Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





I. СÆФТ ХУР



 

Булкъаты М. Г. Нарты Сосланы æвдæм балц. Роман. Цхинвал, рауагъдад «Ирыстон», 1988.

 

Булкъаты Михалы ирон чиныгкæсæг зоны, куыд бирæ аив радзырдтæ, уацаутæ æмæ романты автор, афтæ. Алы хатт дæр йе ’вæрццæг хъайтартæ вæййынц лæджыхъæдджын, удвидар æмæ уарзæгой зæрдæ адæймæгтæ. Йæ ног роман «Нарты Сосланы æвдæм балц»-ы сæйраг хъайтартæ та æнæхъæнæй дæр ист сты ирон адæмон сфæлдыстадæй, фæлæ ацы хатт се ’нусон бæллиц — рæстдзинады сæрвæлтау цæуынц авторы æрымысгæ фæндагыл.

Булкъаты Михал

НАРТЫ СОСЛАНЫ ÆВДÆМ БАЛЦ

Роман

I. СÆФТ ХУР.. 1

II. ÆРТЫККАГ ДУНЕ ÆМÆ ЙÆ ХИЦÆУТТÆ... 8

III. РАСТ УЫНГ ÆМÆ МÆНГ ХУР.. 15

IV. ХЫЗЫ ФЫРТ ЧЕЛÆХСÆРТÆГ. 24

V. САТАНА, ДЗЫЛÆТ ÆВИ УД.. 31

VI. РÆСТÆГ УÆДДÆР ЙÆ ЦЫДЫ ХАЙ КÆНЫ.. 35

VII. ЦЫ УЫДИС РАСТ УЫНДЖЫ ФЫЦЦАГ КУЛДУАРЫ ФАЛЕЙÆ... 41

VIII. САНТАР.. 47

IX. ÆНУСТÆМ ÆНÆБАЙСЫСГÆ РИС.. 55

X. ЦЫ ÆРЦЫДИ НÆСÆТТОНТЫ КЪУЫМЫ.. 57

XI. ЧЕЛÆХСÆРТÆГÆН ЙÆ ЗÆРДÆЙЫ РИС НÆ СЫСЫ.. 65

XII. ДЗАХА ЙÆ ДЗЫРД ХОЙРАГ КУЫД ФЕСТЫН КОДТА.. 66

XIII. ХЪÆНДИЛТЫ ÆРДЗ ÆМÆ ХЪÆНДИЛТЫ ФÆДИС.. 72

XIV. НÆСÆТТОНТЫ ТАЛЫНГ КЪУЫМ... 76

XV. ÆППÆТЫ СТЫРДÆР ФÆЛВАРÆН.. 78

XVI. ÆППÆТЫ ТÆССАГДÆР ХОТЫХ.. 81

XVII. ÆХСЫРЫ ЦАД.. 83

XVIII. ФÆДИС.. 88

XIX. БАТРАДЗ ЙÆ ФЫНТЫ ФÆДЫЛ ЦÆУЫ.. 89

XX. ХУРЗÆРИНÆН ЙÆ ХÆТÆН АРВ У.. 96

 

I. СÆФТ ХУР

Нарты Сослан дæлимонты бæстæй æрбаздæхтис æмæ дыууæизæрастæу мæрдты бæстæм фæцæйхæццæ кодта. Йæ балцæй райгонд кæй уыдис, уый, æвæццæгæн, йæ бæх Дзындз-аласа дæр æнкъардта æмæ-иу хатт йæ гыццыл хъустæ фæгæмæл кодта, афтæмæй цадæггай цыдис.

Сослан йæ уæлæуон ахуыр мæрдты бæсты дæр нæ ныууагъта, æмæ-иу сæр куы бахъуыдис, уæд-иу уыцы бæсты хицау Барастыры фæрсгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй-иу исдугæй-исдугмæ дард балцы ахæтыд æмæ-иу æнæхъæн мæйгæйтты нал разындис. Æниу, йæ райдзаст бынаты бадгæ дæр куыд æркодтаид, кæнæ дыууæ изæры астæу, мæрдты бæстæм дыдзы хур куы æрбакæсы, уæд дзæнæты цъæх нæудзармыл хъазгæ æмæ кафгæ куыд арвыстаид йæ рæстæг, кæд ын йæ рагон знæгтæ йæ мыггаджы хуыздæрты ам дæр æнцой нæ уагътой, уæд! Хъуыддаг афтæ рауадис æмæ дæлимонтæ сæ рагон фыдмитæ нæ ныууагътой, ардæм Сослан куы æрбацыдис, уæд дæр. Æмбисæхсæв, Дзæнæт фынæй куы кодта æмæ-иу дзы Аминоны йеддæмæ хъал куы ничиуал уыдис, уæд-иу сæ сæфтæджытыл нымæты лыггæгтæ стыхтой, афтæмæй-иу æрбахъуызыдысты æмæ-иу куы кæй аскъæфтой, куы кæй. Се скъæфæггаджы-иу Цæрддзуйы дуæрттæй фæмидæг кодтой, Сау цъыззы цъассы-иу æй ауагътой æмæ-иу æй уым сæ фыдæбойнаг куыройыл æрыссадтой. Нæ фыдæбойнаг куырой, дам, æдзух зилгæ æмæ сгæ куынæ кæна, æмæ, дам, адæймаджы æртхутæг нæ зæххыл куынæ байзæрæм, афтæмæй йæ уæлæ куынæ фæкафæм, уæд нын цæрæн нæй!

