Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОНЫ АРДЫДÆЙ НАРТ СÆ ХИСТÆРЫ КУЫД АМАРДТОЙ



СЫРДОНЫ АРДЫДÆЙ НАРТ СÆ ХИСТÆРЫ КУЫД АМАРДТОЙ

Нартæй хорз лæг-иу уайтагъд Сырдонæн цæстысындз фестад.

Уыдон ма разагъды мыггаг куы уыдысты, уæд се ’хсæн кадджынæй царди Дзылы. Цы — йе ’гъдау, цы — йæ бæрæчет, — иу дзырдæй, нартæн тынг уарзон уыди.

Иу заман нартыл æххормаг аз скодта, æмæ сыдæй мардысты. Нæ сын бацауæрста Дзылы йæ мулкыл, стæй йæхæдæг дæр смæгуыр, амæлын йеддæмæ йын ницыуал хос уыди. Иу райсом дын йæ фыртмæ бадзырдта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Бирæгъы йæ къæхтæ дарынц, мæ хур. Афтæ куы бадæм, уæд нын ничи ницы æрхæсдзæн. Фæлтау фæцу ме ’рдхорд Уацилламæ æмæ йын нæ уавæр бамбарын кæн. Афтид армæй дæ нæ рауадздзæн.

Дызæрдыггæнгæ рацыд йæ фыды разæй Дзылыйы фырт æмæ бафарста къулбадæг усы. Уый йын загъта:

— Ма тыхс, нæртон лæппу. Уæлæ ма цармæ схиз, уым ис зæронд бæхы æрчъиаг, бынмæ йæ æрис, æртæ хатты йæ æрцæгъд. Стæй-иу скув: «Хуыцæутты хуыцау, ме скæнæг хуыцау, ацы æрчъиаг цы уыд, уый йæ фестын кæн!»— Кæд ма хуыцау нарты хуыцау у, уæд дын æрчъиаг фестдзæн бæх, цы уыд, уымæй авд хатты хуыздæр бæх. Уый Уастырджийы æфсургътæй уыди. Уайтагъд ыл-иу абад æмæ дæ бынатмæ фæхæццæ кæндзæн. Уациллайы раз куы æрлæууай, уæд дæ дæ фыды æнгæсæй базондзæн. Алы лæвæрттæ дын кæндзæн, фæлæ-иу дзы мацы баком. Стæй дын зæгъдзæн: «Æнæ исты лæварæй мæ куы ацæуай, уæд дыл чи баууæнддзæн, уæларвы Уацилламæ уыдтæ, уый? Стæй дæ фыдæн цы зæгъдзынæ? Цæуылнæ йын сæххæст кодтай йæ дзырд?» Æмæ-иу уæд Уациллайæн зæгъ: «Кæд мын æнæ лæвар ацæуæн нæй, уæд мын, дæ хордоны фæсдуар цы зæронд кæфой лæууы, уый ратт». Уый дын кæфой ратдзæн, æмæ уæд æвæстиатæй уæхимæ уай. Уыцы кæфой цы хæдзары уа, уымæн йæ хорæн сихсийæн никуы ис — уæле исгæ, бынæй ахадгæ у...

Схызт Дзылыйы фырт цармæ, æриста дзы æрчъиаг, æртæ хатты йæ æрцагъта, хуыцаумæ скуывта, æмæ йæ разы диссаджы æфсургъ фестад. Лæппу йыл абадт æмæ йæм дзуры:

— Тагъд мæ уæларвон Уацилламæ фæхæццæ кæн!

Уадидæгæн æрлæууыд Уациллайы раз. Уацилла базыдта Дзылыйы фырты, хорз æй федта, стæй йæ бафарста:

— Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста мæ бæстæм?

Æмæ йын Дзылыйы фырт йæ хабæрттæ радзырдта. Бакодта Уацилла уазæджы йæ къæбицмæ, йе дзаг хордонтæм.

