Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





КУЫД ФÆЗЫНДИС ФÆНДЫР



КУЫД ФÆЗЫНДИС ФÆНДЫР

Афæдзæй-афæдзмæ нарт фæцарæзтой иумæйаг æмбырддон æмæ куывддон хæдзар. Æмæ сæ фæндыди, цæмæй сын æм Сырдон мацы фау æрхастаид. Æппынфæстаг куы сцæттæ, уæд Сослан бацыди Сырдонмæ æмæ йын загъта:

— Нарт æрæмбырд сты æмæ дæм дзурынц, сæ хæдзар сын фен.

Уæд ын Сырдон загъта:

— Хорз.

Æмæ иумæ араст сты. Бацыдысты нарты стыр æмбырддон æмæ куывддон хæдзармæ. Нарты уым баййæфтой. Уыдон бафарстой:

— Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, Сырдон, нæ хæдзар дæ зæрдæмæ цæуы æви нæ? Цы фау ма йæм хæссыс?

Фæкасти Сырдон хæдзармæ, æрзылди йын йæ къуымты.

— Хорзæй хорз у, фæлæ ма... — зæгъгæ, йæ ныхас нæ фæци, афтæмæй Сырдон хæдзарæй ацыди.

Уæд æй Сослан фæсте асырдта æмæ йæ фæрсы:

— Кæдæм лидзыс уый, Сырдон, зæгъгæ нын куы ницы кодтай, афтæмæй?

— Æмæ уын цы хъуамæ зæгъон?

Сослан ын бамбарын кодта:

— «Фæлæ ма» нын цæмæн загътай, уымæн дын ницы бамбæрстам.

Сырдон дæр ын дзуапп ратта:

— Афтæ уын уымæн загътон, æмæ хæдзар хорз бæргæ у, фæлæ дзы астæуæй ницы ис.

Æндæр ницыуал загъта Сырдон æмæ ацыди.

Сослан дæр фæстæмæ аздæхти æмæ нартæн радзырдта:

— Сырдон нын нæ хæдзар рафаудта, астæуæй, дам, уын дзы ницы ис.

Уæд нарт сæхимидæг хъуыды кæнын райдыдтой, цымæ цæмæн афтæ загъта Сырдон, зæгъгæ. Фæлæ ницы æрхъуыды сæ бон уыди. Фæстагмæ Сослан дзуры:

— Сырдон нын афтæ уымæн загъта, æмæ нæ хæдзары астæу рæхыс нæй. Хæдзары та рæхыс ауыгъд куы нæ уа, уæд афтид у, уæдæ цы у!

Нарт стыр рæхыс скæнын кодтой, куыд æмбæлы, афтæ йæ хæдзары астæу æрцауыгътой æмæ та Сосланы Сырдонмæ арвыстой.

Æрбакодта йæ Сослан нарты æмбырддон æмæ куывддон хæдзармæ, æмæ та йæ фæрсынц:

— Фен нын нæ хæдзар Сырдон, цы хъуаг ма у?

Сырдон та федта хæдзар, æрзылди йын йæ къуымты æмæ та загъта:

— Хорзæй хорз у, фæлæ ма... — зæгъгæ та йæ ныхас нæ фæци, афтæмæй ацыди.

Ацы хатт йæ фæдыл ахызти Хæмыц.

— «Уæ хæдзар хорз у» нын куы загътай, Сырдон, уæд дын уыцы «фæлæ ма» та цы у?

Сырдон ын дзуапп ратта:

— Хæдзар æцæгдæр хорз у, фæлæ хурыскæсæнырдыгæй къуымы ницы ис, æмæ уын «фæлæ ма» та уый тыххæй загътон.

Хæмыц баздæхти нартмæ æмæ сын Сырдоны ныхæстæ ракодта. Сагъæсы бацыдысты нарт, бирæ фæхъуыды кодтой æмæ æрæджиау загътой:

— Сырдон нын нæ хæдзар уый тыххæй фауы, æмæ йæ хурыскæсæн къуымы сылгоймаг нæ уыд, нæй дзы æфсин.

Уæд æрхуыдтой иу сылгоймаг, чындзы арæзт æй скодтой, хурыскæсæны къуымы йæ æрлæууын кодтой æмæ загътой:

— Фæстаг хатт ма фæцæуын хъæуы Сырдонмæ.

