Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН БАГÆДЫ КÆНЫН КУЫД НÆ БАКУЫМДТА, КÆНÆ АЛЫТЫ АЛЫМБЕДЖЫ ЧЫЗДЖЫ ТАУРÆГЪ



СЫРДОН БАГÆДЫ КÆНЫН КУЫД НÆ БАКУЫМДТА, КÆНÆ АЛЫТЫ АЛЫМБЕДЖЫ ЧЫЗДЖЫ ТАУРÆГЪ

Алыты Алымбег-иу стæры æдзухдæр нартæн сæ раззаг уыд. Уæздандзинадмæ та афтæ арæхст, æмæ-иу æнæ бацингæнгæ, æнæ хорзæх никæй ауагътаид. Кадджын уыд нарты æхсæн Алымбег. Фæлæ йæхи æнамонд хуыдта — цот ын нæ уыд. Ракуырдта авд усы æмæ йын æрмæст æвдæмæй райгуырди чызг. Чысыл йеддæмæ нæ рацыди, афтæ Алымбег æрсади æмæ амард.

Баззадысты нарт æнæ уынаффæгæнæгæй, сæ хъуыддаг нал цыд иуырдæм дæр æмæ сæфты къахыл ныллæууыдысты. Уæд се ’ртæ кæстæры сфæнд кодтой:

— Цомут Ацæты Ацæмæзмæ, нæ зонынджын хистæртæй у, æмæ йæ бафæрсæм, дарддæр цы чындæуа, уымæй.

Иу бон йæ дуармæ балæууыдысты.

— Буцæй нын цæр, нæ уарзон хистæр!

— Хуыцауы хорзæх уæ уæд, мæн ма чи æрæмысыди! — загъта Ацæмæз.

— Бахатыр кæ, Ацæмæз, мах дæм фæрсынмæ æрбацыдыстæм.

— Мæ уд уæ фæхъхъау фæуа, зæронды бон ма цы у, зæронды! — бахудт Ацæмæз.

— Нæ буц хистæр дæ, — дзырдтой кæстæртæ, — æмæ нын бацамон: куыд цæрæм дарддæр, нарт нарты хуызæн нал сты.

— Нартæн сæрхъуызой хъæуы. Æрæмбырд ут, мæ хуртæ, иууылдæр æмæ уæхицæн раздзæуæг равзарут, æвзаргæ та йæ ахæм мыггагæй ракæнут, æмæ фæстаг рæстæджы нарты æхсæн номдзыддæр лæгтæ кæмæй уыд.

Кæстæртæ Ацæмæзæн бузныг загътой æмæ сын куыд бацамыдта, афтæ бакодтой. Арвыстой алы ранмæ дæр фидиуæг, цæмæй алы хæдзарæй дæр иу лæг æрцæуа нарты фæзмæ. Лæг цы хæдзар нæ рарвита, уый та йæ чызджы цагъарæн куыд ратта, афтæ.

Алымбеджы хæдзарæй чи ацыдаид, уый нæ уыд. Бадынц йæ авд идæдз усы чысыл сывæллоны авдæны алфамбылай æмæ кæуынц, æрдиаг кæнынц:

— Нарт-иу æнæ мах лæг никуы æмбырд кодтой, ныр се ’хсæнмæ махæй чи ацæуа, уый нæй, æмæ нын нæ хуры хайы цагъарæн байсдзысты.

Саби хабар куы бамбæрста, уæд устыты фæрсы:

— Æмæ кæд уæ лæг ахæм хъæбатыр æмæ саг лæг уыд, уæд ын бæх, хæцæнгарз ницы баззад?

— Лæгæн цы æмбæлы, ахæм бæх æмæ йын хæцæнгæрзтæ бæргæ баззади, — дзуапп раттой устытæ.

— Кæм сты? — бафарста та чызг.

Бацамыдтой йын сæ. Уæд чызг устытæн дзуры:

— Мæхи йас кæрдзын мын скæнут. Уый куы бахæрон, уæд нарты æхсæнмæ ацæуын мæ бон бауыдзæн.

