Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН ЙÆ МАСТ КУЫД РАЙСТА



СЫРДОН ЙÆ МАСТ КУЫД РАЙСТА

Иу хатт Сослан Сырдоны фæстæ ахъуызыди, ай хæдзары цы ми фæкæны, уый мын æнæ бабæрæггæнгæ нæй, зæгъгæ. Æмæ диссаг федта: Сырдон гобаны фистæй иу цъар фæхицæн кодта, йæхæдæг дзы ныббырыди æмæ схуыссыди.

Уæд та дын иу изæр нарт ныхасы бадынц. Фæсивæд фæхъуыстой хистæрты ныхæстæм, стæй сæхи иуварс айстой, æмæ сын Сослан афтæ зæгъы:

— Кæд уæ диссаг фенын фæнды, уæд мемæ цомут.

— Ау, куыд нæ нæ фæнды! — схор-хор кодтой фæсивæд. — Мах цæттæ стæм.

Араст и Сослан, йæ фæстæ нарты фæсивæд, афтæмæй. Бахæццæ сты Сырдоны хæдзармæ æмæ сын Сослан куыд загъта, афтæ æрæмбæхстысты. Æхсæвæры фæстæ та Сырдон гобаны цъар фелвæста, абырыд дзы æмæ æрхуыссыд. Нарт кæрæдзимæ бакастысты.

Сырдонæн уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыди. Сослан æм бахъуызыди æмæ гобаны цъары ком фидар бабаста. Нарт дæр мидæмæ бацыдысты æмæ æмхуызонæй ныхъхъæр ластой:

— Фæдис, нартыл сыгъд ссыди!

Сырдон хæрдмæ фæхауд æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыдн. Фестынмæ куыд хъавыд, афтæ та ноджыдæр йæ ных зæхмæ æрхаста.

Дзæвгар фæтухæн кодта Сырдон, стæй Сосланы худын куы фехъуыста, уæд бамбæрста, хынджылæг дзы кæй кæнынц, уый æмæ басабыр.

Дыккаг бон нартмæ хъæугуывд уыдис, æмæ Сырдонмæ дæр æфсоны æрвыст бакодтой. Сырдоны раздæр цæуын нæ фæндыдис, фæлæ зноны хъуыддаг йæ зæрдыл куы æрбалæууыди, уæд йæ маст рафыхти, æмæ загъта:

— Мæ рихи даст уæд, нарт, æз уæ мæ маст куы нæ райсон, уе ’фхæрд уын мæ уæлæ куы ныууадзон!

Барæвдз кодта куывдмæ йæхи Сырдон æмæ араст и нартмæ. Йæ фæндаг акодта нартæн сæ хос æмæ сæ хъæмпы рæгъты рæзты æмæ дзы иуæн йæ кæроныл арт бафтыдта.

Бахæццæ нарты куывдмæ Сырдон. Нарт æй куы федтой, уæд æй, сæ худæг тыххæй уромгæйæ, фæрсынц:

— Дæ хорзæхæй, Сырдон, уый дæ ных цæмæй сцъæхтæ ис?

Сырдон æнкъардхуызæй афтæ зæгъы нартæн:

— Тагъд рæстæджы, нарт, уæ холлагыл сыгъд цæудзæн æмæ сыл рагацау мæ ных æмæ мæ уæрджытæ фæхостон, — йæхæдæг нартмæ бакаст.

Нартмæ худæг фæкастысты Сырдоны ныхæстæ æмæ та йæ фæрсынц:

— Æмæ нын нæ холлæгтыл рагацау афтæ цæмæн фæхъыгтæ кодтай?

Сырдон дæр та сын дзуапп ратта:

— Уæдæ цы бакодтаин, тарстæн, сыгъды рæстæджы, зæгъын, мæ къухы куы нал бафта хъынцъым кæнын.

Нарт ныххудтысты Сырдоны ныхæстыл æмæ та дзы хъазынвæнд скодтой. Фæлæ, дын, уалынджы кæсынц, æмæ хостæ æмæ хъæмпыты рæгътæ судзынц, сæ арты пиллон уæларвмæ кæлын байдыдта. Нарт афæдис кодтой рæгътæм, Сырдон та иунæгæй куывды дзаг фынгтыл минасгæнгæ баззад.

Гъе афтæ йæ маст райста Сырдон нартæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.