Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОНЫ НАРТ ГÆДЫ ЛÆГ КУЫД СХУЫДТОЙ



СЫРДОНЫ НАРТ ГÆДЫ ЛÆГ КУЫД СХУЫДТОЙ

Нарт æрæмбырд сты ныхасы æмæ кæрæдзийæн хъæлдзæг хабæрттæ дзырдтой. Сырдон сæм бирæ фæхъуыста æмæ сыл зынæрвæссон худт кодта. Уæд æй Хæмыц фæрсы:

— Цы ныл былысчъилтæ кæныс, Сырдон? Æви утæппæт худæджы ныхæстæй иу дæр нæ фæцыд дæ зæрдæмæ.

Сырдон ын дзуапп ратта:

— Куыннæ уыл былысчъилтæ кæнон? Иууылдæр худæджы хабæрттæ дзурыныл нæ ауæрдут æмæ алы гæды ныхæстæ мысут, стæй ма сыл ноджы уæхæдæг худут. Цымæ уæ иу раст ныхас адæймаг кæд фехъусдзæн?

Сослан æм нал фæлæууыд æмæ дзуры:

— Хæрæг дæ ды, хæрæг, Гæтæджы фырт. Уый йеддæмæ кæд уыцы хабæрттæй исты диссагдæр хабар зоныс, уæд ма йыл цы боны хорзмæ ауæрдыс? Дæумæ дæр байхъусиккам.

— Сымах цымыдисæй цæмæ байхъусиккат, ахæм хабæрттæ мæнмæ кæддæриддæр вæййы, — сæрыстырæй йын дзуапп ратта Сырдон.

Уæд дын æм нарты фæсивæд бахатыдысты, уæдæ нын исты диссаджы хабар радзур, зæгъгæ. Нал æй ныууадздзысты, уый куы базыдта, уæд Сырдон райдыдта:

— Уыцы хабар æрцыд майрæмбоны, нæ мæрдтæн сабатизæры къæбæртæ куы цæттæ кодтам, уæд. Уыдонæн ныххæлар кæнынæн мæ бахъуыдис кусæрттаг æмæ цуаны ауадтæн.

— Уæд авд дæлдзæхы фæуай, Сырдон, — ныххудти Сослан, — кæд дæуæй цæй цуанон ис!

— Ма йæ хъыгдар дзурын, Сослан, уадз æмæ йæ ныхас фæуа, — фæурæдта йæ Уырызмæг.

Æмæ Сырдон дæр йæ ныхас дарддæр кодта:

— Фæцæуын дын хъæды æмæ иу лæгыл амбæлдтæн. Куы мæ базыдта, нартæй дæн, уый, уæд мемæ цуаны фæраст, иумæ, дам, æрзилæм, зæгъгæ. Ауадыстæм, æмæ мын дзуры:

— Цом Сау фурды былмæ, уым хизы æмбисонды егъау хъох-дзæргъ, уый хъыбылтæй иу амардзыстæм.

Араст дæн уыцы лæгимæ Сау фурды былмæ. Мæ бинонтæй уал амæлæд, æз цал гæды ныхасы зæгъон! Кæсæм дын, æмæ æнахуыр егъау хъох-дзæргъ æхсыр дары йæ дыууадæс хъыбылæн. Фæлæ хъыбылтæй æрмæст иунæг дæйы мады фæдæг. Дыккаг дæйы фыццаджы къæдзил, æртыккаг та — дыккаджы къæдзил æмæ уыцы хуызы дыууадæс хъыбылы ныххал сты иу рæнхъæй. Фæстаг хъыбылæн та йæ къæдзилæй æхсыр цыхцырæгау ныллæууыди...

Нарт уыцы ныхæстыл ныххудтысты, æмæ Сырдон дæр ныхъхъус и.

— Æцæг амæла дæ бинонтæй уал, ды нын абон цал гæды ныхасы ракодтай, — загътой нарт.

Сослан та йæхи нал баурæдта æмæ Сырдоныл уыциу хъæр фæласта:

— Фесæф нæ разæй. Нарты æхсæн цæрынæн нæ бæззыс, нæ ныхас нын хынджылæггаг скодтай!

Нарт Сырдоныл сæ фаг фæхудтысты, стæй йæ Уырызмæг бафарста:

— Æмæ уæддæр ныххæлар кæнынæн кусæрттаг дæ къухы куыд бафтыд?

— Мыстытæ йын æй бахордтой йæ кусæрттаг, — мæстыйæ загъта Сослан. — Хорз уаид, æххæст ма йын йæхи сæр дæр куы бахæриккой, уæд.

Сырдон банхъæлмæ каст, цалынмæ адæм басабыр сты, уæдмæ, стæй зондджын хуызæй загъта:

— Гъей, ницæййаг нарт, аргæвдут мæ номыл иу кусæрттаг æмæ мын мæ цæрæнбонмæ скувут: кæдæм цæуын хъæуы стæры, уый уын бацамыдтон.

Уæд æм Хæмыц дзуры:

— Баууæндиккам дыл, Сырдон, фæлæ дæ гæды ныхæстæ кæрæдзийыл сæвæр, уæд дзы арвмæ асинтæ саразыны фаг рауаид.

— Сымах, нарт, хуыцаумæ фæндаг агурут æмæ йæм цæугæут — асинтæ уын сарæзтон. Æрмæст-иу уæхимæ кæсут — мачи уæ дзы ратулæд уырдыгæй, уæ бæрзæйтæ дзы ма асæттут.

Гъе афтæ Сырдоны уæдæй нырмæ гæды лæг хонын райдыдтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.