Уый дын æгъдау æмæ фæтк. Адæймаджы мыггагæн — хъизæмар æмæ сæфт, уыйхыгъд — дæлимонты байзæддагæн та цард æмæ æхцонад! Афтæмæй мын фæхастой мæ фыдыфыд Æхсæртæг æмæ йе ’фсымæр Æхсары, нæхи Къандзи!.. Хызы фырт Челæхсæртæг æмæ дæлимонты æлдар Дзæцъу дæр уыцы заманы фæтары сты! Æцæг, Челæхсæртæг ме знаг у, фæлæ йæ кæд уыцы дæлимонтæ сæ куыройы æрыссадтой, уæд уый дæр баринаг нæу. Кæннод, нæ зонын, цы загъдæуа, уый. Уый куы æрбатары ис, уæд Дзæцъу æмæ иу цалдæр дæлимоны дæр æрбатары сты, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау. Дзæцъуйæн йæ бынат йæ фырт Хъуыза бацахста æмæ ныр та уый кæны йæ хорз фыды фыдмитæ, фæлæ Хызы фыртæн ничи баззад æмæ йын кæд уыцы фæстæмæцæуджытæ фæхъизæмар кодтой, уæд уый баринаг нæу! — йæхимидæг хъуыдытæгæнгæ, цыдис Сослан.

Барастыр, æвæццæгæн, фæцахуыр ис лæгхъалон фидыныл æмæ йын-иу Сослан исты куы загъта, уæд-иу йæ хус æрмттæ фæйнæрдæм айтыгъта æмæ-иу ныкъкъæс-къæс кодта: «Цы кæнæм, мæ хур, уыцы фæстæмæцæуджытæн сæ цард уымæй у! Сæ фыдæбойнаг куырой иудадзыг хъуамæ кæна зилгæ, кæннод сæ мыггаг скъуыйы. Ривадæй та йын зилæн нæй, хъуамæ сса адæймаджы стджытæ!»

Ацы зæронд хъебреимæ дзурæн нæй, зæгъгæ, алыг кодта йæхимидæг Сослан æмæ Барастыры нæ бафарста, афтæмæй Хъуызамæ минæвар барвыста æмæ йын расидтис, макæ, æгъгъæд дын фод дæ фыдæбойнаг куыройыл мæ мыггаджы хуыздæрты ссын, ныууадз дæ хорз фыды фæндагыл цæуын! Дæ дæлбарты мауал ардау æмæ нæ дыууæты ’хсæн хæсты арт ссудзыныл ма архай, зæгъгæ. Фæлæ фыдгæнджытæ уæддæр сæ фыдмитæ нæ ныууагътой, æмæ дын уæд Сослан дæлимонты балæн сæ разы бабадт æмæ куыддæр мæрдты бæсты арæнæй мидæмæ æрбахызтысты, афтæ сæм баздæхт æмæ сыл тугуарæнтæ æркодта. Фарасты дзы маргæ акодта, авды дзы удæгасæй æрцахста æмæ сæ йæхи къухæй зындоны фыцгæ писийы ныррæцыгъта, æмæ фондзæй та ирвæзгæ акодтой.

Барастыр уыцы хабар куы фехъуыста, уæд йæ масты тыфылтæ акалдта: «Ацы Нарт уæлæуыл æгас дуне сæ фæдисмæ сидæнхъæзы хуынчъы атъыстой æмæ ам дæр сæ нæртон схъæл митæ нæ уадзынц, уый йеддæмæ цы хæрзиуæг ис уыцы тæссарвады стæры! Дæлимонтæ сæ фыдæбойнаг куырой ныццауадздзысты æмæ сæ цардыл сæ къух сисдзысты? Куыннæстæй, æнхъæлмæ кæсæд Сослан! Уый нæ, фæлæ Хъуыза ноджы фæфыддæр уыдзæн æмæ нын нæ бындур разилын кæндзæн!»

«Зæронд хъебре! Цыма Дзæцъу æмæ Хъуызайы байзæддагæн, сæ фыдæбойнаг куыройыл адæймаджы стджытæ нæ ’рысгæйæ, фæцæрæн кæй нæй, уый нæ мыггаджы аххос у!» — йæхимидæг загъта Сослан, фæлæ йын, æвæццæгæн, Дзындз-аласа йæ хъуыды фембæрста æмæ йæ чысыл хъустæ фæгæмæл кодта.

Иууыл тынгдæр та смæсты ис, Хъуыза дзы хынджылæг кæй сыскъæрдта, ууыл: «Иллитт-биллитт, Сослан, куыд дæм кæсын, афтæмæй дын мæ талынджыбадинаг фыд Дзæцъуйы митæ зонд базоныны хосæн нæ басгуыхтысты æмæ та мемæ дæр дæ сабийы зондæй архайыс, æндæра йæ зоныс, дæлимоны йæхи зæххыл куынæ амарай, уæд йæ марды хыгъд йæ райгуырæн бæсты авд дæлимоны кæй райгуыры æмæ ноггуырдтæ се ’ппæт дæр се сæфт фыдæлы æнгæстæ кæй вæййынц! Стæй деттæ Дзæнæты фаллаг фарс, арф комы мидæг, цы писи фыцы, уый дæу æмæ дæ мыггаджы минæвæрттæн у зындоны æхсидгæ, уый йеддæмæ мæ дæлимонтæн уазалдзыдæй хид рауадзыны йеддæмæ æппындæр ницæмæн бæззы! Кæд ныууадздзынæ дæ сабийы хъæзтытæ, исчи ма афтæ кæны, иллитт-биллитт?»

Уæдæ, кæд искæй зæххыл мард дæлимоны хыгъд йæ райгуырæн зæххыл авд дæлимоны райгуыры, уæд уын æз, хи зæххыл мæлын куыд хъæуы, уый фенын кæндзынæн, зæгъгæ, фырмæстæй йæ болат буар сырхзынг ацис Сосланæн æмæ уайтагъд фæдисы сидт фæкодта йæ Цереччы згъæр æмæ Бидасы тахъамæ. «Нæ, куыдзы къæдзил куыд нæ сраст уыдзæн, афтæ уыдонæн дæр сæ талынг удтæ не срухс уыдзысты æмæ сæ фыдмитæ нæ ныууадздзысты! Уæдæ, кæд искæй зæххыл мæлгæйæ, уæ сау мыггаг арæхæй-арæхдæр кæны, уæд уæ æз уæхи зæххыл сцыбыр кæндзынæн! Багъæц, Хъуыза дæ, цы гуыбынниз дæ, ды мæ дæ гæныстонмæ басайынмæ хъавыс æмæ мын уыцы æмбисæндтæ дæр уымæн хæссыс, фæлæ дæм æз мæхæдæг, æнæ басайгæйæ, æрбацæудзынæн æмæ мын додой дæ къона кæны!» — Дзындз-аласайыл абадт, ехсæй йæ ахæм цæф ныккодта æмæ бæхæн йæ фарсæй æрчъихортæ схаудта, Сосланы армытъæпæнæй та уафсхортæ æмæ, дæлимонтæ се ’муд не ’рцыдысты, афтæмæй Цæрддзуйы дуæрттæ барæдывта æмæ сæ уæлхъус балæууыд.

