгъдауæй, сис ын йæ уды уаргъ, фæлæ дæ цæмæй æгæр бирæ ма æрдома æмæ дæ йæ домæнтæй дæ хъуырмæ ма скæна, уый тыххæй йын развæлгъау йæ уд æмæ йæ миддуне ныммæрз, ныссыгъдæг кæн æмæ йæ дæхæдæг бацахс! Ахæм æмахастыты нал вæййы чысыл æмæ стыр, дæлдæр æмæ уæлдæр, сау æмæ урс, уæздан æмæ саукъах, хъалонисæг æмæ хъалондар, хицау æмæ æххуырст. Вæййы дзы æрмæст, йæ фыдæбонтæ йæ зæрдыл лæугæ дæр кæмæн нал кæнынц æмæ седæппæтæй чи ссæрибар ис, ахæм амондджын адæймаг æмæ йын уыцы хæрзиуджытæ чи скодта, уый. Ахæм æмахастыты лæг цæры æмæ кусы райгондæй, йæ цин æмæ йæ амонд йæ зæрдæйы хæссын байдайы, афтæмæй. Ахæм хæрзиуджытæ йын чи скодта, уый та йæм дардæй фæкæсы æмæ, йæ аудын æнæхъуаджы кæй нæ фæцис, ууыл хъуыды кæнгæйæ, йæ зæрдæ рухсæй байдзаг вæййы.

Дæлимонты æлдар Дзæцъу йын йæ тырнæн æмæ йæ зæрдæйы рис кæцæй базыдта, уый нæ зоны Челæхсæртæг æмæ йæ хъæугæ дæр ницæмæн кæны. Иллитт-биллитт, дыдзы хуры зæрин тынты малы хи найын хорз у, Дзæнæты цъæх нæууыл уадындзты алæмæты зæлтæм кафын та ноджы хуыздæр, фæлæ æрвылхатт Барастыры цæстыты сау нæмгуытæм кæсын адæймагæн цины хосæн басгуыха, уый мæ нæ уырны. Иллитт-биллитт, Цæрддзуйы дуæртты ацы фарсмæ æрбахиз æмæ дын æз æцæг Дзæнæт фенын кæнон, зæгъгæ, сусæгæй йæм æрбарвыста иу бон. Йæ ныхæстæ йын адæймаджы æвзагмæ Челæхсæртæг тæлмац ракодта, уый йеддæмæ Дзæцъу дæлимоны мыггаг у æмæ æппæт фæдзуры зыгъуыммæ: «Дыдзы хуры бур-бурид тынты смаггæнаг цъымарайы хи найын хъизæмар у, Дзæнæты æмбыд кæрдæгыл уадындзты хъизæмайраг зæлтæм кафын та уымæй стырдæр хъизæмар!..» — загъта йæ дæлимоны æвзагыл Дзæцъу. Дæлимон дæр дæлимоны мыггау у æмæ йыл Челæхсæртæг нæ баууæндыд, фæлæ иу æхсæв фæсхъазт æмæ фæскафт куы æрфынæй ис, уæд Челæхсæртæг йæ фæлмæн сынтæгæй фæхицæн ис æмæ цæргæсау уæлæмæ стахтис. Аивæй æнкъардта, йæхæдæг кæй нæ тахтис, фæлæ йæ цыдæр сусæг тых пакъуыйау кæй фелвæста æмæ йæ кæй фæхæссы, уый. Йæ сынтæгыл куыд хуыссыд, афтæмæй тахтис, йæ фæрстæй фæлмæн быцæутæ æнкъардта, фæлæ-иу куыддæр базмæлыд, афтæ-иу фæлмæн быцæутæн сæ хуылфæй рабырыд ныхтæ æмæ-иу йæ гобаны мидæг ныссагъдысты. Нæдæр быцæутæ уыдта æмæ нæдæр ныхтæ, æрмæст сæ йæ буарæй æнкъардта æмæ ныхъхъæр