Фæлæ йæм ацы хатт никæйуал фæндыди ацæуын. Уæд Хæмыц загъта:

— Цæй, куы нæ кома, уæддæр æй æз тыххæй æрбакæндзынæн.

Балæууыд Хæмыц Сырдоны дуармæ æмæ мидæмæ дзуры:

— Æддæмæ-ма мæм ракæс, Сырдон!

Фæлæ Сырдон æддæмæ нæ зыны. Æрæджиау æм рацыди æмæ йæ бустæхуызæй фæрсы:

— Цы кæныс, цы дæ хъæуы, Хæмыц?

— Нарты æмбырд та дæм дзурынц сæ иумæйаг ног хæдзармæ, æмæ рацу, — загъта йын Хæмыц.

Сырдон ын бауайдзæф кодта:

— Хæрд æмæ нозтыл куы фæбадут, уæд мæ куы нæ фæхонут. Нал цæуын æз сымах æхсæнмæ, — æмæ сæхирдæм фæцæйздæхти.

Хæмыц æм фæлæбурдта, асхуыста йæ æмæ йæм бартхъирæн кодта:

— Куынæ рацæуай, уæд дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн, уый зон!

Цы гæнæн ма уыд Сырдонæн, æмæ тынг мæстджынæй рараст Хæмыцы фæстæ нарты ног хæдзармæ. Бирæ та йæм фæкасти, йæ къуымты йын æрзылди æмæ загъта:

— Гъе нырмæ хæдзар нæ уыди, ныр хæдзары хуызæн сси.

Нарт дæр ныццин кодтой, Сырдон сын сæ хæдзарæй кæй раппæлыди æмæ йæм фау кæй нал æрхаста, уый тыххæй. Æрмæст Сырдон уыд æнкъард, уый мæстæй марди Хæмыцмæ, йе ’фхæрд дзы нæ рох кодта. Æмæ афтæ мæстыйæ йæ хæдзармæ афардæг.

Бирæ фæхъуыды кодта Сырдон, уæдæ Хæмыцæй мæ маст куыд райсон, зæгъгæ. Æмæ иу бон куы уыдис, уæд æрхъуыды кодта.

Хæмыцмæ уыди, авд азы хуыскъ чи фæцис, ахæм хъуг. Фырнæрдæй хæлди, суанг ма йæм уынæг дæр цыдысты йæ диссаджы нарды тыххæй. Хæмыц дзы йæ сæр бæрзæндты хаста, æдзух дзы æппæлыди.

Сырдон сфæнд кодта уыцы хъуджы адавын. Иу æхсæв куы уыди, уæд, дын, бахъуызыди, цы скъæты баст уыд, уырдæм, фæлæ дуар бакæнынæн ницы амал ссардта. Фæстæмæ раздæхти йæ хæдзармæ æмæ хъуыдытæ кæнын райдыдта, хъуг цы хуызы адавдæуа, ууыл. Æмæ та æрхъуыды кодта.

Иу бон дын изæрырдæм, хъом хизæнуатæй æрбацæуыны размæ Сырдон бацыд Хæмыцы скъæтмæ æмæ дзы бамбæхсти. Изæры фос æрцыдысты, Хæмыц йæхионты сæхимæ баздæхта, скъæты сæ бакодта æмæ сыл фидар дуар сæхгæдта. Æнцад бадт Сырдон йæхицæн, стæй куы æрæхсæв æмæ бæстæ куы æрсабыр, уæд йе ’мбæхсæн бынатæй рацыд æмæ скъæты дуары æвдузæнтæ мидæгæй æфтауын райдыдта. Æнæ хъæр, æнæ хъистæй йæ къухы бафтыд дуар байгом кæнын.

Сырдонæн фæснарт, иу хиды бын уыди хæдзар, æмæ йын æй ничи зыдта. Хæмыцы хъуг, дын, уырдæм æрыскъæрдта, аргæвста йæ уыцы ран æмæ йæ бинонтимæ минас кодта.

Хæмыц уайтагъд йæ хъуджы давд базыдта. Хи хъæуæй, æддагон хъæуæй — алы ран дæр æй агурын байдыдта, фæлæ — никуы æмæ ницы. Тъæпп хаудта мæстæй Хæмыц, фæлæ цы бакодтаид! Æрæджиау йæ хъустыл æрцыди, йæ хъуджы йын нарты фыдбылыз Сырдон йе скъæтæй кæй адавта. Æрмæст æй куыд сбæрæг кæна, уый нæ зыдта — Сырдоны хæдзар ссарын кæй бон уыд!