Хъуыза æмæ йæ дæлимонтæн, æвæццæгæн, цыдæр стырбон уыдис, кæнæ та сæ фыдæбойнаг куыройæн бирæ ссинаг кæй ссардтой, ууыл цин кодтой, æмæ чысылæй-стырæй уыдысты иу ран тыгуыр. Сæ иутæ æртытæ скодтой æмæ-иу сæ даргъ къæдзилтæ сæ дæлæрмтты фæцавтой, афтæмæй-иу сæ сæрты, цъæхснаг хъыллистгæнгæ, атахтысты. Иннæтæ кæрæдзийы цæнгтыл ныххæцыдысты æмæ куыройыл æрхъула сты, афтæмæй симдтой æмæ æртыты ’рдæм зыгъуыммæ чъиртт кодтой. Аннæтæ куыройы доны былтыл арæгъ сты, сæ сагæхты фæйнæ дыууæ æрмæрины бæрзæн цæххойæнтæ нывæрдтой æмæ сын сæ мидæг сау-сауид дойнаг дуртæй хостой дон. Æвæццæгæн, уыдон сæ дæлдæртæ сты æмæ сын цыдæр аххосаджы хыгъд хъизæмар кæнынц, зæгъгæ, ахъуыды кодта Сослан, донхойджытæм кæсгæйæ. Чысыл дæлдæр та авдæй сау-сауид гал æрфæлдæхтой, йæ мукъутæ йын йæ рагъы стæгыл сныхæстой æмæ йын йæ къæхтæ ныббастой. Сæ кæрдтæ сæ хъуынджын къæдзилтыл адаудтой æмæ, цалынмæ кусæрттагæн йæ сæр ралыг кодтаиккой, уалынмæ уал ын, хъазгæ-худгæ æмæ къæлæсытæгæнгæ, йæ сæфтджытæ рафтыдтой æмæ сæ сæхи къæхтыл абарстой. Галæн йæ бæгъæмвад къæхтæй йæ туг акалд æмæ зæрдæхалæн богъ фæкодта. Кусартгæнджытæ та йын, мыр-мыр æмæ кæлкæлгæнгæ, йæ кæуын зарæгæй самыдтой æмæ йын йæ тугæй сæ ныхтæ ацахуырстой. Кусæрттагæн йæ сыкъатæ къоппæй фелвæстой, сæйраг кусартгæнæг сæ Хъуызамæ хъыллиппытæгæнгæ бахаста æмæ йын сæ йæ хъусты сæрты авæрдта.

Сосланæн æрбабырсыны æнхъæл нæ уыдысты æмæ йæ, Дзындз-аласайыл æрбацæугæ куы ауыдтой, уæд фергъуыйау сты æмæ, маймулиты къорд фæранчы фæзындмæ куыд фæпырх вæййы, афтæ фæпырх сты. Кусартгæнджытæ сæ кусарт æнæргæвстæй фæуагътой æмæ куыройы фæстæ амбæхстысты. Сау дойнаг дуртæй дон чи хоста, уыдон сæ къæдзилтæ атыхтой æмæ таппызарты хай фесты. Куыройдзаутæ сæхи нучы мидæг ауагътой æмæ цалхы базыртыл абадтысты, афтæмæй уæлæмæ гудзиццытæ кодтой. Хъуызайæн Сосланыл йæ дæлимонты бандзарын йæ къухы куынæ бафтыд, уæд йæхæдæг фæхъуырæй-хъуырмæ ис йемæ. Сослан æм кардæй февзыста æмæ йын Дзындз-аласа къах æмæ дæндагæй феххуыс кодта, фæлæ сæ цæфтæй Хъуызайыл иу дæр куынæ аныдзæвдис, уæд бæх æвиппайды æрбаймысыд, дæлимонтæ алцы дæр зыгъуыммæ кæй аразынц æмæ сын сæхи дæр зыгъуыммæ цæвын кæй хъæуы, уый. Йæ зыгъуыммæ цæфтæй йын, дæхи хъахъхъæн æмæ йæ дæхæдæг дæр зыгъуыммæ цæв, зæгъгæ, сдзырдта Дзындз-аласа йæ хицаумæ æмæ йæхæдæг Хъуызамæ йæ сынæг фездæхта. Бæх йæ зæвæтæй Хъуызайы сæры тæбæгъ фелвæста æмæ йæ магъз разындис, фæлæ нæ фæчъил ис æмæ Дзындз-аласайæн кардæй йæ гуыбын дæлейæ уæлæмæ сцавта. Сослан цæстыныкъуылдмæ бæхы гуыбыныл февзæрдис, карды цъæхснаг зæлланг йæ Бидасы тахъайыл фæцыд æмæ, йæхи иу раст фæкæнгæйæ, Хъуызайы зыгъуыммæ рацавта. Йæ туг ныссæххæтт ласта, Сосланæн йе ’мбудæнтæ хæфы æмбыд смаг ныццавта æмæ сцæйомдта, фæлæ Дзындз-аласайы хидмæ басмыста æмæ йе ’муд æрцыд. Дæлимонтæ сæ хицауæн йæ сæр зæххыл тулгæ куы ауыдтой, уæд, зæрдæхалæн хъиухъиугæнгæ, сæхи æрбаскъæрдтой æмæ сæ саджил кæрдтимæ Сосланыл æрхъула сты, фæлæ сын уый сæ сæртæ зыгъуыммæ цавта æмæ сын сæ рæнхъытæ тæнæгæй-тæнæгдæр кодта. Мæрдтæ кæрæдзийыл срæдзагъд сты.