кæнынмæ куы схъавыд, чи стут, цы адæмы мыггаг стут, кæдæм мæ хæссут, зæгъгæ, уæд сау-сауид ныхтæ йæ фæрстыл сау кæлмытау сбырыдысты, йæ сæрты сæхи бадаргъ кодтой æмæ йыл, æфсæн тæлытау, æртыхстысты. Цæрддзуйы дуарæй куыддæр фæмидæг сты, афтæ йæ зæххыл авæрдтой æмæ Челæхсæртæг гъеуæд æргом ауыдта, тæхгæйæ йæм быцæу цы тых лæууыд æмæ ардæм кæй æрбафтыд, уый. Авдæй сæхи æргом равдыстой, авдæн дæр уыдис даргъ, хъуынджын къæдзилтæ æмæ сæгъы сæфтæджытæ. Дзæцъу йæ размæ худгæ рацыд, дæхи куы ныттыппыр кодтай æмæ дыууæ дунейы дæнгæлæй куы рацу-бацу кæныс, уæд афтæ æнхъæл дæ, адæймаджы мидсæрибардзинадыл æрмæст ды хъуыды кæныс, зæгъгæ? Сулæфын æй нæ бауагътой, йæ гæбазыл ын фæхæцыдысты æмæ йæ авд боны æмæ авд æхсæвы дæлдзæхты фæракæн-бакæн кодтой. Дзæцъу æмæ йæ дæлимонтæ йæ разæй заргæ, худгæ, хъыбылтау уасгæ æмæ домбæйттау абухгæ цыдысты. Челæхсæртæг та йæхимидæг тыхстис æмæ хъизæмар кодта: «Фæсайдта мæ ацы дæлимон, гæныстоны хай мæ фæкодта! Ам сау бынысæфт кæндзынæн, куы ницы мын кæной, уæддæр мын æнæфесæфгæ хос нал ис, уымæн æмæ ардæм номарæн хойраг не ’рбахæццæ уыдзæн æмæ стонгæй мæ уд сисдзынæн!» Æвдæм бон сыл арвы дуар фегом, сау гæныстон йæ ком сæхæлдта æмæ сын сæ разы, хъулон-мулон гауызау, айтыгъта сусхъæд бæлæстæй æмæхгæд фæзтæ æмæ рæгътæ. Хъæд-иу кæм фæтæнæг ис, уым-иу цъæх нæудзар хурмæ глазийау рарттывта. Стыр цæугæдонæй ахызтысты, йæ цъуппытæ чысыл кæмæн фæтæнæг сты, ахæм хох фæстейæ фæуагътой æмæ йæ фаллаг фарс куы февзæрдысты, уæд Челæхсæртæг фырдисæй йæ цæстытыл ныххæцыд. Исдуг афтæ фенхъæлдта, фæстæмæ мæ Дзæнæтмæ æрбахастой, зæгъгæ, фæлæ йын йе ’мбудæнтæ ногдыгъд æхсыры тæф куы ныццавта æмæ, армытъæпæнæу, æмраст цъæх фæзы астæу, галы цæстау, тымбыл урс-урсид цад куы ауыдта, уæд æй базыдта, уый Дзæнæт кæй нæ уыдис æмæ йæ ныфс асастис. Цадæн йæ сæрыл урс-урсид фынчы танхъа слæууыд йæ тæф уæлæмæ рог мигъау калдис æмæ йæ сæр-сæр хъуыстис. Цъæх кæрдæг æмæ йын сусхъæды сыфтæрты хæрздæф йе ’мбудæнтæ бахъыдзы кодтой, хъарм æхсыры тæфмæ йæм хæрын æрцыд. Астæуæй, фыцгæ агау, кодта æхсидгæ æмæ пæлхъ-пæлхъ, йæ иу был уыдис къæртт æмæ уыцы къæрттæй хъарм æхсыр, хæлхæлгæнгæ, дæлæмæ згъордта. Хъарм æхсыры