Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





III. РАСТ УЫНГ ÆМÆ МÆНГ ХУР



III. РАСТ УЫНГ ÆМÆ МÆНГ ХУР

Къæсæрæн æддейæ сæм дуне фæкастис æцæгæлон æмæ, кæцырдæм ацыдаиккой, уый нæ зыдтой. Сæ дыууæ дæр уæлæмæ скастысты æмæ ацудасгъуыз арвыл, æцæгдæр, хуры цæст куынæ ауыдтой, уæд фæджихау сты. Асæсты пирæнгом дæр никуы зындис, æндæра загътаиккой, хур фæсмигъ бамбæхстис, зæгъгæ. Сæ разы фатау æмраст уынг ныддаргъ. Куыдфалæмæ цадæггай тадис, фалиау ма йæ кæрон судзины бырынкъау зындис. «Нарты хъæуы уый хуызæн æмраст уынг куынæ уыд, уæд кæм дæн?» — ахъуыды кодта Сослан. «Мæ фæстæ Ирыстоны ахæм раст уынгтæ сарæзтаиккой, уый мæ нæ уырны!» — скарста йæхинымæры Чермен. Раст уынгæй иуварс фездæхæн куынæ ссардтой, уæд сæ бæхты комкоммæ фæцагайдтой. Се уæнгтæ сыл, пакъуыйæ хъауджыдæр, уæз нæ кодтой. Дзындз-аласа æмæ Сау бæх маргъау тахтысты.

— Уæдæ, Æхсæртæггаты дард байзæддаг дæ æмæ дæ фыды номæй Тлаттатæй стут, и? — æппынæрæджиау æй афарста Сослан.

— Афтæ у, Сослан, — йæ къухаууонæй размæ кастис, афтæмæй загъта Чермен.

— Æмæ цы сгуыхты фæдæ, кæнæ цал мæличчы амардтай армаццагæй, мемæ балцы цæуыны къахыл куы слæууыдтæ, уæд? — йæхи гæзæмæ фæтызмæгдæр кодта Сослан.

— Никуы басгуыхтæн, Сослан, æмæ дын мæнг ныхæстæ цы кæнон. Мæличчытимæ дæр никуы бацыдтæн армаццаг хæсты, фæлæ сыл кæд ацы фæндагыл фембæлин!

— Уæдæ, афтæмæй ныффæрск дæ мæ разы, и? Нарты Сосланæн лæджы сгуыхт митæй йæ хъуыдыйы кæрон куы ницы лæууа, уæд йемæ балцы кæй нæ цæуы, уый нæ зоныс? — Дзындз-аласайы рохтыл æрхæцыд æмæ йæ фæурæдта Сослан.

Чермен фæтарстис, ныртæккæ мыл Сослан ныггаз-газ кæндзæн æмæ мæ Аминонты дуарæй мидæмæ баппардзæн, зæгъгæ, æмæ уый дæр йæ Сау бæхы æрурæдта.

— Раст зæгъыс, Сослан, демæ тыхæвзарæны никуы ацыдтæн, фæлæ-иу Дайраны нарæг комы Тæгиаты хъалтæй давæггаг фос куы байстон, уæд-иу афтæ æнхъæлдтон, цыма мын ды дæр æххуыс кодтай!

— Дайраны нарæг ком та кæм ис, Хызы æфцæгæй фалдæр у? — йе ’нгæс чысыл фæрайдзастдæр ис Сосланæн.

— Нæ, Хызы æфцæгæн йæ ардыггаг фахс ис, ды Уарбийы кæм ныддæрæн кодтай, уымæй чысыл уæлдæр, дæ фæстæ йын, æвæццæгæн, йæ ном раивтой нæ фыды фæлтæртæ!

— Æмæ Тæгиатæ та чи сты?

— Тæгиатæ та сты мæличчыты байзæддаг, Дайраны комы-иу мæгуыр бæлццæтты раз бабадтысты æмæ-иу сын сæ фос байстой. Æз та-иу сæ уыдонæй байстон, æмæ-иу сæ Дæлæсыхы мæгуыртыл байуæрстой; уый дын ме сгуыхт митæ, Сослан.

— Æтт, фыдуаг, уæдæ мын цæмæн дзырдтай, мæличчытимæ армаццагæй никуы хæцыдтæн, зæгъгæ? — бахудтис æм Сослан. — Дæлæсыхы цæрджытæн æххуыс кæй кодтай, уый хорз у, Чермен, фæлæ ма мын ды уый зæгъ: афтæ куы загътай, нæ фыды цот иуæй-иу хæхтæ æмæ кæмттæн сæ нæмттæ раивтой, зæгъгæ, уæд ма Дæлæсых ныры онг куыд баззад?

Чермен Сосланмæ фæкастис æмæ йæм йæ мидбылты куы бахудтис, уæд йæ цæсгом цахæмдæр æнæзæххон æрттывд фæкодта.

— Дунейыл мæличчытæ, Мукаратæ æмæ Хъандзæргæстæ куы цæрой, уæд Дæлæсых йæ ном никуы аивдзæн æмæ йæ цæрджытæ дæр цы уыдысты, уымæй баззайдзысты, Сослан. Дзырдæн, нæ дыууæ Хурзæрин агурæг кæд æмцахъхъæнтæй цæуæм, уæддæр не ’хсæн сæдæ-сæдæ азтæ ис, фæлæ Дæлæсых дæ дуджы цы уыдис, мæ дуджы дæр уымæй баззад, — загъта Чермен.

— Нæ дæ бамбæрстон, куыд загътай, Чермен, куыд?

Не ’хсæн сæдæ-сæдæ афæдзтæ ис, зæгъгæ? — ныддис кодта Сослан.

— Сæдæ-сæдæ нæ, фæлæ, чи зоны, нæ дыууæйы ’хсæн ноджы фылдæр рæстæг ис, фæлæ нæ Дзæнæт æмцахъхъæн скодта æмæ нæ Хурзæрины хъысмæт иу фæндагыл баурæдта.