Дзындз-аласа ма сæ сæрты тыххæй гæпп кодта. Сæ куырой сын ныххæлдта, йæ нук ын дард фехста, йæ дон ын ныццауæзта æмæ, йæ зæрдæ куы ницæмæуал фехсайдта, уæд цæугæ дæр зыгъуыммæ ракодта, афтæмæй Цæрддзуйы дуæрттæй æддæмæ ратахт æмæ сæ йæ фæдыл нывдызта.

«Чидæртæ ма сæ удæгас кæй баззад, уый зонын, фæлæ уыцы фæстæмæцæуджытæ арæхджыты Дзæнæтмæ сæ ныфс нал æрбахæсдзысты. Уæддæр диссаг у, Хъуызайы фыд Дзæцъу æмæ Челæхсæртæг се сæфт иумæ цæмæн æрхастой, уый! Хъуыза мæм æртхъирæнтæ кодта, мæ фыды мын авддæлзæхы хай ды фæкодтай æмæ мæ туг дарыс, зæгъгæ, фæлæ, цыма фæдсафæн ныхæстæ кодта, афтæ мæм фæкастис. Уыцы хин æмæ кæлæн Дзæцъу мын иу фæлтæр, ардæм аза бæлас хæссынмæ куы æрбацыдтæн, уæд йæ фæстæмæцæуджытимæ цы хъизæмæрттæ фæкодта, уымæй дзы мæ кард нæ раздахин, фæлæ йæ æз куынæ фæкодтон авддæлзæхы хай, уæд Хъуыза йæ фыды сæфт ме ’фсон цæмæн кæны? Чи зоны, сæфт нæу æмæ та искуыдæм фыдмитæ кæнынмæ фæцыдис!» — йæ хъуыдытæ уæгъд нæ уагътой Сосланы.

— Сослан, цæмæ ма кæсыс! Ахæм цæф мын ныккæн, æмæ мæ фарсæй æрчъихортæ куыд схауа, дæ армытъæпæнæй та — уафсхортæ! — Дзындз-аласайы дзурынмæ йæ хъуыдытæ зæрнæджытау фæпырх сты.

Йæ размæ æркаст, йæ бæх æрдуйы хиды тæккæ цур лæууыд æмæ йæ хицауы ехсы цæфмæ æнхъæлмæ кастис. Сослан йæ сæрты цал гæппы акодта, уал хатты-иу æм уæлейæ дæлæмæ лæмбынæг æркастис, фæлæ арф комы дыууæ фахсы ’хсæн æрдуйыл йæ цæст никуы схæцыд æмæ-иу дис кодта, цуркæй фасты хуызæн айнæджытæ кæрæдзимæ баст куы ницæмæй сты, уæд æй æрдуйы хид цæмæн хонынц, зæгъгæ. Ком уыдис арф æмæ йæ бын нæ зындис. Бæгънæг айнæг къæдзæхтæ æмуырдыг ауыгъдæй лæууыдысты æмæ дыууæрдыгæй кæрæдзимæ таргъуызæй кастысты. Бынæй, дыууæ ссад къæдзæхы æхсæн, Дзæм-дзæмы дон фынккалгæ лæбурдта æмæ йæ пырхæнтæ лæгъз къултыл стъалытау калдта. Сослан бирæ уарзта дыууæ изæры астæу ардæм æрбацæуын æмæ Дзæм-дзæмы доны богъ-богъмæ хъусын, йе ’рра уылæн-иу, карды комы хуызæн, тигъыл лыстæг згъæлæнтæ куы ныццис æмæ-иу йæ алы æвзистгъуыз пырхæнты дыдзы хуры тын куы ферттывта, уæд-иу йæ зæрдæ ныррухс ис. Нарæг ком куыддæлæмæ йе ’фсæртæ суагъта æмæ Дзæм-дзæмы дон йæхи айтыгъта, йæ уайын чысыл фæцадæгдæр кодта, фæлæ йæ сæрты ахизынмæ йæ ныфс ничи хаста æмæ-иу мæрдты бæстæм йæ фæндаг чи сарæзта, уый-иу æрбацыд æрдуйы хиды цурмæ. Ардыгон фæтк ацы ран бирæ лæууын нæ амыдта, кæнæ æрдуйы хиды сæрты хъуамæ атахтаис æмæ, аза-бæлæсты къохыл ахизгæйæ, мæрдты бæстæм бацыдаис, кæнæ та фæстæмæ аздæхтаис æмæ дæ къух систаис де ’нусон нидæныл. Сослан дæр фæндагыл цадæггай цыдис, цæмæй æрдуйы хиды былмæ дыууæ изæры астæумæ бахæццæ уыдаид, æмæ та, йæ сæрты тæхгæйæ, федтаид, дыдзы хуры зæрин тынтæ Дзæм-дзæмы доны æвзистгъуыз пырхæнты мидæг куыд хъазынц æмæ сæ хуызтæ, арвы роны хуызтау, куыд ферттивынц, уый.