— Адон иууылдæр дæу фæуæнт, — загъта Уацилла йе ’рдхорд — Дзылыйы фыртæн.

— Уыдон ахæссын мæ бон нæу, — дзуапп ын ратта лæппу. — Фæлтау уæртæ фæсдуар цы зæронд кæфой ис, уый мын балæвар кæн.

Уацилла ралæвар кодта зæронд кæфой, æмæ Дзылыйы фырт уайтагъд сæхимæ æрбалæууыд. Фыд æй федта æмæ æрæнкъард:

— Æз дæ, гормон, хормæ арвыстон, ды та цыдæр зæронд кæфой æрхастай.

— Тæрсгæ ма кæн, мæ фыд. Тæккæ райсом æй фендзынæ, ай цавæр кæфой у, уый, — йæхæдæг хордонмæ баппæрста кæфой æмæ дуар сæхгæдта.

Дыккаг бон байгом кодта Дзылыйы фырт хордон æмæ диссаг федта — хордон йæ тæккæ дзаг уыди хорæй. Бацин кодтой нарт, алчидæр цыди Дзылыйы хæдзармæ æмæ йæхицæн хор ласта, цас æй хъуыд, уыйас.

Æрмæстдæр нарты фыдбылыз Сырдоны æхсæв дæр хуыссæг нал ахста, мæстæй тъæппытæ хауди Дзылыйы бæркадмæ æмæ йæ фесафын фæнд скодта.

Сырдон Дзылыйы ныхмæ архайын райдыдта.

— Цæмæн ма бæззут, нарт, ныр сымах? Сæгад стут. Уæлæмæ ацæуай — Дзылыйы фырты хорз кой. Дæлæмæ ныццæуай — Дзылыйы фырты хорз кой. Рахизмæ ацæуай, æви галиумæ — уæддæр та уыцы кой. Сымах та ма цы кад ис?! Цæмæн ма у уæ цард дæр, кæд æмæ уæ ном нал ис, уæд?

Ницы дзуапп раттой нарт.

Уæд та иу бон Дзылы йæ фыртæн загъта:

— Хор нæм бирæ ис, фæлæ нæм фос нæй. Фæцу уæларвон Фæлвæрамæ, кæддæр ме ’рдхорд уыд, иумæ бирæ цæхх æмæ кæрдзын бахордтам. Уый дæ æнæ лæвар нæ рауадздзæн.

Лæппу та ацыдис къулбадæг усмæ æмæ йын йæ хабæрттæ ракодта.

Ус ын загъта:

— Схиз та мæ цармæ, райс та уыцы æрчъиаг, æфсургъ æй фестын кæн, æмæ дæ уый Фæлвæрамæ фæхæсдзæн. Фæлвæра дыл цинтæ байдайдзæн, лæвæрттæ дын кæндзæн, фæлæ-иу уымæй дæр мацы ком. Йе скъæты цары астæуыккаг хъайваныл æмбæхст ис иу бæрз уис, æмæ дзы-иу уый бацагур. Уыцы уис цы ран уа, уым фосæй бацæуæн нæ уыдзæн, цасфæнды дзы куы тæрай, уæддæр.

Лæппу схызти цармæ, райста æрчъиаг, æфсургъ æй фестын кодта æмæ уайтагъд Фæлвæрамæ балæууыд.

Цинтæ систа Фæлвæра йе ’рдхорды фыртыл, кусарт ын акодта æмæ йæ хорз федта. Стæй Фæлвæра райдыдта лæппуйæн лæвæрттæ кæнын. Æрмæст уый ницы комы. Стæй йæ куынæуал уагъта, уæд дзы бæрз уис бацагуырдта. Ратта йын Фæлвæра уыцы уис, æмæ лæппу уайтагъд сæхимæ æрбалæууыд.

Дзылы йæ фырты афтидæй æрыздæхгæ куы федта, уæд та æрæнкъард æмæ йæ фæрсы:

— Куыд хус къухæй æрцыдтæ, лæппу?

