Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НАРТ СЫРДОНЫ МАРЫНМÆ КУЫД ХЪАВЫДЫСТЫ



НАРТ СЫРДОНЫ МАРЫНМÆ КУЫД ХЪАВЫДЫСТЫ

Иу заман нарты фæсивæд стæры ацыдысты, хъæуы ма баззадысты æрмæстдæр хистæртæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Сырдон дæр лæппу нал уыд æмæ уый йæ хæдзары баззад. Алы бон дæр-иу ныхасмæ рацыд æмæ-иу уым чи бадт, уыдонæй хынджылæг кодта. Йæ ных бакъуырæг ын нæ уыд, æмæ йæ фыдмитæн кæрон нал уыдис.

Уæд иу бон Уырызмæг афтæ зæгъы:

— Бирæ нæ фæхъазыдтæ, Гæтæджы фырт, фæлæ хистæртæ стæм æмæ дын барстам. Ныр дын нал бахатыр кæндзыстæм, æрмæст мæ къодах куы баззайа, уæддæр дæ фаг суыдзынæн, æмæ дын æнæмаргæ нæй.

Сырдон ницы сдзырдта, æрмæст йæ мидбылты бахудт æмæ уайтагъд фæдæлдзæх.

Чысыл фæстæдæр чидæр ныхасмæ фæхабар кодта:

— Сырдон хъæугæрон мардæй хуыссы. Рухсаг уæд...

Нарты хистæртæ кæрæдзимæ бакастысты.

Стæй та Уырызмæг загъта:

— Нæ фыдбылыз уыд рагæй дæр Гæтæджы фырт, æмæ æгайтма йæхæдæг амарди. Йе ’гасæй йыл нæ батыхстаиккам, фæлæ нæм мард æнæфснайдæй ныууадзын худинаг у: адæммæ ма цы цæсгом равдисдзыстæм! Нæ фæсивæд ам не сты, цомут æмæ йæ нæхæдæг баныгæнæм.

Ацыдысты хистæртæ, айстой семæ сынт. Ссардтой Сырдоны, сынтыл æй сæвæрдтой æмæ йæ хъæумæ ахастой. Хъæуы уынджы дзæвгар куы бауадысты, уæд Сырдон сынтæй рагæпп ласта æмæ дзуры йæ хæсджытæм:

— Уæ салам бирæ, нæ буц хистæртæ, амæй фæстæмæ æнæхъиамæт ут. Ныр мæхæдæг фæндаг ссардзынæн, афтæ дард куы нæ цæрын, — æмæ йæ хæдзармæ афардæг.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.