«Цы ма бакæнон уæдæ? — хъуыды кодта Хæмыц. — Цон æмæ фæцæуон къулбадæг усмæ æмæ ма уый бафæрсон».

Ацыди Хæмыц къулбадæг усмæ æмæ йын йæ хабæрттæ сæрæй бынмæ радзырдта.

— Дæу фæрсынмæ æрбацыдтæн, истæмæй мын баххуыс кæн, исты мын бацамон.

Æмæ йын къулбадæг ус загъта:

— Дæ хъуджы адавды хабар æз рагæй хъусын, ныронг дæр мæм куы фæзындаис, уæд дын дæ хъугдавæг бацамыдтаин. Сырдонæн кæмдæр зæххы бын ис хæдзар, æз дæр æй нæ зонын. Йæ бинонтæ уым цæрынц. Дæ хъуг дын уым сæ зæрдæйы дзæбæхæн хæрынц.

Хæмыц къулбадæг усы бафарста:

— Æмæ уыцы хæдзарæн цы хуызы ссарæн ис?

— Сырдоны куыдзы чи нæ зоны! — дзуапп ратта къулбадæг ус. — Æхсæв Сырдоны сусæг хæдзары вæййы, райсом боныцъæхтыл æддæмæ рацæуы æмæ йæ бахъахъхъæ. Дæ къухы куы бафта уыцы куыдз, уæд ын йæ къахыл æндах бабæтт æмæ йæ ауадз. Йæ фæдыл-иу цæугæ æмæ дæ иу заман Сырдоны хæдзармæ бакæндзæн.

Уæд Хæмыц Сырдоны куыдзы хъахъхъæнын райдыдта. Æмæ йæ иу райсом æрцахста. Йæ къахыл ын æндах бабаста æмæ йæ фæтæрсын кодта. Алыгъди куыдз, фæлæ хæдзармæ нæ цæуы, дыууæрдæм лидзы, йæ фæд рафæлив-бафæлив систа. Кæй дуарæй нæ ракæсын кодта Хæмыцы, ахæм нал баззад. Хæмыц дæр æй нæмы æмæ йæ æрдæгмæлæтдзаг куы фæкодта, уæд куыдз алыгъди сæхимæ йæ фæстæ æндах уадзгæйæ. Хæмыц дæр дын йæ фæдыл уайы. Куыдз фæмидæг ис хиды бын хæдзары.

Ныццыди Хæмыц дæр куыдзы фæстæ Сырдоны сусæг агъуыстмæ. Сырдон сæхимæ нæ разынди. Фæтарстысты йæ лæппутæ, «ай нын нæ хæдзар куыд ссардта», зæгъгæ. Кæсы Хæмыц, æмæ хæдзары астæу — аг, аджы дзидзатæ фыцынц. Уæд хъуджы фыд систа, Сырдоны лæппуты æрцахста, акъабæзтæ сæ кодта æмæ сæ аджы фыцгæ доны цæппæрста. Йæхæдæг, йæ хъугæй ма цы баззад, уыдон æрæмбырд кодта æмæ сæ йæ хæдзармæ ахаста.

Æрбацыди Хæмыц сæхимæ, йæ хъуджы фыд цæвæрдта æмæ ныхасмæ рацыди. Сырдоны дæр уым баййæфта, фæлæ йын ницыма загъта. Сырдон Хæмыцы куы федта, уæд бахудти æмæ афтæ зæгъы:

— Æмæ тæригъæд дæр куыд нæ у Хæмыц, тæригъæд: чидæр ын йæ нард хъуджы дзидза хæры, йæхæдæг та сыдæй мæлы.

Уæд Хæмыц загъта:

— Чи зоны, мæ хъуджы фыд цы аджы фыцы, уым давæгæн йæ хъæбулы фыдтæ сфыцой.