— Ма тыхс, мæ фыд. Райсом фендзынæ мæ лæвæрттæ.

Дзылыйы фырт райста уисой, ныммарзта се скъæтты стырдæр, сæвæрдта хъайваныл бæрз уис æмæ дуар фидар сæхгæдта.

Дыккаг бон лæппу райсом раджы фестад æмæ бауади скъæты размæ. Бакодта дуар æмæ федта диссаг — скъæт йе дзаг уыди алыхуызон фосæй.

Бацыди Дзылы дæр, федта уыйас фос æмæ куыд нæ бацин кодтаид! Стæй сæ ратардта нарты быдыртæм. Схъæздыг та сты нарт. Куыд нæ æппæлыдаиккой Дзылы æмæ йæ фыртæй! Алы фынгыл Дзылыйы хистæрæн бадын кодтой.

Æрмæст та Гæтæджы фырт Сырдон йæхицæн бынат нал ардта, цыма йын исчи йæ зæрдæйы хъама фæтъыста, уыйау зын ын уыди Дзылыйы æмæ йæ фырты хорздзинад. Йæ марг æвзаг та рауагъта даргъ, нарты та ардауын райдыдта Дзылы æмæ йæ фыртыл. Æмæ иухатт загътой ныхасы Дзылыйæн:

— Дæ фырт æцæг лæг сси. Дæу дæр æмæ мах дæр скадджын кодта. Æрмæст ма дын Сау хохы æлдары кæрц куы æрхæссид, уæд хорз уаид: хъуамæ дыл дæ намысмæ гæсгæ дзаума дæр уа!

Æнкъардæй æрбаздæхт сæхимæ Дзылы, зыдта йæ, нарт дзы домгæ кæй кæнынц, уый. Бадзырдта йæ фыртмæ æмæ йын загъта:

— Гæтæджы фырт Сырдон нын нæ быныхъæр уадздзæн. Нарты ныл сардыдта. Дæхи балцмæ бацæттæ кæн. Сау хохы æлдармæ фæцу, ис ын кæрц æмæ мын æй æрхæсс. Æндæр гæнæн нæй. Афтæ у нарты уынаффæ. Куы нæ сын сæххæст кæнай сæ фæндон, уæд фæхудинаг уыдзыстæм.

— Хорз, — дзуапп ратта лæппу. — Абон — къуырисæр, кæд иннæ къуырисæры нæ фæзынон æд кæрц, уæд мæм-иу мауал æнхъæлмæ кæс.

Æмæ та ацыди къулбадæг усмæ. Радзырдта йын йæ хабæрттæ. Уый дæр ын загъта:

— Бæллиццаг хъуыддаг дын нæ бахæс кодта дæ фыд. Сау хохы æлдарæн йæ рæзты нырмæ ауайын дæр ничи бауæндыд. Бæрзонд айнæгыл ис йæ мæсыг, æмæ йæм æрмæст иунæг фæндаг цæуы. Уыцы фæндаг хъахъхъæнынц авд æфсæндзых бирæгъы. Айнæгыл бадынц авд æфсæнбырынкъджын цæргæсы. Фæндагыл цæуын нæ, фæлæ цъиу атæхын дæр нæ уадзынц уыдон. Цæмæй мæсыгмæ бахауай, уый тыххæй та авд æфсæндуарыл бахизын хъæуы. Æцæгæлон адæймаг сæ гом дæр æмæ æхгæнгæ дæр не скæндзæн. Æз дын мæсыджы онг бацæуæнтæн баххуыс кæндзынæн. Фæлæ æлдаримæ дæхæдæг арæхс. Хъус мæм: аргæвд авд фысы, авд гогызы, ноджы демæ айс авд стыр дымæджы. Куыддæр Сау хохы æлдары мæсыгмæ фæцæйхæццæ кæнай, афтæ дыл æфсæндзых бирæгътæ сæхи ныццæвдзысты. Ды сæ-иу алкæмæндæр иу фыс ратт æмæ дæ уæд нал бахъыгдардзысты. Стæй дыл сæхи рауадздзысты æфсæнбырынкъ цæргæстæ. Ды-иу сæ алкæмæндæр иу гогыз ратт. Уыдонæй дæр та аирвæздзынæ æмæ мæсыджы дуæрттæм бахæццæ уыдзынæ. Бавдæл æмæ-иу дымджытæй дуæрттæ хорз байсæрд. Дуæрттæ байгом уыдзысты, æмæ уæд мидæмæ згъоргæ. Æвдæм дуарыл куы бахизай, уæд æлдар дæ размæ фæуыдзæн, стæй — дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг. Куы дыл фæтыхджын уа, уæд дæ бирæгътæн аппардзæн, намæ йыл ды куы фæтых уай, уæд ын-иу йæ кæрц йæ уæлæйæ ралас, æндæр-иу мацæмæ бавнал æмæ фæстæмæ згъоргæ, цалынмæ цæргæстæ æмæ бирæгътæ æфсæст уой, уæдмæ куыд раирвæзай, афтæ.