Дзындз-аласайы фæстæмæ фездæхта, иу фатæхсты бæрц ауад æмæ æрдуйы хидмæ йæ цæсгом сарæзта, афтæмæй æрлæууыд æмæ, цалынмæ ехсæй бæхы æрцъыкк ластаид, уалынмæ фæкаст, ацафон-иу дыдзы хур цы саджил хохы цъуппæй æрбакаст, уымæ. Ау, рæстæг мын фæхæццæ ис æмæ æрдуйы хидмæ дыууæ изæры астæумæ не ’рбахæццæ дæн, зæгъгæ, фæдисау ис Сослан, хохы саджилы мидæг тугау сырх-сырхид хуры куынæ ауыдта, уæд. Йæ зæрдæ фæцъæррæмыхст ис æмæ йын Дзындз-аласа æгæр цæф фæцис. Цы аразыс, Сослан, ахæм тыхцæфæй мын мæ фарсæй æрчъихортæ нæ, фæлæ мæ фæрсчыты цъæлтæ дæр куы фелвасдзынæ, уæд мæ цæуыл марыс, зæгъгæ, ныхъхъæрзыдта Дзындз-аласа æмæ фатау фесхъиудта. Æрдуйы хиды тæккæ хъусыл йæ раззаг къæхтæ æрцавта, фæстæгтыл фесхъиудта æмæ, цæргæс йæ базыртæ æнæзмæлгæйæ куыд фæтæхы, афтæ куы атахтис, уæд та Сослан дæлæмæ акаст æмæ йæ зæрдæ ноджы тыхджындæр нынтъыснæг ис: «Дзæм-дзæмы донæн йæ хуыз куы фæтардæр ис æмæ куы нæуал æрттивы, уæд æм цы рауад! Науæд дæлæ ранæй-рæтты лæгъз айнæгыл цъæх хъуына куы схæцыд, уæд ай цы диссаг у! Цæрддзуйы дуæрттæй мидæмæ куы бахизай, уæд уыцы сау гæныстоны нæдæр бон ис æмæ нæдæр æхсæв æмæ рæстæг куыд ивгъуыйы, уый нæ фиппайыс, фæлæ уагæры цас хъуамæ фæуыдаин æддæ?»

Куыддæр æрдуйы хиды фаллаг фарсмæ басæррæт ласта, афтæ Дзындз-аласайæн йæ идон æруагъта æмæ йын йæ уад фæцадæг кодта. Барæг цæуылдæр иттæг кæй сызнæт, уый фенкъардта зондджын бæх æмæ цыдис æндыгъдæй, йæ алы къахдзæф нымайгæ, цыма сæрсæфæнæй ахауынæй тарстис, уыйау. Йæ разы уайтагъд ахаста, аза-бæлæсты чысыл къохтæ æмæ хъæдабæвæлыст цъæх нæудзæрмттæ кæрæдзи кæм ивтой, ахæм уæрæх фæзбынат. Саджил хохæн дæр йæ фæхстыл уæлæмæ схаста, куыдуæлæмæ бæзджындæр чи кодта æмæ рæгътыл йæ къæбæлдзыг бецыччытæ кæмæн зындысты, ахæм аза-бæлæсты хъæд. Сослан фыццаг ардæм куы æрцыд, уæд дис кодта, уæлæуыл хæхты фæхстыл куыдуæлæмæ хъæд тæнæгдæр куы кæны æмæ рæгъты бынтон лопъойæ куы фæуадзы, уæд ам куыдуæлæмæ бæзджындæр цæмæн кæны, зæгъгæ. Дыууæизæрастæу-иу Дыдзы хур уыцы бецыччыты фæсаууон нымбæхстис æмæ-иу йе ’рттиваг цæст нал зындис, афтæмæй-иу йæ зæрин тынтæ, сырхзынг фæттау, хъæды мидæг ныссагъта æмæ-иу дæлвæзты цъæх нæудзарæн йæ хуыз скалдта, æмбисбон фурдæн куыд скалы, афтæ. Кæрдæг-иу ноджы фæцъæхдæр ис, дидинтæ-иу мингъуызтæй сæрттывтой æмæ-иу ацудасгъуыз уæлдæфы Дзæнæты цæрджыты зарын æмæ къæрцхъæр зæллангæй хъуыстис. Æрдузтæн-иу сæ цъæх-цъæхид тæмæн фæтыхджындæр ис, суадæттæ-иу сæ хæл-хæл суагътой æмæ-иу аза-бæлæсты хъæдæй хъазæн нæудзармæ, кæрæдзийы къухтыл хæцгæ, донычызджытау, раленк кодтой сылгоймæгтæ. Сылыгъуыз нæудзармы кæрæтты-иу нæлгоймæгтæ слæууыдысты æмæ-иу æнхъæлмæ кастысты Дыдзы хуры зæрин тынты æрбакæлынмæ. Стæй-иу рæсуг цады мидæг зæрин тын сæринаг болатау куы адæргъ ис, уæд-иу хъуытазау зæллангæнæг зарæг суагътой, къæрццæмдзæгъдæй-иу æй самыдтой æмæ-иу урс-урсид донычызджытæн, сæ риуты къуыппытыл сæ сау-сауид дзыккутæ æрдаргъ сты, афтæмæй-иу симын райдыдтой. Дыдзы хурмæ-иу зарыдысты адæймæгтæ, аза-бæлæстæ, цъæх нæудзæрмттæ, Дзæм-дзæмы дон, суадæттæ æмæ цæдтæ, фæлæ ныр фæцæуы Сослан æмæ алфамбылай афтæ ныхъхъус, цыма йыл исчи уазал дон бакалдта æмæ йæ мыдыбындзыты къæртайау ахуыссын кодта. Цъæх нæууыл кæрдæг фæбур ис, аза-бæлæсты сыфтæртæ сæ хъустæ æркалдтой, зарын æмæ къæрццæмдзæгъд нæ хъуысы, суадæттæ æмæ рæсуг цæдтæ бахуыскъæввонг систы, алфамбылай æппындæр ничи зыны æмæ дыдзы хур йæ зæрин тынтæй нæ узæлы Дзæнæтыл. Ау, цы æвирхъау хабар æрцыд, кæм фесæфтысты Дзæнæты цæрджытæ æмæ цæмæн фехæлдтой, æнус-æнусты дæргъы цы фæтк æрæвæрдтой, уый! А иннæтæ цы фæнды фæуæд, фæлæ Уырызмæг æмæ Хæмыц та цы фесты æмæ йæ размæ цæмæннæ ракæсынц! Дæлæсыхмæ зынггур нæ ацыд æмæ йын фæндагыл нæ ахуыссыд, мыййаг! Дæлимонтæм балæбурдта, стыр хæс бафыста æмæ уырдыгæй æрбаздæхтис! «Æвæццæгæн мын Дыдзы хуры æрбакæсыны рæстæг фæхæццæ ис æмæ уымæн лæууынц мæрдæмырæй фæзуæттæ, уынгтæ, хъазæн цъæх нæудзæрмттæ! Хур та æрбакæсдзæн, дыууæ изæры астæуы, алæмæты бæрæгбон та стынг уыдзæн æмæ йæ фыццагон хуызæй сæрттивдзæн æппæт дæр. Фæлæ мæм æддæмæ цæмæннæ исчи ракаст?» — йæ бæхы фæцагайдта æмæ æппындæр никуыдæм фездæхт, афтæмæй Барастыры къæсæрыл балæууыд Сослан. Йæ хатæн уыдис ныллæг æмæ дæргъæццон, уæлæуыл табæт кæй хонынц, раст уый хуызæн. Дзындз-аласайы æддейæ фæуагъта, йæхæдæг Барастыры дуаргæсы нæ бафарста, афтæмæй æваст дуар фегом кодта æмæ уаты смидæг ис. Ныллæгцар уат адæмæй уыдис йæ тæккæ дзаг, æмæ сæ астæу фысым зынгæ дæр нал кодта, æрмæст ма кæцæйдæр йæ хъæлæс афтæ хъуыстис, цыма уæрдæхтæй баст хус дуар гомæй баззад æмæ йæ дымгæ къæскъæсгæнгæ хъеллау кодта. Адæмыл йæ цæст ахаста, Уырызмæг æмæ Хæмыцы уым дæр куынæ ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта: «Батрадз уæлæрвты вæййы æмæ, чи зоны, ныр дæр уым ис, фæлæ Баба æмæ Хæмыц ам кæй не сты, уый хорзмæ нæ амоны! Дзæнæты фæткы ардæм æмбырд кæнын куы нæй фыст, уæд цæмæн æрбамбырд сты, цъæх нæудзармыл хъазт цæмæннæ самадтой?»