— Сæдæ-сæдæ азы! — йæ цымыдис нал сыст Сосланæн. — Дæумæ куыд кæсын, афтæмæй бирæ цыдæртæ зоныс, лæппу! Акæс-ма, Дзæнæт седæппæт сраст кæны, фæлæ фæлтæрты ’хсæн рæстæг цы гæрæнтæ сæвæры, уыдон ныппырх кæнын йæ бон нæ бавæййы!

— Уый, æвæдза, фæлтæрты ’хсæн гæрæнтæ рæстæг нæ сæвæры! Иу фыды фырты фæлтæрты ’хсæн гæрæнтæ сæвæрынц Уарбитæ, Агуыртæ, Хъандзæргæстæ, Сайнæджытæ æмæ Хызы фырты хуызæттæ, цæмæй сау митæ иу фæлтæрæй иннæ фæлтæрмæ ма разыной æмæ сæ уды къоти уыцы иугъуызонæй кæй баззайы, уый мачи фæфиппайа. Дæумæ гæсгæ, Уарби æмæ Агуыр Нартмæ цæмæн лæбурдтой, Сослан? Ома, сæ æрмæст тæлæттаг хъуыдис æмæ уымæн? — цæхгæр афарста Чермен.

— Тæлæттаг дæр сæ хъуыдис æмæ Нарты зæхх дæр! — Черменæй йæ цæсты зул нæ иста, афтæмæй загъта Сослан.

— Дæ балцæй дæ зæрдæ барухс уæд, дæ раст ныхасы тыххæй, Сослан! Уарби æмæ Агуыр сæ хуыз чысыл раивтой æмæ сæ хуылфы цы къоти уыд, уый та баззад, цы уыдис, уымæй, афтæмæй сæдæ-сæдæ азты фæстæ Ирæн сæхи схицау кæнынмæ хъавыдысты æмæ мæнæ мæ хуызæн Дæлæсыхы цæрджытæ сæ разы слæууыдысты, фæлæ сæм дæу бæрц тых нæ разынд æмæ фæхæрæгсаст сты. Ир та кæм ис, зæгъыс, Сослан? Нарты хъæу ныр Ир хуыйны.

— Куыд кæсын, афтæмæй цард тынæй хъауджыдæр нæу. Чи йæм баххæссы, уый дзы йæхицæн счъепп кæны æмæ бахуыйы куырæт, иннæ та баззайы афтидæй.

— Раст зæгъыс, Сослан, фæлæ уыцы тынæй дæхицæн куырæтхор куы счъепп кæнай, уæд ма дзы карцкæрдæг дæр хъауын байдайы. Куырæт та адæймаджы уæнгтыл абады, карцкæрдæг æй куыд кæрды, уымæ гæсгæ. Дæуæй мæнмæ сæдæ-сæдæ азæй фылдæр аивгъуыдта рæстæг, фæлæ цардæн карцкæрдæгæй баззад, дæ дуджы йын чи уыдис, уый. Сæ ахаст нæ раивтой уыцы карцкæрдджытæ, ноджы сзыд æмæ скæрæф сты. Ме ’дылы зондмæ гæсгæ, Хурзæрины зæххыл уыдон ныкъкъуылымпы кодтой, уымæн æмæ сæм хардзау æркастис, алкæуыл æмхуызон кæй кæсы æмæ нæ Зæрин мад хъулон кæй никæй кæны, уый. Кæд сыл искуы баныдзæвæм, уæд-иу сæм ды Нарты хъæуæй бакæс, æз та Хъобангомæй, æндæра нæ дыууæ дæуæй алчи йæ дуджы карцкæрдæджы нæ базонид!

Хæдзæртты цъуппытыл дыдзы хуры бур-бурид тынтæ ныдзæвдысты æмæ сæ Сослан куы ауыдта, уæд Чермены афарста, кæд ма исты зонын, уæд уæртæ уыцы сыгъзæрин тæмæнтæ дыдзы тæмæнтæ куы сты æмæ ма нæ балц та цæмæн хъæуы, зæгъгæ. Чермен йæ къухаууонæй хæдзæртты сæртæм акаст æмæ, Сосланы ’рдæм нæ фæкастис, афтæмæй йын бамбарын кодта: хуыцау зæгъæд, цæмæй уыцы бур-бурид тæмæн дыдзы хуры тæмæн разына, фæлæ йæ куы ауыдтам, уæдæй нырмæ дзы мæ цæст нæ исын æмæ уыцы иугъуызонæй лæууы, кæд æцæг хур у, уæд ын аныгуылын цæмæннæ æнтысы, зæгъгæ. Сосланы уæддæр нæ уырныдта, уыцы бур-бурид тæмæн фæцæйныгуылæг хуры зæрин тынты фæстаг æрттывд кæй нæ уыдис, уый æмæ та Черменæн бафиппайдта, Дзындз-аласа, фæллайын цы у, уый нæ зоны æмæ дзы хид никуы рахъары, фæлæ ма йын ныр йæ фæрсты урс-урсид фынкмæ æркæс, йæ хид, æвæццæгæн, хуры æнтæфмæ рахъардта, зæгъгæ. Чермен ныхъхъус æмæ иуцасдæр рæстæгмæ ницыуал загъта.

