Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН АГ КУЫД РАСАЙДТА



СЫРДОН АГ КУЫД РАСАЙДТА

Нартæй иумæ уыди хорз æрхуы аг. Сырдоны зæрдæ йæм тынг æхсайдта, фæлæ йæ къухы ницы æгъдауæй æфтыд. Кургæ дæр æй кодта, ивгæ дæр, фæлæ аджы хицау ницы ком лæвæрдта.

Уæд æй иухатт Сырдон тыхтæ-амæлттæй бæгæны фыцынæн ракуырдта. Йæ хъуыддæгтæ дзы бакодта, йæхимæ цы чысыл æрхуы аг уыд, уыимæ йæ бахаста йæ хицауæн.

Йæ сыхаг дисы бацыди:

— Ацы чысыл аг та ма йын цы у? Мæнæн æй цæмæн æрбахастай?

— Дæу у, æмæ уымæн, — дзуапп ратта Сырдон.

— Ау, куыд мæн у, æз дын иу аг куы раттон! — ницы æмбæрста хъуыддагæн сыхаг.

— Иу ныхасæй, дæ аг цалынмæ мæнмæ уыд, уæдмæ йын ацы чысыл аг райгуырди, — цыма æцæг хъуыддаджы тыххæй дзырдта, афтæ загъта Сырдон.

Сыхаджы бауырныдта, бацин кодта æмæ йæ аджы æд «лæппын» айста.

Рацыд иучысыл рæстæг, æмæ та Сырдон сыхагæй аг ракуырдта. Сыхаг æй æнæзивæг ратта æмæ загъта:

— Дæ къух хорз у, Сырдон, кæд та йын исты райгуыра, уæд мыл-иу æй дзæбæхæй сæмбæлын кæ.

— Цытæ дзурыс! — загъта Сырдон. — Дæхион дæ къух ссардзæн.

Рацыди бонтæ. Сырдон сыхагæн аг нæ хæссы. Сыхаг йæ агыл тыхсы æмæ иу бон Сырдонæн афтæ зæгъы:

— Дæ хорзæхæй, Сырдон, мæ аг цы фæци?

Сырдон æрæнкъард ис, йæ сæр æруагъта æмæ йын дзуапп ратта:

— Æнамонд хабар æрцыд. Æз дын æй хъæр кæнынмæ дæр нæ хъавыдтæн, фæлæ рухсаг уæд дæ аг, амардис.

Сыхаг æрбамæсты:

— Ау, аг куыд амарди?

Сырдон уæлдайхуызондæр нæ фæци.

— Уæдæ куыд æнхъæлдтай, аргæ чи кæны, уый мæлын нæ зоны? Дæ аг аргæ-арын фæзиан ис.

Ницыуал загъта сыхаг æмæ ныхъхъуытты уагъта Сырдоны.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.