Райста та Дзылыйы фырт царæй æрчъиаг, æфсургъ æй фестын кодта æмæ, йемæ авд фысы, авд гогызы æмæ авд дымæджы айсгæйæ, Сау хохы æлдары мæсыджы цур балæууыд.

Уайтагъд йæ размæ фесты авд æфсæндзых бирæгъы. Аппæрста сын лæппу фæйнæ фысы æмæ дарддæр цæуы. Сæхи йыл рауагътой авд æфсæнбырынкъ цæргæсы. Аппæрста та уыдонæн дæр фæйнæ гогызы æмæ уайтагъд фыццаг æфсæндуармæ бахæццæ. Байсæрста дуар иу дымæгæй, æмæ дуар фегом. Байсæрста иннæты дæр, æмæ уыдон дæр байгом сты. Æвдæм дуарæй куы бахызти, уæд æлдар йæ размæ фæци. Дзылыйы фырт ыл йæхи ныццавта. Хæст сын бацайдагъ ис.

Дзылыйы фырт иу заман æлдары зæххæй фæхицæн кодта, хæрдмæ йæ систа æмæ йæ йæ быны æркодта. Стæй йын йæ кæрц йæ уæлæйæ фелвæста æмæ лидзынмæ фæци. Æлдар æрчъицыдта, кæсы, æмæ йæ кæрц дæр нал ис, лæппу дæр фесæфт, æмæ уæд дуæрттæм батахт:

— Цы фæци уыцы лæппу, цæмæн æй ауагътат?

Дуæрттæ йын дзуапп раттой:

— Куыннæ йæ ауагътаиккам, нæ цæргæ-цæрæнбонты нæ уыцы лæппу фæкодта сойы хъæстæ. Дæу цас фæхъахъхъæдтам, æмæ нæ згæ фæхордта.

Разгъордта мæсыгæй æлдар æмæ йе ’фсæнбырынкъ цæргæстæм дзуры:

— Тагъддæр, уыцы гауыры баййафут æмæ йæ ныммарут, мæ кæрц мын фæхæссы!

— Фыдæй-фыртмæ дæ фæхъахъхъæдтам æмæ дæ хæдмæл цъиуæй дæр никуы фæхъæстæ стæм. Уый та нæ алкæмæндæр нард гогыз ратта, æмæ йæ уæд хъуамæ цæмæн амарæм?

Уæд æлдар æфсæндзых бирæгътæм хъæр кæны:

— Гъей, мæ бирæгътæ, мæ кæрц мын фæхастæуы, аййафут æй æмæ йæ бахæрут.

Бирæгътæ йын дзуапп раттой:

— Дæ бонæй уай, æлдар, цæмæн бахæрæм нæ хæрзгæнæджы? Цас дын фæлæггад кодтам, æмæ нын стæг дæр никуы раппæрстай. Уыцы лæппу та нæ алкæмæндæр нард фыс балæвар кодта!