«Уæддæр диссаг у, Хурзæринмæ йæ ныфс чи бахаста, уый! Чи уыдаид, кæмæ разындаид ахæм фыдракæндмæ йæ ныфс бахæссыны хъару? Стæры бирæ чи фæхæтыд æмæ Терк-Турчы бæстæты æнæхæрд къуым кæмæн нал баззад, ахæм исчи уыдзæн, фæлæ уыйас хъару никæмæ зыдтон, нæхи фыды мыггаджы йеддæмæ! Æхсæртæггатæ, Борæтæ, Алæгатæ! Уый дын нæхи фыды мыггæгтæ! Галиу митæ бирæ фæкодтам æмæ æрдæбон мæнæ уыцы лæппу царды карцкæрдджыты тыххæй куы дзырдта, уæд мæ цæсгом ссыгъдис, фæлæ сæ Хурзæрины йæ хæтæнтæй фæиппæрд кæнынæй хуыцау бахизæд! Нæхи фыды байзæддаджы йеддæмæ ма нæм цардис дауджытæ, зæдтæ, уæйгуытæ, тыхы байзæддаг, фæлæ уыдонæй искæмæ уыйбæрц тых æмæ зонд разына, уый мæ нæ уырны! Уæдæ донбеттыртæ дæр иуæрдыгæй доны бын цæрынц æмæ сæ Хурзæрин ницæмæн хъæуы æмæ иннæрдыгæй та зæрдæхæлар адæм сты æмæ ахæм сау ми сæ фæсонæрхæджы дæр никуы æрцыдаид! Гъе, афтæ нæхи Хæмыцы каистæ — Быцентæ дæр!.. О, Хызы байзæддаг мæ фæцæйрох кодта, йæ фырт Челæхсæртæг мæрдтæм йæ зæрдæ рæсыдæй ахаста, Хурзæрин йæ Ацырухсы уымæн кæй нæ радта, æмæ йæ мæ фыццаг кæй скодта, уый тыххæй, фæлæ уыцы гæрæмсæрмæ уыйбæрц хъару разындаид, уый дæр мæ нæ уырны! Уæдæ ма цы æрцыдис нæ Хурзæриныл? — Дзындз-аласайы скъæрдта, афтæмæй йæхицæн нымадта Сослан.

Сындзæхгæд кулдуæртты рæзты-иу ныссыллынг ластой, æмбæндтыл цыма дæргъæй-дæргъмæ синаг авæрдæуыд æмæ каумихтæн сæ сæртæ уыциу æмвæзадыл ачъепп чындæуыд, уыйау æмраст æмæ æмхуызонæй зындысты æмæ бæлццæттæн сæ разæй дыууæ хаххы, донхъазы хъил базыртау, тахтысты. «Уый нæдæр сæуæхсид у æмæ нæдæр зæрæхсид æмæ ацы æнуд тæвдæн йæ суадон хур нæу! Хур куы уаид, уæд ын афонмæ аныгуылын кæнæ та арвайдæныл уæлæмæ ссæуын бантыстаид! Стæй Хурзæринæн йæ тæвд афтæ æнуд нæ вæййы, сулæфæн дзы нал ис æмæ, цас фылдæр цæуæм, уыйас ноджы æгуыппæгдæр кæны!» — Чермен йæ худыл уæлæмæ схæцыд, мæ ных дымгæмæ бадарон æмæ мын фенцондæр уа, зæгъгæ, фæлæ йыл уддзæф æппындæр никуыцæй ныдзæвдис.

Сæ бæхты Раст уынджы тæккæ астæуты скъæрдтой, дыууæ раст хаххы фæйнæрдыгæй сæ разæй, донхъазы хъил базыртау, тахтысты. Фæздæгдзонтæн дæр сæ бæрзæнд æмæ се сконд уыдис хæрз æмхуызон, фæлæ дзы фæздæг никуыцæй калдис æмæ Сослан йæхимидæг чысыл æрбамæсты ис. «Æвæццæгæн, нырма фынæй сты, фæлæ сыл хуыссæг та куыд æрхæцыд, арвастæуæй сæм Хурзæрин куынæуал æркастис, уæд? Чидæр сын сæ Хурзæрины уацары акодта æмæ уыдон та хуыррытт фынæй кæнынц! Кæд сын, мыййаг, Хурзæрины уацары чи акодта, уый сæ артдзæстытыл дон ауагъта æмæ сæ бындзагъд скодта, уæддæр æй чи зоны!» — йæ хъуыдытыл йæхæдæг фæдисау Сослан.

Уæлдæф ноджы фæбурдæр æмæ мыдау ивæзын райдыдта æмæ-иу бæлццæттæм афтæ фæкастис, цыма йæ бур-бурид таддзæгтæ сæ цæстытыл, хæлуарæджы тынтау, схæцыдысты æмæ сæ размæ цæуын нæ уагътой. Æнтæф ноджы куы фæтыхджындæр æмæ суанг стджыты онг æндавын куы райдыдта, уæд Сослан афæлгæсыд фæйнæрдæм æмæ, синагау æмраст æмбæндты цъуппыты йеддæмæ йæ цæст куы ницæуыл схæцыд, уæд йæхинымæры загъта: «Ныр кæдæй нырмæ нæ бæхты скъæрæм æмæ ам раст уынджы йеддæмæ ницæуыл бамбæлдыстæм! Кæд Нарты бæсты фæцæуæм, уæд кæм сты æмгуыппæй хъазæн фæз, Зилахары быдыр, кæнæ Ныхас æмæ Фыдрохгæнæн цъæх дур? Гъеныр мæ Дзындз-аласайы цирхъы тъæпæнæй афтæ хъуамæ æрцæвон æмæ уымæн йæ фарсæй æрчъихортæ куыд схауа æмæ мæнæн та мæ армытъæпæнæй уафсхор куыд фæгæпп ласа! Кæд мæм Дзындз-аласа адæймаджы æвзагæй сдзура; уæд бæх мæ бæх у, æз та, æз дæн æмæ фынтæ нæ уынын!» Цирхъ йæ кæрддзæмæй фелвæста æмæ йын йæ тъæпæнæй тæхгæ бæхы фарс ахъаззаг æрдзæхст кодта:

— Цæуыл мæ марыс, Сослан, хуыцау дын ма уа! — ныхъхъæрзыдта Дзындз-аласа æмæ йæ идоны къæбæлы къыбар-къыбур йæ дзыхæй ссыд.