тæф куы кæны, уæд йæ ад та цы хуызæн у, зæгъгæ, фырдисæй йæ цæстытæ дзагъыртæ кодта Челæхсæртæг æмæ цады мидæг йæ амонæн æнгуылдз фæтъыста. Астæрдта йæ, йе ’взаг йæ комы мидæг арадав-бадав кодта. Дæлимонтæ кæрæдзи цæнгтыл ныххæцыдысты, афтæмæй æхсыры цадыл æртыхстысты æмæ кафыдысты, симдтой, схъиудтой æмæ хъыллиппытæ кодтой. Ай æхсыры ад куы кæны, зæгъгæ, йæ зæрдæмæ кæцæйдæр хуры тын ныккаст Челæхсæртæгæн, фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста. Урс-урсид дон, йæ тæф калгæ, йæ дзыхмæ схаста æмæ йæ аназынвæнд куы скодта, уæд æм дæлимонтæ фæлæбурдтой æмæ йæ йе ’муд æрцæуын нæ бауагътой, афтæмæй йæ, гæдыйы лæппынау, фехстой цады тæккæ астæумæ. Ай æхсыры цад нæ, фæлæ гæныстонмæ ныххауæн урс хуынкъ у, зæгъгæ, ферттывта йæ сæры, цалынмæ цады абузгæ уылæнты мидæг ныххаудтаид, уалынмæ æмæ йæ къух ауыгъта, адæймагæй амондджын гоймаг саразыны тыххæй йæм цы мæнг хъуыдытæ уыдис, уыдоныл. Фæлæ куыддæр хъарм æхсыры мидæг аныгъуылдис, афтæ æвиппайды йæ уæнгтæ срог сты, йæ дадзинты мидæг, рог дыздызгæнгæ, азгъордта æхцон уылæн æмæ йæ йæ хъуыды æмæ йе ’нкъарæнтимæ апыхъуырдта рохуаты сау мал æмæ æппындæр ницыуал базыдта.

Æхсыры цады æхсидгæйы куы ныххаудта, уый фæстæ Челæхсæртæгæн йæ хъуыдытыл сау мæрдырох бафтыд æмæ йæ зæрдыл нæ лæууыдис, æхсырæй æхцон оффытæгæнгæ кæй сбырыдис æмæ цъæх нæууыл кæй æрфынæй, уый. Суанг изæрмæ мæрдвынæй фæкодта, куы райхъал, уæд аивæй асгæрста, дæлимонтæ йын йæ быны цы сæгъы царм бакодтой, уый. Цармæн йæ уæлæ цæххы къæрттытæ куы ссардта, уæд йæ саудалынг хъуыдыйы кæмдæр дыдзы æрттывд фæкодта, уыдон та кæцæй æрцыдысты, зæгъгæ, фæлæ цалынмæ йæ хъуыды хъæрæй загътаид, уалынмæ йæ уæлхъус æхсæз дæлимонимæ алæууыд Дзæцъу æмæ йæ, йæ цæсгом æнцъулгæ æмæ къæлæсытæгæнгæ, афарста, чи дæ æмæ ам цы агурыс, зæгъгæ. Челæхсæртæг авдæны сабийау йæхи айвæзтытæ кодта æмæ сын афтæ куы загъта, æз дæлимонты æлдар Лæгъза дæн, зæгъгæ, уæд йæ алыварс цæрцдæлимонтæ фырцинæй хæрдмæ фæхаудтой æмæ, сæ къæдзилтæ тилгæ æмæ хъыллиппытæгæнгæ, хъæр кодтой: «Иллитт-биллитт! Омбæ, не ’лдар Дзæцъуйы фыд Лæгъзайæн! Омбæ, не ’лдар Дзæцъуйы фыд Лæгъзайæн! Омбæ, нæ хорз æлдар Дзæцъуйы фыд Лæгъзайæн!»

