Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН ТÆРХОН КУЫД КОДТА



СЫРДОН ТÆРХОН КУЫД КОДТА

Иу мæгуыр лæг гæнахыл сис амадта. Иу заман цæмæндæр зæхмæ æркаст, йæ сæр разылд æмæ уырдыгæй расхъиудта. Уыцы рæстæджы йæ бынты æрбацæйцыд иу хъæздыг лæг. Чи рахауд, уый уыцы лæгыл сæмбæлд æмæ йæ дзыхъмард фæкодта, йæхæдæг та æгасæй баззад.

Хъæздыг лæджы æфсымæр мæгуыр лæгæй туг агурын райдыдта. Адæм се ’хсæн бацыдысты, уæдæ сæ бафидауын кæнæм, зæгъгæ. Фæлæ æфсымæр ницы ком лæвæрдта. Уæд ныхасы бар райста Сырдон æмæ загъта:

— Уадз æмæ ацы лæг йæ туг райса.

Адæм фæдис кодтой Сырдоны ныхæстыл:

— Хæрамдзинадæй фидыд хуыздæр у. Цæмæн ма сæ кæрæдзийыл ардауыс?

Сырдон дзуапп ратта:

— Кæд æй йе ’фсымæры туг афтæ тынг райсын фæнды, уæд æй бауадзæм. Æцæг уый дæр зондимæ бакæнын хъæуы. Схизæд ацы лæг гæнахы сæрмæ. Мæнæ йæ туджджын та йæ цурты фæцæйцæуæд. Куы бахæццæ уа йæ бынмæ, уæд ыл йæхи раппарæд æмæ йæ амарæд.

Йæ зынг кæмæн бахуыссыд, уый æфсымæр ахъуыды кодта, стæй афтæ зæгъы:

— Æмæ йыл куы нæ сæмбæлон, уæд нæ ныппырх уыдзынæн?

— Æнæзонд, æмæ ацы лæг де ’фсымæрыл куы нæ сæмбæлдаид, уæд нæ ныппырх уыдаид?!

Уыйадыл æфсымæр йæ тугисын ныууагъта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.