Фестъæлфыд Сослан, Дзындз-аласайы ныхæстæ йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ алиуырдтой æмæ исдуг къуырмагондæй аззад, фæлæ æрæджиау йе ’муд æрцыд æмæ йæм бахъардтой Чермены дзырдтæ:

— Раст дын зæгъы Дзындз-аласа, Сослан! Де знаг дæ къухы куы нæ бафта, уæд уыйхыгъд дæ маст дæ бæхыл ма хъуамæ ныккалай! — бустæгæнæгау, загъта уый.

— Кæд, нæ фæндаг кæдæм дарæм, уый бафæрсын дæ фæндыдис, уæд уый тыххæй дæхи дзæгъæлы тыхсын кæныс, Сослан. Ам иу фæндаджы йеддæмæ нæй, гормон, æмæ дæ куынæ фæнда, уæддæр ууыл хъуамæ цæуай! — цыма Черменимæ æмдзырд бакодтой, уыйау уæзбынæй загъта Дзындз-аласа.

Æппындæр кæй никуыма бавзæрста, ахæм æнкъарæн ныггуыпп ласта йæ зæрдæйы æмæ йæм хардзау æркастис, йæ бæхы, адæймагау зондджын уæвгæйæ, Чермены цур цирхъы тъæпæнæй кæй æрцъыкк ласта, уый.

— Чермен æмæ Дзындз-аласа, ныббарут мын, фæлæ мæн фæндыд, ацы Раст уынджы фæстæмæ цæуæн ис æви нæ, уый базонын! — йæ бæхы хуылыдз бæрзæйыл йæ къух æруагъта Сослан.

— Уый фендзынæ фæстæдæр, ныр та дын размæ æдзæугæ нæй! Æз мæ ныхасы хай фæкодтон æмæ мын ацы тæгъдты дзурæн нал уыдзæн! — загъта Дзындз-аласа æмæ йæ бæрзæй, хъазы хъуырау, уæлæмæ даргæйæ, йæ тæхын фæтагъддæр кодта.

Дард кæмдæр, æрвгæроныл, æрхуы тæбæгъау, тымбыл æмæ бур-буридæй цыдæр сæрттывта æмæ бæлццæттæ барадысты, гъе, уæртæ Хур фæныгуылы, зæгъгæ, фæлæ сæ цин æнæхъуаджы фæцис. Фæцæйныгуылæг «хурмæ» куыд æввахс кодтой, афтæ сæ хъару сысыд æмæ сæ лæнк-лæнк фæтыхджындæр. Æнтæф цыфæнды фæуæд, хуры тынтæ сæ буæртты туæстау ныхстысты æмæ сын сæ сæры тенкатæ стонынæввонг скодтой. «Йæ гуырысхо æнæхъуаджы нæ рауад Черменæн! Фæцæйныгуылæг хуры тынтæ буары мидæг туæстау кæд ныхстысты æмæ афтæ тыхджын кæд æндæвтой? Науæд мæ Цереччы згъæр æмæ Бидасы тахъайы фат куынæ хизы æмæ мæ кард куынæ кæрды, уæд дзы дæлæ уыцы хуры тынтæ куыд ахызтысты?» — йæ уæнгты мигъ бацыд Сосланæн æмæ афæрсынмæ хъавыд Дзындз-аласайы, фæлæ йын дзуапп кæй нæ радтаид, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ ныммыр. «Уый Хурзæрин куы уаид, уæд йæ тынтæ афонмæ кæнæ бынтон ахуыссыдаиккой, кæнæ та йын æрвдымбыл уæлæмæ ссæугæйæ, чысыл фæурсдæр уыдаиккой, зæгъгæ, куы дзырдтон Сосланæн, уæд æй нæ уырныдта. Ай цы бæллæх у, мæ буар мын куы фæхуынчъытæ чындæуы æмæ сулæфын куынæуал фæразын, уæд уый цы диссаг у!» — йæ уд йæ хъуырмæ ссыд Черменæн.

Æвиппайды Раст уынджы галиу фарс кулдуар фегом, бæлццæтты бæхты къæхты бынмæ чидæр тæвд дон расæххæтт ласта æмæ йæхиуыл уайтагъд дуар рахгæдта. «Ам цæрджытæ куы ис!» — йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта Черменæн æмæ кулдуармæ ныхъхъуыста. Мидæгæй кулдуары хыртт-хыртт æрбайхъуыст æмæ Сосланмæ афтæ фæкастис, цыма йын исчи йæ цонджы хъулыл къуымых кард рауагъта, кæнæ та йын йæ бæхы къæхты нуæрттæ ачъепп кодта.

— Комкоммæ цæуын зын у, фæлæ уын фæстæмæ аздæхæн дæр нæй æмæ Раст уынгæй макуыдæм фездæхут, афтæ цæут! — сыбарсыбургæнгæ сæм радзырдта мидæгæй чидæр. — Стæй уын кæрæдзиимæ хъæрæй дзурын æппындæр пайда кæй нæу, уый дæр хъуыды кæнут.

— Æмæ куыд хъуамæ фездæхæм ацы бæрзонд æмбæндты сæрты маргъау тæхгæ акæндзыстæм, и?

— Уымæй Дзындз-аласайы бафæрс! Куы йæ бафæнды, уæд авд хохы сæрты дæр атæхы, фæлæ уын Раст уынгæй фездæхын пайда нæу! — радзырдта йæм мидæггаг æмæ бынтон бамыр.

Ницыуал æм сдзырдтой, сæ бæхты фæцагайдтой Раст уынджы урс-урсид гæрзы ’рдæм, æмæ кæд, кулдуары мидæггаг фарсæй чи дзырдта, уый сæ бафæдзæхста, хъæрæй дзурын уын ницы пайда у, зæгъгæ, уæддæр Сослан Черменмæ бадзырдта:

— Чермен, æвæццæгæн, дæлимонты бæстæм æрбахаудтам æмæ сæ ахæсты фестæм! Уыцы æлгъыстæгтæй ма мын аирвæзтис чидæртæ æмæ нын нæ бæхты хæфсытæ сæ судзаг фæттæй куынæ фæцæф кæниккой!