Барастыр бадтис бынатыхицауы цур æвæрд бæрзонд, нывæфтыд къæлæтджыныл æмæ йæ бадæны бур-бурид хæцæнтыл ныззезелæг ис, афтæмæй, хъæрццыгъа кæрчытæм куыд кæса, афтæ кастис йæ разы тыгуырæй лæууæг адæммæ. Йæ цæсгом уыдис, æрдæбон нæудзæрмттыл цы кæрдæг федта æмæ йын йæ зæрдæ сагъæсæй чи байдзаг кодта, уыйау бур-бурид æмæ фæлахс. Йæ роцъо ноджы фæцыргъдæр ис æмæ йæ цæсгомы хил афтæ спыхцыл, цыма йын æй исчи бындзыггай тонгæ кодта. Йæ цæстытæ сæ къуырфыты мидæг арф бахаудтой æмæ йæ къæмисæнтæ ракъуыпп сты. Йæ даргъ фындзæй рухс калдис, йæ хъуыры дадзинтæ, хъæбæр здыхт бæндæнтау, хъандзалæй зындысты. Йæ галиу фарс къуымы бæрзонд цырагъдарæны агъудты мидæг тъыст дыууæ цырагъы сыгъдис æмæ сæ фæлурс рухс Барастыры къæрис цæсгомыл уæлейæ дæлæмæ калдис.

Барастыры тæккæ раз, сæ кæлмæрзæнты къабæзтæ сæ риутыл æруагътой, сæ къухтæ æлхынцъæй сæ гуыбынтыл сæвæрдтой, афтæмæй æрхуымæй лæууыдысты ацæргæ устытæ. Чысыл фæстæдæр æнæсыбырттæй сæ цæссыг калдтой, Сосланмæ иу дыууæ изæрастæу хъазæн нæудзармыл кафгæйæ, донычызджыты хуызæн, цы æнæцыд чызджытæ фæкастысты, уыдон. Артдзæсты æхсидæвтæ тыбартыбургæнгæ сыгъдысты æмæ сæ зырзыргæнаг рухсмæ бонасадæн кодтой, æппæты фæстейæ цы нæлгоймæгтæ лæууыд, уыдонæн сæ хъуынтъыз цæсгæмттæ. Се ’нгæсыл зындис, ныртæккæ цæуылдæр фыддзырд кæй кодтой æмæ æвиппайды кæй фæсыкк сты, уый. Дуары хъыс-хъыс куыддæр фехъуыстой, афтæ æваст фæзылдысты æмæ Сосланы куы ауыдтой, уæд сæццæйæ аззадысты.

— Сослан, нæ рухс дзæнæт сау быны сæфт кæны æмæ нын исты баххуыс кæн! — æмбогъ фæкодтой устытæ.

Барастыр лæппуйау тæлтæгæй фестад, йæ нывæфтыд къæлæтджын фæстæмæ фесхуыста, йæ дыууæ къухы кæрæдзийыл баныхæста, афтæмæй сæ размæ карды бырынкъау радавта æмæ дзыргъа зæрæстон зæхх куыд фæгæрды, афтæ айгæрста адæмы бардз. Иу цæстныкъуылды бæрц ныкъкъуылымпы ис æмæ фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, ома мæм ныртæккæ мæ зæрдæ цы дзуры, уый саразын ацы адæмы цæсты раз аив уыдзæн æви нæ, фæлæ йæхи нæ басаста. Сосланыл ныттыхстис, йæ хус къухтæ йын йæ сæвджын фæсонтыл зырзыргæнгæ æрхаста æмæ йæ сæр уазæджы уæхскыл, хордзены цæстау, ауыгъдæй аззад, афтæмæй ныддодой кодта:

— Ой, Сослан, дæ фæрцы бирæ фыдбылызтæй фервæзтыстæм, фæлæ ныл дæ фæстæ æнæнхъæлæджы цы сау бон ныккодта, уымæй та нæ чи фервæзын кæндзæн!

