Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН НАРТÆН СÆ ДАРÆС КУЫД БАСЫГЪТА



СЫРДОН НАРТÆН СÆ ДАРÆС КУЫД БАСЫГЪТА

Нарт рагæй дæр мæсты кæм нæ уыдысты Сырдонмæ æмæ йын алы фыдбылызтæ арæзтой. Иуахæмы та йын йæ нард фыс бахæрыныл сфæнд кодтой. Бацыдысты йæм æмæ йын дзурынц:

— Хуыцау дын хорз ракæнæд, Сырдон, фæлæ райсом хъаймæт уыдзæн, æмæ не ’ппæтæн дæр, уæллаг цы сныв кодта, уыцы кæрон æрцæудзæн æмæ ма абоны цардæй нæ къухы цы бафта, уый нæхи.

Сырдон бахъынцъым кодта ахæм æнамонд уацыл æмæ нартæн æнкъардæй загъта:

— Табу стыр хуыцауæн, æвзæр хабар мын фехъусын кодтат. Нæ бон ма цы бауа, уый нæхи.

— Уæдæ бавдæл æмæ нæ хорз фен, дæ фыр нын аргæвд, цы боны хорзмæ ма йæ дарыс? — загътой йын нарт.

Сырдон бамбæрста, нарт ын цы хин ми бакæнынмæ хъавынц, уый, фæлæ ма цæмæй сæ ныхмæ æрлæууыдаид! Æмæ сразы ис, ницыуал зæгъын ын бантысти.

Нарт сæхицæй разы уыдысты, сæ мидбылты худынц æмæ афтæ бадзурынц:

— Цалынмæ нын Сырдон йæ фыр цæттæ кæна, уæдмæ уал нæхи истæмæйты аирхæфсæм, стæй нæхи хорз фендзыстæм.

Уæд чидæр загъта:

— Цомут æмæ уал нæхи доны асатæг кæнæм.

Иууылдæр уыимæ сразы сты æмæ сæхи найынмæ ацыдысты.

Сырдон дзырд куыд ратта, афтæ йæ фыр аргæвста, нарты сылгоймæгтæм фæдзырдта, уыдон æй бахæрзтæ кодтой æмæ йæ аджы бафтыдтой. Арт куы бандзæрстой цæджджинаджы бын, уæд Сырдон дæр нарты фæдыл ацыди. Баййæфта сæ сæхи найгæ, сæ дзаумæттæ та доны был ныууагътой. Бахъуызыди Сырдон, сæ дарæс сын æрæмбырд кодта æмæ сæ йемæ рахаста.

Сæхимæ куы бацыд, уæд сæ цæхæры баппæрста, æмæ басыгъдысты.

Уалынмæ дзидзатæ сфыхтысты, Сырдон сæ сивырмæ систа. Сылгоймæгтæ рæсугъд фынгтæ æрæвæрдтой. Сырдон сæм сцыбæл, нартмæ хонæг ацыдис æмæ сын бамбарын кодта:

— Мæ буц уазджытæ, фынгтæ цæттæ сты, æнхъæлмæ уæм кæсын. Уе ’фсинты дæр ма уын æрхуыдтон. Мауал бафæстиат ут.

Нарт донæй рацыдысты, сæ дарæстæ кæм раластой, уырдæм, фæлæ сæ уым нал ардтой.

— Нæ дзаумæттæ цы фесты? — бафарстой нарт Сырдоны.

— Æмæ ма сæ цы кæнут? Æз сæ æрæмбырд кодтон æмæ сæ арт бандзæрстон, дзидза сыл сфыхтон.

Нарт æрдиаг байдыдтой:

— Дæ хæдзар фехæла, нæ фыдбылыз Сырдон, ныр ма цы кæнæм уæдæ?!

Сырдон сæ дисы бын фæкодта:

— Цæуыл тыхсут? Райсом хъаймæт уыдзæн, цæмæн ма уæ хъæуынц уæ дарæстæ дæр? Уæ устытæй ма æфсæрмы кæнут, рацæут бæгънæгæй, æнхъæлмæ уæм кæсæм, кæннод фынгтæ цæттæйæ лæууынц.

Уыцы ныхæсты фæстæ Сырдон сæхимæ араст.

Нарт изæрмæ доны был ихæнæй мæлгæйæ баззадысты. Сырдон та сын сæ сылгоймæгтимæ нард фынджы уæлхъус бадти æмæ минас кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.