— Сослан, дис дæм ма фæкæсæд, фæлæ æз та цæуыл дис кæнын, уый зоныс? Барастырмæ дæр нал ис рæстытæ æмæ йæ дунейы Уæлæсыхтæ æмæ Дæлæсыхтæ скодта!

— Уый та цæмæн зæгъыс, лæппу?

— Уæдæ, дæу æмæ Хызы фыртæн Дзæнæты æмхуызон бынæттæ кæй рахицæн кодта, уый раст у? Науæд мыл мæ фыды æфсымæр Дакко уæлæуыл зæххы гæппæлы тыххæй ме знæгты куы бандзæрста, уæд ам иу ран цæмæн уыдыстæм?

— Уыдæттæй йæм мæхи зæрдæ дæр фехсайдта, фæлæ йын цы чындæуа! Исты куы сдзурай, уæд йæ хус æрттæ сцæгъддзæн æмæ ныггаз-газ кæндзæн: Нарты богалтæ, уе схъæл митæ ам уæддæр ныууадзут æмæ адæмы ма ардаут, зæгъгæ.

— Дзæнæтæй чи ацыд æмæ фæстæмæ чи нал æрбацыд, уыдонæн нымæц нæй, фæлæ дын сæ Барастыр йæ къухы æнгуылдзтыл æрнымадта!

Згæ зиллоны хъинцъ фæцыд æмæ ныр та Раст уынгæн йæ рахиз фарс фегом ис бур-бурид кулдуар, фæлæ та ногæй фыдæнхъæл фесты. Сæ къæхты бынмæ сын нæзыйы хихтæ ракалдтой æмæ сыл бæхтæ сæ цæфхæдтæй куы скафыдысты, уæд алфамбылай цъæхснаг къæрцц-къæрццæй айдзаг ис. «Уый, æцæг, дæлимонты цъæхснаг хъиу-хъиу куы у, уæд сæхæдæг цæмæннæ зынынц! Баззад ма мын уыцы æнаккæгты мыггагæй удæгасæй чидæртæ!» — ферттывта Сосланы сæры æмæ фæйнæрдæм афæлгæсыд, фæлæ йæ цæст никæуыл схæцыд.

— Комкоммæ цæуын зын у, фæлæ уын фæстæмæ аздæхæн дæр нæй æмæ Раст уынгæй макуыдæм фездæхут, афтæмæй цæут! — къомсигъуыз кулдуары мидæгæй та райхъуыст æрдæбоны фæдзæхсты хуызæн сыбар-сыбур.

— Уырытæ, æмбæхсгæ цы кæнут, емынæйæ рынчын не стæм! — йæ хъыримаджы сыдзæй дуар ныццавта Чермен. — Уæдæ нын нæ бæхты къæхты бынмæ нæзыйы хихтæ цы калут?

— Фæттæ уыл кæй нæ калæм, ууыл цин кæнут! — хуыссæгхъæлдзæг лæгау йæ ком айвæзта чидæр мидæгæй.

Ноджы ма иу кулдуар фегом, сæ разы æртхутæг æмæ цæхæры хуртуан апырх æмæ бæлццæттæ дзыхълæуд фæкодтой.

— Комкоммæ цæут!

— Кæй онг цæуæм, уæ мард хæрæгау фæуаса?

— У-а-а-а-артæ æрвгæроныл цы хур æрттивы, уый онг скъæргæ кæнут уæ бæхтæ! — кулдуары къæрцц сæ хъустыл аныдзæвд, фæлæ сæм чи дзырдта, уый нæ ауыдтой бæлццæттæ.

— Æмæ уыцы цæхæры хуртуан та цы у? — æхгæд кулдуары раз Дзындз-аласайы йæ фæстаг къæхтыл фæлæууын кодта Сослан.

— Цин кæн, тæссарвад, уыцы хуртуаны бæсты дыл сырхзынг кæй нæ æхсæм æмæ дын дæ хъæмпын бæхы кæй нæ судзæм!

— Пуй!

— Комкоммæ цæут æмæ амондыл бамбæлат!

— Уырытæ, уæхи нын равдисут!

«Дзургæ дæлимонтау хъиухъиугæнгæ дзурынц, уый бæлвырд у! Цæрцдæлимонтæй ма мын чи аирвæзтис, уыдон кæй сты, уый дæр мын нæу дызæрдыггаг, фæлæ мæм цъæхахстгæнгæ цæмæннæ рагæр-гæр кæнынц æмæ мыл цæмæннæ æрхъула вæййынц, уый нал æмбарын. Уыдонæн сæ мыггаг, тас æмæ барынтæ цы сты, уый куынæ зоны, уæд сæ цы уромы, и? Ома, мæ фæринчы азар нырма дæр се уæнгты мидæг ис æмæ мæм сæ сæфт мæрдты туг райсынмæ уымæн нæ уæндынц? Нæ, уыдон тас нæ бауромдзæн, уыдонæн чидæр амонгæ бакодта æмæ фæсдуæрттæй уымæн дзурынц, Раст уынджы комкоммæ цæут, зæгъгæ! Æмæ сын ахæм зонд амонгæ та чи хъуамæ бакодтаид, сæхицæй дæлимон? Нæ, сæхицæй дæлимон сын бацамыдтаид, Нарты Сосланыл куыддæр уæ цæст схæца, афтæ йыл уæхи æнæнхъæлæджы ныццæвут æмæ йæ, нæхи Батрадз иу фехстæн нæ фæсивæды худтæ куыд æрбаскъуыдтæ кодта, афтæ йæ æрбаскъуыдтæ кæнут, зæгъгæ. Уый та у адæймаджы хъуыды, лæджы фырты сæрхызт ми æмæ сын æй ничи бацамыдтаид, адæймаджы йеддæмæ! Иугæр сын адæймаг адæймаджы ныхмæ зонд бацамыдта, уæд æрцыдис æнæрцæугæ хъуыддаг, æппæты стырдæр фыдракæнд, адæймаджы фырт æмæ дæлимоны цæдис йæ фæдыл кæй расайдзæн, ахæм æппæты стырдæр фыдракæнд! Чермен зондджын лæппу зыны, æммыст уый та цы хъуыды кæны ацы æбуалгъы хъуыддаджы тыххæй!»