Сослан æрвдзæфау фæцис æмæ йе уæхскыл, хордзены цæстау, ауыгъд Барастыры сæрæн цы бакодтаид, уый нал зыдта. Афтæ уынгæг зæрдæйæ йæ никуы федта, зæронд уæвгæйæ, искæй раз йæхицæн æрлæмæгъ кæныны бар нæ лæвæрдта. Къæсхуыртæконд лæг уыдис, йæ буар ын бæгънæгæй куы федтаис, уæд афтæ загътаис, йæ дзидза æмæ йæ цармы мидæг рухс кæлы æмæ йе стджытæ бæрæгæй зынынц, зæгъгæ, фæлæ йæхи æдзух дардта уæздан. Зæронд лæджы зыр-зыр Сосланыл дæр бахæцыд æмæ, адæмы тарст цæсгæмттыл куы афæлгæсыд, уæд йæ сæры, судзгæ ахызт иу хъуыды: «Ам цыдæр æбуалгъ фыдбылыз æрцыд!»

— Ау, афтæ бынысæфт фестæм, æмæ нæ уынгты куыдз дæр нал рæйы! — бустæгæнæгау, загъта Сослан æмæ Барастыры йæ къæлæтджыны ’рдæм акодта.

— Ой, Сослан, уæдæ дын æз цæуыл додой кæнын? Афтæ æнхъæлыс, рох фæдæ æмæ дæ размæ æрдуйы хиды онг сгуы æмæ нуазæнимæ бацæуын кæй хъуыдис, уый нæ зыдтон!

Æппæты разæй Алымбеджы бинойнаг лæууыд, йæ рахиз къух йæ былтыл сæвæрдта, афтæмæй. Уæлæуыл æй Нартæ зыдтой саударæгæй, фæлæ йыл ам та æппæт дæр уыдис сæнт урс æмæ-иу Сосланмæ хатт хъазы хуызæн фæкаст. Йæ лæг Алымбеджы уыгæрдтæ ных фæстиауæй зындис, йæ фарсмæ Сырдон йæ цыргъ боцъотæ сдар-сдар кодта. «А, Батрадз уæлæрвты ис йæ дыджызæмæ, фæлæ кæм сты нæ мыггаджы разагътатæ — Къандзы фырт Сæууай, Алымбеджы фырт Тотрадз, Уæрхтæнæджы фырт Сыбæлц, Бедзенæджы фырт Арæхдзау? Кæд нæ дзæнæтыл сау бон ныккодта, уæд кæм бамбæхстысты, науæд мæ чысыл æфсымæр æдзух Барастыры уæрджытыл куы фæбады, уæд ныр кæм ис?» — йæхинымæры нымадта Сослан. Барастыр йæ тæнæг былтæ иу дзæвгар æнгомæй фæдардта, фæлæ стæй йæ уачъи уаллонау уæлæмæ сивæзта æмæ ахæм каст акодта, цыма искæй агуырдта. Æвæццæгæн æй Сосланимæ аныхас кæнын фæндыдис, фæлæ йын утæппæт адæмы цур йæ зæрдæйы судзаг рис æргом равдисыны фадат нæ уыд æмæ йæ хус цæнгтæ фæйнæрдæм ахæм тыгъд акодта, цыма йын йæ иу дзырдмæ сæ зæрдæты тыррыктыррыкгæнгæ чи æнхъæлмæ каст, уыдон уатæй ассивынмæ хъавыд. Ацæут, мæ хуртæ, уæ хæдзæрттæм, кæд исты ног хабар фехъусон, уæд уæм уайтагъд фæбæрæг кæндзынæн. Мæн та Сосланимæ лæгæй-лæгмæ аныхас кæнын хъæуы, зæгъгæ, хус уæрдæхтыл ауыгъд зæронд дуарау, ныкъкъæс-къæс кодта Барастыр æмæ Алымбеджы бинойнаг йæ сæнт урс кæлмæрзæны къабæзтæ æруыгъта. Барастыры дзырдыл дыууæ ничи дзуры. Барастыр сæ ныфсы мæсыг у æмæ ацы гæныстойнаг заманы йæ хатæны уымæн æрæмбырд сты. Барастыр сын рухс бынæттæ равзæрста Дзæнæты, сæ удты дæр сын бацæрын кодта Дзæнæты æмæ сын хъахъхъæны сæ рухс цард. Барастыры уарзынц сæ удау, æмæ сын сæ ныфсы мæсыджы рухс фæндон фæндагæргæвст чи фæкæна, уымæн нæ ныббардзысты... Уæлæуыл кæрæдзимæ туджджыны цæстæй чи кастис, уыдон ам Барастыры фæрцы æфсымæртау цæрынц. Æцæг у, Нарты Сослан йæ галиу митæ ам дæр нæ ныууагъта, фæлæ йе стыр тых йæ мыггаджы разагъта лæгтыл никуыуал бавзæрста æмæ, кæд искуы Барастыры æвастæй исты саразы, уæддæр ын рауайы Дзæнæт æмæ йæ цæрджыты хæрзиуæгæн. Фæлæ уæддæр Барастыры цы бафæнда æмæ Дзæнæты цæрджытæ цы нæ сараздзысты! О, дунескæнæг, æххæст ма Хурзæриныл дæр куы дарид йæ бартæ, уæд Дзæнæт суаид дывæр Дзæнæт æмæ йæ цæрджытæн сæ амонд Дзæм-дзæмы донарæхæн фестид. Барастыры Нарты Сосланимæ аныхас кæнын фæнды æмæ, табу йæхицæн, табу йæхицæн, табу йæхицæн! Йæ иу бакаст дæр сын ныфс у, йæ иу бахудт — бæллиццаг амонды ферттывд æмæ разы куы вæййынц, уæд сæ ныфс фидар у, фæлæ сын ныр æдзæугæ нæй! Сæ уæхсчыты сæрты, фæстæмæ кæсгæ, дуары ’рдæм ацыдысты æмæ Сослан сæнтурсдарæсджын сылгоймæгты рæнхъыл йæ цæст куы ахаста, уæд афтæ фенхъæлдта, цыма фыны ис æмæ урс фын уыны. Æрхуымæй фæцæйцыдысты, нал дæр сæ Сослан æндæвта æмæ нал дæр дæлимонты æлдар Хъуыза. Сæ разагъта лæг хæстмæ фæцыдис, Дзæнæты бæсты фыдызнæгты ныддæрæн кодта æмæ сын сæ фыдæбойнаг куырой ныццауæзта? Хуыцау æмæ Барастыр йе ’ххуысгæнæг, ноджыдæр ын бантысæд, фæлæ мах ныртæккæ æппындæр ницы æндавы, нæ царды æппæты сæйрагдæр цы у, уый йеддæмæ. Алымбег йæ рæзты куы ахызтис, уæд йæ рахиз къух тымбылæй йæ риуыл авæрдта æмæ йæ сæрыл дæлæмæ æрхæцыд, ома æгас цу, Сослан, æмæ мын ныббар, сгуы æмæ нуазæнимæ Æрдуйы хиды цурмæ дæ размæ кæй нæ рацыдтæн, уый! Сырдон йæ хин цæстыты уæлтъыфæлттæ гæзæмæ æрцъынд кодта, ома, бæргæ, Сослан, адæмы цъæх нæудзæрмттыл кафгæ æмæ хъазгæ куы æрæййæфтаис! Иу мызыхъхъ лæппумæ фæкомкоммæ Сослан æмæ, цалынмæ йæ сæвджын фæсонтæ фæсдуар нæ амбæхстысты, уалынмæ дзы йæ цæсты зул нæ райста. Йе стыр цæстытæ уыдысты сагъæсæй йедзаг, йæ сау æрфгуыты сæртæ кæрæдзимæ æнгом æрбацыдысты æмæ йын йæ фæтæн ных ныддагътæ кодтой. Къуыпп фындз, бæзджын былтæ æмæ йын цыбыр боцъотæ уыдис, йæ зæронд куырæты æгънæджытæ райхæлдта æмæ разындысты йæ фидæрттæконд хъуыры дадзинтæ. Сосланмæ куы æрбаввахс ис, уæд йæ сау æрфгуытæ айтынг сты æмæ мидбылхудт йæ бæзджын былтыл, дыдзы хурау, алыгъдис. Чи у ацы фидæрттæконд лæппу, ныры онг ыл цæмæннæ искуы фембæлдтæн æмæ йæ цæмæннæ зонын, зæгъгæ, дис кодта Сослан, фæтæнуæхск нæлыстæджы фæдыл кæсгæйæ. Лæппутæм фæсидут æмæ æрбацæуой, уым Дзæм-дзæмы доны былыл кæдмæ баддзысты, зæгъгæ, фæсидтис сæм фæстейæ Барастыр æмæ сын сæ фæдыл дуар рахгæдта. О, ныр базыдта Сослан, йæ мыггаджы разагъта нæлыстæджытæ кæм уыдысты, уый! Сæхи айстой ардыгæй æмæ кæмдæр Дзæм-дзæмы былыл бадынц, фæлæ сын цы бадт у уый æмæ сæм цы дзуры сæ зæрдæ! Науæд Уырызмæг æмæ Хæмыц семæ сты æви нæ? Нæ, уыдон семæ нæ уыдзысты, æндæра Барастыр нæ загътаид, «лæппутæм фæсидут», зæгъгæ.