Ахаудта зæххыл дæлгоммæ æлдар æмæ ныккуыдта.

Æрласта Дзылыйæн йæ фырт Сау хохы æлдары кæрц. Æмæ нарты æхсæн уыцы кæрцы мидæг куы æрбадти, уæд Сырдон фырмæстæй фæцæймарди, хъыг ын уыди, Дзылыйы фырты фесафын йæ бон кæй нæ баци, уый. Ногæй та систа йæ хин митæ кæнын Сырдон, йæ фыдбылызтæ нæ уагъта.

Уæд та дын иухатт нарт ныхасы бадынц, сæ уæле — Дзылы йæ кæрцы мидæг. Æмæ дын Сырдон райдыдта йæ хинæйдзаг ныхас:

— Дæу хуызæн кадджын, де ’мсæр лæг не хсæн нæ уаид, Дзылы, гъеныр ма Уастырджийы бæх дæ къухы куы бафтид. Кæд дæ фырт афтæ сæрæн у, уæд дын хъуамæ уыцы бæх дæр самал кæна. Æмбал кæмæн нæй, ахæм лæг куы басгуыхис!

Сырдоны уырныдта, Дзылыйы фырт Уастырджийы бæх кæй нæ самал кæндзæн, уый.

Æнкъардæй та æрцыд сæ хæдзармæ Дзылы:

— Гæтæджы фырт Сырдон та ныл нарты сардыдта, ныр та нын Уастырджийы бæх амал кæнын кæны. Фæцу Уастырджимæ æмæ мын дзы бæх ракур.

Лæппу æрчъиагæй æфсургъ фестын кодта æмæ Уастырджимæ балæууыд. Уастырджи йæм байхъуыста æмæ йын йæ бæхтæй иу ратта. Лæппу уыцы бæхимæ куы æрыздæхт, уæддæр та Сырдон не ’рынцад, сардыдта та Дзылыйыл нарты:

— Дæ хуызæн нал ис, Дзылы, ацы дунейыл. Æрмæст ма дæ хуыцауы рихитæй куы уаид, уæд дæхæдæг зæххон хуыцау уаис.

Фæцыди та Дзылыйы фырт хуыцаумæ дæр. Уый йын ратта къухты кæлмæрзæн æмæ йын загъта:

— Аздæх дæ фыдмæ, ацы кæлмæрзæнæй-иу ын йæ рихитæ асæрф, æмæ йын уæд мæ рихиты хуызæн фестдзысты.

Баххæст кодта хуыцауы ныхас лæппу æмæ Дзылыйæн йæ рихитæ хуыцауы рихиты хуызæн фестадысты. Сагъæс байдыдта Сырдон, цы хин сарæзтаид Дзылыйæн, уый нал зыдта. Стæй æрæджиау æрхъуыды кодта:

— Кæсут-ма, нарт, нæ буц хистæр Дзылымæ! Зæххы фидауц. Балцы йæ акæнæм немæ.

Сразы сты нарт Сырдоны ныхæстыл. Сæхи балцмæ бацæттæ кодтой. Бирæ фæцыдысты æмæ иу ран æрлæууыдысты. Сырдон Дзылымæ дзуры:

— Æндæр бæстæйы арæнмæ æрбахæццæ стæм. Бар нын ратт, æмæ дæ адасæм. Хъуамæ дæ уынд æппæтæй рæсугъддæр уа.

Дзылы бар ратта. Нарт февнæлдтой Дзылыйы дасынмæ, фæлæ сын Сырдон сæ къух афтæ сарæзта æмæ Дзылыйæн йæ хурх алыг кодтой.

Акодта йæ бæх Уастырджи, Уацилла йæ кæфой ахаста, Фæлвæра — йæ уис, æмæ нартыл мæгуыры бон æркодта Сырдоны аххосæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.