Устытæ йын йæ фæндон сæххæст кодтой. Чызг уайтагъд дынджыр кæрдзын ахордта æмæ загъта:

— Стырдæр ма куы уыдаид, уæд тыхджындæр фестадаин.

Уый фæстæ чызг йæ авдæн атыдта, сыстад æмæ рацыд. Зæххы бынæй йæ фыды бæх сласта, арыхъ сапонæй йæ цæхсадта, æмæ бæх æрттывдтытæ скалдта. Стæй йæ фыды дзаумæттæ скодта æмæ лæппуйы хуызæн сси. Рогæн ын райста йæ хæцæнгæрзтæ. Бæхы рагъмæ цъиуау стахти æмæ устыты фæрсы:

— Куыд фидауын?

Бацин ыл кодтой уыдон, æмæ йыл куыд нæ бацин кодтаиккой — ахæм хæрзконд барæг сæ никуы ма ничи федта! Фæлæ бæх ахъуыды кодта: «Бæллæх мыл æрцыд, ныронг мæ барджытæ нарты хуыздæр лæгтæ уыдысты, ныр та мыл цавæрдæр чызг сбадти».

Бамбæрста йæ Алымбеджы чызг. Æрбамæсты, бæхы ехсæй афтæ æрцавта, æмæ дурын быруйы сæрты цъиуау атахт.

— Уый та дæм куыд фæкаст? — афарста чызг бæхы.

— Мæ зæрдæмæ цæуыс, — дзуапп ратта бæх. — Дæ фыд йæ ныфс никуы бахаста уыцы дурын быруйы сæрты атæхынмæ.

Сæмбæлди нарты фæзы Алымбеджы чызг. Нарт æй бæхыл бадгæ куы федтой, уæд дис кодтой:

— Алыты Алымбегæн фырт куы нæ баззад, уæд ай цы хабар у? — Æмæ йæ бафарстой:

— Чи дæ? Дæ бæх æмæ хæцæнгæрзтæ Алымбеджы уыдысты, уый зонæм.

— Уæ фарн бирæ уæд, нарт, — дзуапп ратта чызг. — Раст зæгъут: бæх дæр æмæ хæцæнгæрзтæ дæр Алымбеджы уыдысты. Æз та Алыты Алымбегæн йæ фырт дæн. Æз райгуырдтæн йæ кæстæр усæй æмæ мæ мадырвадæлтæм цардтæн.

Нартæн тынг æхсызгон уыди. Стæй йæм хистæртæ бадзырдтой æмæ йемæ ныхас кæнын райдыдтой. Бамбæрстой, æххæст у алцæмæйдæр, æмæ чидæртæ загътой:

— Алымбеджы фырт не ’хсæны куы цæрид, уæд нын раздзæуæгæн хорз уаид.

Фехъуыстой уыцы ныхæстæ нарты хистæртæ æмæ сфæнд кодтой, фæуæд нын Алыты Алымбеджы фырт раздзæуæг, зæгъгæ.

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ нарт фæстæмæ нарты хуызæн сысты.

Йæ фыдау зонынджын уыди йæ байзæддаг дæр.

Фæлæ нартæн Сырдон йеддæмæ фыдбылыз чи уыд! Уый хабар бамбæрста æмæ сфæнд кодта нарты хорз цард фехалын. Иу бон дын рацыди ныхасмæ, йæ худ зæххыл ныццавта æмæ дæлгоммæ схуыссыди.

— Уæлæмæ сыст, Сырдон! — дзурынц æм ныхасы бадджытæ. — Ды та нын цыдæр хин æрхъуыды кодтай. Зæгъ æй!

Дзурынц æм иу хатт, дзурынц дыккаг хатт, фæлæ сæм Сырдон кæсгæ дæр не скодта. Уæд уынаффæ рахастой:

— Цæй æмæ йæ доны баппарæм.

Уæд Сырдон рабадти, йæ сæрыл дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ мæстыйæ загъта:

— Цы уæ хъæуы мæнæй, хъал нарт? Уæ худинаг æмбарут æмæ та мыл уæ маст калут?

Нарт ныддис кодтой:

— Цавæр худинаг? Цытæ дзурыс?

