Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН ХУЫЦАУЫ КУЫД АСАЙДТА



СЫРДОН ХУЫЦАУЫ КУЫД АСАЙДТА

Иу уалдзæг Сырдоны бафæндыди мæнæу байтауын. Æрцæттæ кодта йæ галтæ, йæ зæххы хай афæлдæхта. Стæй рахаста йæ мæнæуы мыггаг æмæ йæ байтауынмæ куыд хъавыд, афтæ скуывта:

— Гъей, хуыцæутты хуыцау, не скæнæг хуыцау, ацы аз мын мæ мæнæу хорз æрзайын кæн æмæ дын дзы иу хайæ дæ ном ссардзынæн.

Байтыдта мыггаг йæ хуымы æмæ йæм хорз базылди. Диссаджы хортæ æрзади уыцы аз нарты зæххыл, фесгуыхти Сырдоны мæнæу дæр. Бацин кодта, йæ куывд кæй фæхъабыл æмæ йæ мæнæу хорз кæй æрзади, ууыл. Бавнæлдта йе ’фснайынмæ æмæ йæ гонтæ сæ былтæй акалдысты.

Ферох дзы хуыцау Сырдонæй, нæ йын ссардта йæ хъæздыг хорæй йæ ном.

Дыккаг аз уалдзæджы та Сырдон йæ дзывыр адардта йæ хайыл. Æмæ та тауынвæнд куы скодта, уæд йæ хуымы кæрон æрлæууыд æмæ та хуыцаумæ скуывта:

— Ныббар мын, не скæнæг хыуцау, фарон дæ кæй фæсайдтон, уый тыххæй. Фæлæ дын барæй нæ уыддæн — хæдзары ’рдыгæй тыхстытæ баййæфтон æмæ ницы мæ къухы бафтыд. Ацы аз ма мæ сараз æмæ дын куывд мæ фæллойæ.

Хорз та æрзадысты хортæ уыцы аз дæр. Бирæ мæнæу бафснайдта Сырдон йæ гонты, фæлæ та йæ хуыцауæн куывд саразын ферох.

Æртыккаг аз дæр хатыртæ ракуырдта хуыцауæй æмæ байтыдта мæнæу йæ зæххы хайыл. Фæлæ уыцы аз хортæ æппындæр не ’рзадысты, ницы æрхауд Сырдонмæ дæр.

Йæ хабар куы базыдта, уæд йæ сины сæрыл æрхæцыд, арвмæ скаст æмæ загъта:

— Ницы кæны, хуыцау, æз дæ дыууæ сайды акодтон, ды та æрмæстдæр иу сайд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.