Уат куы сафтид æмæ дыууæйæ куы аззадысты, уæд ын йе ’мбудæнтæ бахъыдзы кодта сылгоймаджы буары æмæ дидинæджы тæф. «О, ардыгæй цы донычызджытæ ацыд, уыдон семæ ’рбахастой дзæнæты цъæх нæудзæрмтты хæрздæф!»

— Барастыр, дæ хорзæхæй, зæгъ-ма мын: дæ дзæнæтон изæры хъæзтытæ ныр та кæуынæй баивтай? — бауайдзæф кодта Сослан йæ фысымæн.

Барастыр йæ нывфыст къæлæтджыны мидæг нымпылдис æмæ, йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Йе ’взаг аныхъуырдта æмæ йын дзурын фæзын ис. Æрæджиау та йæ къæлæтджыны бур-бурид хæцæнтыл ныззезелæг, йе схъæл цæнгты уæлæ йæ къæсхуыр буар ауындзæгæй баззад æмæ йæ хъуыр йе уæхсчыты ’хсæн афардæг ис. Сослан ын иу дзæвгар йæ мидхъизæмармæ фæкастис æмæ йын дзуапп куынæ радта, уæд Барастыры тæккæ раз æртыкъахыг бандоныл йæхи æруагъта æмæ хæрз ныллæг хъæлæсæй бафиппайдта:

— Кæд мын дæлимонты бæстæ мæ зонд не схæццæ кодта æмæ мæ хъуыды нæ фæфæлдæхтис, уæд изæры хъæзтыты афон у, нæ фыд!

Барастыр йæхи нал баурæдта, йæ цæнгтæ фæдыдагъ сты, йæ фæлахс гуыр къæлæтджыны мидæг аирвæзтис æмæ йæ сæр, цыма йын æй исчи лыг ракодта, уыйау йæ бадæны нывæфтыд æнцойгæнæныл бахауд.

— Хурзæрин куынæ уа, Сослан, уæд нал дæр бон æмæ æхсæв ис, æмæ нал дæр Дзæнæты дыууæизæрастæу хъæзтытæ! — ныхъхъæрзыдта Барастыр æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта.

— Уый та куыд? — фæдисау Сослан.

— Ды дæлимонтæм куы алæбурдтай, раст уыцы изæр дзæнæтмæ дыдзы хур нал æрбакастис, Сослан! — цъындæй загъта Барастыр. — Уæдæй нырмæ æнæ хурæй цæрæм æмæ нæ удтæ нæ хъуырмæ ссыдысты.

Сослан бандонæй сцæйстад, фæлæ арв ныннæрыд, йе ’рттиваг рæхыстæ йæ сæрыл æркалдысты æмæ



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.