Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОНЫ РУВАСДЗАРМ КУЫД НÆ ФÆЦИ ÆМÆ ЙÆ МАСТ НАРТÆЙ КУЫД РАЙСТА



СЫРДОНЫ РУВАСДЗАРМ КУЫД НÆ ФÆЦИ ÆМÆ ЙÆ МАСТ НАРТÆЙ КУЫД РАЙСТА

Нарты лæгтæ уыдысты цуаны Гуымы быдыры. Фæцуан кодтой къорд боны, фæлæ Æфсатийы хорзæхтæй сæ къухы ницы бафтыди. Фæстаг бон та цуан куы байдыдтой, уæд сæ размæ иу саудзарм, сызгъæринкъæдзил рувас фæци. Фехстой йæ сæ фæттæй нарт æмæ йæ амардтой. Цуанæтты цинæн кæрон нал уыд æмæ йæ уайтагъд астыгътой.

Рувасдзарм уыди æмбисонды рæсугъд, æмæ нарт нæ зыдтой, кæмæн æй раттой, уый. Фæстагмæ Сырдоны бафарстой:

— Кæмæн хъуамæ раттæм, Сырдон, ацы рувасдзарм?

Сырдон ахъуыды кодта æмæ загъта:

— Кæд нартæй исчи бафæраздзæн хуры аныгуылдæй хуры скастмæ ихсæр хохыл, йæ къухтæ нæ батавгæйæ, уæд царм уый фæуæд.

Нарт сразы сты Сырдоны тæрхоныл æмæ радыгай райдыдтой ихсæр хохыл бадын. Фæлæ нысангонд рæстæг уым ничи фæрæзта. Сæ иуы хъуыддаг дæр куы нæ ацыд, уæд Сырдон дæр бар ракуырдта хохыл фæбадынмæ.

Нарт сразы сты, сæхинымæр хъуыды кодтой: «Нæ фыдбылыз Гæтæджы фырт басидзæн, æмæ дзы фервæздзыстæм».

Схызти Сырдон хохы сæрмæ æмæ ихыл сбадти. Бады æмæ æнхъæлмæ кæсы. «Нæ рувасдзарм Гæтæджы фырты бауыдзæн», — зæгъгæ, нарт бакатай кодтой.

Рæстæг цыди. Хуры скастмæ бирæ нал баззади. Кæсы дын Сырдон æмæ уыны: Гуымы быдыры арт судзы, цæхæртæ калы. Сырдон нал фæлæууыд æмæ хъæр кæны:

— Тæхудиаг, ныр уыцы артмæ йæхи мæнæ афтæ чи тавы! — æмæ арты ’рдæм азылди.

Нарты дæр ма æндæр цы хъуыди æмæ схор-хор кодтой:

— Сырдон йæ къухтæ батавта!.. Рувасдзарм уымæ дæр нæ хауы!..

Сырдон ма бæргæ дзырдта, фæлæ йын уыцы æфсонæй нарт сæ рувасдзарм нал раттой.

Смæсты ис Сырдон, бадардта уыцы хъуыддаг йæ зæрдыл æмæ нартæй йæ маст райсыныл сфæнд кодта. Иуцасдæр рæстæг куы рацыдис, уæд сæм хонджытæ арвыста. Уыдон хъæуы æппæт цæрджытæн дæр загътой:

— Абон Сырдонмæ куывд ис, æмæ уæ йæ хæдзармæ хоны, ма фæзивæг кæнут.

Нарт æрæмбырд сты Сырдонмæ æмæ афтид фынгты уæлхъус сбадтысты. Æнхъæлмæ кæсынц, уæдæ цы уыдаид! Фæлæ фысым æрæгмæ куы уыд, уæд Сослан нал фæлæууыди æмæ Сырдонмæ дзуры:

— Цæй-ма, кæд уыдзынæ! Æви нæ дæ хæдзармæ хус фынгтыл бадынмæ æрхуыдтай!

Сырдон æм йæ мидбылты худгæ радзырдта:

— Ныртæккæ, мæ буц уазджытæ, ныртæккæ, æз дæр сымах хъуыддаг кæнын.

Æнхъæлмæ та кæсынц нарт, афтид фынгты уæлхъус бадынæй бафæлладысты. Уæд дын Сослан сыстад æмæ бакаст, æфсинтæ цы архайынц, уымæ æмæ федта: хæдзары иу къуымы — аг, иннæ къуымы арт судзы. Сослан фæдис кодта:

— Хынджылæггаг дын стæм, Сырдон, æви уый цы хабар у? Хæдзарæн йæ иу къуымы — аг, иннæйы та — арт. Афтæмæй дзидзатæ кæд сфыцдзысты?

Сырдон бахудт æмæ нартæн афтæ зæгъы:

— Диссаг стут, нарт! Æмæ уæдæ æз, ихсæр хохы цъуппæй Гуымы быдыры цы арт сыгъд, уымæ мæхи куыд тавтон?

Бамбæрстой нарт, Сырдон сын цы ми бакодта, уый æмæ æнкъардæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.