— Чермен, цымæ адæймаг йæ адæймагон æрдзы ныхмæ куы рацæуид, дæлимон та йæ дæлимоны митæ куы ныууадзид æмæ сæ дыууæ æмдзырд куы бакæниккой, уæд цы æрцæуид, и?

— Ахæм æмдзырд цы фыдбылызтæ расаид, уымæн стыр хуыцау йæ дæсны, Сослан. Адæймæгты ’хсæн бирæ ис, хуымæтæджы сылгоймаг кæй ныййардта, адæймаджы къæхтæ æмæ къухтæ кæмæн ис, сыкъатæ, къæдзил æмæ сæгъы сæфтæджытæ кæмæн нæй, афтæмæй дæлимоны хъуыдытæй чи цæры, ахæмтæ. Уыдонæн, æвæццæгæн, зын нæ уыдзæнис, æрдæбон цы царды тын загътам, уый æнæхъæнæй сæхи бакæныны сæраппонд дæлимонтимæ æмдзырд бакæнын, фæлæ дæлимон йæхæдæг адæймаджы зондыл ацæуа æмæ йæ зыгъуыммæ митæ ныууадза, уый мæ нæ уырны!

— Адæймаг дæр дæлимонау зыгъуыммæ митæ куы кæна æмæ дæлимоны рæстæрдæм цæуын куынæ бахъæуа, уæд та?

— Уæд, æвæццæгæн, адæймаджы мыггагыл цыфыддæр бон æркæнид! Дæлимон ма æмбæхсгæ нæ фæкæны йæ зыгъуыммæ митæ! Адæймаг та дæлимонау æппæт зыгъуыммæ куы араза, афтæмæй ноджы куы бæлвырд кæна, æз æхсæвæй-бонæй мæ мыггаджы хæрзиуæгыл хъуыды кæнын, зæгъгæ, уæд уый у цыфыддæр бон.

— Саг амар дæ раст ныхасы тыххæй, Чермен! Мæнæн ацы фæстæмæцæуджыты митæ амонын нæ хъæуы, дыууæ хатты семæ хæсты фæдæн æмæ сæ зонын! Афтæ куы зæгъай, карды комæй йæ æрцъыкк кæнон, зæгъгæ, уæд цæстыныкъуылдмæ йæхи зыгъуыммæ рафæлдахдзæн æмæ дæ фæринчы цæгатыл абаддзæн. Уырдыгæй дæм æргомæй бахуддзæн æмæ йæм ды дæр куы бахудай, уæд дæ зонд æмæ дæ хъуыдыйыл дæ къух сис! Уæртæ нæм фæсдуæрттæй афтæ чи дзырдта, Раст уынджы комкоммæ цæут, зæгъгæ, уыдон сты, Цæрддзуйы ма мæнæй чи аирвæзтис, уыдон, æмæ æз сæ зыгъуыммæ дзырды ныхмæ кæй цæуын байдайын, уый зонынц, фæлæ мын уæддæр амонынц, комкоммæ, дам, ацу. «Комкоммæ ацу» — уый махæрдыгонау амоны фæстæмæ раздæхын æмæ æз уыцы фæстæмæ раздæхыны ныхмæ кæй ацæудзынæн, уый дæр зонынц, фæлæ нæм уæддæр сидынц, макуы фездæхут, уæртæ æрвгæроныл цы хургонд æрттивы, уымæ комкоммæ цæут, зæгъгæ! Цæмæн, Чермен, цы руаджы цæуынц ацы дæлимонтæ се сконды ныхмæ, и?

— Цы йын зонын, мæ хур!

— Дæлимон æдылы нæу, хатт уый дæр ацæуы адæймаджы зондыл æмæ кæд йæ фæтк зыгъуыммæ дзурын у, уæддæр фæлхатт кæнын байдайы, цы йын бацамонынц, уый! Фæсдуæрттæй мыл сæ дæндæгты къæпп-къæпп æмæ се знæт хъуыргъуындæг куы хъуысы æмæ сæхи тыххæй куы уромынц, уæд цæмæннæ рагæр-гæр кæнынц? Афтæ мидхъуырдухæн фæкæны, адæймаг йæ фыдызнаджы куы фены æмæ йын йæ амарыны фадат куы нæ вæййы, уæд!

— Æвæццæгæн дын дæ фæринчы азар зонынц, Сослан!

— Нæ, Чермен, уыдон мæ фæринчы азар нæ уромы! Уыдон уромы кæйдæр амынд æмæ махæн фæстæмæ аздæхæн нæй, цалынмæ ацы дæлимонтæн сæ зыгъуыммæ митыл сæ къух чи сисын кодта, уый базонæм, уæдмæ!

— Дæумæ гæсгæ, уым адæймаджы зонд фæхæццæ ис, Сослан? — йæ цæсгом афæлурс ис Черменæн.

— Бацæуын æмæ фенын хуыздæр у, Чермен! — йæ фæйнæ цæсты дыгай гагуыйæ йæм бахудтис Сослан.