— Цытæ дзурын, уый зонут, — дзуапп сын ратта Сырдон. — Уæ быныхъæр рацыд, уе сæфт æрцыд — уæхицæн разамонæг сылгоймаг равзæрстат.

Нарт ныххудтысты:

— Бындарæг дæ ма уæд, Сырдон, цы та æрхъуыды кодтай! Æви дын нæ хорздзинад цæстысындз у?

— Сымах куырм стут, стæй уыл фындз нæй, уынгæ дæр ницы кæнут æмæ æмбаргæ дæр, — загъта уыцы мæстыйæ Сырдон æмæнарты æхсæнæй ацыди.

Æрсагъæс кодтой нарт:

— Кæд нæ раздзæуæг æцæг у сылгоймаг, уæд нæ худинаджы дуг æрцыди. Базонын æй хъæуы. Æмæ Алымбеджы чызгмæ фæдзырдтой:

— Курæм дæ, æмæ дæхицæн ус ракур. Хъуамæ дын байзæдтаг уа, дæуæн дæр æмæ махæн дæр.

Алымбеджы чызг сын загъта:

— Цы æмбæлы, ахæм зынгæ хъуыддагæй ницы ма сарæзтон, æмæ уал мын æмгъуыд раттут. Стæй мын мæ фыд дæр афтæ бафæдзæхста: ус ракурынмæ, дам-иу, ма батагъд кæн.

Нарт йемæ не сразы сты:

— Нæ хъуыддæгтæ хорз цæуынц, уый тыххæй ма тыхс æмæ дæхицæн ус ракур.

Цы ма загътаид Алымбеджы чызг нартæн æмæ йæ бæхæн бамбарын кодта:

— Мæ иузæрдион æмбал! Нал нын ис нарты æхсæн фæцæрæн. Худинаджы бæсты цом æмæ искуы нæ сæртæ фесафæм.

Уыйадыл Алымбеджы чызг балцы араст и.

Цас фæцыдаид, чи зоны, Алымбеджы чызг! Уалынмæ йыл амбæлди иу урсрихи барæг.

— Кæцырдæм цæуыс, мæ буц хистæр? Кæд дын æз дæр æмбалæн сбæззин фæндагыл, — дзуры та йæм чызг.

Лæг ын дзуапп ратта:

— Сау денджыз æмæ Урс денджызы æхсæнмæ цæуын. Кæсын, æмæ дæ бæх Алымбеджы бæх у, дæ хæцæнгæрзтæ — Алымбеджы хæцæнгæрзтæ. Чи дæ ды та æмæ кæдæм цæуыс?

— Æз Алымбеджы фырт дæн, бæх дæр æмæ хæцæнгæрзтæ дæр уый сты, — дзуапп ын ратта чызг.

Бацин кодта зæронд лæг. Уый та уыдис Алымбеджы кæнгæ æфсымæр Уастырджи.

— Мах дæ фыдимæ иумæ бирæ цæхх æмæ кæрдзын бахордтам, ме ’фсымæр у. Кæдæм дарыс дæ фæндаг?

— Æз мæхицæн усаг агурын, — загъта Алымбеджы чызг.

Уастырджи ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Цом уæдæ мемæ денджызы былмæ. Уым Æрхуы мæсыджы цæры иу рæсугъд æмæ йын кæд исты амал скæниккам.

Æмæ иумæ араст сты. Фæндагыл та сыл амбæлди иу барæг. Салам сын ратта:

— Уæ фæндаг — раст!

— Дæ хъуыддаг — раст, мæ фыды кæнгæ æфсымæр! — дзуапп ын ратта Алымбеджы чызг.

Барæг бацин кодта хионау Уастырджийыл æмæ Алымбеджы чызджы бафарста:

— Æмæ ды кæй лæппу дæ?

— Æз Алыты Алымбеджы фырт дæн, — загъта чызг.

— Уæдæ уæд æцæг мæ кæнгæ æфсымæры лæппу куы дæ, — бацин кодта барæг. — Мæнæ Уастырджи, æмæ æз — уæларвон Уацилла, æцæг стæм дæ фыды æрдхæрдтæ.