Фæстæмæ дæр дæлдзæххыты саудалынджы, се ’хсидæвтæ тилгæ æмæ заргæ, фæцыдысты. Челæхсæртæг цæрцдæлимонтæн сæ разæй тахтис æмæ æппындæр дис нæ кодта, йæхицæн лæджы къæхтæ кæй уыдис æмæ йæ фæдыл уасгæ æмæ хъыллистæнгæ, чи цыдис, уыдон та сæгъты сæфтæджытыл кæй гæппытæ кодтой, ууыл. Уый ныр Хызы фырт Челæхсæртæг нал уыдис! Уый ныр йæхи æнхъæлдта цæрцдæлимонты æлдар Дзæцъуйы хорз фыд Лæгъза æмæ, кæддæр Хызы фидары кæй цардис, кæнæ Нарты Сосланы къухæй мæрдтæм кæй бацыд, уый æппындæр йæ зæрдыл нæ лæууыд. Уыцы дæлдзæхы талынг фæндæгтыл цæугæйæ уымæн нал дæр знаг уыдис æмæ нал дæр фыдгæнæг. Йæ уд бынтон сафтид, йæ зæрдæйы сагъæс æмæ хæрамы охыл æппындæр ницыуал баззади, седæппæтæй ссæрибар ис æмæ йæхи æнхъæлдта дун-дунейыл æппæты амондджындæр дæлимоныл лæджы фырт кæй уыдис, уый дæр дзы айрох æмæ уымæн.

Раст иу къуырийы фæстæ, æхсыры цады тæфаг йе уæнгтæй куы рацыд, уæд æхсæвыгон райхъал æмæ уайтагъд йæ сынтæг асгæрста. Исдуг афтæ фенхъæлдта Дзæнæты дæн, зæгъгæ, фæлæ йе ’нгуылдзтæ сæгъы цармыл куы аныдзæвдысты, уæд йæ дæлæнкъарæнæй фæхатыд, ацы сæгъдзарм ма фыны дæр кæй асгæрста æмæ йæ уæлæ цæххы къæрттытæ кæй уыдис, уый. Хъарм уылæн йе уæнгты дыздызгæнгæ алыгъдис, йæ хъуыдытæ йын нырттивын кодта æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, фыны цы рогдзинад, цы сæрибарад æмæ цы уæларвон бæллиц банкъардта, уый, æмæ йæм фырæхцонæй, дæлимонты æлдар Дзæцъуйы уаты кæй разынд, уый дæр ницыуал фæкастис. Йæ зæрдыл ма лæууыд, дæлимонтæ йæм кæй фæлæбурдтой æмæ йæ алæмæты æхсыры цады кæй ныппæрстой, уый. Стæй йæ хъуыдытыл сау æмбæрзæн æрхауд, мæрдвынæй бацис æмæ райдыдтой фынтæ, адджын фынтæ, йæхи хæйрæджыты æлдар Лæгъза кæм æнхъæлдта æмæ йæ адджын бæллиц йæ базыртыл кæй раскъæф-баскъæф кодта, ахæм фынтæ. Хъыг ын уыдис, афтæ тагъд кæй райхъал, уый. Дзæцъуйы йæ къахæй ныкъкъуырдта æмæ йæ афарста, æхсыры цад цы фæцис, зæгъгæ. Дзæцъу, уæлгоммæ хуысгæйæ, йæ къæдзил йæ сагæхты ауагъта æмæ хуыссæгхъæлдзæгæй загъта, æхсыры цад ардыгæй дард у æмæ йæм уæлæуон нымадæй авд боны æмæ авд æхсæвы цæуын хъæуы, зæгъгæ. Куыд? Кæд ардыгæй уырдæм авд боны ’мæ авд æхсæвы хъæуы, уæд уырдыгæй ардæм куыд тагъд æрбахæццæ сты? Дзæцъу, цъæхснаг уисау, лыстæг худт суагъта æмæ йæ хъæбæр сынтæгыл Челæхсæртæджы ’рдæм разылдис: «Уый дæумæ афтæ фæкаст, уый йеддæмæ уырдыгæй ардæм дæр авд боны æмæ авд æхсæвы бахъуыдыстæм. Иллитт-биллитт, ды та афтæ æнхъæлдтай, адæймаджы мидсæрибардзинадыл æрмæст æз хъуыды кæнын, зæгъгæ!» Омбæ, дæлимонты æлдар Дзæцъуйы хорз фыд Лæгъзайæн!

