Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН ЙÆ МÆРДÆН ХИСТ КУЫД СКОДТА



СЫРДОН ЙÆ МÆРДÆН ХИСТ КУЫД СКОДТА

Нартæй-иу Сырдоныл чи амбæлд, уый-иу æм йæ уайдзæф æнæ баппаргæ нæ фæци:

— Дæ мæрдтæн хист нæ кæныс, Сырдон, æмæ дын мæрдты бæсты иннæтæм хæлæггæнгæйæ бадынц. Уый хорз нæу, стæригъæдджын дæ.

Мæстæй йæ чи мардта, ахæмтæ дæр-иу разындис:

— Нарты æхсæн ахæм адæймаг нæй, æмæ йæ мæрдты рухсаджы ном чи нæ ссары!

Сырдон æй хорз зыдта, нарт ын йæ мæрдты мæт афтæ цæмæн кæнынц, уый: уыдис æм иу нард хъуг, æмæ нарты уый фыдæй фæхъæстæ фæндыди.

— Уадз æмæ йæ мæрдтæ бынтон æнæхойраг баззайой, иннæ мæрдты æхсæн стонгæй дзыназой! — афтæтæ кæрæдзийæн дзырдтой нарт.

Бирæ рæстæг Сырдон ницы дзуапп лæвæрдта. Фæстагмæзагъта нартæн:

— Хорз æй куы зонут, ницы мæм ис, уый, уæд уын цæмæй схист кæнон?

— Дæ хæстæджытæ, дæ хæлæрттæн зæгъ, æмæ дæм фæкæсдзысты, уæддæр дæ мæрдты ном ма рох кæн, — загътой Сырдонæн нарт.

Сырдон бамбырдтæ кодта йæ мулк, хистæн цыдæриддæр хъуыди, уыдæттæ. Æрласта суг, æрæвæрдта дыууæ стыр аджы. Иуы дзы фыцын райдыдта бæгæны. Бæгæны фыцынмæ та æрбахуыдта нартæн сæ тæккæ æдылыдæры. Бæгæны сфыцынæн зад хъуыди ссæдз мæрты, Сырдон та йыл æгасæй иу мæрт ныккодта.

Фыцы, уæдæ цы уыдаид, бæгæны, фæлæ æппын нæ цæттæ кæны. Нарт та афтæ æнхъæлдтой, æмæ сын Сырдон бирæ бæгæны фыцы. Сырдон иннæ аджы иу гуымыдза фыс цæппæрста, уый дæр сын æгъгъæд у, зæгъгæ:

— Мæнæн мæ мæрдтæ рагæй нал хæрынц, сымахæн та цыфæнды дæр фæу — бæсты уын нæ цæуы, — загъта Сырдон йæхинымæры.

Сырдон йæ мæрдтæн хист кæны, зæгъгæ, уыцы хабар нартыл айхъуысти. Хисты бон Сырдон æдылы бæгæныфыцæгæн æрбакодта фæкæсынмæ æмбæлттæ, сæ иуæй се ’ннæ — æдылыдæр, нарты æхсæн уыдонæй сæфтдæр нал уыд, æмæ сын загъта:

— Сымах бафыдæбон хъæудзæн, æмæ уæхи рагацау хорз фенут, уый фæстæ уæ нал равдæлдзæн.

Сырдон аргæвста кæрчытæ. Æдылыты æрбадын кодта, нозт, хæрдæй сæ хорз федта. Уыдон куы срасыг сты, уæд сын бæгæны равдæлон кæнын бахæс кодта, йæхæдæг адæммæ хонæг арвыста.

Æдылытæ бæгæны æвдæлон кæнын куы райдыдтой, уæд сæм Сырдон йæхи баласта æмæ дисхуызæй дзурын райдыдта:

— Цымæ раздæр цы фæзынди — карк æви айк?

Æдылытæм ныхас диссаг фæкаст. Сæ иутæ дзуапп раттой:

— Кæй зæгъын æй хъæуы, карк раздæр фæзынди.

Иннæтæ семæ не сразы сты, уыдон загътой сæхи зонд:

— Айк раздæр фæзынди, айк!

Афтæ сбыцæу сты, æмæ кæрæдзи схуыстытæ кæнын райдыдтой. Сырдон сæ йæхи иргъæвæг скодта æмæ аивæй бæгæны акалдта.

— Мæнæ мын мæ хæдзар куыд фехæлдтат, — сæрдиаг кодта Сырдон. — Ныр ма хист цæмæй скæнон? Адæммæ дæр хонæг куы арвыстон? Цы цæсгом ма равдисдзынæн хъæубæстæм?

Æрдиаг куыд кодта, афтæ хистмæ æрбацыдысты нарты хистæртæ. Сырдон сæ размæ фæци æмæ сын хабар радзырдта:

— Мæ лæггадгæнджытæ фæбыцæу сты — карк æмæ айкæй раздæр чи фæзынди, зæгъгæ, кæрæдзимæ февнæлдтой æмæ мын мæнæ цы фыдбылыз сарæзтой! Ныр ма хист цæмæй скæнон?! Фæфыддзæсгом мæ кодтой.

Нарты хистæртæ сæхæдæг дæр федтой, Сырдоныл цы бæллæх æрцыд, уый. Кæрæдзимæ бакастысты, рахъыг кодтой æмæ сæ фæрныг хæдзæрттæм аздæхтысты. Хистмæ ма цæуынмæ чи хъавыд, уыдон дæр хабар фехъуыстой æмæ нал бауæндыдысты...

Сырдон хистæн цы бацæттæ кодта, уыдон йæхицæн баззадысты æмæ нартыл худæгæй марди.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.