Куыннæ бацин кодтаид чызг йæ фыды кæнгæ æфсымæртыл!

Уастырджи радзырдта Уациллайæн сæ фæндаджы сæр, æмæ уæд æртæйæ араст сты денджызы былмæ Æрхуы мæсыджы рæсугъдмæ.

Бахæццæ сты Æрхуы мæсыгмæ, фæлæ йæм бацæуæн нæ уыди — йæ алфамбылай бæрзонд быру, чызг та царди мæсыгæн йæ тæккæ фаллаг хатæны. Йæ бакаст — хуры рухс, йæ цæстæнгасæй низтæ дзæбæх кодта.

Цæуынц æртæ барæджы æмæ тæрхæттæ байдыдтой:

— Зын рахæссæн у Æрхуы мæсыджы рæсугъд, — загъта Уастырджи, — фæлæ не ’рдхорды фыртæн куы нæ баххуыс кæнæм, уæд цы зæгъдзæн Алымбег?

— Раст зæгъыс, Уастырджи, — дзуры йæм Уацилла. — Æз ахæм уарын, ахæм дымгæ рауадздзынæн, æмæ арв æмæ зæхх кæрæдзи хойдзысты, нызмæлдзæни Æрхуы мæсыг. Фæтæрсдзæн Æрхуы мæсыджы рæсугъд æмæ уæд рудзынгæй ракæсдзæн. Уый баххуыс мæ бон у ме ’рдхорды фыртæн.

— Æз та уæдæ, — дзуры Уастырджи, — цæргæс фестдзынæн. Æрхуы мæсыджы рæсугъд йæ рудзынгæй куы ракæса, уæд æй раскъæфдзынæн. Стæй-иу лæппу йæхæдæг сарæхсæд.

Æрлæууыдысты æртæ барæджы Æрхуы мæсыджы раз. Уацилла ахæм къæвда, ахæм дымгæ рауагъта, æмæ арв æмæ зæхх кæрæдзи хойын райдыдтой. Æрхуы мæсыг талайау банкъуысыди. Ракасти Æрхуы мæсыджы рæсугъд. Уастырджи та цæргæсы хуызы йæ сæрмæ бадт, чызджы куы ауыдта рудзынгæй ракæсгæ, уæд ыл йæхи ныццавта æмæ йæ рахаста.

Алымбеджы чызг Æрхуы мæсыджы рæсугъды бæхмæ фелвæста, бæхы æрцæфтæ кодта æмæ уырдыгæй рафардæг сты.

«Чызджы скъæфгæ бæргæ ракодтам, — хъуыды кæны Уастырджи, — фæлæ йæ кæмæн раскъæфтам, уый йæхæдæг дæр чызг куы у. Баххуыс сын хъæуы».

Изæры иу бæласы бынмæ бахæццæ сты. Уастырджи дзуры:

— Ам уæ фæллад суадзут, мах та дарддæр цæуæм.

Стæй йæ дзыппæй фæткъуы систа, Алымбеджы чызгмæ йæ ратта:

— Ацы фæткъуыйæн йе ’ппытæ ды бахæр, йæ фæлмæн та йын де ’мбалæн бахæрын кæ.

Алымбеджы чызг фæткъуыйы æппытæ бахордта æмæ лæппу фестад. Æхсæвы йæ усимæ бæласы бын фæци, райсомы нарты æхсæнмæ ацыд. Куыннæ йыл бацин кодтаиккой нарт, Алымбеджы фырт нæм æд ус фæзынди, зæгъгæ, æмæ Сырдонмæ фесты:

— Худинаг дын фæуæд, Сырдон, æдзух нын фыдбылыз æмæ масты хос дæ, ныр та нæ нæ раздзæуæгыл ардыдтай!

Сырдон бахудт æмæ афтæ зæгъы:

— Æмæ цы? Мæнæн дæр мæ сагъæс ууыл уыди, æмæ кæд исты амал æрцæуид, цæмæй нæ раздзæуæг чызг лæппу фестадаид. Сымах та мæ къуыммæ батардтат.

Гъе афтæ Сырдон зылын кæнын нæ бакуымдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.