Æрттиваг тæбæгъ ныр фестырдæр ис æмæ йæ тæмæн тынгдæр скалдта, фæлæ бæлццæттæ æрхымпырдтой, уый æцæг хур кæй нæу. Хæрз æввахс æм куы бацыдысты, уæд йæ тæккæ бынмæ бæрзонд мæсыджы сиучытæ разындысты. Сæхи ноджы æввахсдæр баластой æмæ цахæмдæр æрттиваг дурæй амад мæсыгмæ скæстытæ кодтой, йæ тымбылгомау сиучытæ сæм уæлейæ дæлæмæ тызмæгæй кастысты. Карды комау цыргъ тигътæ бæрзонд фæцыдысты æмæ сæ уындæй зæрдæ уынгæг кодта. Зæххы бикъау, æрзадис ам, Раст уынджы дыууæ фарс цы тъæпæн хæдзæрттæ уыдис, уыдонмæ сæрыстырæй кастис. «Хызы фидары æнгæс куы у, ай! Йæ систы сæртыл сусхъæд бæлæстæ кæй æрзадис, уый та бæлвырд кæны, фидар зноныккон кæй нал у, фæлæ йæ бацæуæн куы нæ зыны, уæд уый та цы диссаг у! Æрмæст уый у, æмæ Хызы фидармæ ахæм бацæуæнтæ нæ уыдис! Нæ зонын, кæд æм мæ фæстæ айгæрстой, уый йеддæмæ йæм рæстмæ бацæуæн дæр нæ уыдис æмæ-иу Челæхсæртæджы лæггадгæнджытæ донмæ куы рацыдысты, уæд-иу къæдзæхæй куы фæцæйкалдысты!»

— Цымæ Хызы фидар амæй къаддæр уыдис, Сослан? — йæ хъуыдытæ йын фескъуыдта Чермен, фæлæ йын дзуапп нæ радта, йæ мидбылты йæм цы бахудтис, уый йеддæмæ.

Мæсыгæн йæ сæр уыдис тымбылгомау æмæ йын йæ цъуппыл æрцауыгътой, дардмæ хурау чи зындис, ахæм æрттиваг тæбæгъ. Тæбæгъæн йе ’рттиваг фарс здæхт уыдис Раст уынджы ’рдæм æмæ йæ тынтæ дæр æндæвтой æрмæст уыцырдæм, фæлæ цы уыдис, цахæм æрмæгæй конд уыдис, уымæн ничи ницы базыдта. Комкоммæ йæм скæсæн нæ уыд, уайтагъд-иу цæстытæ фæкуырм кодта.

Хызы фидарæн йæ цыппар тигъы, кæрдты комтау, сиу сты, а-мæсыгæн та йæ цъупп у нæхи Батрадзы тахъайы цъуппы хуызæн, йæ кæлæх тенкайыл фæринчы ком иуварс куыд нысселф кæна!.. Ацы æрттиваг тæбæгъ æцæг хуры хуызæн у, фæлæ æрмæст иуæрдæм кæй æндавы, уый мæм кæсы Гæтæджы фырт Сырдоны гæды мийау. — Æрæджиау дзуапп радта Чермен.

— Ам куыдзы рæйын дæр куы нæ хъуысы, уæд циу?

Мæнг хуры дыдзы тынтæ сын се уæнгтæ схъыдзы кодтой, стæй сæ буæрттæ сдудыдтой æмæ, тæфснизæй рынчынтау, гæв-гæв кæнын райдыдтой. Бæхтæ стыхстысты, сæ идæтты къæбæлтæ æвдæрзтой æмæ-иу исдугæй-исдугмæ бамыр-мыр кодтой. Нæ разы хур нæ, фæлæ хъазæн тæбæгъ ис æмæ, кæд ныртæккæ нæдæр зæрæхсид у æмæ нæдæр сæуæхсид, уæд Хурзæриныл æцæг хорз бон нæй. Бæстæ афтæмæй бирæ куы фæуа, уæд рæстæг йæ цæуынæй ныллæудзæн, дæттæ цъымара фестдзысты, бæлас æмæ кæрдæг нал æрзайдзæн, саби йæ рæзынæй банцайдзæн, сылгоймаг нал басывæрджын уыдзæн æмæ адæм цот нал рауадздзысты, зонд æмæ хъуыды кæй хонæм, уыдон цъенгæсалд ныууыдзысты æмæ цард амæлдзæн, зæгъгæ, нымадта Сослан Чермены раз æмæ ууыл дæр, цыма зæй æруадис, уыйау лæууыд æмæ, мæнг хурмæ æдзынæг кæсгæйæ, йæ сæр тылдта: ома, раст зæгъыс, Сослан, фæлæ цыфæнды уæвгæйæ дæр, мах райдианы базонын хъæуы, ай кæй мæсыг у æмæ йæ мидæг цы адæмыхатт цæры, уый.

Мæсыгæн йæ алыварс бæрзонд сис æрзылдис, фæйнæрдæм дард фæцыдис æмæ, йæ мидæггаг фарс цы уыдис, уый нæ зындис. Чи зоны ма мидæгæй уыцы бæрзонд мæсыджы фарсмæ, карчы цъиутæ сæ мады базырты бын куыд бабырынц, афтæ къаннæгдæр мæсгуытæ багуцъула сты, кæнæ та куыдфалæмæ ахаста, кæрон кæмæн нæй, ахæм мæсгуыты сахар, фæлæ бæрзонд къулæй сæ цъуппытæ нæ зынынц æмæ дзы цæст æрмæст хæцыд мæнг хуры мæсыджы цыргъ цъуппыл.

— Æмæ йæ хицæуттæй дæр æддæмæ куы ничи зыны, уæд бындзагъд систы! — тыхст хъæлæсæй зырзыргæнгæ, загъта Чермен.

— Кæнæ мæ зонд схæццæ ис, кæнæ та фыдфынтæ уынын, Чермен! Бæстыл æз кæм нæ фæхæтыдтæн, ахæм бынат нал баззад, фæлæ дзы айхуызæн никуыма федтон. Ау, нæ фæстæ дуне афтæ аивта, æмæ уæлæуон бæстæ уæлæуон бæсты хуызæн нал у æмæ мæрдты бæстæ та мæрдты бæстæйы хуызæн?