Челæхсæртæг фестъæлфыд, Дзæцъуйы хъуынджын дæлæртты йæ къухтæ батъыста æмæ йæ слæууын кодта. Тагъд æхсыры цадмæ фæстæмæ цæугæ. Иу цæстыныкъуылд дæр фæстиат кæнын нæ хъæуы! Нырæй фæстæмæ Дзæцъу æмæ Челæхсæртæг æрмæст кæндзысты ног адæймаг сфæлдисыны куыст. Æхсыры цад сцыбыр кæндзæн, æппæтæй сæрибар æмæ амондджын адæймаджы сфæлдисынæн цы даргъ рæстæг хъуыдис, уый! Дзæцъу ныууадздзæн йæ фыдæбойнаг куыройыл адæймæгты ссыны куыст æмæ йæ дæлимонты къухы чи бафта, уый-иу æрбакæндзæн æхсыры цадмæ, цæмæй уым сфæлдисой ног адæймаг, ног фæлтæр æмæ ног дуне!

Уæдæй фæстæмæ цас рæстæг рауад, уый ничи зоны, уымæн æмæ Æртыккаг дунейы нæ нымайынц бонтæ, мæйтæ, афæдзтæ æмæ нæ хынцынц рæстæг. Дæсгай азтæ? Æнустæ? Дæсгай æнустæ? Ничи йын ницы зоны, Челæхсæртæг цæмæй йæ иузæрдыг дæлбартæ ноджы æнæмæтдæр уыдаиккой æмæ сæ амондджын царды мидæг иу къæм дæр ма фæзындаид, уый тыххæй сын сæ хъуыдыйæ систа рæстæг хынцыны мадзæлттæ дæр. Дзæцъу æмæ йæ мыггаг фырцинæй уæлæрвтæм фæхаудтой æмæ се ’хсидæвтимæ сæ кафын æмæ сæ хъыллиппытæ фæтыхджындæр кодтой, уымæн æмæ уыдонæн дæр сæ къухы бафтыд, тъымы-тъыматы цæмæ бæллыдысты, уый: дæлимонтæн æхцон цард кодта адæймаджы хъизæмармæ кæсын, лæджы мыггаг дæлдзиныгæй уынын. Æхсыры цад сын се ’нусон бæллиц сæххæст кодта, уым-иу адæймаг йæхи куы цæнадта, уæд-иу дзы айрох ис, адæймаг кæй уыдис, уый, æмæ-иу кæд стыр хъизæмары хай бацис, уæддæр-иу йæхи æнкъардта амондджын. «Адæймаджы æндæр ницы хъæуы! Адæймаг уымæй фылдæр нæ агуры! Æмæ цы хъуамæ агура, йæхи амондджын куы æнхъæла, уæд!» — йæ риу ныхта Челæхсæртæг æмæ-иу кæрæдзийы ныхмæ авæрдта йæ царды дыууæ уавæры. Уыдонæй иу уыдис, Нарты мæлинæгтæ Хызы фидарыл куы æрхъула кодтой æмæ йæ фæсдзæуинтæн сæ фылдæр йе знæгтæм куы ахъуызыдысты, уый. Æрмæст сæхи бафснайыны сæраппонд нæ ахъуызыдысты. Хызы хæрзтыл фæмызтой æмæ йæм дæлейæ уæлæмæ хъæр кодтой: «Хыза-быза, дæ сæгътæн сæ хордзонтæм цырд кæс, сæрвæты дын сæ бæркъатимæ сыгъзæрины къæрттытæ ма акалæд! Хыза-быза, Нартæн сæ чындзы куы раскъæфтай, уæд дын йæ цуры та чи хуыссы!? Хыза-быза, дæ фæсдзæуинтæн-иу