Фехсайдта Сырдонæн йæ зæрдæ, цыдæр фыдбылыз мыл æрцыди, зæгъгæ. Ницыуал сдзырдта Хæмыцмæ æмæ йæ сусæг хæдзармæ фæдисы цыдæй ацыди. Бауад мидæмæ, сæхимæ — ничи. «Ау, кæм уой нæ бинонтæ?» — зæгъгæ, Сырдон ракæс-бакæс кæны, фæлæ — никуы æмæ ницы. Фыдисыл йæхи ныццавта, дзидзатæ асгарон, зæгъгæ, аг сыстыдта æмæ дзы фæзындысты йæ цоты уæнгтæ: кæмæн йæ къух, кæмæн йæ сæр, кæмæн йæ къах.

Сагъдауæй баззад исдуг Сырдон, фыдис йæ къухæй æрхауд, афтæмæй. Стæй йæ сæр ныххоста æмæ сæрдиаг кодта:

— Ацы бæллæх мын Хæмыц йеддæмæ ничи сарæзта!

Систа йæ лæппуты уæнгтæ агæй Сырдон. Йæ хистæр фырты цонджы стджытæй сарæзта фæндыры хъæд, йе ’ннæ фыртты зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта дыууадæс тæны. Æрбадтис йæ хъæбулты стæгдарты цур, йæ фырзæрдæрыстæй сыл æрдиаггæнгæ, фæндырæй цæгъдын райдыдта:

— Мæ лæппутæ, мæгуыр дæн æз, æмæ уын мæ бон хæрнæг кæнын нæ бауыдзæн. Уæ иу мын Къонагæ хуынди. Марды фæлдисинагæй къонайыл цы бавæрой, уымæй дын хай уæд.

Ноджы та фæндырæй æрцæгъды, æмæ та йæ дзыназын райхъуысы:

— Мæ дыккаг лæппу — Уæрагæ. Марды фæлдисинагæй уæрагыл цы æрæвæрой, уымæй дын хай уæд!

Ноджы та фæндырæй æрцæгъды:

— Ме ’ртыккаг лæппу — Фуагæ. Марды фæлдисинагæй тæвдæй фу цæуыл бакæной, уымæй дын хай уæд!

Хæдзары фæсдуар уыди уæрм. Сырдон уым цæвæрдта лæппуты стæгдартæ æмæ сæ баныгæдта. Йæхæдæг йæ фæндыр райста æмæ рацыд нартмæ. Ныхасы адæммæ дзуры:

— Зæрдæйы сау маст, сау фыд чи нæ бавзæрста, уый мын мæ цагъдмæ байхъусæд!

Æмæ æрцагъта йæ фæндырæй Сырдон, афтæ æрцагъта æмæ бæстæтæ йæхимæ æрыхъусын кодта.

Цъæх арв йæ цæгъдынмæ ныууынæргъыдта æмæ йæ цæстысыгтæ ныккалдта. Хъæды сырдтæ сæ цуан ныууагътой, æнкъардæй зæхмæ ныхъхъуыстой. Мæргътæ дзыгуыртæй Сырдоны размæ æртахтысты æмæ йемæ куыдтой. Ныхасы адæм дæр сæ сæртæ æруагътой, ныккастысты бынмæ, ныккæрзыдтой, æмæ сæ цæстысыг донау мызти.

Сырдон цæгъды йæ фæндырæй æмæ цагъдмæ нартæн дзуры:

— Нарт, ай уын мæ лæвар, æмæ мæ уемæ цæрын бауадзут!

Нарт Сырдонмæ байхъуыстой æмæ загътой:

— Айхуызæн лæвар нын чи кæны, уый немæ цæуылнæ хъуамæ цæра!

Уырызмæг сыстад æмæ Сырдонæн загъта:

— Нæхи тугæй дæ, Сырдон, не ’гасæн дæр — иумæйаг æфсымæр. Кæд нын ахæм диссаджы хæзна дæ цæст уарзы, уæд æрцу æмæ немæ цæр. Нæ алы ныхасы дæр дын бар уæд хъусынæн, нæ хæдзæрттæм дын æфсымæрау — фæндаг.

Нарт райстой Сырдоны къухæй фæндыр æмæ кæрæдзийæн загътой:

— Нæхæдæг иууылдæр бынсæфт куы фæуæм, уæддæр ацы фæндыр мыггагмæ немæ баззайдзæн æмæ нын нæ хабæрттæ кæндзæн. Амæй чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый æдзухдæр нæхион уыдзæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.