Иугуыр сисæй мæсыджы кæрт нæ зындис. Галиуæрдыгæй суанджы цы хъæды къох схаста, уымæн йæ тæккæ астæу æвзистгъуыз гæрз ауыдтой æмæ уайтагъд фæхатыдысты, уый кæддæр донвæд кæй уыдис æмæ дзы ныр та фæндаг кæй скодтой. Табу хуыцауæн, надвæндаг кæм ис, уым цæрджытæ дæр уыдзæн, сæхинымæры барадысты сæ дыууæ, æмæ Сослан афтæ зæгъы:

— Алæ-ма. Чермен, ацы бæрзонд сисæн йæ алыварс азилæм, кæддæра кæй онг цæуы æмæ кæм фæуд кæны!

— Йæ дуар дæр, æвæццæгæн, фаллаг фарс ис æмæ йæм æркæстытæ кæнæм, кæддæра мидæмæ цы хуызы ис бацæуæн! — сразы ис Чермен.

— Ды рахизæрдæм ацу, æз та галиуæрдæм æмæ кулдуары цур сиу уæм.

Хорз, зæгъгæ, ком ын радта Чермен æмæ сæ бæхты дыууæрдæм фæцагайдтой. Чысыл дæрддзæф, иу-дæс санчъехы дæрддзæгыл, тымбылзылд сисæн йе ’мцыд кодта, йæ сæрты æрмæст Дзындз-аласайы хуызæн æфсургътæ тæхгæ кæмæн акодтаиккой, ахæм арф къанау, уый фалейæ та ноджы иу ахæм тымбылзылд сис. Сослан Дзындз-аласайы скъæрдта æмæ фæйнæрдæм ракæсбакæсгæнгæйæ, дис кодта, ай цæй гакъон-макъон къултæ æмæ арыхъхъыты æхсæнмæ æрбахаудыстæм, зæгъгæ. Исдугмæ афтæ æнхъæлдта, арф къанау æмæ æддаг сис исчердæм фæзилдзысты æмæ тыгъд быдырмæ ахиздзынæн, зæгъгæ, фæлæ зилгæ дæр нæ акодтой æмæ фæугæ дæр, мидæггаг сисы æмцыд кодтой. Æвиппайды фескъуыд йæ развæндаг, арф къанау ныббыцæу ис, бæрзонд сис рæмбынкъæдзау кæм æртасыд æмæ фæстæмæ кæм раздæхтис, уырдæм. Дзындз-аласа дзыхълæуд фæкодта æмæ размæ иу къахдзæф дæр нал акодта. Æниу ма йын ацæуæн та кæм уыдис, иуæрдыгæй бæрзонд сис, иннæрдыгæй арф къанау æмæ разæй дæр бæрзонд сис. Дзындз-аласайæн йæ бон уыди арыхъхъы сæрты атæхын æмæ фаллаг сисы рæбынты фæстæмæ рацæуын, фæлæ йæ кæдæм бакодтаид ацы хингонд гакъон-макъон фæндаг! Къуымауы, бæрзонд сисæн йæ уæлæ уыдис сындзæхгæд æфсæн дуар æмæ уымæй фалæмæ бæстæ уыдис æви зындоны сау æхсидгæ, уый нæ зындис. Дзындз-аласайы йæ зæвæтæй бацагайдта, уæд та арф арыхъхъы сæрты батæхдзынæн, фаллаг сисы рæбынмæ фæстæмæ ацæудзынæн æмæ йæ кæронмæ бабæрæг кæндзынæн, кæддæра ацы къадзонæджы базыр кæм фæуд кæны, зæгъгæ, фæлæ бæх йæ быны, арты стъæлфæнау, фæпæртт ласта æмæ йæ бынатæй нал фезмæлыд. Цы гæнæн ма йын уыдис, кæуылты бацыд, ууылты фæстæмæ раздæхти. «Чи зоны мæ фæстæ Хурзæрины бын ног бæстæтæ сæвзæрдис, дунескæнæг хуыцау сын радта сæхи хуры хæйттæ æмæ сын загъта, ацæут æмæ уын мæнæ цы хуры хæйттæ радтон, уыдонмæ уæхи тавут æмæ йæ бур-бурид тынтæ уæхи йеддæмæ хайыр макæмæн уæнт! Йæ, кæд мын размæ ацæуын нæ бантыст, уæддæр мын ам, сисы хæд рæбын, æнцондæр у, ам уыцы бур-бурид тæбæгъы тынтæ мæ цереччы згъæр æмæ мæ Бидасы тахъайы туæстау нæ ныхсынц, фæлæ кæдмæ уыдзыстæм ахæм уавæры, и? А Черменæн йæ уæлæ æппындæр куы нæ ис згъæртæ, уæд куыд кæндзæн мæгуыр лæппу, и? Ам цыдæр æбуалгъы сусæгдзинад ис! Æвæццæгæн, мæсыджы фаллаг фарс æмбæхст ис, бакæсыны бар кæмæ нæй, ахæм цыдæр. Ома, Раст уынджы рæсугъддзинадмæ кæсут, фæлæ фалейæ цы ис, уымæй бæркад зæгъут! Нæннæ, мæ хуры чысылтæ, Сослан кæд уæлæрвтæй æриста мæсгуытæ, уæд мын сымах уæ хингонд зæххы кæлæнгæнæг æгъдæуттимæ цы стут. Ныр мæ æцæг бауырныдта, ай цахæмдæр æбуалгъы бæсты бикъ кæй у, уый! Ам нæдæр сæуæхсид ис, нæдæр зæрæхсид æмæ æхсæвы саудалынг! Йæ цæрджытæ (цæрджытæ та дзы кæм ис, фæлæ) кæрæдзимæ нæ бадзурдзысты «дæ райсом хорз», «де ’зæр хорз», кæнæ «де ’хсæв хорз». Ис дзы æ



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.