нырæй фæстæмæ дæр сæ къæбæртæ тæрæзтыл сбар, кæннод дæ смæгуыр кæндзысты! Хыза-быза, дæ фыды ингæны цы æвзисткæрддзæм цирхъ нывæрдтай, уый скъах, æнæхъæн сæгъты дзуг дзы балхæндзынæ! Хыза-быза, Æфсæронæн дæ гæртам ныббæттынæн уæддæр рантысæд иу-ссæдз фысы æмæ дæм фæкæса, кæннод дын Сослан æмæ Батрадз дæ фыды фидарæн йæ рыг скалдзысты!» Кæцæй æрымысыдысты уыцы хынджылæггаг «Хыза-быза» æмæ цæмæн уыдысты йæ фыдæн афтæ æнæуынон? Йæ фыдæй рацыди, æви йæхицæй равзæрд? Йæ зæрдæйы маст ныссæттыны сæраппонд-иу йæ царды иннæ уавæр æрбаймысыд æмæ-иу йæ цæсты раз æрбалæууыд, Хызы фидары фæскъултæй дзы хынджылæг цы адæймаг скъæрдта, уый ам, Æртыккаг дунейы йæ къухтыл уæлæмæ куыд сисы Челæхсæртæджы æмæ йын, йæ хурхы сæртæй «омбæ» хъæрахстæнгæ табу куыд кæны, уый. Нæ, уæлион дунейы адæймæгтæн сæ мидæг цардысты Нарты мæлинæгтæ. Ам та сын сæ удтæ хъуамæ бацахса æмæ сæ кады худ суа Челæхсæртæг! Æрмæст ма хъыг кодта, хатт-иу æм афтæ кæй фæкаст, цыма йæхимидæг дæр исчи бацард, йæ хъæбæр хъисæй йын йæ уды къултæ хафта æмæ йæ скъæрдта, кæдæм æй фæндыд, уырдæм. Дзæцъу-иу дзæнгæлтæгæнгæ цъæхснаг кæл-кæл ныккодта æмæ-иу Челæхсæргæгæн йæ хъуынджын къæдзил тилгæ, загъта: «Иллитт-биллитт, омбæ, дæлимонты æлдар Дзæцъуйы хорз фыд Лæгъза, ды та мын афтæ куы æнхъæлдтай, адæймаджы мидсæрибардзинадыл æрмæст æз хъуыды кæнын, зæгъгæ! Ныр кæсыс æхсыры цады алæмæтмæ! Лæг дзы йæхи куы цынайы æмæ седæппæтæй куы ссæрибар вæййы, афтæмæй нæ куыройы гæркъæрагыл бадгæйæ дæр йæхи Дзæнæты куы фенхъæлы, уæд нæ дыууæйæн дæр æхцон вæййы æмхуызон. Адæймагæн йæ бынат ссарыны фарстыл нæ мыггаг дæуæй раздæр райдыдта хъуыды кæнын, фæлæ нæ иуæрдыгæй хъыгдардта, не ’хсæн цы æнæууæнчы боныгъæд хиты, уый, иннæрдыгæй та мæнæ уый, — йæ къæдзил бацагайдта Дзæцъу,— уæ байзæддаг æй куыддæр фены, афтæ йæ бырынкъ уæларвмæ сдары æмæ тутæ кæнын райдайы, иллитт-биллитт!»

Сæ Æртыккаг дунейы сын, æцæгдæр, бирæ цыдæртæ уыдис æрбæстонгæнинаг, фæлæ фыццаджы райдианы Дзæцъуйы дæлимонтæ сæхиуыл хъуамæ фæхæцой æмæ Æрты



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.